Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйыл дӕ ныфс дар

Иегъовӕйыл дӕ ныфс дар

Иегъовӕйыл дӕ ныфс дар

«Ды мӕ ныфс дӕ, Хицау Иегъовӕ мӕ ныфс у мӕ сывӕллонӕй нырмӕ» (ПСАЛОМ 70:5, МГТ).

1. Цавӕр уавӕры бахауд ӕрыгон фыййау Давид?

УЫЦЫ лӕг уыди ӕртӕ метры бӕрц. Уӕдӕ диссаг нӕу, Израилы ӕфсӕддонтӕй йӕм иу дӕр йӕ ныфс кӕй нӕ хаста! Цалдӕр къуыри фӕдфӕдыл, ӕрвылрайсом ӕмӕ ӕрвылизӕр, филистимаг уӕйыг Голиаф хынджылӕг кодта Израилы ӕфсадӕй ӕмӕ дзырдта, цӕмӕй сӕ исчи йемӕ йӕ тых бавзара. Фӕстагмӕ йӕ ныхмӕ хӕстон лӕг нӕ рацыд, фӕлӕ хуымӕтӕг ӕвзонг лӕппу. Ӕрыгон фыййау Давид йе знаджы цур уылынджыйас дӕр нӕ уыд. Йӕ уӕз дӕр, ӕвӕццӕгӕн, Голиафы хотыхтӕ ӕмӕ хӕцӕнгарзӕй къаддӕр уыдаид! Уӕддӕр уыцы лӕппу лӕгӕй-лӕгмӕ рацыд уыцы уӕйыджы ныхмӕ ӕмӕ ӕнустӕм баззад хъӕбатырдзинады дӕнцӕгӕн (1 Паддзахӕдты 17:1—51).

2, 3. а) Давид Голиафы ныхмӕ афтӕ ныфсджынӕй цӕмӕн рацыд? ӕ) Цӕмӕй Иегъовӕйыл нӕ ныфс дарӕм, уый тыххӕй цавӕр дыууӕ къахдзӕфыл ӕрдзурдзыстӕм?

2 Давидмӕ ахӕм хъӕбатырдзинад кӕцӕй разынд? Ӕркӕсӕм, фӕстӕдӕр уый, ӕвӕццӕгӕн, цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдонмӕ: «Ды мӕ ныфс дӕ, Хицау Иегъовӕ мӕ ныфс у мӕ сывӕллонӕй нырмӕ» (Псалом 70:5, МГТ). О, хӕрзӕрыгонӕй дӕр Давид Иегъовӕйыл ӕууӕндыд ӕппӕт зӕрдӕйӕ. Уый Голиафы ныхмӕ рацыд ӕмӕ загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Ды мӕ ныхмӕ цӕуыс ӕхсаргард, арц ӕмӕ джебогъимӕ, ӕз та дӕ ныхмӕ цӕуын ӕфсӕдты Иегъовӕйы номӕй, ды кӕмӕй хынджылӕг кодтай, уыцы Израилы ӕфсӕдты Хуыцауы номӕй» (1 Паддзахӕдты 17:45). Кӕд Голиаф ныфсджын уыд йӕ стыр хъаруйӕ ӕмӕ йӕ хотыхтӕй, уӕд Давид та йӕ ныфс дардта Иегъовӕйыл. Уӕдӕ Дунесфӕлдисӕг Стыр Хуыцау кӕд йӕ фарс уыд, уӕд ма Давид зӕххон адӕймагӕй куыд хъуамӕ фӕтарстаид, цыфӕнды стыр ӕмӕ гӕрзифтонг куы уыдаид, уӕд дӕр?

3 Давиды тыххӕй куы фӕкӕсыс, уӕд дӕ нӕ бафӕнды Иегъовӕйыл дӕ ныфс тынгдӕр дарын? Ӕвӕццӕгӕн нӕ бирӕты бафӕнды. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Иегъовӕйыл нын нӕ ныфс дарынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, дыууӕ ахӕм къахдзӕфмӕ. Фыццаджыдӕр, мах хъуамӕ аиуварс кӕнӕм, уыцы ныфсӕн арӕх цӕлхдур цы вӕййы, уый, ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ дарддӕр мауал къуылымпы кӕна. Дыккаджыдӕр, хъуамӕ хорз ӕмбарӕм, Иегъовӕйыл ӕууӕндын цы нысан кӕны, уый.

