«Хуыцау у уарзондзинад»
«Хуыцау у уарзондзинад»
«Чи нӕ уарзы, уый нӕ базыдта Хуыцауы, уымӕн ӕмӕ Хуыцау у уарзондзинад» (1 ИОАННЫ 4:8).
1—3. а) Библи нын Иегъовӕйы уарзондзинады тыххӕй цы дзуры ӕмӕ уыцы хъуыды диссаг цӕмӕй у? ӕ) Библи афтӕ цӕмӕн зӕгъы, «Хуыцау у уарзондзинад», зӕгъгӕ?
ИЕГЪОВӔЙЫ миниуджытӕй иумӕ дӕр ницы фау ис ӕрхӕссӕн, иууылдӕр сты рӕсугъд, алкӕцыдӕр дзы адӕймаджы зӕрдӕ агайы. Фӕлӕ йӕ удыхъӕды миниуджытӕй се ’ппӕтӕй рӕсугъддӕр у уарзондзинад. Иегъовӕмӕ нӕ йӕ уарзондзинады хуызӕн ницы ӕлвасы. Уымӕй уӕлдай ма уарзондзинад у йӕ миниуджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕрӕвӕрӕн. Афтӕ кӕй у, уый кӕцӕй зонӕм?
2 Библи Иегъовӕйы уарзондзинады тыххӕй цы дзуры, уый йӕ иннӕ сӕйраг миниуджытӕй ӕндӕр никӕцыйӕ дзуры. Никуы дзы ис ахӕм ныхӕстӕ, Хуыцау у тых, йе та, Хуыцау у рӕстдзинад кӕнӕ, Хуыцау у зонд, зӕгъгӕ. Ацы ӕртӕ миниуӕджы дӕр сты Хуыцаумӕ, уымӕй цӕуынц. Фӕлӕ уарзондзинады тыххӕй 1 Иоанны 4:8 цы кӕсӕм, уымӕн йӕ хъуыды у ноджы арфдӕр: «Хуыцау у уарзондзинад». О, Иегъовӕ уарзондзинадӕй у Хуыцау. Йӕ удыхъӕд ӕнӕхъӕнӕй дӕр уӕфт у уарзондзинады тӕгтӕй; ӕнӕ уарзондзинадӕй Хуыцау Хуыцау нӕ уаид. Ацы хъуыды хуымӕтӕгӕй афтӕ ис бамбарын кӕнӕн: Иегъовӕ архайы йӕ тыхы руаджы. Алцыдӕр аразы йӕ рӕстдзинад ӕмӕ йӕ зондмӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ цы аразы, уый аразгӕ та уымӕн кӕны, ӕмӕ йӕм афтӕ дзуры йӕ уарзондзинад. Ӕмӕ йӕ уарзондзинад зыны йе ’ппӕт иннӕ миниуджыты дӕр.
3 Арӕх фӕзӕгъӕм, Иегъовӕ ӕгасӕй дӕр у уарзондзинад, зӕгъгӕ. Уӕдӕ нӕ кӕд, уарзондзинад цы у, уый бамбарын фӕнды, уӕд нӕ базонын хъӕуы Иегъовӕйы. Ӕркӕсӕм, Иегъовӕйы ӕвӕджиау уарзты фӕзилӕнтӕй цалдӕрмӕ.
Уарзондзинады иууыл стырдӕр бӕлвырдгӕнӕн
4, 5. а) Адӕмы равзӕрдӕй фӕстӕмӕ уарзондзинады ӕппӕты стырдӕр бӕлвырдгӕнӕн цы у? ӕ) Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт кӕрӕдзиуыл баст сты, атонӕн кӕмӕн нӕй, уарзондзинады ахӕм тӕгтӕй?
4 Иегъовӕйы уарзондзинадӕн бирӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕвдисӕн, фӕлӕ дзы иуӕн ӕмбал нӕй. Цӕй кой кӕнӕм? Иегъовӕ йӕ Фырты зӕхмӕ, мах сӕрвӕлтау хъизӕмӕрттӕ бавзарынмӕ ӕмӕ йӕ цард раттынмӕ кӕй ӕрӕрвыста, уый. Фидарӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ адӕмы равзӕрдӕй фӕстӕмӕ уымӕй стырдӕр уарзондзинад никуы ничи равдыста. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?
