Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Мах Иегъовӕйы номӕй цӕудзыстӕм ӕнустӕм!

Мах Иегъовӕйы номӕй цӕудзыстӕм ӕнустӕм!

Мах Иегъовӕйы номӕй цӕудзыстӕм ӕнустӕм!

«Мах... цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Иегъовӕйы номӕй алкӕддӕр — ӕнусӕй-ӕнустӕм» (МИХЕЙ 4:5).

1. Михейы чиныджы 3-аг, 4-ӕм ӕмӕ 5-ӕм сӕрты цавӕр хабӕрттӕ ис фыст?

ИЕГЪОВӔ йӕ адӕмӕн цыдӕр зӕгъинаг у, ӕмӕ йӕ дзуры йӕ пехуымпар Михейы дзыхӕй. Хуыцау фыдгӕнджыты хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзӕн. Израилӕгтӕ йӕ кӕй ныууагътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кӕй аздӕхтысты, уый тыххӕй сӕ бафхӕрдзӕн. Фӕлӕ йӕ номӕй чи цӕуы, уыдонӕн Иегъовӕ уыдзӕн ахъазгӕнӕг. Ацы хабӕрттӕ иууылдӕр фыст сты пехуымпар Михейы чиныджы 3-аг, 4-ӕм ӕмӕ 5-ӕм сӕрты.

2, 3. а) Израилы адӕмы разамонджытӕ цы хъуамӕ аразой, фӕлӕ ӕцӕгӕй та цы ми кӕнынц? ӕ) Михейы 3:2, 3 цы цӕстуынгӕ цӕвиттон ис, уый куыд бамбарын кӕндзынӕ?

2 Хуыцауы ӕрвыст пехуымпар сиды: «Иаковы хистӕртӕ ӕмӕ Израилы хӕдзары сӕргълӕуджытӕ, курын уӕ, байхъусут ма. Раст цы у, уый сымах хъуамӕ ма зонат?» Дзырд дӕр ыл нӕй, раст цы у, уый хъуамӕ зоной, фӕлӕ ӕцӕгӕй та цы аразынц? Михей дарддӕр дзуры: «Хорздзинад уын ӕнӕуынон у, ӕвзӕрдзинад та бирӕ уарзут; стигъут мын мӕ адӕмы царм, се стджытӕй та — сӕ фыд. Сымах стут мӕ адӕмы фыдхортӕ ӕмӕ сӕ царм стигъджытӕ, се стджытӕ сын цъӕл кӕнут, ӕмӕ сын сӕ мур кӕнут, цыма сӕ цуайнаджы калут ӕмӕ сын сӕ фыд аджы фыцут, уыйау» (Михей 3:1—3).

3 Разамонджытӕ мӕгуыр, ӕвадат адӕмы уд куыд сластой, куыд! Михеймӕ чи хъуыста, уыдон ацы цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕнцонтӕй ӕмбӕрстой. Фыс куы акусарт кӕнынц, уӕд ын раздӕр йӕ царм бастигъынц, уый фӕстӕ та йӕ ауӕнгтӕ кӕнынц. Хатт стджытӕ дӕр асӕттынц сӕ магъз рауадзынӕн. Кусӕрттаджы фыд ӕмӕ стджытӕ фӕфыцынц, Михей цы стыр аджы кой кӕны, ахӕмы (Иезекил 24:3—5, 10). Куыд хорз ӕвдисы ацы цӕвиттон, Михейы бонты фыдзӕрдӕ разамонджытӕ адӕмы царм куыд стыгътой, уый!

Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй рӕстӕй архайӕм

4. Иегъовӕйӕ израилӕгты разамонджытӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

4 Нӕ уарзӕгой Фыййау Иегъовӕйӕ израилӕгты разамонджытӕ тынг хицӕн кӕнынц. Уыдон рӕстӕй кӕй нӕ архайынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ хӕс не ’ххӕст кӕнынц — дзуджы нӕ хъахъхъӕнынц. Ацы разамонджытӕ «фыстӕн», ома адӕмӕн, сӕ уд хӕрынц, расты зылын кӕнынц, Михейы 3:10 куыд фыст ис, афтӕмӕй ма сын сӕ туг дӕр калынц. Ацы хабӕрттӕ нын цӕуыл дзурӕг сты?

