Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы бон ӕввахс кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕммӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

Иегъовӕйы бон ӕввахс кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕммӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

Иегъовӕйы бон ӕввахс кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕммӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

«Хицау [«Иегъовӕ», НД] фӕстиат нӕ кӕны сӕххӕст кӕнынмӕ зӕрдӕвӕрды... фӕлӕ нын бирӕ быхсы, нӕ Йӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ цӕмӕй иуылдӕр ӕрцӕуой фӕсмонмӕ» (2 ПЕТРЫ 3:9).

1, 2. а) Иегъовӕ адӕммӕ абон цы цӕстӕй кӕсы? ӕ) Цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

ИЕГЪОВӔЙЫ лӕггадгӕнджытыл ис хӕс — «цӕттӕ кӕнын ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй дӕр» (Матфейы 28:19, НД). Ацы хӕслӕвӕрд ӕххӕстгӕнгӕйӕ ӕмӕ «Иегъовӕйы стыр бонмӕ» ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ адӕммӕ хъуамӕ кӕсӕм Иегъовӕйы цӕстӕй (Софони 1:14). Ӕмӕ сӕм Иегъовӕ та цы цӕстӕй кӕсы? Апостол Петр афтӕ зӕгъы: «Хицау [«Иегъовӕ», НД] фӕстиат нӕ кӕны сӕххӕст кӕнынмӕ зӕрдӕвӕрды, иуӕй-иутӕ куыд нымайынц уый фӕстиатыл; фӕлӕ нын бирӕ быхсы, нӕ Йӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ цӕмӕй иуылдӕр ӕрцӕуой фӕсмонмӕ» (2 Петры 3:9). Хуыцау алкӕйдӕр нымайы, чи ӕрфӕсмон кӕндзӕн, ахӕм адӕймагыл. Уый «фӕнды, цӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕ фервӕзой ӕмӕ бахӕццӕ уой ӕцӕгдзинад [«ӕцӕгад», НФ] базонынмӕ» (1 Тимофеймӕ 2:4). Иегъовӕйӕн куыд ӕхсызгон вӕййы, «фыдгӕнӕг йӕ фӕндаг [куы] ныууадзы ӕмӕ удӕгасӕй [куы] баззайы»! (Иезекил 33:11).

2 Адӕммӕ Иегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, мах дӕр сӕм ахӕм цӕстӕй кӕсӕм? Уыйау алы адӕймагмӕ дӕр — цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, сау уа ӕви урс — ахӕм цӕстӕй кӕсӕм, зӕгъгӕ, искуы йӕ «хизӕнуаты фыстӕй» суыдзӕн? (Псалом 99:3; Куыстытӕ 10:34, 35). Иннӕтӕм Хуыцауы цӕстӕй кӕсын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй ӕркӕсӕм дыууӕ цӕвиттонмӕ. Дыууӕйы дӕр ныхас цӕуы, адӕммӕ стыр бӕллӕх кӕй ӕнхъӕлмӕ каст ӕмӕ уыцы хабар Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй зыдтой, уый тыххӕй. Мах Иегъовӕйы стыр бонмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уымӕ гӕсгӕ нын ацы цӕвиттонтӕ уӕлдай хъуыдыйаг сты.

Авраам адӕммӕ каст Иегъовӕйы цӕстӕй

3. Содом ӕмӕ Гоморры цӕрджытӕм Иегъовӕ цы цӕстӕй каст?

