Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Алкӕмӕндӕр йӕ хорз миниуджытӕ уынут

Алкӕмӕндӕр йӕ хорз миниуджытӕ уынут

Алкӕмӕндӕр йӕ хорз миниуджытӕ уынут

«Уӕ, мӕ Хуыцау, ма мӕ ферох кӕн, хорздзинадӕй мӕ цух ма ныууадз» (НЕЕМИ 13:31).

1. Иегъовӕ алкӕмӕндӕр хорздзинад куыд аразы?

АСӔСТ, хъуынтъыз бонты фӕстӕ хур куы ракӕсы, уӕд адӕймаджы зӕрдӕ ныррухс вӕййы. Хус, ӕнтӕф рӕстӕджы фӕстӕ та дзӕбӕх къӕвда куы рацӕуы, сӕх-сӕхӕй дӕр куы фӕуары, уӕд дӕр адӕймаджы уӕнгтӕ сӕхиуыл базыртау схӕцынц. Зӕххыл ахӕм диссаджы боныхъӕд скодта нӕ уарзагзӕрдӕ Сфӕлдисӕг — Иегъовӕ Хуыцау. Иу хатт Йесо Хуыцауы рӕдаудзинады тыххӕй загъта: «Уарзут уе знӕгты, арфӕдзинад курут уӕ ӕлгъитджытӕн, хорз кӕнут чи уӕ нӕ уарзы уыдонӕн ӕмӕ кувут уӕ ӕфхӕрджытӕ ӕмӕ сурджыты тыххӕй, цӕмӕй суат уӕ Уӕларвон Фыдӕн фырттӕ; уымӕн ӕмӕ Уый фӕдзӕхсы Йӕ хурӕн скӕсын фыдзӕрдӕтыл ӕмӕ хӕрзтыл, ӕмӕ ӕрвиты уарын рӕстгӕнджытыл ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджытыл» (Матфейы 5:43—45). Ӕцӕгдӕр, Иегъовӕ хорздзинад аразы алкӕмӕндӕр. Йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр ӕй хъуамӕ фӕзмой — архайой иннӕтӕн сӕ хорз миниуджытӕ уынын.

2. а) Иегъовӕ хорздзинад цӕмӕн аразы? ӕ) Иегъовӕ, йӕ хорздзинадӕн ын куыд аргъ кӕнӕм, уый фӕдыл цы уыны?

2 Иегъовӕ хорздзинад алкӕмӕндӕр цӕмӕн аразы? Адам тӕригъӕд куы ӕруагъта, уый фӕстӕ дӕр Иегъовӕ адӕмы хорз миниуджытӕм йӕ цӕстытӕ нӕ сӕхгӕта (Псалом 129:3, 4). Уый фӕнд кӕны коммӕгӕс адӕмы фӕстӕмӕ Дзӕнӕты ӕрцӕрын кӕнын (Ефесӕгтӕм 1:9, 10). Йе стыр хорзӕхӕй нӕ тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинадӕй фервӕзын кӕндзӕн, ӕмӕ уыцы хъуыддаг бакӕндзӕн, зӕрдӕ цы Мыггагӕй бавӕрдта, уый руаджы (Уӕвынад 3:15; Ромӕгтӕм 5:12, 15). Ахӕстаргъыл чи ӕууӕнды, уыдон фӕстагмӕ суыдзысты алцӕмӕй ӕххӕст. Иегъовӕ ныр кӕсы алкӕмӕдӕр, уыимӕ йын йӕ рӕдаудзинадӕн куыд аргъ кӕнӕм, уымӕ дӕр (1 Иоанны 3:16). Иегъовӕ нын уыны нӕ алы хъуыддаг дӕр, йӕ хорздзинадӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый равдисынӕн цыдӕриддӕр аразӕм, уый. «Хуыцау ӕнӕраст нӕу, цӕмӕй ферох кӕна уӕ хъуыддаг ӕмӕ уарзондзинады куыст, кӕцы сымах кодтат Уый номыл»,— фыста апостол Павел (Дзуттытӕм 6:10).

3. Цавӕр фарстмӕ нӕ хъӕуы ӕркӕсын?