5. Иегъовӕ цы зӕгъы, йӕ адӕмы ’хсӕн йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдоны тыххӕй?

5 Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕмы ’хсӕн йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдон рӕстӕй архайой. Ӕмӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ абон ӕцӕгдӕр афтӕ кӕнынц. Уый тыххӕй ма Исайы 32:1 стихы дӕр ахӕм ныхӕстӕ ис: «Мӕнӕ, паддзах паддзахиуӕг кӕндзӕн рӕстӕй ӕмӕ кънйӕзтӕ хицауиуӕг кӕндзысты рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ!». Фӕлӕ Михейы заман та куыд уыд? «Хорздзинад ӕнӕуынон [кӕмӕн] у, ӕвзӕрдзинад та бирӕ [чи] уарзы», уыцы адӕм рӕстдзинад зыгъуыммӕ кӕнынц.

Хуыцау кӕй куывдтытӕ хъусы?

6, 7. Михейы 3:4 цавӕр ахсджиаг хъуыды ис?

6 Цымӕ Михейы фыдзӕрдӕ ӕмдуггӕгты уый ныфс хъуамӕ уа, ӕмӕ сӕм Иегъовӕ зӕрдӕхӕлар цӕстӕй ракӕсдзӕн? Ай-гъай дӕр, нӕ! Михейы 3:4 кӕсӕм: «Иегъовӕмӕ ӕххуысмӕ сиддзысты, фӕлӕ сӕ нӕ фехъусдзӕн. Ӕмӕ сӕ уыцы рӕстӕг йӕ цӕсгом бамбӕхсдзӕн, уымӕн ӕмӕ кӕндзысты фыдхъуыддӕгтӕ». Ацы ныхӕсты ис иу ахсджиаг хъуыды.

7 Тӕригъӕдтӕ куы аразӕм, уӕд нын Иегъовӕ нӕ куывдтытӕ нӕ хъусдзӕн. Стӕй саджил фӕндагыл куы цӕуӕм, ома ӕнӕуаг митӕ дӕр куы кӕнӕм ӕмӕ цыма Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм, нӕхи афтӕ дӕр куы ӕвдисӕм, уӕд дӕр ӕм нӕ куывдтытӕ нӕ хӕццӕ кӕндзысты. Давид Псаломы 25:4 афтӕ зарыд: «Нӕ бадтӕн ӕз сайӕг адӕмимӕ, ӕмӕ хинӕйдзӕгтимӕ нӕ ацӕудзынӕн». Уӕдӕ Иегъовӕ, йӕ Ныхасы сӕрты йын зонгӕ-зонын чи хиза, уыдоны куывдтытӕ та ӕппындӕр нӕ исдзӕн!

Хуыцауы сыгъдӕг уд нын дӕтты хъарутӕ

8. Иегъовӕ Михейы рӕстӕджы цӕрӕг мӕнг пехуымпарты цӕмӕй фӕдзӕхсы?

8 Израилы дины разамонджытӕ цы ӕнӕуаг митӕ кӕнынц, цы! Мӕнг пехуымпарты тыххӕй Хуыцауы адӕм раст фӕндагӕй адзӕгъӕл сты. Ӕнӕфсис разамонджытӕ «сабырдзинад!», «сабырдзинад!» бӕргӕ хъӕр кӕнынц, фӕлӕ сын сӕ дзыхы чи ницы авӕры, уыдоны ныхмӕ хӕст расидынц. «Уый тыххӕй,— дзуры Иегъовӕ,— ӕхсӕвы тары уыдзыстут, ӕмӕ уӕ цӕстытыл ницыуал уайдзӕн; баталынг уыл уыдзӕн, ӕмӕ дӕсны нал фӕрсдзыстут. Пехуымпартыл хур аныгуылдзӕн ӕмӕ сыл бӕстӕ баталынг уыдзӕн. Цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, уыдон фӕхудинаг уыдзысты, дӕсныфӕрсджытӕ та фӕфыдӕнхъӕл уыдзысты. Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр сӕ рихитӕ ӕмбӕхсдзысты» (Михей 3:5—7а).

9, 10. Цы нысан кӕны «рихитӕ ӕмбӕхсын» ӕмӕ Михей афтӕ цӕуылнӕ кӕны?