5 Библи Йесойы хоны «сфӕлдисонтӕн се ’ппӕтӕн сӕ разӕй гуырд» (Колоссӕгтӕм 1:15, НФ). Ахъуыды ма кӕн: Иегъовӕйы Фырт уыди, Дун-дунейӕн йӕ кой дӕр куы никуы ма уыди, уӕд дӕр. Ӕмӕ уӕд Фырт ӕмӕ Фыд иумӕ цас уыдысты? Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ Дун-дуне фӕзынд 13 миллиард азы размӕ. Ӕмӕ кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ у, уӕддӕр уыцы рӕстӕг фаг нӕу, Иегъовӕйы фыццаггуырд Фырт цас цӕры, уый бамбарын кӕнынӕн! Цы куыста уал азы дӕргъы? Фырт зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй ӕххуыс кодта йӕ Фыдӕн — уыди йӕ «дӕсны кусӕг» (Ӕмбисӕндтӕ 8:30; Иоанны 1:3). Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт иумӕ сфӕлдыстой, цыдӕриддӕр ис, уый. Ӕвӕдза, цас ӕхсызгон, цас амондджын бонтӕ арвыстой иумӕ! Кӕй бон у кӕронмӕ бамбарын, уыцы мин-мин азтӕ сӕ кӕрӕдзиуыл куыд сбастой, уый? О, Иегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фырты уарзондзинад кӕрӕдзиуыл сбаста, атонӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм тӕгтӕй.
6. Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд Иегъовӕ, йӕ Фырт ын куыд зынаргъ у, уый куыд равдыста?
6 Фӕлӕ уӕддӕр Иегъовӕ йӕ Фырты ӕрӕрвыста зӕхмӕ, цӕмӕй адӕймагӕй райгуырдаид. Дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй фылдӕры ӕмгъуыдмӕ Иегъовӕ йӕхицӕй атыдта йӕ уарзон Фырты, ӕмӕ йӕхи ӕнӕхай фӕкодта уӕлӕрвтыл йемӕ адджын ныхасӕй, йӕ цинӕй. Уый уӕларвӕй зӕхмӕ стыр цымыдисӕй каст, Йесо куыд рӕзт ӕмӕ алцӕмӕй ӕххӕст лӕг куыд сси, уымӕ. Йесойыл 30 азы куы цыди, уӕд райста донаргъуыд. Ӕмӕ уӕд йӕ Фыд йӕхӕдӕг ӕрдзырдта уӕлӕрвтӕй: «Ай у Мӕ уарзон Фырт, Мӕ хорз фӕндон Кӕмӕ ис» (Матфейы 3:17, НФ). Йесо, уый тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ уыди фыст, цы йын бахӕсчындӕуыд, уыдӕттӕ иууылдӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй куыд ӕххӕст кодта, уымӕ кӕсгӕйӕ йӕ Фыды зӕрдӕ куыннӕ хъуамӕ радаид! (Иоанны 5:36; 17:4).
7, 8. а) Н. э. 33 азы 14 нисаны Йесо цытӕ бавзӕрста ӕмӕ уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ йӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ куыдтӕ кодта? ӕ) Иегъовӕ йӕ Фырты хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ мӕлӕт цӕмӕн ӕруагъта?
7 Фӕлӕ куыдтӕ кодта Иегъовӕйы зӕрдӕ н. э. 33 азы 14 нисаны та — Йесойыл йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу гадзрахатӕй куы рацыд ӕмӕ йӕ знӕт адӕмы бардз сӕ разӕй куы акодтой, уӕд? Куы дзы хынджылӕг кодтой, куы йыл тутӕ кодтой ӕмӕ йӕ тымбыл къухӕй куы надтой? Ехсы цӕфтӕй йӕ Фырты фӕсонтӕй тугӕрхӕм фыдтӕ чъылбызгай куы хаудысты, уӕд? Науӕд ын йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ хъӕдын цӕджындзмӕ куы ныххуыдтой, стӕй уыцы цӕджындз куы схъил кодтой ӕмӕ йыл адӕм сӕхи худӕгӕй куы схастой, уӕд та? Куыдтӕ кодта Фыды зӕрдӕ, йӕ зынаргъ Фырт ӕм цӕджындзыл хъизӕмаргӕнгӕ куы дзынӕзта, уӕд? Иегъовӕйы зӕрдӕ мастӕй куыннӕ скъуыдтӕ кодта, Йесо ма фӕстаг улӕфт куы сфӕрӕзта, ӕмӕ уыйадыл цардӕй куы ахицӕн — йӕ зынаргъ Фырт дуне рафӕлдисынӕй фӕстӕмӕ фыццаг хатт куы нал уыди, уӕд? (Матфейы 26:14—16, 46, 47, 56, 59, 67; 27:26, 38—44, 46; Иоанны 19:1).