3 Нӕ бон куыд у Иегъовӕйау иннӕты хорз миниуджытӕ уынын? Ацы фарстӕн дзуапп базоныны тыххӕй ӕркӕсӕм, нӕ царды цыппар фӕзилӕны нӕхи куыд дарӕм, уымӕ: 1) уацамынды, 2) бинонты ’хсӕн, 3) ӕмбырды ӕмӕ 4) иннӕтимӕ.

Уацамынды ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы

4. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ иннӕты хорз миниуджытӕ кӕй агурӕм?

4 Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы бафарстой, мӕнӕу ӕмӕ мӕгъӕлдаты фӕсномыг ныхас цы амоны, зӕгъгӕ, уӕд сын загъта: «Быдыр у дуне». Ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, уый мах, Чырыстийы нырыккон ахуыргӕнинӕгтӕ, уацамынды нӕхи цӕстӕй уынӕм (Матфейы 13:36—38; 28:19, 20). Хъусын кӕнгӕйӕ мах ӕргом ӕвдисӕм, Хуыцауыл кӕй ӕууӕндӕм, уый. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕмӕ уынджы чи фӕхъусын кӕны, ахӕм адӕмӕй кӕй зонынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Паддзахады хабар райсыны аккаг чи у, уыдоны зӕрдиагӕй кӕй агурӕм. Уӕвгӕ, Йесо йӕхӕдӕг фӕдзӕхста: «Цавӕр сахармӕ кӕнӕ хъӕумӕ бацӕуат сымах, ссарут аккаг адӕймаг» (Матфейы 10:11; Куыстытӕ 17:17; 20:20).

5, 6. Адӕммӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй цӕмӕн цӕуӕм?

5 Адӕм нӕм ӕнхъӕлмӕ куы нӕ фӕкӕсынц, афтӕмӕй сӕм куы бацӕуӕм, уӕд фенӕм, цы хабар сын бахастам, уымӕ цы цӕстӕй кӕсынц. Афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ нӕм бинонтӕй иу байхъусы, иннӕ та нӕм ӕддӕмӕ рахъӕр кӕны, зӕгъгӕ, ницы нӕ хъӕуы, ӕмӕ ууыл хъуыддаг ахицӕн вӕййы. Ӕвӕдза, куыд хъыг нын вӕййы, исчи нӕм тызмӕгӕй куы ракӕсы кӕнӕ ныл йӕ былтӕ куы акъуыры, ӕмӕ уый иннӕйы дӕр куы бакъуылымпы кӕны! Фӕлӕ уӕддӕр цы ис саразӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр алы адӕймагӕн дӕр йӕ хорз миниуджытӕ уынӕм?

6 Нӕ ныхас нын ӕрдӕгыл чи аскъуыдта, уыцы адӕймагмӕ ӕввахс ран куы хъусын кӕнӕм, уӕд ӕм ис бацӕуӕн, ӕмӕ нын, чи зоны, рауайа йемӕ аныхас кӕнын. Фыццаг хатт йӕхи цыхуызӕнӕй равдыста, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн йемӕ ныхас кӕнынмӕ хи бацӕттӕ кӕнын. Уыцы адӕймаг, гӕнӕн ис, афтӕ йӕ хорззӕрдӕйӕ бакодта, уымӕн ӕмӕ ӕнхъӕл уыд, чи нӕм хъуыста, уый Хуыцауы Паддзахады хабар кӕй ницӕмӕн хъӕуы. Ахӕм хъуыдыйыл та, чи зоны, уымӕн лӕууы, ӕмӕ адӕммӕ цӕмӕн цӕуӕм, уый тыххӕй цыдӕр мӕнг ныхӕстӕ фехъуыста. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уыцы хӕдзармӕ Паддзахады хорз хабар хӕссын нал хъӕуы. Нӕ, хъуамӕ сӕм бацӕуӕм ӕмӕ сын уӕзданӕй бамбарын кӕнӕм, раст хъуыдыйыл хӕст кӕй не сты. Мах фӕнды алы адӕймагӕн дӕр Хуыцауы хорз базонынӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ, чи зоны, уӕд уыцы адӕймаджы Иегъовӕ йӕхимӕ ӕрбакӕна (Иоанны 6:44; 1 Тимофеймӕ 2:4).

7. Цы хъӕуы, цӕмӕй уацамынды алкӕмӕдӕр хӕлар цӕстӕй кӕсӕм?