Иегъовӕйыл ныфс дарынӕн арӕх цӕлхдур цы вӕййы

4, 5. Бирӕтӕн зын цӕмӕн у Хуыцауыл сӕ ныфс дарын?

4 Цы хъыгдары адӕмы, цӕмӕй Хуыцауыл сӕ ныфс дарой? Арӕхдӕр йӕ аххосаг вӕййы, ӕнамонд хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы, уый кӕй нӕ фӕзонынц. Бирӕты сахуыр кодтой, зӕгъгӕ, хъизӕмӕртты Хуыцау у аххосджын. Исты бӕллӕх куы ӕрцӕуы ӕмӕ дзы адӕм куы фӕмард вӕййы, уӕд сауджынтӕ хатт фӕдзурынц, Хуыцау, дам, сӕ йӕхимӕ уӕларвмӕ «акодта». Уымӕй уӕлдай ма дины разамонджытӕй бирӕтӕ амонынц, зӕгъгӕ, Хуыцау рагацау аскъуыддзаг кодта, ацы дунейы цыдӕриддӕр цӕудзӕн, уый, уыимӕ ма ӕппӕт ӕнамонд хабӕрттӕ ӕмӕ фыдракӕндтӕ дӕр. Тынг зын у ахӕм дурзӕрдӕ Хуыцауыл ныфс дарын. Сайтан, ӕнӕуырнджыты зӕндтӕ чи куырм кӕны, уый, ӕвӕллайгӕйӕ тауы «хӕйрӕджыты [ӕппӕт ахӕм] ахуырӕдтӕ» (1 Тимофеймӕ 4:1; 2 Коринфӕгтӕм 4:4).

5 Сайтаны фӕнды, цӕмӕй адӕм Иегъовӕйыл сӕ ныфс мауал дарой. Хуыцауы ацы знаг ууыл архайы, цӕмӕй адӕм сӕ хъизӕмӕртты ӕцӕг аххосӕгтӕ ма базоной. Ӕмӕ кӕд Библийӕ уыцы аххосӕгтӕ базыдтам, уӕд та Сайтанӕн уымӕй хуыздӕр ницы уаид, куы сӕ ферох кӕниккам. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу нӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууын кӕниккам, ацы дунейы хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис, уымӕн цы ӕртӕ аххосаджы ис, уыдон. Афтӕмӕй нӕ зӕрдыл бадардзыстӕм ацы хъуыды: царды цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдон Иегъовӕйы фӕндӕй нӕ цӕуынц (Филиппӕгтӕм 1:9, 10).

6. Адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц, уымӕн йӕ иу аххосаг 1 Петры 5:8 куыд ӕвдисы?

6 Сайтаны фӕнды, цӕмӕй Иегъовӕйыл йӕ иузӕрдион адӕм сӕ зӕрдӕтӕ сивой, ӕмӕ адӕймаджы хъизӕмӕртты фыццаг аххосаг дӕр уый мидӕг ис. Уый архайдта, цӕмӕй Иов Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивтаид. Уыцы хъуыддагӕй йын ницы рауад, фӕлӕ уӕддӕр йӕ кӕнон дарддӕр кӕны. Ацы дунейы хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ архайы Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты «аныхъуырыныл» (1 Петры 5:8). Уый нӕ алкӕмӕдӕр хауы! Сайтаны фӕнды, цӕмӕй Иегъовӕйӕн мауал лӕггад кӕнӕм. Уый тыххӕй нын арӕх адӕмы нӕ ныхмӕ скӕны ӕмӕ нӕ фӕдыл зилын райдайынц. Ахӕм хъизӕмӕрттӕ нын гӕнӕн ис нӕ зӕрдӕ риссын кӕной, фӕлӕ хъуамӕ фидар уӕм. Уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй бӕлвырд кӕнӕм, Сайтан мӕнгдзурӕг кӕй у, ӕмӕ уымӕй Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм (Иов 2:4; Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Иегъовӕ нын фӕдылзылд фӕразынӕн тых кӕй дӕтты, уый руаджы йыл тынгдӕр дарӕм нӕ ныфс (Псалом 9:10, 11).

