Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Иегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Иегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

«Иегъовӕ дӕ цы домы — рӕстӕй архайай, хӕларзӕрдӕдзинад уарзай ӕмӕ дӕ Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цӕуай — ӕндӕр ма цы?» (МИХЕЙ 6:8).

1, 2. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хаттӕй-хатт цӕуыл фӕмаст кӕнынц, фӕлӕ сӕ цы бафидар кӕндзӕн?

ВЕРӔ у иузӕрдион чырыстон, цӕуы йыл 75 азмӕ ӕввахс ӕмӕ у рынчынтӕгӕнаг. «Хаттӕй-хатт,— зӕгъы Верӕ,— рудзынгӕй ауынын мӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕ ӕмӕ мӕ цӕстытӕ доны разилынц. Тӕхуды зӕгъын, ныр семӕ фест, фӕлӕ мӕ мӕ низ нӕ уадзы Иегъовӕйӕн бирӕ лӕггад кӕнын».

2 Ды дӕр, мыййаг, искуы афтӕ бахъынцъым кодтай? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕйы чи уарзы, уыдоны се ’ппӕты дӕр фӕнды йӕ номӕй цӕуын ӕмӕ йын йӕ домӕнтӕ ӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ нӕ ӕнӕниздзинад ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр куы кӕна, азтӕ ныл сӕ уӕз куы ’руадзой кӕнӕ бинонтӕ дарын нӕ куы хъӕуа, уӕд та цы кӕнӕм? Чи зоны маст дӕр кӕнӕм, нӕ уавӕртӕ нӕ Хуыцауӕн, нӕ зӕрдӕ цас зӕгъы, уыйбӕрц лӕггад кӕнын кӕй нӕ уадзынц, уый тыххӕй. Кӕд афтӕ у, уӕд Михейы чиныгӕй 6-ӕм ӕмӕ 7-ӕм сӕртӕ равзаргӕйӕ нӕ зӕрдӕ тынг бафидар уыдзӕн. Ацы сӕртӕ ӕвдисынц, Иегъовӕйы домӕнтӕ уӕззау, зын ӕххӕстгӕнӕн кӕй не сты, уый.

Хуыцау йӕ адӕммӕ цы зӕрдӕ дары

3. Цы зӕрдӕ дардта Иегъовӕ ӕгоммӕгӕс израилӕгтӕм?

3 Иегъовӕ йӕ адӕммӕ цы зӕрдӕ дары, уый феныны тыххӕй ма ӕркӕсӕм Михейы 6:3—5. Хъуыды ма кӕндзынӕ, Михейы рӕстӕг израилӕгтӕ Хуыцаумӕ кӕй нал хъуыстой, уый. Фӕлӕ сӕм Иегъовӕ уӕддӕр фӕлмӕнӕй дзуры: «Мӕ адӕм». Лӕгъстӕ сын кӕны, зӕгъгӕ, «мӕ адӕм, курын уӕ, ӕрхъуыды ма кӕнут». Карзӕй сӕ не ’фхӕры, фӕлӕ сын сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг агуры ӕмӕ сӕ фӕрсы: «Цы уын ракодтон?». Суанг сӕм хатгӕ дӕр кӕны: «Дзурут мӕ ныхмӕ».

4. Иегъовӕ йӕ адӕммӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый нын цӕуыл дзурӕг у?

4 Цӕй диссаджы цӕвиттон нын равдыста Хуыцау! Уый, Михейы бонты Израилы ӕмӕ Иудӕйы паддзахӕдты цы ӕгоммӕгӕс адӕм цард, уыдоны дӕр уыцы фӕлмӕнӕй хоны, «мӕ адӕм», зӕгъгӕ. Стӕй сӕм хаты: «Курын уӕ». Мах дӕр хъуамӕ, не ’мбырды цы адӕм ис, уыдонимӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ зӕрдӕхӕлар уӕм. Иуӕй-иутӕн, чи зоны, ӕнцон нӕу иннӕтимӕ иу ӕвзаг ссарын, кӕмӕндӕр та, чи зоны, йӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ. Фӕлӕ кӕд Иегъовӕйы уарзынц, уӕд сын хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ сӕ ӕмбарӕм.

5. Михейы 6:6, 7 цавӕр ахсджиаг хъуыды ис?

