Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Раст зондыл хӕц — зондджынӕй архай

Раст зондыл хӕц — зондджынӕй архай

Раст зондыл хӕц — зондджынӕй архай

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ ма ауайын кӕн ахӕм ныв: Йесо Чырысти ӕмбарын кӕны, йӕ ахуырӕдты ныхмӕ чи у, уыдон ын Иерусалимы стыр хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзарын кӕндзысты ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ кӕй амардзысты. Йӕ хорз хӕлар апостол Петры уыцы ныхӕстӕ нӕ уырнынц. Йесойы иуварс акодта ӕмӕ йын уайдзӕф кӕны. Петр афтӕ йӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй бакодта ӕмӕ йыл ӕцӕг кӕй тыхст, уый дызӕрдыггаг нӕу. Фӕлӕ Петр афтӕ кӕй хъуыды кӕны, уый тыххӕй Йесо цы загъта? «Ацу Мӕнӕй, сайтан,— зӕгъы йын Йесо,— ды Мӕ къуылымпыгӕнӕг дӕ; уымӕн ӕмӕ ды хъуыды кӕныс, Хуыцауы хъуыддаг цы у, уый нӕ, фӕлӕ лӕджы хъуыддаг цы у, уый» (Матфейы 16:21—23, НФ).

Ацы ныхӕстӕй Петр зӕрдӕдзӕф куыннӕ фӕуыдаид! Уый йӕ уарзон Ахуыргӕнӕгӕн ӕххуысгӕнӕджы бӕсты разынд «къуылымпыгӕнӕг». Афтӕ цӕмӕн рауад? Ӕвӕццӕгӕн, Петр бахаудта, адӕмы зонды арӕх цы ӕнӕраст хъуыды сӕвзӕры, уый ахӕсты — цӕуыл дӕ фӕнды ӕууӕндын, ӕрмӕстдӕр ууыл ӕууӕнд.

Дӕхицӕй ныфсджын ма у

Адӕймаджы раст зондыл хӕцын фӕхъыгдары, йӕхицӕй ныфсджын кӕй вӕййы, уый. Апостол Павел фӕдзӕхста рагон Коринфы цӕрӕг чырыстӕтты: «Ӕнхъӕл чи у, лӕууын зӕгъгӕ, ахӕм фӕкӕсӕд, куыд н ’ахауа!» (1 Коринфӕгтӕм 10:12, НФ). Павел афтӕ цӕмӕн загъта? Уымӕн ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, зыдта, адӕймаджы зонд куыд ӕнцонтӕй адзӕгъӕл вӕййы — суанг ма чырыстӕтты зонд дӕр «фехӕлы, иуварс ацӕугӕйӕ Чырыстийы мидӕг хуымӕтӕгдзинадӕй» (2 Коринфӕгтӕм 11:3).

Раст афтӕ ӕрцыд Павелы фыдӕлтӕй ӕнӕхъӕн фӕлтӕрыл. Йӕ рӕстӕджы сын Иегъовӕ загъта: «Уӕ хъуыдытӕ не сты мӕ хъуыдытӕ, ӕмӕ нӕдӕр мӕ фӕндӕгтӕ сты уӕ фӕндӕгтӕ» (Исай 55:8). Уыцы адӕм «сӕхи зондджынтыл нымадтой», ӕмӕ стыр бӕллӕхты бахаудысты (Исай 5:21). Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид ӕркӕсын, куыд у нӕ бон раст зондыл хӕцын ӕмӕ фыдбылызӕй нӕхи хизын.

Дӕхи хиз буары хъуыдытӕй

Коринфы иуӕй-иутыл ӕвзӕрырдӕм фӕзындысты буары хъуыдытӕ (1 Коринфӕгтӕм 3:1—3). Уыдон сӕ цард арӕзтой Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ адӕмы философитӕм гӕсгӕ. Дзырд дӕр ыл нӕй, уӕды заманы Грекъы хъуыдыгӕнӕг лӕгтӕ тынг зондджын уыдысты. Фӕлӕ Хуыцауы цӕсты уыдон уыдысты ӕнӕзӕндтӕ. Павел дзуры: «Фыст у: „фесафдзынӕн зондджынтӕн сӕ зонд, ӕмӕ ӕмбаргӕты ӕмбаргӕдзинад нӕ райсдзынӕн“. Кӕм ис дӕсны? кӕм ис чиныджы дӕсны? кӕм ис ацы дуджы философ? Хуыцау нӕ аздӕхта ацы дунейы зонд ӕнӕзонддзинадмӕ?» (1 Коринфӕгтӕм 1:19, 20). Уыцы зондджынтӕ Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ нӕ архайдтой, фӕлӕ «ацы дунейы зондахастмӕ» гӕсгӕ (1 Коринфӕгтӕм 2:12, НД). Сӕ философитӕ ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ разы нӕ уыдысты Иегъовӕйы зондимӕ.

