Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕлварӕнты нӕ фидардзинад кадджын кӕны Иегъовӕйы

Фӕлварӕнты нӕ фидардзинад кадджын кӕны Иегъовӕйы

Фӕлварӕнты нӕ фидардзинад кадджын кӕны Иегъовӕйы

«Хорз ракӕнды тыххӕй куы хъизӕмар кӕнат, ӕмӕ куы быхсат, уӕд уый у Хуыцауӕн ӕхцон» (1 ПЕТРЫ 2:20, НФ).

1. Ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕ нывонддзырдӕн хицау кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ цавӕр фарста хъӕуы равзарын?

ЧЫРЫСТӔТТӔ сӕхи снывонд кодтой Иегъовӕйӕн ӕмӕ сӕ фӕнды йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын. Цӕмӕй сӕ нывонддзырдӕн хицау уой, уый тыххӕй сӕ бон цы у, уымӕй цӕуынц сӕ Дӕнцӕг Йесо Чырыстийы къахфӕдтыл, ӕмӕ уыйау ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууынц (Матфейы 16:24; Иоанны 18:37; 1 Петры 2:21). Фӕлӕ Йесо, стӕй ӕндӕр иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр сӕ уырнындзинады сӕраппонд сӕ цард радтой ӕмӕ хъизӕмайраг мардӕй амардысты. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ чырыстӕттӕй алкӕмӕдӕр уый ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

2. Чырыстӕттӕ фыдӕвзарӕнтӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕм цы цӕстӕй кӕсынц?

2 Махӕн, чырыстӕттӕн, фӕдзӕхст у, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уӕм мӕлӕты онг, ӕрмӕст уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ нӕ уырнындзинады сӕраппонд ӕнӕмӕнг хъуамӕ амӕлӕм (2 Тимофеймӕ 4:7; Раргомад 2:10). Кӕд нӕ уырнындзинады сӕраппонд зынтӕ бавзарынмӕ,— куы хъӕуа, уӕд та амӕлынмӕ дӕр,— цӕттӕ стӕм, уӕддӕр уымӕ нӕ былыцъӕрттӕ нӕ хӕрӕм. Зынтӕ кӕй ӕвзарӕм, стӕй нӕ кӕй ӕфхӕрынц ӕмӕ нӕ дӕлджиныг кӕй кӕнынц, уый дӕр нын ӕхсызгон нӕу. Фӕлӕ нӕм фыдӕвзарӕнтӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ ахъуыды кӕнын хъӕуы, уыцы сахат куыд кӕндзыстӕм.

Фӕлварӕнты иузӕрдион

3. Ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сӕхи куыд дардтой, уый тыххӕй Библийӕ цавӕр цӕвиттонтӕ у дӕ бон ӕрхӕссын? (Кӕс фӕлгӕт «Ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ сӕхи куыд дардтой», иннӕ фарсыл.)

3 Ивгъуыд заманты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ цард тӕрӕзтыл ӕвӕрд куы уыди, уӕд сӕхи куыд дардтой, уый тыххӕй бирӕ хабӕрттӕ ссарӕн ис Библийы. Ахӕм уавӕрты сӕ алчидӕр куыд архайдта, уый стыр ӕххуыс у абоны чырыстӕттӕн, кӕд искуы ахӕм уавӕры бахауой, уӕд сын куыд кӕнгӕ у, уымӕн. Ӕркӕсӕм, цы дзырдӕуы фӕлгӕты «Ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ сӕхи куыд дардтой» ӕмӕ ахъуыды кӕн, цы дзы ис зондӕн райсӕн.

4. Йесо ӕмӕ иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ фыдӕвзарӕнты сӕхи куыд дардтой, уый тыххӕй цы зӕгъӕн ис?