7. Галатӕгтӕм 6:7 кӕсгӕйӕ, хъизӕмӕртты аххосӕгтӕй кӕцы у нӕ бон сбӕлвырд кӕнын?

7 Хъизӕмӕртты дыккаг аххосаг бӕрӕг у ацы уагӕвӕрдӕй: «Цы байтауа адӕймаг, уый ӕркӕрддзӕн» (Галатӕгтӕм 6:7). Хатт адӕм байтауынц ӕнӕзонд митӕ ӕмӕ фӕстагмӕ ӕркӕрдынц хъизӕмӕрттӕ. Зӕгъӕм, чидӕр фӕндагыл цӕуыны уагӕвӕрдтӕ фехалы ӕмӕ авари скӕны. Бирӕтӕ тамако дымынц ӕмӕ зӕрдӕйы низтӕй фӕрынчын вӕййынц, кӕнӕ та сӕ рӕуджыты рак фӕзыны. Хӕтгӕ чи кӕны, уыдоны та уый арӕх ӕркӕны ахӕм кӕуинаг фӕстиуджытӕм: сӕ бинонты цард фехӕлы, сӕхицӕн нал фӕаргъ кӕнынц, ӕвзӕр низтӕ сыл ныххӕцы, йе та басывӕрджын вӕййынц. Ахӕм хъуыддӕгты адӕм Хуыцауы фӕаххосджын кӕнынц, фӕлӕ ӕцӕгӕй та сӕхи ӕнӕзонд миты цъысымы бахауынц (Ӕмбисӕндтӕ 19:3).

8. Екклесиасты 9:11 гӕсгӕ, адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц?

8 Хъизӕмӕртты ӕртыккаг аххосаг та амынд у Екклесиасты 9:11: «Акастӕн ӕмӕ федтон хуры бын, цӕрдӕгтӕ кӕй нӕ рамбулынц дугъы ӕмӕ хъӕбатыртӕ — тохы, зондджынтӕм кӕй нӕй хӕринаг, ӕмбаргӕтӕм — хъӕздыгдзинад, зонындзинад кӕмӕ ис, уыдонмӕ — хорзӕх, уымӕн ӕмӕ кӕд кӕуыл цы ӕрцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны». Иуӕй-иу хатт адӕм се ’намондӕн февзӕрынц кӕм нӕ хъӕуы, уым. Нӕ хорз миниуджытӕ ӕмӕ нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕм нӕкӕсгӕйӕ, кӕуылфӕнды дӕр ӕмӕ кӕдфӕнды дӕр гӕнӕн ис ӕнӕнхъӕлӕджы ӕнамонд хабар ӕрцӕуа кӕнӕ амӕла. Зӕгъӕм, Йесойы бонты Иерусалимы ныккалд мӕсыг ӕмӕ йӕ быны фӕци 18 адӕймаджы. Йесо бамбарын кодта, Хуыцау сӕ кӕй нӕ бафхӕрдта сӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй (Лукайы 13:4). Нӕ, Иегъовӕ ахӕм фыдбылызты аххосджын нӕу.

9. Хъизӕмӕрттӕ кӕй ис, уый тыххӕй бирӕтӕ цы не ’мбарынц?

9 Хъизӕмӕртты аххосӕгтӕ ӕмбарын ахсджиаг у. Фӕлӕ ацы хъуыддаджы бирӕтӕн иу фарст уӕддӕр зын бамбарӕн у: Иегъовӕ Хуыцау хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?

Иегъовӕ хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?

10, 11. а) Ромӕгтӕм 8:19—22 гӕсгӕ «ӕппӕт скондыл» цы ’рцыд? ӕ) Куыд у нӕ бон базонын, сконд тыхстдзинадӕн чи басаста?

