Куыд ис ӕцӕг уарзтӕй уарзӕн?
Куыд ис ӕцӕг уарзтӕй уарзӕн?
«Уарзондзинад у царды хос; уарзондзинад у цард» (Джозеф Джонсон, «Living to Purpose», 1871 аз).
АДӔЙМАГ уарзын куыд сахуыр вӕййы? Психологи ахуыргӕнгӕйӕ? Уынаффӕтӕ ӕмӕ амындтӕ кӕм ис, ахӕм хӕдахуыргӕнӕн чингуытӕй? Уарзондзинады тыххӕй кинонывтӕм кӕсгӕйӕ? Нӕ. Адӕймаг уарзын ахуыр кӕны фыццаджыдӕр йӕ ныййарджытӕй, ӕмӕ йӕ уыдон куыд схъомыл кӕнынц, уымӕй. Сывӕллӕттӕ, уарзондзинад цы у, уый базондзысты, ӕмуд бинонты ’хсӕн куы хъомыл кӕной, сӕ ныййарджытӕ сӕ куы ницы цух уадзой, фыдбылызтӕй сӕ куы хъахъхъӕной, семӕ куы ныхас кӕной ӕмӕ сыл куы тыхсой, уӕд. Уыдон ма уарзын ахуыр кӕнынц, сӕ ныййарджытӕ сын хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнын куы фӕамонынц, уӕд.
Ӕцӕг уарзондзинад нӕу ӕрмӕст искӕуыл узӕлын кӕнӕ йын фӕлмӕн ныхӕстӕ дзурын. Уый ӕдзухдӕр архайы иннӕтӕн хорз саразыныл, кӕд ын нырма кӕронмӕ нӕ аргъ кӕнынц, уӕддӕр. Зӕгъӕм, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты кӕй уарзынц, уымӕ гӕсгӕ сын зонд куы фӕамонынц кӕнӕ сӕ куы бафхӕрынц, уӕд арӕх сывӕллӕттӕ уымӕн нӕ фӕаргъ кӕнынц. Иннӕты сыгъдӕгзӕрдӕйӕ уарзӕн куыд ис, уымӕн ӕмбисонды цӕвиттон у Сфӕлдисӕг йӕхӕдӕг. Апостол Павел ныффыста: «Мӕ фырт! ӕнӕрвӕссон ма кӕн Хицауы [«Иегъовӕйы», НД] ӕфхӕрдыл ӕмӕ ӕнкъард ма кӕн, Уый дын куы уайдзӕф кӕна, уӕд. Уымӕн ӕмӕ Хицау [«Иегъовӕ», НД] кӕй уарзы, уый ӕфхӕры; нӕмы алы фырты дӕр, кӕцыйы исы» (Дзуттытӕм 12:5, 6).
Ныййарджытӕ, куыд у уӕ бон Иегъовӕйау уӕ сывӕллӕтты уарзын? Ӕмӕ цас ахсджиаг у, сымах, лӕг ӕмӕ ус уӕвгӕйӕ, кӕрӕдзийӕн куыд стут, уыцы цӕвиттон?
Уӕхи цӕвиттонӕй ахуыр кӕнут уарзын
Кӕд дын ус ис, уӕд ын кад кӕныс ӕмӕ йӕм фӕлмӕн ахаст дарыс? Кӕд дын лӕг ис, уӕд дӕ лӕджы уарзыс ӕмӕ йын ӕххуыс кӕныс? Библи дзуры, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи кӕй хъуамӕ уарзой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн кӕй хъуамӕ аргъ кӕной (Ефесӕгтӕм 5:28; Титмӕ 2:4). Афтӕ куы аразой, уӕд сӕ сывӕллӕттӕ уындзысты, чырыстон уарзондзинад ӕцӕгӕй цы у, уый. Уыцы цӕвиттон сыл хорзырдӕм куыд тынг фӕзындзӕн ӕмӕ дзы куыд бирӕ цӕуылдӕртыл сахуыр уыдзысты!