4 Уавӕр куыд амыдта, уымӕ гӕсгӕ-иу кӕд Йесо ӕмӕ Хуыцауы иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ фыдӕвзарӕнты сӕхи алыхуызӕтты дардтой, уӕддӕр бӕрӕг у, сӕ цард ӕнӕхъуаджы милмӕ кӕй никуы ӕвӕрдтой. Тӕссаг уавӕры уыдысты хъӕбатыр, фӕлӕ арӕхстджын (Матфейы 10:16, 23, НД). Сӕ нысан уыди хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ кӕнын ӕмӕ Иегъовӕйы раз сӕ намыс сыгъдӕгӕй бахъахъхъӕнын. Ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр уавӕрты сӕхи куыд дардтой, уый у дӕнцӕг, чырыстӕттӕй абон ахӕм фыдӕвзарӕнты чи бахауа, уыдонӕн.

5. XX-ӕм ӕнусы 60-ӕм азты Малавийы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕр фыдӕвзарӕнты бахаудысты ӕмӕ уыцы уавӕры цы ми кодтой?

5 Абон дӕр Иегъовӕйы адӕм бахауынц фыдуавӕрты: кӕм хӕсты фыдӕй, кӕм та сын сӕ хъуыддаг кӕй ӕрыхгӕнынц кӕнӕ ӕргом сӕ ныхмӕ кӕй фӕцӕуынц, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, XX-ӕм ӕнусы 60-ӕм азты стыр ӕфхӕрд ӕййӕфтой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Малавийы. Ныппырх сын кодтой сӕ Паддзахады залтӕ, сӕ хӕдзӕрттӕ, ницыуал сын уыд хӕлцӕй, ӕгуыстӕй баззадысты — иудзырдӕй, цыдӕриддӕр сӕм уыди, уымӕй ӕнӕхай фесты. Надтой сӕ ӕмӕ сын алы фыдмитӕ кодтой. Куыд кодтой ӕфсымӕртӕ ахӕм уавӕры? Минтӕ сӕ ныууагътой сӕ хъӕутӕ ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕм фӕлыгъдысты. Бирӕтӕн сӕ иунӕг ӕмбӕхсӕн бынат сси тар хъӕд, иннӕтӕ та рӕстӕгмӕ лидзинаг фесты сыхаг бӕстӕ Мозамбикмӕ. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ бахаудтой мӕлӕты дзыхы, иннӕтӕ аскъуыддзаг кодтой тӕссаг бынатӕй алидзын — ӕвӕццӕгӕн, уыцы уавӕры афтӕ бакӕнын уыд растдӕр. Уымӕй ӕфсымӕртӕ бафӕзмыдтой Йесо ӕмӕ Павелы.

6. Кӕд Малавийы Ӕвдисӕнты фӕдыл тынг зылдысты, уӕддӕр уыдон дарддӕр дӕр цы арӕзтой?

6 Кӕд малавийаг ӕфсымӕртӕ ӕндӕр ранмӕ алыгъдысты кӕнӕ сӕхи баауон кодтой, уӕддӕр Иегъовӕйы организацийы разамынд агуырдтой ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайдтой, ӕмӕ сусӕгӕй дӕр, сӕ бон куыд уыди, афтӕ ӕххӕст кодтой сӕ чырыстон хӕстӕ. Ӕмӕ уымӕн исты хорз фӕстиуджытӕ уыди? 1967 азы, сӕ хъуыддаг сын куы ӕрыхгӕдтой, уый хӕдразмӕ, Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты стырдӕр нымӕц схызт 18 519-мӕ. Кӕд сӕ хъуыддаг ӕхгӕд уыд ӕмӕ сӕ бирӕтӕ Мозамбикмӕ алыгъдысты, уӕддӕр 1972 азы хъусынгӕнджыты ног стырдӕр нымӕц уыди 23 398. Уыдон рӕстӕмбис нымадӕй алы мӕй дӕр хъусын кодтой 16 сахатӕй фылдӕр. Сӕхи куыд дардтой, уымӕй бӕгуыдӕр скадджын Иегъовӕйы ном, ӕмӕ ахӕм уынгӕджы рӕстӕг дӕр Иегъовӕйы хорзӕхӕй уыдысты хайджын уыцы иузӕрдион ӕфсымӕртӕ *.

