Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕй фӕрцы сфидар уыдзӕн де ’мкъайады цӕдис

Цӕй фӕрцы сфидар уыдзӕн де ’мкъайады цӕдис

Цӕй фӕрцы сфидар уыдзӕн де ’мкъайады цӕдис

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ ма ауайын кӕн, ӕдзӕллаг уавӕрмӕ чи ’рцыд, ахӕм хӕдзар. Йӕ чъыр згъӕлы, йӕ цар тӕдзы, суанг ма йӕ кӕрт дӕр у ӕнӕфснайд. Бӕрӕг у, ацы агъуыстыл азты дӕргъы иу ӕмӕ дыууӕ тӕрккъӕвдайы кӕй не ’рцыд ӕмӕ бирӕ рӕстӕг кӕй у ӕнӕркаст. Уӕдӕ йӕ ныр фехалын хъӕуы? Уый ӕнӕмӕнг нӕу. Кӕд хӕдзарӕн йӕ бындур ӕмӕ йӕ быцӕутӕ фидар сты, уӕд ӕй ис сцалцӕг кӕнӕн.

Цы хӕдзары кой ракодтам, уымӕн де ’мкъайадимӕ иумӕйагӕй исты ис? Чи зоны, бирӕ азты дӕргъы царды «тӕрккъӕвдатӕ» уе ’мкъайады «мӕсыгӕн» дӕр разиан кодтой. Ӕвӕццӕгӕн, уӕ иу кӕнӕ уӕ дыууӕ дӕр рагӕй ницыуал сарӕзтат, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр уат. Чи зоны, Сэнди куыд зӕгъы, ды дӕр дӕхи афтӕ хатыс. 15 азы йӕ лӕгимӕ фӕцӕргӕйӕ, уый загъта: «Нӕ къухтӕ фыст цы уыдысты, уый йедтӕмӕ нӕ ницы иу кодта. Уый та фаг нӕ уыд».

Кӕд сымахӕн дӕр уӕ уавӕр раст ахӕм у, уӕддӕр тагъд ма кӕн афтӕ дзурын, зӕгъгӕ, ахицӕн уӕм, ӕндӕр ын ницыуал хос ис. Чи зоны, уе ’мкъайад ис «сцалцӕг кӕнӕн». Бирӕ аразгӕ у, дӕ цардӕмбалимӕ кӕрӕдзийӕн цы дзырд радтат, уый куыд ӕххӕст кӕнут, уымӕй. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн цы дзырд радтой, уый сӕ зӕрдыл куы дарой, уӕд царды цыфӕнды уӕззау фӕлварӕнтӕн дӕр бафӕраздзысты. Фӕлӕ цы нысан кӕны, цы дзырд раттай, уымӕ гӕсгӕ цӕрын? Ӕмӕ дын Библи куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын хицау уай?

Дӕ дзырдӕн хицау уай, уый нысан кӕны дӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын

Иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ дзырд ӕххӕст кӕнын у, «адӕймаг цыфӕндыйӕ дӕр искӕуыл кӕнӕ истӕуыл йӕ зӕрдӕ куы нӕ ива, цы бӕрн ӕмӕ йыл цы хӕстӕ ис, уыдон куы ӕххӕст кӕна». Адӕймаг дзырд ӕрмӕст удгоймагӕн нӕ ратты. Зӕгъӕм, аразӕг йӕхицӕн хӕсыл нымайы, хӕдзар саразыны тыххӕй цы бадзырдыл ӕрфыста йӕ къух, уый сӕххӕст кӕнын. Гӕнӕн ис, ӕмӕ хӕдзар кӕмӕн аразы, уый лӕгӕй-лӕгмӕ нӕ зоны, фӕлӕ дзырд кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ йӕ хӕс ӕххӕст кӕны.

