Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ис фидар ныфс

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ис фидар ныфс

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ис фидар ныфс

«Иаковӕй чи баззайа, уыдон бирӕ адӕмты ’хсӕн уыдзысты, Иегъовӕйӕ ӕртӕх куыд ӕрцӕуа... афтӕ, ӕмӕ сӕ ныфс адӕймагыл нӕ дардзысты» (МИХЕЙ 5:7).

1. Сыгъдӕг удӕй гуырд израилӕгтӕ адӕмӕн се уӕнг куыд рог кӕнынц?

КЪӔВДА ӕмӕ ӕртӕх сты Дунесфӕлдисӕг Хуыцау Иегъовӕйы сконд. Иу адӕймаджы фӕндӕй дӕр нӕ уыдзӕн нӕдӕр ӕртӕх, нӕдӕр къӕвда. Пехуымпар Михей афтӕ фыста: «Иаковӕй чи баззайа, уыдон бирӕ адӕмты ’хсӕн уыдзысты, Иегъовӕйӕ ӕртӕх куыд ӕрцӕуа ӕмӕ зайӕгойтыл тӕрккъӕвда куыд ӕруара, афтӕ, ӕмӕ сӕ ныфс адӕймагыл нӕ дардзысты кӕнӕ сӕ каст зӕххон адӕймаджы фырттӕм нӕ уыдзӕн» (Михей 5:7). «Иаковӕй чи баззад», уыдон абон чи сты? Сыгъдӕг удӕй гуырд израилӕгтӕ, «Хуыцауы Израилӕй» ма зӕххыл чи баззад, уыдон (Галатӕгтӕм 6:16). Уыцы къорд «бирӕ адӕмтӕн» у, «Иегъовӕйӕ [чи] ӕрцӕуы», ахӕм уӕнгроггӕнӕг ӕртӕхау ӕмӕ «зайӕгойтыл тӕрккъӕвда куыд ӕруара, афтӕ». О, сӕрст чырыстӕттӕ сты Хуыцауы лӕвӕрттӕ адӕмӕн. Паддзахады хабар кӕй хъусын кӕнынц, уый фӕрцы Иегъовӕ адӕммӕ хӕссы, ӕцӕгдӕр ныфс чи дӕтты, ахӕм хабар.

2. Кӕд ахӕм тыхст ӕмӕ уырыд дунейы цӕрӕм, уӕддӕр нӕ фидар ныфс цӕмӕн ис?

2 Ныртӕккӕ адӕм сӕ ныфс кӕй ницӕуыл уал дарынц, уый нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса. Сайтан Хӕйрӕджы къухы цы дуне ис, уым хицӕуттӕ кӕрӕдзи куыннӕ хъуамӕ раив-баив кӕной, адӕм дзы бынысӕфт куыннӕ хъуамӕ кӕной, экономикӕ дзы куыннӕ хъуамӕ хӕла ӕмӕ дзы фыдракӕндтӕ, терроризм, хӕстытӕ куыннӕ хъуамӕ уа (1 Иоанны 5:19). Бирӕтӕ уымӕн мӕт кӕнынц сӕ фидӕныл. Фӕлӕ мах, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, ууыл нӕ тыхсӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фидӕнӕй ис фидар ныфс. Фидар та уымӕн у, ӕмӕ нын ӕй дӕтты Хуыцауы Ныхас. Мах ӕууӕндӕм Иегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Ныхасыл, уымӕн ӕмӕ цы фӕзӕгъы, уый алы хатт дӕр сӕххӕст вӕййы.

3. а) Иегъовӕ Израил ӕмӕ Иудӕйы хъуыддӕгтӕм ӕркӕсынвӕнд цӕмӕн скодта? ӕ) Михейы ныхӕстӕн абон дӕр стыр ахадындзинад цӕмӕн ис?