5 Ныр та ӕркӕсӕм Михейы 6:6, 7. Пехуымпар Михей дӕтты цалдӕр фарсты: «Цӕимӕ ӕрлӕууон Иегъовӕйы раз? Ӕппӕтбӕрзонд Хуыцаумӕ цӕимӕ бакувон? Ӕгасӕй дӕр кӕй басудзынц, ахӕм нывӕндтимӕ, науӕд афӕдздзыд уӕнгуытимӕ ӕрлӕууон йӕ разы? Иегъовӕйӕн мин-мин фырытӕ ӕмӕ сойы дӕсгай мин гуылфӕнтӕ ӕхцон уыдзысты? Мӕ фыдракӕнды тыххӕй йын мӕ фыццаг лӕппуйы раттон, мӕ тӕригъӕды тыххӕй — мӕ зӕнӕджы?» Нӕ, Иегъовӕйӕн ӕрмӕст «мин-мин фырытӕ ӕмӕ сойы дӕсгай мин гуылфӕнтӕ» ӕхцон не сты. Ӕхсызгон ын у иу хъуыддаг. Цавӕр?

Хъуамӕ рӕстӕй архайӕм

6. Михейы 6:8 Хуыцау цавӕр ӕртӕ домӕны кой кӕны?

6 Михейы 6:8 дзырдӕуы, Иегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Михей фӕрсы: «Иегъовӕ дӕ цы домы — рӕстӕй архайай, хӕларзӕрдӕдзинад уарзай ӕмӕ дӕ Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цӕуай — ӕндӕр ма цы?» Ацы ӕртӕ домӕнмӕ хауынц не ’нкъарӕнтӕ, нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ. Хъуамӕ нӕ фӕнда, цӕмӕй нӕм уыцы миниуджытӕ уой, хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, куыд сӕ ӕвдисӕм, ууыл, ӕмӕ хъуамӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уой. Цӕй уӕдӕ ацы ӕртӕ домӕны фӕд-фӕдыл равзарӕм.

7, 8. а) «Рӕстӕй архайын» цы нысан кӕны? ӕ) Михейы заман адӕм рӕстдзинад куыд зыгъуыммӕ кодтой?

7 «Рӕстӕй архайын» нысан кӕны, раст цы у, уый аразын. Рӕстӕй архайын куыд хъӕуы, уымӕн а-дунейыл Иегъовӕйӕ хуыздӕр цӕвиттон нӕй. Михейы ӕмдуггӕгтӕ та рӕстдзинад зыгъуыммӕ кӕнынц, адӕмы сайынц. Куыд? Ӕркӕсӕм ма Михейы 6:10. Ацы стихы фӕстаг ныхӕстӕ дзурынц, зӕгъгӕ, сӕудӕджергӕнджытӕ сӕ «ефӕйӕ ӕмбӕхсынц» — цас ӕмбӕлы, уымӕй къаддӕр барынц. Мх 6:11-ӕм стихы дзырдӕуы, сӕ «гиритӕй [кӕй] сайынц». Мх 6:12-ӕм стихмӕ гӕсгӕ та «сты хинӕвзаг». Куыд уынӕм, афтӕмӕй Михейы заман базаргӕнджытӕ алы ран дӕр адӕмы сӕ тӕрӕзтӕй ӕмӕ сӕ гиритӕй сайдтой, стӕй иууыл кодтой мӕнг ныхас.

8 Рӕстдзинад ӕрмӕст канд базарты нӕ зыгъуыммӕ кӕнынц, фӕлӕ тӕрхондӕтты дӕр. Михейы 7:3 фыст ис: «Кънйаз цӕмӕдӕрты ӕнхъӕлмӕ кӕсы, тӕрхонгӕнӕг та исы лӕвӕрттӕ». Тӕрхонгӕнджытӕн лӕвӕрдӕуы гӕртӕмттӕ, цӕмӕй ӕнаххос адӕмы зылын кӕной. Сӕ фыдракӕндты семӕ ӕмдзӕхдон сты «дзырддзӕугӕ» кӕнӕ стыр бынаты кусӕг, адӕм. Михейы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыцы кънйаз, тӕрхоны лӕг ӕмӕ дзырддзӕугӕ сӕ фыдвӕндтӕ иумӕ «нывӕндынц».

9. Фыдзӕрдӕ адӕм рӕстдзинад кӕй зыгъуыммӕ кӕнынц, уый Иудӕ ӕмӕ Израилыл куыд фӕзынд?