Ӕмкъайад цыдӕр куыст кӕнӕ хъуыддаджы фӕдыл бадзырд нӕу, фӕлӕ уӕддӕр, кӕд дыууӕ уды кӕрӕдзийӕн дзырд радтой, уӕд сыл ис цавӕрдӕр хӕстӕ. Ды ӕмӕ де ’мкъай Хуыцау ӕмӕ адӕмы раз фидар дзырд радтат, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр уӕ кӕрӕдзи кӕй нӕ ныууадздзыстут. Йесо загъта, «райдайӕны Скӕнӕг нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы кӕй сфӕлдыста... Ӕмӕ загъта: уымӕ гӕсгӕ ныууадздзӕн адӕймаг фыд ӕмӕ мады ӕмӕ баныхӕсдзӕн йӕ усыл». Йесо ма бафтыдта: «Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Матфейы 19:4—6). Кӕд царды цӕлхдуртыл дӕр сӕмбӕлат, уӕддӕр ды ӕмӕ де ’мкъай хъуамӕ хицау уат, кӕрӕдзийӕн цы дзырд радтат, уымӕн *. Иу сылгоймаг дзуры: «Хицӕн кӕныны хъуыды нӕ сӕртӕй бынтондӕр куы аппӕрстам, ӕрмӕстдӕр уӕд райдыдта нӕ цард нывыл кӕнын».

Фӕлӕ лӕг ӕмӕ ус, кӕрӕдзийӕн цы дзырд радтой, уымӕн цӕмӕй хицау уой, уый тыххӕй сын ӕрмӕст сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын фаг нӕу. Цы ма хъӕуы?

Кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын ахъаз у дзырд ӕххӕст кӕнынӕн

Кӕд лӕг ӕмӕ ус, кӕрӕдзийӕн цы дзырд радтой, уый ӕххӕст кӕнынц, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ алкӕддӕр, алы хъуыддаджы дӕр кӕрӕдзиимӕ разы уыдзысты. Истӕуыл кӕрӕдзиимӕ куы нӕ разы кӕной, уӕд сӕ хъуыддаг ӕрнывыл кӕнынмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна, кӕрӕдзийы раз хӕсджын кӕй сты, уый нӕ, фӕлӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд кӕй сты, уый. Лӕг ӕмӕ усы тыххӕй Йесо загъта: «Уыдзысты дыууӕ иу буар».

Цы нысан кӕны, дӕ цардӕмбалимӕ «иу буар» уат, уый? Апостол Павел ныффыста, зӕгъгӕ, «хъуамӕ лӕгтӕ уарзой сӕ устыты сӕхи буарау» (Ефесӕгтӕм 5:28, 29, НФ). Уӕдӕ «иу буар» уын нысан кӕны, дӕхи хӕрзӕбоныл куыд тыхсыс, афтӕ дӕ цардӕмбалы хӕрзӕбоныл дӕр кӕй тыхсыс, уый. Ӕмкъайады цӕдисы чи бацыд, уыдоны хъӕуы сӕ хъуыды фӕивын: «мӕн» ӕмӕ «ӕз» хъуамӕ баивой «мах»-ӕй. Бинонты царды фӕдыл уынаффӕтӕ чи дӕтты, иу ахӕм сылгоймаг ныффыста: «Лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр хъуамӕ зӕрдӕйӕ бамбарой, иунӕджытӕ кӕй нал сты, сӕ зӕрдӕты хъуамӕ ӕрфыссой сӕ къухтӕ».

Цы зӕгъӕн ис дӕу ӕмӕ дӕ цардӕмбалы тыххӕй та, «уӕ зӕрдӕты ӕрфыстат уӕ къухтӕ»? Гӕнӕн ис ӕмӕ бирӕ азты дӕргъы иумӕ цӕрат, фӕлӕ ацы хъуыддаджы нырмӕ дӕр «иу буар» ма уат. О, афтӕ дӕр ӕрцӕуы, фӕлӕ иу чиныджы, «Раттут фадат рӕстӕгӕн», дзырдӕуы: «Ӕмкъайад у иу цард дыууӕйӕн, ӕмӕ дыууӕ удӕн иумӕйаг хъуыддӕгтӕ цас фылдӕр уа, уыйас сӕ цард адджындӕр уыдзӕн» («Giving Time a Chance»).