3 Михей Хуыцауы фӕндӕй цы пехуымпарад ныффыста, уый нын у ӕцӕг ныфсы хос ӕмӕ нӕ фидар кӕны, цӕмӕй дарддӕр дӕр Иегъовӕйы номӕй цӕуӕм. Н. э. агъоммӕ VIII ӕнусы, Михей пехуымпар куы уыд, уӕд, Хуыцау бадзырд цы адӕмимӕ скодта, уыдон дих уыдысты дыууӕ паддзахадыл — Израил ӕмӕ Иудӕйыл; ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр уыцы бадзырд ницӕмӕ дардтой. Уыйадыл адӕм се ’фсарм фесӕфтой, Хуыцауы ныууагътой ӕмӕ мулк ӕмӕ ӕхцайыл бафтыдысты. Ӕмӕ сын Иегъовӕ уымӕн загъта, зӕгъгӕ уын уӕ хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзынӕн. Иегъовӕйы ныхӕстӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Михейы ӕмдуггӕгтӕм хаудысты, фӕлӕ абоны дуне Михейы рӕстӕгӕй тынг кӕй нӕ хицӕн кӕны, уымӕ гӕсгӕ йӕ ныхӕстӕн ныр дӕр ис стыр ахадындзинад. Уыцы хъуыддаг ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм, Михейы чиныджы цы авд сӕры ис, уыдонӕй цалдӕр хъуыдыйы куы равзарӕм, уӕд.

Михейы чиныгыл афӕлгӕст

4. Михейы чиныджы 1-аг, 2-аг ӕмӕ 3-аг сӕрты ныхас цӕуыл цӕуы?

4 Ӕркӕсӕм, Михейы чиныджы цы ис фыст, уымӕ. Мх 1-аг сӕры Иегъовӕ Израил ӕмӕ Иудӕйы фыдхъуыддӕгтӕ хурмӕ хӕссы. Израил йе ’нӕуаг миты тыххӕй бабын уыдзӕн, Иудӕйыл та цы бӕллӕх ӕрцӕудзӕн, уый суанг Иерусалимы кулдуӕртты онг бахӕццӕ уыдзӕн. Мх 2-аг сӕры ныхас цӕуы, хъӕздгуытӕ ӕмӕ дзырддзӕугӕ адӕм мӕгуыр, ӕвадат адӕмы кӕй ӕфхӕрынц, ууыл. Фӕлӕ ма дзы Хуыцау йӕ адӕмӕн зӕрдӕ дӕр ӕвӕры, кӕй сӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн ӕмӕ сӕ кӕй баиу кӕндзӕн. Мх 3-аг сӕры та дзырдӕуы, Иегъовӕ адӕмы разамонджытӕн ӕмӕ закъонхалӕг пехуымпартӕн куыд тӕрхон кӕны, ууыл. Хицӕуттӕ рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кодтой, пехуымпарты дзыхӕй та гӕдыныхӕстӕй дарддӕр ницы фехъусдзынӕ. Фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг уд Михейӕн хъару дӕтты, цӕмӕй уыцы адӕмӕн дзура, Иегъовӕйы тӕрхоны бон кӕй ӕрхӕццӕ кӕны.

5. Михейы 4-ӕм ӕмӕ 5-ӕм сӕрты сӕйраг хъуыды цы у?

5 Мх 4-ӕм сӕры фыст ис фидӕны хабӕрттӕ: Иегъовӕйы хӕдзар цы бӕрзонд хохыл ӕвӕрд ис, уырдӕм фӕстаг бонты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр цӕудзысты ӕмӕ цӕудзысты, цӕмӕй сӕ Иегъовӕ ахуыр кӕна. Уый размӕ та Иудӕйы Вавилонмӕ уацары акӕндзысты, фӕлӕ йӕ Иегъовӕ ссӕрибар кӕндзӕн. Мх 5-ӕм сӕры фыстӕуы, Мессиа Иудӕйы сахартӕй иуы, Вифлеемы, кӕй райгуырдзӕн. Уый йӕ адӕмы хиздзӕн ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕндзӕн, цы паддзахӕдтӕ сӕ ӕфхӕрынц, уыдонӕй.

6, 7. Цавӕр хъуыдытӕ ис Михейы пехуымпарады 6-ӕм ӕмӕ 7-ӕм сӕрты?

6 Михейы 6-ӕм сӕры фыст ис, цыма Иегъовӕ тӕрхондоны лӕууы ӕмӕ йӕ адӕммӕ азым хӕссы. Иегъовӕ ахӕмӕй цы сарӕзта, ӕмӕ йӕ адӕм йӕ ныхмӕ суой? Ницы. Цы сӕ домы, уым зынӕй ницы ис. Фӕнды йӕ, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ рӕстӕй архайой, зӕрдӕхӕлар уой ӕмӕ йемӕ бонзонгӕйӕ цӕуой. Фӕлӕ Израил ӕмӕ Иудӕ цӕуынц йӕ ныхмӕ, ӕмӕ уый тыххӕй додойаг фӕуыдзысты.