9 Михейы фыдзӕрдӕ ӕмдуггӕгтӕ цӕмӕн «ӕмбӕхсынц сӕ рихитӕ»? Фырхудинагӕй. Ӕмӕ сын худинаг дӕр куыннӕ хъуамӕ уа?! Фыддзинады афтӕ аныгъуылдысты, ӕмӕ «сӕ Хуыцау нӕ хъусы» (Михей 3:7ӕ). Иегъовӕ ӕдзӕсгом, фыдзӕрдӕ адӕмы куывдтытӕм нӕ хъусы.

10 Михейы та нӕ хъӕуы «йӕ рихитӕ ӕмбӕхсын». Уый нӕ фӕхудинаг ис: Иегъовӕ йын йӕ куывдтытӕ хъусы. Ӕркӕс ма, Михейы 3:8 стихы иузӕрдион пехуымпар цы дзуры: «Ӕз та Иегъовӕйы сыгъдӕг уды фӕрцы сӕххӕст дӕн хъару, рӕстдзинад ӕмӕ хъомысӕй». Цӕй бузныг уыд Михей Иегъовӕйӕ, уыйӕппӕт азты йын ӕнувыдӕй куы лӕггад кодта, уӕд ын йӕ «сыгъдӕг уды фӕрцы» «хъару» кӕй лӕвӕрдта, уый тыххӕй! Афтӕмӕй йӕм уыд хъарутӕ, «цӕмӕй Иаковӕн йӕ фыдракӕнды тыххӕй, Израилӕн та йӕ тӕригъӕды тыххӕй дзырдтаид».

11. Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынӕн адӕймагмӕ хъарутӕ кӕцӕй фӕзыны?

11 Хуыцауы карз тӕрхон хъусын кӕнынӕн Михейӕн ӕрмӕст йӕхи хъарутӕ фаг не сты. Хъӕуы йӕ Иегъовӕйы сыгъдӕг уд, ома йӕ хъомысджын архайгӕ тых. Мах та? Иегъовӕ махӕн дӕр йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы куы нӕ ӕххуыс кӕнид, уӕд нӕ бон нӕ уаид хорз хабар хъусын кӕныны хӕс ӕххӕст кӕнын. Зонгӕ-зонын тӕригъӕд куы аразӕм, уӕд уацамынды нӕ фыдӕбон уыдзӕн хӕрздзӕгъӕлы. Хуыцаумӕ куы кувӕм, зӕгъгӕ, ацы хӕс ӕххӕст кӕнынӕн ма мын баххуыс кӕн, уӕд нӕ нӕ фехъусдзӕн. Ӕмӕ ныл «Иегъовӕйы сыгъдӕг уд» куы нӕ уа, уӕд та нӕ бон нӕ уыдзӕн нӕ уӕларвон Фыды тӕрхон хъусын кӕнын. Нӕ куывдтытӕ Хуыцаумӕ куы хӕццӕ кӕной ӕмӕ нын йӕ сыгъдӕг уд куы дӕтта, ӕрмӕстдӕр уӕд бауыдзӕн нӕ бон Михейау Хуыцауы ныхас ныфсджынӕй дзурын.

12. Куыд ӕнтыст Йесойы рагон ахуыргӕнинӕгтӕн Хуыцауы ныхас уӕндонӕй хъусын кӕнын?

12 Ӕвӕццӕгӕн, Куыстыты 4:23—31 цы фыст ис, уый дӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд. Зӕгъӕм, ды дӕр Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕй дӕ. Знӕгтӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты нӕ уадзынц хъусын кӕнын. Фӕлӕ ацы иузӕрдион адӕм Дунедарӕг Хуыцау Иегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнынц: «Хицау, ӕркӕс сӕ ӕртхъирӕнтӕм ӕмӕ ратт Дӕ цагъартӕн уӕндонӕй дзурын Дӕ ныхас». Цымӕ сӕ Хуыцау фехъуыста? Афтӕ ма куы куывтой, уӕд, кӕм ӕрӕмбырд сты, уыцы бынат банкъуысыд ӕмӕ иууылдӕр сӕххӕст сты сыгъдӕг удӕй ӕмӕ Хуыцауы ныхас райдыдтой уӕндонӕй дзурын. Мах дӕр Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ хъӕуы ӕдзухдӕр кувын ӕмӕ нӕ ныфс дарын, йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл.