8 Иегъовӕйӕн ис ӕнкъарӕнтӕ, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ йӕ Фырты мӕлӕтыл куыд рыст ӕмӕ мастӕй куыд скъуыдтӕ кодта, уый бамбарын кӕнынӕн фаг ныхӕстӕ нӕ бон нӕу ссарын. Фӕлӕ нӕ бон у бамбарын кӕнын, Иегъовӕ уыцы хабар цӕмӕн ӕруагъта, уый. Уагӕр цы уыди ахӕмӕй, ӕмӕ Фыд йӕхицӕн ахӕм дудгӕбон бавзарын кодта? Иегъовӕ нын диссаг цыдӕр ӕргом кӕны Иоанны 3:16. Ацы стихы хъуыды афтӕ ахсджиаг у, ӕмӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, уый йӕхӕдӕг ӕнӕхъӕн Евангели у. Мӕнӕ дзы цы фыст ис: «Афтӕ бауарзта Хуыцау дуне, ӕмӕ ратта Йӕ иунӕггуырд Фырты, цӕмӕй алкӕцы, Ууыл ӕууӕндӕг, ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа мыггагмӕйы цард». О, Хуыцау йӕ Фырты мӕлӕт ӕруагъта уарзондзинады сӕраппонд. Уымӕй стырдӕр уарзондзинад никуы ничи равдыста.
Иегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый нын куыд ӕвдисы
9. Сайтан нын нӕ зонды цавӕр хъуыдытӕ ӕвӕры, фӕлӕ нын Иегъовӕ цы зӕгъы?
9 Фӕлӕ нӕ ам иу ахсджиаг хъуыддагыл хъӕуы аныхас кӕнын: Хуыцау нӕ алкӕйдӕр хицӕнӕй райсгӕйӕ уарзы? Ис ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, уый раст у, Иоанны 3:16 гӕсгӕ Хуыцау уарзы адӕмы ӕмткӕй райсгӕйӕ, фӕлӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ сӕрмагондӕй мӕн уарза. Ӕцӕгӕй та Сайтан Хӕйрӕг архайы ууыл, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм, ома нӕ Иегъовӕ нӕдӕр уарзгӕ кӕны, нӕдӕр ӕй хъӕугӕ кӕнӕм. Зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ нӕхӕдӕг нӕхимӕ цыфӕнды ӕгуыдзӕг ма кӕсӕм, нӕхи зӕххӕй сисинагыл дӕр куы нӕ нымайӕм, уӕддӕр нын Иегъовӕ йӕхӕдӕг зӕгъы, йӕ иузӕрдыг лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр йӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ кӕй у.
10, 11. Иегъовӕйы зӕрдӕйӕн куыд зынаргъ стӕм, уый Йесо сырддонцъиуты цӕвиттонӕй куыд равдыста?
10 Цӕвиттонӕн райсӕм Йесойы ныхӕстӕ Матфейы 10:29—31. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауӕн куыд зынаргъ сты, уый сын равдыста ахӕм цӕвиттонӕй: «Дыууӕ гыццыл цъиуы [«сырддонцъиуы», НД] нӕ уӕй кӕнынц иу асарийыл? Ӕмӕ уыдонӕй иу дӕр зӕхмӕ нӕ ӕрхаудзӕн уӕ Фыды ӕвастӕй; сымахӕн та уӕ сӕры хъуынтӕ дӕр иуылдӕр нымад сты; ма тӕрсут: сымах хуыздӕр стут бирӕ гыццыл цъиутӕй [«сымах зынаргъдӕр стут бирӕ сырддонцъиутӕй», НД]». Ӕркӕсӕм, цӕуыл дзурӕг уыдысты ацы ныхӕстӕ, Йесомӕ фыццаг ӕнусы чи хъуыста, уыдонӕн.