Ныййарджытӕ ма бинонты кӕрӕдзийыл бӕттынц, уаг ӕмӕ сӕ ӕгъдауыл кӕй ахуыр кӕнынц, уымӕй дӕр: ирхӕфсӕнтыл цӕуа дзырд ӕви ӕфсармыл, царды цӕмӕ тырной ӕви ахсджиагдӕрыл цавӕр хъуыддӕгтӕ нымайой, ууыл — царды алы фадыджы дӕр. Ӕппӕт дунейы дӕр бирӕ адӕм базыдтой, Библи бинонтӕн стыр ӕххуыс кӕй бакӕны ахӕм ӕгъдау сӕвӕрынӕн, ӕмӕ бирӕтӕ сӕхи цардӕй сбӕлвырд кӕнынц, Библи ӕцӕгдӕр кӕй у «Хуыцауы Удӕй ӕмӕ пайда [кӕй] у сахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, 2 Тимофеймӕ 3:16). Ӕцӕгдӕр, ӕрмӕст Уӕлхох уацамынды ӕгъдау ӕмӕ царды тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ, цы разамынд ис, уыдонӕй бирӕтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ сын ӕмбал нӕй (Матфейы, 5—7 сӕртӕ).
сраст уӕвынӕн, амонынӕн рӕстдзинады» (Бинонтӕ иууылдӕр Хуыцаумӕ разамынд куы агурой ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд сӕ алчидӕр йӕхи хатдзӕн ноджы ӕдасдӕр ӕмӕ ныфсджындӕр, ӕмӕ сывӕллӕттӕ та куыд рӕзой, афтӕ сӕ ныййарджыты фылдӕр уарздзысты ӕмӕ сын тынгдӕр кад кӕндзысты. Уыйхыгъд, бӕрӕг, бӕлвырд ӕгъдау цы хӕдзары нӕй кӕнӕ иу фӕткыл цы бинонтӕ нӕ хӕцынц, уым сывӕллӕттӕм, гӕнӕн ис, ӕмӕ сдзырд ма уа, уой мӕстыгӕр ӕмӕ сӕхи фӕнд тӕрой (Ромӕгтӕм 2:21; Колоссӕгтӕм 3:21).
Цы зӕгъӕн ис, йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, уыцы ныййарджыты тыххӕй та? Цымӕ уыдонӕн сӕ цоты уарзын ахуыр кӕнын бирӕ зындӕр у? Алкӕд афтӕ нӕ вӕййы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз мад ӕмӕ фыд сӕ сывӕллӕтты иумӕ куы фӕхъомыл кӕнынц, уый ницӕмӕй ис баивӕн, фӕлӕ цард куыд равдыста, афтӕмӕй бинонтӕ ӕмудӕй куы фӕцӕрынц, уӕд ӕй тынг нӕ фӕхатынц, мад кӕнӕ сын фыд кӕй нӕй. Кӕд дӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй хъомыл кӕныс, уӕд архай, цӕмӕй дӕ бинонтӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрой. Иу ӕмбисонд нын афтӕ дзуры: «Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕнд ӕмӕ дӕ зондӕй ныфсджын ма у. Алы хъуыддаджы дӕр ын агур йӕ разамынд, ӕмӕ дын уый раст кӕндзӕн дӕ фӕндӕгтӕ» — уыимӕ ныййарӕджы хӕстӕ ӕххӕст кӕныны фӕндаг дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6; Иаковы 1:5).
Ӕнӕ фыд кӕнӕ ӕнӕ мадӕй схъомыл тынг бирӕ хорз лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ, ӕмӕ ныр Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕнӕхъӕн дунейы цы мингай чырыстон ӕмбырдтӕ ис, уыдоны. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, уыдонӕн дӕр сӕ бон у сӕ сывӕллӕтты уарзын сахуыр кӕнын.
Куыд у алкӕмӕндӕр йӕ бон уарзын ахуыр кӕнын
Библи развӕлгъау загъта, зӕгъгӕ, «фӕстаг бонты» бинонтӕ, иу туг, иу стӕг кӕй сты, уый нал зондзысты (2 Тимофеймӕ 3:1, 3, НД). Фӕлӕ ма суанг хӕстӕг-хион кӕм нӕ зыдтой ӕмӕ хъӕрмудӕй кӕм нӕ цардысты, ахӕм бинонты чи схъомыл, уыдонӕн дӕр сӕ бон у уарзын ахуыр кӕнын. Куыд? Иегъовӕйӕ ахуыр кӕнгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ уый у уарзондзинады Суадон, ӕмӕ йӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи агуры, уыдоны уарзы ӕмӕ сыл ауды (1 Иоанны 4:7, 8). «Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад ныууагътой мӕн, фӕлӕ Хицау райсдзӕн мӕн»,— загъта иу псаломзарӕггӕнӕг (Псалом 26:10).
Иегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый ӕвдисы алыхуызон хъуыддӕгтӕй. Библийы нын фыдау зондамындтӕ кӕй дӕтты, сыгъдӕг уды руаджы нын кӕй ӕххуыс кӕны ӕмӕ нын, цӕстуарзонӕй ныл кӕм аудынц, ахӕм чырыстон ӕфсымӕрад кӕй радта, уымӕй (Псалом 118:97—105; Лукайы 11:13; Дзуттытӕм 10:24, 25). Равзарӕм, ацы ӕртӕ мадзалы нын куыд ӕххуыс кӕнынц Хуыцауы ӕмӕ адӕмы фылдӕр уарзынӕн.
Хуыцауы фӕндӕй фыст фыды зондамынд
Цӕмӕй искӕимӕ бахӕлар уӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ хорз базонӕм. Иегъовӕ Библийы фӕрстыл йӕхи тыххӕй лӕмбынӕг кӕй дзуры, уымӕй бӕрӕг у, кӕй нӕ хоны, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм. Фӕлӕ ӕрмӕст Библи кӕсын фаг нӕу. Мах хъуамӕ цӕрӕм, цӕуыл нӕ ахуыр кӕны, уымӕ гӕсгӕ, ӕмӕ нӕхиуыл бавзарӕм, уый нӕ пайдайӕн кӕй у (Псалом 18:8—11). «Ӕз дӕн Иегъовӕ, дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, уый дын чи амоны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны»,— дзырдӕуы Исайы 48:17. О, Иегъовӕ, уарзондзинады Хуыцау, мах ахуыр кӕны нӕхи пайдайӕн — уый тыххӕй нӕ нӕ ахуыр кӕны, цӕмӕй нын ӕнӕхъӕугӕ уагӕвӕрдтӕй нӕ сӕрибардзинад байса.
Библийӕ бӕлвырд цы базонӕм, уый ма нын ӕххуыс кӕны адӕмы фылдӕр уарзынӕн дӕр. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ нын Библийы Филиппӕгтӕм 1:9).
ӕцӕгад ӕвдисы, Хуыцау адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсы, ӕмӕ нын амоны, кӕрӕдзимӕ нӕ ахаст цавӕр уагӕвӕрдты бындурыл хъуамӕ уа, уый. Ахӕм зонындзинӕдтӕ нын ахъаз сты адӕмы фылдӕр уарзынӕн. Апостол Павел загъта: «Кувын уый тыххӕй, цӕмӕй уӕ уарзондзинад ноджы фылдӕрӕй фылдӕр рӕза зонындзинады [«бӕлвырд зонындзинӕдты», НД] ӕмӕ алы ӕнкъарындзинады» (Уарзондзинад «бӕлвырд зонындзинӕдтӕй» куыд цӕуы, уый равдисынӕн равзарӕм бындурон уагӕвӕрд Куыстытӕй 10:34, 35: «Хуыцау... нӕ кӕсы цӕсгоммӕ, фӕлӕ алы адӕмы ӕхсӕн, Уымӕй чи тӕрсы ӕмӕ рӕстдзинад чи кӕны, ӕхсызгон у Уымӕн». Кӕд Хуыцау адӕмӕн сӕ адӕмыхатт кӕнӕ сӕ расӕмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ сӕ хорз хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ сӕм Хуыцауы ӕфсарм кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ аргъ кӕны, уӕд мах дӕр иннӕтӕм сыгъдӕгзӕрдӕ ахаст хъуамӕ ма дарӕм? (Куыстытӕ 17:26, 27; 1 Иоанны 4:7—11, 20, 21).