Буары хъуыдытӕ цӕуынц Сайтан Хӕйрӕгӕй, Евӕйы сцыбӕл кӕныны тыххӕй калмӕй чи спайда кодта, уымӕй (Уӕвынад 3:1—6; 2 Коринфӕгтӕм 11:3). Махӕн дӕр дзы тӕссаг у? О! Хуыцауы Ныхас куыд дзуры, афтӕмӕй Сайтан адӕмы зонд афтӕ «бакуырм кодта», ӕмӕ ныр «ӕгас дунейы [дӕр] фӕливы» (2 Коринфӕгтӕм 4:4; Раргомад 12:9, НФ). Мах хъуамӕ фидар фӕлӕууӕм йӕ фыдвӕндты ныхмӕ! (2 Коринфӕгтӕм 2:11).

Дӕхи хиз «адӕймӕгты хиндзинадӕй»

Апостол Павел ма фӕдзӕхста «адӕймӕгты хиндзинадӕй» дӕр (Ефесӕгтӕм 4:14). Уый-иу сӕмбӕлд «хинӕйдзаг кусджытыл», йӕхи-иу ӕцӕгады кусӕг чи хуыдта, фӕлӕ йӕ ӕцӕгӕй та зыгъуыммӕ чи кодта, ахӕмтыл (2 Коринфӕгтӕм 11:12—15, НФ). Ахӕм адӕм сӕхи фӕнд атӕрынӕн ӕрхӕссынц, сӕхи пайдайӕн чи у, ӕрмӕстдӕр ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ, мӕлгъӕвзагӕй фӕдзурынц, гӕдыбыд ныхӕстӕ фӕкӕнынц, хахуыртӕ фӕмысынц ӕмӕ ма суанг цӕттӕ гӕдыныхӕстӕ дӕр ракӕнынц.

Иннӕты барӕй йӕхи зондыл чи аразы, ахӕм адӕймӕгтӕ пайда кӕнынц дзырд «сектӕ»-йӕ, цӕмӕй искӕй ном счъизи кӕной. Европӕйы Советы парламентон ассамблейӕн лӕвӕрд ӕрцыд уынаффӕ, цӕмӕй ног динон къордтӕ чи иртасы, уыцы паддзахадон кусджытӕ «ацы дзырдӕй ма пайда кӕной». Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ, куыд хъуыды кӕнынц, афтӕмӕй дзырд «сектӕйӕн» ис тынг ӕвзӕр нысаниуӕг. Уым ма дзырдӕуыд: «Абон адӕмӕн сӕ фылдӕр хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, сектӕ у ӕвирхъау, йе та тынг тӕссаг хабӕрттӕ кӕм цӕуы, ахӕм цыдӕр». Грекъы зондылӕгтӕ дӕр Павелы зылын кодтой ӕмӕ йӕ хуыдтой «дзӕгъӕлдзых» (НФ), кӕнӕ ма ацы дзырд комкоммӕ куыд амоны — «мыггӕгтӕ ӕмбырдгӕнӕг». Уымӕй сӕ зӕгъын фӕндыд, зӕгъгӕ, уый у дзӕнгӕдацӕгъдӕг, зонындзинады муртӕ чи ӕмбырд кодта ӕмӕ сӕ ӕрмӕст фӕлхат чи кодта, уый. Афтӕмӕй та Павел хъусын кодта «хорз уацхъуыд... Йесойы ӕмӕ райгасдзинады тыххӕй» (Куыстытӕ 17:18).

Иннӕты барӕй йӕхи зондыл чи аразы, уыдоны мадзӕлттӕ сӕ кӕнон бакӕнынц? О. Фыццаджыдӕр уыдон вӕййынц аххосджын, иу адӕмыхатт иннӕ адӕмыхаттӕй, иу дин иннӕ динӕй йе сӕфт кӕй фӕуыны, ӕмӕ уый сӕ къухы бафты, ӕндӕр адӕмӕй, йе та ӕндӕр динӕй хахуыртӕ куы фӕдзурынц, уӕд. Бирӕтӕ ацы мадзӕлттӕй пайда кӕнынц, цӕмӕй гыццыл адӕмты кӕнӕ цавӕрдӕр къордты минӕвӕртты иннӕтӕн сӕнад кӕной. Ахӕм хуызы тынг ӕнтыстджынӕй архайдта Адольф Гитлер, уый дзуттӕгтӕ ӕмӕ ноджыдӕр кӕмӕйдӕртӕй дзырдта, зӕгъгӕ, сты «куыдзы мыггаг», «фыдгӕнджытӕ» ӕмӕ паддзахадӕн «тӕссаг». Макуы ратт уый бар, цӕмӕй дын ахӕм хиндзинад дӕ зонд фӕхъӕстӕ кӕна (Куыстытӕ 28:19—22).