7 Михей йӕ пехуымпарады фӕстаг сӕры Мх 7 хурмӕ хӕссы йӕ дуджы цӕрӕг адӕмы фыдхъуыддӕгтӕ. Фӕлӕ йӕхӕдӕг Иегъовӕмӕ кӕй «ӕнхъӕлмӕ кӕсы», уый тыххӕй уыцы адӕммӕ кӕсгӕйӕ йӕ ныфс нӕ сӕтты (Михей 7:7). Михей йӕ чиныг фӕуд кӕны ахӕм хъуыдыйӕ, зӕгъгӕ, уӕддӕр Иегъовӕ йӕ адӕмӕн фӕтӕригъӕд кӕндзӕн. Афтӕ кӕй уыд, уый истори бӕлвырд кӕны: н. э. агъоммӕ 537 азы Иегъовӕ йӕ адӕмы бафхӕрынӕн цы рӕстӕг сӕмгъуыд кодта, уый куы фӕци, уӕд дзы чи баззад, уыдоны фӕлмӕнзӕрдӕ фыдау фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕм ӕркодта.

8. Куыд радзурис цыбыртӕй, Михейы чиныджы ныхас цӕуыл цӕуы, уый?

8 Цӕй диссаджы хабӕрттӕ дзуры Иегъовӕ Михейы дзыхӕй! Ацы пехуымпарадон чиныджы фыст ис, йӕхи Хуыцауы лӕггадгӕнӕг чи хоны, фӕлӕ дзы ӕцӕгӕй та чи аздӕхт, уыдонмӕ Иегъовӕ цы зӕрдӕ дары, уый тыххӕй. Дзырдӕуы ма дзы, абон зӕххыл цы хабӕрттӕ цӕуы, ууыл дӕр. Чиныджы ма ис Хуыцауы лӕвӕрд уынаффӕ — цы кӕнын нӕ хъӕуы, цӕмӕй абоны уӕззау рӕстӕджыты нӕ ныфс фидар уа.

Дунедарӕг Хуыцау Иегъовӕ дзуры

9. Михейы 1:2 гӕсгӕ Иегъовӕ цы сфӕнд кодта?

9 Ныр Михейы чиныг лӕмбынӕгдӕр равзарӕм. Михейы 1:2 кӕсӕм: «Байхъусут, ӕппӕт адӕмтӕ; уе ’ргом раздахут, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон. Ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау Иегъовӕ уӕ ныхмӕ ӕвдисӕнӕй ӕрлӕууӕд, Иегъовӕ йӕ рухс кувӕндонӕй». Ды дӕр Михейы дуджы куы цардаис, уӕд дӕуӕн дӕр, ӕнӕдызӕрдыгӕй, ацы ныхӕстӕ дӕ зӕрдӕмӕ бахъардтаиккой. Зӕрдӕмӕ та уымӕн хъарынц, ӕмӕ Иегъовӕ дзуры йӕ рухс кувӕндонӕй, стӕй ӕрмӕст Израил ӕмӕ Иудӕмӕ нӕ, фӕлӕ ӕппӕт адӕмтӕм дӕр. Михейы заманы адӕм Дунедарӕг Хуыцау Иегъовӕйы бирӕ рӕстӕг ницӕмӕ дардтой. Фӕлӕ тагъд, тынг тагъд хабар хъуамӕ фӕивтаид. Иегъовӕ фидарӕй аскъуыддзаг кодта уыцы адӕмы хъуыддӕгтӕм ӕркӕсын.

10. Михейы 1:2 стихмӕ нӕ нӕ хъус ӕрдарын цӕмӕн хъӕуы?

10 Афтӕ у абон дӕр. Раргомады 14:18—20 гӕсгӕ, Иегъовӕ ныр дӕр дзуры йӕ сыгъдӕг кувӕндонӕй. Уый тагъд ӕркӕсдзӕн адӕмы хъуыддӕгтӕм, ӕмӕ та зӕххыл цӕрджытӕ ногӕй стыр цаутӕй банкъуысдзысты. Ацы хатт ӕмбыд зӕххон «сӕнӕфсир» ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн Иегъовӕйы стыр мастисӕн сӕнлӕмарӕны, ӕмӕ уӕд Сайтаны дуне мыггагмӕ фесӕфдзӕн.