13. Иерусалим ӕмӕ Самарийыл цы ’рцӕудзӕн ӕмӕ цӕмӕн?

13 Иу хатт ма ахъуыды кӕнӕм Михейы дугыл. Михейы 3:9—12 фыст ис, зӕгъгӕ, тугмондаг хицӕуттӕ ӕнӕ гӕртамӕй тӕрхон нал кӕнынц, сауджынтӕ уынаффӕйы тыххӕй исынц ӕхца, пехуымпартӕ та — дӕсныфӕрсыны тыххӕй. Уӕдӕ Хуыцау ахӕм тӕрхон кӕй рахаста, зӕгъгӕ, Иудӕйы сӕйраг сахар Иерусалим «пырхгӕндты цӕнд фестдзӕн», уый диссаг нӕу. Израилы дӕр мӕнг дин кӕй анхъӕвзт, стӕй дзы адӕм ӕгъдау ӕмӕ ӕфсарм кӕй нал зыдтой, уый тыххӕй Хуыцау Михейы дзыхӕй дзуры, зӕгъгӕ, Самари дӕр «пырхгӕндты цӕнд» фестдзӕн (Михей 1:6). Н. э. агъоммӕ 740 азы Михей йӕхӕдӕг федта уыцы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты: Ассирийы ӕфсӕдтӕ Самари ныппырх кодтой (4 Паддзахӕдты 17:5, 6; 25:1—21). Бӕрӕг у, Иерусалим ӕмӕ Самарийы тыххӕй уыцы сау хабӕрттӕ хъусын кӕнын Михейӕн йӕ бон кӕй уыди ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйы фӕрцы.

14. Михейы 3:12 цы пехуымпарад ис, уый куыд сӕххӕст ӕмӕ махӕн цӕуыл дзурӕг у?

14 Иудӕ Иегъовӕйы карз тӕрхонӕй нӕ аирвӕздзӕн. Михейы 3:12 цы пехуымпарад ис, уымӕ гӕсгӕ Сионы «хуымау бахуым кӕндзысты». Абон, XXI ӕнусы, мах зонӕм, ацы ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст сты, н. э. агъоммӕ 607 азы вавилойнӕгтӕ Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы зӕххӕмвӕз куы скодтой, уӕд. Ацы хабӕрттӕ, Михей куы пехуымпариуӕг кодта, уымӕй кӕд бирӕ азты фӕстӕ сӕххӕст сты, уӕддӕр пехуымпар хорз зыдта, ӕнӕрцӕугӕ сын кӕй нӕ уыд. Мах дӕр хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, ацы фыддуне дӕр Библимӕ гӕсгӕ «Иегъовӕйы бон» кӕй фесӕфдзӕн (2 Петры 3:11, 12, НД).

Иегъовӕ хъуыддӕгтӕ раст кӕны

15. Михейы 4:1—4 цы пехуымпарад фыст ис, уый дӕхи ныхӕстӕй куыд бамбарын кӕнис?

15 Михейы пехуымпарӕдты ма уынӕм ныфсдӕттӕг хабӕрттӕ дӕр. Цӕй диссаджы зӕрдӕдарӕн ныхӕстӕ кӕны Михей йӕ чиныджы Мх 4:1—4 стихты! Пехуымпар дзырдта: «Фӕстаг бонты афтӕ уыдзӕн, ӕмӕ Иегъовӕйы хӕдзар цы хохыл ис, уый фидар ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн иннӕ хӕхтӕй уӕлдӕр ӕмӕ къуылдымтӕй уыдзӕн бӕрзонддӕр; ӕмӕ йӕм адӕм цӕудзысты ӕмӕ цӕудзысты. [...] Бирӕ адӕмтӕн тӕрхон кӕндзӕн ӕмӕ дард рӕтты цӕрӕг хъомысджын адӕмыхӕттыты хъуыддӕгтӕ сраст кӕндзӕн. Ӕмӕ сӕ хъаматӕй гутӕттӕ сараздзысты, сӕ ӕрцытӕй та — ӕхсырфтӕ. Адӕм кӕрӕдзимӕ ӕхсаргард нал сисдзысты ӕмӕ хӕцын нал ахуыр кӕндзысты. Алчидӕр сӕ баддзӕн йӕ сӕнӕфсиры бын ӕмӕ йӕ легъуи бӕласы бын ӕмӕ сын тас ницӕмӕй уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕйы дзыхӕй рацыд ацы ныхас».

