Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иузӕрдион чырыстон сылгоймӕгтӕ — Хуыцауы зынаргъ лӕггадгӕнджытӕ

Иузӕрдион чырыстон сылгоймӕгтӕ — Хуыцауы зынаргъ лӕггадгӕнджытӕ

Иузӕрдион чырыстон сылгоймӕгтӕ — Хуыцауы зынаргъ лӕггадгӕнджытӕ

«Рӕсугъддзинад цӕст сайы ӕмӕ ӕддаг бакастыл ӕууӕнк нӕй, фӕлӕ Иегъовӕйӕ цы сылгоймаг тӕрсы, уый у ӕппӕлды аккаг» (ӔМБИСӔНДТӔ 31:30).

1. Иегъовӕ рӕсугъддзинады тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый дунейы цӕстӕнгасӕй куыд хицӕн кӕны?

ДУНЕЙЫ фылдӕр кӕсынц ӕддаг бакастмӕ, уӕлдайдӕр та сылгоймаджы уынд ӕмӕ кондмӕ. Фӕлӕ Иегъовӕ та сӕйраджыдӕр кӕсы адӕймаджы удыхъӕдмӕ, азӕй-азмӕ рӕсугъдӕй-рӕсугъддӕр чи кӕны, уымӕ (Ӕмбисӕндтӕ 16:31). Уымӕн сиды Библи сылгоймӕгтӕм: «Уӕ фидауц ма уӕд ӕддагон, ома дзыккуты бийынӕй, зӕрин хӕрдгӕты ӕмӕ дарӕсы рӕсугъды мидӕг, фӕлӕ адӕймаджы зӕрдӕйӕ чи цӕуы, уыцы ӕнӕруайгӕ рӕсугъддзинад ӕмӕ сабыр удыхъӕд: уый у иттӕг зынаргъ Хуыцауы раз» (1 Петры 3:3, 4, НФ).

2, 3. Фыццаг ӕнусы сылгоймӕгтӕ хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддагӕн куыд ӕххуыс кодтой ӕмӕ уый тыххӕй развӕлгъау цы уыд фыст?

2 Ахӕм раппӕлинаг зӕрдӕйы уаг равдыстой, Библийы кӕй кой цӕуы, уыцы сылгоймӕгтӕй бирӕтӕ. Фыццаг ӕнусы уыдонӕй кӕмӕдӕрты ӕрхауд Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕн лӕггад кӕныны кад (Лукайы 8:1—3). Фӕстӕдӕр чырыстон сылгоймӕгтӕ систы хорз хабары зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ; иннӕтӕ та стыр ӕххуыс кодтой, разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы чырыстон нӕлгоймӕгтӕн, уыимӕ апостол Павелӕн дӕр; иуӕй-иутӕ та сӕ разындысты диссаджы уазӕгуарзон, суанг ма сӕ хӕдзӕртты ӕмбырды фембӕлдтӕ уадзыны бар дӕр радтой.

3 Иегъовӕ йӕ фӕндон сылгоймӕгты фӕрцы дӕр кӕй ӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй развӕлгъау загъд уыд Фыстады. Зӕгъӕм, Иоилы 2:28, 29 уыд загъд, зӕгъгӕ, нӕлгоймӕгтыл дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтыл дӕр — ӕрыгӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕтыл — ӕрцӕудзӕн сыгъдӕг уд ӕмӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕндзысты. Ацы пехуымпарад ӕххӕст кӕнын райдыдта н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны (Куыстытӕ 2:1—4, 16—18). Сыгъдӕг удӕй сӕрст сылгоймӕгтӕй иуӕй-иутӕ арфӕгонд ӕрцыдысты уӕлӕрдзон лӕвӕрттӕй, зӕгъӕм, пехуымпариуӕг кӕныны лӕварӕй (Куыстытӕ 21:8, 9). Фыццаг ӕнусы чырыстон дин афтӕ тагъд кӕй апарахат, уый уыцы иузӕрдион хоты стыр монон ӕфсады зынгзӕрдӕ лӕггады фӕрцы дӕр уыд. Н. э. 60 азмӕ ӕввахс апостол Павел ныффыста, зӕгъгӕ, хорз хабар «хъуыстгонд ӕрцыд арвы бын ӕппӕт скӕндтытӕн» (Колоссӕгтӕм 1:23).

Арфӕйаг, хъӕбатыр, зынгзӕрдӕ ӕмӕ уазӕгуарзон кӕй уыдысты, уый тыххӕй

4. Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды сылгоймӕгтӕй кӕмӕндӕрты Павел цӕй тыххӕй раарфӕ кодта?

