Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕцӕгады тыххӕй ныхас у зӕрдӕйӕн сой

Ӕцӕгады тыххӕй ныхас у зӕрдӕйӕн сой

Ӕцӕгады тыххӕй ныхас у зӕрдӕйӕн сой

«Иу ӕмбыд ныхас дӕр ма рацӕуӕд уӕ дзыхӕй, фӕлӕ ӕрмӕст хорз чи уа уырниады амындӕн, хъусджытӕн фарн-иу чи ӕрхӕсса» (ЕФЕСӔГТӔМ 4:29, НФ).

1, 2. а) Дзурыны курдиатӕн аргъ цӕуылнӕ ис? ӕ) Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты куыд фӕнды дзурыны курдиатӕй пайда кӕнын?

«ДЗУРЫНЫ курдиат у стыр сусӕгдзинад; уый у Хуыцауы лӕвар, диссаг»,— афтӕ фыста дзырдуатаразӕг Людвиг Келер. Чи зоны нӕм Хуыцауы ацы стыр лӕвар бынтон уадиссаг дӕр нӕ кӕсы (Иаковы 1:17). Фӕлӕ дзурыны курдиатӕн ӕцӕгдӕр аргъ кӕй нӕй, уый адӕймаг бамбары, зӕгъӕм, йӕ ахсджиӕгтӕй искӕй паралич куы ныццӕвы ӕмӕ йе ’взаг йӕ коммӕ куы нал фӕкӕсы, уӕд. «Зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхас кӕнын бирӕ уарзтам,— зӕгъы Джоан (йӕ лӕджы йын ӕрӕджы паралич ныццавта).— Куыд тынг мӕ фӕфӕнды йемӕ раздӕрау аныхас кӕнын, куыд!»

2 Ныхасгӕнгӕйӕ нӕ бон у нӕ хӕлардзинад бафидар кӕнын, мӕсты нӕм чи у, уый зӕрдӕ ссарын, зӕрдӕсаст адӕймаджы ныфс бауадзын, искӕй уырнындзинад бафидар кӕнын ӕмӕ нӕ цард цинтӕй байдзаг кӕнын. Фӕлӕ уый афтӕ йӕхигъӕдӕй нӕ уайы. Куырыхон паддзах Соломон афтӕ фыста: «Иуӕй-иу дзӕгъӕлдзыхы ныхас — карды цӕфау, зондджынты ныхас та — ӕвдадзы хос» (Ӕмбисӕндтӕ 12:18, «Мах дуг» №12, 1999). Мах, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты, фӕнды, цӕмӕй нӕ ныхӕстӕ иннӕтӕн зӕрдӕсӕттӕн ӕмӕ сындз ма уой, фӕлӕ зӕрдӕрухсы хос ӕмӕ сой. Стӕй нӕ тынг фӕнды, уацамынды уа ӕви ӕнӕуи ныхасы, нӕ дзыхыныхасӕй Иегъовӕйы кадджын кӕнын. Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Хуыцауы тыххӕй раппӕлдзыстӕм алыбон, ӕмӕ Дӕу ном кадджын кӕндзыстӕм ӕнустӕм» (Псалом 43:9).

3, 4. а) Ӕвзаг уромын зын цӕмӕн у? ӕ) Цы дзурӕм, ууыл хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

