Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ у ӕцӕгады Хуыцау

Иегъовӕ у ӕцӕгады Хуыцау

Иегъовӕ у ӕцӕгады Хуыцау

«Ды ирвӕзын кодтай мӕн, Хицау [«Иегъовӕ», НД], ӕцӕгады Хуыцау» (ПСАЛОМ 30:6).

1. Мӕнгдзинад куы нӕ уыди, уӕд уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр цавӕр уавӕртӕ уыд?

КӔДДӔР ахӕм рӕстӕг уыди, ӕмӕ мӕнгдзинад ӕппындӕр нӕ уыд. Ӕнӕуынгӕ уӕлӕрвты царди алцӕмӕй ӕххӕст зӕдтӕ, ӕмӕ уыдон лӕггад кодтой се Сфӕлдисӕгӕн, «ӕцӕгады Хуыцауӕн» (Псалом 30:6). Мӕнгдзинад ӕмӕ сайынӕн йӕ кой дӕр нӕ уыд. Иегъовӕ йӕ уӕларвон фырттӕн ӕргом кодта, ӕцӕг ӕмӕ раст цы уыди, уый. Афтӕ уымӕн арӕзта, ӕмӕ сӕ уарзта, тынг ӕй фӕндыд сӕ хорздзинад. Зӕххыл дӕр хъуыддаг раст афтӕ уыди. Иегъовӕ сфӕлдыста фыццаг дыууӕ адӕймаджы, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы, ӕмӕ йӕ минӕвары дзыхӕй алкӕддӕр семӕ ныхас кодта ӕргом — дзырдта сын, раст ӕмӕ ӕцӕг цы у, уый. Ахъуыды ма кӕн, уӕд цард куыд хорз уыди!

2. Мӕнгдзинад кӕмӕй рацыд ӕмӕ цӕмӕн?

2 Фӕлӕ иу афон Иегъовӕ Хуыцауы уӕларвон фырттӕй иу йӕ фыркъӕйныхӕй йӕхи Иегъовӕйы знаг, змӕнтӕг хуыцау скодта. Уыцы зӕды — мах ӕй зонӕм Сайтан Хӕйрӕгӕй — фӕндыд, иннӕтӕ уымӕн куы куывтаиккой. Цӕмӕй йӕ нысан йӕ къухы бафтыдаид,— иннӕтыл йӕ бар цыдаид,— уый тыххӕй ӕрымысыд мӕнгдзинад. Ӕмӕ афтӕмӕй уый сси «мӕнгдзурӕг ӕмӕ мӕнгдзинады фыд» (Иоанны 8:44).

3. Адам ӕмӕ Евӕ Сайтаны гӕдыныхасмӕ цы цӕстӕй ракастысты ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркодта?

3 Калмы дзыхӕй Сайтан фыццаг сылгоймаг Евӕйӕн загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауы фӕдзӕхсты сӕрты куы ахизай ӕмӕ нӕфӕтчиаг дыргътӕй куы бахӕрай, уӕд нӕ амӕлдзынӕ. Уый уыди гӕдыныхас. Дарддӕр ма йын Сайтан ноджыдӕр загъта, уыцы дыргъ куы бахӕра, уӕд Хуыцауы хуызӕн кӕй суыдзӕн, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый кӕй зондзӕн. Уый дӕр уыди гӕдыныхас. Кӕд Евӕйы уӕдмӕ никуы ничи афӕлывта, уӕддӕр хъуамӕ бамбӕрстаид, Хуыцау ын йӕ сӕрыхицау Адамӕн цы загъта ӕмӕ калм цы дзырдта, уыдон кӕрӕдзийы ныхмӕ кӕй уыдысты. Фӕлӕ Евӕ скарста Иегъовӕйы разӕй Сайтаны ныхӕстыл баууӕндын. Евӕ бынысайд фӕци, ӕмӕ дыргъӕй бахордта. Уый фӕстӕ дзы бахордта Адам дӕр (Уӕвынад 3:1—6). Евӕйау Адам дӕр уӕдмӕ гӕдыныхас никуы фехъуыста, фӕлӕ уый сайды нӕ фӕци (1 Тимофеймӕ 2:14, НФ). Адам цы бакодта, уымӕй равдыста, зонгӕ-зонын йе Скӕнӕджы ныхмӕ кӕй рацыд. Уыцы къахдзӕф адӕмы ӕркодта сӕфтмӕ. Адам Хуыцауы дзырды сӕрты кӕй ахызт, уымӕй йӕ байзӕддӕгты иууылдӕр тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты хай фӕкодта — уыимӕ, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хъизӕмӕртты хай дӕр, ӕмӕ сӕ кӕрон цыди бынысӕфтмӕ (Ромӕгтӕм 5:12).

