Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕуылнӕ ис иунӕгӕй цӕрӕн?

Цӕуылнӕ ис иунӕгӕй цӕрӕн?

Цӕуылнӕ ис иунӕгӕй цӕрӕн?

«Иуӕй дыууӕйӕн хуыздӕр у... Сӕ иу куы ахауа, уӕд иннӕ йе ’мбалыл схӕцдзӕн» — паддзах Соломон.

РАГОН Израилы паддзах Соломон загъта: «Иуӕй дыууӕйӕн хуыздӕр у, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдӕбоны тыххӕй хорзӕхджын ӕрцӕуынц. Сӕ иу куы ахауа, уӕд иннӕ йе ’мбалыл схӕцдзӕн. Фӕлӕ иунӕгӕй чи у, уый куы ахауа, уӕд куыд кӕндзӕн, кӕд ӕмӕ йӕ фарсмӕ, чи йыл схӕца, уый дӕр нӕ уа?» (Екклесиаст 4:9, 10). Адӕймаджы удысконд хорз чи зыдта, уыцы зондджын лӕг ӕвдисы, хӕлӕрттӕ нын кӕй хъуамӕ уа ӕмӕ нӕхи иннӕтӕй кӕй ма хъуамӕ хибар кӕнӕм. Фӕлӕ уый ӕрмӕст цавӕрдӕр адӕймаджы хъуыды нӕу. Соломонмӕ хӕццӕ кодта Хуыцауы зонд ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ загъта уый фӕндӕй.

Адӕймаг йӕхи иннӕтӕй дард ласа, уый раст нӕу. Адӕм кӕрӕдзи фӕрцы сты. Нӕ хъаруйыл нын хъару иннӕтӕ ӕфтауынц, ӕмӕ нын ӕххуыс дӕр уыдон кӕнынц. «Йӕхи иннӕтӕй дард чи ласа, уый сфыдзонд уыдзӕн,— дзуры библион ӕмбисонд.— Цӕудзӕн, царды чи ахады, ӕппӕт уыцы зонды ныхмӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 18:1). Уӕдӕ ӕхсӕнадон цард чи иртасы, уыцы ахуыргӕндтӕ ӕнӕхъуаджы нӕ разӕнгард кӕнынц адӕмы, цӕмӕй исты къорды уой ӕмӕ иннӕтыл сӕхи бӕттой.

Адӕм та цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ ӕнгом цард кӕнын райдайой, уый тыххӕй цы уынаффӕтӕ ис, уыдонӕй иуыл дзуры профессор Роберт Путнам. Уыцы уынаффӕ у «адӕмы Хуыцауыл ӕууӕндынмӕ разӕнгард кӕнын». Уыцы хъуыддаджы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕмбал нӕй: уыдон ӕнӕхъӕн зӕххыл бинонты хуызӕн ӕмбырдты сӕхи хатынц ӕдас. Ӕвдисӕнтӕ апостол Петры ныхӕстӕ ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ уарзынц, Хуыцауӕй чи тӕрсы, аргъуыц дзы чи кӕны, ӕппӕт уыцы ӕфсымӕрад (1 Петры 2:17, НФ). Уыдон ма адӕмӕй сӕхи уымӕн нӕ хибар кӕнынц ӕмӕ ахӕм царды ӕвзӕр фӕстиуджытӕй дӕр уымӕн сты хызт, ӕмӕ сын ис, раст динимӕ баст чи у, бирӕ ахӕм хорз хъуыддӕгтӕ. Ӕвдисӕнтӕ иудадзыг адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц Хуыцауы Ныхас Библийӕ ӕцӕгад базонынӕн (2 Тимофеймӕ 2:15).

Уарзондзинад ӕмӕ сын хӕлӕрттӕ фӕивтой сӕ цард

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты, иууылдӕр ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кӕм архайынц ӕмӕ алы адӕймаг дӕр зынаргъ кӕм у, ахӕм организаци. Ӕркӕсӕм иу бинонтӕй (Латинаг Америкӕйӕ) ӕртӕйы цӕвиттонмӕ, Мигел, Фройлан ӕмӕ Алмӕ-Руты цӕвиттонмӕ. Уыдон райгуырдысты стджыты уӕфтӕджы сахъатдзинадимӕ, уый фӕстиуӕгӕн адӕймаг дӕлӕмӕдзыдӕй (карликӕй) баззайы. Се ’ртӕйӕн дӕр ӕнӕ тулгӕ къӕлӕтджынӕй сӕ бон цӕуын нӕу. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ кӕй базонгӕ сты, уый сӕ цардыл куыд фӕзынд?