11. Михейы 1:3, 4 стихтӕ куыд ӕмбаргӕ сты?

11 Байхъус ма, Иегъовӕ цы сфӕнд кодта, уымӕ. Михейы 1:3, 4 кӕсӕм: «Кӕс ма, Иегъовӕ йӕ бынатӕй ӕрхизы, ӕмӕ ӕрцӕудзӕн ӕмӕ зӕххы бӕрзӕндтыл лӕгӕрддзӕн. Хӕхтӕ йӕ быны батайдзысты, дӕлвӕзтӕ ныскъуыдтӕ уыдзысты, мыдадз арты куыд адон вӕййы, ӕмӕ дӕттӕ бӕрзонд бынӕттӕй дӕлӕмӕ куыд фӕкӕлынц, афтӕ». Цымӕ ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбаргӕ сты, ӕмӕ Иегъовӕ йӕ уӕларвбадӕн ныууадздзӕн ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы хӕхтӕ ӕмӕ дӕлвӕзтыл лӕгӕрддзӕн? Нӕ. Афтӕ кӕнын ӕй ницӕмӕн хъӕуы. Зӕхмӕ йе ’ргом кӕй раздахдзӕн, ӕрмӕст уымӕй дӕр йӕ фӕнд сӕххӕст уыдзӕн. Уымӕй уӕлдай ма, уыцы дудгӕбӕттӕ зӕххыл не ’рцӕудзысты, фӕлӕ йыл чи цӕры, уыцы адӕмыл. Иегъовӕ архайын куы райдайа, уӕд ӕууӕнкхор, мӕнгард адӕмӕн додой сӕ сӕр кӕндзӕн. Уый сын афтӕ уыдзӕн, цыма — хӕхтӕ мыдадзау тайынц ӕмӕ зӕххӕнкъуыстӕй дӕлвӕзтӕ скъуыдтӕ кӕнынц.

12, 13. 2 Петры 3:10—12 гӕсгӕ нӕ ныфс айнӕг дурау фидар цӕй фӕрцы уыдзӕн?

12 Михейы 1:3, 4 стихты ныхӕстӕ ма дын, ӕвӕццӕгӕн, дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, зӕххыл цы бӕллӕхтӕ цӕудзӕн, уый тыххӕй ӕндӕр пехуымпарад дӕр. 2 Петры 3:10 апостол Петр фыста: «Хицауы [«Иегъовӕйы», НД] бон ӕрцӕудзӕн, куыд хуыснӕг ӕхсӕв, ӕмӕ уӕд ӕрвтӕ уынӕримӕ аивгъуыйдзысты, ӕрдзы тыхтӕ та сырх зынг суӕвгӕйӕ, атайдзысты, зӕхх ӕмӕ йӕ уӕлӕ хъуыддӕгтӕ ӕппӕт дӕр басудздзысты». Михейау, Петр дӕр комкоммӕ ӕрвтӕ ӕмӕ зӕххы кой нӕ кӕны, фӕлӕ ацы ӕнӕхуыцау дунемӕ цы стыр бӕллӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый кой.

13 Кӕд ацы дунейыл ахӕм сау бон акӕндзӕн, уӕддӕр чырыстӕтты Михейау фидӕнӕй ис ныфс. Уый тыххӕй цы хъӕуы? Апостол Петры фыстӕджы дарддӕр цы амынд ис, уый ӕххӕст кӕнын: «Цавӕр сыгъдӕг царды ӕмӕ хорз намысы [«Хуыцауы ӕфсармы», НФ] ӕмбӕлы уӕвын сымахӕн, ӕнхъӕлмӕ кӕсджытӕн ӕмӕ Хуыцауы боны ӕрцыд кӕй фӕнды?» (2 Петры 3:11, 12). Фидӕнӕй нӕ фидар ныфс уӕд уыдзӕн, коммӕ кӕсыныл куы ахуыр кӕнӕм, сыгъдӕг цард куы кӕнӕм ӕмӕ нӕм Хуыцауы ӕфсарм куы уа. Цӕмӕй нӕ ныфс айнӕг дурау фидар уа, уый тыххӕй ма нӕ хъуамӕ рох ма уа, Иегъовӕйы бон ӕнӕмӕнгдӕр кӕй ӕрцӕудзӕн.