7 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн амындтӕ куы лӕвӕрдта, уӕд сӕ иу уыди, адӕймагӕн йӕ бинонтӕ йӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты. Уый загъта: «Ӕз ӕрцыдтӕн байуарынмӕ адӕймаджы йӕ фыдӕй, ӕмӕ чызджы йӕ мадӕй, ӕмӕ чындзы йӕ ӕфсинӕй». Ӕмӕ ма бафтыдта: «Адӕймаджы знӕгтӕ — йӕ хӕдзаронтӕ» (Матфейы 10:35, 36). Фӕлӕ цард тӕбӕгъы донӕй уӕлдай нӕу, стӕй адӕм абон иу зондыл хӕст сты, райсом та — ӕндӕр. Адӕймаг куы фӕрынчын вӕййы, йӕ хиуӕттӕй исчи куы амӕлы, исты бӕллӕх ыл куы ’рцӕуы, цӕмӕйдӕр зӕрдӕхӕлд куы фӕвӕййы кӕнӕ ӕндӕр исты хабар куы ’рцӕуы, уӕд нын нӕ хъусын кӕныны хъуыддагмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсы. Иудадзыг афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ нӕм ничи байхъусдзӕн, уӕд афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ хорз миниуджытӕ агурӕм? Иннӕ хатт сӕм хъӕлдзӕгзӕрдӕйӕ куы бацӕуиккам, уӕд хуыздӕр нӕ уаид? Чи зоны нӕм ӕндӕр цӕстӕй ракӕсой. Хатт адӕймагыл тынг фӕзыны, цы фӕзӕгъӕм, уый нӕ, фӕлӕ йӕ куыд фӕзӕгъӕм, уый. Уацамынды размӕ-иу Иегъовӕмӕ зӕрдиагӕй куы скувӕм, уӕд нын ӕххуыс кӕндзӕн алкӕмӕдӕр хӕлар цӕстӕй кӕсынӕн ӕмӕ Паддзахады хабар афтӕ дзурынӕн, сӕ зӕрдӕ сын куыд агайа (Колоссӕгтӕм 4:6; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:17).

8. Чырыстӕттӕ се ’нӕуырнӕг бинонты хорз миниуджытӕ куы фӕагурынц, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕны?

8 Ахӕм ӕмбырдтӕ иу ӕмӕ дыууӕ нӕй, Иегъовӕйӕн иу хӕдзарӕй цалдӕрӕй кӕм лӕггад кӕнынц. Хӕдзары хистӕртӕ ӕцӕгады фӕндагыл фидар кӕй лӕууыдысты, бинонтыл зӕрдиагӕй кӕй аудыдтой ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ «а» ӕмӕ «о»-йӕ кӕй цардысты, уый кӕстӕртыл афтӕ тынг бандӕвта, ӕмӕ сӕ цӕстӕнгас аивтой. Чырыстон устытӕй та бирӕтӕ апостол Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕй архайдтой, уый фӕрцы сын бантыст сӕ мойты Хуыцаумӕ «ӕнӕдзырдӕй» раздахын (1 Петры 3:1, 2).

Бинонты ’хсӕн

9, 10. Иаков ӕмӕ Иосиф сӕ бинонты хорз миниуджытӕ куыд агуырдтой?

9 Бинонтӕ сӕхи цӕджджинаджы кӕй фыцынц, уымӕ гӕсгӕ уый хорз фадат у кӕрӕдзийы хорз миниуджытӕ агурынӕн. Ӕркӕсӕм ма, Иаков йӕ фырттӕм цы зӕрдӕ дардта, уымӕ. Уӕвынады чиныджы 37-ӕм сӕры, 3-ӕм ӕмӕ 4-ӕм стихты куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Иаков Иосифы хъулон уарзт кодта. Ӕмӕ уый йе ’фсымӕртӕн афтӕ хъыг уыд, ӕмӕ Иосифы марынвӕнд скодтой. Фӕлӕ ма ӕркӕсӕм, фӕстӕдӕр сӕм Иаков ӕмӕ Иосиф цы цӕстӕй кастысты, уымӕ. Дыууӕйӕ дӕр сын уыдтой сӕ хорз миниуджытӕ.