3 Фыццаг цӕвиттоны дзырд цӕуы дзуттӕгты рагфыдӕл, иузӕрдион лӕг Авраамыл ӕмӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйы быныхӕлд сахартыл. Иегъовӕ уый куы фехъуыста, ӕмӕ адӕм «Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕ тынг хъаст кӕнынц», уӕд уыцы сахартӕ ӕмӕ сын сӕ цӕрджыты уайтӕккӕ нӕ фесӕфта. Фӕлӕ уал сын раздӕр сӕ хъуыддӕгтӕм ӕркаст (Уӕвынад 18:20, 21). Содоммӕ дыууӕ зӕды арвыста, ӕмӕ уыдон ӕрфысым кодтой рӕстаг лӕг Лотмӕ. Зӕдтӕ цы бон ӕрцыдысты, уыцы бон изӕрӕй «сахары нӕлгоймӕгтӕ... ӕвзонгӕй-зӕрондӕй, иууылдӕр ӕрӕмбырд сты хӕдзары алыварс» — фӕндыдис сӕ зӕдтӕн тыхми бакӕнын. Уыцы сахары цӕрджыты зӕрдӕтӕ ахӕм цъаммар митӕ кӕй агуырдтой, уымӕй рабӕрӕг, сахар сафинаг кӕй уыд. Фӕлӕ зӕдтӕ уӕддӕр Лотӕн загътой: «Ам ма дын исчи ис? Дӕ сиӕхстӕ, дӕ фырттӕ, дӕ чызджытӕ ӕмӕ ма дын сахары чидӕриддӕр ис, уыдоны ардыгӕй акӕн!» Иегъовӕйы фӕндыд уыцы сахары цӕрджытӕй искӕй фервӕзын кӕнын, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр Лот ӕмӕ йӕ дыууӕ чызджы баззадысты удӕгасӕй (Уӕвынад 19:4, 5, 12, 16, 23—26).

4, 5. Авраам Иегъовӕйӕн Содомы цӕрджыты тыххӕй цӕмӕн лӕгъстӕ кодта ӕмӕ уый дӕр адӕммӕ Иегъовӕйы цӕстӕй каст?

4 Ныр та аныхас кӕнӕм уый размӕ хабӕрттыл, Иегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморры цӕрджыты хъуыддӕгтӕм ӕркӕсынвӕнд кӕй скодта, уый куы раргом кодта. Гъе уыцы рӕстӕг Авраам Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕныныл фӕци: «Чи зоны, уыцы сахары ис фӕндзай рӕстгӕнӕджы. Ау, уӕд сӕ бабын кӕндзынӕ ӕмӕ ацы бынатыл, цы фӕндзай рӕстгӕнӕджы дзы цӕры, уыдоны тыххӕй нӕ бацауӕрддзынӕ? Нӕ, нӕ мӕ уырны, ӕмӕ ды раст лӕджы фыдгӕнӕгимӕ фесафай ӕмӕ фыдгӕнӕджы сӕр цы баййафа, уый рӕстгӕнӕджы сӕр дӕр баййафа! Нӕ, нӕ мӕ уырны, ӕмӕ ды афтӕ бакӕнай. Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг, раст цы нӕу, уый бакӕна?» Авраам дыууӕ хатты загъта, зӕгъгӕ, «нӕ, нӕ мӕ уырны». Авраам йӕхи цардӕй зыдта, Иегъовӕ рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ кӕй нӕ фесафдзӕн. Ӕмӕ йын куы загъта, зӕгъгӕ, Содомы сахары фӕндзай рӕстгӕнӕджы куы ссара, уӕд ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн, уӕд ӕм Авраам дарддӕр хатын байдыдта, цалынмӕ Иегъовӕ не сразы, Содом дӕс рӕстгӕнӕджы тыххӕй дӕр кӕй ныууадздзӕн (Уӕвынад 18:22—33).

5 Цымӕ Авраам адӕммӕ Иегъовӕйы цӕстӕй куы нӕ кастаид, уӕд ын уый йӕ лӕгъстӕтӕм байхъуыстаид? Кӕй зӕгъын хъӕуы, нӕ. Авраам уыд «Хуыцауы хӕлар» ӕмӕ зыдта, Хуыцау адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый, ӕмӕ сӕм йӕхӕдӕг дӕр ахӕм цӕстӕй каст (Иаковы 2:23). Иегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕмӕ йе ’ргом куы аздӕхта, уӕд Авраамы лӕгъстӕтӕ нӕ ферох кодта. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыды «нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ цӕмӕй иуылдӕр ӕрцӕуой фӕсмонмӕ».

Ионӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй каст адӕммӕ

6. Ионӕ ниневийӕгтӕн цы хъусын кодта, уый сыл куыд бандӕвта?

6 Ныр та ӕркӕсӕм дыккаг цӕвиттонмӕ — Ионӕйы хабармӕ. Ацы хатт та хъуамӕ Ниневийы сахар бабын уыдаид. Пехуымпар Ионӕ хъуамӕ сахары цӕрджытӕн хъусын кодтаид, зӕгъгӕ, уе ’взӕрдзинӕдтӕ Хуыцауы «цӕсгомы размӕ ӕрцыдысты» (Ионӕ 1:2) *. Ниневи йӕ алфамбылай хъӕутимӕ уыд тынг стыр сахар, «ӕртӕ боны цыд». Ионӕ фӕстагмӕ Иегъовӕмӕ куы байхъуыста ӕмӕ Ниневимӕ куы бацыд, уӕд хъусын кодта: «Дыууисӕдз боны фӕстӕ Ниневи фехӕлдзӕн». Ӕмӕ йӕ ныхӕстӕй, «Ниневийы адӕмы бауырныдта Хуыцау, ӕмӕ бауынаффӕ кодтой ком дарын, ӕмӕ... сӕ уӕлӕ скодтой бызгъуыртӕ». Суанг ма Ниневийы паддзах дӕр ӕрфӕсмон кодта йӕ тӕригъӕдтыл (Ионӕ 3:1—6).

7. Ниневийӕгтӕ сӕ тӕригъӕдтыл куы ӕрфӕсмон кодтой, уӕд сӕм Иегъовӕ цы цӕстӕй ракаст?

7 Ниневийӕгтӕ сӕхи содомӕгты хуызӕн нӕ равдыстой — ӕрфӕсмон кодтой сӕ тӕригъӕдтыл! Цымӕ сӕм Иегъовӕ цы цӕстӕй ракаст? Ионӕйы 3:10 стихы кӕсӕм: «Аивта [«фӕфӕсмон кодта», НД] Хуыцау, уыдонӕн цы батӕрхон кодта, уыцы ӕфхӕрд, ӕмӕ не скодта». Иегъовӕ «фӕфӕсмон кодта», зӕгъгӕ, афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ ниневийӕгтӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы ныууагътой, уӕд сӕм бынтон ӕндӕр зӕрдӕ дарын кӕй райдыдта. Хуыцау цы ӕгъдӕуттӕ сфидар кодта, уыдон нӕ аивта, фӕлӕ йӕ фӕнд, уымӕн ӕмӕ федта, ниневийӕгтӕ кӕй ӕрфӕсмон кодтой (Малахи 3:6).

8. Ионӕ цӕуыл смӕсты ис?

8 Ниневийыл кӕй ницы ӕрцӕудзӕн, уый Ионӕ куы бамбӕрста, уӕд цымӕ адӕммӕ Иегъовӕйы цӕстӕй кӕсын райдыдта? Нӕ. Мах кӕсӕм: «Ай Йонӕйӕн иттӕг хъыг уыди, ӕмӕ уый зӕрдӕйӕ смӕсты и». Ионӕ ма ноджыдӕр цы бакодта? Библийы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй «скуывта Йегъовӕмӕ, ӕмӕ загъта: о Йегъовӕ! Ай нӕ хъуыды кодтон нӕ, мӕ бӕсты ма куы уыдтӕн, уӕд? Фыццаг дӕр ӕз уый тыххӕй алыгътӕн Фарсисмӕ; цӕмӕйдӕриддӕр зыдтон ӕз, Ды лӕгуарзаг ӕмӕ хорззӕрдӕджын, бирӕбарӕг ӕмӕ бирӕхорзӕхджын Хуыцау кӕй дӕ, ӕмӕ Дӕ ӕфхӕрын кӕй нӕ фӕнды, уый» (Ионӕ 4:1, 2). Ионӕ зыдта Иегъовӕйы миниуджытӕ. Фӕлӕ уӕддӕр рамӕсты ӕмӕ кӕд ниневийӕгтӕ ӕрфӕсмон кодтой, уӕддӕр сӕм Хуыцауы цӕстӕй нӕ ракаст.

