Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕнӕрынцойӕ цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?

Ӕнӕрынцойӕ цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?

Ӕнӕрынцойӕ цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?

«Ӕнӕрынцойӕ кувут. Ӕппӕты тыххӕй дӕр арфӕ кӕнут» (1 ФЕССАЛОНИКӔГТӔМ 5:17, 18).

1, 2. Цӕмӕй бӕрӕг у, ӕмӕ Данел аргъ кодта, йӕ бон Хуыцаумӕ кувын кӕй уыд, уымӕн, ӕмӕ уыцы хъуыддаг Хуыцауимӕ йӕ ахастытыл куыд фӕзынд?

ПЕХУЫМПАР Данел афтӕ ахуыр уыд, ӕмӕ Хуыцаумӕ бон ӕртӕ хатты куывта. Уый-иу йӕ уӕллаг уаты рудзынджы раз йӕ уӕрджытыл ӕрлӕууыд — рудзынг та каст Иерусалимырдӕм — ӕмӕ-иу ныхас кодта Хуыцауимӕ (3 Паддзахӕдты 8:46—49; Данелы 6:11). Суанг Мидийы паддзах Дарийӕ ахӕм бардзырд куы рацыд, зӕгъгӕ, паддзахы йедтӕмӕ никӕмӕн ис табу кӕнӕн, уӕддӕр Данелӕн йӕ сӕрмӕ уыцы хъуыды цӕугӕ дӕр не ’ркодта, кувон ӕви ма кувон, зӕгъгӕ. Дарддӕр йӕ хабар куыдфӕнды ма уыдаид,— ацы кувӕг лӕг ӕнӕрынцойӕ Иегъовӕйӕ ӕххуыс куырдта.

2 Цымӕ Иегъовӕ Данелмӕ цы зӕрдӕ дардта? Иу заман Данелмӕ зӕд Гавриил куы фӕзынд, йӕ куывд Хуыцаумӕ кӕй фехъуыст, уый йын зӕгъынмӕ, уӕд ӕй схуыдта «зӕрдӕйӕн адджын лӕг» (Данелы 9:20—23). Иезекилы пехуымпарады та йӕ Иегъовӕ рахуыдта рӕстаг лӕг (Иезекил 14:14, 20). Данел цард-цӕрӕнбонты Хуыцаумӕ кӕй куывта, уый фӕрцы Хуыцауы ’ввахс хӕлар сси,— ӕмӕ уый зыдта паддзах Дарий дӕр (Данелы 6:16).

3. Иу миссионеры дӕнцӕг куыд ӕвдисы, афтӕмӕй, Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн ӕнаиппӕй баззайынӕн?

3 Мах дӕр Хуыцаумӕ иудадзыг куы кувӕм, уӕд нын лӕгӕвзарӕн рӕстӕг уыдзӕн ӕнцондӕр. Цӕвиттонӕн ӕркӕсӕм не ’фсымӕр Харолд Кингы хабармӕ. Кинг Китайы миссионерӕй куы лӕггад кодта, уӕд ӕй ӕрцахстой, ӕмӕ ахӕстоны фондз азы фӕбадт иунӕгӕй. Уыцы рӕстӕг ӕрымысгӕйӕ ацы ӕфсымӕр загъта: «Кӕд мӕ ме ’муырнджытӕй фӕхицӕн кодтой, уӕддӕр мӕ Хуыцауӕй никӕй бон уыди фӕхицӕн кӕнын. [...] Иууыл мӕ хъуыдыйы уыд Библийӕ Данелы хабар, ӕмӕ-иу ӕз дӕр бон ӕртӕ хатты мӕ уӕрджытыл Хуыцаумӕ хъӕрӕй куывтон, мӕ камерӕйы рӕзты-иу чифӕнды ма ацыдаид, уый-иу мӕ уыдта, афтӕмӕй. [...] Уыцы минутты-иу хатыдтӕн, Хуыцауы сыгъдӕг уд мын мӕ сӕры цыдӕр ӕхсызгон хъуыдытӕ кӕй ӕвӕрдта, стӕй-иу мын мӕ зӕрдӕ дӕр цыдӕрхуызон ӕрсабыр кодта. Хуыцаумӕ-иу кӕй куывтон, уымӕй-иу мӕ уырнындзинад куыд фӕфидар ӕмӕ-иу мын цы удӕнцой уыд, цы!»