10 Иосиф уыд хӕлцады хицау Египеты, ӕххормаг заман дзы куы скодта, уӕд, ӕмӕ йе ’фсымӕрты суазӕг кодта. Фӕлӕ се ’фсымӕр кӕй уыд, уый сын уыцы тӕккӕ не схъӕр кодта. Йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕм фӕкастаиккой ӕмӕ сын сӕ зӕронд фыдӕн хойраг сӕвӕрдтаиккой. Кӕд Иосиф кӕддӕр йе ’фсымӕртӕн сӕ цӕстысындз уыд ӕмӕ йын уый тыххӕй фыдми бакодтой, уӕддӕр сын стыр хорзы бацыд (Уӕвынад 41:53—42:8; 45:23). Афтӕ Иаков дӕр, куы мард, уӕд йӕ фырттӕн се ’ппӕтӕн дӕр раарфӕ кодта: чи цы хорздзинӕдтӕй хайджын уыдзӕн, уый сын загъта. Ӕмӕ кӕд сӕ фыдмиты тыххӕй цӕмӕйдӕрты фӕцух сты, уӕддӕр дзы алкӕмӕдӕр зӕхх ӕрхаудта (Уӕвынад 49:3—28). Куыд хорз равдыста Иаков, ӕгӕрон уарзондзинад цы у, уый!

11, 12. а) Бинонтӕй алчидӕр иу иннӕйы хорз миниуджытӕ кӕй хъуамӕ агура, уый нын цавӕр цӕвиттон ӕвдисы? ӕ) Йесойы ӕмбисонды фыд фыртмӕ йӕхи куыд равдыста, уымӕй зондӕн райсӕн цы ис?

11 Иегъовӕ мӕнгард израилӕгтӕн бирӕ кӕй быхста, уый дӕр нын ӕргом кӕны, Хуыцау йӕ адӕмы хорз миниуджытӕ куыд уыны, уый. Пехуымпар Осийы хӕдзары цы хабӕрттӕ цыд, ууыл дзургӕйӕ Иегъовӕ равдыста йӕ ӕгӕрон уарзт. Осийы ус Гомер хӕтын байдыдта. Фӕлӕ Иегъовӕ уӕддӕр Осийӕн загъта: «Ацу та, ӕмӕ йӕ лымӕн кӕй уарзы, фӕлӕ хӕтгӕ чи кӕны, ахӕм сылгоймаджы дӕ зӕрдӕйӕн садджын кӕн, мӕнӕ Иегъовӕ Израилы фыртты куыд уарзы, фӕлӕ уыдон та се ’ргом ӕндӕр хуыцӕуттӕм куыд здахынц ӕмӕ хус чисмис куыд уарзынц, афтӕ» (Оси 3:1). Афтӕ йын цӕмӕн загъта? Уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ зыдта, чи йӕ ныууагъта, уыцы дзыллӕйы ’хсӕн кӕй уыдзӕн, йӕ фӕразондзинадӕн чи саргъ кӕна, ахӕмтӕ. Оси загъта: «Уый фӕстӕ Израилы фырттӕ раздӕхдзысты ӕмӕ сӕ ныфс ӕвӕрдзысты сӕ Хуыцау Иегъовӕйыл ӕмӕ сӕ паддзах Давидыл; ӕмӕ аргъуыц кӕндзысты Иегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕй кӕроны рӕстӕджы» (Оси 3:5). Дзырд дӕр ыл нӕй, ацы цӕвиттон нын иттӕг хорз ӕвдисы, бинонты ’хсӕн исты хъаугъа куы рауайа, уӕд куыд кӕнгӕ у, уый. Дарддӕр дӕр дӕ бинонтӕй алкӕй дӕр хорз миниуджытӕ куы агурай, уӕд сын уымӕй уыдзынӕ, быхсын куыд хъӕуы, уымӕн хорз дӕнцӕг.

12 Йесо сӕфт фырты тыххӕй цы ӕмбисонд ракодта, уый та нын ноджы хуыздӕр ӕмбарын кӕны, нӕ хӕдзаронты хорз миниуджытӕ агурын куыд хъӕуы, уый. Кӕстӕр фырт йӕ мулк куы ныппапылой кодта, уӕд фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ ӕрыздӕхт. Ӕмӕ йыл йӕ фыд хӕларзӕрдӕйӕ сӕмбӕлд. Фӕлӕ ӕдзухдӕр йемӕ чи цард, уыцы хистӕр лӕппу ууыл куы схъуыр-хъуыр кодта, уӕд цымӕ фыд цы бакодта? Загъта йын: «Мӕ фырт! ды ӕдзухдӕр мемӕ дӕ, ӕмӕ мӕнон иуылдӕр дӕу у». Уыцы ныхӕстӕ йын мӕстыйӕ нӕ дзырдта, фӕлӕ йӕ уарзгӕ кӕй кодта, уый йын ӕмбарын кодта. «Цин кӕнын ӕмӕ хъӕлдзӕг уӕвын ӕмбӕлди ууыл,— дзырдта дарддӕр фыд,— дӕ ацы ӕфсымӕр мард уыд ӕмӕ райгас, сӕфт уыд ӕмӕ фӕзынд». Махӕн дӕр нӕ бон у уыцы фыдау иннӕты хорз миниуджытӕ агурын (Лукайы 15:11—32).