16, 17. Михейы 4:1—4 стихтӕ абон куыд ӕххӕст кӕнынц?

16 «Бирӕ адӕмтӕ» ӕмӕ «хъомысджын адӕмыхӕттытӕ» та чи сты? Бӕлвырд у, уыдон ацы дунейы адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ хицауӕдтӕ кӕй не сты. Пехуымпарад дзуры, ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй Иегъовӕйы дины сыгъдӕг хохыл ӕмвӕнд-ӕмзондӕй цы адӕм лӕггад кӕнынц, уыдоны тыххӕй.

17 Пехуымпар Михейы ныхӕстӕм гӕсгӕ тагъд ӕгас зӕххыл дӕр адӕм лӕггад кӕндзысты иунӕг ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйӕн. Абон «ӕнусон цардмӕ раст ахаст кӕмӕн ис», уыцы адӕмы ахуыр кӕнынц Иегъовӕйы фӕндагыл цӕуын (Куыстытӕ 13:48, НД). Уӕларвон Паддзахады фарс чи слӕууы, уыцы уырнӕг адӕмӕн Иегъовӕ «тӕрхон кӕны» ӕмӕ сын «сӕ хъуыддӕгтӕ раст кӕны». «Тынг бирӕ адӕмӕй» кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сыл «стыр бӕллӕхы» ницы фыдбылыз ӕрцӕудзӕн (Раргомад 7:9, 14, НД). Сӕ хъаматӕй гутӕттӕ кӕй сарӕзтой, уый тыххӕй абон дӕр се ’муырнджытимӕ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ, ӕмӕ иннӕ адӕмимӕ фӕрнӕй, хӕларӕй цӕрынц. Куыд ӕхсызгон у ахӕм адӕмимӕ цӕрын!

Фидарӕй загътам — цӕудзыстӕм Иегъовӕйы номӕй

18. Цӕуыл дзурӕг у, адӕймаг йӕ сӕнӕфсиры ӕмӕ йӕ легъуи бӕласы бын кӕй бады, уый?

18 Абон ӕгас дунейы дӕр адӕм ӕмризӕджы ризынц, мах та цин кӕнӕм, бирӕтӕ Иегъовӕйы кӕй базонынц ӕмӕ йӕ фӕндагыл цӕуын кӕй райдайынц, ууыл. Не ’ппӕт дӕр ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, къӕсӕрыл цы дуне ис, уымӕ: Хуыцауы чи уарзы, уыцы адӕм хӕцын куы нал ахуыр кӕндзысты, фӕлӕ сӕ алчидӕр йӕ сӕнӕфсиры ӕмӕ йӕ легъуи бӕласы бын куы баддзӕн. Бирӕтӕ сӕ сӕндӕтты ныссадзынц легъуи бӕлӕстӕ дӕр (Лукайы 13:6). Адӕймаг йӕ сӕнӕфсиры ӕмӕ йӕ легъуи бӕласы бын кӕй бады, уый дзурӕг у сабыр, фӕрныг ӕмӕ ӕнӕмӕт цардыл. Махӕн ныр дӕр, Иегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уый руаджы нӕ зӕрдӕты ис фарн ӕмӕ нӕ уырнындзинадӕн дӕр тӕссаг ницӕмӕй у. Ӕмӕ уӕларвон Паддзахад хицауиуӕг кӕнын куы райдайа, уӕд та ахӕм цард кӕй уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ ницӕмӕй уал тӕрсдзыстӕм, ницӕуыл уал тыхсдзыстӕм.

19. Цы нысан кӕны Иегъовӕйы номӕй цӕуын?