4. Хуыцаумӕ кувыны фӕдыл ацы статьяйы цавӕр фарстытӕ равзардзыстӕм?

4 Библийы фыст ис: «Ӕнӕрынцойӕ кувут. Ӕппӕты тыххӕй дӕр арфӕ кӕнут» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:17, 18). Ацы стихы цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ ма ӕркӕсӕм ахӕм фарстытӕм: нӕ куывдтытӕ зӕрдӕйӕ цӕуынц ӕви нӕ, стӕй, куыд арӕх кувӕм, уымӕ нӕ хъус дарын цӕмӕн хъӕуы? Иегъовӕмӕ иудадзыг цӕмӕн хъуамӕ кувӕм? Стӕй нӕм нӕ рӕдыдтытӕ ӕмӕ нӕ аиппыты тыххӕй афтӕ куы кӕса, ӕмӕ Хуыцаумӕ кувӕм, уый аккаг нал стӕм, уӕд нӕ цы кӕнын хъӕуы?

Хуыцаумӕ кув ӕмӕ йӕ хӕлар суыдзынӕ

5. Ӕнӕрынцойӕ куы кувӕм, уӕд нӕ хӕлар чи суыдзӕн?

5 Зӕгъ ма, нӕ дӕ фӕндид, ӕмӕ дӕ Иегъовӕ йӕ хӕларыл нымайа? Растдӕр афтӕ нымадта уый дзуттӕгты рагфыдӕл Авраамы (Исай 41:8; Иаковы 2:23). Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй мах дӕр йӕ хӕлӕрттӕ суӕм, афтӕ дӕр ма нӕм сиды, ӕрбаввахс мӕм ут, зӕгъгӕ (Иаковы 4:8, НФ). Хуыцау нӕ йӕхимӕ кӕй хоны, уымӕ гӕсгӕ куыннӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, кувын куыд зынаргъ лӕвар у, ууыл? Куыд зын бахауӕн вӕййы цавӕрфӕнды хъуыддаджы фӕдыл дӕр хицаумӕ, ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймаг йӕ хӕлар суа, ууыл та ма чи дзуры! Дун-дуне Сфӕлдисӕг та нын дзуры, цӕмӕй ма ӕфсӕрмы кӕнӕм ӕмӕ йӕм кувӕм алыхатт дӕр, нӕ зӕрдӕ куы фӕзӕгъы ӕмӕ нӕ тынг ӕхсызгонӕй куы фӕхъӕуы скувын, уӕд (Псалом 36:5). Уӕдӕ Иегъовӕмӕ ӕнӕрынцойӕ куы кувӕм, уӕд не ’ввахс хӕлар суыдзӕн.

6. «Ӕппынӕдзух кувын» кӕй хъӕуы, уый нын Йесойы цард куыд ӕвдисы?

6 Фӕлӕ нӕ хатт куыд ӕнцонтӕй ферох вӕййы Хуыцаумӕ скувын. Ӕрмӕст цардамӕлттӕ кӕнынӕй дӕр, гӕнӕн ис, афтӕ стыхсӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцауимӕ ныхас кӕнынмӕ мауал ӕвдӕла. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдта, зӕгъгӕ, «ӕппынӕдзух кувут», ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр афтӕ кодта (Матфейы 26:41, НД). Йесо-иу кӕд тынг ӕнӕвдӕлон уыд, уӕддӕр-иу йӕ уӕларвон Фыдимӕ ныхас кӕнынӕн рӕстӕг ссардта. Хатт-иу скувыны тыххӕй «райсомӕй... тынг раджы сыстад» (Маркы 1:35). Кӕнӕ та-иу изӕрыгон хибар ранмӕ ацыд, ӕмӕ-иу уым Иегъовӕимӕ ныхас кодта (Матфейы 14:23). Йесо-иу Хуыцаумӕ скувынӕн алкӕддӕр рӕстӕг ссардта, ӕмӕ махӕн дӕр кӕддӕриддӕр хъуамӕ уа уымӕн рӕстӕг (1 Петры 2:21).

7. Алы бон дӕр нӕ уӕларвон Фыдимӕ цӕуыл хъуамӕ ныхас кӕнӕм?