7, 8. Иуӕй-иутӕ цӕй тыххӕй аскъуыддзаг кӕнынц баззайын, суанг сӕ сӕ ныхмӕлӕуджытӕ ӕнцад куы нӕ фӕуадзынц, уӕд дӕр?

7 Фӕлӕ ис ахӕм бӕстӕтӕ дӕр, ӕмӕ кӕд ныхмӕлӕуджытӕ ӕфсымӕрты ӕнцад нӕ уадзынц, уӕддӕр сӕ иуӕй-иутӕ аскъуыддзаг кӕнынц баззайын, кӕд сӕ бон ӕндӕр ранмӕ алидзын вӕййы, уӕддӕр. Ӕндӕр ранмӕ алидзгӕйӕ, чи зоны, сӕ зындзинӕдтӕй иутӕй фервӕзой, фӕлӕ сын, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕзына ӕндӕртӕ. Зӕгъӕм, сӕ чырыстон ӕфсымӕртимӕ ма сын бастдзинад уыдзӕн ӕмӕ ӕнӕ монон хӕринагӕй нӕ баззайдзысты? Кӕдӕм алидзой, уыцы бӕстӕйы адӕм кӕд хъӕздыгдӕр цӕрынц кӕнӕ дзы ӕхца бакусынӕн фылдӕр фадӕттӕ ис, уӕд дӕр, цалынмӕ ӕрбынӕттон уой, уӕдмӕ сӕ чырыстон царды фӕтк нӕ фехӕлдзӕн? (1 Тимофеймӕ 6:9).

8 Ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ цӕйнӕфӕлтау се ’фсымӕрты ныууадзой ӕмӕ сӕ уырнындзинад фӕцуда, фӕлтау никуыдӕм алидзынц. Уыдон аскъуыддзаг кӕнынц, хуыздӕр кӕй уыдзӕн, куы баззайой ӕмӕ зындзинӕдтӕн куы быхсой, цӕмӕй дарддӕр хъусын кӕной сӕ бӕстӕйы ӕмӕ се ’муырнджытӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауой (Филиппӕгтӕм 1:14, НФ). Ахӕм уынаффӕ рахӕсгӕйӕ, уыцы ӕфсымӕртӕ арӕх стыр ӕххуыс бакӕнынц сӕ бӕстӕйы Хуыцауы адӕмы бартӕ закъонмӕ гӕсгӕ бахъахъхъӕныны хъуыддаджы *.

9. Ӕфхӕрды рӕстӕджы адӕймаг алидза ӕви ма алидза, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ йӕ цӕуыл ахъуыды кӕнын хъӕуы?

9 Алидзон ӕви ма алидзон — уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕмӕндӕр йӕхи хъуыддаг у. Ӕрмӕст ахӕм фарст алыг кӕнын хъӕуы, Иегъовӕмӕ куы скувӕм ӕмӕ дзы разамынд куы бацагурӕм, уый фӕстӕ. Фӕлӕ цыфӕнды уынаффӕ ма рахӕссӕм, хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм апостол Павелы ныхӕстӕ: «Махӕй алчидӕр йӕхи тыххӕй ратдзӕн дзуапп Хуыцауӕн» (Ромӕгтӕм 14:12). Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕдӕр уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕмӕ йыл цыфӕнды уавӕрты дӕр иузӕрдионӕй баззайой. Йӕ лӕггадгӕнджытӕй иутӕн сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд цӕуы ӕмӕ ӕфхӕрд ӕййафынц ныртӕккӕ; иннӕтӕм та, гӕнӕн ис, уый ӕнхъӕлмӕ кӕсы фидӕны. Куыдфӕнды ма уа, фӕлвӕрд ӕрцӕудзӕн алчидӕр, ӕмӕ нӕ иу дӕр афтӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕна, зӕгъгӕ, ӕз уымӕй хызт дӕн (Иоанны 15:19, 20). Мах стӕм Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, нӕ цард уымӕн снывонд кодтам, ӕмӕ йӕ ном срухс кӕныны фӕдыл ӕмӕ Дунедарӕг кӕй у, уый фӕдыл цы дзырддаг фарста лӕууы, уымӕй нӕхи баауон кӕнын нӕ бон нӕу (Иезекил 38:23; Матфейы 6:9, 10).