11 Йесойы рӕстӕджы маргъы мыггагӕй хӕргӕ кӕй кодтой, уыдонӕй сырддонцъиуӕй асламдӕр нӕ уыди. Иу лыстӕг згъӕрӕхцайӕ балхӕнӕн уыди дыууӕ сырддонцъиуы. Фӕлӕ фӕстӕдӕр, Лукайы 12:6, 7 куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Йесо загъта, зӕгъгӕ, ӕлхӕнӕгӕн дыууӕ згъӕрӕхцайы сӕрмӕ лӕвӕрдтой цыппар сырддонцъиуы нӕ, фӕлӕ фондз. Фӕндзӕм цъиуы лӕвӕрдтой ӕнӕуи, цыма ӕппындӕр ницы аргъ уыди, афтӕ. Уый, чи зоны, адӕймаджы цӕсты нӕ уыдысты ахӕм мӕргътӕ капеччы аргъ дӕр, фӕлӕ цы хъуыды кодта Сфӕлдисӕг та? «Уыдонӕй иу дӕр [лӕвар-иу кӕй радтой, уый дӕр] рох нӕу Хуыцауӕй»,— загъта Йесо. Уӕдӕ ныр ӕмбарӕм, цы зӕгъинаг уыди Йесо ацы цӕвиттонӕй. Кӕд Иегъовӕйы цӕсты иу сырддонцъиу дӕр афтӕ зынаргъ у, уӕд адӕймаг та цас зынаргъдӕр у йӕ зӕрдӕйӕн! Йесо куыд загъта, афтӕмӕй Иегъовӕйӕн нӕ удыхъӕды ӕнӕзонгӕ ницы ис. Нӕ сӕрыл цал хъуыны ис, уый дӕр зоны!
12. Цӕмӕ гӕсгӕ ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ Йесо, нӕ сӕрыл цал хъуыны ис, уый кой куы кодта, уӕд ӕй кӕй нӕ ныддиссаг кодта?
12 Чи зоны кӕмӕдӕр афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ ацы хъуыддаг Йесо ӕгӕр ныддиссаг кодта. Фӕлӕ ма ахъуыды кӕн, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл. Куыд хорз хъуамӕ зона Иегъовӕ адӕймаджы, цӕмӕй йӕ ногӕй, цыхуызӕндӕриддӕр уыд, растдӕр ахӕмӕй цардмӕ раздаха?! Иегъовӕйӕн афтӕ зынаргъ стӕм, ӕмӕ йӕ зӕрдыл дары алы гыццыл цыдӕр дӕр: нӕ туджы цы рахастам, уый дӕр ӕмӕ нӕ царды цы федтам, цы базыдтам, цы бавзӕрстам, уыцы хабӕрттӕ дӕр, нӕ царды мысинӕгтӕ иууылдӕр. Уӕдӕ Сфӕлдисӕг ӕппӕт уыдӕттӕ кӕм хъуыды кӕны, уым ын цы зонын хъӕуы, нӕ сӕрыл цал хъуыны ис, уый — иу адӕймаджы сӕрыл та рӕстӕмбис нымадӕй ис 100 мин хъуыны бӕрц. Уӕвгӕ, цӕй зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕй нын равдыста Йесо, Иегъовӕйӕн нӕ алчидӕр зынаргъ кӕй у, уый!
13. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕм Иегъовӕ хорздзинад кӕй агуры, уый паддзах Иосафаты хабарӕй куыд уынӕм?
13 Иегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый нын Библи ӕргом кӕны ӕндӕр хуызы дӕр. Иегъовӕ уыны, хорзӕй нӕм цы ис, уый, ӕмӕ йын аргъ кӕны. Цӕвиттонӕн райсӕм хорз паддзах Иосафаты хабар. Паддзах ӕнӕсӕрфат ми куы бакодта, уӕд ын Иегъовӕйы пехуымпар загъта: «Уый тыххӕй дӕм Иегъовӕ фӕфыдӕх». Ацы ныхӕстӕй паддзах ихдон бакалӕгау куыннӕ фӕци! Фӕлӕ ма йын Иегъовӕ ноджыдӕр цыдӕр зӕгъинаг уыди. Пехуымпар йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Фӕлӕ дӕм хорзӕй дӕр цыдӕр ссардта» (2 Паралипоменон 19:1—3). Кӕд Иегъовӕйы фыдӕх ӕнӕбындур нӕ уыд, уӕддӕр ӕй йӕ маст афтӕ нӕ бакуырм кодта, ӕмӕ Иосафатмӕ «хорзӕй» цы уыди, уый мауал уыдтаид. Хуыцау мах хуызӕн ӕнӕххӕст адӕймӕгты хорздзинад кӕй агуры, уый нын нӕ зӕрдӕ нӕ тавы?
