Ӕнӕ уарзондзинадӕй цӕрӕн нӕй
Ӕнӕ уарзондзинадӕй цӕрӕн нӕй
АЛЫ адӕймаджы дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ уарзой, цасфӕнды йыл ма цӕуа, цавӕрфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, цыфӕнды ӕвзагыл ма дзура кӕнӕ цыфӕнды расӕйӕ ма уа, уӕддӕр. Уый куы нӕ банкъары, уӕд амондджын нӕ вӕййы. Медицинӕйы хъуыддӕгтӕ чи иртасы, иу ахӕм нӕлгоймаг фыста: «Уарзондзинад ӕмӕ хӕлардзинад кӕм нӕй, уым вӕййы низтӕ, ӕрхӕндӕг цард ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ, уарзондзинад ӕмӕ хӕлардзинад кӕм ис, уым та — ӕнӕниздзинад, цин ӕмӕ амонд. Уарзондзинад ӕмӕ хӕлардзинадау чи ӕххуыс кӕнид, ахӕм хос куы ӕрымысиккой, уӕд нӕ бӕстӕйы цыдӕриддӕр дохтыртӕ ис, уыдонӕй йӕ алчидӕр йӕ рынчынтӕн рафыссид. Стыр фыдракӕнд дӕр уаид, куы нӕ-иу ӕй рафыссиккой».
Фӕлӕ абоны ӕхсӕнады — уӕлдайдӕр та хабархӕссӕг фӕрӕзтӕ ӕмӕ зындгонд адӕм — фылдӕр дзурынц, уд кӕмӕй тӕфсы, ахӕм ахастытыл нӕ, фӕлӕ хъӕздыгдзинадыл, стыр бынат скӕныныл, кадыл ӕмӕ буары монцтӕ кӕмӕй суадзой, ахӕм хъуыддӕгтыл. Ахуыргӕнджытӕй бирӕтӕ сӕ ахуыргӕнинӕгты разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй сӕйраджыдӕр стыр адӕймӕгтӕ суой, зӕгъгӕ, уый уӕ къухы куы бафта, уӕд уӕ цард ацыд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаг сахуыр кӕна ӕмӕ йӕ курдиӕттӕ райрӕзын кӕна, уый ӕнӕмӕнг хъӕуы, фӕлӕ цымӕ уыцы хъуыддӕгты афтӕ хъуамӕ аныгъуыла, ӕмӕ йӕ бинонтӕ ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕн рӕстӕг мауал ара? Рагзаманты чи цард ӕмӕ адӕймаджы миддуне хорз чи зыдта, иу ахӕм стыр ахуыргонд фыссӕг курдиатджын, фӕлӕ уарзын йӕ бон кӕмӕн нӕу, ахӕм адӕймаджы абарста «зылланггӕнӕг ӕрхуы, кӕнӕ зӕлтӕ дӕттӕг цӕгъдӕн кимвалимӕ» (1 Коринфӕгтӕм 13:1). Ахӕм адӕмӕн сӕ бон у, ӕмӕ суой хъӕздыг, сӕ ном, гӕнӕн ис, дӕрдтыл дӕр айхъуыса, фӕлӕ ӕцӕг амондджын никуы уыдзысты.
Йесо Чырыстийӕн — адӕмы иттӕг хорз чи ӕмбӕрста ӕмӕ сӕ тынг чи уарзта — йӕ ахуырӕдты апп уыди Хуыцауы ӕмӕ адӕмы уарзын. Уый загъта: «Бауарз дӕ Хицау Хуыцауы [«Иегъовӕйы», НД] дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕмӕ дӕ ӕппӕт удӕй, ӕмӕ дӕ ӕппӕт зондӕй... бауарз дӕ хӕстӕджы, дӕхи хуызӕн» (Матфейы 22:37—39). Ацы ныхӕстӕ чи ӕххӕст кодтаид, ӕрмӕстдӕр уыдон уыдаиккой Йесойы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ. Уымӕ гӕсгӕ загъта: «Уымӕй уӕ базондзысты иууылдӕр, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уӕ кӕрӕдзи куы уарзат» (Иоанны 13:35, НФ).
Уӕдӕ абоны дунейы адӕймаг уарзын куыд хъуамӕ сахуыр уа? Ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ бон цы у саразын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты удыхъӕды уарзондзинад бавӕрой? Иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн ацы фарстытыл.
[Нывтӕ 3 фарсыл]
Зын у зыд ӕмӕ кӕрӕф дунейы уарзын ахуыр кӕнын.