Сӕ цардӕй разы чи нӕу, ахӕм бинонтӕй иуӕй-иутӕ иумӕ фӕцӕрынц сӕ сывӕллӕтты тыххӕй кӕнӕ та ӕхцайы тыххӕй. Иннӕтӕ та ахӕм цардӕн быхсынц, уымӕн ӕмӕ хицӕн кӕнын сӕ сӕрмӕ нӕ хӕссынц, йе та тӕрсынц, куы ахицӕн уой, уӕд сӕ адӕм цы зӕгъдзысты. Ахӕм лӕгтӕ ӕмӕ устытӕ иумӕ цӕргӕйӕ кӕй баззайынц, уый раппӕлинаг у, фӕлӕ уӕ зӕрдыл дарут: уӕ нысан хъуамӕ ӕрмӕст уый ма уа, ӕмӕ иумӕ баззайат, фӕлӕ кӕрӕдзи уарзгӕйӕ цӕрат.

Удуӕлдай хъуыддӕгтӕ ӕххуыс сты дзырд ӕххӕст кӕнынӕн

Библийы ныффыстӕуыд, зӕгъгӕ, «фӕстаг бонты» адӕм уыдзысты «хиуарзон» (2 Тимофеймӕ 3:1, 2). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, абон адӕм хъуыды кӕнынц ӕрмӕстдӕр сӕхиуыл. Бирӕ бинонты ’хсӕн, иннӕтыл удуӕлдайӕ аудай ӕмӕ дыл уыдон дӕр афтӕ уыдзысты, уымӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсай, уый нымад у лӕмӕгъдзинадыл. Фӕлӕ ӕнгом бинонты ’хсӕн лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр сӕхи уды хардзӕй архайынц кӕрӕдзийӕн исты хорз ракӕныныл. Куыд у дӕ бон ахӕм зӕрдӕйы уагӕй архайын?

«Цы пайда мын у, къай мын кӕй ис, уый?», зӕгъгӕ, ууыл мӕт кӕныны бӕсты ахъуыды кӕн: «Мӕхӕдӕг цы аразын, цӕмӕй ме ’мкъаймӕ ӕнгомдӕр уон?». Библи дзуры, цӕмӕй чырыстӕттӕ «ӕрмӕст сӕхи мӕт ма кӕной алчидӕр, фӕлӕ алчидӕр иннӕты мӕт дӕр кӕна» (Филиппӕгтӕм 2:4). Ацы уагӕвӕрд дӕ зӕрдыл бадар ӕмӕ ахъуыды кӕн, фӕстаг къуыри цы хъуыддӕгтӕ сарӕзтай, уыдоныл. Цал хатты сарӕзтай ахӕм исты, ӕмӕ дзы дӕ цардӕмбалы хорзӕй дарддӕр дӕхицӕн ницы пайда агуырдтай? Дӕ цардӕмбал дзурыны зӕрдыл куы уыд, уӕд ӕм байхъуыстай, кӕд ды уыцы зӕрдыл нӕ уыдтӕ, уӕддӕр? Дӕуӕй хъауджыдӕр дӕ удыхайы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ цал хатты бакодтай?

Ацы фарстытыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, ууыл ма тыхс, ӕмӕ дын дӕ хорз хъуыддӕгтӕ кӕй ничи фендзӕн ӕмӕ сын кӕй ничи саргъ кӕндзӕн. «Ӕмкъайады фылдӕр хатт,— дзырдӕуы иу бӕрӕгуаты,— хӕрзгӕнӕг хорз ссары. Ӕмӕ уӕдӕ дӕ бон цы у, уымӕй дӕ цардӕмбалы хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕн, дӕхӕдӕг фылдӕр хорздзинад кӕй аразыс, уымӕй». Дӕ удуӕлдай хъуыддӕгтӕй де ’мкъайады цӕдис фидар кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон ууыл дзурӕг сты, зынаргъ дын кӕй у ӕмӕ дӕ кӕй фӕнды йӕ бахъахъхъӕнын.

Бинонты цардмӕ иу боны цӕстӕй ма кӕс

Иегъовӕ аргъ кӕны иузӕрдиондзинадӕн. Библийы дзырдӕуы: «Иузӕрдион адӕймагыл ды [Иегъовӕ] вӕййыс иузӕрдион» (2 Паддзахӕдты 22:26). Кӕд Хуыцауыл иузӕрдион стӕм, уӕд, уый цы ӕмкъайады цӕдисӕн ӕрӕвӕрдта бындур, ууыл дӕр уыдзыстӕм иузӕрдион (Уӕвынад 2:24).