Мигел дзуры: «Хатт-иу мӕм цӕрын дӕр нал цыд, фӕлӕ Иегъовӕйы адӕмимӕ куы райдыдтон ӕмбӕлын, уӕд мӕ цард фӕивта. Адӕмӕй хи дард ласын тынг тӕссаг у. Мӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты фембӕлдты кӕй фенын, семӕ алы къуыри дӕр кӕй вӕййын, уый фӕрцы та мӕ ныфс бацыд ӕмӕ удӕнцой ссардтон».

Алмӕ-Рут та зӕгъы: «Уыдис-иу ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ-иу мӕхимӕ ныхъхъуыстон; ӕрхӕндӕг хъуыдытӕ-иу мыл ӕртыхстысты. Фӕлӕ Иегъовӕйы тыххӕй куы базыдтон, уӕд бамбӕрстон, мӕ бон кӕй у, ӕмӕ йӕ хӕлар суон. Царды мын уый сси ӕппӕты зынаргъдӕр хъуыддаг. Нӕ бинонтӕ-иу нӕ цуры ӕрбалӕууыдысты, ӕмӕ уый фӕрцы кӕрӕдзийыл ӕнувыддӕр систӕм».

Мигелы фыд йӕ хъарутӕ не ’вгъау кодта, цӕмӕй Мигелы кӕсын ӕмӕ фыссын сахуыр кодтаид. Уый фӕстӕ та Мигел ӕххуыс кодта уыцы хъуыддаджы Фройлан ӕмӕ Алмӕ-Рутӕн. Ӕнӕ уымӕй сӕ уырнындзинад не сфидар уыдаид. «Кӕсын кӕй сахуыр стӕм, уый нын бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕахъаз, уымӕн ӕмӕ нӕ бон уыд нӕ уырнындзинад фидар кӕнын, Библи ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ кӕсгӕйӕ»,— дзуры Алмӕ-Рут.

Ныртӕккӕ Мигел у ӕмбырды хистӕр нӕлгоймаг. Фройлан Библи бакаст фараст хатты. Алмӕ-Рут та райдыдта фылдӕр лӕггад кӕнын Иегъовӕйӕн — 1996 азӕй у пионер, ома Паддзахады ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕг. Уый дзуры: «Ацы нысан мӕ къухы бафтыд Иегъовӕйы хорзӕхы фӕрцы, стӕй мӕ мӕ зынаргъ чырыстон хотӕ дӕр иунӕг нӕ уадзынц, ӕххуыс мын кӕнынц; сӕ фӕрцы ӕз ӕрмӕст уацамынды нӕ цӕуын, фӕлӕ ма иннӕты дӕр ахуыр кӕнын. Цӕвиттон, Библи ахуыр кӕнын райдыдтон 11 адӕймагимӕ».

Иннӕ хорз цӕвиттон та у Эмелиа. Ӕнамонд цау ыл ӕрцыд ӕмӕ йӕ дыууӕ къахы ӕмӕ йӕ рагъыстӕг фӕхъыгдард сты, уый аххосӕй йӕ хъӕуы къӕлӕтджыны бадын. Мехикойы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ райдыдтой йемӕ Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ 1996 азы райста донаргъуыд. Эмелиа дзуры: «Цалынмӕ ӕцӕгад нӕ базыдтон, уӕдмӕ мӕ мӕхи амарын дӕр фӕндыд; цӕрын мӕм ӕппындӕр нал цыд. Мӕ зӕрдӕйыл дойнаг дур ныффӕлдӕхт ӕмӕ йӕм рухсы цъыртт никӕцӕйуал калд, ӕхсӕвӕй-бонӕй кодтон кӕугӕ. Фӕлӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ ӕмбӕлын куы райдыдтон, уӕд фӕхатыдтӕн, хотӕ ӕмӕ мӕ ӕфсымӕртӕ кӕй уарзынц. Мӕ уавӕр сын уӕлдай нӕу, ӕмӕ мын уый дӕтты ныфс. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй мын иу у ӕфсымӕры хуызӕн, йе та фыды хуызӕн. Уый ӕмӕ ма кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй дӕр чидӕртӕ мӕн мӕ тулгӕ къӕлӕтджыныл фӕласынц фембӕлдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ».