4. а) Сайтан Едемы цы мӕнг ныхӕстӕ загъта, уыдонӕн сӕ ӕцӕг хъуыды цы уыди? ӕ) Цы хъӕуы, цӕмӕй нӕ Сайтан ма афӕлива?

4 Афтӕ мӕнгдзинад царды йӕ уидӕгтӕ ауагъта. Мах хъуамӕ ӕмбарӕм, Едемы цӕхӕрадоны цы мӕнг ныхӕстӕ загъд ӕрцыд, уыдон Иегъовӕйӕн йӕхи ныхмӕ кӕй уыдысты, зӕгъгӕ, уый нӕу раст. Сайтан загъта, зӕгъгӕ, Хуыцау фыццаг лӕг ӕмӕ усыл сайдӕй рацыд ӕмӕ сӕ хорзӕй цыдӕр ӕмбӕхсы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый афтӕ нӕ уыди. Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ кӕй нӕ байхъуыстой, уымӕй хорзӕй ницы рамбылдтой. Куыддӕриддӕр сын Иегъовӕ загъта, афтӕ ӕрцыд — амардысты. Фӕлӕ Сайтан дарддӕр дӕр Иегъовӕйы фыдкой кодта, ӕмӕ ӕнустӕ фӕстӕдӕр Иоанн, Хуыцауы удӕй зӕрдӕргъӕвд уӕвгӕйӕ, фыста, зӕгъгӕ, Сайтан у, «ӕгас дуне чи фӕливы», уый (Раргомад 12:9, НФ). Уӕдӕ нӕ цӕмӕй Сайтан Хӕйрӕг ма афӕлива, уый тыххӕй хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, Иегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ Ныхас дӕр раст кӕй сты, ууыл. Цы хъӕуы, цӕмӕй афтӕ фидарӕй ӕууӕндӕм Иегъовӕйыл, ӕмӕ йе Знаджы сайд ӕмӕ мӕнгдзинады хызы ма бахауӕм?

Иегъовӕ зоны, алцыдӕр ӕцӕгӕй куыд у, уый

5, 6. а) Цы зӕгъӕн ис, Иегъовӕ цас зоны, уый тыххӕй? ӕ) Иегъовӕимӕ абаргӕйӕ адӕм цас зонынц?

5 Библийы Иегъовӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ хуыйны «ӕппӕт... скӕнӕг» (Ефесӕгтӕм 3:9). Уый у «арв ӕмӕ зӕхх ӕмӕ денджызтӕ ӕмӕ ӕппӕт уыдоны цы ис, уыдон Скӕнӕг» (Куыстытӕ 4:24). Иегъовӕ Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ зоны, алцыдӕр ӕцӕгӕй куыд у, уый. Цӕвиттонӕн райсӕм, хӕдзар аразынвӕнд чи скодта, ахӕм адӕймаджы. Хъӕдӕрмӕгӕй йӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый ӕрцӕттӕ кодта ӕмӕ ӕппӕтдӕр аразы йӕхи къухӕй. Уый зоны, хӕдзар ӕддейӕ дӕр ӕмӕ мидӕгӕй дӕр цыхуызӕн уыдзӕн, ӕмӕ куыд конд уыдзӕн, уый кӕмӕйфӕнды дӕр хуыздӕр ӕмбары. О, адӕм, цы спълан кӕнынц ӕмӕ цы саразынц, уый хорз фӕзонынц. Гъе афтӕ Сфӕлдисӕг дӕр, цы сфӕлдыста, уыдон тыххӕй цы нӕ зоны, ахӕм ницы ис.