«Хатыргӕнаг» Хуыцау
14. Тӕригъӕд куы ракӕнӕм, уӕд ныл цавӕр сагъӕстӕ ӕртыхсынц, фӕлӕ нын ахӕм уавӕры, Иегъовӕ хатыргӕнаг кӕй у, уый куыд фӕахъаз уыдзӕн?
14 Исты тӕригъӕд куы ракӕнӕм, уӕд нӕхимӕ ныхъхъусӕм, фырхудинагӕй нӕ цӕсгом фӕсудзы, ӕмӕ нӕм афтӕ фӕкӕсы, Иегъовӕйӕн лӕггад кӕныны аккаг никуыуал уыдзыстӕм. Фӕлӕ ма рох кӕнӕм, Иегъовӕ «хатыргӕнаг» кӕй у, уый (Псалом 86:5, НД [85:5]). О, нӕ тӕригъӕдтыл куы ӕрфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ дыккаг хатт афтӕ мауал бакӕнӕм, ууыл куы архайӕм, уӕд нын, Иегъовӕ хатыргӕнаг кӕй у, уый стыр ахъаз фӕуыдзӕн. Ӕркӕсӕм Библимӕ ӕмӕ фенӕм, Иегъовӕйы уарзондзинад йӕ удыхъӕды ацы диссаджы фӕзилӕны куыд зыны, уымӕ.
15. Иегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ куыд дард ахӕссы?
15 Иегъовӕ куыд хатыр кӕны, уый равдисынӕн псаломзарӕггӕнӕг Давид ӕрхаста цӕстуынгӕ цӕвиттон: «Куыд дард у скӕсӕн ныгуылӕнӕй, афтӕ адард кодта Уый махӕй не ’нӕзакъондзинӕдтӕ» (зулаив ӕй нӕхӕдӕг ныффыстам; Псалом 102:12). Кӕм ис скӕсӕн ӕмӕ кӕм ис ныгуылӕн та! Зӕгъӕн ис, ӕмӕ скӕсӕн ныгуылӕнӕй алкӕддӕр уыдзӕн, гӕнӕн куыд нӕй, афтӕ дард; зӕххы уыцы дыууӕ кӕроны кӕрӕдзиуыл никуы сӕмбӕлдзысты. Библииртасӕг ахуыргӕндтӕй иу ацы хъуыды афтӕ бамбарын кодта, зӕгъгӕ, «уымӕй дарддӕр нӕй; зӕгъӕн куыд нӕй, афтӕ дард». Давиды ныхӕстӕ,— зӕгъгӕ та сӕ кодта сыгъдӕг удӕй хайджын уӕвгӕйӕ,— ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нын Иегъовӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд нын нӕ тӕригъӕдтӕ ахӕссы, зӕгъӕн куыд нӕй, афтӕ дард.
16. Иугӕр нын Иегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта, уӕд цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ йӕ цӕсты сыгъдӕг стӕм?
16 Урс дзаумайыл дын цыдӕр никуы ӕркалд, ӕмӕ стӕй йӕ ацӕуын кӕныныл никуы архайдтай? Чи зоны, ӕппӕт дӕр бафӕлвӕрдтай, фӕлӕ * (Исай 1:18). Махӕн нӕхи бон никуы бауыдзӕн тӕригъӕды фӕд ссӕуын кӕнын. Фӕлӕ Иегъовӕйӕн у йӕ бон, нӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид кӕнӕ тарсырх куы уой, уӕддӕр сӕ митау кӕнӕ ӕнӕахуырст къуымбилау урс фестын кӕнын. Уӕдӕ нын иугӕр Иегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны, уӕд нӕм хъуамӕ афтӕ мауал кӕса, ӕмӕ уӕддӕр уыцы тӕригъӕдты фӕд, цалынмӕ цӕрӕм, уӕдмӕ бӕрӕг дардзӕн.
уӕддӕр йӕ фӕд баззад. Ныр ма дӕ хъус ӕрдар, Иегъовӕйӕн йӕ бон цас у хатыр кӕнын, уымӕ: «Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой, уӕддӕр уын митау урс фестдзысты; тарсырх хъуымацы хуызӕн куы уой, уӕд къуымбилы хуызӕн фестдзысты»17. Иегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ йӕ фӕсчъылдым цы хуызы фехсы?
