Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иуӕй-иутӕ цавӕр ном скодтой сӕхицӕн

Иуӕй-иутӕ цавӕр ном скодтой сӕхицӕн

Иуӕй-иутӕ цавӕр ном скодтой сӕхицӕн

ИУ-ӔРТӔ мин азы размӕ Давид йӕхи Израилы паддзах Саулӕй куы ӕмбӕхста, уӕд Навалмӕ (фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ чи дардта, ахӕм хъӕздыг лӕгмӕ) арвыста, зӕгъгӕ нӕм хӕрдӕй ӕмӕ донӕй фӕкӕс. Навал Давид ӕмӕ йӕ адӕмӕй хӕсджын уыд, уымӕн ӕмӕ йын йӕ дзугтӕ хъахъхъӕдтой. Фӕлӕ Навал уазӕгуарзон нӕ разынд. Уый нӕ, фӕлӕ ма Давиды ӕрвыст лӕгты хъӕр ӕмӕ фидисы бын фӕкодта. Навал зынгимӕ хъазыд, уымӕн ӕмӕ Давид, кӕмӕй ахынджылӕг кодтаис, ахӕм нӕ уыд (1 Паддзахӕдты 25:5, 8, 10, 11, 14).

Астӕуккаг Скӕсӕны ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ Навал бӕлццон ӕмӕ ӕндӕрбӕстаджы суазӕг кӕныны ӕгъдау фехӕлдта. Ӕмӕ цавӕр ном скодта йӕхицӕн? Библийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уый уыд «дӕрзӕг ӕмӕ тынг фыдлӕг», «ницӕйаг адӕймаг». Йӕ ном нысан кӕны «ӕнӕзонд», ӕмӕ уый йӕ хъуыддӕгтӕй дӕр бӕрӕг уыд (1 Паддзахӕдты 25:3, 17, 25). Фӕндид дӕ, цӕмӕй дӕу дӕр ахӕмӕй бахъуыды кӕной? Иннӕтимӕ дӕрзӕг ӕмӕ карз ныхас фӕкӕныс, уӕлдайдӕр та цавӕрдӕр уавӕры дӕуӕй лӕмӕгъдӕр куы вӕййынц? Ӕви хӕларзӕрдӕ, уазӕгуарзон ӕмӕ уӕздан адӕймаг дӕ?

Авигейӕ — зондджын сылгоймаг

Навал дӕрзӕг адӕймаг кӕй уыд, уый тыххӕй йӕхи фыдбылызы баппӕрста. Давид ӕмӕ йӕ 400 ӕфсӕддоны сӕ цирхътӕ райстой ӕмӕ араст сты Навалӕй сӕ маст райсынмӕ. Уыцы хабӕрттӕ фӕхӕццӕ сты Авигейӕмӕ, Навалы усмӕ. Уый бамбӕрста, ӕнӕ фыдбылыз кӕй нал баззайдзысты. Цы сфӕнд кодта? Авигейӕ ӕвӕстиатӕй амбырд кодта фагӕй фылдӕр дӕр хӕринаг ӕмӕ Давид ӕмӕ йӕ адӕмы размӕ атындзыдта. Куы сыл сӕмбӕлд, уӕд Давидӕн лӕгъстӕ кӕнын байдыдта, цӕмӕй туг ма ныккалдтаид. Давиды зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн. Йӕ лӕгъстӕтӕм ын байхъуыста ӕмӕ йӕ маст ӕрцыд. Уыцы цаутӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Навал амард. Давид та Авигейӕйы хорз миниуджытӕн саргъ кодта ӕмӕ йӕ йӕхицӕн къайӕн бацагуырдта (1 Паддзахӕдты 25:14—42).

Авигейӕ йӕхицӕн цавӕр ном скодта? Библи йӕ хоны «зондджын сылгоймаг». Дзырд дӕр ыл нӕй, ацы сылгоймаг уӕззау зондыл хӕст ӕмӕ фӕлтӕрдджын уыд, зыдта, кӕд цы саразын хъӕуы, уый. Уыди иузӕрдион адӕймаг ӕмӕ йӕ лӕг ӕмӕ йӕ хӕдзаронты фыдбылызӕй аирвӕзын кодта. Кӕд ныр ӕгас нал у, уӕддӕр йӕ фӕстӕ хорз ном ныууагъта, зонынц ӕй зондджын сылгоймагӕй (1 Паддзахӕдты 25:3).