10 Апостол Павел ромӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уымӕй иу скъуыддзаг ацы ахсджиаг фарста хуыздӕр ӕмбарын кӕны. Павел ныффыста: «Сконд ныфсимӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы Хуыцауы фыртты ӕргомдзинадмӕ,— уымӕн ӕмӕ сконд басаст тыхстдзинадӕн барвӕндонӕй нӕ, фӕлӕ йӕ басӕттӕджы фӕндонӕй,— ныфсы мидӕг, сконд йӕхӕдӕг дӕр кӕй ссӕрибар уыдзӕн ӕмбийындзинадӕн цагъарадӕй, Хуыцауы сывӕллӕтты кады сӕрибардзинадмӕ. Уымӕн ӕмӕ зонӕм, ӕппӕт сконд ӕмдзыгуырӕй хъӕрзы ӕмӕ тухӕнӕй мӕлы ныр дӕр ма» (Ромӕгтӕм 8:19—22).

11 Ацы стихты мидис бамбарынӕн нӕ фыццаг хъӕуы дзуапп ссарын цалдӕр сӕйраг фарстӕн. Зӕгъӕм, чи басаста сконд тыхстдзинадӕн? Иутӕ дзурынц Сайтан, иннӕтӕ та — Адам. Фӕлӕ уый уыдонӕй иуӕн дӕр йӕ бон нӕ уыд саразын. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ сконд тыхстдзинадӕн чи басаста, уый йӕ сарӕзта «ныфсы мидӕг». Ныфс ӕй уыд, иузӕрдион адӕм ӕппынфӕстаг «кӕй ссӕрибар уыдзысты ӕмбийындзинадӕн цагъарадӕй». Ахӕм ныфс раттын нӕдӕр Адамы бон уыд ӕмӕ нӕдӕр Сайтаны. Ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйӕн уыд уый йӕ бон. Уӕдӕ, куыд зыны, афтӕмӕй растдӕр уый басаста сконд тыхстдзинадӕн.

12. Цавӕр хӕццӕ хъуыдытӕ ис, «ӕппӕт сконд» цы у, уый тыххӕй ӕмӕ уыцы фарстӕн куыд ис дзуапп раттӕн?

12 Цымӕ «ӕппӕт сконд» та цы у ацы скъуыддзаджы? Иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, «ӕппӕт сконд» амоны ӕрдзмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр, уыимӕ цӕрӕгойтӕ ӕмӕ зайӕгойтӕм. Фӕлӕ цӕрӕгойтӕ ӕмӕ зайӕгойты уый ныфс ис, ӕмӕ «Хуыцауы сывӕллӕтты кады сӕрибардзинадмӕ» бахӕццӕ уыдзысты? Нӕ (2 Петры 2:12). Уӕдӕ «ӕппӕт сконд» ахӕссӕн ис ӕрмӕстдӕр адӕммӕ. Уыцы сконд у, Едемы Хуыцауы ныхмӕ кӕй растадысты, уый аххосӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй чи тухӕн кӕны, ӕмӕ ныфс уӕлдӕфау кӕй хъӕуы, уый (Ромӕгтӕм 5:12).

13. Адам ӕмӕ Евӕ Едемы Хуыцауы ныхмӕ кӕй растадысты, уый адӕмы цӕмӕ ӕркодта?

13 Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй растадысты, уый адӕмы цӕмӕ ӕркодта? Павел уый ӕмбарын кӕны иу дзырдӕй: тыхстдзинад *. Иу иртасӕн куыстмӕ гӕсгӕ ацы дзырд амоны «дзаумайы ӕнӕпайдадзинадмӕ, цӕмӕн арӕзт у, уый куы нӕ ӕххӕст кӕна, уӕд». Хуыцау адӕмы сфӕлдыста, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрой, алцӕмӕй ӕххӕст, ӕмуд бинонтӕ уой ӕмӕ дзӕнӕты зӕхмӕ зилой. Фӕлӕ сӕ цард у цыбыр, мастӕй йедзаг ӕмӕ арӕх — ӕнӕпайда. Иов куыд загъта, афтӕмӕй «сылгоймагӕй чи райгуыры, уымӕн йӕ цард цыбыр у ӕмӕ бирӕ зындзинӕдтӕ ӕвзары» (Иов 14:1). Ӕцӕг тыхстдзинад!