7 Цӕй тыххӕй йӕм скувӕм, цы йын зӕгъӕм, уый та нын бон цалдӕр хатты дӕр вӕййы: зындзинӕдтӕ, фӕлварӕнтыл сӕмбӕлӕм кӕнӕ нӕ исты хъуыддаг аскъуыддзаг кӕнын бахъӕуы (Ефесӕгтӕм 6:18). Царды алы фӕзилӕны дӕр Хуыцауӕй зонд куы курӕм, уӕд нӕ хӕлардзинад кӕндзӕн фидардӕр. Дыууӕ ӕмбалы зын сахат кӕрӕдзи фарсмӕ куы ӕрбалӕууынц, уӕд кӕрӕдзиуыл ӕнувыддӕр нӕ кӕнынц? (Ӕмбисӕндтӕ 17:17). Афтӕ вӕййы, Иегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ куы фӕдарӕм ӕмӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, уый куы фӕуынӕм, уӕд дӕр (2 Паралипоменон 14:11).

8. Цас хъуамӕ кувӕм, уый Нееми, Йесо ӕмӕ Аннӕйы цӕвиттонтӕ куыд ӕвдисынц?

8 Куыд хорз у, ӕвӕдза, Хуыцау нын кӕй нӕ дзуры, ӕрмӕст мӕнӕ уыйбӕрц ӕмӕ уыйбӕрц хъуамӕ кувай, зӕгъгӕ! Нееми Персы паддзахмӕ иу хъуыддаджы фӕдыл куы бахатыд, уӕд уый размӕ йӕхинымӕр акуывта (Нееми 2:4, 5). Йесо дӕр, Лазӕры райгас кӕныны тыххӕй Иегъовӕйӕ тых куы куырдта, уӕд цыбыртӕй скуывта (Иоанны 11:41, 42). Аннӕ та, Иегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕйы мӕт куы ӕргом кодта, уӕд ӕм «бирӕ фӕкуывта» (1 Паддзахӕдты 1:12, 15, 16). Махӕн дӕр нӕ куывдтытӕ нӕ уавӕртӕ ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, уой кӕнӕ цыбыр, кӕнӕ даргъ.

9. Иегъовӕ нын хорзӕй цы аразы, уый тыххӕй йӕ кувгӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ кадджын кӕнӕм ӕмӕ йын цӕмӕн хъуамӕ арфӕ кӕнӕм?

9 Библийы цы куывдтытӕ ис фыст, уыдонӕн сӕ фылдӕр сты арфӕйы ныхӕстӕ, Иегъовӕ Стыр Хуыцау кӕй у, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ диссаг хъуыддӕгты тыххӕй (Рацыд 15:1—19; 1 Паралипоменон 16:7—36; Псалом 144). Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, 24 хистӕр нӕлгоймаджы — 24 та амоны, сӕрст чырыстӕттӕ уӕлӕрвты куы уой, уӕд сӕ ӕххӕст нымӕц — Иегъовӕйы куыд кадджын кӕнынц, уый: «Аккаг дӕ Ды, Хицау [«Иегъовӕ», НД], райсын кад ӕмӕ намыс ӕмӕ тых, уымӕн ӕмӕ Ды сфӕлдыстай ӕппӕт дӕр, ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕу фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕры ӕмӕ сфӕлдыст у» (Раргомад 4:10, 11). Мах дӕр хъуамӕ не Сфӕлдисӕджы иудадзыг кадджын кӕнӕм. Куыд ӕхсызгон вӕййы ныййарджытӕн, сӕ гыццыл хуры тын сын истӕй тыххӕй зӕрдиагӕй бузныг куы фӕзӕгъы, уӕд! Иегъовӕйы хорздзинӕдтӕ нӕ куы нӕ рох кӕной, стӕй йын уый тыххӕй зӕрдиагӕй куы арфӕ кӕнӕм, уӕд нӕ куывдтытӕ уыдзысты бӕркадджындӕр, цӕудзысты зӕрдӕйӕ.

«Ӕнӕрынцойӕ кувын» цӕмӕн хъӕуы?

10. Нӕ уырнындзинадӕн кувын цы ӕххуыс у?