Цавӕр адӕймагӕй хъуыды кӕнынц Петры?

Ныр та абалц кӕнӕм нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусмӕ ӕмӕ фенӕм, цавӕр адӕймӕгтӕ уыдысты Йесойы 12 апостолы. Ӕнӕдызӕрдыгӕй, уыдонӕй ӕппӕты тӕвдтуг ӕмӕ ӕргомдзырд уыд Петр, йе та Кифӕ, кӕсагахсӕг Галилейӕ. Куыд зыны, афтӕмӕй уый уыд ныфсджын адӕймаг ӕмӕ цы хъуыды кодта, уый дзурынӕй нӕ тарст. Цӕвиттон, иу хатт Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ ӕхсадта. Петр йӕхи куыд дардта, Йесо йӕм куы бахӕццӕ, уӕд?

Петр загъта Йесойӕн: «Хицау! Мӕ къӕхтӕ мын Ды хъуамӕ цӕхсай?» Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз цы ми кӕнын, уый ныр не ’мбарыс, фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр бамбардзынӕ». Петр зӕгъы: «Мӕ къӕхтӕ мын Ды никуы ныхсдзынӕ». Дӕ хъус ма ӕрдар, Петр куыд ныфсджынӕй дзырдта, афтӕмӕй та йӕ ныхӕстыл хъуыды дӕр нӕ акодта. Цы сарӕзта Йесо?

«Куы нӕ дӕ цӕхсон,— дзуапп радта Йесо,— уӕд дын Мемӕ хай нӕй». Симон Петр ын загъта: «Хицау! ӕрмӕст мӕ къӕхтӕ нӕ, фӕлӕ ма суанг мӕ къухтӕ дӕр ӕмӕ мӕ сӕр дӕр». Ныр та Петр хъуыддаг иннӕрдӕм фегӕр кодта! Фӕлӕ кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр Петры зӕрдӕйы уаг алчидӕр зыдта — дыдзӕсгом ӕмӕ хинӕйдзаг нӕ уыд (Иоанны 13:6—9, «Мах дуг» №5, 1992).

Петры ма хъуыды кӕнынц йӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕй дӕр, ӕмӕ уыдон та алы адӕймагмӕ дӕр сты. Зӕгъӕм, афтӕ йын чи дзырдта, зӕгъгӕ, азымджын Назаретаг Йесоимӕ уыдтӕ, уыцы адӕмы раз Чырыстийыл ӕртӕ хатты бавдисӕн кодта. Петр йӕ рӕдыд куы бамбӕрста, уӕд тынг ныккуыдта. Йӕ хъыг ӕмӕ йӕ фӕсмон равдисынӕй нӕ фефсӕрмы кодта. Банысан кӕнын ма хъӕуы уый, ӕмӕ ацы хабар Евангелийы фысджытӕ ныффыстой, ӕвӕццӕгӕн, Петр ӕй йӕхӕдӕг кӕй радзырдта, уый фӕрцы! Уымӕ уыйбӕрц сӕрныллӕгдзинад разынд, цӕмӕй йӕ рӕдыдтытыл басастаид. Дӕумӕ дӕр ис ацы хорз миниуӕг? (Матфейы 26:69—75; Маркы 14:66—72; Лукайы 22:54—62; Иоанны 18:15—18, 25—27).

Петр, Чырыстийыл куы бавдисӕн кодта, уымӕй цалдӕр къуырийы фӕстӕ, Фӕндзайӕм боны бӕрӕгбоны, сыгъдӕг удӕй зӕрдӕргъӕвд уӕвгӕйӕ уӕндонӕй хъусын кодта тынг бирӕ иудейтӕн. Уый та ӕнӕмӕнгдӕр ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ райгасуӕвӕг Йесо Петрыл ӕууӕндыд (Куыстытӕ 2:14—21).