6 Иегъовӕ цас зоны, уый тынг аив ныхӕстӕй загъта пехуымпар Исай. Мах кӕсӕм: «Чи сбарста дӕттӕ йӕ армытъӕпӕны ӕмӕ уӕлӕрвты арӕнтӕ — уылынгӕй, чи сӕвӕрдта барӕнтыл зӕххы рыг, кӕнӕ чи сбарста хӕхтӕ барӕнӕй ӕмӕ къуылдымтӕ — барӕн къусы? Чи сбарста Иегъовӕйы комытӕф ӕмӕ йын уынаффӕгӕнӕгӕй ӕрлӕууын кӕмӕн у йӕ бон? Кӕимӕ уынаффӕ кӕны, цӕмӕй йын исчи исты ӕмбарын кӕна, чи йӕ ӕвӕры раст фӕндагыл, чи йын амоны зонд кӕнӕ йӕ чи ахуыр кӕны ӕцӕг ӕмбарынады фӕндагыл?» (Исай 40:12—14). Ӕцӕгдӕр, Иегъовӕ у «зонындзинады Хуыцау» ӕмӕ «ӕппӕтзонӕг» (1 Паддзахӕдты 2:3; Иов 36:4; 37:16). Куыд гыццыл зонӕм мах йӕ цуры! Кӕд адӕм дунейы сконды бирӕ сусӕгдзинӕдтӕ раиртӕстой, уӕддӕр мах суанг Хуыцауы «фӕндӕгты кӕрӕттӕ» дӕр нӕ зонӕм. Нӕ зонындзинӕдтӕ сты, «тыхджын нӕрыны» цур «сыбар-сыбур» куыд уа, афтӕ (Иов 26:14).

7. Иегъовӕ нӕ куыд хорз зоны, уый тыххӕй Давид цы ӕмбӕрста ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

7 Иегъовӕ не Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ иттӕг хорз зоны. Уый хорз ӕмбӕрста паддзах Давид, ӕмӕ мӕнӕ цы ныффыста: «Хицау! Ды бафӕлвӕрдтай мӕн ӕмӕ зоныс. Ды зоныс, ӕз кӕд ӕрбадын ӕмӕ кӕд сыстын; Ды ӕмбарыс мӕ хъуыдытӕ дардӕй. Цӕугӕ кӕнын, ӕви мӕ фӕллад уадзын, Ды дӕ мӕ алыварс, ӕмӕ мӕ фӕндӕгтӕ Дӕуӕн ӕппӕт зындгонд сты. Ме ’взагыл нӕма вӕййы ныхас,— Ды, Хицау, зоныс уый ӕххӕстӕй» (Псалом 138:1—4). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Давид ӕмбӕрста, адӕмӕн Хуыцау сӕрибардзинад кӕй радта — хъусой йӕм ӕви йӕм ма хъусой, уый сӕхи бар кӕй у (Дыккаг закъон 30:19, 20; Йесо Навин 24:15). Куыдфӕнды ма уа, зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ нӕ Иегъовӕ куыд хорз зоны, нӕхӕдӕг нӕхи афтӕ нӕ зонӕм. Уый фӕнды нӕ хорз, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ раст фӕндагыл ӕвӕры (Иереми 10:23). Уымӕй хуыздӕр нын ӕцӕгад чи бацамона, зондджын ӕмӕ нӕ амондджын чи скӕна, ахӕм ничи ис,— цыфӕнды дӕсны ахуыргӕнӕг, цыфӕнды цардвӕлтӕрд адӕймаг кӕнӕ хорз уынаффӕгӕнӕг ма уӕд.

Иегъовӕмӕ мӕнгдзинад нӕй

8. Иегъовӕмӕ мӕнгдзинад кӕй нӕй, уый кӕцӕй зонӕм?

8 Раст цы у, уый зонын хорз у, фӕлӕ сӕйрагдӕр уый у, ӕмӕ алкӕддӕр раст дзурай, мӕнгдзинад дӕм ма уа. Зӕгъӕм, Хӕйрӕг йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ «ӕцӕгдзинады нӕ фӕлӕууыди» (Иоанны 8:44, НФ). Уыйхыгъд, Иегъовӕйӕн та «ӕгӕрон у... йӕ рӕстдзинад» (Рацыд 34:6). Фыстады бирӕ рӕтты дзырдӕуы, Иегъовӕмӕ мӕнгдзинад кӕй нӕй, уый тыххӕй. Апостол Павел загъта, зӕгъгӕ, уый «гӕнӕн нӕй ӕмӕ Хуыцау фӕсайа», стӕй уый у «дзырды ӕнӕивгӕ Хуыцау» (Дзуттытӕм 6:18; Титмӕ 1:2). Хуыцаумӕ мӕнгдзинад кӕй нӕй, уый фенӕн ис йӕ алы хъуыддаджы дӕр. Уӕдӕ нӕ бон у, ӕмӕ Иегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ дарӕм ӕмӕ дзы ныфсджын уӕм, уымӕн ӕмӕ уый у раст; иузӕрдион ыл чи у, уыдоны никуы фӕсайы.