10 Цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй хъуамӕ иудадзыг кувӕм. «Ӕдзухдӕр кувын кӕй ӕмбӕлы, ӕмӕ ӕнкъард кӕнын кӕй нӕ хъӕуы», уый Йесо цӕстуынгӕ цӕвиттонӕй куы равдыста, уӕд бафарста: «Адӕймаджы Фырт ӕрцӕугӕйӕ ссардзӕн уырнындзинад зӕххыл?» (Лукайы 18:1—8). Нӕ куывдтытӕ арфхъуыдыджын куы уой, зӕрдӕйы рӕбынӕй куы цӕуой, уӕд нӕ уырнындзинад кӕндзӕн фидардӕр. Дзуттӕгты рагфыдӕл Авраам куы базӕронд ӕмӕ йын зӕнӕг куы нӕ ма уыд, уӕд йӕ зӕрдӕйы сагъӕс радзырдта Хуыцауӕн. Иегъовӕ уал ын раздӕр загъта, зӕгъгӕ ма арвмӕ скӕс ӕмӕ стъалытӕ банымай, кӕд сӕ дӕ бон у банымайын, уӕд. Уый фӕстӕ йын фидарӕй загъта: «Уыйбӕрц уыдзӕн дӕ мыггаг». Ӕмӕ цы? Авраам «баууӕндыд Иегъовӕйыл, ӕмӕ йӕ Хуыцау уый тыххӕй схуыдта рӕстгӕнӕг» (Уӕвынад 15:5, 6). Кувгӕйӕ нӕ зӕрдӕтӕ Иегъовӕйӕн куы ӕргом кӕнӕм, Библийы нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдоныл куы ӕууӕндӕм ӕмӕ йӕм куы хъусӕм, уӕд нын нӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн.

11. Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд нӕ бон куыд уыдзӕн зын хъуыддӕгтӕ лыг кӕнын?

11 Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд ма нӕ бон уыдзӕн зын хъуыддӕгтӕ лыг кӕнын дӕр. Цард дыл, мыййаг, йӕ уӕззау уаргъ ӕруагъта ӕмӕ цы кӕнай, уый нӕ зоныс? Библи нын уый фӕдыл афтӕ зӕгъы: «Сӕвӕр Хицауыл дӕ мӕт, ӕмӕ Уый хӕццӕн дӕуыл. Никуы бауадздзӕн фӕцудын рӕстгӕнӕджы» (Псалом 54:23). Исты вазыгджын хъуыддаг лыггӕнгӕйӕ нӕ бон у Йесойы фӕзмын. Уый йӕ 12 апостолы куы ӕвзӕрста, уӕд ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕкуывта (Лукайы 6:12—16). Йӕ мӕлӕты размӕйы ӕхсӕв дӕр Йесо афтӕ зӕрдиагӕй куывта, «ӕмӕ Йӕ хид уыд куыд туджы ӕртӕхтӕ» ӕмӕ калд зӕхмӕ (Лукайы 22:44). Ӕмӕ цы баци? «Фехъуыстӕуыд ӕй йӕ Хуыцауы ӕфсармы руаджы» (Дзуттытӕм 5:7НФ). Мах дӕр Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй ӕмӕ ӕнӕрынцойӕ куы кувӕм, уӕд нын зын рӕстӕг ӕмӕ карз фӕлварӕнты ӕнцондӕр уыдзӕн.

12. Иегъовӕ махӕй алкӕуылдӕр кӕй тыхсы, уый, нӕ бон ӕм кувын кӕй у, уыцы хъуыддаг куыд ӕвдисы?

12 Иегъовӕмӕ ма кувыны фӕрцы цӕмӕн хъуамӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм, уый уымӕн, ӕмӕ нӕм уӕд йӕхӕдӕг дӕр баввахс уыдзӕн (Иаковы 4:8НФ). Кувгӕйӕ нӕ зӕрдӕтӕ Иегъовӕйӕн куы раргом кӕнӕм, уӕд нӕ фӕхатӕм, куыд ныл тыхсы ӕмӕ ныл уарзӕгой фыдау куыд ауды? Алчидӕр нӕ хаты, Хуыцау ӕй йӕ уарзтӕй кӕй тавы, уый. Иегъовӕ никӕмӕн бахӕс кодта нӕ куывдтытӕм хъусын — нӕ уӕларвон Фыд ӕрмӕстдӕр йӕхӕдӕг фӕхъусы йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕм (Псалом 65:19, 20; Лукайы 11:2). Иегъовӕ ма нӕм дзуры, зӕгъгӕ, уе ’ппӕт сагъӕстӕ мӕныл сӕвӕрут, уымӕн ӕмӕ ӕз тыхсын сымахыл (1 Петры 5:6, 7).

13, 14. Ӕнӕрынцойӕ нӕ цӕмӕн хъӕуы кувын?