Фӕстӕдӕр та Петр бахауд ӕндӕр къӕппӕджы. Апостол Павел загъта, зӕгъгӕ, Петр сӕрибарӕй ӕмбӕлди, ӕндӕр адӕмтӕй чырыстон чи сси, уыдонимӕ, цалынмӕ Антиохимӕ дзуттаг чырыстӕттӕ не ’рцыдысты, уӕдмӕ. Фӕлӕ сӕ стӕй Петр йӕхи иуварс ласын райдыдта, Иерусалимӕй чи ӕрцыд, уыцы «сунӕтгӕндтӕй тӕрсгӕйӕ». Петр йӕхи иутимӕ иухуызон кӕй дардта, иннӕтимӕ та — ӕндӕрхуызон, уый тыххӕй йын Павел бауайдзӕф кодта (Галатӕгтӕм 2:11—14).

Фӕлӕ уӕддӕр, зын сахат, Йесойы йӕ фӕдылдзӕуджытӕй бирӕтӕ ныууадзынмӕ куы хъавыдысты, уӕд ахуыргӕнинӕгтӕй йӕ хъуыды ныфсджынӕй чи дзырдта? Уыцы хабар ӕрцыд, Йесо ног цыдӕртӕ — йӕ буар хӕрын ӕмӕ йӕ туг нуазын цы нысан кӕны, уый — куы бацамыдта, уӕд. Уый загъта: «Адӕймаджы Фырты Буар куы нӕ хӕрат, ӕмӕ Йын Йӕ Туг куы нӕ нуазат; уӕд уӕ мидӕг цард нӕ уыдзӕни» (НФ). Йесойы фӕдыл дзуттӕгтӕй чи цыд, уыдонӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уырнындзинад фӕцудыдта ӕмӕ загътой: «Цы ӕнахуыр ныхӕстӕ сты! кӕй бон у уыдонмӕ хъусын?». Цы ’рцыд уый фӕстӕ? «Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ ацыдысты Уымӕй ӕмӕ Йемӕ нал цыдысты» (Иоанны 6:50—66).

Ацы зын сахат Йесо баздӕхт йӕ 12 апостолмӕ ӕмӕ сӕм радта, зӕрдӕмӕ чи хъары, ахӕм фарст: «Нӕ фӕнды сымах дӕр ацӕуын?» Петр ын загъта: «Хицау! кӕмӕ ацӕуӕм? Дӕумӕ ис мыггагмӕйы царды ныхӕстӕ, ӕмӕ мах баууӕндыдыстӕм ӕмӕ базыдтам, Ды — кӕй Дӕ Чырысти, Ӕгас Хуыцауы Фырт» (Иоанны 6:67—69).

Петр йӕхицӕн цавӕр ном скодта? Йӕ царды хабӕрттӕ кӕсгӕйӕ, адӕймаджы зӕрдӕ агайы, куыд ӕнӕзӕрдӕхудт, куыд ӕргом ӕмӕ куыд иузӕрдион уыд, уый, афтӕ ма йӕ лӕмӕгъдзинӕдтыл басӕттынмӕ дӕр цӕттӕ кӕй уыд. Цӕй хорз ном скодта йӕхицӕн!

Цавӕр адӕймагӕй бахъуыды кодтой адӕм Йесойы?

Йесо зӕххыл лӕггад кодта ӕрмӕстдӕр ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг. Фӕлӕ йӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ цавӕр адӕймагӕй бахъуыды кодтой? Ӕххӕст, ӕнӕтӕригъӕд адӕймаг кӕй уыд, уый тыххӕй, мыййаг, адӕммӕ уазал цӕстӕй каст, йӕхи сӕ дард ласта? Хуыцауы Фырт кӕй у, уый зонгӕйӕ, мыййаг, иннӕты скӕсын дӕр нӕ уагъта? Йӕ фӕдылдзӕуджытӕ йӕ коммӕ цӕмӕн кастысты, тӕрсгӕ дзы кӕй кодтой кӕнӕ сын тыхми кӕй кодта, уый тыххӕй? Йе та дзы иннӕтӕ цы зӕгъдзысты, ууыл афтӕ тынг тыхсти, ӕмӕ хъазӕн ныхас дӕр нӕ кодта? Цымӕ афтӕ ӕнӕвдӕлон уыд, ӕмӕ йӕ бон нӕ уыд рӕстӕг ссарын ӕдыхтӕ, рынчынтӕ кӕнӕ та сывӕллӕттӕн? Уӕды заманы нӕлгоймӕгтӕ ӕндӕр адӕмты минӕвӕртты ӕмӕ сылгоймӕгты сӕ сӕрмӕ куыд нӕ хастой, уый дӕр сӕ афтӕ нӕ хаста йӕ сӕрмӕ? Цы нын дзурынц фыст хабӕрттӕ?