14, 15. а) Иегъовӕ адӕмӕн цы тӕрхон рахаста, уый раст цӕмӕн уыди? ӕ) Павел цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, сконд тыхстдзинадӕн «барвӕндонӕй» нӕ басаст?

14 Ныр ӕрхӕццӕ стӕм сӕйраг фарстмӕ: «ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг» адӕмы ахӕм мастӕйдзаг, ӕнӕпайда цардӕн цӕмӕн басаста? (Уӕвынад 18:25). Раст бакодта? Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм, нӕ рагфыдӕлтӕ цы сарӕзтой, уый. Хуыцауы ныхмӕ растгӕйӕ уыдон слӕууыдысты Сайтаны фарс, Иегъовӕйы хицаудзинад ӕгас дунейы раз чи сдзырддаг кодта, уый фарс. Уыдон сӕ хъуыддӕгтӕй равдыстой, разы кӕй сты ахӕм ныхӕстыл, зӕгъгӕ, адӕмӕн хуыздӕр уыдзӕн ӕнӕ Иегъовӕйӕ, сӕхӕдӕг сӕхицӕн куы уой хицӕуттӕ, растӕг уӕларвон сфӕлдисонды разамындӕй. Иегъовӕ, йӕ ныхмӕ чи растад, уыдонӕн тӕрхон куы рахаста, уӕд сын, раст зӕгъгӕйӕ, радта, цы куырдтой, уый. Адӕмӕн радта бар, цӕмӕй сӕхӕдӕг сӕхицӕн уой хицӕуттӕ ӕмӕ сыл Сайтан дӕр куыд ӕндава. Ахӕм уавӕрты куыннӕ уыдаид уый иууыл хуыздӕр уынаффӕ — басӕттын адӕмы тыхсдзинадӕн, фӕлӕ ныфсы мидӕг?

15 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сконд «барвӕндонӕй» нӕ басаст. Мах райгуырӕм тӕригъӕды ӕмӕ ӕмбийындзинады цагъартӕй, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы нӕ бон ницы у фӕивын. Фӕлӕ Иегъовӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Адам ӕмӕ Евӕйы бауагъта цӕрын ӕмӕ цот рауадзын. Кӕд мах стӕм сӕ байзӕддӕгтӕ ӕмӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъартӕ, уӕддӕр нын ис фадат, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ цы нӕ кодтой, уый кӕнӕм. Махӕн нӕ бон у Иегъовӕйы коммӕ кӕсын ӕмӕ ахуыр кӕнын, йӕ хицаудзинад раст ӕмӕ ӕххӕст кӕй у, ӕмӕ ӕнӕ Иегъовӕйӕ та адӕмы хицаудзинад рыст, маст ӕмӕ тыхстдзинады йедтӕмӕ кӕй ницы хӕссы (Иереми 10:23; Раргомад 4:11). Ӕмӕ Сайтаны ӕндӕвдад та адӕмы уавӕр фыддӕр цы кӕны, уый йедтӕмӕ сын кӕй ницы ӕххуыс у. Истори бӕлвырд кӕны ацы ӕцӕгдзинӕдтӕ (Екклесиаст 8:9).

16. а) Абон дунейы цы хъизӕмӕрттӕ уынӕм, уым Иегъовӕ аххосджын кӕй нӕу, ууыл фидарӕй ӕууӕндын нӕ бон цӕмӕн у? ӕ) Иегъовӕ йӕ уарзондзинадӕй иузӕрдион адӕмӕн цавӕр ныфс радта?