13 Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн хъусын кӕнын. Стӕй ма нӕ нӕ куывдтытӕ бафидар кӕндзысты, адӕм нӕм кӕй нӕ хъусынц ӕмӕ нӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый тыххӕй нӕ уацамынды цӕуын куы нӕуал фӕнда, уӕд (Куыстытӕ 4:23—31). Нӕ куывдтытӕ ма нӕ хъахъхъӕндзысты «хӕйрӕджы хин митӕй» дӕр (Ефесӕгтӕм 6:11, 17, 18). Алы бон дӕр нӕм цы мӕстытӕ ӕрхауы, уыдон фӕразынӕн нӕ бон у Хуыцауӕй ӕнӕсцухӕй ӕххуыс курын. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кувын куы ахуыр кодта, уӕд загъта, зӕгъгӕ, Иегъовӕйӕ курут, цӕмӕй уӕ «фервӕзын кӕна фыдбылызӕй», Сайтан Хӕйрӕгӕй (Матфейы 6:13, НФ).

14 Нӕ тӕригъӕдджын буары монцты рохтыл хӕцын фӕразынӕн Иегъовӕйӕ ӕдзухдӕр ӕххуыс куы курӕм, уӕд нын ахъаз кӕндзӕн. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Раст у Хуыцау: Кӕцы нӕ бауадздзӕн сымахыл фӕлварӕнтӕ уӕ хъаруйӕ фылдӕр, фӕлӕ фӕлварӕнты ратдзӕн ӕнцондзинад дӕр, афтӕ, цӕмӕй сӕ уӕ бон ахӕссын уа» (1 Коринфӕгтӕм 10:13). Апостол Павел йӕхицӕй зыдта, Иегъовӕ алыхуызон уавӕрты адӕймагӕн хъарутӕ кӕй ратты. «Алцыдӕр мӕ бон у бафӕразын, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы»,— загъта уый (Филиппӕгтӕм 4:13, НД; 2 Коринфӕгтӕм 11:23—29).

Кӕд фӕрӕдыдыстӕм, уӕддӕр ӕппынӕдзух кувӕм

15. Цыдӕр хъуыддаджы Хуыцауы зондмӕ куы нӕ байхъусӕм, уӕд цӕмӕй тӕссаг у?

15 Цӕмӕй нын Хуыцау нӕ куывдтытӕ ӕхсызгонӕй иса, уый тыххӕй хъуамӕ, йӕ Ныхас нын цы амоны, уый сӕрты ма хизӕм. «Цыфӕнды куы ракурӕм, райсдзыстӕм Уымӕй,— фыста апостол Иоанн,— уымӕн ӕмӕ ӕххӕст кӕнӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Уымӕн фӕндон цы у, уый кӕнӕм» (1 Иоанны 3:22). Фӕлӕ зӕгъӕм, цыдӕр хъуыддаджы Хуыцауы зондмӕ нӕ байхъуыстам, уӕд цӕмӕй тӕссаг у? Адам ӕмӕ Евӕ, Едемы дыргъдоны тӕригъӕд куы ӕруагътой, уӕд сӕхи бамбӕхстой. Мах дӕр, чи зоны, уыдонау нӕхи Иегъовӕйӕ ӕмбӕхсӕм ӕмӕ йӕм мауал кувӕм (Уӕвынад 3:8). «Куыд ӕй бамбӕрстон, афтӕмӕй Иегъовӕ ӕмӕ йӕ организацийӕ чи адард вӕййы, уыдонӕн сӕ фыццаг рӕдыд вӕййы уый, ӕмӕ йӕм нал фӕкувынц»,— зӕгъы Клаус, фӕлтӕрд цӕугӕ цӕстдарӕг (Дзуттытӕм 2:1, НФ). Гъе ахӕм хабар ӕрцыд Хосе Анхелыл. Уый афтӕ зӕгъы: «Иу-аст азы дӕргъы Иегъовӕмӕ тынг стӕм хатт куывтон. Кӕд ӕй мӕ уӕларвон Фыдыл нымадтон, уӕддӕр мӕм афтӕ каст, ӕмӕ йӕм скувон, уый аккаг нӕ дӕн».

16, 17. Хуыцаумӕ кувгӕйӕ адӕймагӕн йӕ уырнындзинад кӕй сфидар вӕййы, уымӕн цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс.