9, 10. а) Иегъовӕ Ионӕйӕн зонд куыд бацамыдта? ӕ) Ионӕ ниневийӕгтӕм Иегъовӕйы цӕстӕй кӕй ракаст, уый зӕгъӕн цӕмӕн ис?

9 Ионӕ Ниневийӕ рацыд, йӕхицӕн халагъуд сарӕзта, ӕмӕ йӕ аууоны ӕрбадт, «сахарӕн цы уыдзӕн, уый цӕмӕй фена». Иегъовӕ нас сзайын кодта, Ионӕйӕн аууон куыд уыдаид. Фӕлӕ дыккаг бон нас бахус. Ионӕ ууыл куы смӕсты, уӕд ын Иегъовӕ загъта: «Ды хъыг кӕныс насы тыххӕй... Мӕнмӕ та тӕригъӕд нӕ кӕсы, мыййаг, ацы стыр сахар Ниневи, кӕцыйы ссӕдз ӕмӕ фондзыссӕдз мин адӕмы ис, кӕцытӕ сӕ рахиз къух сӕ галиу къухӕй ӕвзарын нӕ фӕразынц, ӕмӕ бирӕ стуртӕ кӕм ис?» (Ионӕ 4:5—11). Куыд хорз зондзонӕн уыди уый Ионӕйӕн, Иегъовӕ адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый бамбарынӕн!

10 Хуыцау Ионӕйӕн куы загъта, зӕгъгӕ, Ниневийы цӕрджытӕн фӕтӕригъӕд кодтон, уӕд ын уый йӕ зӕрдӕйы цавӕр ӕнкъарӕнтӕ сӕвзӕрын кодта, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Фӕлӕ бӕлвырд у иу хъуыддаг: чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы ниневийӕгтӕм раздӕры хуызӕн нал каст. Афтӕ зӕгъӕн та уымӕн ис, ӕмӕ ацы хабӕрттӕ Иегъовӕ Ионӕйӕн йӕхицӕн ныффыссын кодта.

Ды та цы цӕстӕй кӕсыс адӕммӕ?

11. Абон зӕххыл цы адӕм ис, уыдонмӕ Авраам цымӕ цы цӕстӕй кӕсид?

11 Абон та адӕммӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕндӕр бӕллӕх — ацы мӕнгард дуне фесӕфдзӕн Иегъовӕйы стыр бон (Лукайы 17:26—30; Галатӕгтӕм 1:4, НФ; 2 Петры 3:10). Тагъд чи сӕфдзӕн, уыцы дунейы цӕрӕг адӕммӕ цымӕ Авраам цы цӕстӕй кастаид? «Паддзахады Евангели» чи нӕма фехъуыста, уыдоныл йӕ зӕрдӕ куыннӕ рыстаид (Матфейы 24:14). Авраам цалдӕр хатты ныллӕгъстӕ кодта Хуыцауӕн, зӕгъгӕ, чи зоны ма Содомы рӕстгӕнджытӕ разынид. Алчи дӕр ма нӕ ахъуыды кӕнӕд: ӕз дӕр тыхсын, ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕныны фадат ма куы уаид, уӕд Сайтаны дунейӕ чи рацӕуид, уыцы адӕмыл? (1 Иоанны 5:19; Раргомад 18:2—4).

12. Хуыцауы Паддзахады хабар кӕмӕ хӕссӕм, уыдонмӕ Ионӕйы цӕстӕй ракӕсынӕй тӕссаг цӕмӕн у, ӕмӕ нӕ цы бакӕнын хъӕудзӕн, афтӕ куы рауайа, уӕд?

12 Ацы фыддунейы кӕронмӕ ӕнӕрхъӕцӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уый хорз у (Аввакум 1:2, 3). Фӕлӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг, Ионӕйы зондыл цӕуын райдайа: чи ӕрфӕсмон кӕнид, уыдон ӕм нымады дӕр ма уой. Уӕлдайдӕр та, Хуыцауы Паддзахады хабар кӕмӕ хӕссӕм, уыдон ныл ӕдзух сӕ былтӕ куы фӕкъуырынц, нӕ ныхмӕ куы фӕдзурынц, суанг хылӕввонг дӕр куы ӕрцӕуынц, уӕд. Афтӕмӕй нӕ, чи зоны, айрох уой, Иегъовӕ ма ацы цъаммар дунейӕ кӕй ракӕндзӕн, уыцы адӕм (Ромӕгтӕм 2:4). Нӕ зӕрдӕмӕ арф ныккӕсгӕйӕ куы бафиппайӕм, Ионӕ ниневийӕгтӕм райдианы цы цӕстӕй каст, мах дӕр адӕммӕ афтӕ кӕсын кӕй райдыдтам, уӕд Иегъовӕйӕ курӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна нӕ цӕстӕнгас сраст кӕнынӕн.

13. Абон зӕххыл цы адӕм цӕры, уыдон Иегъовӕйӕн уӕлдайаг кӕй не сты, уый зӕгъӕн цӕмӕн ис?

13 Иегъовӕйӕн уӕлдайаг не сты, нырма йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыцы адӕм дӕр, ӕмӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куывдтытӕм хъусы (Матфейы 10:11). Дзырдӕн, сӕ куывдтытӕ йӕм кӕй хӕццӕ кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ «рӕстдзинад ӕрфидар кӕндзӕн» (Лукайы 18:7, 8, НД). Уымӕй уӕлдай ма, Иегъовӕ йӕ рӕстӕгыл сӕххӕст кӕндзӕн йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ӕмӕ йӕ фӕндтӕ иууылдӕр (Аввакум 2:3). Уыцы хъуыддӕгтӕй сӕ иу у, зӕххӕй фыддзинад кӕй фесафдзӕн: Ниневийы цӕрджытӕ фӕстӕмӕ тӕригъӕдты куы аныгъуылдысты, уӕд ӕй куыд фесӕфта, раст афтӕ (Наум 3:5—7).

14. Иегъовӕйы стыр боны ’рцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ цы хъуамӕ аразӕм?

14 Цалынмӕ ацы фыддунейӕн Иегъовӕйы бон йӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ алцӕмӕндӕр быхсдзыстӕм ӕмӕ йын йӕ фӕндон зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕндзыстӕм? Иегъовӕйы боны ’рцыдмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг кӕй онг анхъӕвздзӕн, уый бӕлвырд нӕ зонӕм, фӕлӕ уый зонӕм, ӕмӕ цалынмӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ Паддзахады хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕппӕт зӕххыл, Хуыцауы куыд фӕнды, афтӕ. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, Иегъовӕ ма йӕ хӕдзар кадӕй дзаггӕнгӕйӕ цы «хӕзнатӕ» ӕрбакӕндзӕн, уыдоныл (Аггей 2:7).

Адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый бӕрӕг у нӕ хъуыддӕгтӕй

15. Цӕмӕй нӕм нӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дзура хорз хабар хъусын кӕнынмӕ, уый тыххӕй цы хъӕуы?