9. Иегъовӕйы ном ӕцӕгдзинадимӕ куыд баст у?

9 Иегъовӕйӕн йӕ ном дӕр ууыл дзурӕг у, мӕнгдзинад ӕм кӕй нӕй. Хуыцауы ном амоны «Уый свӕййы», ома Иегъовӕ свӕййы, цӕмӕйдӕриддӕр зӕрдӕ бавӕры, уыдон Ӕххӕстгӕнӕг. Уый ӕндӕр никӕй бон у. Иегъовӕ Дунедарӕг Стыр Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ никӕмӕн у йӕ бон, ӕмӕ йӕ йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕнын бахъыгдара. Иегъовӕ канд йӕхӕдӕг нӕу раст, фӕлӕ ма йӕ зонд ӕмӕ йӕ хъаруйы руаджы йӕ алы ныхас дӕр вӕййы ӕцӕг.

10. а) Иегъовӕмӕ мӕнгдзинад кӕй нӕй, уый Йесо Навин йӕхи цӕстӕй куыд федта? ӕ) Иегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕй дӕ цардыбонты цавӕртӕ сӕххӕст сты?

10 Иегъовӕмӕ мӕнгдзинад кӕй нӕй, уый ӕвдисӕг ӕнӕферохгӕнгӕ цаутӕ йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдонӕй иу уыди Йесо Навин. Иегъовӕ Египеты адӕмы раздӕр куы бафӕдзӕхста ӕмӕ сыл уый фӕстӕ фӕд-фӕдыл дӕс бӕллӕхы куы ӕруагъта, уӕд уый дӕр уым уыди. Йесо федта бирӕ диссӕгтӕ, уыимӕ, Иегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрд куыд сӕххӕст кодта, уый дӕр: израилӕгты Египетӕй куыд фервӕзын кодта ӕмӕ сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куыд бакодта, сӕ ныхмӕ чи цыди, уыцы ханаайнаг тыхджын ӕфсӕдты куыд басаста, уыдӕттӕ. Йӕ царды кӕрон Йесо Навин Израилы хистӕр лӕгтӕн загъта: «Сымах уӕхӕдӕг дӕр хорз зонут, уӕ Хуыцау Иегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр кӕй нӕ фӕмӕнг. Иууылдӕр уыл ӕрцыдысты. Иу ныхас дӕр дзы нӕ фӕмӕнг» (Йесо Навин 23:14). Раст у, Йесо цы диссӕгтӕ федта, уыдон ды дӕхи цӕстӕй нӕ федтай, фӕлӕ йӕ дӕхи цардӕй нӕ зоныс, Хуыцау йӕ ныхас кӕй нӕ сайы, уый?

Иегъовӕ ӕргом кӕны ӕцӕгад

11. Иегъовӕ адӕмӕй ӕцӕгад кӕй не ’мбӕхсы, уый кӕцӕй бӕрӕг у?