Чырыстон ӕмбырды

13, 14. «Паддзахы закъон», ома уарзондзинады закъон, чырыстон ӕмбырды куыд ис ӕххӕст кӕнӕн?

13 Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды «паддзахы закъон», ома уарзондзинады закъон, ӕххӕст кӕнын (Иаковы 2:1—9). Чи зоны, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ махӕй хъӕздыгдӕр кӕнӕ мӕгуырдӕр кӕй цӕрынц, уымӕ нӕ кӕсӕм. Фӕлӕ, чи кӕцӕй у, цы адӕмыхаттӕй у, цы ӕгъдӕуттыл хӕст у кӕнӕ раздӕр цы диныл лӕуд уыд, уымӕ кӕсӕм? Кӕд о, уӕд нӕ Иаковы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ цы бакӕнын хъӕуы?

14 Уазӕгуарзон, хӕларзӕрдӕ кӕй стӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, чырыстон фембӕлдтӕм чи ӕрбацӕуы, уыдонӕн салам куы дӕттӕм, куы сыл цин кӕнӕм, уӕд. Фембӕлдтӕм ӕрӕджы чи райдыдта цӕуын, уыдонимӕ-иу куы аныхас кӕнӕм, уӕд-иу афтӕ тынг нал тыхсдзысты ӕмӕ тынг нал ӕфсӕрмы кӕндзысты. Чырыстон фембӕлдмӕ фыццаг хатт чи ӕрбацӕуы, уыдонӕй бирӕтӕ фӕзӕгъынц: «Иууылдӕр мыл афтӕ тынг бацин кодтой, цыма мӕ рагӕй зонынц. Раст цыма мӕхи хӕдзары уыдтӕн, мӕхи афтӕ хатыдтӕн».

15. Куыд ис сывӕллӕттӕ ӕмӕ ӕрыгӕттӕн бацамонӕн, ӕмбырды хистӕр фӕлтӕрӕй чи ис, уыдоныл кӕй хъуамӕ хъуыды кӕной?

15 Иуӕй-иу ӕмбырдты афтӕ у, ӕмӕ фембӕлд куы фӕвӕййы, уӕд сывӕллӕттӕ ӕмӕ ӕрыгӕттӕй чидӕртӕ Паддзахады залы кӕнӕ уынджы иумӕ амбырд вӕййынц, хистӕртӕм та хӕстӕг нӕ фӕцӕуынц. Цӕмӕй афтӕ ма уа, уый тыххӕй цы ис саразӕн? Фыццаджыдӕр, ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты хӕдзары ахуыр кӕной ӕмӕ сӕ фембӕлдтӕм цӕттӕ кӕной (Ӕмбисӕндтӕ 22:6). Сывӕллӕттӕн бахӕс кӕнӕн ис, фембӕлды бинонтӕй алкӕйдӕр цы чингуытӕ кӕнӕ журналтӕ бахъӕудзӕн, уыдон ӕрцӕттӕ кӕнын. Стӕй ныййарӕгӕй хуыздӕр йӕ сывӕллонӕн чи бацамондзӕн, ӕмбырды цы ацӕргӕ ӕмӕ низӕфхӕрд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдонимӕ-иу цӕмӕй аныхӕстӕ кӕна. Ӕмӕ сывӕллӕттӕ кӕнӕ ӕрыгӕттӕ афтӕ куы кӕной, уӕд уый сӕхицӕн дӕр уыдзӕн ӕхсызгон.

16, 17. Ӕмбырды хистӕртӕн сӕ бон куыд у кӕстӕрты хорз миниуджытӕ агурын?