19 Цӕмӕй нӕ Иегъовӕйы хорзӕх уа ӕмӕ йӕ хорздзинӕдтӕй цух ма уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ номӕй цӕуӕм. Уый тыххӕй пехуымпар Михей йӕ чиныджы 4-ӕм сӕры 5-ӕм стихы ахӕм диссаджы ныхӕстӕ загъта: «Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр цӕудзысты сӕ хуыцӕутты номӕй, мах та цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Иегъовӕйы номӕй алкӕддӕр — ӕнусӕй-ӕнустӕм». Фӕлӕ Иегъовӕйы номӕй цӕуын уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр афтӕ дзурӕм, мах дӕр уымӕн кувӕм, зӕгъгӕ. Стӕй кӕд чырыстон фембӕлдтӕм цӕуын, Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнын ӕнӕмӕнг хъуыддаг у, уӕддӕр Иегъовӕйы номӕй цӕуынӕн уый дӕр ӕгъгъӕд нӕу. Кӕд йӕ номӕй цӕуӕм, уӕд ӕй ӕппӕт удӕй уарздзыстӕм, нӕхи йын снывонд кӕндзыстӕм ӕмӕ йын ӕнувыдӕй лӕггад кӕндзыстӕм (Матфейы 22:37). Ӕмӕ мах, йӕ кувӕг адӕм, нӕхицӕн фидарӕй загътам, нӕ Хуыцау Иегъовӕйы номӕй алкӕддӕр кӕй цӕудзыстӕм.

20. Михейы 4:6—13 цавӕр пехуымпарад фыст ис?

20 Ныр та ӕркӕсӕм, Михейы 4:6—13 цы пехуымпарад фыст ис, уымӕ. «Сионы чызджы» хъуамӕ Вавилонмӕ уацары акӕной. Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, н. э. агъоммӕ VII ӕнусы Иерусалимы цӕрджытӕн растдӕр афтӕ бакодтой. Фӕлӕ Михейы пехуымпарады куыд фыст ис, афтӕмӕй ма уыцы адӕмӕй удӕгасӕй чи баззайа, уыдон Иудӕмӕ ӕрыздӕхдзысты. Ӕмӕ цалынмӕ Сион ногӕй аразой, уӕдмӕ сын Иегъовӕ се знӕгты ныццӕгъддзӕн.

21, 22. Куыд сӕххӕст ис Михейы 5:2?

21 Михейы чиныджы ма Мх 5-ӕм сӕры дӕр ис ноджы иу диссаджы хабар. Цӕвиттонӕн ӕркӕсӕм Михейы 5:2—4. Пехуымпар фыссы, зӕгъгӕ, Хуыцауы ӕвӕрд Хицау — «райдианы чи фӕзынд», уый — райгуырдзӕн Вифлеемы. Уый хицауиуӕг кӕндзӕн ӕмӕ «Иегъовӕйы хъомысӕй» адӕмы хиздзӕн. Уымӕй уӕлдай ма ацы Хицауӕн йӕ кад ӕрмӕст Израилы нӕ, фӕлӕ суанг «зӕххы кӕрӕттӕм» дӕр айхъуысдзӕн. Уыцы Хицау чи у, уый кӕд ӕгас дунейы адӕм кӕронмӕ нӕ бамбӕрстой, уӕддӕр ӕй мах зонӕм.

22 Вифлеемы чи райгуырд, уыцы кадджын адӕймаг цымӕ чи уыд? Ӕмӕ «йӕ кад зӕххы кӕрӕттӕм» кӕмӕн айхъуысдзӕн, уый чи у? Мессиа, Йесо Чырысти! Номдзыд Ирод хистӕр сауджынты ӕмӕ чиныджы дӕсныты куы бафарста, зӕгъгӕ, Мессиа кӕм хъуамӕ райгуыра, уӕд ын загътой: «Иудейаг Вифлеемы». Ӕмӕ ма йын Михейы 5:2 ныхӕстӕ дӕр ӕрхастой (Матфейы 2:3—6). Уыцы хабар хуымӕтӕг адӕм дӕр зыдтой, уымӕн ӕмӕ Иоанны 7:42 гӕсгӕ сӕхӕдӕг афтӕ загътой: «Афтӕ загъд нӕй Фысты, Чырысти кӕй ӕрцӕудзӕн Давиды мыггагӕй ӕмӕ Вифлеемӕй, Давид кӕцӕй уыд, уыцы бынатӕй?»

Адӕмы уӕнгты хъару уадзынц

23. Михейы 5:7 абон куыд ӕххӕст кӕны?