Йесо адӕмыл тынг тыхст. Йӕ хъуыддӕгтӕ иртасгӕйӕ, уынӕм, уый бирӕ хӕттыты къуылыхты ӕмӕ рынчынты кӕй дзӕбӕх кодта. Йӕ уд хъардта ӕххуысхъуаг адӕмӕн баххуыс кӕныныл. Уый аудыдта ӕрыгӕттыл ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн амыдта: «Рауадзут Мӕм сывӕллӕтты ӕмӕ сӕ ма хъыгдарут». Уый фӕстӕ Йесо «сывӕллӕтты ’рбакодта Йӕ хъӕбысы, ӕрӕвӕрдта сыл Йӕ къухтӕ ӕмӕ сын арфӕ ракодта». Ды дӕр сывӕллӕттӕн рӕстӕг ссарыс ӕви афтӕ ӕнӕвдӕлон вӕййыс, ӕмӕ дӕ цуры кӕй вӕййынц, уый хатгӕ дӕр нӕ фӕкӕныс? (Маркы 10:13—16, МСЕ; Матфейы 19:13—15).

Йесойы бонты Закъонмӕ цы дины фӕткӕвӕрдтӕ бафтыдтой, уыдон дзуттӕгтӕн уӕззау уаргъау уыдысты. Сӕ дины разамонджытӕ сыл зынхӕссӕн ӕргъӕмттӕ ӕвӕрдтой, фӕлӕ сӕм сӕхӕдӕг та се ’нгуылдзӕй дӕр не ’внӕлдтой (Матфейы 23:4; Лукайы 11:46). Ӕвӕдза, Йесо сӕ куыд тынг хицӕн кодта! Уый загъта: «Ӕрцӕут Мӕнмӕ, ӕппӕт фыдӕбонгӕнджытӕ ӕмӕ уӕззау уаргъхӕсджытӕ, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕрӕнцайын кӕндзынӕн [«уе уӕнг уын фӕрогдӕр кӕндзынӕн», НД]» (Матфейы 11:28—30).

Адӕм-иу Йесоимӕ куы уыдысты, уӕд-иу се уӕнг рогдӕр кодта. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дзы нӕ тарстысты ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ хъуыдытӕ сӕрибарӕй дзырдтой. Йесо ма-иу сӕм фарстытӕ дӕр лӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый базыдтаид (Маркы 8:27—29). Хорз уаид, чырыстон цӕстдарджытӕ дӕр куы ахъуыды кӕниккой ахӕм фарстатыл: «Мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ дӕр сӕхи мӕ цуры афтӕ хатынц? Иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мын сӕ хъуыды сӕрибарӕй фӕзӕгъынц ӕви сын зын вӕййы?» Куыд ӕнцон вӕййы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хуымӕтӕг, ӕнцондзырд куы вӕййынц ӕмӕ иннӕтӕм куы фӕхъусынц! Адӕймаг зындзырд куы уа, уӕд уый хъыгдаргӕ цы кӕны, уый йедтӕмӕ зӕрдӕбын ӕмӕ ӕргом ныхасӕн ницы ӕххуыс у.