16 Хистӕртӕ дӕр хъуамӕ ӕмбырды сывӕллӕттӕ ӕмӕ ӕрыгӕттыл хъуыды кӕной, узӕлой сыл (Филиппӕгтӕм 2:4). Хорз уаид, куы-иу сӕм фӕраздӕр уаиккой ӕмӕ-иу сӕ куы барӕвдауиккой. Фембӕлдты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ фӕзӕгъынц хорз хъуыдытӕ. Ис сӕ бафӕрсӕн, фембӕлд сӕ зӕрдӕмӕ куыд фӕцыд, тынгдӕр дзы цы бахъуыды кодтой ӕмӕ сӕ уый царды кӕм бахъӕуид, уыдӕттӕй. Рӕзгӕ фӕсивӕдӕн дӕр ӕмбырды ис сӕхи бынат, ӕмӕ фембӕлды лӕмбынӕг кӕй фӕхъусынц, дзуапп кӕй фӕдӕттынц кӕнӕ сӕ хӕслӕвӕрдтӕ куыд бацӕттӕ кӕнынц, уый тыххӕй сӕ фӕхъӕуы раппӕлын. Сӕхи ӕмбырды хистӕртимӕ куыд дарынц, стӕй хӕдзары сӕ ныййарджытӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уымӕй бӕрӕг вӕййы, куы фестырдӕр уой, уӕд сын ноджы ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ бахӕс кӕнӕн уыдзӕн ӕви нӕ (Лукайы 16:10).

17 Ӕрыгӕттӕ сӕхимӕ алыхуызон хӕстӕ кӕй исынц, уый фӕрцы сӕ иуӕй-иутӕм фӕзыны ахӕм чырыстон миниуджытӕ, ӕмӕ сын сӕ бӕрны бакӕнӕн вӕййы стырдӕр хъуыддӕгтӕ. Афтӕ ма, исты хъуыддагыл хӕст куы уой, уӕд сӕ не ’вдӕлдзӕн дзӕгъӕл митӕм (2 Тимофеймӕ 2:22). Ахӕм хӕслӕвӕрдты руаджы «бафӕлварӕн» ис, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны (1 Тимофеймӕ 3:10). Фембӕлдты зӕрдӕргъӕвдӕй кӕй фӕархайынц ӕмӕ уацамынды ӕнӕзивӕгӕй кӕй фӕцӕуынц, афтӕ ма ӕмбырды алкӕуылдӕр куыд аудынц, уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ базонынц, исты бахӕс кӕнӕн ма сын ис ӕви нӕ.

Алы адӕймагӕн дӕр йӕ хорз миниуджытӕ уынӕм

18. Ӕмбырды искӕй хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ хи цӕмӕй хъӕуы хизын ӕмӕ цӕмӕн?

18 «Тӕрхоны фарсласӕн кӕнын хорз нӕу»,— дзырдӕуы Ӕмбисӕндты 24:23. «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» куыд амоны, афтӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды искӕй хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ фарсласӕн хъуамӕ ма кӕной. Иаков фыста: «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд та афтӕ у — фыццаджыдӕргъы сыгъдӕг, стӕй фӕрнӕйдзаг, йе бонзонгӕ, коммӕгӕсаг, дзаг у хатырдзинадӕй ӕмӕ хорз дыргътӕй, хъауджыдӕр никӕй кӕны ӕмӕ хицӕн цӕстӕй никӕмӕ кӕсы» (Иаковы 3:17, НФ). Уӕдӕ кӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иннӕтӕн сӕ хорз миниуджытӕ агурыныл архайынц, уӕддӕр искӕй хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ, хъуамӕ ма кӕсой, уыцы адӕймагмӕ сӕхӕдӕг цы зӕрдӕ дарынц, уымӕ. «Хуыцау слӕууыд ӕнӕнымӕц хуыцӕутты ӕхсӕн,— фыста псаломзарӕггӕнӕг Асаф,— хуыцӕутты [кӕнӕ «хуыцӕутты хуызӕтты», ома зӕххон тӕрхоны лӕгты] астӕу загъта тӕрхон. Кӕдмӕ ӕнӕраст тӕрхон кӕндзыстут сымах ӕмӕ ӕвдисдзыстут цӕстмӕ митӕ ӕнӕрӕстытӕм?» (Псалом 81:1, 2). Уымӕ гӕсгӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ хӕлӕрттӕй кӕнӕ сӕ хиуӕттӕй искӕй хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ хъулон никӕй фӕкӕнынц. Афтӕмӕй уыдон фӕархайынц, цӕмӕй ӕмбырды фарн бахъахъхъӕной ӕмӕ Иегъовӕйы сыгъдӕг уды архайд ма къуылымпы кӕной (1 Фессалоникӕгтӕм 5:23).