Хосе цӕры иунӕгӕй. 1992 азы донаргъуыд райста ӕмӕ сси Иегъовӕйы Ӕвдисӕн. Цӕуы йыл 70 азы, 1990 азӕй та исы пенси. Раздӕр-иу Хосе йӕхимӕ арӕх ныхъхъуыста. Фӕлӕ Ӕвдисӕнтӕй чидӕр йемӕ куы аныхас кодта, уӕд ӕнӕ рахъуыды-бахъуыдыйӕ райдыдта цӕуын чырыстон фембӕлдтӕм. Йӕ зӕрдӕмӕ цыд, уым цы хъуыста ӕмӕ цы уыдта, уый. Цӕвиттонӕн, уый бафиппайдта, ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзимӕ хӕларзӕрдӕ ахаст кӕй дарынц ӕмӕ уымӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕй кӕсынц. Йе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ сӕхимӕ райстой хӕс Хосейӕн ӕххуыс кӕнын (Филиппӕгтӕм 1:1; 1 Петры 5:2). Йе ’муырнджытӕ йын систы удӕнцой (Колоссӕгтӕм 4:11). Дохтыртӕм ӕй акӕнынц, хӕдзары йӕ бабӕрӕг кӕнынц, ӕмӕ йын цыппар операци куы скодтой, уӕд дӕр ӕй иунӕгӕй нӕ ныууагътой. Уый зӕгъы: «Уыдон мыл тыхсынц. Ӕз сӕ нымайын мӕ бинонтыл. Ахӕм хӕлӕрттӕ мын кӕй ис, уый мын тынг ӕхсызгон у».

Дӕттын — амонды хос

Паддзах Соломон куы загъта, зӕгъгӕ «иуӕй дыууӕйӕн хуыздӕр у», уӕд уый хӕдразмӕ дзырдта, хъӕздыгдзинад ӕмбырд кӕныныл уд хъарын куыд дзӕгъӕлы у, уый тыххӕй (Екклесиаст 4:7—9). Ӕмӕ абон адӕмӕй бирӕтӕ растдӕр афтӕ кӕнынц, кӕд уый сӕраппонд сӕ бинонтимӕ сӕ хъӕрмуд цардӕй ӕмӕ ма иннӕ адӕмимӕ дӕр сӕ хӕлардзинадӕй ӕнӕхай фӕвӕййынц, уӕддӕр.

Адӕм зыд ӕмӕ хиуарзон кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ никӕимӕ иу кӕнынц. Уыдон нӕдӕр амондджын свӕййынц ӕмӕ нӕдӕр сӕ цард фӕхуыздӕр вӕййы, уымӕн ӕмӕ ахӕм зондыл хӕст адӕймагӕн арӕх йӕ ныфс асӕтты ӕмӕ йӕм цӕрын дӕр нал фӕцӕуы. Уыйхыгъд, уӕлдӕр цы цӕвиттонтӕ ӕрхастам, уыдонӕй зыны, цас хуыздӕр у, лӕгӕн йӕ фарсмӕ куы уой, Иегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, Хуыцау ӕмӕ адӕмы чи уарзы, ахӕм адӕм. Уыцы цӕвиттонты кӕй кой ракодтам, уыдон алы чырыстон фембӕлдмӕ дӕр кӕй цыдысты, се ’муырнӕг адӕм сын кӕй ӕххуыс кодтой ӕмӕ сыл кӕй аудыдтой, зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодтой, уый сын тынг фӕахъаз, цӕмӕй, иннӕтӕй хибарӕй цӕргӕйӕ, адӕймаджы зӕрдӕйы ӕдзух цы ӕрхӕндӕг хъуыдытӕ фӕзыны, уыдонӕй фервӕзтаиккой (Ӕмбисӕндтӕ 17:17; Дзуттӕгтӕм 10:24, 25).

Ӕнӕ кӕрӕдзийӕ нын цӕрӕн кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ иннӕтӕн ӕххуысгӕнгӕйӕ нӕ хъуыддӕгтӕй нӕ зӕрдӕ рухс кӕны. Альберт Эйнштейн, адӕмӕн кӕй куыст фӕахъаз, уый загъта: «Адӕймагӕн аргъ кӕнын хъӕуы... йӕ бон райсын цас у, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ иннӕтӕн цас дӕтты, уымӕ гӕсгӕ». Ацы хъуыды ӕмбаст у нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ныхӕстимӕ: «Райсынӕй амондджындӕр хъуыддаг у раттын» (Куыстытӕ 20:35). Уымӕ гӕсгӕ, кӕй нӕ уарзынц, уый нын кӕд тынг ӕхсызгон у, уӕддӕр, нӕхӕдӕг дӕр иннӕты куы уарзӕм, уӕд нӕхи ноджы хуыздӕр хатдзыстӕм.

