Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстытӕ

Кӕсджыты фарстытӕ

Кӕсджыты фарстытӕ

Сайтан Хӕйрӕгӕн йӕ бон у адӕмы хъуыдытӕ кӕсын?

Уый фидарӕй нӕй зӕгъӕн, фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй нӕдӕр Сайтанӕн ӕмӕ нӕдӕр йӕ хӕйрӕджытӕн нӕу сӕ бон нӕ хъуыдытӕ кӕсын.

Ӕркӕсӕм, Сайтаны цы нӕмттӕй хонынц. Уый хонынц Сайтан (Ныхмӕлӕууӕг), Хӕйрӕг (Хахуыргӕнӕг), Калм (Фӕливӕджы синоним), Цыбӕлгӕнӕг ӕмӕ Мӕнгдзурӕг (Иов 1:6; Матфейы 4:3; Иоанны 8:44; 2 Коринфӕгтӕм 11:3; Раргомад 12:9). Ацы нӕмттӕй иу дӕр ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Сайтанӕн йӕ бон у искӕй хъуыдытӕ кӕсын.

Фӕлӕ Иегъовӕ Хуыцау та хуыйны «зӕрдӕтӕ фӕлварӕг» (Ӕмбисӕндтӕ 17:3; 1 Паддзахӕдты 16:7; 1 Паралипоменон 29:17). «Нӕй сфӕлдыст, Уымӕй [Иегъовӕйӕ] ӕмбӕхст,— дзырдӕуы Дзуттытӕм 4:13,— фӕлӕ ӕппӕтдӕр гом ӕмӕ ӕргом [у] Уый раз: Уымӕн ратдзыстӕм дзуапп». Диссаг нӕу, Иегъовӕ йӕ Фырты, Йесойы, кӕй схайджын кодта зӕрдӕтӕ фӕлварыны курдиатӕй. Йесо йӕ райгасы фӕстӕ загъта: «Ӕз... дӕн зӕрдӕты ӕмӕ уыргты фӕлварӕг, ӕмӕ аргъ... скӕндзынӕн... алкӕмӕн дӕр йӕ митӕм гӕсгӕ» (Раргомад 2:23, НФ).

Библийы никуы ис ссарӕн, Сайтанӕн йӕ бон кӕй у адӕмы зӕрдӕтӕ фӕлварын ӕмӕ сын сӕ хъуыдытӕ иртасын. Уый ахсджиаг хъуыды у, уымӕн ӕмӕ нын апостол Павел дзуры, зӕгъгӕ, чырыстӕттӕн «ӕнӕзындгонд... не сты [Сайтаны] фыдфӕндтӕ» (2 Коринфӕгтӕм 2:11, НФ). Уӕдӕ хъуамӕ ма тӕрсӕм, зӕгъгӕ, Сайтанмӕ ахӕм цыдӕр ӕнахуыр курдиат ис, ӕмӕ мах уый тыххӕй ӕппындӕр ницы зонӕм.

Уӕддӕр уый зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ нын не Знаг нӕ ӕдыхдзинӕдтӕ нӕ базондзӕн. Сайтан бирӕ ӕнусты дӕргъы кӕсы адӕмы уагахастмӕ. Уый хъӕугӕ дӕр нӕ кӕны, ӕмӕ нын нӕ хъуыдытӕ кӕса, цӕмӕй базона, нӕ зӕрдӕ нӕ цавӕр хъуыддӕгтӕм тӕры кӕнӕ цавӕр ирхӕфсӕнтӕ агурӕм, уый, йе та цӕмӕй фехъуса, цӕуыл дзурӕм, уый, ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Нӕ цӕсгомы змӕлд ӕмӕ нӕ уагахастӕй дӕр ис бамбарӕн, цӕуыл хъуыды кӕнӕм, йе та цы ӕнкъарӕм.

Фӕлӕ Сайтан абоны онг дӕр сӕйраджыдӕр пайда кӕны, Едемы цӕхӕрадоны цы къӕппӕджытӕй спайда кодта, уыдонӕй — мӕнгдзинад, сайын ӕмӕ гӕдыныхӕстӕй (Уӕвынад 3:1—5). Кӕд Сайтанӕн йӕ бон нӕу чырыстӕтты хъуыдытӕ кӕсын, уӕддӕр хъуамӕ сӕхи хизой, сӕ зонды сын йӕхи хъуыдытӕ куыд нӕ сӕвӕра, уымӕй. Уый фӕнды, цӕмӕй чырыстӕттӕ суой «зондӕй хъыгдард [«хӕлд», НД]... ӕцӕгдзинадӕн ӕцӕгӕлӕттӕ» (1 Тимофеймӕ 6:5). Уӕдӕ диссаг нӕу, Сайтаны дуне нӕ йӕ хӕлд хабӕрттӕ ӕмӕ ӕнӕгъдау ирхӕфсӕнты бын кӕй фӕкодта. Уыцы тыхджын ӕндӕвдады ныхмӕ фӕлӕууынӕн чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕ зонд бахъахъхъӕной, «ирвӕзындзинады згъӕрхуд» даргӕйӕ (Ефесӕгтӕм 6:17). Уый та сӕ бон у аразын, Библийы ахуырӕдтӕ ӕдзух сӕ зонды куы уой ӕмӕ сӕхи Сайтаны дунейы зианхӕссӕг ӕндӕвдадӕй куы хизой, уӕд.

Сайтан у тугдзых знаг. Фӕлӕ мах уымӕй ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕй хъуамӕ ӕмризӕджы ма ризӕм. Иаковы 4:7-ӕм стих нын ныфс дӕтты: «Хӕйрӕгӕн йӕ ныхмӕ слӕуут ӕмӕ сымахӕй алидздзӕн». Ацы уынаффӕмӕ куы хъусӕм, уӕд Йесойау нӕ бон уыдзӕн зӕгъын, Сайтаны бар ныл нӕ цӕуы, зӕгъгӕ (Иоанны 14:30, НД).