16 Куыд уынӕм, афтӕмӕй Иегъовӕйӕн уыд бӕлвырд аххосӕгтӕ, цӕмӕй адӕмы тыхстдзинадӕн басастаид. Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ абон махӕй алчидӕр цы тыхст уавӕрты бахауы ӕмӕ цы хъизӕмӕрттӕ бавзары, уым Иегъовӕ у аххосджын? Уӕдӕ ма нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм, тӕрхонгӕнӕг фыдгӕнӕгӕн раст тӕрхон куыд хӕссы, уый. Фыдгӕнӕг ахӕстоны, гӕнӕн ис, бирӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзара, фӕлӕ афтӕ куы хъуыды кӕна, ӕмӕ йӕ хъизӕмӕртты аххосджын тӕрхонгӕнӕг у, уӕд раст уыдзӕн? Ницы хуызы! Уымӕй уӕлдай, Иегъовӕйӕ фыддзинад никуы цӕуы. Иаковы 1:13 дзырдӕуы: «Хуыцау фыддзинадӕй фӕлвӕрд нӕ вӕййы ӕмӕ Йӕхӕдӕг дӕр никӕйы фӕлвары». Нӕ зӕрдыл ма нӕ хъӕуы дарын уый дӕр, ӕмӕ Иегъовӕ уыцы тӕрхон рахаста «ныфсы мидӕг». Стыр уарзондзинады хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ бацархайдта, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕйы иузӕрдион байзӕддӕгты бон суа фенын тыхстдзинады кӕрон ӕмӕ райсын «Хуыцауы сывӕллӕтты кады сӕрибардзинад». Ӕнусты дӕргъы Хуыцауыл иузӕрдион адӕм никуыуал тӕрсдзысты, ӕппӕт сконд та ногӕй кӕй басӕтдзӕн тухӕнӕй марӕг тыхстдзинадӕн. Иегъовӕ алцыдӕр раст кӕй аразы, уый фӕрцы ӕнустӕм сбӕлвырд уыдзӕн, хицауиуӕг кӕныны бар ын кӕй ис (Исай 25:8).

17. Абон дунейы хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис, уымӕн йӕ аххосӕгтӕ нӕ зӕрдыл кӕй ӕрлӕууын кодтам, уый ныл куыд хъуамӕ бандава?

17 Адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц, уый равзаргӕйӕ ма нын исты бындур ис, цӕмӕй Иегъовӕйы фыддзинады аххосджын кӕнӕм кӕнӕ та йыл нӕ ныфс къаддӕр дарӕм? Нӕ, цы раиртӕстам, уый нӕ разӕнгард кӕны Моисейы ныхӕстӕ фӕлхат кӕнынмӕ: «Уый Хох у, йӕ хъуыддӕгты ницы хъӕндзинад ис, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр раст сты. Хуыцау ӕнӕсайд у, нӕй йӕм ӕнӕрастдзинад; уый у раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам» (Дыккаг закъон 32:4). Цӕй уӕдӕ-иу ацы хъуыддӕгтӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм ӕмӕ-иу сыл ахъуыды кӕнӕм. Афтӕмӕй фӕлварӕнты нӕ бон суыдзӕн Сайтаны ныхмӕ фӕлӕууын, нӕ сӕры нын дызӕрдыггаг хъуыдытӕ тауыныл куы архайа, уӕд. Цы ис зӕгъӕн, райдианы кӕй кой кодтам, уыцы дыккаг къахдзӕфы тыххӕй та? Цы нысан кӕны Иегъовӕйыл ӕууӕндын?

Цы нысан кӕны Иегъовӕйыл ӕууӕндын?

18, 19. Библи нӕ Иегъовӕйыл ӕууӕндынмӕ цавӕр ныхӕстӕй разӕнгард кӕны, фӕлӕ уый фӕдыл иуӕй-иутӕм цавӕр ӕнӕраст хъуыдытӕ сӕвзӕры?

18 Хуыцауы Ныхас нӕ разӕнгард кӕны: «Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕнд ӕмӕ дӕ зондӕй ныфсджын ма у. Алы хъуыддаджы дӕр ын агур йӕ разамынд, ӕмӕ дын уый раст кӕндзӕн дӕ фӕндӕгтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6). Цӕй рӕсугъд ӕмӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ сты! Ӕцӕгдӕр, ӕнӕхъӕн Дун-дунейы нӕ уарзон уӕларвон Фыд йедтӕмӕ уый аргъ ничи у, цӕмӕй йыл афтӕ тынг ӕууӕндӕм. Фӕлӕ ацы ныхӕстӕн сӕ кӕсын сӕ ӕххӕст кӕнынӕй ӕнцондӕр у.

19 Бирӕтӕ раст не ’мбарынц, Иегъовӕйыл ӕууӕндын цы нысан кӕны, уый. Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ уый ӕрмӕстдӕр у, адӕймаджы зӕрдӕйы йӕхигъӕдӕй чи сӕвзӕры, ахӕм цины ӕнкъарӕн. Иннӕтӕ та, куыд зыны, афтӕмӕй хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, Хуыцауыл ӕууӕндын нысан кӕны ӕууӕндын, ӕппӕт бӕллӕхтӕй дӕр нӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн, мӕты нӕ чи ӕфтауы, уыцы хъуыддӕгтӕ кӕй аиуварс кӕндзӕн ӕмӕ нын нӕ ӕрвылбоны зындзинӕдтӕ кӕй аскъуыддзаг кӕндзӕн, мах куыддӕриддӕр фӕнды, афтӕ, ӕмӕ уыцы тӕккӕ! Фӕлӕ ахӕм хъуыдытӕ сты ӕнӕбындур. Хуыцауыл ӕууӕндын хуымӕтӕг ӕнкъарӕнӕй фылдӕр цӕмӕдӕр амоны, ӕмӕ цы нӕ ’рцӕуа, ууыл дӕр нӕу баст. Хистӕрты куы райсӕм, уӕд Хуыцауыл кӕй ӕууӕндынц, уый бӕлвырд кӕны, сӕ алы уынаффӕйыл дӕр лӕмбынӕг, хорз кӕй ахъуыды кӕнынц.

20, 21. Цы нысан кӕны Иегъовӕйыл ӕууӕндын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

20 Ногӕй та ӕркӕсӕм Ӕмбисӕндты 3:5. Уым кӕрӕдзийы ныхмӕ ӕвӕрд цӕуынц Иегъовӕйыл ӕууӕндын ӕмӕ нӕхи зондыл ӕууӕндын, ӕмӕ уый афтӕ ӕмбарын хъӕуы, уыцы дыууӕ хъуыддаг иумӕ кӕй нӕй аразӕн. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕхи зондӕй нӕ бон нӕу архайын? Нӕ, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ, уыцы курдиат нын чи радта, уый, ӕнхъӕлмӕ кӕсы, нӕ лӕггады дзы кӕй пайда кӕндзыстӕм (Ромӕгтӕм 12:1). Фӕлӕ ныфсджын цӕмӕй вӕййӕм, йе та цӕмӕ гӕсгӕ рахӕссӕм уынаффӕтӕ? Нӕ хъуыды Иегъовӕйы хъуыдыимӕ разы куы нӕ вӕййы, уӕд цымӕ йӕ зондыл ацӕуӕм, уымӕн ӕмӕ уый зонд нӕ зондӕй, зӕгъӕн куыд нӕй, афтӕ бӕрзонддӕр у? (Исай 55:8, 9). Иегъовӕйыл ӕууӕндын нысан кӕнын йӕ хъуыдыйӕн дӕттын бар, цӕмӕй нын нӕ хъуыдыйыл ӕндава.