«Макӕмӕн фидут фыдми фыдмийӕ»

10. Нӕ ныхмӕ куы цӕуой ӕмӕ нӕ ӕнцад куы нӕ уадзой, уӕд куыд кӕнгӕ у, уый тыххӕй нын Йесо ӕмӕ апостолтӕ цавӕр ахсджиаг дӕнцӕг ныууагътой?

10 Йесо ӕмӕ йӕ апостолты ӕнцад куы нӕ уагътой, уӕд сӕхи куыд дардтой, уымӕй ма зондӕн райсӕн ис ноджыдӕр иу цыдӕр: не ’фхӕрджыты ныхмӕ хъуамӕ ма цӕуӕм. Библийы уый кой никуы ис, ӕмӕ Йесо кӕнӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ сӕхи срӕвдз кодтой сӕ ӕфхӕрджыты ныхмӕ исты хуызы фӕлӕууынмӕ кӕнӕ та сын исты фыдми бакӕнынмӕ. Уый нӕ, фӕлӕ апостол Павел чырыстӕтты фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «макӕмӕн-иу бафидут фыдми фыдмийӕ» (НФ). Уый фыста: «Уӕхи тыххӕй мастисӕн ма кӕнут, уарзонтӕ, фӕлӕ раттут бынат Хуыцауы мастӕн, уымӕн ӕмӕ фыст у: „Мӕнӕн мастисӕн, Ӕз бафиддзынӕн, зӕгъы Хицау“». Уымӕй уӕлдай ма Павел дарддӕр зӕгъы: «Фыддзинад дыл уӕлахиз ма кӕнӕд, фӕлӕ фыддзинад хорздзинадӕй сӕтт» (Ромӕгтӕм 12:17—21; Псалом 36:1—4; Ӕмбисӕндтӕ 20:22).

11. Рагон чырыстӕттӕн хицауадмӕ цавӕр ахаст уыди, уый тыххӕй иу историк цы загъта?

11 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ ацы фӕдзӕхст сӕ зӕрдӕмӕ айстой. Историк Сесил Каду йӕ чиныг «Рагон аргъуан ӕмӕ дуне»-йы дзуры, н. э. 30—70-ӕм азтӕм чырыстӕттӕн хицауадмӕ цавӕр ахаст уыди, уый тыххӕй. Уый фыссы: «Уыцы рӕстӕджы дӕргъы чырыстӕттӕ се ’фхӕрджыты ныхмӕ тыхӕй архайдтой, уымӕн ницы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис. Ӕмӕ кӕд искуыд архайдтой, уӕд иууыл фылдӕр — сӕ хицӕуттӕ раст цы нӕ арӕзтой, уый ӕргом дзырдтой, кӕнӕ та-иу сӕ ӕрцахсынмӕ куы хъавыдысты, уӕд-иу алыгъдысты, ӕмӕ сӕ уымӕй мӕсты кодтой. Фылдӕр хатт та фыдӕвзарӕнты рӕстӕг чырыстӕттӕ уыдысты сабыр, фӕлӕ сӕ хицауад Чырыстийы ныхасы сӕрты ахизын кӕм домдта, уым сӕм цыфӕндыйӕ дӕр нӕ байхъуыстаиккой».

12. Хъизӕмар кӕнгӕйӕ быхсын ныхмӕ цӕуынӕй хуыздӕр цӕмӕн у?