Дӕхӕдӕг дӕхи ма сай

Арӕх вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ нӕхӕдӕг нӕхи фӕсайӕм. Адӕймагӕн, гӕнӕн ис, ӕмӕ тынг зын уа, цы зондыл хӕст у, уый фӕивын, йе та йӕ зондахаст раст кӕй нӕу, ууыл хъуыды дӕр акӕнын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ мах хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уый свӕййы нӕ миддунейы хай. Уый тыххӕй, гӕнӕн ис, нӕхӕдӕг нӕхи сайын райдайӕм мӕнг хъуыдытӕй — рӕдыд цы у, уымӕн райдайӕм арын бӕлвырдгӕнӕнтӕ.

Ахӕм хабар ӕрцыд фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй кӕуылдӕртыл. Уыдон зыдтой Хуыцауы Ныхас, фӕлӕ йын сӕ зондахастыл ӕндавыны бар нӕ лӕвӕрдтой. Фӕстагмӕ афтӕ рауад, ӕмӕ уыдон «сӕхӕдӕг сӕхи сайдтой мӕнг хъуыдытӕй» (Иаковы 1:22, 26, НД). Цӕмӕй йӕ базонӕм, нӕхӕдӕг нӕхи сайӕм ӕви нӕ? Цӕуыл ӕууӕндӕм, уый исчи куы сдызӕрдыггаг кӕна, мах та ууыл мӕсты куы суӕм, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕхӕдӕг нӕхи сайӕм. Мӕсты кӕныны бӕсты хуыздӕр уаид лӕмбынӕг байхъусын, иннӕты цы зӕгъын фӕнды, уымӕ — раст стӕм, уый кӕд фидарӕй зонӕм, уӕддӕр (Ӕмбисӕндтӕ 18:17).

Агур «Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ»

Куыд у нӕ бон раст зондыл хӕцын? Уымӕн нын бирӕ цыдӕртӕ ӕххуыс кӕны, фӕлӕ хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр цыдӕр аразӕм. Зондджын паддзах Соломон загъта: «Мӕ фырт, кӕд мын мӕ ныхӕстӕ райсай ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕн дӕ риуы арф бынат скӕнай, кӕд дӕ хъус лӕмбынӕг дарай зондмӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ саразай ӕмбаргӕдзинадмӕ; кӕд ӕмбарынадмӕ сидай ӕмӕ ӕмбаргӕдзинадмӕ хъӕр кӕнай, ӕвзистау ӕй кӕд зӕрдиагӕй агурай ӕмӕ йӕ ӕмбӕхст хӕзнатау ссарынмӕ тырнай, уӕд бамбардзынӕ, Иегъовӕйӕ тӕрсын цы у, уый, ӕмӕ ссардзынӕ Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 2:1—5). О, нӕхӕдӕг нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕ Хуыцауы Ныхасы ӕцӕгадӕй куы дзаг кӕнӕм, уӕд ӕцӕгдӕр уыдзыстӕм зондджын, ӕмбаргӕ ӕмӕ ӕрхъуыдыджын. Афтӕмӕй мах агурдзыстӕм, ӕвзист кӕнӕ ӕндӕр хӕзнайӕ бирӕ зынаргъдӕр чи у, ахӕм цыдӕртӕ (Ӕмбисӕндтӕ 3:13—15).

Раст хъуыды кӕнынӕн иууыл фыццагдӕр хъӕуынц зонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ. «Зонд дӕ зӕрдӕйы бынат куы скӕна ӕмӕ дӕ удӕн зонындзинӕдтӕ ӕхсызгон куы суой,— дзырдӕуы Хуыцауы Ныхасы,— уӕд дӕ ӕрхъуыдыдзинад хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад уыдзӕн дӕ сӕрхъуызой, цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕна ӕвзӕр фӕндагӕй, мӕнг ныхас чи кӕны, ахӕм адӕймагӕй; талынджы фӕндӕгтыл цӕуыны тыххӕй рӕстдзинады фӕндӕгтӕ чи ныууадзы, уыдонӕй» (Ӕмбисӕндтӕ 2:10—13).