15 Чи зоны, цӕрӕм ахӕм ран, адӕм нӕм хорз кӕм нӕ хъусынц, Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм алидзынӕн та нӕ нӕ фадӕттӕ нӕ амонынц. Зӕгъӕм, цы горӕты кӕнӕ цы хъӕуы цӕрӕм, уым ма ацы дунейы кӕронмӕ кӕд дӕс адӕймаджы ссарӕн ис, уӕд уыдон уый аргъ не сты, ӕмӕ сӕ агурӕм? Йесо адӕмӕн «тӕригъӕд кодта», «ӕнӕфыййау фыстау, фӕллад ӕмӕ хӕлиу кӕй уыдысты, уый тыххӕй» (Матфейы 9:36, НФ). Библи куы ахуыр кӕнӕм, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!» лӕмбынӕг куы кӕсӕм, уӕд хуыздӕр ӕмбардзыстӕм ацы дунейы уӕззау уавӕр. Ӕмӕ нӕм афтӕмӕй та нӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дзурдзӕн, хорз хабар хъусын кӕнын нӕ кӕй хъӕуы. Уымӕй уӕлдай ма, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕй» Библи ӕмбарынӕн цы литературӕ исӕм, уымӕн куы аргъ кӕнӕм ӕмӕ дзы куы пайда кӕнӕм, уӕд ноджы ныфсджындӕрӕй дзурдзыстӕм, арӕх кӕм хъусын кӕнӕм, уыцы рӕтты дӕр (Матфейы 24:45—47; 2 Тимофеймӕ 3:14—17).

16. Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг куыд ис фӕхуыздӕр кӕнӕн?

16 Библийы цардхӕссӕг хабармӕ ма чи байхъусдзӕн, уыцы адӕмыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй ӕвдисдзыстӕм? Хъусын кӕнынмӕ, цы рӕстӕг сахуыр стӕм, уӕд нӕ, фӕлӕ ӕндӕр рӕстӕджы дӕр цӕудзыстӕм. Стӕй-иу адӕмимӕ нӕ ныхас уыцы иухуызонӕй нӕ, фӕлӕ ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр цӕмӕйдӕрты райдайдзыстӕм. Мыййаг, бирӕты хӕдзары нӕ баййафӕм? Кӕд о, уӕд нӕ бон у нӕ уацамынды хъуыддаг фӕхуыздӕр кӕнын: ӕндӕр рӕстӕг ӕмӕ ӕндӕр бынӕтты дӕр хъусын кӕнын. Кӕсагахсӕг кӕсаг ахсынмӕ фӕцӕуы, кӕсаг куы вӕййы, уӕд. Махӕн дӕр нӕ бон нӕу афтӕ кӕнын, монон кӕсаг ахсгӕйӕ? (Маркы 1:16—18). Зӕгъӕм, цӕуылнӕ ис, закъон бар кӕм дӕтты, уым уацамынды изӕрыгон цӕуӕн кӕнӕ телефонӕй хъусын кӕнӕн? Бирӕтӕ «кӕсаг ахсынц» хӕдтулгӕты лӕууӕндӕтты, уӕзласӕн машинӕты скъӕрджыты улӕфӕндӕтты, дуканиты, базарты ӕмӕ артаг кӕм фӕкӕнынц, уым. Мах дӕр адӕмыл Авраамы хуызӕн кӕй тыхсӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, фадат нын-иу куы фӕзына, уӕд-иу алкӕддӕр куы хъусын кӕнӕм.

17. Миссионертӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты чи лӕггад кӕны, уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ фидар кӕнӕн куыд ис?

17 Паддзахады хабар нырма бирӕтӕ нӕ фехъуыстой. Ӕмӕ уыцы адӕмыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый ӕрмӕст уацамындӕй нӕу нӕ бон ӕвдисын, фӕлӕ ма ӕндӕр хъуыддагӕй дӕр — ӕмӕ нӕ уый тыххӕй цӕуын дӕр никуыдӕм хъӕуы. Уый та куыд? Фӕсарӕнты чи лӕггад кӕны, уыцы миссионертӕй кӕнӕ ӕххӕст рӕстӕг хъусынгӕнджытӕй искӕй зоныс? Кӕд о, уӕд сӕм дӕ бон у фыстӕг ныффыссын, сӕ фыдӕбонӕн сын стыр аргъ кӕй кӕныс, уый фӕдыл. Фӕлӕ адӕмыл кӕй мӕт кӕнӕм, уымӕ ахӕм фыстӕджытӕ цы бар дарынц? Уый, ӕмӕ нӕ фыстӕджыты миссионертӕн куы арфӕ кӕнӕм, сӕ зӕрдӕтӕ сын куы фидар кӕнӕм, уӕд сын уый стыр ныфсы хос фӕуыдзӕн, ӕмӕ сӕ хъуыддаг нӕ ныууадздзысты. Уый фӕрцы та бирӕтӕ ӕцӕгад базондзысты (Тӕрхонгӕнджытӕ 11:40). Стӕй ма нӕ бон у миссионерты, ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты ӕцӕгад базонын тынг кӕй фӕнды, уыдоны тыххӕй дӕр кувын (Ефесӕгтӕм 6:18—20). Иннӕтыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый равдисынӕн ма ис иу фадат — Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты дунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ дӕттын (2 Коринфӕгтӕм 8:13, 14; 9:6, 7).

