Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕппӕты стырдӕр уарзт

Ӕппӕты стырдӕр уарзт

Ӕппӕты стырдӕр уарзт

ЧРЫСТОН Грекъаг Фыстыты, кӕнӕ Ног Фӕдзӕхсты грекъаг дзырд ага́пи фылдӕр хатт тӕлмац у дзырд «уарзондзинадӕй».

Ацы дзырды нысаниуӕг чиныг «Фыстады ӕмбарынад» * (англ.) амоны афтӕ: «[Ага́пи] нӕу, адӕймаджы зӕрдӕйы ӕндӕр адӕймагмӕ йӕхигъӕдӕй цы ӕнкъарӕн фӕзыны, уый, кӕд ӕй бирӕтӕ афтӕ ӕмбарынц, уӕддӕр. Уый ахӕм уарзондзинад у, ӕмӕ йыл хъӕуы кусын, адӕймаг ӕй йӕхицӕн нымайы хӕсыл, баст у зондыл, ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдауыл; раст цы у, уымӕ гӕсгӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ архайы иннӕтӕн хорз ракӕныныл. Ага́пи (уарзондзинад) тыхджындӕр у, адӕймагӕн искӕмӕ цы хӕрамдзинад вӕййы, уымӕй, ӕмӕ йӕ нӕ уадзы рӕстдзинады сӕрты хизын ӕмӕ йӕ масты фӕдыл цӕуын».

Ага́пи ма ноджыдӕр амоны зӕрдӕйы арфӕй цӕуӕг ӕнкъарӕнмӕ. «Уӕ кӕрӕдзи зӕрдиагӕй уарзут [ага́пи]»,— загъта апостол Петр (1 Петры 4:8, НФ). Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ага́пи ӕрмӕст зондӕй нӕ цӕуы, фӕлӕ ма зӕрдӕйӕ дӕр. Хорз уаид равзарын, ӕппӕты стырдӕр уарзтӕн цы тых ис ӕмӕ кӕйонг ӕххӕссы, уый ӕвдисӕг цалдӕр стихы. Зӕгъӕм, Библийӕ мӕнӕ ацы бынӕттӕ: Матфейы 5:43—47; Иоанны 15:12, 13; Ромӕгтӕм 13:8—10; Ефесӕгтӕм 5:2, 25, 28; 1 Иоанны 3:15—18; 4:16—21.

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.