17 Езеки мӕлӕтдзаг низӕй куы фервӕзт, уӕд Иегъовӕйӕ афтӕ бузныг уыди, ӕмӕ ныффыста зӕрдӕмӕхъаргӕ зарӕг; уым ис ахӕм ныхӕстӕ: «Ме ’ппӕт тӕригъӕдтӕ дӕр мын ды дӕ фӕсчъылдым фехстай» (Исай 38:17). Ацы стихы Иегъовӕ нӕ разы ахӕм хуызы сысты, цыма, чи ӕрфӕсмон кӕны, уымӕн йӕ тӕригъӕдтӕ райсы ӕмӕ сӕ йӕ фӕсчъылдым фехсы, уынгӕ дӕр сӕ куыннӕуал кӕна ӕмӕ хъуыды дӕр. Иу бӕрӕгуатмӕ гӕсгӕ ма ацы хъуыды зӕгъӕн ис афтӕ дӕр: «Ды афтӕ бакодтай, цыма [мӕ тӕригъӕдтӕ] уӕвгӕ дӕр нӕ уыдысты». Куыннӕ нын тавы уый нӕ зӕрдӕ?
18. Иегъовӕ нын куы ныххатыр кӕны, уӕд нын нӕ тӕригъӕдтӕ, сӕ кой дӕр куыд никуыуал уа, афтӕ кӕй фесафы, уый Михейы ныхӕстӕй куыд бӕрӕг у?
18 Израилы адӕм сӕ фыдӕлты зӕхмӕ кӕй ӕрыздӕхдзысты, уый тыххӕй дзургӕйӕ пехуымпар Михей фидарӕй загъта, Иегъовӕ кӕй ныххатыр кӕндзӕн, йӕ адӕмӕй чи ӕрфӕсмон кӕна, уыдонӕн: «Кӕм ис дӕ хуызӕн Хуыцау... йӕ бынтӕй ма чи баззад, уыдонӕн сӕ фыдракӕнды иувӕрсты чи ацӕуы? [...] Ды сын нывзилдзынӕ се ’ппӕт тӕригъӕдтӕ дӕр денджызы ӕрфытӕм» (Михей 7:18, 19). Ахъуыды ма кӕн, ацы ныхӕстӕ уӕды заманы цӕрӕг адӕмӕн цӕуыл дзурӕг уыдысты. «Денджызы ӕрфытӕм» цы ӕрцыдаид ӕппӕрст, уымӕн ма сисӕн уыдаид? Уӕдӕ Михейы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нын Иегъовӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд нын нӕ тӕригъӕдтӕ, сӕ кой дӕр куыд никуыуал уа, афтӕ фесафы.
«Нӕ Хуыцау тынг тӕригъӕдгӕнаг у»
19, 20. а) Цы амоны «фӕлмӕнзӕрдӕ уын» кӕнӕ «тӕригъӕд кӕнынӕй» ивд дзуттаг мивдисӕг? ӕ) Мад йӕ хъӕбулыл зӕрдӕйӕ куыд у, уый кой кӕнгӕйӕ нын Библи куыд ӕххуыс кӕны, Иегъовӕ куыд тӕригъӕдгӕнаг у, уый бамбарынӕн?
19 Иегъовӕйы уарзондзинад зыны, тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уымӕй дӕр. Цы у тӕригъӕд кӕнын? Библийы тӕригъӕд кӕнын тынг ӕввахс лӕууы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ. Тӕригъӕд кӕнынмӕ амонынц цалдӕр рагон дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырды. Зӕгъӕм, рагон дзуттаг мивдисӕг «ra·chamʹ» арӕх ивд ӕрцӕуы «фӕлмӕнзӕрдӕ уын» кӕнӕ «тӕригъӕд кӕнын»-ӕй. Ацы дзуттаг дзырд — Иегъовӕ дзы пайда кӕны йӕхи кой кӕнгӕйӕ,— тынг хӕстӕг лӕууы дзырд «хуылф»-мӕ ӕмӕ йӕ хъуыды у, «мад йӕ хъӕбулӕн куыд тӕригъӕд кӕны, уый».