Уарзондзинад — Хуыцауы сыгъдӕг уды дыргъ
Йӕ афоныл дыргъдоныл къӕвда куы рауары ӕмӕ йӕ бӕркадӕн куыд фӕахъаз вӕййы, афтӕ Хуыцауы сыгъдӕг уд дӕр сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы ӕвзӕрын кӕны, Библийы «уды дыргъ» чи хуыйны, уыцы миниуджытӕ (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Уыцы дыргъы ӕппӕты сӕйрагдӕр миниуӕг у уарзондзинад (1 Коринфӕгтӕм 13:13). Фӕлӕ цы ис саразӕн, цӕмӕй нын Хуыцау йӕ сыгъдӕг уд ратта? Фыццаджыдӕр хъӕуы кувын. Хуыцаумӕ йӕ сыгъдӕг уды тыххӕй куы кувӕм, уӕд нын ӕй ратдзӕн (Лукайы 11:9—13). Сыгъдӕг уды тыххӕй ӕдзухдӕр фӕкувыс? Кӕд о, уӕд йӕ диссаджы дыргъ, уыимӕ уарзондзинад дӕр, дӕ царды ноджы тынгдӕр зындзӕн.
Фӕлӕ ма ис, Хуыцауы сыгъдӕг уды ныхмӕ чи у, ӕндӕр ахӕм уд дӕр. Библи йӕ хоны «ацы дунейы уд» (1 Коринфӕгтӕм 2:12; Ефесӕгтӕм 2:2). Уый у ӕвзӕр ӕндӕвдад ӕмӕ цӕуы, кӕмӕй куы зӕгъӕм, уӕд Сайтан Хӕйрӕгӕй — «ацы дунейы ӕлдарӕй», Хуыцауӕй иппӕрд адӕмы ӕлдарӕй (Иоанны 12:31). Дымгӕ уӕлдӕфы рыг ӕмӕ бырӕттӕ куыд ныззилы, раст афтӕ «ацы дунейы уд» дӕр адӕймаджы цырен кӕны, уарзондзинад чи халы ӕмӕ буары монцты фӕдыл чи кӕны, ахӕм тӕригъӕдджын фӕндӕттӕ (Галатӕгтӕм 5:19—21).
Адӕмы уыцы ӕвзӕр зондахаст ахъары, цардмӕ мулчы цӕстӕй куы фӕкӕсынц, хиуарзон ӕмӕ ӕгъатыр куы вӕййынц, ӕмӕ сын уарзондзинадмӕ ӕнӕраст, арӕх та хӕлд цӕстӕнгас куы вӕййы, уӕд; ахӕм цӕстӕнгас та ацы дунейы арӕх у. Кӕд дӕ фӕнды иннӕты ӕцӕг уарзтӕй уарзын, уӕд хъуамӕ ацы дунейы уды ныхмӕ фидар фӕлӕууай (Иаковы 4:7). Фӕлӕ дӕ ӕрмӕст дӕхи хъарутӕй ныфс ма уӕд, Иегъовӕйӕ кур ӕххуыс. Йӕ сыгъдӕг уд — Дун-дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр тых — дӕ бафидар кӕндзӕн ӕмӕ дын ратдзӕн уӕлахиз (Псалом 120:2).
Уарзын ахуыр кӕн чырыстон ӕфсымӕрадӕй
Йӕ бинонты ’хсӕн уарзондзинад чи банкъардта ӕмӕ афтӕмӕй уарзын чи ахуыр кӕны, уыцы сывӕллӕттау не ’ппӕтӕн дӕр — ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ зӕрӕдтӕн дӕр — нӕ бон у уарзондзинады рӕзын иннӕ чырыстӕттимӕ ӕмбӕлгӕйӕ (Иоанны 13:34, 35). Чырыстон ӕмбырды сӕйраг нысӕнттӕй иу у, адӕмӕн «кӕрӕдзи уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕнынӕн» фадат кӕм уа, ахӕм уавӕртӕ аразын (Дзуттытӕм 10:24).
Ахӕм уарзондзинад уӕлдай зынаргъдӕр уыдзӕн, ацы уазалзӕрдӕ дунейы «тыхсаст ӕмӕ хӕлиу» чи у, уыдонӕн (Матфейы 9:36). Бирӕты цардӕй куыд зыны, афтӕмӕй кӕд адӕймаг гыццылӕй рӕвдыдцух уыди ӕмӕ йыл уый ӕвзӕрырдӕм фӕзынд, уӕддӕр стырӕй куы фӕхаты, кӕй йӕ уарзынц, кӕй йыл тыхсынц, уӕд дзы йӕ мӕстытӕ ферох вӕййынц. Уӕдӕ куыд ахсджиаг у алы чырыстонӕн дӕр ног ӕрбацӕуджытыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ узӕлын!