16 Иннӕтӕм та, Хуыцаумӕ кувой, уый аккаг кӕй не сты, афтӕ уымӕн кӕсы, ӕмӕ сӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ кӕнӕ цыдӕр тӕригъӕд ӕруагътой. Афтӕмӕй та Хуыцаумӕ кувын уӕлдайдӕр гъеуӕд хъӕуы. Ионӕйӕн цы бахӕсчындӕуыд, уый сӕххӕст кӕныны бӕсты фӕлыгъди. Фӕлӕ Ионӕ «йӕ уынгӕгдзинадӕй схъӕр кодта Йегъовӕмӕ, ӕмӕ Уый дзуапп уымӕн радта, дӕлзӕххы хуылфӕй сдзынӕзта, ӕмӕ [Иегъовӕ] йӕ хъӕлӕсмӕ байхъуыста» (Ионӕ 2:3). Ионӕ скуывта, Иегъовӕ йӕ фехъуыста, ӕмӕ Ионӕйӕн йӕ уырнындзинад ногӕй фӕфидар.

17 Хосе Анхел дӕр Хуыцаумӕ ӕххуысмӕ дзынӕзта. Афтӕ зӕгъы: «Хуыцауӕн мӕ зӕрдӕ раргом кодтон ӕмӕ дзы хатыр куырдтон. Ӕмӕ мын баххуыс кодта. Нӕ зонын, куы нӕ куывтаин, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фӕстӕмӕ ӕцӕгадмӕ никуы раздӕхтаин. Ныр ӕз алы бон дӕр фӕкувын, ӕмӕ ӕнӕрхъӕцӕй фенхъӕлмӕ кӕсын уыцы уысмтӕм». Хуыцауӕн нӕ рӕдыдтыты тыххӕй дзурын ӕмӕ дзы сӕрныллӕгӕй хатыр курын хъуамӕ ма тӕрсӕм. Паддзах Давид йӕ тӕригъӕдтыл куы басаст, уӕд ын Иегъовӕ ныххатыр кодта (Псалом 31:3—5). Иегъовӕ уымӕ нӕ бӕллы, ӕмӕ нын тӕрхон скӕна, фӕлӕ нын баххуыс кӕна, уый йӕ фӕнды (1 Иоанны 3:19, 20). Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты куывдтытӕ дӕр нын нӕ уырнындзинадӕн тынг фӕахъаз уыдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ куывдтытӕн «бирӕ у сӕ бон» (Иаковы 5:13—16).

18. Хуыцауӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ фидарӕй цы хъуамӕ зоной, куыдфӕнды дзы ма адард уой, уӕддӕр?

18 Кӕцы фыд атигъ кӕндзӕн йӕхи йӕ фыртыл, йӕ рӕдыды фӕстӕ дзы сӕрныллӕгӕй ӕххуыс ӕмӕ зонд куы кура, уӕд? Сӕфт фырты ӕмбисонд куыд ӕвдисы, афтӕмӕй Иегъовӕйӕ цасфӕнды ма адард уӕм, уӕддӕр нӕ уӕларвон Фыд тынг бацин кӕны, фӕстӕмӕ йӕм куы ӕрбаздӕхӕм, уӕд (Лукайы 15:21, 22, 32). Иегъовӕ сиды, чи дзы адзӕгъӕл, уыдонӕй алкӕмӕдӕр, цӕмӕй йӕм кувой, уымӕн ӕмӕ «бирӕхатыргӕнӕг» у (Исай 55:6, 7). Кӕд Давид стыр тӕригъӕдтӕ сарӕзта, уӕддӕр Иегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта: «Фехъус, Хуыцау, мӕ кувын, ӕмӕ ма ӕмбӕхс мӕ курдиатӕй». Уый ма загъта: «Изӕрӕй ӕмӕ райсомӕй ӕмӕ ӕмбисбон лӕгъстӕ кӕндзынӕн ӕмӕ дзыназдзынӕн, ӕмӕ Уый [Иегъовӕ] фехъусдзӕн мӕ хъӕлӕс» (Псалом 54:2, 18). Куыд ӕхсызгон сты ацы ныхӕстӕ!

19. Кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕ куывдтытӕ Хуыцаумӕ нӕ хӕццӕ кӕнынц, уӕддӕр цӕуылнӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕм Хуыцау фӕфыдӕх и?