4 Апостол Павел стыр аргъ кодта уӕлдайдӕр иуӕй-иу сылгоймӕгты лӕггадӕн — раст афтӕ абон дӕр чырыстон цӕстдарджытӕ аргъ кӕнынц зынгзӕрдӕ хоты лӕггадӕн. Павел йӕ номӕй кӕй схуыдта, уыцы сылгоймӕгты ’хсӕн уыдысты «Трифен ӕмӕ Трифос, Хицауы номӕй [«зӕрдиагӕй», НД] кусджытӕ» ӕмӕ «уарзон адӕймаг Персидӕ, Хуыцауы кадӕн бирӕ фыдӕбон чи бакодта, уый» (НФ) (Ромӕгтӕм 16:12). Еводи ӕмӕ Синтихи, фыста Павел, йемӕ «иумӕ Евангелийы тыххӕй фӕтох кодтой» (Филиппӕгтӕм 4:2, 3, НФ). Прискиллӕ дӕр, йӕ лӕг Акилӕимӕ, Павелимӕ уӕхски-уӕхск лӕггад кодта. Уый ӕмӕ Акилӕ суанг «сӕ сӕртӕ [дӕр] ӕвӕрдтой» Павелы сӕрвӕлтау, ӕмӕ йӕ уый сразӕнгард кодта афтӕ ныффыссынмӕ: «Ӕрмӕст [сын] ӕз нӕ арфӕ кӕнын, фӕлӕ ӕппӕт аргъуантӕ дӕр муртаттӕй» (Ромӕгтӕм 16:3, 4; Куыстытӕ 18:2).

5, 6. Абон хотӕн Прискиллӕ фӕзминаг цы хъуыддӕгты у?

5 Прискиллӕ ахӕм зынгзӕрдӕ ӕмӕ хъӕбатыр цӕй фӕрцы уыд? Ацы фарстӕн дзуапп ссарӕн ис Куыстыты 18:24—26. Уым кӕсӕм, уый йӕ лӕгимӕ иумӕ Аполлосӕн, дзырдарӕхст ныхасгӕнӕгӕн, кӕй баххуыс кодтой, Хуыцау цы ӕцӕгад ӕргом кодта, уыимӕ ӕмдзу кӕнынӕн. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Прискиллӕ лӕмбынӕг ахуыр кодта Хуыцауы Ныхас ӕмӕ апостолты ахуырӕдтӕ. Афтӕмӕй диссаджы хорз миниуджытӕ сфидар кодта йӕ удыхъӕды ӕмӕ уыдоны фӕрцы Хуыцауӕн, стӕй йӕ сӕры хицауӕн дӕр сси зынаргъ, ӕмӕ рагон чырыстон ӕмбырдӕн та — стыр ӕххуыс. Къаддӕр аргъ нӕй абоны чырыстон хотӕй дӕр бирӕтӕн, зӕрдӕргъӕвдӕй Библи чи ахуыр кӕны ӕмӕ «ӕмбаргӕ хӕдзармӕгӕсӕг» цы монон хӕринаг дӕтты, уымӕй йӕхи чи фидар кӕны, уыдонӕн (Лукайы 12:42).

6 Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ диссаджы уазӕгуарзон уыдысты. Павел Коринфы куы уыд, уӕд уыдонмӕ цард ӕмӕ семӕ иумӕ кодта цатыртӕ (Куыстытӕ 18:1—3). Ацы къай Ефесмӕ куы алыгъд, фӕстӕдӕр та Роммӕ, уӕд дӕр афтӕ уазӕгуарзон уыдысты, сӕ хӕдзары ӕмбырды фембӕлдтӕ дӕр цыд (Куыстытӕ 18:18, 19; 1 Коринфӕгтӕм 16:8, 19). Нимфӕ ӕмӕ Мариа, стӕй Иоанн Маркы мад дӕр сӕ хӕдзӕртты дуӕрттӕ бакодтой ӕмбырды фембӕлдтӕ уадзынӕн (Куыстытӕ 12:12; Колоссӕгтӕм 4:15, НД).

Абон дӕр сты зынаргъ

7, 8. Абон чырыстон сылгоймӕгтӕй бирӕтӕ сыгъдӕг лӕггады сӕхицӕн цавӕр ном скодтой ӕмӕ цӕуыл у сӕ бон фидарӕй ӕууӕндын?

7 Куыд фыццаг ӕнусы, афтӕ абон дӕр иузӕрдион чырыстон сылгоймӕгтӕн ахсджиаг бынат ис Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныны, сӕйраджыдӕр та хъусын кӕныны хъуыддаджы. Цы хорз ном скодтой ацы хотӕ сӕхицӕн! Ӕркӕсӕм Гвены цӕвиттонмӕ. Уый Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй фӕлӕггад кодта 50 азӕй фылдӕр (амард 2002 азы). «Гвен куыд зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта, уый нӕ горӕты ӕмбисондӕн баззад,— дзуры йӕ лӕг.— Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, алы адӕймагӕн дӕр йӕ бон уыд Иегъовӕйы уарзондзинад ӕмӕ зӕрдӕвӕрдтӕ йӕ зӕрдӕмӕ айсын. Хуыцауыл, йӕ организацийыл ӕмӕ нӕ бинонтыл куыд ӕнувыд уыд — уыимӕ ма куыд хъӕлдзӕгзӕрдӕ уыд ӕмӕ-иу нӕ ныфс куы асаст — уӕд-иу нын нӕ маст куыд фӕсырдта, уый мӕнӕн дӕр ӕмӕ нӕ сывӕллӕттӕн дӕр стыр ӕххуыс уыди, иумӕ «а» ӕмӕ «о»-йӕ цы азты дӕргъы фӕцардыстӕм, уӕд. Ӕнӕ уымӕй нӕ хӕдзар афтид у». Гвен ӕмӕ йӕ лӕг иумӕ фӕцардысты 61 азы.

8 Чырыстон сылгоймӕгтӕй дӕсгай минтӕ, чындзыцыдтӕ ӕмӕ ӕнӕцыдтӕ, лӕггад кӕнынц пионертӕ ӕмӕ миссионертӕй, ӕмӕ, ӕрмӕстдӕр ӕнӕмӕнгхъӕугӕ цы у, уымӕй цӕргӕйӕ, Паддзахады хабар парахат кӕнынц алы рӕтты: райдай, адӕм ӕмӕзмӕлд кӕм кӕнынц, ахӕм горӕттӕй ӕмӕ фӕу зӕххы кӕрӕттӕй (Куыстытӕ 1:8). Бирӕтӕ Иегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕныны тыххӕй сӕ сӕрӕй аппӕрстой уыцы хъуыды, цӕмӕй сӕхицӕн хӕдзары кой бакӕной, йе та сывӕллӕттӕ схъомыл кӕной. Уыдон сты, сӕ лӕгтӕн, цӕугӕ цӕстдарджытӕн, иузӕрдионӕй чи ӕххуыс кӕны, уыцы чырыстон сылгоймӕгтӕ, кӕнӕ та уыцы мингай хотӕ, ӕгас дунейы Вефилты чи лӕггад кӕны. Дзырд дӕр ыл нӕй, ацы удуӕлдайӕ архайӕг сылгоймӕгтӕ сты, Иегъовӕйы хӕдзар кадӕй чи дзаг кӕны, уыцы «ӕппӕт адӕмты хӕзнатӕ» (Аггей 2:7).

9, 10. Чындзыцыд чи у ӕмӕ сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, уыцы хоты тыххӕй иуӕй-иу бинонтӕ цавӕр дзӕбӕх ныхӕстӕ загътой?

9 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бирӕ чырыстон сылгоймӕгтӕн ис бинонтӕ ӕмӕ сӕм хъӕуы кӕсын, фӕлӕ уӕддӕр Паддзахады хъуыддаг ахсджиагдӕрыл нымайынц (Матфейы 6:33). Иу ӕнӕцыд пионер-хо ныффыста: «Сӕйраджыдӕр мӕ мады фидар уырнындзинад ӕмӕ йӕ хорз цӕвиттоны руаджы сдӕн пионер. Уацамынды кӕимӕ цыдтӕн, уыдонӕй мын уый уыд иууыл хуыздӕр ӕмбал». Иу лӕг йӕ цардӕмбалы, фондз хъомыл чызджы мады тыххӕй зӕгъы: «Нӕ хӕдзар кӕддӕриддӕр уыд сыгъдӕг ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Бонни йӕ хъус дардта, цӕмӕй хуымӕтӕг цард кодтаиккам ӕмӕ нӕ хӕдзары ӕнӕхъӕугӕ дзаумӕттӕ ма уыдаид, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ бинонтӕн сӕ бон уыд фылдӕр рӕстӕг арын монон хъуыддӕгтӕн. Фӕстауӕрц кӕнын кӕй зыдта, уымӕ гӕсгӕ мӕнӕн мӕ бон уыд 32 азы дӕргъы ӕрдӕг бон кусын, ӕмӕ мын уый фӕрцы фылдӕр рӕстӕг уыд нӕ бинонтӕн ӕмӕ монон хъуыддӕгтӕн. Мӕ бинойнаг ма сывӕллӕтты ахуыр кодта, цӕмӕй уӕззау куыстӕй ма тӕрсой. Хорз йедтӕмӕ дзы ӕвзӕр ницы у мӕ бон зӕгъын». Абон уыцы лӕг ӕмӕ ус лӕггад кӕнынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕтдунеон сӕйраг хайады.

10 Лӕг фыссы йӕ бинойнаджы, дыууӕ сывӕллоны чи схъомыл кодта, уый тыххӕй: «Сьюзены мӕ зӕрдӕмӕ иууыл тынгдӕр цӕуы, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзы, афтӕ ма ӕмбаргӕ, тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй у. Уый кӕддӕриддӕр уыди ахӕм хъуыдыйыл хӕст, зӕгъгӕ, Иегъовӕ у, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый аккаг, ӕмӕ ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ цард йӕхӕдӕг дӕр, куыд Хуыцауы лӕггадгӕнӕг ӕмӕ куыд ныййарӕг». Йӕ бинойнаджы ӕххуысы фӕрцы ацы лӕгӕн йӕ бон сси ӕмбырды бирӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын: уыди хистӕр нӕлгоймаг, пионер, районон цӕстдарӕджы хӕдивӕг ӕмӕ Рынчындӕттимӕ бастдзинады комитеты уӕнг. Куыд зынаргъ сты ахӕм сылгоймӕгтӕ сӕ лӕгтӕн, ӕмчырыстӕттӕн ӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр та Иегъовӕйӕн! (Ӕмбисӕндтӕ 31:28, 30).

Ӕнӕ мойӕ чи цӕры, уыцы зынаргъ хотӕ

11. а) Иегъовӕ иузӕрдион сылгоймӕгтыл, уӕлдайдӕр та идӕдзтыл кӕй тыхсы, уый куыд ӕвдисы? ӕ) Идӕдз ӕмӕ ӕнӕцыд хотӕй иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕн сӕ бон фидарӕй цӕуыл у ӕууӕндын?

11 Иегъовӕ-иу арӕх равдыста, идӕдз устытыл кӕй тыхсы, уый (Дыккаг закъон 27:19; Псалом 67:6; Исай 10:1, 2). Ӕмӕ ныр дӕр нӕ фӕивта. Уый абон дӕр канд идӕдз сылгоймӕгтыл нӕ мӕт кӕны, фӕлӕ ма йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, стӕй йӕхи фӕндмӕ гӕсгӕ чындзы чи нӕ цӕуы, йе та чырыстӕтты ’хсӕн йӕхицӕн аккаг ӕмкъай чи нӕ ары, ахӕм сылгоймӕгтыл дӕр (Малахи 3:6; Иаковы 1:27). Кӕд ды дӕр ӕнӕ цардӕмбалӕй Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕныс, уӕд дызӕрдыг дӕр ма кӕн, Иегъовӕйы цӕсты зынаргъ кӕй дӕ, ууыл.

12. а) Иуӕй-иу чырыстон хотӕ, Иегъовӕйыл иузӕрдион кӕй сты, уый куыд ӕвдисынц? ӕ) Нӕ хотӕй иуӕй-иутӕн ӕнцой цавӕр сагъӕстӕ нӕ дӕттынц?

12 Цӕвиттон, ахъуыды кӕнӕм нӕ ӕнӕцыд чырыстон хотыл, Иегъовӕйы уынаффӕмӕ чи хъусы, зӕгъгӕ, мой кӕнут «ӕрмӕст Хицауы мидӕг» (1 Коринфӕгтӕм 7:39; Ӕмбисӕндтӕ 3:1). Хуыцауы Ныхас сын зӕрдӕ ӕвӕры: «Иузӕрдион адӕймагыл [Иегъовӕ] вӕййы иузӕрдион» (2 Паддзахӕдты 22:26). Фӕлӕ уыдонӕй бирӕтӕн, чындзыцыд кӕй не сты, уый у фӕлварӕн. Иу хо радзырдта: «Ӕз мӕхицӕн загътон, ӕрмӕст Хицауы мидӕг кӕй смой кӕндзынӕн, фӕлӕ бирӕ цӕстысыг фӕкалдтон, мӕ хӕлӕрттӕ-иу сӕ цард уыцы дзӕбӕх чырыстон ӕфсымӕртимӕ кӕй баиу кодтой, уый уынгӕйӕ, ӕз та нырма дӕр мӕ амонд не ссардтон». Ӕндӕр хо та зӕгъы: «Ӕз Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын 25 азы. Фидарӕй аскъуыддзаг кодтон, Хуыцауы зӕрдӕхудты кӕй никуы бацӕудзынӕн, фӕлӕ мын мӕ иунӕджы сагъӕстӕ арӕх мӕ зӕрдӕ ӕвдӕрзынц». Уый ма зӕгъы: «Мӕ хуызӕн иунӕг хоты зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ тынг фӕхъӕуынц». Куыд у нӕ бон ахӕм иузӕрдион хотӕн баххуыс кӕнын?

13. а) Иеффайы чызджы-иу чи бабӕрӕг кодта, уыдоны цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? ӕ) Не ’мбырды цы ӕнӕцыд хотӕ ис, уыдоныл кӕй тыхсӕм, уый ма нӕ бон куыд у ӕвдисын?

13 Уымӕн иу мадзал фенӕн ис иу рагон хабары. Иеффайы чызг бинонты царды цинӕй йӕхи куы фӕцух кодта, уӕд ӕй адӕм ӕмбӕрстой, йӕхи кӕй рауӕлдай кодта. Цы-иу арӕзтой, цӕмӕй-иу ӕй бафидар кодтаиккой? «Алы аз дӕр цыппар боны ӕмгъуыдмӕ Израилы чызджытӕ цыдысты Галаадаг Иеффайы чызгмӕ, цӕмӕй-иу ын фӕарфӕтӕ кодтаиккой» (Тӕрхонгӕнджыты 11:30—40). Афтӕ мах дӕр хъуамӕ зӕрдӕбынӕй арфӕ кӕнӕм, Иегъовӕйы закъон иузӕрдионӕй чи ӕххӕст кӕны, уыцы ӕнӕцыд хотӕн *. Кӕй сыл тыхсӕм, уый ма нӕ бон куыд у равдисын? Иегъовӕмӕ куы кувӕм, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйӕн адджын, иузӕрдион хотӕн ахъазгӕнӕг уа ӕмӕ йыл дарддӕр дӕр ӕнувыд уой. Уыдон уый аккаг сты, ӕмӕ сын дзурӕм, Иегъовӕ ӕмӕ сӕ ӕнӕхъӕн чырыстон ӕмбырд тынг кӕй уарзынц ӕмӕ сын ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй аргъ кӕнынц (Псалом 36:28).

Иунӕг ныййарджытӕ сӕ хӕстӕ ӕнтыстджынӕй куыд ӕххӕст кӕнынц

14, 15. а) Чырыстон сылгоймӕгтӕй йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, уыдон Иегъовӕйӕ ӕххуыс цӕмӕн хъуамӕ курой? ӕ) Иунӕг ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайын?

14 Йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, уыцы чырыстон хотӕ дӕр ӕмбӕлынц бирӕ зындзинӕдтыл. Фӕлӕ сӕ бон у Иегъовӕйӕ ӕххуыс курын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ хъомыл кӕной. Раст у, кӕд дын лӕг нӕй, уӕд алы хъуыддаджы дӕр дӕ бон нӕу, цӕмӕй сын мады бӕсты дӕр ӕмӕ фыды бӕсты дӕр уай. Фӕлӕ дын уӕддӕр дӕ бирӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн Иегъовӕ баххуыс кӕндзӕн, куы йыл ӕууӕндай, афтӕмӕй дзы ӕххуыс куы курай, уӕд. Ӕрхӕссӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, дуканийӕ рацӕуыс бирӕ хӕссинӕгтимӕ ӕмӕ дӕ хъӕуы фарӕстӕм уӕладзыгмӕ дӕ фатермӕ схизын. Уӕ хӕдзары лифт куы уа, уӕд дӕ ӕргъӕмттӕ тыхамӕлттӕй асинтыл хӕсдзынӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Раст афтӕ, зӕрдӕйыл цы уӕззау дуртӕ ныффӕлдӕхы, уыдон иунӕгӕй ма хӕсс, фӕлӕ Иегъовӕйӕ ӕххуыс кур. Уый дын йӕхӕдӕг дзуры, цӕмӕй йӕм ӕххуысмӕ сидай. Псаломы 68:19 (НД) [67:20] дзырдӕуы: «Арфӕгонд уӕд Иегъовӕ, алыбон дӕр нын нӕ уаргъ чи хӕссы». Афтӕ ма 1 Петры 5:7 (НФ) дӕр уымӕ хоны, цӕмӕй дӕ сагъӕстӕ иууылдӕр Иегъовӕйы бар бакӕнай, уымӕн ӕмӕ дыл «Уый мӕт кӕны». Уӕдӕ дыл зындзинӕдтӕ ӕмӕ сагъӕстӕ сӕ уӕз куы ӕруадзой, уӕд дӕ сагъӕстӕ дӕ уӕларвон Фыдӕн дзур, ӕмӕ афтӕ кӕн «ӕнӕрынцойӕ» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:17; Псалом 18:6; 54:23).

15 Зӕгъӕм, ды, ныййарӕг, мӕт кӕныс, дӕ сывӕллӕттыл скъолайы се ’мгӕрттӕ куыд ӕндавдзысты, йе та сӕ ӕнаипдзинад куыд ӕрцӕудзӕн фӕлвӕрд, ууыл (1 Коринфӕгтӕм 15:33). Уыцы хъуыддӕгтӕ хъуыдыйаг сты. Фӕлӕ уыдӕтты тыххӕй кувын дӕр хъӕуы. Хорз куыннӕ уаид ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй сывӕллӕттимӕ иумӕ кувын, цалынмӕ скъоламӕ нӕ ацыдысты, уӕдмӕ, зӕгъӕм, ӕрвылбоны стих иумӕ куы равзарат, уый фӕстӕ. Бӕлвырд, зӕрдӕйӕ чи цӕуы, ахӕм куывдтытӕн ӕвзонг зонды сӕ бон у арф фӕд ныууадзын. Уымӕй уӕлдай, дӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы Ныхас фӕразонӕй сӕ зӕрдӕты куы ӕвӕрай ӕмӕ сын ӕй куы уарзын кӕнай, уӕд дын Иегъовӕ ӕнӕмӕнгдӕр раарфӕ кӕндзӕн (Дыккаг закъон 6:6, 7; Ӕмбисӕндтӕ 22:6). Дӕ зӕрдыл дар, «Хицауы [«Иегъовӕйы», НД] цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм ӕмӕ Йӕ хъустӕ сӕ куывдмӕ» (1 Петры 3:12; Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

16, 17. а) Иу фырт йӕ мады уарзондзинады тыххӕй цы загъта? ӕ) Мад хъуыддӕгтӕм монон цӕстӕй кӕй каст, уый йӕ сывӕллӕттыл куы фӕзынд?

16 Ӕркӕсӕм Оливиайы, ӕхсӕз сывӕллоны мады цӕвиттонмӕ. Йӕ ӕнӕуырнӕг лӕг ӕй ныууагъта, йӕ кӕстӕр сывӕллон куы райгуырд, уӕд, фӕлӕ уый ӕнӕзивӕгӕй йӕхимӕ райста йӕ сывӕллӕтты Хуыцауы фӕндагыл сӕвӕрыны хӕс. Оливиайы фырт Дарреныл уӕд цыди 5 азы (ныр ыл цӕуы 31 аз, у хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ пионер). Оливиайы фыдӕбӕттӕм ма ноджыдӕр бафтыд — Даррен уӕззау низӕй фӕрынчын ӕмӕ дзы абон дӕр тыхсы. Йӕ сабибонтӕ мысгӕйӕ Даррен фыссы: «Ӕз ма ныр дӕр хъуыды кӕнын, рынчындоны хуыссӕныл-иу куыд бадтӕн ӕмӕ-иу мӕ мадмӕ ӕнӕрхъӕцӕй куыд ӕнхъӕлмӕ кастӕн. Уый-иу мӕм алы бон дӕр ӕрбацыд: мӕ фарсмӕ-иу сбадт ӕмӕ-иу мемӕ алы бон дӕр каст Библи. Уый фӕстӕ мын-иу зарыд Паддзахады зарӕг „Бузныг, Иегъовӕ“ *. Абоны онг дӕр Паддзахады зарджытӕй ӕппӕты тынгдӕр уый уарзын».

17 Оливиа Иегъовӕйыл йӕ ныфс кӕй дардта ӕмӕ йӕ кӕй уарзта, уый фӕрцы йӕ ныййарӕджы хӕстӕ ӕнтыстджынӕй ӕххӕст кодта, кӕд йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй хъомыл кодта, уӕддӕр (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6). Хорз зӕрдӕйы уаг ын кӕй уыд, уый бӕрӕг уыд, йӕ сывӕллӕтты раз цы нысӕнттӕ сӕвӕрдта, уымӕй. «Мӕ мад нын кӕддӕриддӕр дзырдта, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнӕм,— дзуры Даррен.— Ӕмӕ ныр ӕз ӕмӕ мӕ фондз хойӕ цыппар ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнӕм. Фӕлӕ-иу адӕмы раз уыдӕттӕй никуы ӕппӕлыд. Ӕз ууыл архайын, цӕмӕй йӕ рӕсугъд миниуджытӕ мӕнмӕ дӕр уой». Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ сывӕллӕттӕ куы сыстыр вӕййынц, уӕд сӕ алчи Хуыцауы лӕггадгӕнӕг не свӕййы, Оливиайы сывӕллӕттӕ куыд систы, афтӕ. Фӕлӕ мад, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы араза, цӕмӕй Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕра, уӕд йӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Иегъовӕ йын разамынд кӕй дӕтдзӕн ӕмӕ йыл кӕй ауддзӕн (Псалом 31:8).

18. Иегъовӕ нын цы чырыстон ӕмбырд радта, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын?

18 Хуыцау нын фылдӕр ӕххуыс кӕны чырыстон ӕмбырды уылты: иудадзыг исӕм монон хӕринаг, ис нын чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» — уырнындзинады фӕлтӕрд цӕстдарджытӕ (Ефесӕгтӕм 4:8, НД). Иузӕрдион хистӕр нӕлгоймӕгтӕ архайынц ӕмбырды алкӕмӕндӕр ӕххуыс кӕныныл, уӕлдайдӕр та сӕ хъус дарынц «сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕм... сӕ хъыгдзинӕдты» (Иаковы 1:27). Уӕдӕ дӕхи Хуыцауы адӕмыл бӕтт, дӕхи сӕ иуварс макуы лас (Ӕмбисӕндтӕ 18:1; Ромӕгтӕм 14:7).

Коммӕ кӕсын рӕсугъд миниуӕг у

19. Ус йӕ лӕджы коммӕ кӕй кӕсы, уый йӕ дӕлджинӕг цӕуылнӕ кӕны ӕмӕ уымӕн Библийы цавӕр цӕвиттон ис?

19 Иегъовӕ сылгоймаджы сфӕлдыста нӕлгоймагӕн ӕххуысгӕнӕгӕй (Уӕвынад 2:18). Уымӕ гӕсгӕ ус йӕ лӕджы коммӕ кӕй кӕсы, уый йӕ ӕппындӕр дӕлджинӕг нӕ кӕны. Уый нӕ, фӕлӕ ма сылгоймаджы уый кадджын дӕр кӕны, дӕтты йын фадат йӕ бирӕ курдиӕттӕ ӕмӕ хорз миниуджытӕй Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ пайда кӕнынӕн. Ӕмбисӕндты 31 сӕры фыст ис, рагон Израилы хорз ус цы бирӕ куыстытӕ кодта, уыдоны тыххӕй. Уый ӕххуыс кодта мӕгуыртӕн, сагъта сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ ӕлхӕдта зӕхх. О, ахӕм сылгоймагыл «йӕ хицауы зӕрдӕ... ӕууӕнды ӕмӕ ӕнӕ ӕфтиаг нӕ [уыд]» (11, 16, 20 стихтӕ).

20. а) Чырыстон сылгоймаг цы цӕстӕй хъуамӕ кӕса, Хуыцау ӕй цы курдиӕттӕй схайджын кодта, уыдонмӕ? ӕ) Есфирмӕ цавӕр хорз миниуджытӕ уыд ӕмӕ дзы уый фӕрцы Иегъовӕ куыд спайда кодта?

20 Бонзонгӕ, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ахӕм сылгоймаг кадыл мард нӕу ӕмӕ йӕ лӕгмӕ нӕ быцӕу кӕны (Ӕмбисӕндтӕ 16:18). Уый ууыл нӕ архайы, ӕмӕ ӕхсӕнады йӕхицӕн ном скӕна, фӕлӕ йӕ Хуыцау цы миниуджытӕй схайджын кодта, уыдонӕй архайы иннӕтӕн лӕггад кӕныныл — йӕ бинонтӕн, ӕмчырыстӕттӕн, сыхӕгтӕн ӕмӕ, иууыл фыццаг, Иегъовӕйӕн (Галатӕгтӕм 6:10; Титмӕ 2:3—5). Ӕркӕсӕм ус-паддзах Есфиры дӕнцӕгмӕ. Кӕд рӕсугъд ӕмӕ гуырвидауц уыди, уӕддӕр уыд бонзонгӕ ӕмӕ коммӕгӕс (Есфир 2:13, 15). Чындзы куы ацыд, уӕд йӕ сӕры хицау паддзах Артаксерксӕн, йӕ раздӕры ус Астинӕй уӕлдай, стыр аргъ кодта (Есфир 1:10—12; 2:16, 17). Есфир аргъ кодта Мардохейӕн, йӕ фыдыфсымӕры лӕппуйӕн дӕр (Мардохей дзы уыди хистӕр), ӕмӕ ма ус-паддзах куы сси, уӕд дӕр ӕм хъуыста. Фӕлӕ фӕлмӕнвад адӕймаг нӕ уыд! Уый, иудейты скуынӕг кӕнынмӕ чи хъавыд, уыцы Аманы, дзырддзӕугӕ ӕмӕ ӕгъатыр адӕймаджы, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныфсджынӕй хурмӕ ракалдта. Иегъовӕ йӕ адӕмы бахъахъхъӕнынӕн сӕйраджыдӕр спайда кодта Есфирӕй (Есфир 3:8—4:17; 7:1—10; 9:13).

21. Чырыстон сылгоймаг Иегъовӕйӕн ноджы зынаргъдӕр куыд суыдзӕн?

21 Куыд уынӕм, афтӕмӕй рагзаманты дӕр ӕмӕ абон дӕр, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыцы сылгоймӕгтӕ Иегъовӕйыл сты диссаджы иузӕрдион ӕмӕ йын удуӕлдайӕ лӕггад кӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы тас цы сылгоймӕгтӕм ис, уыдон Иегъовӕйы цӕсты сты зынаргъ. Чырыстон хотӕ, Иегъовӕйӕн уый бар дӕттут, цӕмӕй уӕ йӕ сыгъдӕг уды руаджы цадӕггай араза ноджы кадджындӕр «мигӕнӕнтӕ», «алы хорз хъуыддагӕн бӕзгӕ» (2 Тимофеймӕ 2:21; Ромӕгтӕм 12:2). Ахӕм зынаргъ лӕггадгӕнджыты тыххӕй Хуыцауы Ныхас дзуры: «Йӕ къухты бӕркадӕй йын схай кӕнут, ӕмӕ йӕ йӕ хъуыддӕгтӕ скадджын кӕнӕнт кулдуары цур» (Ӕмбисӕндтӕ 31:31). Уыцы амонд уӕ уӕд, ӕмӕ сымахӕй алкӕмӕйдӕр афтӕ зӕгъӕн куыд уа.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 13 абз. Ахӕм хотӕн арфӕ кӕнӕн куыд ис, уый фенӕн ис 2002 азы 15 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, 26—28 фӕрстӕ (уыр.).

^ 16 абз. 212 зарӕг «Зарут Иегъовӕйы кадӕн»-ӕй, мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Бахъуыды кодтай?

• Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстон сылгоймӕгтӕ Иегъовӕйы цӕсты цӕй тыххӕй уыдысты зынаргъ?

• Нӕ рӕстӕджы бирӕ хотӕ Хуыцауы цӕсты зынаргъ цӕмӕн разындысты?

• Иегъовӕ иунӕг мадӕлтӕн ӕмӕ ӕнӕ мой хотӕн куыд ӕххуыс кӕны?

• Бинонты хистӕр лӕг кӕй у, уыцы уагӕвӕрдӕн сылгоймагӕн йӕ бон куыд у зӕрдӕбынӕй аргъ кӕнын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 27 фарсыл]

ФӔЗМИНАГ СЫЛГОЙМӔГТӔ

Фӕнды дӕ ӕркӕсын, Библи ма ноджыдӕр кӕй кой кӕны, уыцы иузӕрдион сылгоймӕгтӕй цалдӕры цӕвиттонмӕ? Кӕд о, уӕд, табуафси, бакӕс дӕлдӕр амынд стихтӕ. Ацы хыгъды цы сылгоймӕгтӕ ис, уыдоныл куы хъуыды кӕнай, уӕд бацархай, дӕ бон сӕ хуыздӕр бафӕзмын куыд у, уый феныныл (Ромӕгтӕм 15:4).

Саррӕ: Уӕвынад 12:1, 5; 13:18а; 21:9—12; 1 Петры 3:5, 6.

Рӕдау израилаг сылгоймӕгтӕ: Рацыд 35:5, 22, 25, 26; 36:3—7; Лукайы 21:1—4.

Деворӕ: Тӕрхонгӕнджыты 4:1—5:31.

Руф: Руф 1:4, 5, 16, 17; 2:2, 3, 11—13; 4:15.

Сонаймаг сылгоймаг: 4 Паддзахӕдты 4:8—37.

Финикийаг сылгоймаг: Матфейы 15:22—28, НД.

Марфӕ ӕмӕ Мариа: Маркы 14:3—9; Лукайы 10:38—42; Иоанны 11:17—29; 12:1—8.

Тавифӕ: Куыстытӕ 9:36—41.

Филиппы цыппар чызджы: Куыстытӕ 21:9.

Фивӕ: Ромӕгтӕм 16:1, 2.

[Ныв 25 фарсыл]

Хуыцауы закъон иузӕрдионӕй цы ӕнӕцыд хотӕ ӕххӕст кӕнынц, уыдонӕн раарфӕ кӕнут?

[Ныв 26 фарсыл]

Цалынмӕ сывӕллӕттӕ скъоламӕ нӕ ацыдысты, уӕдмӕ бӕлвырдӕй цӕй тыххӕй ис скувӕн?