21 Равзарӕм иу цӕвиттон. Машинӕйы фӕстаг бадӕныл бады сывӕллон, разӕй та бадынц йӕ ныййарджытӕ. Машинӕ скъӕры фыд. Фӕндагыл цӕугӕйӕ сӕвзӕрд зын уавӕр: дызӕрдыг кӕнынц, кӕцырдӕм хъӕуы фӕзилын, ууыл, кӕнӕ фӕивтой фӕндаджы уавӕртӕ, йе та боны хъӕд. Цымӕ ахӕм уавӕры коммӕгӕс, йӕ ныййарджытыл ӕууӕндаг сывӕллон цы саразы? Фӕстаг бадӕнӕй хъӕр кӕнын райдайы ӕмӕ йӕ фыдӕн, машинӕ скъӕрын куыд хъӕуы, уый фӕамоны? Йӕ ныййарджытӕ цы аскъуыддзаг кодтой, ууыл дызӕрдыг фӕкӕны? Куы йын зӕгъынц, цӕмӕй бадӕнмӕ цы ронӕй у ӕфтыд, уый ма рафтауа, уӕд хъуыр-хъуыр фӕкӕны? Нӕ, сывӕллон афтӕ конд у ӕмӕ йӕ ныййарджытыл ӕууӕнды (кӕд ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр), ахӕм зын увӕрты раст кӕй архайдзысты. Иегъовӕ та ӕххӕст Фыд у. Уӕдӕ йыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ хъуамӕ ма ӕууӕндӕм, уӕлдайдӕр та зын уавӕрты куы бахауӕм, уӕд? (Исай 30:21).

22, 23. а) Зындзинӕдты Иегъовӕйыл цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм ӕмӕ уый куыд у нӕ бон аразын? ӕ) Цӕуыл цӕудзӕн ныхас иннӕ статьяйы?

22 Фӕлӕ ма Ӕмбисӕндты 3:6 бӕрӕг у, Иегъовӕйы ӕрмӕст зын уавӕрты кӕй ма хъуамӕ агурӕм, фӕлӕ нӕ «алы хъуыддаджы дӕр». Уӕдӕ алы бон дӕр цы уынаффӕтӕ хӕссӕм, уыдонӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, Иегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм. Зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ хъуамӕ нӕ къухтӕ ма ауадзӕм, ма тыхсӕм ӕмӕ Иегъовӕмӕ хъусӕм, иууыл хуыздӕр куыд уыдзӕн бакӕнын, уый нын куы амона, уӕд. Фӕлварӕнтӕ хъуамӕ нымайӕм куыд фадат Иегъовӕйы хицаудзинады фарс рахӕцынӕн, Сайтан мӕнгдзурӕг кӕй у, уый сбӕлвырд кӕнынӕн, афтӕ ма коммӕ кӕсыныл ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм ӕндӕр миниуджытыл кусынӕн (Дзуттытӕм 5:7, 8).

23 Цыфӕнды зын уавӕры ма бахауӕм, уӕддӕр нӕ бон у Иегъовӕйыл ӕууӕндын. Уый та аразӕм, Иегъовӕмӕ кӕй кувӕм, йӕ Ныхас ӕмӕ йӕ организацийы разамынд кӕй агурӕм, уымӕй. Фӕлӕ куыд у нӕ бон Иегъовӕйыл ӕууӕндын, ацы дунейы арӕх цы зындзинӕдтӕ сты, уыдоныл куы сӕмбӕлӕм, уӕд? Ацы фарстыл ӕрныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы.

[Фиппаинаг]

^ 13 абз. Павел «тыхстдзинад»-ӕн цы грекъаг дзырд архаста, уый ма ӕмбӕлы грекъаг Септуагинтӕйы дӕр. Уыцы дзырдӕй тӕлмац у, Соломон Екклесиасты чиныджы бирӕ хӕттыты цы дзырдӕй спайда кодта, уый, зӕгъӕм, «алцыдӕр — дзӕгъӕлы!» (Екклесиаст 1:2, 14; 2:11, 17; 3:19; 12:8).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Давид Иегъовӕйыл йӕ ныфс кӕй дардта, уый куыд равдыста?

• Адӕмы хъизӕмӕртты ӕртӕ аххосаджы цы сты ӕмӕ цӕмӕн у хорз, цӕмӕй сӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнӕм?

• Иегъовӕ адӕмӕн цавӕр тӕрхон рахаста ӕмӕ уыцы тӕрхон раст цӕмӕн уыд?

• Цы нысан кӕны Иегъовӕйыл ӕууӕндын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 22 фарсыл]

Давид йӕ ныфс дардта Иегъовӕйыл.

[Ныв 24 фарсыл]

Йесо бамбарын кодта, Иегъовӕ аххосджын кӕй нӕ уыд, Иерусалимы мӕсыг куы ныккалд, уӕд.