11 Ахъуыды ма кӕн, бирӕ цыдӕртӕ чи зоны, фӕлӕ йӕ сывӕллӕттимӕ искуы иу стӕм хаттӕй дарддӕр чи никуы фӕныхас кӕны, ахӕм ныййарӕгыл. Иегъовӕ ахӕм кӕй нӕу, уымӕй дзы бузныг нӕ дӕ? Иегъовӕ адӕмӕй йӕ фӕндтӕ не ’мбӕхсы, цӕстуарзонӕй сын ӕргом кӕны ӕппӕт дӕр. Библи йӕ хоны «не Стыр Зондамонӕг» (Исай 30:20). Йӕ хӕларзӕрдӕйӕ йӕхи ӕргом кӕны, суанг ӕм чи нӕ хъусы, уыдонӕн дӕр. Зӕгъӕм, Иегъовӕ Иезекилӕн бахӕс кодта, сӕ зӕрдӕтӕ дуры хуызӕн кӕмӕн уыдысты, уыдонӕн хъусын кӕнын. Иегъовӕ йын загъта: «Адӕймаджы фырт, ацу Израилы хӕдзарвӕндагмӕ ӕмӕ сын мӕ ныхӕстӕ дзур». Ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ бафӕдзӕхста: «Уыдоны нӕ бафӕнддзӕн дӕумӕ байхъусын, уымӕн ӕмӕ сӕ мӕнмӕ хъусын нӕ фӕнды; Израилы хӕдзарвӕндаг иууылдӕр фыдзонд ӕмӕ дурзӕрдӕ сты». Иезекилы хӕслӕвӕрд ӕнцон кӕцӕй уыди, фӕлӕ йӕ хъуыддаг нӕ ныууагъта, ӕмӕ уымӕй бафӕзмыдта Иегъовӕйы — равдыста стыр фӕразондзинад. Кӕд хъусын кӕнын дӕуӕн дӕр ӕнцон нӕу, фӕлӕ Хуыцауыл дӕ ныфс ӕвӕрыс, уӕд зон фидарӕй, ӕмӕ пехуымпар Иезекилы куыд бафидар кодта, афтӕ дӕу дӕр кӕй бафидар кӕндзӕн (Иезекил 3:4, 7—9).

12, 13. Хуыцау адӕмӕн ӕцӕгад куыд ӕргом кӕны?

12 Иегъовӕйы фӕнды, «цӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕ фервӕзой ӕмӕ бахӕццӕ уой ӕцӕгдзинад базонынмӕ» (1 Тимофеймӕ 2:4). Уый адӕмимӕ дзырдта йӕ пехуымпарты, стӕй зӕдты дзыхӕй ӕмӕ суанг йӕ уарзон Фырт Йесо Чырыстийы дзыхӕй дӕр (Дзуттытӕм 1:1, 2; 2:2). Пилаты раз лӕугӕйӕ Йесо загъта: «Ӕз уымӕн райгуырдтӕн ӕмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон; алкӕцы ӕцӕгадӕй чи у, уый хъусы Мӕн хъӕлӕсмӕ». Пилатӕн уыди диссаджы фадат, Иегъовӕ адӕмы куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый тыххӕй ӕцӕгад Хуыцауы Фыртӕн йӕхицӕй базонынӕн. Фӕлӕ Пилат ӕцӕгады фарс нӕ уыди, ӕмӕ йӕ Йесойӕ дӕр ницы фӕндыди базонын. Уый бӕсты Пилат былалгъӕй загъта: «Цы у ӕцӕгад?» (Иоанны 18:37, 38). Цас цӕмӕйдӕрты фӕцух кодта йӕхи! Фӕлӕ бирӕтӕ хъуыстой Йесомӕ, фӕндыд сӕ ӕцӕгад базонын. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Тӕхудиаг сты уӕ цӕстытӕ, кӕй уынынц, уый тыххӕй, ӕмӕ уӕ хъустӕ, кӕй хъусынц, уый тыххӕй» (Матфейы 13:16, НФ).

13 Иегъовӕ нын йӕ ӕцӕгад Библийы фыстӕй бахъахъхъӕдта ӕмӕ афтӕ сарӕзта, адӕмӕн ӕй кӕцыфӕнды бӕстӕйы дӕр сӕ бон куыд уа кӕсын. Библи нын ӕвдисы, алцыдӕр ӕцӕгӕй куыд у, уый. Уырдыгӕй ис базонӕн Хуыцауы миниуджытӕ, йӕ фӕндтӕ ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ, раст афтӕ ма, адӕмы царды цы хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдон цӕуыл дзурӕг сты, уый дӕр. Иухатт, Иегъовӕмӕ кувгӕйӕ, Йесо загъта: «Дӕ ныхас ӕцӕгад у» (Иоанны 17:17, НФ). Иугӕр афтӕ у, уӕд зӕххы цъарыл Библиимӕ иу чиныг дӕр нӕй абарӕн. Ӕрмӕстдӕр уыцы чиныг ӕрцыд фыст алцызонӕг Хуыцауы разамындӕй (2 Тимофеймӕ 3:16). Уый адӕмӕн у зынаргъ лӕвар, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ йӕ нымайынц стыр хӕзнайыл. Уӕдӕ махырдыгӕй зонды хъуыддаг уыдзӕн, алы бон дӕр ӕй куы кӕсӕм.