Дӕ цардӕмбалимӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд кӕй стут, уый фӕрцы уӕ зӕрдӕты ис фарн, уымӕн ӕмӕ зонут, уӕ иумӕйаг царды мӕсыг фидар кӕй у. Уӕ сомбоныл хъуыдыгӕнгӕйӕ, уӕ цӕстытыл уайы, иумӕ кӕй цӕрут. Афтӕ уӕм кӕсы, ӕмӕ уын цард ӕнӕ кӕрӕдзийӕ ад нӕ кӕндзӕн, ӕмӕ уын ахӕм ахаст кӕй ис, уый фӕрцы уе ’мкъайады цӕдис у фидар. Иу моймӕдзыд сылгоймаг дзуры: «[Мӕ лӕгмӕ] тынг куы смӕсты вӕййын ӕмӕ не ’хсӕн цы рауад, ууыл куы фӕкатай кӕнын, уӕд дӕр ӕз уымӕй нӕ тӕрсын, ӕмӕ хицӕн ауыдзыстӕм. Ӕз тыхсын, хъуыддӕгтӕ куыд банывыл кӕнон, ууыл. Ӕз иу мисхал дӕр нӕ дызӕрдыг кӕнын, алцыдӕр йӕ гаччы кӕй сбаддзӕн, ӕрмӕст куыд, уый уыцы тӕккӕ нӕ фембарын».

Дыууӕ уды кӕрӕдзийӕн цы дзырд радтынц, уымӕ ӕнӕмӕнгдӕр хауы, бинонты цардмӕ иу боны цӕстӕй кӕсын кӕй нӕ хъӕуы, уый, фӕлӕ, хъыгагӕн, бирӕтӕ афтӕ нал хъуыды кӕнынц. Лӕг ӕмӕ ус куы фӕзулдзых вӕййынц, уӕд сӕ, гӕнӕн ис, исчи нытътъӕпп кӕна: «Мӕ сӕр дӕ хъуамӕ фесафон!» йе та «Ӕцӕг мын чи саргъ кӕна, ӕз ахӕм адӕймаджы ссардзынӕн!». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фылдӕр хатт уыдон ныхӕстӕ йедтӕмӕ ницы вӕййынц. Фӕлӕ Библи куыд дзуры, афтӕмӕй ӕвзаг гӕнӕн ис, ӕмӕ «дзаг уа мӕлӕтхӕссӕг маргӕй» (Иаковы 3:8). Схуыст ныхӕстӕ ӕмӕ ӕртхъирӕнты вӕййы ахӕм хъуыды: «Ӕз цӕрӕнбонтӕм демӕ цӕринаг нӕ дӕн. Куы мӕ бафӕнда, уӕд мӕ бон у, ӕмӕ дӕ ныууадзон». Ахӕм ахастимӕ та бинонты мӕсыг гӕнӕн ис, ӕмӕ цадӕггай фехӕла.

Кӕд де ’мкъайадмӕ иу боны цӕстӕй нӕ кӕсыс, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр дӕ цардӕмбалы нӕ ныууадздзынӕ, уыдзыстут иумӕ. Ӕмӕ уый дӕр ахъаз у уе ’мкъайады фидардзинадӕн. Афтӕмӕй дӕуӕн ӕмӕ де ’мкъайӕн бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн, цыхуызӕн стут, ахӕмтӕй кӕрӕдзийы уарзын ӕмӕ дарддӕр дӕр кӕрӕдзийӕн барын ӕмӕ хатыр кӕнын (Колоссӕгтӕм 3:13). «Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи куы фембарынц,— дзырдӕуы иу бӕрӕгуаты,— уӕд сын кӕрӕдзийы рӕдыдтытӕ бӕстысӕфт нӕ вӕййынц, уый тыххӕй се ’мкъайады цӕдис нӕ фехалынц».

