Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Цыргъаджы ныхмӕ» цӕуыс?

«Цыргъаджы ныхмӕ» цӕуыс?

«Цыргъаджы ныхмӕ» цӕуыс?

БИБЛИ цы рӕстӕг фыстой, уӕды заман цыргъагӕй — даргъ лӕдзӕгӕй ӕфсӕйнаг бырынкъимӕ — пайда кодтой уӕззау уӕргътӕ ласӕг фос скъӕрынӕн ӕмӕ сын фӕндаг амонынӕн. Фӕлӕ-иу стур размӕ куы нал куымдта ӕмӕ-иу дзы цыргъаг куы фӕныхст, уӕд-иу цы ’рцыд? Ӕнцондӕр-иу ын нӕ фӕци, фӕлӕ-иу йӕхицӕн ӕнӕхъуаджы рыст бавзарын кодта.

Йесо Чырысти йӕ райгасы фӕстӕ цыргъаджы тыххӕй дзырдта, иу нӕлгоймагӕн, йӕ ном Савл, зӕгъгӕ, йӕхи куы равдыста, уӕд. Уый та цыди Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй кӕйдӕрты ӕрцахсынмӕ. Цӕхӕркалгӕ рухсы астӕуӕй Савлмӕ райхъуыстысты Йесойы ныхӕстӕ: «Савл, Савл! ды цы сурыс Мӕн? Зын у дӕуӕн цыргъаджы ныхмӕ цӕуын». Савл чырыстӕтты кӕй ӕфхӕрдта, уымӕй ӕцӕгӕй та тох кодта Хуыцауы ныхмӕ ӕмӕ цыди, ӕрмӕстдӕр ын зиан чи ӕрхастаид, ахӕм фӕндагыл (Куыстытӕ 26:14).

Гӕнӕн ис, ӕмӕ мах дӕр ӕнӕзонгӕйӕ «цыргъаджы ныхмӕ» цӕуӕм? Библи «зондджын адӕмы ныхӕстӕ» бары цыргъӕгтимӕ, раст фӕндагыл цӕуынмӕ нӕ чи разӕнгард кӕны, уыдонимӕ (Екклесиаст 12:11). Хуыцауы Ныхасӕн йӕ бон у мах хорздзинадмӕ разӕнгард кӕнын ӕмӕ нын уымӕ фӕндаг дӕр амонын — кӕд ын уый бар дӕттӕм, уӕд (2 Тимофеймӕ 3:16). Йӕ ныхмӕ куы цӕуӕм, уӕд та нӕхицӕн зиан йедтӕмӕ ӕндӕр ницы ӕрхӕсдзыстӕм.

Савл йӕ зӕрдӕмӕ айста Йесойы ныхӕстӕ, раст фӕндагыл слӕууыд ӕмӕ сси уарзон чырыстон апостол Павел. Мах дӕр Хуыцауы уынаффӕмӕ куы хъусӕм, уӕд ӕнустӕм арфӕгонд ӕрцӕудзыстӕм (Ӕмбисӕндтӕ 3:1—6).

[Ныв барлӕвӕрдӕй 32 фарсыл]

L. Chapons/Illustrirte Familien-Bibel nach der deutschen Uebersetzung Dr. Martin Luthers