Ӕмбырдтӕ цалдӕр азы дӕргъы чи бӕрӕг кӕны, сӕ уырнындзинад сын чи фидар кӕны ӕмӕ ӕххуысхъуаг чырыстӕттӕн фембӕлдтӕн агъуыстытӕ аразынӕн чи ӕххуыс кӕны, иу ахӕм цӕуӕг цӕстдарӕг загъта, цы хаты, уый тыххӕй: «Ме ’фсымӕртӕн лӕггад кӕнын мын циндзинад хӕссы, уынын ӕй, мӕ куыстӕн мын кӕй аргъ кӕнынц, ӕмӕ мӕ уый дарддӕр дӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнон. Цы рацардтӕн, уымӕй бамбӕрстон — иннӕтыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы тыхсай, уӕд уыдзынӕ ӕцӕг амондджын. Ӕз ма уый дӕр зонын, ӕмӕ мах, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, хъуамӕ уӕм „дымгӕйӕ ӕмбӕхсӕн агъуысты... хуызӕн, хурсыгъд бӕстӕйы цӕугӕдонау ӕмӕ хус бӕстӕйы егъау къӕдзӕхы аууонау“» (Исай 32:2).

Куыд ӕхсызгон у иумӕ хӕларӕй цӕрын!

Адӕймагӕн иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕй ӕмӕ Иегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонимӕ хӕларӕй цӕрынӕй хуыздӕр цы хъуамӕ уа ӕмӕ йӕ ӕцӕгдӕр амондджын цы хъуамӕ скӕна?! «Куыд хорз ӕмӕ куыд ӕхсызгон у ӕфсымӕртӕн иумӕ [«хӕларӕй», НД] цӕрын!»,— зарыд псаломзарӕггӕнӕг (Псалом 132:1). Бинонтӕ хъӕрмуд куы уой, уӕд кӕрӕдзийӕн уыдзысты стыр ныфс ӕмӕ ӕххуыс. Уый бӕрӕг у Мигел, Фройлан ӕмӕ Алмӕ-Руты цӕвиттонтӕй. Ӕмӕ цӕй арфӕйаг хъуыддаг у иумӕ, ӕмвӕнд-ӕмзондӕй, иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн кувын! Апостол Петр чырыстон лӕгтӕ ӕмӕ устытӕн куы радта уынаффӕ, уӕд ма ныффыста: «Ӕппын фӕстаг ут иуылдӕр ӕмвӕнд, тӕригъӕдгӕнаг, ӕфсымӕруарзӕг, хӕларзӕрдӕ, хӕларуарзӕг, сабырзонды» (1 Петры 3:8).

Адӕймагӕн хорз хӕлӕрттӕ куы уа, уӕд ын уый кӕддӕриддӕр хӕсдзӕн удӕнцой ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн. Йе ’мдин адӕмы апостол Павел разӕнгард кодта: «Ныфсхаст кӕнут зӕрдӕсӕстыты, фӕхӕцут ӕдыхтыл, бирӕбарон ут се ’ппӕтмӕ. [...] Кӕддӕриддӕр агурут хорз ракӕнын уӕ кӕрӕдзийӕн ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14, 15, НФ).

Уымӕ гӕсгӕ мах хъӕуы хъуыддагӕй равдисын, кӕмӕндӕр нӕ хорз ракӕнын кӕй фӕнды, уый. «Кӕндзыстӕм хорздзинад алкӕмӕн дӕр, уӕлдайдӕр та нӕхионтӕн, уырнындзинады иу кӕимӕ стӕм», уымӕн ӕмӕ уӕд ӕцӕгдӕр зондзыстӕм, цӕмӕн цӕрӕм, ӕмӕ царды цинӕн фендзыстӕм йӕ ад (Галатӕгтӕм 6:9, 10). Йесойы ахуыргӕнинаг Иаков фыста: «Кӕд ӕфсымӕр кӕнӕ хо бӕгънӕг сты, ӕмӕ сӕм нӕй иу боны фаг хӕринаг, ӕмӕ сымахӕй исчи куы зӕгъа уыдонӕн: „цӕут фарнимӕ, уӕхи бахъарм кӕнут ӕмӕ хӕрут“, фӕлӕ сын сӕ буары хъуагдзинадӕн куы ницы баххуыс кӕна: уӕд цы пайда у?» (Иаковы 2:15, 16). Ацы фарстӕн дзуапп бӕрӕг у. Махӕй алчидӕр хъуамӕ «ӕрмӕст йӕхи мӕт ма кӕна... фӕлӕ... иннӕты мӕт дӕр» (Филиппӕгтӕм 2:4).

