Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕнӕ адӕм цӕрӕн ис?

Ӕнӕ адӕм цӕрӕн ис?

Ӕнӕ адӕм цӕрӕн ис?

«КУЫД цӕрӕм ӕмӕ цӕмӕ тырнӕм, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд бамбарӕм, нӕ алы хъуыддаг дӕр, нӕ алы фӕнд дӕр ӕмбаст кӕй у адӕмимӕ»,— загъта зындгонд ахуыргонд Альберт Эйнштейн. Уый ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Мах хӕрӕм иннӕты арӕзт хӕринаг, нӕ уӕлӕ кӕнӕм иннӕты хуыд дарӕс, цӕрӕм иннӕты амад хӕдзӕртты. [...] Адӕймагӕй цыдӕр рауайы ӕмӕ йын аргъ вӕййы, йӕхӕдӕг хорз кӕй у, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ адӕмы стыр ӕхсӕнады уӕнг кӕй у, уый тыххӕй, ӕмӕ йын уыцы ӕхсӕнад та авдӕнӕй ингӕнмӕ амоны, куыд хъуамӕ цӕра ӕмӕ цавӕр удыхъӕды хицау хъуамӕ уа, уый».

Зӕгъӕм, цӕрӕгойтӕ ӕрдзӕй рахӕсгӕ ахастмӕ гӕсгӕ цӕрынц къордгай. Пылтӕ иу ранӕй иннӕ ранмӕ цӕуынц дзугтӕй ӕмӕ цӕсты гагуыйау хъахъхъӕнынц сӕ лӕппынты. Сыл домбӕйттӕ цуаны цӕуынц иумӕ ӕмӕ сӕ холыйӕ бахай кӕнынц нӕл домбӕйттӕн. Дельфинтӕ иумӕ фӕхъазынц ӕмӕ ма суанг фыдбылызӕй дӕр фервӕзын кӕнынц иннӕ цӕрӕгойты, йе та ленкгӕнджыты.

Фӕлӕ ӕхсӕнадон цард чи иртасы, уыцы ахуыргӕндтӕ (социологтӕ) бафиппайдтой ахӕм зондахаст, бонӕй-бонмӕ сӕ мӕты тынгдӕр чи ӕфтауы. Иу мексикӕйаг газеты куыд фыст уыд, афтӕмӕй иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, «бирӕ азты дӕргъы адӕм ӕрмӕст сӕхи мӕт кӕй кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ ӕнгом кӕй нал цӕрынц, уый Америкӕйы Иугонд Штатты ӕхсӕнадыл тынг фӕзынд». Газеты дзырдӕуыд, зӕгъгӕ, «адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕнынӕн ӕхсӕнады алы фадыджы дӕр хъӕуы стыр ивындзинӕдтӕ саразын, ӕмӕ уымӕ хауы кӕрӕдзиимӕ ӕнгом цард кӕнын райдайын дӕр».

Уый уӕлдай арӕх у хъӕздыг бӕстӕты. Иннӕтӕй йӕхи чи хибар кӕны, уыцы адӕмы нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны. Адӕмы фӕнды, «куыд ничи сӕ хъыгдара, афтӕ цӕрын» ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй «сӕ кауы сӕрты цъиу дӕр ма атӕха». Загъд уыд ахӕм хъуыды дӕр, зӕгъгӕ, адӕмӕн ахӕм зондахаст кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ арӕхдӕр сӕхимӕ ныхъхъусынц, цард сын ад нал фӕкӕны ӕмӕ ма дзы иуӕй-иутӕ сӕхи дӕр амарынц.

Уый фӕдыл дохтыр Дэниел Гоулмен загъта: «Адӕймаг йӕхи иннӕтыл куы нӕ бӕтта, ома йын куы нӕ уа ӕмбал, йе та йӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн кӕимӕ фӕныхас кӕна, ахӕм исчи, уӕд ын бирӕ тӕссагдӕр у низӕй кӕнӕ мӕлӕтӕй». Журнал «Сайенс»-ы цы уац уыд мыхуыр, уым скодтой ахӕм хатдзӕг, адӕймаг йӕхи иннӕтӕй кӕй хибар кӕны, уый йӕ мӕлӕты къахыл лӕууын кӕны «тамако дымынау, туджы ӕлхъывдад бӕрзонд куы вӕййы ӕмӕ буары ӕгӕр бирӕ холестерин куы вӕййы, уыйау, ӕгӕр куы снард вӕййы ӕмӕ фаг куы нӕ фезмӕлы, уыйау».

Уӕдӕ адӕм лӕджы кӕддӕриддӕр хъӕуынц. Иунӕгӕй цӕрӕн нӕй. Цы ис саразӕн, цӕмӕй адӕймаг йӕхи иннӕтӕй ма хибар кӕна? Бирӕтӕ куыд базыдтой, ӕцӕг цӕмӕн цӕрынц, уый? Ацы фарстытыл дзырд цӕуы иннӕ статьяйы.

[Хицӕнгонд текст 3 фарсыл]

«Нӕ алы хъуыддаг дӕр, нӕ алы фӕнд дӕр ӕнгом баст у адӕмимӕ» (Альберт Эйнштейн).