14. Израил ӕмӕ Иудӕ бафхӕринаг цӕмӕн уыдысты?

14 Иегъовӕ ӕмбарын кӕны, йӕ адӕм рагзаманты бафхӕринаг цӕмӕн уыдысты, уый. Михейы 1:5 кӕсӕм: «Уыдӕттӕ сыл Иаковы фыдракӕнды тыххӕй ӕмӕ Израилы хӕдзары тӕригъӕдты тыххӕй цӕуынц. Иаковы фыдракӕнд кӕмӕй у? Самарийӕ нӕу? Иудӕйы та бӕрзонд рӕттӕ кӕм сты? Иерусалимы не сты?» Израил ӕмӕ Иудӕ Иегъовӕйы фӕрцы фӕзындысты. Фӕлӕ цы? Йӕ ныхмӕ систы, суанг Израилы сӕйраг сахар Самари ӕмӕ Иудӕйы сӕйраг сахар Иерусалим дӕр йӕ ныхмӕ рацыдысты.

Фыдхъуыддӕгтӕй бӕстӕ байдзаг

15, 16. Михейы ӕмдуггӕгтӕ цавӕр фыдхъуыддӕгтӕ кодтой?

15 Михейы ӕмдуггӕгтӕ фыдхъуыддӕгтыл кӕй бафтыдысты, уый хорз ӕвдисынц Михейы 2:1, 2 стихтӕ: «Додой сӕ къона, фыддзинад чи нывӕнды ӕмӕ сӕ хуыссӕнтыл фыдвӕндтӕ чи кӕны, уыдонӕн! Боныцъӕхӕй сӕ фӕндтӕ ӕххӕст кӕнын райдайынц, уымӕн ӕмӕ бартӕ сӕ къухы сты. Кӕйдӕр зӕххытӕм, зӕгъгӕ, бабӕллыдысты, уӕд сӕ байсынц, хӕдзӕрттӕм — сӕхи сӕ бакӕнынц; бастигъынц хъӕддых лӕджы ӕмӕ йӕ хӕдзар, адӕймаджы ӕмӕ йын йӕ фыдӕлтӕй бынӕн цы баззад, уый».

16 Ӕнӕфсис адӕм, иннӕты зӕххытӕ ӕмӕ хӕдзӕрттӕ куыд байсой, уый мӕтӕй ӕхсӕв фынӕй дӕр нӕ кӕнынц. Бон куыддӕр ӕрбацъӕх вӕййы, афтӕ атындзынц сӕ фыдвӕндтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ. Иегъовӕ семӕ цы бадзырд скодта, уый куы нӕ рох кӕниккой, уӕд ахӕм митӕ дӕр нӕ кӕниккой. Моисейы закъоны ис ахӕм уагӕвӕрдтӕ, ӕмӕ мӕгуырты хъахъхъӕнынц. Закъонмӕ гӕсгӕ, бинонтӕн сӕ фыдӕлтӕй бынӕн цы баззад, уый хъуамӕ ма сӕфа. Фӕлӕ уыцы уагӕвӕрд ӕнӕфсис адӕммӕ нымады дӕр нӕу. Левиты 19:18 ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз иннӕйы дӕр», ницӕмӕ дарынц.

17. Йӕхи Хуыцауӕн кувӕг чи хоны, уый царды мулчы йедтӕмӕ куы ницыуал хъӕуа, уӕд ыл цы ’рцӕудзӕн?

17 Ацы хабӕрттӕ ӕвдисынц, йӕхи Хуыцауӕн кувӕг чи хоны, уыцы адӕймаг уырнындзинадӕн ахъаз нысӕнттӕм куы нал тырна, фӕлӕ мулк ӕмбырд кӕнынмӕ куы фӕуа, уӕд ыл цы ’рцӕудзӕн, уый. Павел йӕ дуджы цӕрӕг чырыстӕтты афтӕ фӕдзӕхста: «Сбонджынмӕ чи бӕллы, уыдон бахауынц фыдӕвзарӕны ӕмӕ къӕппӕджы, ӕмӕ бирӕ ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылызджын цыбӕлты, адӕм хӕрзхӕлдмӕ ӕмӕ бынысӕфтмӕ чи цыссоны, ахӕмты мидӕг» (1 Тимофеймӕ 6:9, НФ). Адӕймаджы царды ӕхца йедтӕмӕ куы ницыуал фӕхъӕуы, уӕд йӕ хуыцау свӕййы Маммон, ома Хъӕздыгдзинад. Уыцы мӕнг хуыцау та нын фидӕны тыххӕй ӕппындӕр ницы ныфс дӕтты (Матфей 6:24, НФ).