Кӕд Йесо Хуыцауы Фырт уыд, уӕддӕр йӕ хъару ӕмӕ йӕ бартӕй адӕмыл дӕлӕмӕ никуы хӕцыд. Уыйхыгъд, чи йӕм хъуыста, уыдоны разӕнгард кодта хъуыды кӕнынмӕ. Раст афтӕ бакодта, фарисейтӕ йӕ ныхасӕй ӕрцахсынмӕ куы хъавыдысты ӕмӕ йӕ хынцфарст куы кодтой: «Кесӕрӕн хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?». Йесо сын загъта, цӕмӕй йын ӕхца равдисой ӕмӕ сӕ бафарста: «Кӕй ныв у ай, ӕмӕ йӕ уӕлӕ кӕй ном ис фыст?» (НФ). Уыдон дзуапп радтой: «Кесӕры». Уый фӕстӕ сын загъта: «Уӕдӕ кесӕрыон кесӕрӕн дӕттут, Хуыцауыон та Хуыцауӕн» (Матфейы 22:15—21). Хъуыды кӕнынмӕ сӕ кӕй сразӕнгард кодта, уый дӕр сын фаг уыди.

Йесо хъазӕн ныхас кӕнын зыдта? Йесойы ныхӕсты, зӕгъгӕ, хъӕздыгӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины хъусы ахизын ӕнцондӕр у, иуӕй-иу кӕсджытӕ, ӕвӕццӕгӕн, бафиппайынц, ацы ран хъазӕн ныхас дӕр кӕй кӕны (Матфейы 19:23, 24). Гыццыл судзины хъусы абырыныл цы теуа архайы, уымӕн сфӕлгондзӕн дӕр нӕй. Ахӕм гиперболӕ ма ис ӕндӕр цӕвиттоны дӕр: адӕймаг йе ’фсымӕры цӕсты уыны къалиу, йӕхи цӕсты та хъӕд нӕ хаты (Лукайы 6:41, 42). Нӕ, Йесо карз адӕймаг нӕ уыд, фӕлӕ фӕлмӕн ӕмӕ уарзӕгой. Абоны чырыстӕттӕ дӕр хъазӕн ныхас кӕнын куы зоной, уӕд зын сахат сӕ мӕстытӕ ӕнцондӕр фӕразӕн уыдзысты.

Йесо сылгоймӕгты ӕмбӕрста

Йесойы цур сылгоймӕгтӕ та куыд хатыдысты сӕхи? Йӕ ӕнувыд фӕдылдзӕуджытӕй бирӕтӕ уыдысты сылгоймӕгтӕ, уыдонимӕ йӕ мад Мариа дӕр (Лукайы 8:1—3; 23:55, 56; 24:9, 10). Сылгоймӕгтӕ Йесомӕ сӕрибарӕй цыдысты. Иухатт иу сылгоймаг, тӕригъӕдджынӕй кӕй зыдтой, уый йын йӕ къӕхтӕ йӕ цӕстысыгтӕй ныхсадта ӕмӕ сӕ хорз тӕфгӕнаг зетийӕ байсӕрста (Лукайы 7:37, 38). Иннӕ сылгоймаг та, бирӕ азты дӕргъы тугцыдӕй чи удхар кодта, уый, адӕмы ’хсӕнты бабырыд, цӕмӕй йын йӕ дарӕсыл андзӕвыдаид ӕмӕ сдзӕбӕх уыдаид. Йесо дзы йӕ уырнындзинады тыххӕй раппӕлыд (Матфейы 9:20—22). О, сылгоймӕгтӕ зыдтой, Йесо хуымӕтӕг кӕй у.

Иннӕ хатт та Йесо цъайы цур ныхас кодта самариаг сылгоймагимӕ. Уый бадис кодта ӕмӕ йӕ бафарста: «Ды, Иудейаг уӕвгӕйӕ, куыд курыс дон мӕнӕй, Самарийагӕй?». Уӕды заманы иудейтӕ сӕ сӕрмӕ нӕ хастой самариӕгты. Йесо йын раргом кодта диссаджы ӕцӕгад, ӕнусон цард цы суадон дӕтты, уый тыххӕй. Уый сӕрибарӕй ныхас кодта сылгоймӕгтимӕ ӕмӕ нӕ тарст йӕ номӕн (Иоанны 4:7—15).