23 Михейы 5:5—15 ныхас цӕуы Ассирийы ӕрбабырстыл, йӕ къухы бирӕ кӕй ницы бафтдзӕн ӕмӕ Хуыцау ӕгоммӕгӕс адӕмыхӕттытыл йӕ фыдӕх кӕй ныккалдзӕн. Михейы 5:7 дзырдӕуы, дзуттӕгтӕй ма чи баззад — чи ӕрфӕсмон кодта, уыдон фӕстӕмӕ сӕ фыдыбӕстӕм кӕй ӕрыздӕхдзысты, ууыл. Фӕлӕ ма ацы ныхӕстӕ нӕ рӕстӕгмӕ дӕр хауынц. Михей зӕгъы: «Иаковӕй чи баззайа, уыдон бирӕ адӕмты ’хсӕн уыдзысты, Иегъовӕйӕ ӕртӕх куыд ӕрцӕуа ӕмӕ зайӕгойтыл тӕрккъӕвда куыд ӕруара, афтӕ». Ацы пехуымпарады рӕсугъд ныхӕстӕй ӕвдыст у, фидӕны ма Иаковӕй чи баззайа, уыдон, ома сыгъдӕг удӕй гуырд израилӕгтӕ, кӕй уыдзысты Хуыцауы лӕвӕрттӕ адӕмӕн. Йесойы «ӕндӕр фыстӕ» — зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон — зӕрдӕрайгӕйӕ уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнынц, абон ма «Хуыцауы Израилӕй» зӕххыл чи ис, уыцы чырыстӕттимӕ ӕмӕ иумӕ иннӕты уырнындзинад фидар кӕнынц (Иоанны 10:16; Галатӕгтӕм 6:16; Софони 3:9). Уӕдӕ дзӕбӕх цӕуыл ахъуыды кӕнӕм, уый нын ис. Мах не ’ппӕт дӕр, Паддзахады хабар хъусынгӕнджытӕ, хъуамӕ аргъ кӕнӕм нӕ кадджын куыстӕн — иннӕты уӕнгты хъару кӕй уадзӕм, уымӕн.

24. Михейы чиныджы 3-аг, 4-ӕм ӕмӕ 5-ӕм сӕртӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цавӕр хъуыдытӕ фӕцыдысты?

24 Михейы чиныджы 3-аг, 4-ӕм ӕмӕ 5-ӕм сӕртӕй цы базыдтай? Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм хъуыдытӕ: 1) Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕмы ’хсӕн йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдон рӕстӕй архайой. 2) Зонгӕ-зонын тӕригъӕд куы аразӕм, уӕд нын Иегъовӕ нӕ куывдтытӕ нӕ хъусдзӕн. 3) Хуыцау нын йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы куы нӕ ӕххуыс кӕна, уӕд нӕ бон нӕ бауыдзӕн хорз хабар хъусын кӕныны хӕс ӕххӕст кӕнын. 4) Цӕмӕй нӕ Иегъовӕйы хорзӕх уа, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ номӕй цӕуӕм. 5) Мах, Паддзахады хабар хъусынгӕнджытӕ, хъуамӕ аргъ кӕнӕм нӕ кадджын куыстӕн — адӕмы уӕнгты хъару уадзӕм. Ӕвӕццӕгӕн ма дзы ӕндӕр хъуыдытӕ дӕр бахъуыды кодтай. Михейы чиныгӕй ма цы ис зондӕн райсӕн? Ацы уырнындзинад фидаргӕнӕг пехуымпарады ма цы дыууӕ сӕры ис, уыдон ӕвзӕрст цӕуынц иннӕ статьяйы, ӕмӕ уым дӕр ссардзыстӕм, царды нын ахъаз чи фӕуыдзӕн, ахӕм хъуыдытӕ.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цы зӕгъы Хуыцау, йӕ адӕмы ’хсӕн йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдонӕн?

• Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ нӕ цӕмӕн хъӕуы уымӕ кувын ӕмӕ дзы сыгъдӕг уд курын?

• Адӕм «Иегъовӕйы номӕй» куыд цӕуынц?

[Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 12 фарсыл]

Мах дӕр Михейау Хуыцауӕн ныфсджынӕй лӕггад кӕнӕм.