Ӕндӕр ранмӕ алидзыны фадат дын ис?

18. Иуӕй-иу чырыстӕттӕ цы аразынц, кӕм цӕрынц, уым Паддзахады хъуыддаг размӕ кӕнынӕн?

18 Паддзахады хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕттӕм Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй чи алыгъд ӕмӕ уым сӕ удыхардзӕй адӕмӕн чи ӕххуыс кӕны, уыдон хайджын сты бирӕ хорздзинӕдтӕй. Иннӕтӕ та ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕнынц, цӕмӕй сӕ бӕстӕйы цы фӕсарӕйнӕгтӕ цӕры, уыдонӕн Хуыцауы Ныхас се ’взагыл амоной. Ӕмӕ уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты фыдӕбон, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дзӕгъӕлы нӕ вӕййы. Цӕвиттонӕн, Техасы сахары (АИШ-ы) китайӕгтӕн цы авд Ӕвдисӕны хъусын кӕны, уыдонмӕ 2001 азы Хицауы ӕхсӕвӕрмӕ ӕрбацыд 114 адӕймаджы. Фӕсарӕйнӕгтӕн чи хъусын кӕны, уыдонӕн сӕ хуымтӕ сцӕттӕ сты (Матфейы 9:37, 38).

19. Кӕд Паддзахады хабар хъусын кӕныны тыххӕй ӕндӕр бӕстӕм сфӕнд кодтай ацӕуын, уӕд дӕ раздӕр цы бакӕнын хъӕуы?

19 Чи зоны дӕхицӕн ӕмӕ дӕ бинонтӕн уый фадат ис, ӕмӕ Паддзахады хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм ацӕуат. Уӕд уал фыццаг хорз уаид «ӕрбадын ӕмӕ банымайын цы уӕ бахардз кӕнын хъӕудзӕн, уыдон» (Лукайы 14:28). Уӕлдайдӕр, фӕсарӕнтӕм лидзынвӕнд чи скӕна, уый хъӕуы афтӕ бакӕнын. Йӕ зӕрды ахӕм фӕндтӕ кӕмӕн ис, уый хъӕуы ахъуыды кӕнын: мӕ бинонты дарынхъом уыдзынӕн? Визӕ мӕ куы хъӕуа, уӕд мын ӕй ратдзысты? Уыцы бӕстӕйы ӕвзаг зонын кӕнӕ мӕ йӕ сахуыр кӕнын фӕнды? Цы боныхъӕд ӕмӕ дзы цы ӕгъдӕуттӕ ис, уыдӕттӕ базыдтон? Уыцы бӕстӕйы ме ’мчырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн «зӕрдӕрухсы» хос уыдзынӕн ӕмӕ сӕ нӕ батыхсын кӕндзынӕн? (Колоссӕгтӕм 4:10, 11, НФ). Цӕуынвӕнд кӕдӕм кӕныс, уыцы бӕстӕйы хъусынгӕнджытӕ куыд тынг хъӕуы, уый базоныны тыххӕй хорз уаид, уыцы бӕстӕйы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уацамынды хъуыддагмӕ йӕ цӕст цы филиал дары, уырдӕм ныффыссын *.