Дӕ чындзӕхсӕвы бон ды дзырд радтай, ӕмкъайады цӕдисӕн нӕ, фӕлӕ удӕгас адӕймагӕн — дӕ удыхайӕн. Ацы хабар хъуамӕ ирдӕй зына, ныр, усджын (моймӕдзыд) уӕвгӕйӕ, куыд хъуыды кӕныс ӕмӕ дӕхи куыд дарыс, ууыл. Разы нӕ дӕ, де ’мкъаимӕ дӕ ӕрмӕст уый тыххӕй кӕй нӕ хъӕуы цӕрын, ӕмӕ ӕмкъайады цӕдисӕн аргъуыц кӕныс, фӕлӕ дӕ цард кӕимӕ баиу кодтай, уый кӕй уарзыс, уый тыххӕй дӕр?

[Фиппаинаг]

^ 7 абз. Бӕлвырд уавӕрты, ӕндӕр гӕнӕн куы нал уа, уӕд лӕг ӕмӕ усӕн ис хицӕнтӕй цӕрӕн (1 Коринфӕгтӕм 7:10, 11; кӕс чиныг «Бинонты амонды сусӕгдзинад», 160, 161 фф., уыр., рауагътой йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ). Библи хицӕн кӕныны бар дӕтты хӕтындзинады аххосӕй (Матфейы 19:9).

[Рамкӕ/Ныв 5 фарсыл]

Ныртӕккӕ цы у дӕ бон саразын

Дӕ цардӕмбалимӕ кӕрӕдзийӕн цы дзырд радтат, уый куыд ӕххӕст кӕнут? Чи зоны ӕмӕ уыныс, уе ’мкъайады цыдӕр фӕхуыздӕргӕнинаг кӕй у. Де ’мкъайады цӕдис фӕфидар кӕнынӕн бацархай мӕнӕ афтӕ бакӕнын:

● Дӕ зӕрдӕмӕ ныккӕс. Ахъуыды кӕн: «Зӕрдӕйӕ йӕ хатын, цардӕмбал мын кӕй ис, ӕви нырма дӕр хъуыды кӕнын ӕмӕ цӕрын, цыма ӕнӕус (ӕнӕмой) дӕн, афтӕ?» Базон, ацы хъуыддаджы де ’мкъай та цы хъуыды кӕны дӕу тыххӕй.

● Ацы статья бакӕс дӕ къаимӕ. Уый фӕстӕ сабырӕй ӕрныхас кӕнут, цы саразӕн ис уе ’мкъайады цӕдис фӕфидар кӕнынӕн.

● Уе ’мкъайады цӕдис фидар кӕнынӕн уын ахъаз чи уыдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ де ’мкъаимӕ иумӕ кӕн. Зӕгъӕм: уӕ чындзӕхсӕвы къамтӕм иумӕ ӕркӕсут, афтӕ ма уын уӕ царды ӕндӕр ахсджиаг цаутӕ уӕ зӕрдыл чи лӕууын кӕны, уыцы къамтӕм дӕр. Уарзӕттӕ ма куы уыдыстут, уӕд, кӕнӕ уӕ иумӕйаг царды фыццаг азты цы уарзтат аразын, уый аразут. Иумӕ ахуыр кӕнут, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы (уыр.) бинонты царды тыххӕй цы статьятӕ вӕййы, уыдон.

[Рамкӕ/Ныв 6 фарсыл]

Кӕрӕдзийӕн цы дзырд радтат, уымӕ хауы...

хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. «Цы дзырд радтай, уый сӕххӕст кӕн. Цӕйнӕфӕлтау дзырд раттай ӕмӕ йӕ ма сӕххӕст кӕнай, фӕлтау ӕй ма ратт» (Екклесиаст 5:4, 5).

кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын. «Иуӕй дыууӕйӕн хуыздӕр у... Сӕ иу куы ахауа, уӕд иннӕ йе ’мбалыл схӕцдзӕн» (Екклесиаст 4:9, 10).

хи уды хардзӕй архайын. «Райсынӕй амондджындӕр хъуыддаг у раттын» (Куыстытӕ 20:35).

бинонты цардмӕ иу боны цӕстӕй нӕ кӕсын. «Уарзондзинад... алцӕмӕн дӕр фӕразы» (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 7).

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Дӕ цардӕмбал дзурыны зӕрдыл куы вӕййы, уӕд ӕм байхъусыс?