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иннӕтӕн цавӕрдӕр уӕззау уавӕрты, йе та исты бӕллӕхы рӕстӕджы ӕхцайӕ баххуыс кӕнынц. Уымӕй уӕлдай ма адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц тынг ахсджиаг хъуыддаджы — хъусын сын кӕнынц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар (Матфейы 24:14). 6 милуан Ӕвдисӕнӕй фылдӕр ацы удӕнцойхӕссӕг ӕмӕ ныфсы хабар кӕй хъусын кӕнынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ иннӕтыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ тыхсынц ӕмӕ сӕ уарзынц. Фӕлӕ ма Сыгъдӕг Фыстады ӕххуыс ахады ноджыдӕр иу ахсджиаг хъуыддаджы. Цавӕр?

Ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг

Цӕмӕй ӕцӕгдӕр амондджын уӕм, уый тыххӕй нын Хуыцауимӕ хъуамӕ уа хорз ахастытӕ. Иу чиныджы дзырдӕуы: «Адӕймаджы кӕддӕриддӕр ӕмӕ кӕмдӕриддӕр, незамантӕй абоны онг дӕр фӕнды кувын, йӕхицӕй стырдӕр ӕмӕ тыхджындӕр чи у, уымӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дин адӕймагӕн йӕ ӕрдзон удыхъӕды ис ӕвӕрд, ӕмӕ зонад ацы хъуыддагыл хъуамӕ разы уа. [...] Ӕгас дунейы алы адӕймаг дӕр Хуыцауы кӕй агуры ӕмӕ йӕ ууыл ӕууӕндын кӕй фӕнды, уый ӕмбисондӕн куыннӕ хъуамӕ хӕссӕм, дисы нӕ куыннӕ хъуамӕ ӕфтауа» (Кресси Моррисон, «Man Does Not Stand Alone»).

Йесо Чырысти загъта: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон» (Матфейы 5:3, НД). Адӕймаг бирӕ рӕстӕджы дӕргъы йӕхи иннӕтӕй дард куы ласа, уӕд ын уый зиан хӕссы. Фӕлӕ бирӕ тӕссагдӕр у, не Сфӕлдисӕгӕй нӕхи куы иуварс кӕнӕм (Раргомад 4:11). Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ исын ӕмӕ уыцы зонындзинӕдтӕй пайда кӕнынӕй ахсджиагдӕр нӕ царды хъуамӕ мацы уа (Ӕмбисӕндтӕ 2:1—5). Уӕдӕ нӕхицӕн хъуамӕ фидарӕй аскъуыддзаг кӕнӕм, цӕмӕй нӕхи монон хӕринагӕй цух ма уадзӕм, уымӕн ӕмӕ нын ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн нӕй. Нӕ амонд ӕмӕ нӕ арфӕйаг цард баст сты, Иегъовӕмӕ — «ӕппӕт зӕххы сӕрмӕ» Ӕппӕтбӕрзонд чи у, уымӕ — цас ӕввахс уыдзыстӕм, ууыл (Псалом 82:19).

[Ныв 5 фарсыл]

Мигел: «Хатт-иу мӕм цӕрын дӕр нал цыд, фӕлӕ Иегъовӕйы адӕмимӕ куы райдыдтон ӕмбӕлын, уӕд мӕ цард фӕивта».

[Ныв 5 фарсыл]

Алмӕ-Рут: «Иегъовӕйы тыххӕй куы базыдтон, уӕд бамбӕрстон, мӕ бон кӕй у, ӕмӕ йӕ хӕлар суон».

[Ныв 6 фарсыл]

Эмелиа: «Цалынмӕ ӕцӕгад нӕ базыдтон, уӕдмӕ... мӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕй калд».

[Ныв 7 фарсыл]

Хуыцауы ӕцӕг кувджытимӕ кӕй ӕмбӕлӕм, уый фӕрцы нӕхи монон хӕринагӕй цух нӕ уадзӕм.