18. Михейы заманы мулкылмард чи уыд, уыдоныл цы хъуамӕ ӕрцыдаид?

18 Михейы заманы бирӕтӕ сӕхи сӕрыл бавзӕрстой, мулк ӕмӕ ӕхцайыл ныфс дарӕн кӕй нӕй, уый. Михейы 2:4 куыд фыст ис, афтӕмӕй Иегъовӕ зӕгъы: «Уыцы бон уӕ ӕмбисондӕн хӕсдзысты ӕмӕ уыл судзгӕ хъарджытӕ кӕндзысты,— о, о, хъарджытӕ. Ӕмӕ адӕймаг зӕгъдзӕн: „Ай нӕ бынтондӕр куы фӕхастой! Мӕ адӕмӕн цы хай уыд лӕвӕрд, уый фӕивта. Куыд мын ӕй байста, куыд! Нӕ зӕххытӕ нын мӕнгард лӕджы разӕй скодта“». О, адӕмӕн сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ зӕххытӕ чи исы, уыдон сӕхӕдӕг ӕнӕхай фӕуыдзысты, сӕ фыдӕлтӕй сын бынӕн цы баззад, уымӕй. Ӕндӕр бӕстӕм сӕ ахӕсдзысты ӕмӕ сӕ мулк «мӕнгард лӕджы» — ӕндӕр адӕмы минӕвӕртты — бауыдзӕн. Хъӕздыг, ӕнцойдзарды ныфсытӕ митын мӕсгуытау атайдзысты.

19, 20. Иудейтӕй Иегъовӕ йӕ ныфсы мӕсыг кӕмӕн уыд, уыдон цы баисты?

19 Фӕлӕ йӕ ныфсы мӕсыг Иегъовӕ кӕмӕн у, уыдон нӕ фӕфыдӕнхъӕл уыдзысты. Иегъовӕ Авраам ӕмӕ Давидимӕ цы бадзырдтӕ скодта, уыдон нӕ халы, ӕмӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн, Михейау Иегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ, йе ’мбӕстӕгтӕ Хуыцауы кӕй ферох кодтой, уыцы хъуыддагыл чи хъыг кӕны, уыдонӕн. Рӕстаг адӕмы тыххӕй Хуыцау афтӕ сараздзӕн, ӕмӕ йӕ рӕстӕгыл йӕ адӕм фӕстӕмӕ сӕ фыдӕлты зӕххыл ӕрцӕрдзысты.

20 Уыцы хабар ӕрцыд н. э. агъоммӕ 537 азы, знӕгтӕ Вавилон куы ныппырх кодтой ӕмӕ иудейтӕй чи баззад, уыдон сӕ райгуырӕн бӕстӕм куы ӕрыздӕхтысты, уӕд. Уыцы аз фыццаг хатт сӕххӕст сты Михейы 2:12 ныхӕстӕ. Иегъовӕ загъта: «Иаков, ӕнӕхъӕнӕй дӕр дӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн; Израилӕй ма чи баззайа, уыдоны сӕмбырд кӕндзынӕн. Иумӕ сӕ бакӕндзынӕн, фысты кӕрты куыд бакӕнынц, дзуг та — уӕтӕры, афтӕ; уыцы бынатӕй бирӕ адӕмы дзолгъо-молгъо цӕудзӕн». Цӕй уарзӕгой Хуыцау у Иегъовӕ! Хуыцау йӕ адӕмы ӕфхӕрд куы фӕци, уӕд ма сӕ удӕгас чи уыд, уыдоны, сӕ рагфыдӕлтӕн цы зӕхх радта, уырдӕм ӕрыздӕхта ӕмӕ йын уым лӕггад кодтой.

Нӕ дуджы хуызӕн куыд тынг у!

21. Нӕ дуг Михейы дуджы хуызӕн цӕмӕй у?