3 «Адӕмӕй ничима бафӕрӕзта ӕвзаг бауромын»,— ӕргом дзуры Йесойы ахуыргӕнинаг Иаков. Ӕмӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны: «Не ’ппӕт дӕр... тыхджын куы рӕдийӕм. Йӕ ныхасы чи нӕ рӕдийа, уый у ӕххӕст адӕймаг, йӕ буар ӕгасӕй дӕр уромынхъом чи у, ахӕм» (Иаковы 3:2, 8, НФ). Иу дӕр нӕ ӕххӕст нӕу. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, кӕд нӕ тынг фӕфӕнды, уӕддӕр нӕ ныхӕстӕ алы хатт зӕрдӕйӕн сой нӕ фӕвӕййынц ӕмӕ не Сфӕлдисӕджы не скадджын кӕнынц. Уый тыххӕй хъуамӕ сахуыр уӕм, цы дзурӕм, ууыл хъуыды кӕнын. Стӕй ма Йесо куыд загъта, зӕгъгӕ, «алкӕцы ӕнӕхъуаджы дзырды тыххӕй, кӕй зӕгъой адӕм, ратдзысты уыдон дзуапп тӕрхоны бон: уымӕн ӕмӕ дӕ ныхӕстӕй сраст уыдзынӕ ӕмӕ дӕ ныхӕстӕй тӕрхонгонд уыдзынӕ» (Матфейы 12:36, 37). О, алчидӕр нӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй дзуапп ратдзӕн ӕцӕг Хуыцауы раз.

4 Цӕмӕй нӕ дзыхыныхас зӕрдӕсӕттӕн ма уа, уымӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзӕлттӕй иу — иннӕтимӕ ӕцӕгады тыххӕй ныхас кӕнын ахуыр кӕнӕм нӕхи. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, ууыл ахуыр кӕнӕн куыд ис, иннӕтимӕ цӕуыл ис дзурӕн ӕмӕ зӕрдӕрухсы хос чи у, уыцы ныхӕстӕ хорз цӕмӕй сты, уый.

Нӕ зӕрдӕмӕ-иу ныккӕсӕм

5. Нӕ ныхӕстӕ искӕй зӕрдӕйӕн сой уыдзысты ӕви нӕ, уый нӕхи зӕрдӕйыл куыд баст у?

5 Цӕмӕй, зӕрдӕйӕн сой чи у, ахӕм ныхӕстӕ кӕнын сахуыр уӕм, уый тыххӕй нӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ рох ма уа: адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый ис йе ’взагыл дӕр. Йесо афтӕ загъта: «Зӕрдӕйы дзагӕй дзуры дзых» (Матфейы 12:34). Ома, адӕймаг фӕдзуры, йӕ зӕрдӕ цӕуылты фӕдзуры, ууыл. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй ахъуыды кӕнын хъӕуы ахӕм фарстытыл: мӕ ныхӕстӕ, мӕ зӕрдӕйы цы ис, уый тыххӕй цы дзурынц? Мӕ бинонтӕ, науӕд ме ’муырнджытимӕ куы фӕныхас кӕнын, уӕд ӕцӕгады тыххӕй фӕдзурын ӕви ӕдзухдӕр спортыл, уӕлӕдарӕсыл, кинотыл, хӕринагыл, ӕрӕджы цы балхӕдтон, ууыл кӕнӕ ницӕйаг цӕуылдӕртыл? Чи зоны, нӕхи дӕр нӕ фӕндыд, афтӕмӕй нӕ мӕт систы, адӕймаджы царды афтӕ ӕхсызгонӕй цы нӕ хъӕуы, уыдӕттӕ. Фӕлӕ нӕ сӕйраг мӕт, ахсджиагдӕр цы у, уый куы скӕнӕм, уӕд нӕ ныхӕсты дӕр уыдзӕн фарн ӕмӕ нӕ цард дӕр фӕхуыздӕр уыдзӕн (Филиппӕгтӕм 1:10).

6. Цӕуыл фӕхъуыды кӕнӕм, уый нӕ ныхасыл куыд фӕзыны?

6 Нӕ дзыхыдзырд ма цӕмӕй зӕрдӕйӕн сой уа, уый тыххӕй хъуамӕ сахуыр уӕм арф хъуыды кӕнын. Ӕппӕт тыхтӕй куы архайӕм ӕцӕгад ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгтыл хъуыды кӕныныл, уӕд нӕ ныхас, хъуыды дӕр ыл нӕ кӕндзыстӕм, афтӕмӕй алкӕддӕр уыдзӕн ууыл. Паддзах Давид уый хорз зыдта. Уый зарыд: «Уадз мӕ хъӕлӕсы ныхӕстӕ ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ уой фӕндон Дӕу разы, Хицау» (Псалом 18:15). Псаломзарӕггӕнӕг Асаф та афтӕ загъта: «Хъус дардзынӕн Дӕ [ома Хуыцауы] ӕппӕт хъуыддӕгтӕм, хъуыды кӕндзынӕн Дӕ стыр хъуыддӕгтыл» (Псалом 76:13). Хуыцауы Ныхасы цы ӕцӕгад ис, уый нӕ зӕрдӕйы куы уа ӕмӕ йыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ дзыхӕй цӕудзӕн фарн. Иеремийӕн йӕ бон нӕ уыд, ӕмӕ йын Иегъовӕ цы амыдта, уый ма дзырдтаид (Иереми 20:9). Мах дӕр ӕдзух Хуыцауы хъуыддӕгтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд не ’взагыл уыдзысты Хуыцауы хъуыддӕгтӕ (1 Тимофеймӕ 4:15, НД).

7, 8. Цӕмӕй ныхас зӕрдӕйӕн сой уа, уый тыххӕй цӕуыл ис дзурӕн?

7 Монон хъуыддӕгтӕн нын фӕтк куы уа, уӕд нӕ бон уыдзӕн, зӕрдӕйӕн сой чи у, бирӕ ахӕм цӕуылдӕрты дзурӕн (Филиппӕгтӕм 3:16). Конгресстӕ ӕмӕ ӕмбырды фембӕлдты, ног журналтӕ ӕмӕ чингуыты, афтӕ ма «Алы бон дӕр ӕвзар Фыстыты» цы хӕзнатӕ ссарӕм, уыдонӕй ис иннӕтӕн хай кӕнӕн (Матфейы 13:52). Уӕдӕ ныл уацамынды цы цымыдисаг цаутӕ ӕрцӕуы, уыдон дӕр нын нӕ уырнындзинад куыннӕ фидар кӕнынц!

8 Паддзах Соломоны дисы ӕфтыдтой, Израилы цы алыхуызон бӕлӕстӕ, цӕрӕгойтӕ, мӕргътӕ ӕмӕ кӕсӕгтӕ уыд, уыдон (3 Паддзахӕдты 4:33). Уый тынг уарзта Хуыцауы сконд дунейыл дзурын. Махӕн дӕр нӕ бон у Соломоны фӕзмын. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ дӕр бирӕ цӕуылдӕрты уарзынц ныхас кӕнын, фӕлӕ уыдон алцӕмӕдӕр кӕсынц Хуыцауы цӕстӕй, ӕмӕ сӕ ныхас уӕлдай ӕхсызгондӕр вӕййы, ӕцӕгады тыххӕй кӕй фӕныхас кӕнынц, уымӕй (1 Коринфӕгтӕм 2:13).

«Ууыл хъуыды кӕнут»

9. Павел филиппӕгтӕн цавӕр амынд радта?

9 Цӕуылфӕнды ма ныхас кӕнӕм, апостол Павел Филиппы ӕмбырдӕн цы амынд радта, ууыл куы цӕуӕм, уӕд нӕ дзыхыдзырд зӕрдӕйӕн сой уыдзӕн. Павел афтӕ фыста: «Цы у ӕрмӕст ӕцӕг, цы у намысджын [«ӕцӕгдӕр хъус ӕрдарӕн цӕмӕ ис», НД], цы у рӕстдзинад, цы у сыгъдӕг, цы у ӕгъдауджын [«уарзон», НФ], цы у кады аккаг, цы у ӕрмӕст хорз миниуӕг ӕмӕ ӕппӕлинаг, ууыл хъуыды кӕнут» (Филиппӕгтӕм 4:8). Павел цы хъуыддӕгты кой кӕны, уыдон афтӕ ахсджиаг сты, ӕмӕ сӕ зӕгъы: «Ууыл хъуыды кӕнут». Нӕ зӕрдӕ ӕрмӕстдӕр уыдоныл хъуамӕ дзура, нӕ хъуыдытӕ ӕрмӕстдӕр уыдоныл хъуамӕ уой. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, Павел цы аст хъуыддаджы ранымадта, уыдон нын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕуыл дзурӕм, уый зонынӕн.

10. Ӕцӕг цы у, ууыл ныхас кӕнынмӕ цы хауы?

10 Ӕцӕг цы у, уымӕ айдагъ бӕлвырд хабар, мӕнг цы нӕу, уый нӕ хауы, фӕлӕ бындур кӕмӕн ис ӕмӕ раст чи у, зӕгъӕм, Хуыцауы Ныхасы цы ӕцӕгад ис, уый. Уымӕ гӕсгӕ, иннӕтӕн куы фӕдзурӕм, Библийӕ нӕ зӕрдӕмӕ тынг цы фӕцыд, нӕ ныфсыл нын ныфс цы раныхас бафтыдта кӕнӕ нын Фыстадӕй цы уынаффӕ баххуыс кодта, уый тыххӕй, уӕд фӕхъуыды кӕнӕм, ӕцӕг цы у, ууыл. Уымӕй уӕлдай ма нӕхимӕ ӕмгӕрон нӕ уадзӕм, ӕцӕг кӕй ис фенхъӕлӕн, афтӕмӕй та «мӕнгахуырад» цы у, уый (1 Тимофеймӕ 6:20). Стӕй нӕдӕр тауыстӕ уадзӕм, нӕдӕр, уацамынды хабӕрттӕй бӕлвырд цы нӕ базонӕм, уый фӕдзурӕм.

11. Ныхасы ӕцӕгдӕр хъус ӕрдарӕн цӕмӕ ис, уымӕ цы хауы?

11 Ӕцӕгдӕр хъус ӕрдарӕн цӕмӕ ис, уый баст у афтид, лыстӕг хъуыддӕгтыл нӕ, фӕлӕ ахсджиаг, аккаг цы у, ууыл. Уымӕ хауынц нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг, цы уӕззау рӕстӕджыты цӕрӕм, уый, ӕмӕ нӕм ӕгъдау кӕй хъуамӕ уа, уый. Ахӕм ахсджиаг хъуыддӕгтыл куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр бафӕнды нӕ уырнындзинад фидар кӕнын, ӕнаиппӕй цӕрын ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын. Уӕдӕ ныл уацамынды цы цымыдисаг цаутӕ ӕрцӕуы ӕмӕ фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый ныртӕккӕ цы хабӕрттӕ ӕвдисынц, уыдоны фӕрцы нын ис, зӕрдӕ кӕмӕй барухс уа, ахӕм ныхасӕгтӕ (Куыстытӕ 14:27; 2 Тимофеймӕ 3:1—5).

12. Цӕмӕй хъуамӕ хизӕм нӕхи Павелы амындмӕ гӕсгӕ, рӕстдзинад ӕмӕ сыгъдӕг цы у, ууыл хъуыды кӕн, зӕгъгӕ?

12 Рӕстдзинад нысан кӕны, Хуыцауы цӕсты раст цы у ӕмӕ йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цы у, уый. Сыгъдӕг та дзурӕг у сыгъдӕг хъуыдытӕ ӕмӕ хӕрзӕгъдаудзинадыл. Хахуыртӕ, ӕнӕгъдау ӕмӕ ӕнӕфсарм хъазӕн ныхӕстӕ хъуамӕ ма кӕнӕм (Ефесӕгтӕм 5:3; Колоссӕгтӕм 3:8). Куысты кӕнӕ скъолайы исчи ахӕм ныхӕстӕ кӕнын куы райдайы, уӕд ӕмбаргӕ чырыстӕттӕ сӕхи айсынц.

13. Уарзон ӕмӕ кады аккаг ныхас цавӕр вӕййы, уымӕн цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс.

13 Уарзон цы у, ууыл хъуыды кӕн, зӕгъгӕ, уымӕй Павелы зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ адджын, ӕхсызгон кӕнӕ зӕрдӕйы уарзты цӕхӕр чи ссудзы, ахӕм ныхас кӕй хъуамӕ кӕнӕм, маст, ӕнӕуынондзинад кӕнӕ быцӕумӕ чи кӕны, ахӕм ныхас нӕ, фӕлӕ. Кады аккаг та у, хорз кӕмӕй дзурынц, ахӕм хабар. Уымӕ та ахӕссӕн ис нӕ иузӕрдион ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты царды хабӕрттӕ — фыст вӕййынц «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы. Ахӕм уацтӕ уырнындзинад кӕй фидар кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ-иу дзы искӕмӕн исты хъуыдытӕ куы радзурис, уӕд хорз нӕ уаид? Ӕмӕ куыд ӕхсызгон вӕййы, не ’муырнджытӕн Хуыцауы хъуыддаджы цы ’нтысы, уый тыххӕй фехъусын! Уыдӕттыл куы дзурӕм, уӕд ӕмбырд уыдзӕн ӕнгомдӕр, ӕмуддӕр, кӕрӕдзи фылдӕр уарздзысты.

14. а) «Хорз миниуӕг» нӕм уа, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы? ӕ) Раппӕлинаг цы у, ууыл куыд ис ныхас кӕнӕн?

14 Павел ма дзуры, «ӕрмӕст хорз миниуӕг цы у», ууыл дӕр. Ацы ран хорз миниуӕг амоны ӕфсарм, ӕгъдау. Мах хъуамӕ ныхасгӕнгӕйӕ Библийы уагӕвӕрдтӕ ма рох кӕнӕм, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр раст, сыгъдӕг ӕмӕ хорз цы у, ууыл дзурӕм. Ӕппӕлинаг цы у, уый та у, хорз зӕгъӕн цӕмӕй ис, уый. Кӕд ӕфсымӕртӕй искӕмӕн уыд хорз раныхас, науӕд ӕмбырды исчи Хуыцауыл у тынг иузӕрдион, уӕд ын ӕй зӕгъ кӕнӕ ма йӕ ӕндӕр искӕмӕн дӕр радзур. Апостол Павел тынг арӕх ӕппӕлыд йе ’муырнджытӕй, сӕ удыхъӕды бирӕ рӕсугъд миниуджытӕ кӕй уыд, уый тыххӕй (Ромӕгтӕм 16:12; Филиппӕгтӕм 2:19—22; Филимонмӕ 4—7). Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕлдай тынгдӕр Хуыцауы сконд дунейӕ хъӕуы ӕппӕлын. Уым, зӕрдӕ барухс кӕнынӕн цӕуыл аныхас кӕнӕм, ахӕмӕй бирӕ цыдӕртӕ ис (Ӕмбисӕндтӕ 6:6—8; 20:12; 26:2).

Зӕрдӕйӕн сой цы у, уыдӕттыл ныхас кӕнӕм

15. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ кӕй хъуамӕ ныхас кӕной, уымӕн Библийы цавӕр фӕдзӕхст ис?

15 Дыккаг закъоны 6:6, 7 стихты фыстӕуы: «Абон дын цы ныхӕстӕ фӕдзӕхсын, уыдон уӕнт дӕ зӕрдӕйы; уарзын сӕ кӕн дӕ фыртӕн ӕмӕ сыл дзур, хӕдзары куы бадай, фӕндагыл куы цӕуай, хуысгӕ куы кӕнай ӕмӕ куы сыстай, уӕд дӕр». Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхас кӕй хъуамӕ кӕной ӕмӕ ӕцӕгады тыххӕй кӕй хъуамӕ дзурой, уый ацы фӕдзӕхст хорз ӕвдисы.

16, 17. Чырыстон ныййарджытӕн Иегъовӕ ӕмӕ Авраам фӕзминаг цӕмӕй сты?

16 Ахъуыды ма кӕнӕм, Йесо-иу, зӕххыл ӕй цы хъуыддӕгтӕ бакӕнын хъуыд, уый тыххӕй йӕ уӕларвон Фыдимӕ цас фӕныхас кодтаид. «Мӕн рарвитӕг Фыд, Уый ратта Мӕнӕн фӕдзӕхст, цы зӕгъон ӕмӕ цы дзурон»,— загъта Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн (Иоанны 12:49; Дыккаг закъон 18:18). Дзуттыты рагфыдӕл Авраам дӕр-иу, хӕрзаг, йӕ фырт Исаахъимӕ тынг бирӕ фӕныхӕстӕ кодта, Иегъовӕ уыдонӕн ӕмӕ йӕ рагфыдӕлтӕн цы хӕрзтӕ ракодта, уый тыххӕй. Ахӕм зӕрдӕбын ныхасы фӕрцы баци сӕ бон Йесойӕн дӕр ӕмӕ Исаахъӕн дӕр сӕрныллӕгӕй Хуыцауы коммӕ бакӕсын (Уӕвынад 22:7—9; Матфейы 26:39).

17 Мах дӕр нӕ сывӕллӕттимӕ хъуамӕ кӕнӕм, зӕрдӕрухсы хос сын чи уа, ахӕм ныхас. Ныййарджытӕ кӕд тынг ӕнӕвдӕлон сты, уӕддӕр-иу хъуамӕ ссарой рӕстӕг сӕ сывӕллӕттимӕ аныхас кӕнынӕн. Хорз нӕ уаид, уӕ бинонтимӕ-иу бон иу хатт уӕддӕр куы ӕрбадиккат иумӕ хӕрыныл? Афтӕмӕй уын хӕрды рӕстӕг ӕмӕ хӕрды фӕстӕ фадат уыдзӕн, уӕ бинонты уырнындзинадӕн стыр ахъаз ӕмӕ зӕрдӕрухсы хос чи фӕуыдзӕн, уыдӕттыл аныхас кӕнынӕн.

18. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ куы фӕныхас кӕнынц, уӕд уый зӕнӕгыл хорзырдӕм кӕй фӕзыны, уый тыххӕй радзур цау.

18 20 азмӕ ӕввахс кӕуыл цӕуы, ахӕм пионер, Алехандро, хъуыды кӕны, 14 азы йыл куы цыд, уӕд цӕуылдӕрты куыд дызӕрдыг кодта. Уый афтӕ зӕгъы: «Ме ’мкъласонты ӕмӕ мӕ ахуыргӕнджыты ныхӕстӕй, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ Библи раст кӕй у, ууыл дызӕрдыг кодтон. Мӕ ныййарджытӕ-иу мӕ сӕ разы сбадын кодтой, ӕмӕ-иу мемӕ сабырӕй бирӕ-бирӕ фӕныхас кодтой, ӕппӕт дӕр мын-иу ӕмбарын кодтой. Афтӕ-иу кӕй ныхас кодтам, уый фӕрцы уыцы зын рӕстӕг канд мӕ дызӕрдыггаг хъуыдытӕй нӕ фервӕзтӕн, фӕлӕ ма мӕ бон сси раст уынаффӕтӕ хӕссын дӕр». Абон та куыд у хабар? Алехандро дарддӕр дзуры: «Ныр дӕр ма мӕ ныййарджытимӕ цӕрын. Фӕлӕ мӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ мӕ фыд дӕр тынг ӕнӕвдӕлон кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын ӕнцон нӕ вӕййы аныхас кӕнынӕн рӕстӕг ссарын. Уый тыххӕй къуыри иу хатт мӕ фыдимӕ йӕ куысты иумӕ сихор бахӕрӕм. Кӕй аныхас кӕнӕм, уымӕн стыр аргъ кӕнын».

19. Алкӕйдӕр нӕ афтӕ тынг цӕмӕн хъӕуы иннӕтимӕ ӕцӕгадыл ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй дзурын?

19 Не ’муырнджытимӕ ӕцӕгады ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй кӕй аныхас кӕнӕм, уый дӕр уӕдӕ цӕй аргъ у! Уымӕн нын фадӕттӕ фӕзыны фембӕлдты, хъусын куы фӕкӕнӕм кӕнӕ нын исты бадт куы вӕййы, йе та искуыдӕм иумӕ куы фӕцӕуӕм, уӕд. Павел тынг бӕллыд Ромы цӕрӕг чырыстӕттимӕ аныхас кӕнынмӕ. «Мӕн иттӕг фӕнды сымах фенын,— фыста Павел,— цӕмӕй бахай кӕнон уды лӕварӕй сымах сфидарӕн, ома рӕвдыд уӕвын сымахимӕ, сымах ӕмӕ мӕн иумӕйаг уырнындзинадӕй» (Ромӕгтӕм 1:11, 12). «Не ’муырнджытимӕ нӕ ӕнӕмӕнгдӕр хъӕуы Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ ӕцӕгады тыххӕй дзурын,— зӕгъы чырыстон хистӕр нӕлгоймаг Йоханнес.— Ахӕм ныхӕстӕй зӕрдӕйыл хур ракӕсы, ӕрвылбоны сагъӕстӕ къаддӕр кӕнынц. Мӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм арӕх бахатын, зӕгъгӕ мын радзурут уӕ царды хабӕрттӕ ӕмӕ афтӕ иузӕрдион цӕй фӕрцы стут, уый тыххӕй. Цалдӕр азмӕ дзы бирӕтимӕ аныхас кодтон ӕмӕ дзы алкӕмӕй дӕр цыдӕр зонд райстон».

20. Адӕймаг ӕфсӕрмыгӕнаг куы уа, уӕд цы у нӕ бон саразын?

20 Фӕлӕ зӕгъӕм, кӕимӕдӕр ӕцӕгадыл, Хуыцауы хъуыддӕгтыл ныхас кӕнын райдыдтай, ӕмӕ уый та ницы дзуры? Тыхсгӕ ма кӕн. Ӕндӕр хатт дын, чи зоны, рауайа йемӕ аныхас кӕнын. «Йӕ афоныл загъд ныхас — сызгъӕрин фӕткъуытӕ ӕвзист нывӕфтыд къусы»,— загъта Соломон (Ӕмбисӕндтӕ 25:11). Кӕд исчи ӕфсӕрмыгӕнаг у, уӕд дӕхи афтӕ дар, ӕмӕ йӕ кӕй ӕмбарыс, уый хата. «Адӕймаджы зӕрдӕйы фӕндтӕ сты арф дӕттау, фӕлӕ сӕ арфуынӕг адӕймаг базондзӕн» * (Ӕмбисӕндтӕ 20:5). Сӕйраг та уый у, ӕмӕ дын кӕд чидӕр дӕ ныхас ницӕмӕ ӕрдары, уӕддӕр дӕ уый ма бахъыгдарӕд, дӕ зӕрдӕйӕн ӕхсызгон цы у, ууыл дзурын.

Ӕцӕгады тыххӕй ныхас ӕркӕны хорз хъуыддӕгтӕм

21, 22. Ӕцӕгадыл, Хуыцауы тыххӕй-иу куы дзурӕм, уӕд нын уый ахъаз цӕмӕй уыдзӕн?