9 Фыдзӕрдӕ хицӕуттӕ рӕстдзинад кӕй сзыгъуыммӕ кодтой, уый Иудӕ ӕмӕ Израилыл дӕр тынг фӕзынд. Михейы 7:5 куыд фыст ис, афтӕмӕй рӕстдзинад кӕй нал ис, уый тыххӕй ӕмбӕлттӕ, хорз хӕлӕрттӕ ӕмӕ суанг ус ӕмӕ лӕг дӕр кӕрӕдзиуыл нал ӕууӕндынц. Мх 7:6-ӕм стихы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй уый уымӕ ӕркодта, ӕмӕ бинонтӕ кӕрӕдзи нал ӕмбарынц: фырттӕ ӕмӕ фыдӕлтӕ, чызджытӕ ӕмӕ мадӕлтӕ.

10. Ацы мӕнгард дунейы чырыстӕттӕ сӕхи куыд дарынц?

10 Абон та хабар куыд у? Нӕ дуг дӕр уыцы дуджы хуызӕн нӕу? Михейы заман куыд уыд, афтӕ абон дӕр рӕстдзинад ӕмӕ ӕууӕнк нал ис, ӕхсӕнад ӕмӕ бинонты цард хӕлы. Фӕлӕ мах, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, кӕд ахӕм дунейы цӕрӕм, уӕддӕр уый бар нӕ дӕттӕм, цӕмӕй ацы мӕнгард дунейы тӕваг чырыстон ӕмбырдыл фӕзына. Нӕ, мах архайӕм, цӕмӕй царды алы фӕзилӕны дӕр уӕм ӕууӕнкджын ӕмӕ ӕнаипп. О, мах «алцӕмӕй дӕр нӕхи ӕууӕнкджын дарӕм» (Дзуттытӕм 13:18). Куыннӕ сразы уыдзынӕ, рӕстӕй кӕй архайӕм, уый арфӕйаг хъуыддаг кӕй у? Ахъуыды ма кӕн, цас ӕууӕнкджын ӕфсымӕртӕ ӕмӕ нын хотӕ ис!

Куыд хъусынц адӕм «Иегъовӕйы хъӕлӕс»?

11. Михейы 7:12 куыд ӕххӕст кӕны?

11 Михей дзуры, зӕгъгӕ, кӕд зӕххыл рӕстдзинад нал ис, уӕддӕр уыдзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ адӕм иууылдӕр рӕстӕй цӕрдзысты. Пехуымпар ма зӕгъы, «денджызӕй денджызмӕ ӕмӕ хохӕй хохмӕ» кӕй ӕмбырд кӕндзысты адӕм, цӕмӕй Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ суой (Михей 7:12). Ныртӕккӕ ацы пехуымпарад ӕххӕст кӕны фӕстаг хатт, ӕмӕ Иегъовӕйы рӕстдзинад ӕрмӕст иунӕг адӕмыхаттӕн нӕ ахъаз кӕны, фӕлӕ ӕппӕт адӕмы мыггӕгтӕн дӕр (Исай 42:1). Куыд?

12. Абон «Иегъовӕйы хъӕлӕс» куыд хъуысы?

12 Ацы фарстӕн дзуапп ссарӕн ис, Михей раздӕр цы ныхӕстӕ ныффыста, уым. Михейы 6:9 дзырдӕуы: «Иегъовӕйы хъӕлӕс сахармӕ дзуры, ӕмӕ, йӕ зонд царды кӕмӕн ахады, уыцы адӕймаг дын дӕ номӕй тӕрсдзӕн». Ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕ «Иегъовӕйы хъӕлӕс» куыд хъусынц ӕмӕ уый «рӕстӕй архайынимӕ» куыд баст у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, абон Хуыцауы хъӕлӕс комкоммӕ ничи хъусы. Фӕлӕ ӕппӕт зӕххыл дӕр хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы алыхуызон адӕймӕгтӕ алы дзыллӕтӕй хъусынц Иегъовӕйы хъӕлӕс. Афтӕмӕй йын йӕ хъӕлӕсмӕ лӕмбынӕг чи хъусы, уыдон ын «йӕ номӕй тӕрсынц», аргъуыц дзы кӕнынц. Ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хабар зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕнӕм, уый дзурӕг у, рӕстӕй кӕй архайӕм ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, ууыл. Алы адӕймагӕн дӕр (чифӕнды ма уа) Хуыцауы ном кӕй фӕзӕгъӕм, уымӕй ӕвдисӕм, «рӕстӕй [кӕй] архайӕм».