Маст куы ӕвзарӕм кӕнӕ тӕссаг уавӕры куы уӕм, уӕд уӕлдай ахсджиаг у Хуыцауы хъуыдытӕн уый бар дӕттын, ӕмӕ нын нӕ зондахастыл ӕндавой. Адӕймаг тынг мӕсты куы уа кӕнӕ дзы стыр тас куы бацӕуа, уӕд ӕй уый хъыгдардзӕн раст зондыл хӕцын. «Зондджын адӕймаг ӕфхӕрд куы ӕййафа, уӕд ӕнӕзонд ми дӕр бакӕндзӕн»,— загъта Соломон (Екклесиаст 7:7). Суанг ма гӕнӕн ис «Иегъовӕмӕ дӕр мӕстӕй судза» (Ӕмбисӕндтӕ 19:3). Куыд? Йӕ зындзинӕдты Хуыцауы куы аххосджын кӕна, йе та йӕ закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдты ныхмӕ цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдон куы араза ӕмӕ уый йӕ зындзинӕдты ӕфсон куы кӕна, уӕд. Куыд хуыздӕр у, уый мӕхӕдӕг зонын, зӕгъгӕ, дзурыны бӕсты хуыздӕр уаид сӕрныллӕгӕй байхъусын, Фыстады фӕрцы нын баххуыс кӕнын кӕй фӕнды, уыцы зондджын уынаффӕгӕнджытӕм. Ӕмӕ кӕд хъӕуа, уӕд ӕнӕзивӕгӕй ивӕм, суанг фидарӕй цы цӕстӕнгӕстыл хӕцыдыстӕм, уыдон дӕр — раст кӕй не сты, уый куы рабӕрӕг уа, уӕд (Ӕмбисӕндтӕ 1:1—5; 15:22).

«Уадз курӕд Хуыцауӕй»

Мах цӕрӕм уӕззау ӕмӕ тӕссаг рӕстӕджы. Кӕд нӕ фӕнды раст уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ зондӕй архайын, уӕд хъуамӕ ӕнӕмӕнгдӕр Иегъовӕмӕ разамынды тыххӕй иудадзыг кувӕм. «Мӕт мацӕуыл кӕнут,— фыссы Павел,— фӕлӕ ӕдзухдӕр куывды мидӕг ӕмӕ курдиаты, арфӕ кӕнгӕйӕ ӕргом кӕнут уӕ фӕндондзинӕдтӕ Хуыцауы раз,— ӕмӕ Хуыцауы фарн, кӕцы у алкӕцы зондӕй бӕрзонддӕр, бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъуыдытӕ Йесо Чырыстийы мидӕг» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Мӕты нӕ цы зындзинӕдтӕ кӕнӕ цы фӕлварӕнтӕ ӕфтауынц, уыдон аиуварс кӕнынӕн нын зонд куы нӕ фаг кӕна, уӕд ӕй хъуамӕ «курӕм Хуыцауӕй, ӕппӕтӕн хӕларӕй ӕмӕ ӕнӕуайдзӕфӕй дӕттӕгӕй» (Иаковы 1:5—8).

Апостол Петр ӕмбӕрста, йӕ ӕмчырыстӕтты зондӕй кӕй хъуыд архайын, ӕмӕ сын «райхъал кӕнынмӕ хъавыд сӕ сыгъдӕг хъуыды». Уый фӕндыд, цӕмӕй ма рох кодтаиккой «пехуымпартӕ раджы кӕй загътой, уыцы дзырдтӕ, ӕмӕ... Хицау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕджы [Йесо Чырыстийы] фӕдзӕхст» (2 Петры 3:1, 2, НФ). Афтӕ куы аразӕм ӕмӕ, Иегъовӕйы Ныхас куыд амоны, афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, уӕд раст зондыл хӕцдзыстӕм ӕмӕ зондджынӕй архайдзыстӕм.

[Нывтӕ 30 фарсыл]

Фыццаг чырыстӕттӕ сӕ зонд арӕзтой философитыл нӕ, фӕлӕ Хуыцауы зондыл.

[Барлӕвӕрдӕй]

Философтӕ (галиуырдыгӕй рахизырдӕм): Эпикур: Photograph taken by courtesy of the British Museum; Цицерон: Reproduced from The Lives of the Twelve Caesars; Платон: Roma, Musei Capitolini

[Нывтӕ 31 фарсыл]

Ахсджиаг у кувын ӕмӕ Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын.