Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕфхӕрд ӕййафынц рӕстдзинады тыххӕй

Ӕфхӕрд ӕййафынц рӕстдзинады тыххӕй

Ӕфхӕрд ӕййафынц рӕстдзинады тыххӕй

«Тӕхудиаг сты, рӕстдзинады тыххӕй сырд чи у» (МАТФЕЙЫ 5:10).

1. Йесо Понти Пилаты раз цӕмӕн лӕууыд ӕмӕ цы загъта?

«ӔЗ УЫМӔН райгуырдтӕн ӕмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон» (Иоанны 18:37). Йесо ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд лӕууыд Понти Пилаты раз, Ромы паддзахад Иудейы хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, уый раз. Йесо уым уымӕн нӕ уыди, ӕмӕ йӕхи афтӕ бафӕндыд, уӕдӕ йӕм Пилат дӕр нӕ фӕдзырдта уырдӕм. Хъуыддаг уый мидӕг уыди, ӕмӕ йыл иудейаг дины разамонджытӕ, адӕймаг мӕлӕты аккаг цӕй тыххӕй уыд, ахӕм тӕригъӕдтӕ ӕрымысыдысты (Иоанны 18:29—31).

2. Йесо цы сарӕзта ӕмӕ дарддӕр цы ’рцыд?

2 Йесо хорз ӕмбӕрста, Пилатӕн бар кӕй уыди кӕнӕ йӕ ауадзын кӕнӕ та йӕ мӕлӕтмӕ раттын (Иоанны 19:10). Фӕлӕ уӕддӕр нӕ фӕтарст Пилатӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зӕгъын. Кӕд Йесойӕн йӕ цардыл цыди дзырд, уӕддӕр уавӕрӕй спайда кодта ӕмӕ уыцы бӕстӕйы стыр хицауӕн ӕвдисӕн ӕрлӕууыд. Фӕлӕ кӕд ӕцӕгады тыххӕй дзырдта, уӕддӕр ын стӕрхон кодтой ӕмӕ йӕ мӕлӕтмӕ радтой: цӕджындзыл хъизӕмайраг мардӕй амард (Матфейы 27:24—26; Маркы 15:15; Лукайы 23:24, 25; Иоанны 19:13—16).

Ӕвдисӕн ӕви, йӕ уырнындзинады сӕраппонд амӕлынмӕ цӕттӕ чи уыд, уый?

3. Библи куы фыстой, уыцы заманы грекъаг дзырд «marʹtys» цы амыдта, фӕлӕ абон йӕ нысаниуджытӕй иу цавӕр у?

3 Ис ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ сӕ цы уырны, уый сӕраппонд мӕлӕтмӕ дӕр цӕттӕ сты. Уыдоны абон бирӕтӕ нымайынц фанатиктыл, лӕгсырдтыл. Мӕлӕтмӕ цӕттӕ чи у, уӕлдайдӕр йӕ дины сӕраппонд, уыдоны арӕх фенхъӕлынц террористтӕ, йе та фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, ахӕмтӕ тӕссаг сты ӕхсӕнадӕн. Библи фыст куы цыди, уӕды заманы грекъаг дзырд «marʹtys» амыдта «ӕвдисӕн», ома, цы ӕцӕгад ӕй уырны, уый тыххӕй ӕвдисӕн чи лӕууы, зӕгъӕм, тӕрхоны раз, ахӕм адӕймаг. Ӕрмӕст фӕстӕдӕр ацы дзырдӕн фӕзынд дыккаг нысаниуӕг дӕр: «ӕвдисӕн ӕрлӕууыны сӕраппонд йӕ цард чи дӕтты», йе та ма суанг йӕ царды аргъӕй дӕр чи лӕууы ӕвдисӕн, ахӕм адӕймаг.

4. Грекъаг дзырд «marʹtys» Йесомӕ сӕйраджыдӕр цы хуызы ис ахӕссӕн?

4 Грекъаг дзырд «marʹtys» Йесомӕ ахӕссӕн ис сӕйраджыдӕр, ӕвдисӕн кӕй уыди, уыцы нысаниуӕджы. Пилатӕн куыд загъта, афтӕмӕй уый ӕрцыд «ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууынмӕ». Цы дзырдта, уымӕ адӕм иухуызон цӕстӕй нӕ кастысты. Йесо цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уый арф агайдта хуымӕтӕг адӕмы зӕрдӕтӕ, ӕмӕ йыл уыдон ӕууӕндыдысты (Иоанны 2:23; 8:30). Йӕ ныхӕстӕ агайдтой ӕмткӕй дзыллӕты дӕр, ӕмӕ уӕлдайдӕр та дины разамонджыты — ӕрмӕст сӕм уыдон кодтой мӕсты. Йесо йӕ ӕнӕуырнӕг хиуӕттӕн ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Сымах дунейӕн ӕнӕуынон уат, уымӕн уӕвӕн нӕй, ӕз та йын ӕнӕуынон дӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ зылын хъуыддӕгтӕн ӕвдисӕн лӕууын» (Иоанны 7:7, «Мах дуг» №5, 1992 аз). Йесо ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн кӕй лӕууыд, растдӕр уымӕй бафтыдта йӕхиуыл адӕмы сӕргълӕуджыты фыдӕх, ӕмӕ йӕ маргӕ дӕр уымӕн акодтой. О, уый уыд «иузӕрдыг ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн (marʹtys)» (Раргомад 3:14, НФ).

«Уыдзыстут ӕнӕуынон»

5. Йесо йӕ лӕггады райдианы сурынты тыххӕй цы загъта?

5 Йесойӕн канд йӕхи ныхмӕ нӕ цыдысты, канд йӕхӕдӕг не ’ййӕфта фыдӕвзарӕнтӕ — йӕ фӕдылдзӕуджыты дӕр фӕдзӕхста, афтӕ кӕй ӕфхӕрдзысты уыдоны дӕр. Йӕ лӕггады райдианы Уӕлхох уацамынды йӕ ныхасмӕ хъусӕг адӕмӕн дзырдта: «Тӕхудиаг сты, рӕстдзинады тыххӕй сырд чи у, уымӕн ӕмӕ уыдоны у Уӕларвон Паддзахад. Тӕхудиаг стут сымах, куы уӕ ӕфхӕрой ӕмӕ сурой, ӕмӕ ӕнаххосӕй уӕ фыдкой куы кӕной Мӕн тыххӕй; цин кӕнут ӕмӕ хъӕлдзӕг ут, уымӕн ӕмӕ стыр у уӕ лӕвар уӕлӕрвты: афтӕ сырдтой пехуымпарты дӕр сымах разӕй уӕвджыты» (Матфейы 5:10—12).

6. Йесо йӕ 12 апостолы уацамынды куы ӕрвыста, уӕд сӕ цӕмӕй бафӕдзӕхста?

6 Фӕстӕдӕр, йӕ 12 апостолы уацамынды ӕрвитгӕйӕ, Йесо загъта: «Хъахъхъӕнут уӕхи адӕмӕй: уымӕн ӕмӕ уыдон дӕтдзысты сымах тӕрхондӕттӕм ӕмӕ уӕ сӕ ӕмбырдгӕнӕнты нӕмдзысты. Ӕмӕ уӕ акӕндзысты хицауадмӕ ӕмӕ паддзӕхтӕм Мӕн тыххӕй, ӕвдисӕндзинадӕн уыдоны ӕмӕ муртатты размӕ [«цӕмӕй уыдон ӕмӕ муртаттыты раз ӕвдисӕн лӕууат», НФ]». Фӕлӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгты ныхмӕ ӕрмӕст дины разамонджытӕ нӕ цыдаиккой. Йесо ма ноджыдӕр загъта: «Ратдзӕн ӕфсымӕр ӕфсымӕры мӕлӕтмӕ, ӕмӕ фыд — фырты, ӕмӕ сыстдзысты зӕнӕг сӕ ныййарджытыл ӕмӕ сӕ амардзысты; Ӕмӕ уыдзыстут ӕнӕуынон ӕппӕтӕн Мӕ номы тыххӕй; кӕронмӕ бафӕразӕг та фервӕздзӕн» (Матфейы 10:17, 18, 21, 22). Ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй уыди, уымӕн ӕвдисӕн сты фыццаг ӕнусы чырыстӕтты фыдӕвзарӕнтӕ.

Фыдӕвзарӕнты кӕронмӕ иузӕрдионӕй чи баззад, уыдон

7. Афтӕ куыд рауад, ӕмӕ Стефан, цы йӕ уырныдта, уый сӕраппонд йӕ цард радта?

7 Йесойы мӕлӕтӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Стефан сси, ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн кӕй лӕууыд, уый тыххӕй йӕ цард чи радта, фыццаг ахӕм чырыстон. Стефан уыди «хъару ӕмӕ уырнындзинадӕй ӕххӕст [ӕмӕ] стыр диссӕгтӕ ӕмӕ нысӕнттӕ ӕвдыста адӕмы ӕхсӕн». Йе знӕгтӕ, дины разамонджытӕ, нӕ фӕрӕзтой, «цы тарфзондимӕ ӕмӕ Удимӕ дзырдта, уыдӕтты ныхмӕ ныллӕуын» (Куыстытӕ 6:8, 10, НФ). Сӕ фырхӕлӕгӕй Стефаны сӕ фӕдыл аластой иудейты сӕйраг тӕрхондон Синедрионы размӕ. Уым ӕй фӕзылын кодтой, зылынджын цы хъуыддӕгты нӕ уыди, уыдоны, ӕмӕ уӕд уый ӕцӕгады сӕрыл уӕндонӕй ӕвдисӕн ӕрлӕууыд. Фӕлӕ уӕддӕр знӕгтӕ амардтой уыцы иузӕрдыг ӕвдисӕны (Куыстытӕ 7:59, 60).

8. Стефаны мӕлӕты фӕстӕ Иерусалимы ахуыргӕнинӕгты фӕдыл зилын куы райдыдтой, уӕд уыдон цы куыстой?

8 Стефаны амарды фӕстӕ «ӕрцыд стыр сурындзинӕдтӕ Иерусалимы аргъуаныл ӕмӕ иуылдӕр, Апостолтӕй фӕстӕмӕ, ныппырх сты алы рӕтты Иудейы ӕмӕ Самарийы» (Куыстытӕ 8:1). Цымӕ чырыстӕтты кӕй ӕфхӕрдтой, уый тыххӕй уыдон сӕ хъусын кӕнынӕй ныллӕуыдысты? Нӕ, Библи куыд дзуры, афтӕмӕй, «чи ахӕлиу, уыдон цыдысты ӕмӕ хъусын кодтой хорз уацхъуыд» (Куыстытӕ 8:4). Ӕнӕмӕнг, уыдон дӕр хъуыды кодтой, апостол Петр куыд хъуыды кодта, афтӕ: «Фылдӕр коммӕ кӕсын хъӕуы адӕймӕгтӕн нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн» (Куыстытӕ 5:29). Кӕд уыцы иузӕрдыг ӕмӕ хъӕбатыр ахуыргӕнинӕгты сырдтой ӕмӕ, сӕ хъуыддаг куы нӕ ныууадзой, уӕд сӕм ноджы стырдӕр фыдӕвзарӕнтӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый зыдтой, уӕддӕр зынгзӕрдӕйӕ ӕвдисӕн лӕууыдысты ӕцӕгады тыххӕй (Куыстытӕ 11:19—21).

9. Йесойы фӕдылдзӕуджыты дарддӕр дӕр куыд ӕфхӕрдтой?

9 Куыд уынӕм, афтӕмӕй сӕ фыдӕвзарӕнтӕ нӕ фӕкъаддӕр сты. Фыццаг уал Савл — Стефаны дуртӕй куыд амардтой, уымӕ ӕхсызгонӕй чи каст, уыцы адӕймаг — «нырма амарыны ӕртхъирӕнтӕ кӕнгӕ Хицауы ахуыргӕнинӕгтӕм, ӕрцыд хистӕр сауджынмӕ. Ӕмӕ дзы ракуырдта писмотӕ Дамаскы ӕмбырдгӕнӕнтӕм, цӕмӕй уым кӕй ӕрцахса ацы ахуырады фӕдыл цӕугӕ нӕлгоймӕгтӕй ӕмӕ сылгоймӕгтӕй, уыдоны сбӕтгӕйӕ кӕна Иерусалиммӕ» (Куыстытӕ 9:1, 2). Н. э. 44 азмӕ ӕввахс та «паддзах Ирод систа йӕ къухтӕ аргъуаны уӕнгтӕй иутӕм, цӕмӕй сын фыддзинад скӕна, ӕмӕ амардта Иаковы кардӕй, Иоанны ӕфсымӕры» (Куыстытӕ 12:1, 2).

10. Чырыстӕтты куыд ӕфхӕрдтой, уый тыххӕй нын Куыстыты чиныг ӕмӕ Раргомады чиныг цы дзурынц?

10 Дарддӕр Куыстыты чиныджы ӕнустӕм фыст ӕрцыд, иузӕрдыг чырыстӕттӕ цы фыдӕвзарӕнтӕ ӕмӕ сурынтӕ баййӕфтой, ахӕстӕтты сӕ куыд ӕппӕрстой, уый тыххӕй (зӕгъӕм, кӕддӕры сурӕгӕй апостол Павел чи сси ӕмӕ н. э. 65 азмӕ ӕввахс Ромы император Нероны къухӕй хъизӕмайраг мардӕй чи амард, уый цытӕ бавзӕрста) (2 Коринфӕгтӕм 11:23—27; 2 Тимофеймӕ 4:6—8). Ӕппынфӕстаг, Раргомады чиныджы (фыст ӕрцыд фыццаг ӕнусы кӕронмӕ ӕввахс) кӕсӕм, урсзачъе апостол Иоанны кӕй ахастой Патмосы сакъадахмӕ «Хуыцауы дзырды тыххӕй ӕмӕ Йесо Чырыстийӕн ӕвдисӕн кӕй лӕууыд, уый тыххӕй» (НФ). Раргомады чиныг ма нын хабар кӕны, зӕгъгӕ, Пергамы «мард ӕрцыд Мӕ [ома, Йесойы] иузӕрдион ӕвдисӕн Антипӕ» (Раргомад 1:9; 2:13).

11. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ сӕхиуыл цы бавзӕрстой, уымӕй куыд рабӕрӕг, Йесо сурынты тыххӕй цы загъта, уый раст кӕй уыд?

11 Ӕппӕт адӕттӕй бӕрӕг у, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзӕгъӕлы кӕй нӕ загъта: «Кӕд Мӕн сырдтой, уӕд сымах дӕр сурдзысты» (Иоанны 15:20, НФ). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ цӕттӕ уыдысты тӕккӕ ӕвирхъаудӕр фӕлварӕнмӕ, мӕлӕтмӕ дӕр,— цӕджындзыл уа, тугдзых сырдты дзӕмбыты ӕви ӕндӕр искуыд, уӕлдай нӕ уыд,— ӕрмӕст сӕ Хицау Йесо Чырыстийы хӕслӕвӕрд, «уыдзыстут Мӕнӕн ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы ӕмӕ ӕппӕт Иудейы ӕмӕ Самарийы ӕмӕ суанг зӕххы кӕронмӕ», зӕгъгӕ, сӕххӕст кодтаиккой (Куыстытӕ 1:8).

12. Афтӕ зӕгъӕн цӕуылнӕ ис, ӕмӕ чырыстӕтты куы ӕфхӕрдтой, уыцы рӕстӕг аивгъуыдта?

12 Кӕд исчи афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ Йесойы фӕдонтӕ ахӕм фыдӕвзарӕнтӕ куы ӕййӕфтой, уыцы рӕстӕг аивгъуыдта, уӕд тынг рӕдийы. Павел, йӕхи сӕрыл бирӕ зынтӕ чи бавзӕрста, уый, фыста: «Иуылдӕр, кӕй фӕнды хорз намысимӕ цӕрын Йесо Чырыстийы мидӕг, уыдзысты сырд» (2 Тимофеймӕ 3:12). Уый фӕдыл Петр та афтӕ загъта: «Уымӕн ӕмӕ сымах уымӕ хуынд стут; уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр мах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта, ныууадзгӕйӕ нын дӕнц, цӕмӕй мах цӕуӕм Йӕ къахфӕдтыл» (1 Петры 2:21). Уӕдӕй суанг ацы дунейы «фӕстаг бонтӕм» Иегъовӕйы адӕммӕ кӕсынц ӕнӕуыноны цӕстӕй, сты сӕ ныхмӕ (2 Тимофеймӕ 3:1). Залым хицӕуттӕ кӕм хицауиуӕг кӕнынц, ахӕм паддзахӕдты дӕр ӕмӕ демократон бӕстӕты дӕр — ӕгас зӕххыл дӕр куы кӕм, куы та кӕм ӕфхӕрд ӕййафынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, куыд хицӕнтӕй, афтӕ ӕмткӕй райсгӕйӕ дӕр.

Цӕмӕн сты ӕнӕуынон ӕмӕ сӕ цӕмӕн сурынц?

13. Иегъовӕйы нырыккон лӕггадгӕнджыты кӕддӕриддӕр цы хъӕуы сӕ зӕрдыл дарын?

13 Кӕд нын нӕ фылдӕры ныртӕккӕ тынг нӕ хъыгдарынц, нӕ бон у сӕрибарӕй хъусын кӕнын ӕмӕ иумӕ ӕмбырд кӕнын, уӕддӕр нӕ нӕ зӕрдӕмӕ айсын хъӕуы Библийы ныхӕстӕ, «фӕцӕуы ацы дунейы фӕлгонц», зӕгъгӕ (1 Коринфӕгтӕм 7:31). Хъуыддӕгтӕ, гӕнӕн ис, афтӕ тагъд фӕивой, ӕмӕ зондӕй дӕр, зӕрдӕйӕ дӕр цӕттӕ куы нӕ уӕм, ӕмӕ Иегъовӕмӕ ӕнгом куы нӕ лӕууӕм, уӕд ӕнцонӕй фӕкӕлдзыстӕм. Уӕдӕ нӕхи куыд бахъахъхъӕнӕм? Стыр ӕххуыс нын уыдзӕн, ӕнӕбахъыгдаргӕ, сабыр ӕмӕ закъонӕххӕстгӕнӕг чырыстӕттӕ дунейӕн ӕнӕуынон цӕмӕн сты, цӕмӕн сӕ сурынц, уый нӕ куы никуы рох кӕна.

14. Петр куыд загъта, афтӕмӕй чырыстӕттӕ ӕфхӕрд цӕмӕн ӕййӕфтой?

14 Уый фӕдыл апостол Петр дзуры йӕ фыццаг фыстӕджы (ныффыста йӕ н. э. 62—64 азты, Ромы стыр паддзахады алы къуымты чырыстӕттӕ фыдӕвзарӕнты куы уыдысты ӕмӕ сӕ алырдыгӕй ӕфхӕрд куы ’ййӕфтой, уӕд). Уый загъта: «Мӕ уарзонтӕ! Ма-иу аласут уӕхи зын фӕлварынӕй, уымӕй сымах бавзарынмӕ куы хъавой, уӕд, цыма сымахӕн ӕнахуыр хъуыддагӕй». Ӕмӕ йӕ цы зӕгъын фӕндыд, уый дарддӕр ӕмбарын кӕны: «Сымахӕй ӕфхӕрд мачи фӕуӕд куыд лӕгмарӕг, кӕнӕ хуыснӕг, кӕнӕ ӕвзӕргӕнӕг, кӕнӕ искӕйонмӕ хъавӕг. Фӕлӕ ӕфхӕрд куы фӕуа Чырыстон кӕй у, уый тыххӕй, уӕд ӕфсӕрмы ма кӕнӕд, фӕлӕ сыстауӕд Хуыцауы ахӕм амонды тыххӕй». Петр уый зӕгъинаг уыди, ӕмӕ цыдӕр ӕвзӕр хъуыддӕгты тыххӕй кӕй не ’ййӕфтой ӕфхӕрд, фӕлӕ, чи уыдысты, уый тыххӕй. Чырыстӕттӕ сӕ алыварс адӕмӕн «се ’нӕфсарм миты ӕмбалӕн куы лӕууыдаиккой», уӕд сӕ уарзтаиккой ӕмӕ сӕм хиуоны цӕстӕй кастаиккой. Фӕлӕ хъуыддаг афтӕ нӕ уыди — уыдон ӕфхӕрд ӕййӕфтой, Чырысти куыд цард, афтӕ кӕй цардысты, уый тыххӕй. Ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕн сӕ хабар абон дӕр афтӕ у (1 Петры 4:4, 12, 15, 16, НФ).

15. Абон дунейы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм цавӕр дыууӕхуызон ахаст ис?

15 Бирӕ рӕтты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ӕргом ӕппӕлынц, сӕ конгрессты куы вӕййынц кӕнӕ иумӕ исты агъуыст куы фӕаразынц, уӕд се ’хсӕн цы иудзинад вӕййы, куыд ӕмвӕнд-ӕмзондӕй фӕархайынц, уый тыххӕй; цӕсгомджын ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй сты, уый тыххӕй; се ’гъдау ӕмӕ сӕ бинонты царды фӕзминаг кӕй сты, ӕмӕ ма суанг сӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕддаг бакаст ӕмӕ сӕ уагахасты тыххӕй дӕр *. Иннӕрдыгӕй та, ацы статья фыст куы цыди, уыцы рӕстӕгмӕ ӕппын къаддӕр 28 бӕстӕйы сӕ хъуыддаг кӕнӕ бынтондӕр у ӕхгӕд, кӕнӕ та сӕ сурынц, ӕмӕ Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ сӕ уырнындзинады тыххӕй ӕййафынц ӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст. Ахӕм дыууӕхуызон ахаст сӕм цӕмӕн ис? Ӕмӕ уыцы уавӕрмӕ Хуыцау ӕнцад цӕмӕн кӕсы?

16. Хуыцау фыццаджы-фыццагдӕр цӕмӕн уадзы, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕфхӕрд ӕййафой?

16 Фыццаджы-фыццаг хъуамӕ нӕ зӕрдыл фидарӕй дарӕм Ӕмбисӕндты 27:11 ныхӕстӕ: «Зондджын у, мӕ фырт, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мын фидистӕ чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттон». О, дзырд цӕуы, Дун-дунейы хицау чи у, уый фӕдыл незамантӕй нырмӕ цы дзырддаг фарста ис, ууыл. Кӕд ӕнусты дӕргъы бирӕ уыдис, Иегъовӕйыл ӕнувыдӕй чи баззад ӕмӕ ацы фарстайӕн дзуапп чи радта, ахӕм адӕймӕгтӕ, уӕддӕр Сайтан йӕ кӕнон нӕ уадзы — рӕстгӕнӕг Иовы бонты куыд уыди, афтӕ абон дӕр фидистӕ кӕны Иегъовӕйӕн (Иов 1:9—11; 2:4, 5). Ай-гъай дӕр, Сайтан ныр бынтон фыцы мӕстӕй ӕмӕ бынтон ницӕуыл уал ауӕрды йӕ ныхас сбӕлвырд кӕнынӕн, уымӕн ӕмӕ ныр Хуыцауы Паддзахад сфидар уӕлӕрвты, ӕгас зӕххыл дӕр ын ис иузӕрдион минӕвӕрттӕ ӕмӕ, йӕхи уыцы Паддзахады бӕрны чи бакодта, ахӕм адӕм. Фӕлӕ цыфӕнды бӕллӕхы, цыфӕнды фыдӕвзарӕны дӕр Хуыцауыл иузӕрдион уыдзысты? Ацы фарстӕн Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр йӕхӕдӕг хъуамӕ ратта дзуапп (Раргомад 12:12, 17).

17. Йесойы цы зӕгъын фӕндыд ацы ныхӕстӕй, «уыдзӕн уый сымахӕн ӕвдисӕнадӕн», зӕгъгӕ?

17 «Ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕроны» (НД) цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уый Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы дзырдта, уӕд ӕрхаста ноджыдӕр иу аххосаг, цӕмӕн уадзы Иегъовӕ, ӕмӕ йын йӕ лӕггадгӕнджыты ӕфхӕрой. Уый загъта: «Кӕндзысты уӕ паддзӕхты ӕмӕ хицауады размӕ Мӕ номы тыххӕй; уыдзӕн уый сымахӕн ӕвдисӕнадӕн» (Матфейы 24:3, 9; Лукайы 21:12, 13). Йесо йӕхӕдӕг ӕвдисӕн лӕууыд Ирод ӕмӕ Понти Пилаты раз. «Паддзӕхты ӕмӕ хицауады размӕ» кодтой апостол Павелы дӕр. Уый Йесо Чырыстийы разамындмӕ гӕсгӕ агуырдта фадӕттӕ йӕ рӕстӕджы стыр хицӕутты раз ӕвдисӕн ныллӕууынӕн. Павел загъта: «Домын кесӕры тӕрхон» (Куыстытӕ 23:11; 25:8—12). Афтӕ абон дӕр, уӕззау уавӕртӕ арӕх уымӕ ӕркӕнынц, ӕмӕ зӕрдӕзӕгъгӕ ӕвдисӕнад лӕвӕрд ӕрцӕуы хицӕуттӕн дӕр ӕмӕ ӕнӕуи адӕмӕн дӕр *.