12 Цымӕ ахӕм сабыр ахаст ӕнӕхъуаджы нӕу? Исты афтӕмӕй, аныхъуырынмӕ сӕ чи хъавы, уыдоны дзыхы сӕхӕдӕг сӕхи нӕ тъыссынц? Хуыздӕр нӕ уаид, тыхӕй куы архаиккой? Зӕххон адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, чи зоны, афтӕ хуыздӕр уаид. Фӕлӕ мах, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, фидарӕй зонӕм, цыфӕнды хъуыддаджы дӕр, Иегъовӕ куыд зӕгъы, афтӕ кӕнын иууыл хуыздӕр кӕй у. Мах нӕ зӕрдыл дарӕм Петры ныхӕстӕ: «Фӕлӕ хорз ракӕнды тыххӕй куы хъизӕмар кӕнат, ӕмӕ куы быхсат, уӕд уый у Хуыцауӕн ӕхцон» (1 Петры 2:20, НФ). Мах фидарӕй уырны, Иегъовӕ нын хорз кӕй зоны нӕ уавӕр ӕмӕ не ’фхӕрдӕн кӕрон ма уа, уый кӕй нӕ бауадздзӕн. Цӕмӕн ис уый фидарӕй зӕгъӕн? Иегъовӕ, йӕ адӕм Вавилоны уацары куы уыдысты, уӕд сын загъта: «Сымахмӕ чи ӕвналы, уый мӕ цӕсты гагуымӕ ӕвналы» (Захари 2:8). Зӕгъгӕ, искӕмӕн йӕ цӕсты гагуымӕ исчи ӕвналы, уӕд цымӕ цас фӕраздзӕн? Йӕ рӕстӕджы Иегъовӕ ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн ӕххуысмӕ. Уый мисхал дӕр дызӕрдыггаг нӕу (2 Фессалоникӕгтӕм 1:5—8).

13. Йесомӕ йе знӕгтӕ ӕрцахсынмӕ куы ӕрбацыдысты, уӕд йӕхи сӕ къухмӕ барвӕндӕй цӕмӕн радта?

13 Ацы хъуыддаджы нын фӕзминаг у Йесо. Гефсиманы дыргъдоны йӕм йе знӕгтӕ ӕрцахсынмӕ куы бацыдысты, уӕд йӕхи сӕ къухмӕ уымӕн нӕ радта, ӕмӕ сӕ йӕ бон нӕ уыди йӕхи бахизын. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Афтӕ ӕнхъӕл дӕ мыййаг, Ӕз ныр Мӕ Фыдӕй куы ракурин, Уӕд Мын Уый дыууадӕс легионӕй фылдӕр Зӕдтӕ нӕ ӕрӕрвитид? Ӕппӕт уыдӕттӕ куы нӕ ӕрцӕуой, уӕд Фыст куыд хъуамӕ сӕххӕст уа?» (Матфейы 26:53, 54, НФ). Йесойӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр уыди Иегъовӕйы фӕндон сӕххӕст кӕнын, кӕд уый тыххӕй хъизӕмар кодтаид, уӕддӕр. Уый иу мур дӕр нӕ гуырысхо кодта, Давиды псаломы цы пехуымпарадон ныхӕстӕ фыст ис, уыдоныл: «Ды нӕ ныууадздзынӕ мӕ уды зындоны [«шеолы», НД] ӕмӕ нӕ ратдзынӕ Дӕ сыгъдӕгӕн фенын ӕмбийын» (Псалом 15:10). Фӕстӕдӕр апостол Павел Йесойы тыххӕй загъта: «Цы циндзинад ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый сӕраппонд уый ӕгаддзинад дӕр ницӕмӕ ӕрдардта, афтӕмӕй бафӕрӕзта хъизӕмӕртты цӕджындзыл мӕлӕты онг ӕмӕ ӕрбадт Хуыцауы паддзахбадӕны рахизырдыгӕй» (Дзуттытӕм 12:2, НД).

Иегъовӕйы ном рухс кӕнын — цины хос

14. Йесойы йе ’ппӕт фыдӕвзарӕнты дӕр цавӕр циндзинад фидар кодта?