Хъуамӕ хӕларзӕрдӕдзинад уарзӕм

13. Ӕнувыд уарзт ӕмӕ уарзондзинад цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

13 Ныр та аныхас кӕнӕм, Михейы 6:8 цы дыккаг домӕн ис, ууыл. Иегъовӕ нын зӕгъы, зӕгъгӕ, «хӕларзӕрдӕдзинад уарзут». «Хӕларзӕрдӕдзинадӕй» цы рагон дзуттаг дзырд раивдӕуыд, уый ма амоны «ӕнувыд уарзт» дӕр. Ӕнувыд уарзт у искӕуыл аудын, тыхсын. Фӕлӕ ӕнувыд уарзт ӕмӕ ӕнӕуи уарзын кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц. Цӕмӕй? Уарзын фылдӕр цӕмӕдӕр ис ахӕссӕн: уарзӕн ис дзаума, хӕринаг ӕмӕ суанг ӕмбарынӕдтӕ дӕр. Зӕгъӕм, Фыстады дзырдӕуы, зӕгъгӕ, адӕймаг, гӕнӕн ис, ӕмӕ «уарза дуне» кӕнӕ «ӕхца уарзаг» уа (1 Иоанны 2:15; 2 Тимофеймӕ 3:2, НФ). Ӕнувыд уарзтӕй та уарзӕн ис ӕрмӕстдӕр адӕймаджы, уӕлдайдӕр Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдоны. Михейы 7:20 уымӕн ис фыст, зӕгъгӕ, Авраам, Иегъовӕ Хуыцауы лӕггадгӕнӕг, «ӕнувыд уарзтӕй рӕвдыд ӕрцыд».

14, 15. Ӕнувыд уарзт цавӕр хъуыддӕгтӕй рабӕрӕг вӕййы ӕмӕ уымӕн цавӕр цӕвиттон ис?

14 Михейы 7:18 гӕсгӕ пехуымпар дзуры, зӕгъгӕ, Хуыцау йӕ «ӕнувыд уарзтӕй» адӕймаджы ӕхсызгонӕй батавы. Михейы 6:8 та кӕсӕм, мах ацы миниуӕг канд хъуыддагӕй кӕй ма хъуамӕ ӕвдисӕм, фӕлӕ йӕ уарзӕм, аргъ ын кӕнӕм. Ацы стихтӕй цы базыдтам? Хъуамӕ нӕ зӕрдиагӕй фӕнда иннӕты не ’нувыд уарзтӕй тавын. Махӕн дӕр Иегъовӕйау тынг ӕхсызгон вӕййы, ӕххуысхъуаг, ӕвадат адӕмы не ’нувыд уарзтӕй кӕй тавӕм, уый.

15 Абон дӕр Хуыцауы адӕм иннӕтӕй хицӕн кӕнынц се ’нувыд уарзтӕй. Ӕркӕсӕм иу ахӕм цӕвиттонмӕ. 2001 азы июны мӕйы Техасы (АИШ-ы) уаддымгӕйӕ дӕттӕ тынг раивылдысты, ӕмӕ мингай хӕдзӕрттӕн разиан кодта. 700 хӕдзарӕй фылдӕр дзы уыдысты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хӕдзӕрттӕ. Се ’мчырыстон ӕфсымӕртӕм фӕкӕсынмӕ Ӕвдисӕнтӕ — уыдысты 10 000 бӕрц — зиу ракодтой. Афӕдзы ӕрдӕгмӕ зиууӕттӕ, ӕвӕллайгӕйӕ, ӕхсӕв ӕмӕ бон нӕ зонгӕйӕ, сцалцӕг кодтой 8 Паддзахады залы, стӕй се ’мчырыстӕтты хӕдзӕрттӕй 700 фылдӕр. Аразджытӕм фӕкӕсынмӕ йӕ фадӕттӕ кӕй нӕ амыдтой, уыдон та се ’фсымӕртӕн ӕххуыс кодтой хӕринагӕй, дзаума ӕмӕ ӕхцайӕ. Уыйӕппӕт Ӕвдисӕнтӕ се ’фсымӕрты фарсмӕ цӕмӕн балӕууыдысты? Уымӕн ӕмӕ «хӕларзӕрдӕдзинад уарзынц». Ӕмӕ куыд ӕхсызгон у, не ’фсымӕртӕ ӕгас дунейы дӕр кӕрӕдзийы афтӕ ӕнувыдӕй кӕй уарзынц! О, домӕн «хӕларзӕрдӕдзинад уарзын» адӕймагӕн ӕхсызгон цы у, ӕндӕр ын зын нӕу!

Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цӕуӕм

16. Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цӕуын кӕй хъӕуы, уый цавӕр цӕвиттон ӕвдисы?

16 Михейы 6:8 ӕртыккаг домӕн у «дӕ Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цӕуын». Ацы ныхӕстӕ дзурӕг сты, адӕймаг кӕй хъуамӕ зона, йӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу ӕмӕ йӕ ныфс Хуыцауыл кӕй хъуамӕ дара. Уымӕн ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон: тыхджын дымгӕ бӕстӕ йӕ сӕрыл систа, ӕмӕ гыццыл чызг, йӕ фыды къухыл тынг ныххӕцыд, афтӕмӕй фӕцӕуы йемӕ. Уыцы чызг йӕхӕдӕг ӕнӕбон у, фӕлӕ йӕ ныфс йӕ фыдыл дары. Мах дӕр хъуамӕ ӕмбарӕм, нӕ бон цас у, уый, ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дарӕм нӕ уӕларвон Фыдыл. Фӕлӕ цӕмӕй нӕ ныфс ма асӕтта, уымӕн цы хъӕуы? Фыццаджыдӕр: Иегъовӕмӕ ӕввахс уӕм, уымӕй хуыздӕр кӕй ницы ис, уый хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм. Уымӕн та нын Михей ранымадта ӕртӕ аххосаджы: Иегъовӕ у нӕ Ирвӕзынгӕнӕг, нӕ Разамонӕг ӕмӕ нӕ Хъахъхъӕнӕг.

17. Рагзаманты Иегъовӕ йӕ адӕмы куыд ирвӕзын кодта, куыд сын лӕвӕрдта разамынд ӕмӕ сӕ куыд хъахъхъӕдта?

17 Михейы 6:4, 5 Хуыцау зӕгъы: «Ӕз дӕ Египетӕй ракодтон». О, Иегъовӕ израилӕгтӕн уыд сӕ Ирвӕзынгӕнӕг. Иегъовӕ дарддӕр дзуры: «Дӕ разӕй дын арвыстон Моисей, Аарон ӕмӕ Мариамы». Иегъовӕ Моисей ӕмӕ Аароны Израилы адӕмӕн сӕвӕрдта разамонджытӕй, Мариам та, израилӕгтӕ куы фӕуӕлахиз сты, уӕд сылгоймӕгты разӕй кафгӕ цыди (Рацыд 7:1, 2; 15:1, 19—21; Дыккаг закъон 34:10). Иегъовӕ разамынд лӕвӕрдта йӕ лӕггадгӕнджыты уылты. Мх 6:5 стихы Иегъовӕ Израилӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Валак ӕмӕ сӕ Валаамӕй кӕй хъахъхъӕдта ӕмӕ сӕ сӕ фӕстаг цыды рӕстӕджы — Ситтимӕй (Моавӕй) Галгалмӕ (Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ) — йӕ базыры бын кӕй дардта.

18. Абон нӕ Хуыцау куыд ирвӕзын кӕны, куыд нын дӕтты разамынд ӕмӕ нӕ куыд хъахъхъӕны?

18 Хуыцау, йемӕ кӕй цӕуӕм, уый фӕрцы нӕ Сайтаны дунейӕ ирвӕзын кӕны, йӕ Ныхас ӕмӕ нын йӕ организацийы уылты разамынд дӕтты ӕмӕ нӕ (йӕ адӕмы ӕмткӕй райсгӕйӕ) ныхмӕлӕуджытӕй хъахъхъӕны. Ныр ӕмбарӕм, нӕ уӕларвон Фыды къухыл нӕ фидар хӕцын цӕмӕн хъӕуы, уый: ацы фыдрӕстӕг мах йемӕ цӕуӕм, рагон Зӕрдӕвӕрд зӕххӕй хуыздӕр чи у, Хуыцауы уыцы рӕстаг ног дунемӕ, ӕмӕ нӕ бирӕ цӕуын дӕр нал хъӕуы.

19. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, бонзонгӕ адӕймаг, йӕ уат цас у, йӕ къӕхтӕ афтӕ адаргъ кӕны?

19 Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ куы цӕуӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, нӕ хъарутӕ ӕмӕ нӕ нӕ уавӕртӕ ӕцӕгдӕр цас амонынц, уый. Уый та куыд? Бонзонгӕ адӕймаг архайы йӕ уавӕрмӕ гӕсгӕ, ома йӕ уат цас у, йӕ къӕхтӕ афтӕ адаргъ кӕны. Азтӕ ныл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой кӕнӕ не ’нӕниздзинад кӕй фӕцудыдта, уый тыххӕй, чи зоны, Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ бон раздӕрау бирӕ нал у. Ӕмӕ ахӕм уавӕры ӕнкъард кӕнынӕй хуыздӕр уаид зӕрдыл дарын, Хуыцау нӕ фыдӕбонӕн кӕй аргъ кӕны, уымӕн ӕмӕ уый кӕсы, «кӕмӕ цы нӕй, уымӕ... нӕ, фӕлӕ кӕмӕ цы ис, уымӕ» (2 Коринфӕгтӕм 8:12). Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм зӕрдиагӕй, нӕ хъарутӕ цас амонынц, уыйбӕрц (Колоссӕгтӕм 3:23). Нӕ бон цас вӕййы, уыйбӕрц Хуыцауӕн ӕнувыдӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ куы фӕлӕггад кӕнӕм, уӕд нӕ бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын кӕны (Ӕмбисӕндтӕ 10:22).

Ӕнхъӕлмӕ кӕсын зонын у арфӕйаг хъуыддаг

20. Цӕй фӕрцы бауыдзӕн нӕ бон Михейау ӕнхъӕлмӕ кӕсын?

20 Иегъовӕ нын кӕй арфӕ кӕны, уый тыххӕй нӕ фӕнды Михейы фӕзмын. Уый загъта: «Ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцаумӕ» (Михей 7:7). Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ кӕй цӕуӕм, уымӕ ацы ныхӕстӕ цы бар дарынц? Ӕнхъӕлмӕ кӕсын куы зонӕм, ома нӕм фӕразондзинад куы уа, уӕд нӕ маст кӕндзыстӕм, Иегъовӕйы бон нырма кӕй не ’рцыд, ууыл (Ӕмбисӕндтӕ 13:12). Дзырд дӕр ыл нӕй, не ’ппӕт дӕр ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ацы фыддунейы кӕронмӕ. Фӕлӕ алы къуыри дӕр мингӕйттӕ Хуыцауимӕ райдайынц сӕ фыццаг къахдзӕфтӕ кӕнын. Афтӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын зонӕм. Ӕцӕгады рагӕй чи ис, иу ахӕм Ӕвдисӕн уый фӕдыл афтӕ загъта: «55 азы дӕргъы хорз хабар хъусын кӕнын, ӕмӕ мӕ бон у фидарӕй зӕгъын, Иегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ царды кӕй ницы фесӕфтон. Уый фӕрцы ма бирӕ мӕстытӕй дӕр хызт уыдтӕн». Ды дӕр афтӕ зӕгъис?

21, 22. Михейы 7:14 стих абон куыд ӕххӕст кӕны?

21 Иегъовӕимӕ цӕуын арфӕйаг хъуыддаг кӕй у, ууыл дзырд дӕр нӕй. Михейы 7:14 куыд кӕсӕм, афтӕмӕй пехуымпар Хуыцауы адӕмы абарста, сӕ фыййауы раз ӕнцад-ӕнцойӕ чи ривӕд кӕны, ахӕм фыстимӕ. Ныртӕккӕ ацы пехуымпарад ӕххӕст кӕны ӕгас зӕххыл дӕр, ӕмӕ ма сыгъдӕг удӕй гуырд израилӕгтӕй зӕххыл чи баззад, уыдон дӕр, ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» дӕр ницӕмӕй тӕрсынц, уымӕн ӕмӕ сӕ Фыййау, сӕ ныфс, Иегъовӕ, семӕ ис. Уыдон «сӕхицӕн хъӕды, дыргъдоны астӕу, цӕрынц», хицӕн сты ацы тыхст ӕмӕ, бонӕй-бонмӕ цард тӕссагдӕр кӕм кӕны, уыцы дунейӕ (Иоанны 10:16; Дыккаг закъон 33:28; Иереми 49:31; Галатӕгтӕм 6:16).