20 Мад йӕ хъӕбулыл зӕрдӕйӕ куыд у, уый кой кӕнгӕйӕ нын Библи ӕххуыс кӕны, Иегъовӕ куыд тӕригъӕдгӕнаг у, уый бамбарынӕн. Исай 49:15 нын дзуры: «Мад йӕ дзидзидай сывӕллоны искуы ферох кӕндзӕн, нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн [ra·chamʹ] йӕ лӕппуйӕн, йӕ гуыбыны кӕй фӕхаста, уымӕн? Фӕлӕ кӕд уымӕн йӕ бон у ферох кӕнын, уӕддӕр дӕ ӕз нӕ ферох кӕндзынӕн». Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ мад йӕ дзидзидай сывӕллоны ферох кӕна — мады ӕхсыр ӕмӕ йӕ мады рӕвдыдӕй ӕнӕхай фӕкӕна?! Ноггуырд саби вӕййы ӕнӕбон; ӕхсӕв дӕр ӕмӕ йӕм бон дӕр кӕсын хъӕуы, йӕ мад йӕ фарсмӕ хъуамӕ уа. Хъыгагӕн, мад йӕ хъӕбулы кӕй ныууадзы, уый диссаг нал у — уӕлдайдӕр ацы «уӕззау рӕстӕджыты» (2 Тимофеймӕ 3:1, 3). «Фӕлӕ дӕ ӕз,— дзуры Иегъовӕ,— нӕ ферох кӕндзынӕн». Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл куыд зӕрдӕйӕ у, уый тыхджындӕр у, зӕххыл иууыл тыхджындӕр кӕй хонынц, уыцы тугхӕстӕг ӕнкъарӕнтӕй дӕр — мад йӕ ноггуырд хъӕбулӕн куыд фӕтӕригъӕд кӕны, уымӕй.
21, 22. Рагзаманты израилӕгтӕ Египеты цытӕ бавзӕрстой ӕмӕ сын Иегъовӕ сӕ дзыназын фехъусгӕйӕ цы сарӕзта?
21 Иегъовӕйы зӕрдӕ ныл уарзагзӕрдӕ ныййарӕгау кӕй риссы, уый цӕмӕй бӕрӕг у? Уыцы миниуӕг ирдӕй зыны, рагзаманты Израилыл куыд аудыдта, уымӕй. Н. э. агъоммӕ 16 ӕнусы кӕрон, сӕ нымӕц цалдӕр милуаны кӕмӕн уыди, уыцы израилӕгтыл Египеты цагъайраджы уӕззау ӕфсондз ӕркодтой (Рацыд 1:11, 14). Сӕ тыхстӕй израилӕгтӕ дзынӕзтой Иегъовӕмӕ. Цыхуызӕнӕй равдыста йӕхи тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау?
22 Иегъовӕйы зӕрдӕ фӕрыст сӕ тӕригъӕдӕй. Мӕнӕ цы загъта: «Ӕз федтон мӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕ Египеты ӕмӕ мӕм фехъуыст сӕ дзыназын... Зонын ӕй, куыд удхар кӕнынц» (Рацыд 3:7). Иегъовӕйӕн йӕ бон нӕ уыд йӕ адӕмы дудгӕбӕттӕм ӕмӕ дзыназынмӕ ӕнцад кӕсын. Иегъовӕ Хуыцауы зӕрдӕ риссаг у. Ӕмӕ зӕрдӕ искӕуыл рисса, ома искӕй рис ӕмбарай, уый та тынг ӕввахс лӕууы тӕригъӕд кӕнынмӕ. Фӕлӕ Иегъовӕйӕн йӕ адӕмыл йӕ зӕрдӕ ӕнӕуи нӕ рыст — хъуыддагӕй сын баххуыс кодта. Исайы 63:9 кӕсӕм: «Кӕй сӕ уарзта ӕмӕ сын кӕй тӕригъӕд кодта, уый тыххӕй сӕ йӕхӕдӕг фӕстӕмӕ балхӕдта». Израилӕгты йӕ «фидар къухӕй» ракодта Египетӕй (Дыккаг закъон 4:34). Уымӕй фӕстӕмӕ ма сын уӕларвӕй алӕмӕты хӕринаг дӕр лӕвӕрдта, стӕй сӕ хъӕздыг зӕхмӕ бакодта, цӕрут дзы, зӕгъгӕ.
23. а) Иегъовӕйӕн нӕ алчидӕр зынаргъ кӕй у, уый псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕй куыд бӕрӕг у? ӕ) Иегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны?