19 Фӕлӕ нӕ куывдӕн уайтагъд куы нӕ райсӕм дзуапп, уӕд та куыд? Хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, Иегъовӕйӕ цы курӕм, уый йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ у ӕмӕ йӕм Йесойы номӕй кувӕм ӕви нӕ (Иоанны 16:23; 1 Иоанны 5:14). Йесойы ахуыргӕнинаг Иаков фыста, сӕ куывдтытӕ Хуыцаумӕ кӕмӕн нӕ фӕхӕццӕ сты, ахӕм чырыстӕтты тыххӕй, зӕгъгӕ, цы куырдтой, уый «хорздзинадӕн нӕ куырдтой» (Иаковы 4:3). Иннӕмӕй та нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ нӕ куывдтытӕ Хуыцаумӕ нӕ хъуысынц, уӕд хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕм Хуыцау фӕфыдӕх и. Хатт Иегъовӕ уый ӕруадзы, цӕмӕй йӕм йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цӕйдӕр тыххӕй кувой ӕмӕ кувой, цалынмӕ йын йӕ дзуапп бӕлвырдӕй бамбарой, уӕдмӕ. «Курут, ӕмӕ лӕвӕрд уыдзӕн сымахӕн»,— загъта Йесо (Матфейы 7:7). Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй нӕ «ӕппынӕдзух» хъӕуы кувын (Ромӕгтӕм 12:12, НД).

Иудадзыг кувӕм

20, 21. а) Ацы «фӕстаг бонты» нӕ ӕнӕрынцойӕ цӕмӕн хъӕуы кувын? ӕ) Алы бон дӕр-иу Иегъовӕйы хорзӕхы паддзахбадӕны раз куы балӕууӕм, уӕд цы ссардзыстӕм?

20 Ацы «фӕстаг бонты», «уӕззау рӕстӕджыты», мӕстытӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц (2 Тимофеймӕ 3:1). Ӕмӕ уыцы зындзинӕдтӕй гӕнӕн ис, ӕмӕ сагъӕстыл фӕуӕм. Фӕлӕ Хуыцаумӕ ӕнӕрынцойӕ куы кувӕм, уӕд ныл цыфӕнды мӕстытӕ ма цӕуа, цыфӕнды нӕ ма цыбӕл кӕна ӕмӕ цыфӕнды зӕрдӕсаст ма уӕм, уӕддӕр нын ӕнцондӕр уыдзӕн раст фӕндагыл фидар къахдзӕфтӕй цӕуын. Иегъовӕмӕ алы бон дӕр куы кувӕм, уӕд фидардӕр кӕндзыстӕм.

21 Иегъовӕ, куывдтытӕм хъусӕг Хуыцау, афтӕ ӕнӕвдӕлон никуы вӕййы, ӕмӕ нӕм ма байхъуса (Псалом 64:3). Мах дӕр афтӕ ӕнӕвдӕлон макуы суӕм, ӕмӕ нын йемӕ аныхас кӕнынӕн рӕстӕг ма разына. Хуыцау нӕ хӕлар кӕй у, уымӕй зынаргъдӕр цы ис царды? Уӕдӕ уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй макуы ракӕсӕм. Цӕй уӕдӕ-иу «ныфсхастӕй балӕууӕм Хуыцауы хорзӕхы Троны раз, цӕмӕй хатыргонд фӕуӕм, ӕмӕ ссарӕм Хуыцауы хорзӕх ӕхсызгон ӕххуысӕн бахъуыдыйы сахат» (Дзуттытӕм 4:16, НФ).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Кувын куыд тынг хъӕуы, уый тыххӕй пехуымпар Данелы цӕвиттонӕй цы базонӕн ис?

• Цӕмӕй Иегъовӕимӕ ноджы ӕнувыддӕр хӕлӕрттӕ суӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?

• Ӕнӕрынцойӕ цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?

• Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ, Иегъовӕмӕ кувӕм, уый аккаг нал стӕм, уӕддӕр ӕм цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 14 фарсыл]

Нееми паддзахӕн йӕ ныхас зӕгъыны размӕ йӕхинымӕр акуывта.

[Ныв 15 фарсыл]

Аннӕ «бирӕ фӕкуывта» Иегъовӕмӕ.

[Нывтӕ 16 фарсыл]

Йесо йӕ 12 апостолы равзарыны тыххӕй куывта ӕнӕхъӕн ӕхсӕв.