22 Михейы 7:14 куыд фыст ис, афтӕмӕй абон Иегъовӕйы адӕм сӕхицӕн фӕрнӕй цӕрынц. Михей Хуыцауы фысты тыххӕй, ома йӕ адӕмы тыххӕй, афтӕ дзуры: «Уадз ӕмӕ Васан ӕмӕ Галаады хизой». Васан ӕмӕ-иу Галаады фыстӕ тӕккӕ кӕрдӕгджындӕр ӕмӕ сойджындӕр хизӕнуӕтты куыд хызтысты, афтӕ Хуыцауы организаци дӕр абон дзаджджын монон хӕринаг хӕры. Ӕмӕ Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ чи цӕуы, уыдонӕн уый дӕр у Хуыцауы лӕвар (Нымӕцтӕ 32:1; Дыккаг закъон 32:14).

23. Михейы 7:18, 19 стихтӕй зондӕн цы ис райсӕн?

23 Михейы 7:18, 19 пехуымпар фыссы, йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны, уыдонӕн Иегъовӕ зӕрдиагӕй кӕй бары. Мх 7:18-ӕм стихы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Иегъовӕ «рӕдыдтытӕ бары» ӕмӕ «фыдракӕнды иувӕрсты... ацӕуы». Мх 7:19-ӕм стихы та фыст ис: «Нывзилдзынӕ сын се ’ппӕт тӕригъӕдтӕ дӕр денджызы ӕрфытӕм». Ацы ныхӕстӕй зондӕн цы ис райсӕн? Ахъуыды ма кӕнӕм ахӕм фарстытыл: уыцы хъуыддаджы мах дӕр Иегъовӕйы фӕзмӕм? Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд ын ныббарӕм? Ахӕм адӕймӕгтӕ сӕ рӕдыдыл куы ’рфӕсмон кӕнынц ӕмӕ сӕ немӕ бафидауын куы фӕфӕнды, уӕд сын хъуамӕ Иегъовӕйау ныббарӕм ӕмӕ нӕ маст ферох кӕнӕм.

24. Михейы пехуымпарад дын цӕмӕй фӕахъаз ис?

24 Михейы пехуымпарад кӕй равзӕрстам, уый нын цӕмӕй фӕахъаз ис? Нӕ зӕрдыл нын ӕрлӕууын кодта, Иегъовӕ, йӕхи йӕм чи ӕввахс кӕны, уыдонӕн фидар ныфс кӕй дӕтты (Михей 2:1—13). Ноджы тынгдӕр нӕ бафӕндыд, нӕ хъарутӕ ӕмӕ нӕ нӕ фадӕттӕ цас амонынц, уыйбӕрц раст динӕн ахъаз кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы номӕй ӕнустӕм цӕуӕм (Михей 4:1—5). Стӕй ма базыдтам, нӕ уавӕртӕ куыдфӕнды къуындӕг ма уой, уӕддӕр нӕ бон кӕй у Иегъовӕйы домӕнтӕ ӕххӕст кӕнын. О, Михейы пехуымпарад нын тынг ӕххуыс кӕны Иегъовӕйы номӕй цӕуынӕн.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

Михейы 6:8 гӕсгӕ нӕм Иегъовӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

• «Рӕстӕй архайынӕн» цы хъӕуы?

• «Хӕларзӕрдӕдзинад [кӕй] уарзӕм», уый цӕмӕй бӕрӕг хъуамӕ уа?

«Дӕ Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цу», зӕгъгӕ, цӕуыл дзурӕг у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 17 фарсыл]

Архай рӕстӕй — алыхуызон адӕмӕн хъусын кӕн.

[Нывтӕ 17 фарсыл]

Хӕларзӕрдӕдзинад кӕй уарзыс, уый бахъуаджы сахат равдис.

[Ныв 17 фарсыл]

Бонзонгӕ у ӕмӕ дӕ бон цы у, уый араз.

[Нывтӕ 19 фарсыл]

Кӕд Михей тынг ӕвзӕр адӕмы ’хсӕн цард, уӕддӕр Иегъовӕйы домӕнтӕ ӕххӕст кодта. Дӕуӕн дӕр уый дӕ бон у.