23 Иегъовӕйы зӕрдӕ йӕ адӕмыл ӕрмӕст ӕмткӕй райсгӕйӕ нӕ риссы. Алчидӕр нӕ у зынаргъ нӕ уарзагзӕрдӕ Хуыцауӕн. Цыфӕнды фыдӕвзарӕны ма бахауӕм,— зоны йӕ. «Хицауы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ Йӕ хъустӕ — сӕ дзыназынмӕ. Хӕстӕг у Хицау саст зӕрдӕтӕм ӕмӕ удӕй сабырты ирвӕзын кӕндзӕн»,— загъта псаломзарӕггӕнӕг (Псалом 33:16, 19). Иегъовӕ нӕ алкӕмӕндӕр хицӕнӕй куыд ӕххуыс кӕны? Ӕнӕмӕнг афтӕ нӕ, ӕмӕ нӕ нӕ хъизӕмӕрттӕй бынтондӕр фервӕзын кӕна. Фӕлӕ йӕм ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыдонӕн фидар лӕууынӕн дӕтты фагӕй уӕлдай дӕр. Йӕ Ныхасы ис, чи нын фӕахъаз вӕййы, ахӕм хорз уынаффӕтӕ. Уӕдӕ ӕмбырды та сӕвӕрдта уырнындзинады фӕлтӕрд цӕстдарджыты, ӕмӕ уыдон дӕр Иегъовӕйау фӕлмӕнзӕрдӕйӕ архайынц иннӕтӕн баххуыс кӕныныл (Иаковы 5:14, 15). Иегъовӕ «хъусы кувын», ӕмӕ «ратты Сыгъдӕг Уды, уымӕй чи кура, уыдонӕн» (Псалом 64:3; Лукайы 11:13). Ӕппӕт адӕттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ «нӕ Хуыцау тынг тӕригъӕдгӕнаг у» (Лукайы 1:78, НД).
24. Иегъовӕйы уарзондзинадӕн куыд саргъ кӕндзынӕ?
24 Нӕ уӕларвон Фыды уарзондзинадыл хъуыды кӕнын нын ӕхсызгон нӕу, нӕ зӕрдӕ нын нӕ агайы? Айразмӕ статьяйы нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтам, Иегъовӕ йӕ тых, йӕ рӕстдзинад ӕмӕ йӕ зондӕй нӕ фарнӕн куыд уарзгӕйӕ архайы, уый. Ацы статьяйы та федтам, Иегъовӕ, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм уарзондзинад кӕй ӕвдисы ӕппӕт адӕммӕ дӕр — ӕмӕ махӕй алкӕмӕдӕр. Ныр та хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: Иегъовӕйы уарзондзинадӕн ӕз куыд саргъ кӕндзынӕн? Уадз афтӕ уӕд, ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт зондӕй, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт тыхӕй куыд уарзай (Маркы 12:29, 30). Уадз ӕмӕ алы бон дӕр куыд цӕрыс, уымӕй бӕрӕг уӕд, дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр, Иегъовӕмӕ ӕввахсдӕр куыд уай, уымӕ кӕй тырны. Ӕмӕ дӕм уадз Иегъовӕ, уарзондзинад чи у, уыцы Хуыцау, ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕд ӕгас ӕнусты дӕр! (Иаковы 4:8).
[Фиппаинаг]
^ 16 абз. Иу ахуыргонды хъуыдымӕ гӕсгӕ ацы стихы цы «сырх-сырхид» хуызы кой цӕуы, уый «уыди, чи нӕ ивта ӕмӕ тынг бирӕ чи лӕууыд, ахӕм ахорӕн. Ахӕм ахорӕнӕй ахуырст хъуымац йӕ хуыз нӕдӕр къӕвдайӕ ивта, нӕдӕр ӕртӕхӕй, нӕдӕр фырӕхсадӕй ӕмӕ нӕдӕр фырдардӕй».
Бахъуыды кодтай?
• Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ Иегъовӕйы миниуджытӕн сӕрӕвӕрӕн у уарзондзинад?
• Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Иегъовӕ йӕ Фырты мах сӕрвӕлтау хъизӕмар ӕмӕ мӕлӕтмӕ кӕй радта, уый у уарзондзинады иууыл стырдӕр бӕлвырдгӕнӕн?
• Иегъовӕ нӕ алкӕй дӕр кӕй уарзы, уый нын куыд ӕвдисы?
• Иегъовӕ куыд хатыргӕнаг у, уый нын Библи цавӕр цардӕгас нывтӕй ӕвдисы?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 28, 29 фарсыл]
«Сымах зынаргъдӕр стут бирӕ сырддонцъиутӕй».
[Барлӕвӕрдӕй]
© J. Heidecker/VIREO