21 «Иу ӕмбыд ныхас дӕр ма рацӕуӕд уӕ дзыхӕй,— зӕгъы Павел,— фӕлӕ ӕрмӕст хорз чи уа уырниады амындӕн, хъусджытӕн фарн-иу чи ӕрхӕсса» (Ефесӕгтӕм 4:29, НФ; Ромӕгтӕм 10:10). Кӕд алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы ныхас афтӕ фӕзилын, цӕмӕй зӕрдӕйӕн ӕхсызгон уа, уӕддӕр уыцы хъуыддаг уый аргъ у. Ӕцӕгад ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй куы ныхас кӕнӕм, уӕд адӕмӕн нӕ уырнындзинады тыххӕй дзурдзыстӕм ӕмӕ не ’муырнджыты уырнындзинад фидар кӕндзыстӕм.

22 Цӕй уӕдӕ нӕ дзурыны курдиатӕй афтӕ пайда кӕнӕм, цӕмӕй дзы адӕмы зӕрдӕты ныфс уадзӕм ӕмӕ дзы Хуыцауы кадджын кӕнӕм. Ахӕм ныхӕстӕ нӕхицӕн уыдзысты ӕхсызгон, иннӕтӕн та — зӕрдӕрухсы хос. Сӕйраджыдӕр та ӕхсызгон уыдзысты Иегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ нын уый фӕхъусы нӕ ныхасмӕ ӕмӕ тынг фӕцин кӕны, не ’взагыл ӕрмӕстдӕр фарны ныхӕстӕ куы вӕййы, уӕд (Псалом 138:4; Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Ӕцӕгад ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй куы дзурӕм, уӕд нӕ Иегъовӕ никуы ферох кӕндзӕн. Ныртӕккӕ Иегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдоны тыххӕй Библийы ахӕм ныхӕстӕ ис фыст: «Уыцы рӕстӕг, Иегъовӕйы тас кӕмӕ уыд, уыдон ныхас кодтой, алчидӕр йе ’мбалимӕ, Иегъовӕ та йӕ хъус дардта ӕмӕ хъуыста. Ӕмӕ Иегъовӕйӕ чи тӕрсы ӕмӕ йын йӕ номыл чи хъуыды кӕны, уыдоны тыххӕй райдыдтой йӕ разы зӕрдылдарӕн чиныг фыссын» (Малахи 3:16; 4:5). Куыд ахсджиаг у, ӕвӕдза, цӕмӕй нӕ ныхас зӕрдӕйӕн сой уа!

[Фиппаинаг]

^ 20 абз. Израилы иуӕй-иу цъайтӕ уыдысты тынг арф. Гаваоны археологтӕ ссардтой, йӕ арф 25 метры кӕмӕн у, ахӕм стыр цъай. Уыцы цъайы ис къӕпхӕнтӕ, ӕмӕ-иу дзы дон чи иста, уый-иу уыцы асиныл бынмӕ ныххызт.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый нӕ ныхӕстӕ куыд ӕвдисынц?

• Зӕрдӕйӕн сой цавӕр ныхӕстӕ сты?

• Бинонтимӕ ӕмӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ ныхас кӕнынӕн стыр ахадындзинад цӕмӕн ис?

• Зӕрдӕйӕн сой чи у, ахӕм ныхас ахъаз цӕмӕй у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 10 фарсыл]

Зӕрдӕйӕн сой чи у, уыцы ныхас у...

«цы у ӕрмӕст ӕцӕг»

«ӕцӕгдӕр хъус ӕрдарӕн цӕмӕ ис»

«ӕппӕлинаг цы у»

«цы у кады аккаг»

[Барлӕвӕрдӕй]

Видеофильмы цъар, Сталин: U.S. Army photo; Чиныг «Сфӕлдисӕджы» ӕддаг цъар, Цӕргӕсы Мигъгонд: J. Hester and P. Scowen (AZ State Univ.), NASA

[Ныв 11 фарсыл]

Ӕцӕгады тыххӕй ныхас кӕнынӕн тынг хорз у хӕрды рӕстӕг.