14 Зӕгъӕн куыд нӕй, афтӕ уӕззау фыдӕвзарӕны Йесойы цавӕр циндзинад фидар кодта? Иегъовӕйӕн цыдӕриддӕр лӕггадгӕнджытӕ ис, уыдонӕй Сайтанӕн сӕйраджыдӕр милмӕ ӕвӕрд уыди Йесо, Хуыцауы уарзон Фырт. Йесо фыдӕвзарӕны Иегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззадаид, уӕд уымӕй кӕрон скодтаид Сайтаны фидистӕн (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Ахъуыды ма кӕн, Йесо йӕ райгасы фӕстӕ куыд хъуамӕ цин кодтаид ӕмӕ куыд райгонд хъуамӕ уыдаид — зӕххыл, ӕххӕст адӕймаг уӕвгӕйӕ, сӕххӕст кодта, Дунедарӕг Иегъовӕ кӕй у, уый сбӕлвырд кӕнын ӕмӕ йын йӕ ном срухс кӕныны хъуыддаджы цы хӕс уыди, уый! Уымӕй дарддӕр, Йесо «Хуыцауы паддзахбадӕны рахизырдыгӕй» кӕй ӕрбадт, уый йын, ай-гъай дӕр, у диссаджы кад ӕмӕ иууыл стырдӕр цины хос (Псалом 109:1, 2; 1 Тимофеймӕ 6:15, 16).

15, 16. Ӕвдисӕнтӕ Заксенхаузены цавӕр фыдӕвзарӕн сфӕрӕзтой ӕмӕ цӕй фӕрцы?

15 Чырыстӕттӕн дӕр стыр цин у, фыдӕвзарӕнты ӕмӕ ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ Йесойау фидар кӕй лӕууынц ӕмӕ уымӕй Иегъовӕйы ном кӕй рухс кӕнынц, уый. Уымӕн хорз цӕвиттон сты, ӕрмӕст йӕ койӕ дӕр зӕрдӕ кӕмӕй ныккӕрзы, уыцы Заксенхаузены концлагеры чи хъизӕмар кодта ӕмӕ Дыккаг Дунеон Хӕсты фӕуды мӕлӕтмӕ фӕндагыл удӕгас чи баззад, уыцы Ӕвдисӕнты хабар. Уыцы фӕндагыл ахст адӕмӕй минтӕ фӕмард сты, чи уазалӕй, чи низӕй, чи ӕххормагӕй, чи та дзы тӕккӕ фӕндаджы был фӕмард ӕгъатыр нацистты къухтӕй. Ӕвдисӕнтӕй та, ӕдӕппӕт 230 адӕймагӕй, иу дӕр нӕ амард, уыдон кӕрӕдзиуыл ӕнгом хӕцыдысты ӕмӕ сӕ кӕд уый тыххӕй гӕнӕн уыди, ӕмӕ маргӕ дӕр акодтаиккой, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтой.

16 Цӕй фӕрцы сфӕрӕзтой уыцы Ӕвдисӕнтӕ ахӕм фыдӕвзарӕн? Куыддӕр ссӕрибар сты, афтӕ, куыд амондджын сты ӕмӕ Иегъовӕйӕ куыд бузныг сты, уый равдыстой иу документы, схуыдтой йӕ «Ӕхсӕз адӕмыхаттӕй, Мекленбургы Шверинмӕ ӕввахс хъӕды чи ӕрӕмбырд, уыцы 230 Иегъовӕйы Ӕвдисӕны уынаффӕ». Уым ис ахӕм ныхӕстӕ: «Фыдӕвзарӕнты даргъ ӕмӕ уӕззау рӕстӕг фӕсте баззад ӕмӕ пиллонкалгӕ пецӕй раирвӕзӕгау чи фервӕзт, уыдоныл сыгъды смаг дӕр нӕй. (Кӕсут Данелы 3:27.) Уый нӕ, фӕлӕ Иегъовӕйы тых ӕмӕ хъаруйӕ уӕлдайджынтӕй хайджын стӕм ӕмӕ ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Паддзахы ног бардзырдтӕм, цӕмӕй дарддӕр дӕр размӕ кӕнӕм Хуыцауы хъуыддаг» *.