«Уарзондзинад никуы фӕуыдзӕн»
Библи дзуры, зӕгъгӕ, «уарзондзинад никуы фӕуыдзӕн» (1 Коринфӕгтӕм 13:8). Ома куыд нӕ фӕуыдзӕн? Апостол Павел нын дзуры: «Уарзондзинад бирӕ фӕразы, хатыргӕнаг у, уарзондзинад хӕлӕг нӕ кӕны, уарзондзинад йӕхи уӕлиау нӕ кӕны, хъал нӕу, ӕнӕгъдау митӕ нӕ кӕны, йӕхион нӕ агуры, мӕсты нӕ кӕны, фыддзинад нӕ хъуыды кӕны» (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5). Ахӕм уарзондзинад ӕрымысгӕ кӕнӕ уӕлӕнгай ӕнкъарӕн нӕу. Уыйхыгъд, йӕ зӕрдӕйы уарзондзинад кӕмӕн ис, уыдон царды рыст ӕмӕ маст дӕр бавзарынц, фӕлӕ уыцы зындзинӕдтӕн уый бар нӕ дӕттынц, цӕмӕй сӕ алыварсуӕвӕг адӕмы къаддӕр уарзой. Ахӕм уарзондзинад ӕцӕгдӕр у «иудзинады ӕххӕст тӕгтӕ» (Колоссӕгтӕм 3:12—14, НД).
Ӕркӕс ма, Корейы чи цӕры, уыцы 17-аздзыд чырыстон чызджы цӕвиттонмӕ. Иегъовӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд уый йӕ бинонты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ йӕ бахъуыд хӕдзарӕй ацӕуын. Уый сӕм зӕрдӕ хӕссын нӕ райдыдта, фӕлӕ Иегъовӕмӕ куывта, стӕй Хуыцауы Ныхас ӕмӕ сыгъдӕг удӕн лӕвӕрдта бар, цӕмӕй йын йӕ зондахастыл хуыздӕрырдӕм ӕндӕвтаиккой. Уый фӕстӕ йӕ бинонтӕм арӕх ӕрвыста фыстӕджытӕ, фыста сӕм, бирӕ сӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй. Йӕ фыдӕбӕттӕ ӕнӕхъуаджы нӕ фесты — йӕ дыууӕ хистӕр ӕфсымӕры райдыдтой Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ ныр сты аргъуыд чырыстӕттӕ. Йӕ мад ӕмӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр дӕр Библийы ӕцӕгад сӕ зӕрдӕмӕ айстой. Ӕппынфӕстаг йӕ фыды зӕрдӕ дӕр бынтон ӕрфӕлмӕн, кӕд раздӕр йӕ ныхмӕ тынг цыди, уӕддӕр. Нӕ хо фыссы: «Мӕ мады зӕнӕгӕй алчидӕр йӕ цард баиу кодта чырыстонимӕ, ӕмӕ ныр нӕ бинонтӕ, 23 адӕймагӕй, иумӕ кувынц Хуыцауӕн». Ӕвӕдза уарзондзинад куыд фӕуӕлахиз!
Фӕнды дӕ, ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы ӕцӕг уарзондзинад уа ӕмӕ уыцы хъуыддаджы иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнай? Уӕд де ’ргом аздах Иегъовӕмӕ, ацы ӕмбисонды миниуӕджы Суадонмӕ. Йӕ Ныхас ын дӕ зӕрдӕйы нывӕр, йӕ сыгъдӕг уды ӕххуысы тыххӕй йӕм кув, ӕмӕ дӕхи иудадзыг дӕр бӕтт чырыстон ӕфсымӕрадыл (Исай 11:9; Матфейы 5:5). Куыд ӕхсызгон у, рӕхджы иу фыдгӕнӕг дӕр кӕй нал уыдзӕн, ӕмӕ зӕххыл ӕрмӕстдӕр, йӕ зӕрдӕйы ӕцӕг чырыстон уарзондзинад кӕмӕн ис, уыдон кӕй баззайдзысты! Ӕцӕгдӕр, цард дӕр ӕмӕ амонд дӕр уарзондзинадӕй кӕнгӕ сты (Псалом 36:10, 11; 1 Иоанны 3:14).
[Нывтӕ 6 фарсыл]
Хуыцаумӕ куы кувӕм ӕмӕ йын йӕ Ныхас куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн иннӕты ӕцӕг уарзтӕй уарзынӕн.