19. Иннӕты хорзӕй цы ис, уый куыд ис уынӕн?

19 Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хоты хорзӕй цы ис, уый куы уынӕм, уӕд мах дӕр, Павел Фессалоникӕйы ӕмбырдмӕ цы зӕрдӕ дардта, ахӕм зӕрдӕ дардзыстӕм иннӕтӕм. Уый фыста: «Мах нӕ зӕрдӕ дарӕм сымахыл Хицауы мидӕг, сымах кӕй ӕххӕст кӕнут ӕмӕ ӕххӕст кӕндзыстут, мах уын цы бардзырд дӕттӕм, уый» (2 Фессалоникӕгтӕм 3:4). Не ’мчырыстӕтты хорз миниуджытӕ куы уынӕм, уӕд нӕм сӕ аиппытӕ нымады дӕр нал уыдзысты. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ-иу не ’фсымӕрттӕй ӕппӕлдзыстӕм, стӕй сӕ фыдкой нӕ кӕндзыстӕм. «Хӕдзар аразджытӕй... уый агурынц,— фыста Павел,— ӕмӕ сӕ алчидӕр иузӕрдыг куыд уа» (1 Коринфӕгтӕм 4:2, НФ). Ӕрмӕст ӕмбырды бӕрнджын ӕфсымӕртӕ не сты иузӕрдион, фӕлӕ не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ иууылдӕр,— ӕмӕ сӕ уарзгӕ дӕр уымӕн кӕнӕм. Афтӕмӕй сӕм кӕнӕм ӕввахсдӕр, нӕ хӕлардзинад та кӕны фидардӕр. Мах дӕр не ’мчырыстӕттӕм, Павел йӕ ӕфсымӕртӕм цы зӕрдӕ дардта, ахӕм зӕрдӕ дарӕм. Уыдон сты нӕ «ӕмкусджытӕ Хуыцауы Паддзахадӕн» ӕмӕ нын сты «циндзинады» хос (Колоссӕгтӕм 4:11). Афтӕмӕй мах фӕзмӕм Иегъовӕйы.

20. Иннӕты хорз миниуджытӕ чи агуры, уыдон цавӕр хорздзинӕдтӕй хайджын уыдзысты?

20 Мах дӕр Неемийау кувӕм: «Уӕ, мӕ Хуыцау, ма мӕ ферох кӕн, хорздзинадӕй мӕ цух ма ныууадз» (Нееми 13:31). Иегъовӕ адӕмы хорз миниуджытӕ кӕй агуры, уый нын куыд ӕхсызгон у! (3 Паддзахӕдты 14:13). Цӕй уӕдӕ мах дӕр иннӕтӕм ахӕм цӕстӕй кӕсӕм. Ӕмӕ афтӕ куы кӕнӕм, уӕд тӕригъӕды уаргъӕй фервӕздзыстӕм ӕмӕ ӕнустӕм цӕрдзыстӕм, къӕсӕрыл цы ног дуне ис, уым (Псалом 129:3—8).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

Иегъовӕ хорздзинад алкӕмӕн дӕр цӕмӕн аразы?

Куыд ис иннӕты хорз миниуджытӕ агурӕн

уацамынды?

бинонты ’хсӕн?

не ’мбырды?

иннӕтимӕ?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 16 фарсыл]

Кӕд Иосифӕй йе ’фсымӕртӕ кӕддӕр се сӕфт уыдтой, уӕддӕр сын уый сӕ хорз миниуджытӕ уыдта.

[Ныв 17 фарсыл]

Кӕд адӕм нӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр сын ӕххуыс кӕнӕм.

[Ныв 18 фарсыл]

Иаковы фырттӕ кӕд раздӕр ӕвзӕр ми бакодтой, уӕддӕр се ’ппӕтӕн дӕр раарфӕ кодта.

[Ныв 19 фарсыл]

Чырыстон фембӕлдты алкӕуылдӕр цин кӕнут.