17. Хуыцауы адӕм абон цавӕр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлынц?

17 Уыцы 230 иузӕрдион Ӕвдисӕнау махӕн дӕр нӕ уырнындзинад, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕлвӕрд цӕуа, кӕд «нырма туджы онг нӕ хӕцыдыстӕм», уӕддӕр (Дзуттытӕм 12:4). Фӕлӕ фӕлварӕнтӕ алыхуызӕттӕ вӕййынц. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дыл де ’мкъласонтӕ худой, йе та дӕ де ’мгӕрттӕ ӕнӕгъдау мийыл ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтыл ардауой. Уымӕй дарддӕр нӕ хатт стыр зындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлварӕнтӕм ӕркӕны, цыфӕндыйӕ дӕр туг кӕй нӕ уадзӕм, ӕрмӕстдӕр Хицауы мидӕг кӕй мой кӕнӕм ӕмӕ кӕй курӕм ус, йе та кӕд нӕ цардӕмбал не ’муырнӕг нӕу, уӕддӕр нӕ сывӕллӕтты Хуыцауы фӕндагыл кӕй аразӕм, уый (Куыстытӕ 15:29; 1 Коринфӕгтӕм 7:39; Ефесӕгтӕм 6:4; 1 Петры 3:1, 2).

18. Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ бон у цыфӕнды стыр фыдӕвзарӕн дӕр сфӕразын?

18 Фӕлӕ нӕ уырнындзинад цыфӕнды хъуыддаджы ма цӕуа фӕлвӕрд, уӕддӕр мах зонӕм, зындзинӕдтӕ уый тыххӕй кӕй ӕййафӕм, ӕмӕ нын царды иууыл сӕйрагдӕр у Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Паддзахады хъуыддаг, ӕмӕ уый нӕхицӕн нымайӕм стыр кадыл, у нын цины хос. Махӕн стыр хъару дӕттынц Петры зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ: «Кӕд уӕ Чырыстийы номы тыххӕй фауынц, уӕд сымах стут тӕхудиаг, уымӕн ӕмӕ кады Уд, Хуыцауы Уд ис сымахыл» (1 Петры 4:14). Иегъовӕйы сыгъдӕг уды фӕрцы мах сфӕраздзыстӕм цыфӕнды стыр фыдӕвзарӕн дӕр,— ӕппӕтдӕр Хуыцауы кад ӕмӕ намысӕн (2 Коринфӕгтӕм 4:7; Ефесӕгтӕм 3:16; Филиппӕгтӕм 4:13).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 6 абз. Малавийы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз азы дӕргъы цы стыр дудгӕбӕттӕ ӕмӕ ӕгъатыр фыдӕвзарӕнтӕ баййӕфтой, уыдонӕн 1960-ӕм азты хабӕрттӕ уыдысты ӕрмӕстдӕр сӕ райдиан. Бӕстондӕр радзырд бакӕсӕн ис «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныджы» 1999 азӕн, 171—212 фӕрстыл.

^ 8 абз. Кӕс статья «Сӕйраг тӕрхондон раст дины фарс рахӕцыд „Арараты зӕххыл“», «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» 2003 аз, 1 апрель, 30—32 фӕрстӕ.

^ 16 абз. Уыцы уынаффӕ ӕнӕхъӕнӕй ис «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Ӕрвылазон чиныджы» 1974 азӕн, 208, 209 фӕрстӕ (англ.). «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 1998 азы, 1 январы номыры 25—29 фӕрстыл (уыр.) уыцы хабӕртты тыххӕй дзуры, мӕлӕты фӕндагыл удӕгас чи баззад, уыдонӕй иу.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Чырыстӕттӕ фыдӕвзарӕнтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕм цы цӕстӕй кӕсынц?

• Йесо ӕмӕ иннӕ иузӕрдион чырыстӕттӕ фыдӕвзарӕнты сӕхи куыд дардтой, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

• Куы нӕ ӕфхӕрой, уӕд ныхмӕ цӕуын цӕуылнӕ хъӕуы?