21 Михейы чиныджы 1-аг ӕмӕ 2-аг сӕртӕ ӕвзаргӕйӕ дӕм диссаг нӕ фӕкаст, нӕ дуг уыцы дуджы хуызӕн куыд тынг у? Михейы рӕстӕджы куыд уыд, афтӕ абон дӕр бирӕтӕ сӕхи хонынц Хуыцауӕн кувӕг адӕм. Фӕлӕ уыдон дӕр Иудӕ ӕмӕ Израилау ныддихтӕ сты, суанг кӕрӕдзиимӕ тох дӕр кӕнынц. Чырыстон бӕстӕты хъӕздгуытӕ ссӕндынц мӕгуырты. Дины разамонджытӕ сӕ къух ауигъынц, Библи ӕргом цы хъуыддӕгты ныхмӕ дзуры, уыдоныл. Уӕдӕ чырыстон дуне ӕмӕ «Стыр Вавилоны» (мӕнг дины дунеон империйы) иннӕ хай тагъд кӕй сӕфдзӕн, уый диссаг нӕу! (Раргомад 18:1—5). Фӕлӕ Иегъовӕйӕн Михейы заман куыд уыд ӕнувыд лӕггадгӕнджытӕ, афтӕ йын уӕд дӕр зӕххыл уыдзӕн кувӕг адӕм.

22. Хуыцауы Паддзахадыл цавӕр дыууӕ къорды дарынц сӕ ныфс?

22 1919 азы сыгъдӕг удӕй сӕрст иузӕрдион чырыстӕттӕ сӕхи бынтондӕр ссӕрибар кодтой чырыстон дунейӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕн дӕр Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнын райдыдтой (Матфейы 24:14). Раздӕр уал уыцы чырыстӕттӕ агуырдтой, сыгъдӕг удӕй гуырд израилӕгтӕй ма чи баззад, уыдоны. Уый фӕстӕ та — «ӕндӕр фысты», ӕмӕ уыдон сӕрстытимӕ систы «иу дзуг» «иу Фыййауимӕ» (Иоанны 10:16). Кӕд Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц 234 бӕстӕйы, уӕддӕр сты иугонд, ӕмвӕнд-ӕмзонд. Ныр дӕр, фыстӕ цы кӕрты сты, уырдыгӕй «бирӕ адӕмы» — нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты — «дзолгъо-молгъо цӕуы». Уыдон сӕ ныфс ацы дунейыл нӕ дарынц, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахадыл, зӕххыл Дзӕнӕт чи скӕндзӕн, уыцы Паддзахадыл.

23. Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ дӕ ныфс дзӕгъӕлы кӕй нӕу?

23 Иегъовӕйы ӕнувыд лӕггадгӕнджыты тыххӕй Михейы 2-аг сӕры фӕстаг стихы фыст ис, зӕгъгӕ «сӕ паддзах цӕудзӕн сӕ разӕй, сӕ сӕргъы та уыдзӕн Иегъовӕ». Дӕхи уыныс ахӕм уӕлахизы цыды: ӕппӕты разӕй цӕуы Иегъовӕ, ды та дӕ Паддзах Йесо Чырыстийы фӕстӕ фӕцӕуыс? Кӕд о, уӕд ӕй фидарӕй зон, уыцы уӕлахизӕн ӕнӕрцӕугӕ кӕй нӕй ӕмӕ дӕ ныфс дзӕгъӕлы кӕй нӕу. Афтӕ кӕй у, уый ноджы хуыздӕр базондзыстӕм, пехуымпар Михейы чиныджы ма цы хъуыдытӕ ис, уыдон равзаргӕйӕ.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Михейы заман Иегъовӕ Иудӕ ӕмӕ Израилы хъуыддӕгтӕм ӕркӕсынвӕнд цӕмӕн скодта?

• Йӕхи Хуыцауӕн кувӕг адӕймаг чи хоны, уый царды мулк йедтӕмӕ куы ницыуал хъӕуа, уӕд ыл цы ’рцӕудзӕн?

Михейы чиныджы 1-аг ӕмӕ 2-аг сӕртӕ равзаргӕйӕ, цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ дӕ ныфс дзӕгъӕлы кӕй нӕу?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 7 фарсыл]

Михейы пехуымпарад нын фидар кӕны нӕ уырнындзинад.