20. Иу ӕрыгон ӕфсымӕр фӕсарӕйнаг бӕстӕйы йе ’муырнджытӕн ӕмӕ ӕндӕр адӕмӕн йӕ удыхардзӕй куыд ӕххуыс кодта?

20 Японы Паддзахады залтӕ чи арӕзта, уыцы чырыстӕттӕй иу базыдта, Парагвайы ӕхсызгонӕй кӕй хъӕуы дӕсны кусджытӕ, цӕмӕй фембӕлдтӕ уадзынӕн агъуыст саразой. Ӕфсымӕр уыд ӕнӕус, ӕвзонг, хъаруджын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы бӕстӕмӕ ацыд. Бакуыста дзы аст мӕйы. Кӕимӕ дзы фӕллой кодта, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр уый уыд, Хуыцауы хъуыддагӕн йӕ рӕстӕг иууылдӕр чи фӕдӕтты, уыцы аразджытӕй. Цалынмӕ уыцы бӕстӕйы цард, уӕдмӕ сахуыр кодта испайнаг ӕвзаг ӕмӕ кӕимӕдӕрты Библи ахуыр кӕнын дӕр райдыдта. Уыцы ӕфсымӕр уыдта, Парагвайы Паддзахады хъусынгӕнджытӕ кӕй нӕ фаг кӕны. Ӕмӕ кӕд фӕстӕмӕ Японмӕ аздӕхт, уӕддӕр цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Парагваймӕ ацыд ӕмӕ адӕмы чырыстон фембӕлдтӕм растдӕр уыцы Паддзахады залмӕ хуыдта.

21. Тынгдӕр кӕуыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм ӕмӕ Иегъовӕйы стыр бонмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уый тыххӕй адӕммӕ цавӕр цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

21 Хуыцау йӕ хъус дардзӕн, цӕмӕй, йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕ хъусын кӕныны хъуыддаг кӕронмӕ конд ӕрцӕуа. Ныртӕккӕ фӕтагъд кодта фӕстаг «хуымгӕрдӕнты» куыст (Исай 60:22). Иегъовӕйы бонмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕзивӕгӕй «кӕрдӕм хуымтӕ» ӕмӕ адӕммӕ кӕсӕм нӕ уарзӕгой Хуыцауы цӕстӕй.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 6 абз. Ацы статьяйы Ионӕйы чиныгӕй цы стихтӕ ис, уыдон ист сты «Стыр сыгъдӕг мархойы фыццаг къуырийы аргъуыдтӕй», Иосиф Чепиговскийы тӕлмац, 1870 аз.

^ 19 абз. Хъусын кӕныны хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у кӕнӕ йӕ авналӕнтӕ къуындӕг кӕм сты, уырдӕм куы алидзай, уӕд ӕфсымӕртӕн ницы ӕххуыс фӕуыдзынӕ. Ахӕм уавӕрты, ӕнӕуи дӕр арӕхстджынӕй чи хъусын кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕн уый гӕнӕн ис, ӕмӕ къуылымпыйы хос дӕр фӕуа.

Бахъуыды кодтай?

Иегъовӕйы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, адӕммӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

Авраам афтӕ кӕй хъуыды кодта, зӕгъгӕ ма, чи зоны, Содомы рӕстгӕнджытӕ ис, уымӕ гӕсгӕ цы куыста?

Чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы ниневийӕгтӕм Ионӕ цы цӕстӕй ракаст?

Хорз хабар чи нӕма фехъуыста, уыдонмӕ Иегъовӕйы цӕстӕй кӕй кӕсӕм, уый куыд ис равдисӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 14 фарсыл]

Авраам адӕммӕ каст Иегъовӕйы цӕстӕй.

[Ныв 15 фарсыл]

Чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы ниневийӕгтӕм Ионӕ Иегъовӕйы цӕстӕй кӕсын райдыдта.

[Нывтӕ 16 фарсыл]

Адӕмыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ хъусын кӕнӕм ӕндӕр рӕстӕг дӕр, стӕй агурӕм алыхуызон фадӕттӕ.