Йесойы бахъуыды кодтой йӕ бирӕ хорз миниуджыты тыххӕй, уыимӕ ма иннӕтыл удуӕлдайӕ кӕй аудыдта, уый тыххӕй дӕр. Хуыцау нӕ куыд уарзы, уый нын йӕ цардӕй равдыста. Йӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уыдонӕй алкӕмӕндӕр цӕвиттон у. Ды дӕр Йесойы фӕзмыс? (1 Коринфӕгтӕм 13:4—8; 1 Петры 2:21).

Абоны чырыстӕттӕ цавӕр ном скӕнынц сӕхицӕн?

Нӕ рӕстӕджы иузӕрдион чырыстӕттӕй бирӕтӕ амардысты, иутӕ зӕрондӕй, иннӕтӕ та ӕрыгондӕрӕй. Фӕлӕ сӕхицӕн хорз ном скодтой. Иуӕй-иуты, зӕгъӕм, Кристалы хуызӕтты (иу-90-аздзыдӕй амарди), хъуыды кӕнынц уарзӕгой ӕмӕ хӕлар адӕймӕгтӕй. Иннӕты та, зӕгъӕм, Диркы хуызӕтты (куы фӕзиан, уӕд ыл 40 азӕй гыццыл фылдӕр цыди), ӕрхъуыды кӕнынц сӕ хъӕлдзӕг зӕрдӕйы тыххӕй ӕмӕ ӕххуыс бакӕнынмӕ кӕддӕриддӕр цӕттӕ кӕй уыдысты, уый тыххӕй.

Ӕркӕсӕм Хосейы цӕвиттонмӕ, царди Испанийы. 1960-ӕм азты Испанийы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар куы нӕ лӕвӕрдтой, уӕд Хосейӕн уыд ус ӕмӕ хъомыл кодта ӕртӕ гыццыл чызджы. Барселонӕйы йын уыд хорз куыст. Фӕлӕ уыцы рӕстӕджы Испанийы хуссар районты хъуыди фӕлтӕрд чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Хосе ныууагъта йӕ куыст ӕмӕ йӕ бинонтимӕ алыгъд Малагӕмӕ. Арӕх-иу ын куыст ссарын зын кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ цасдӕр рӕстӕг тынг тыхст уыдысты.

Фӕлӕ уӕддӕр Хосейы зыдтой иузӕрдион ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт лӕггадгӕнӕгӕй; фӕзминг ма уыд, йӕ уарзон бинойнаг Кармелӕимӕ йӕ чызджыты куыд хъомыл кодта, уымӕй дӕр. Уыцы ран-иу чырыстон конгресстӕ бацӕттӕ кӕнын куы хъуыд, уӕд-иу Хосе йӕхиуыл фӕстӕмӕ никуы фӕхӕцыд. Хъыгагӕн, 50 азӕй йыл фылдӕр куы цыд, уӕд уӕззау низӕй фӕрынчын ӕмӕ амард. Фӕлӕ йӕ иууылдӕр бахъуыды кодтой ӕууӕнкджын, куыстуарзаг хистӕр нӕлгоймагӕй ӕмӕ уарзӕгой мой ӕмӕ фыдӕй.

Ды та цавӕр адӕймагӕй баззайдзынӕ адӕмы зӕрдӕты? Зӕгъӕм, знон куы амардаис, уӕд дӕ абон адӕм цы загътаиккой? Ацы фарст, гӕнӕн ис, не ’ппӕты дӕр йӕ цардыл ахъуыды кӕнын кӕна.

Цы нӕ хъӕуы хорз ном скӕнынӕн? Нӕ бон кӕддӕриддӕр у сыгъдӕг уды дыргъ хӕссын ӕмӕ уымӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдоныл кусын, зӕгъӕм: уарзондзинад, бирӕфӕразондзинад, хорздзинад, фӕлмасдзинад, хиуыл хӕцын ӕмӕ ӕндӕр миниуджытӕ (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Дзырд дӕр ыл нӕй, «[хорз] ном зынаргъ сойӕ хуыздӕр у, ӕмӕ мӕлӕты бон — райгуырӕн бонӕй» (Екклесиаст 7:1; Матфейы 7:12).

[Ныв 5 фарсыл]

Авигейӕйы хъуыды кӕнынц зондджын сылгоймагӕй.