• Йесойы йе ’ппӕт фыдӕвзарӕнты дӕр цавӕр циндзинад фидар кодта ӕмӕ уымӕй цы ис зондӕн райсӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Нывтӕ 25 фарсыл]

Ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ сӕхи куыд дардтой

• Ироды ӕфсӕддонтӕ Вифлееммӕ куы ӕрцыдысты, дыууӕ азы онг ӕмӕ уымӕй къаддӕр кӕуыл цыд, уыцы гыццыл лӕппуты ныццӕгъдынмӕ, уӕдмӕ зӕды ныхасӕй Иосиф ӕмӕ Мариа ноггуырд Йесоимӕ Египетмӕ алыгъдысты (Матфейы 2:13—16).

• Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд ӕй йе знӕгтӕ бирӕ хӕттыты хъавыдысты амарынмӕ, цы дзырдта, уый ныхмӕ сӕ бон зӕгъын кӕй ницы уыди, уый тыххӕй. Йесо-иу алы хатт дӕр йӕхи бааууон кодта (Матфейы 21:45, 46; Лукайы 4:28—30; Иоанны 8:57—59).

• Ӕфсӕддонтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ фарисейты кусджытӕ Гефсиманы дыргъдонмӕ Йесойы ӕрцахсынмӕ куы ӕрбацыдысты, уӕд сын йӕхӕдӕг йӕхи бацамыдта, дыууӕ хатты сын загъта: «Уый Ӕз дӕн». Суанг ма йӕ фӕдылдзӕуджыты дӕр нӕ бауагъта йӕ сӕрыл рахӕцын ӕмӕ йӕхи радта уыцы бардзы къухмӕ (Иоанны 18:3—12).

• Иерусалимы Петр ӕмӕ иннӕ апостолты ӕрцахстой, ехсӕй сӕ фӕнадтой ӕмӕ сын бафӕдзӕхстой, Йесойы тыххӕй куыд нал дзурой. Фӕлӕ куы ссӕрибар сты, уӕд «уыдон ацыдысты... ӕмӕ алыбон кувӕндоны ӕмӕ хӕдзӕртты ӕнӕнцойӕ ахуыр кодтой ӕмӕ хорз уацхъуыд хъусын кодтой Йесо Чырыстийы тыххӕй» (Куыстытӕ 5:40—42).

• Савл (фӕстӕдӕр сси апостол Павел) уый куы базыдта, ӕмӕ йӕ Дамаскы иудейтӕ сфӕнд кодтой амарын, уӕд ӕй ӕфсымӕртӕ чыргъӕды нывӕрдтой ӕмӕ йӕ ӕхсӕвыгон сахары къулӕй бынмӕ ӕруагътой, ӕмӕ аирвӕзт (Куыстытӕ 9:22—25).

• Цалдӕр азы фӕстӕ Павел ӕрдомдта кесӕры тӕрхон, кӕд ӕм хицау Фест дӕр ӕмӕ паддзах Агриппӕ дӕр ницы ссардтой «мӕлӕты, кӕнӕ хъадаманты аккагӕй», уӕддӕр (Куыстытӕ 25:10—12, 24—27; 26:30—32).

[Нывтӕ 26, 27 фарсыл]

Кӕд карз сурӕнты рӕстӕджы Малавийы иузӕрдион Ӕвдисӕнтӕй минты алидзын бахъуыд, уӕддӕр дарддӕр дӕр зӕрдӕрайгӕйӕ хъусын кодтой Паддзахады хабар.

[Нывтӕ 27 фарсыл]

Ацы иузӕрдион чырыстӕттӕ Иегъовӕйы ном кӕй рухс кодтой, уый цинӕй бафӕрӕзтой мӕлӕты фӕндагыл ӕмӕ нацистон концлагерты.

[Барлӕвӕрдӕй]

Death march: KZ-Gedenkstätte Dachau, courtesy of the USHMM Photo Archives

[Нывтӕ 28 фарсыл]

Фӕлварӕнтӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ алыхуызӕттӕ вӕййынц.