Ӕцӕгадыл фидар хӕцӕм

14. Иегъовӕ афтӕ цӕмӕй загъта, сараздзынӕн ӕй, зӕгъгӕ, ӕмӕ йыл цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм?

14 Иегъовӕ нын йӕ Ныхасы цы дзуры, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй хъуамӕ ма кӕсӕм. Иегъовӕ у, йӕхӕдӕг йӕхицӕй цы зӕгъы, уый, ӕмӕ афтӕ цӕмӕй зӕгъы, сараздзынӕн ӕй, зӕгъгӕ, уый сараздзӕн. Хуыцауыл нӕ бон у нӕ зӕрдӕ фидарӕй дарын. Иугӕр Иегъовӕ афтӕ загъта, ӕмӕ «Йӕ маст райсдзӕн, Хуыцауы чи нӕ базыдта, ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Евангелимӕ чи нӕ хъусы, уыдонӕй», уӕд афтӕ уыдзӕн — ууыл дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы (2 Фессалоникӕгтӕм 1:8, НФ). Фидарӕй ма ӕууӕндӕн ис, Иегъовӕ афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, рӕстдзинадмӕ чи тырны, уыдон уарзын, кӕнӕ йӕ уырнындзинад хъуыддагӕй чи ӕвдисы, уыдонӕн ратдзынӕн ӕнусон цард, стӕй цӕссыг, рис ӕмӕ суанг мӕлӕт дӕр кӕй нал уыдзӕн, ууыл дӕр. Иегъовӕ кӕй нӕ сайы, уый равдыста, ацы фӕстаг зӕрдӕвӕрды фӕстӕ апостол Иоаннӕн ахӕм фӕдзӕхст кӕй радта, зӕгъгӕ, «ныффыс; уымӕн ӕмӕ ацы дзырдтӕ сты ӕцӕг ӕмӕ раст» (Раргомад 21:4, 5; Ӕмбисӕндтӕ 15:9; Иоанны 3:36).

15. Сайтан адӕмӕн цавӕр мӕнг хъуыдытӕ хъары?

15 Иегъовӕйӕ хъауджыдӕр, бынтон ӕндӕр у йӕ хъуыддаг Сайтанӕн. Хӕйрӕг, раст цы у, уый нӕ дзуры, фӕлӕ сайгӕ кӕны. Адӕмы Хуыцауы раст динӕй йӕхирдӕм акӕнынӕн Сайтан ӕрымысыд бирӕ мӕнгдзинӕдтӕ. Бӕргӕ йӕ фӕнды, мах дӕр афтӕ куы хъуыды кӕниккам, зӕгъгӕ, Хуыцауы нӕ хъӕуӕм ӕмӕ а-зӕххыл цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарӕм, уыдон ӕй ӕппындӕр не ’ндавынц. Фӕлӕ Библийӕ мах зонӕм, Иегъовӕйӕн, кӕй сфӕлдыста, уыдон тынг зынаргъ кӕй сты ӕмӕ сӕ рисыл кӕй риссы (Куыстытӕ 17:24—30). Сайтан ма архайы ууыл дӕр, цӕмӕй адӕм афтӕ хъуыды кӕной, зӕгъгӕ, Библи ахуыр кӕнын, Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын,— ӕппӕт уыдӕттыл рӕстӕг сафын у хӕрздзӕгъӕлы. Уыйхыгъд нын Фыстад та бӕлвырд дзуры: «Хуыцау ӕнӕраст нӕу, цӕмӕй ферох кӕна уӕ хъуыддаг ӕмӕ уарзондзинады куыст, кӕцы сымах кодтат Уый номыл». Ӕмӕ канд уый нӕ, фӕлӕ ма нын комкоммӕ дзуры, «зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдоны кӕй хорзӕхджын кӕны» (Дзуттытӕм 6:10; 11:6, НД).

16. Чырыстӕтты цырд лӕууын ӕмӕ ӕцӕгадыл фидар хӕцын цӕмӕн хъӕуы?