18, 19. а) Фыдӕвзарӕнты кӕй бахауӕм, уый нын ахъаз куыд у? ӕ) Иннӕ статьяйы цавӕр фарстытӕм ӕркӕсдзыстӕм?

18 Ӕппынфӕстаг, фыдӕвзарӕнтӕ ӕмӕ зындзинӕдты кӕй бахауӕм, уый ахъаз у нӕхицӕн дӕр. Куыд? Ахуыргӕнинаг Иаков йе ’мчырыстӕтты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Стыр циндзинадимӕ исут, ме ’фсымӕртӕ, куы хауат алыхуызон фӕлварӕнты, зонгӕйӕ, уӕ уырнындзинады фӕлварӕн кӕй ӕвзӕрын кӕны фӕразондзинад». О, нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд нӕ удыхъӕд кӕны фӕразондӕр ӕмӕ нӕ уырнындзинад та фидардӕр. Уымӕ гӕсгӕ фыртасӕй нӕ зыр-зыр кӕнӕм, ӕмӕ сӕ цӕмӕй аирвӕзӕм кӕнӕ нӕ ма ӕфхӕрой, уый оххыл, Библимӕ гӕсгӕ раст чи нӕу, ахӕм амӕлттӕ нӕ агурӕм. Уый бӕсты мах нӕ зӕрдыл дарӕм Иаков нын цы фӕдзӕхсы, уый: «Фӕразондзинадӕн та хъуамӕ уа ӕххӕст хъуыддӕгтӕ, цӕмӕй уат алцӕмӕй дӕр ӕххӕст, ӕнӕ исты хъуагӕй» (Иаковы 1:2—4).

19 Кӕд нын Хуыцау йӕ Ныхасы ӕмбарын кӕны, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕфхӕрд цӕмӕн ӕййафынц ӕмӕ уыцы фыдӕвзарӕнтӕ уый цӕмӕн уадзы, уӕддӕр зын рӕстӕг фидар лӕууын алыхатт ӕнцон нӕ вӕййы. Цы нӕ фӕфидар кӕндзӕн, цӕмӕй уыцы сахат ма фӕцудӕм? Куы нӕ ӕфхӕрой, уӕд нын куыд кӕнгӕ у? Ацы ахсджиаг фарстытӕм ӕркӕсдзыстӕм иннӕ статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 15 абз. Кӕс «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1995 аз, 15 декабрь, 27—29 фӕрстӕ; 1994 аз, 15 апрель, 16, 17 фӕрстӕ ӕмӕ «Райхъал ут!», 1993 аз, 22 декабрь, 6—13 фӕрстӕ, (уыр.).

^ 17 абз. Кӕс «Райхъал ут!», 2003 аз, 8 январь, 3—11 фӕрстӕ (уыр.).

Куыд бамбарын кӕнис?

• Грекъаг дзырд «marʹtys» Йесомӕ сӕйраджыдӕр цы хуызы ис ахӕссӕн?

• Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты ныхмӕ кӕй цыдысты, уый сыл куыд фӕзынд?

• Ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕфхӕрд цӕмӕн ӕййӕфтой, уый Петр куыд бамбарын кодта?

• Цӕмӕн уадзы Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕфхӕрын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 20, 21 фарсыл]

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ ӕфхӕрд ӕййӕфтой цыдӕр ӕвзӕр хъуыддӕгты тыххӕй нӕ, фӕлӕ чи уыдысты, уый тыххӕй.

ПАВЕЛ

ИАКОВ

ИОАНН

АНТИПӔ

СТЕФАН