16 Сайтаны тыххӕй апостол Павел фыста: «Ӕнӕуырнджытӕн, кӕцытӕн ацы дуджы хуыцау бакуырм кодта сӕ зонд, цӕмӕй уыдонӕн ма сӕрттива Чырыстийы кады хорз уацхъуыды рухс, Кӕцы у ӕнӕуынгӕ Хуыцауы фӕлгонц» (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Сайтан Хӕйрӕг абон дӕр кӕйдӕрты Евӕйау бынысайд фӕкӕны. Иннӕтӕ та ацӕуынц Адамы фӕндагыл — уыдон сайды нӕ фӕвӕййынц, фӕлӕ барвӕндӕй сӕхи фӕнд кӕнын райдайынц (Иудӕйы 5, 11). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ цырд лӕууой ӕмӕ ӕцӕгадыл фидар хӕцой.

Иегъовӕ уарзы «ӕнӕцӕстмӕ уырнындзинад»

17. Цӕмӕй нӕ Иегъовӕйы хорзӕх уа, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

17 Иегъовӕмӕ иу хъуыддаджы дӕр мӕнгдзинад кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдонӕй дӕр уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕмӕ ӕнӕсайд уой. Псаломзарӕггӕнӕг фыста: «Хицау! чи фӕразы уӕвын Дӕ цӕрӕнбынаты? чи фӕразы цӕрын Дӕ сыгъдӕг хохыл? Уый, кӕцы цӕуы ӕнаиппӕй, ӕмӕ кӕны рӕстдзинад, ӕмӕ дзуры ӕцӕгад йӕ зӕрдӕйы» (Псалом 14:1, 2). Дзуттӕгтӕ-иу ацы ныхӕстӕ куы зарыдысты, уыимӕ Иегъовӕйы сыгъдӕг хохы тыххӕй дӕр, уӕд-иу ӕнӕмӕнг сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд Синайы хох, паддзах Давид хӕсгӕ кувӕндоны цатыр кӕдӕм схаста ӕмӕ бадзырды ковчег кӕм сӕвӕрдта, уыцы хох (2 Паддзахӕдты 6:12, 17). Хох ӕмӕ цатыры коймӕ та-иу сӕ цӕстыты раз сыстад, Иегъовӕ, ахӕсгӕ хуызы дзургӕйӕ, кӕм цард, уыцы бынат. Уым адӕм ӕввахс кодтой Хуыцаумӕ ӕмӕ дзы йӕ хорзӕх куырдтой.

18. а) Цӕмӕй Хуыцауимӕ хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы? ӕ) Иннӕ статьяйы цӕуыл ӕрныхас кӕндзыстӕм?

18 Иегъовӕйы хӕлар уа, уый кӕй фӕнды, уый хъуамӕ алкӕддӕр дзура раст, ӕрмӕст дзыхӕй нӕ, фӕлӕ «йӕ зӕрдӕйы» дӕр. Хуыцауы хӕлӕрттӕ хъуамӕ уой рӕстзӕрдӕ ӕмӕ хъуамӕ бӕрӕг уа сӕ «ӕнӕцӕстмӕ уырнындзинад», уымӕн ӕмӕ ӕнӕсайд, рӕстаг хъуыддӕгтӕ зӕрдӕйӕ цӕуынц (1 Тимофеймӕ 1:5; Матфейы 12:34, 35). Хуыцауы хӕлӕрттӕ мӕнгард ӕмӕ фӕлывд не сты, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ «мӕнгардыл ӕлгъ кӕны» (Псалом 5:7). Ӕгас зӕххыл дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иудадзыг сӕхиуыл кусынц, сӕ Хуыцау Иегъовӕйау уыдон дӕр раст куыд уой. Ууыл уыдзӕн нӕ ныхас иннӕ статьяйы.

Цавӕр дзуапп раттис?

• Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ Иегъовӕ зоны, алцыдӕр ӕцӕгӕй куыд у, уый?

• Иегъовӕмӕ мӕнгдзинад кӕй нӕй, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

• Иегъовӕ ӕцӕгад куыд ӕргом кӕны?

• Дзырд ӕцӕгадыл куы цӕуа, уӕд нӕм Хуыцау цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 20, 21 фарсыл]

Ӕцӕгады Хуыцау, йе сконд дунейы алцыдӕр ӕцӕгӕй куыд у, уый зоны.

[Нывтӕ 23 фарсыл]

Иегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй.