Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Лӕвар райсыны охыл хиуылхӕцгӕ у!

Лӕвар райсыны охыл хиуылхӕцгӕ у!

Лӕвар райсыны охыл хиуылхӕцгӕ у!

«Дугъӕттӕ иууылдӕр алцӕмӕйдӕр сӕхиуыл хӕцынц» (1 КОРИНФӔГТӔМ 9:25).

1. Ефесӕгтӕм 4:22—24 гӕсгӕ, милуантӕ Иегъовӕйӕн «о» куыд загътой?

КӔД донаргъуыд райстай ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕн сдӕ, уӕд уымӕй равдыстай, разы кӕй дӕ ӕнусон царды лӕвар райсыны охыл дугъы ерысты архайын. Уымӕй ӕргом загътай, зӕгъгӕ, разы дӕн Иегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕныныл. Цӕмӕй нӕ нывонд Иегъовӕйӕн ӕхсызгон ӕмӕ аккаг уыдаид, уый тыххӕй нӕ фылдӕр хайы Иегъовӕйӕн хи снывонд кӕныны размӕ бахъуыд нӕ царды бирӕ цыдӕртӕ аивын. Мах байхъуыстам, апостол Павел чырыстӕттӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ: «Зӕронд адӕймаджы раздӕры царды сурӕт иуварс авӕрут, кӕцы сайӕн фӕндӕтты ӕмбийы... ӕмӕ сфӕлындут ног адӕймаджы, Хуыцаумӕ гӕсгӕ сконды, рӕстдзинады ӕмӕ ӕцӕг сыгъдӕгдзинады» (Ефесӕгтӕм 4:22—24). Иу ныхасӕй, Хуыцауӕн хи снывонд кӕнынӕн «о» зӕгъыны размӕ хъуамӕ «нӕ» загътаиккам ӕнӕмбӕлон цардӕн.

2, 3. 1 Коринфӕгтӕм 6:9—12 гӕсгӕ, Хуыцауы хорзӕх райсыны тыххӕй адӕймаджы цавӕр дыууӕ хъуыддаджы хъӕуы цыдӕртӕ аивын?

2 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмрӕнхъ ӕрлӕууын кӕй фӕнды, уыцы адӕмы сӕхи цы миниуджытӕй суӕгъд кӕнын хъӕуы — «зӕронд адӕймаджы» миниуджытӕй, уыдонӕй кӕцыдӕрты ныхмӕ Хуыцауы Ныхас дзуры. Павел Коринфмӕ цы фыстӕг арвыста, уым дзы цалдӕр ранымадта: «Нӕдӕр хӕтӕгтӕ, нӕдӕр гуымирытӕн кусджытӕ, нӕдӕр хъахбайтӕ, нӕдӕр хӕзгултӕ, нӕдӕр лӕгдзуантӕ, нӕдӕр давджытӕ, нӕдӕр гӕртамхортӕ, нӕдӕр расыггӕнджытӕ, нӕдӕр фыддзурджытӕ, нӕдӕр тугмондӕгтӕ — Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты». Дарддӕр куыд фыссы, афтӕмӕй фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ сӕ цард ӕгасӕй дӕр аивтой: «Ахӕмтӕ уыдысты сымахӕй иутӕ». Кӕс ма, Павел сты нӕ загъта, фӕлӕ уыдысты (1 Коринфӕгтӕм 6:9—11).

3 Павел ма дарддӕр цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, адӕймаджы ма ноджы цыдӕртӕ кӕй хъӕуы аивын: «Алцы бар дӕр мын ис, фӕлӕ алцы пайда нӕу» (1 Коринфӕгтӕм 6:12). Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕн суа, уый кӕй фӕнды, уыдон ӕмбарынц, кӕй сӕ хъӕуы «нӕ» зӕгъын, суанг бар цӕмӕн ис, фӕлӕ удӕн пайда чи нӕу кӕнӕ царды афтӕ ӕхсызгонӕй чи нӕ хъӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕн дӕр. Уыдон адӕймагӕн йӕ рӕстӕг цы хӕрынц ӕмӕ йӕ ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ аразынӕн цы хъыгдарынц, ӕндӕр ницы.

4. Иегъовӕйӕн йӕхи чи снывонд кодта, уыцы чырыстӕттӕ Павелимӕ разы цавӕр хъуыддаджы сты?

4 Адӕймаг Хуыцауӕн йӕхи зӕрдиагӕй снывонд кӕны, ӕвӕндонӕй нӕ, цыма йӕ уый тыххӕй йӕхи марын хъӕуы, уыйау. Хуыцауӕн йӕхи чи снывонд кодта, уыцы чырыстӕттӕ разы сты Павелимӕ. Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг куы сси, уӕд уый афтӕ загъта: «Уый [Йесойы] тыххӕй ӕз ӕппӕтдӕр ныууагътон, ӕмӕ ӕппӕтдӕр нымайын быроныл, цӕмӕй ссарон Чырыстийы» (Филиппӕгтӕм 3:8). Павел, цӕмӕй Хуыцауӕн дарддӕр дӕр «о» дзырдтаид, уый тыххӕй ӕнӕзивӕгӕй дзырдта «нӕ», царды афтӕ ӕхсызгонӕй чи нӕ хъуыд, ахӕм хъуыддӕгтӕн.

5. Павел кӕронмӕ цавӕр фӕндагыл згъордта ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон куыд у афтӕ кӕнын?

5 Чырыстон фӕндагыл згъоргӕйӕ Павел уыд хиуылхӕст ӕмӕ фӕстагмӕ дӕр уымӕн загъта: «Хорз сгуыхтдзинадӕй ӕз архайдтон, царды цыд сӕххӕст кодтон, уырнындзинад бахъахъхъӕдтон; ныр та мын цӕттӕгонд цӕуы рӕстдзинады кады худ, кӕцы ратдзӕн мӕнӕн Хицау, раст Тӕрхонгӕнӕг, уыцы бон; ӕмӕ ӕрмӕст мӕнӕн нӕ, фӕлӕ Йӕ фӕзынд бауарзджытӕн сеппӕтӕн дӕр» (2 Тимофеймӕ 4:7, 8). Махӕн дӕр искуы нӕ бон бауыдзӕн афтӕ зӕгъын? Бӕгуыдӕр, кӕд ӕмӕ чырыстон фӕндагыл ӕнӕрлӕугӕйӕ кӕронмӕ згъорӕм, нӕ уырнындзинад хъахъхъӕнгӕйӕ ӕмӕ хиуылхӕст уӕвгӕйӕ.

Хиуыл хӕцӕм, цӕмӕй хорз хъуыддӕгтӕ кӕнӕм

6. Хиуыл хӕцын цы у ӕмӕ царды цавӕр дыууӕ хъуыддаджы хъуамӕ уӕм хиуылхӕст?

6 Библийы «хиуылхӕцындзинад»-ӕй цы рагон дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырдтӕ раивдӕуыд, уыдон комкоммӕ амонынц, адӕймаг йӕхи уромынхъом кӕй у, уый. Бирӕ рӕтты та йын ис ахӕм хъуыды — ӕвзӕр митӕ нӕ кӕнын. Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй нӕ кӕд хорз хъуыддӕгтӕ аразын фӕнды, уӕд хъуамӕ хиуыл хӕцын зонӕм. Ӕнӕххӕст адӕймаг ӕвзӕрдзинадмӕ тынг ӕмхиц у, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй хъӕуы дыууӕрдӕм тох кӕнын (Екклесиаст 7:29; 8:11). Иуӕй — хъуамӕ нӕхи дард ласӕм ӕвзӕрдзинадӕй, иннӕмӕй та — хъуамӕ архайӕм хорздзинад аразыныл. Уӕвгӕ та ӕвзӕр митӕй хи хизынӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзал у хорз хъуыддӕгтӕм хъарутӕ раттын.

7. а) Давидау Хуыцаумӕ цӕй тыххӕй хъуамӕ кувӕм? ӕ) Цӕмӕй хиуылхӕцгӕдӕр уӕм, уый тыххӕй нӕ цӕуыл хъӕуы арф хъуыды кӕнын?

7 Уӕдӕ, Хуыцауӕн хи нывондгӕнгӕйӕ цы дзырд радтам, уый цӕмӕй ма басӕттӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хиуыл хӕцын зонӕм. Мах дӕр Давидау кувын хъӕуы: «Сыгъдӕг зӕрдӕ скӕн мӕн мидӕг, Хуыцау, ӕмӕ рӕстады уд сног кӕн мӕ хуылфы» (Псалом 50:12). Уый тыххӕй нӕ бон у арӕхдӕр хъуыды кӕнын, адӕймаджы кад дӕлӕмӕ чи кӕны ӕмӕ йын йе ’нӕниздзинадӕн зиан чи хӕссы, уыдӕттӕй хи хизын хорз цӕмӕн у, ууыл. Ахъуыды ма кӕн, адӕймаг йӕхи ахӕм фыдбылызтӕй дард куы нӕ ласа, уӕд ыл цытӕ ӕрцӕудзӕн: йе ’нӕниздзинад тынг фӕцуддзӕн, адӕмы йӕ ныхмӕ скӕндзӕн кӕнӕ ма суанг мӕлгӕ дӕр акӕндзӕн. Ныр та ахъуыды кӕн, нӕ цард Иегъовӕйы амындтӕм гӕсгӕ куы аразӕм, уӕд нын уый куыд тынг фӕахъаз уыдзӕн? Фӕлӕ нӕ иу хъуыддаг хъуамӕ рох ма уа — адӕймаджы зӕрдӕйыл ӕууӕнк нӕй (Иереми 17:9). Хъуамӕ нӕ зӕрдӕйы рохтыл фидар хӕцӕм, цӕмӕй нын Иегъовӕйы уагӕвӕрдты кад нӕ цӕсты дӕлӕмӕ ма ӕркӕна.

8. Бирӕтӕ нӕ сӕхицӕй цы зонынц? Цӕвиттон ын ӕрхӕсс.

8 Бирӕтӕ йӕ сӕхицӕй зонынц, нӕ ӕгоммӕгӕс буар арӕх кӕй бахъавы нӕ зӕрдӕйы зынг бамынӕг кӕнынмӕ. Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕм Хуыцауы Паддзахады хабар хъусын кӕныны хъуыддаг. Иегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, уыцы цардхӕссӕг хабар йӕ кувӕг адӕм зӕрдиагӕй куы фӕхъусын кӕнынц, уӕд (Псалом 109:3; Матфейы 24:14). Нӕ фылдӕрӕн хъусын кӕныныл ахуыр кӕнын ӕнцон нӕ уыд. Уый тыххӕй нӕ хъуыд — ӕмӕ, чи зоны, ныр дӕр хъӕуы — нӕ буарӕн уынаффӕ кӕнын, стӕй йӕ «сабыр» ӕмӕ «цагъар кӕнын», цӕмӕй нӕ ӕнцондзӕуӕн фӕндагыл ма акодтаид (1 Коринфӕгтӕм 9:16, 27; 1 Фессалоникӕгтӕм 2:2).

«Алцӕмӕй дӕр»?

9, 10. «Алцӕмӕй дӕр уӕхиуыл хӕцут», зӕгъгӕ, уый цӕуыл дзурӕг у?

9 Библийы уынаффӕ, «алцӕмӕй дӕр уӕхиуыл хӕцут», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕрмӕст дӕ маст аныхъуырын зонай кӕнӕ ӕнӕфсарм митӕй дӕхи хизай, уый фаг нӕу. Чи зоны, ӕмӕ ацы хъуыддӕгты хиуыл хӕцын сахуыр стӕм, ӕмӕ уый ӕхсызгон куыннӕ у. Фӕлӕ царды ӕндӕр къабӕзты та? Хиуыл хӕцын дзы хъӕуы, уый афтӕ бӕлвырд-бӕрӕг кӕм нӕу, уыцы хъуыддӕгты дӕр нын хиуыл хӕцын уайы? Зӕгъӕм, адӕймаг цӕры, ӕнцойдзардӕн бирӕ алыхуызон фадӕттӕ кӕм ис, ахӕм хъӕздыг бӕстӕйы. Куыд дӕм кӕсы, адӕймагӕн, дзӕгъӕлхӕрдзтӕ ма кӕна, ууыл ахуыр кӕнын зондджын ми нӕу? Хорз уаид, ӕмӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты куы ахуыр кӕниккой, цӕмӕй ма ӕлхӕной, цыдӕриддӕр фенынц кӕнӕ сӕ зӕрдӕмӕ цыдӕриддӕр фӕцӕуы, уый, науӕд ӕй сӕ бон балхӕнын кӕй у, ӕрмӕст уый тыххӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕд ныййарджыты фӕнды, ӕмӕ сӕм сӕ сывӕллӕттӕ хъусой, уӕд хъуамӕ уыцы хъуыддаджы сӕхӕдӕг уой фӕзминаг (Лукайы 10:38—42).

10 Дзӕгъӕлхӕрдзтӕ ма кӕнӕм, ууыл нӕхи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы фӕндтыл хӕцын ноджы хуыздӕр фӕраздзыстӕм. Уымӕй уӕлдай ма, цы нӕм ис, уымӕй ноджы райгонддӕр уыдзыстӕм ӕмӕ хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, йӕ фырхъалӕй нӕ, фӕлӕ йӕ тыхстӕй йӕхи цӕмӕйдӕрты чи цух кӕны, уыдоны. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ мӕнӕ ахӕм сидтытӕ, зӕгъгӕ, «дӕ зӕрдӕ дзы барайын кӕн» ӕмӕ «ды хуыздӕры аккаг дӕ», хуымӕтӕг цардмӕ нӕ разӕнгард кӕнынц. Рекламӕгӕнджытӕ адӕмӕн иууыл дзурынц, зӕгъгӕ, кӕд дӕ зӕрдӕ исты агуры, уӕд ма цӕмӕ лӕууыс, самал ӕй кӕн. Фӕлӕ афтӕ фылдӕр ӕхца ссивыны охыл кӕнынц. Ахӕм уавӕрты хиуыл хӕцын зын у. Иу размӕдзыд европӕйаг бӕстӕйы журналы ӕрӕджы фыст уыд: «Фырмӕгуыр чи у, уыдоны кӕд сӕ зӕрдӕйы монцтыл хӕцыны тыххӕй сӕ мидзӕрдӕйы тох кӕнын хъӕуы, уӕд ма лӕг цы дзура, сӕ цӕугӕдӕтты дон нӕ, фӕлӕ мыдхӕццӕ ӕхсыр кӕм кӕлы, ахӕм хъӕздыг бӕстӕты — абоны размӕдзыд ӕхсӕнады — чи цӕры, уыдоны тыххӕй!»

11. Дзӕгъӕлхӕрдзтӕ ма кӕнӕм, ууыл нӕхи ахуыр кӕнын хорз цӕмӕй у, фӕлӕ йӕ зын цы кӕны?

11 Нӕ зӕрдӕ йӕ агуры ӕви нӕ цыдӕр ӕхсызгонӕй хъӕуы, уый бӕлвырд куы нӕ зонӕм, уӕд нӕ иу-цалдӕр хорз хъуыддаджы бакӕнын хъӕуы, цӕмӕй мацы ӕнӕзонд ми саразӕм. Цӕвиттон, кӕд нӕ раздӕрау дзӕгъӕлхӕрдзтӕ кӕнын нал фӕнды, уӕд хъуамӕ дуканийӕ ӕфстау мацы исӕм кӕнӕ исты ӕлхӕнынмӕ цӕугӕйӕ немӕ бирӕ ӕхца ма хӕссӕм. Ӕрхъуыды ма кӕн Павелы ныхӕстӕ: «Хуыцауы ӕфсарм ӕмӕ бонзонгӕ цард сты ӕгӕрон стыр ӕфтиаг». Уый ма дзырдта: «Мах ацы дунемӕ ницы ӕрхастам; ӕмӕ уый дӕр ӕргом у, нӕ бон кӕй нӕу ардыгӕй исты ахӕссын. Хӕринаг нын куы уа ӕмӕ дарӕс, уӕд хъуамӕ уымӕй разы уӕм!» (1 Тимофеймӕ 6:6—8, НФ). Мах дӕр, цы нӕм ис, уымӕй райгонд стӕм? Цӕмӕй адӕймаг хуымӕтӕг цардыл сахуыр уа ӕмӕ йӕхи суӕгъд кӕна зӕрдӕйы бӕллицты фӕдыл цӕуыны уаргъӕй — гыццыл куы уа, уӕддӕр, уый тыххӕй хъуамӕ уа фӕндфидар ӕмӕ хиуыл хӕцын зона. Ӕмӕ ууыл куы сахуыр уа, уӕд никуы фӕфӕсмон кӕндзӕн.

12, 13. а) Чырыстон фембӕлдты хиуыл хӕцын кӕм хъӕуы? ӕ) Адӕймаг ма хиуылхӕцгӕ кӕм хъуамӕ уа?

12 Адӕймаг хъуамӕ фембӕлдтӕ ӕмӕ конгрессты дӕр зона хиуыл хӕцын. Дзырдӕн, программӕйы рӕстӕджы нӕ хъуыдытыл куы нӕ хӕцӕм, уӕд-иу нын адзӕгъӕл уыдзысты (Ӕмбисӕндтӕ 1:5). Раныхасгӕнӕгмӕ хъусыны бӕсты, немӕ чи бады, уыимӕ куы сусу-бусу кӕнӕм, уӕд иннӕты нӕ уадздзыстӕм хъусын,— уымӕ гӕсгӕ ам дӕр хъуамӕ нӕхиуыл хӕцын зонӕм. Уӕдӕ цӕмӕй нӕ куыстытӕ, нӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнӕм, ӕмӕ фембӕлдтӕм афойнадыл цӕуӕм, уый тыххӕй дӕр хиуылхӕцындзинад куыннӕ хъӕуы. Уымӕй дарддӕр ма ацы миниуӕг тынг ӕхсызгонӕй хъӕуы, цӕмӕй-иу фембӕлдтӕм бацӕттӕ кӕнынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм ӕмӕ-иу стӕй ӕмбырды дзуапп раттӕм.

13 Гыццыл хъуыддӕгты куы зонӕм хиуыл хӕцын, уӕд стыр хъуыддӕгты дӕр фӕраздзыстӕм афтӕ кӕнын (Лукайы 16:10). Куыд ахсджиаг у, ӕвӕдза, хи ахуыр кӕнын Хуыцауы Ныхас ӕмӕ йе ’мбарынгӕнӕн литературӕ иудадзыг кӕсыныл, стӕй сӕ иртасын ӕмӕ сыл арф хъуыды кӕныныл! Цы куыст кӕнӕм, цӕуыл ахуыр стӕм, цавӕр хӕлӕрттӕ нын ис ӕмӕ цавӕр зондыл хӕст стӕм — уыдӕттыл дӕр хъуамӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй йӕ зонӕм, хорз ӕмӕ сӕ ӕвзӕр кӕцы у, уый. Уӕдӕ нӕ Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕнын цы хъуыддӕгтӕ нӕ уадзынц, уыдоныл-иу хъоды куы бакӕнӕм, уӕд уый дӕр зондджын ми куыннӕ уыдзӕн! О, не ’ппӕт хъарутӕ дӕр Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ куы саразӕм, уӕд нӕ, Иегъовӕйы ӕппӕтдунеон ӕмбырд цы монон дзӕнӕты цӕры, уымӕй ничи ӕмӕ ницы адард кӕндзӕн.

Хиуыл хӕцыны фӕрцы суыдзынӕ хъомыл адӕймаг

14. а) Сывӕллӕттӕ хиуыл хӕцыныл куыд хъуамӕ ахуыр кӕной? ӕ) Сывӕллоны йӕ гыццылӕй куы ахуыр кӕной хиуыл хӕцыныл, уӕд ын уый цӕмӕй фӕахъаз уыдзӕн?

14 Ноггуырд сывӕллон хиуыл хӕцын нӕма фӕзоны. Сывӕллӕттӕ сӕхи куыд фӕдарынц, уый чи ахуыр кӕны, уыцы иртасджыты уагъд къаннӕг чиныджы фыстӕуы: «Хиуылхӕцындзинад ӕвиппайды, йӕхигъӕдӕй нӕ фӕзыны. Цӕмӕй саби хиуыл хӕцыныл ахуыр кӕнын райдайа, уый тыххӕй йын хъуамӕ ныййарджытӕ зонд амоной ӕмӕ йын ӕххуыс кӕной. [...] Скъолайы ахуыргӕнгӕйӕ сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты фӕрцы ноджы хуыздӕр сахуыр вӕййынц хиуыл хӕцыныл». 4-аздзыд сывӕллӕтты миддуне иртасджытӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй уыцы кары гыццылдӕр хиуыл хӕцыныл чи сахуыр вӕййы, уыдон «куы фестырдӕр вӕййынц, уӕд вӕййынц ӕнцондзырддӕр, сӕрӕндӕр, ныфсджындӕр, ӕууӕнкджындӕр ӕмӕ сӕ адӕм фылдӕр фӕуарзынц». Хиуыл хӕцыныл чи нӕ ахуыр кодта, уыдон та «фылдӕр хатт вӕййынц сидзӕрхалтау иунӕг, хивӕнд ӕмӕ гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр сӕ ныфс асӕтты. Ахӕмтӕ зын уавӕрты нӕ фӕразынц, стӕй зындзинӕдтӕй сӕхи хизынц». Уӕдӕ бӕлвырд у: сывӕллонӕй цӕмӕй хорз адӕймаг рауайа, уый тыххӕй йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ хъӕуы хиуыл хӕцыныл ахуыр кӕнын.

15. Йӕхиуыл хӕцын чи нӕма зоны, уый цавӕр адӕймаг у ӕмӕ нӕ Библи цавӕр нысанмӕ разӕнгард кӕны?

15 Мах дӕр цӕмӕй хъомыл чырыстӕттӕ суӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы хиуыл хӕцыныл ахуыр кӕнын. Кӕд нӕхиуыл хӕцын нӕ зонӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нырма «сабитӕ» стӕм. Библи нын уымӕн фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, «зондӕй... [ут] хъомылтӕ» (1 Коринфӕгтӕм 14:20, НФ). Махӕн нӕ нысан у «ӕрцӕуын иудзинадмӕ уырнындзинады ӕмӕ Хуыцауы Фырты базоныны, ӕххӕст лӕгмӕ, Чырыстийы ӕххӕст цахъхъӕнмӕ». Цӕмӕн? «Цӕмӕй мах мауал уӕм сывӕллӕттӕ, дызӕрдыггӕнджытӕ ӕмӕ алыхуызон дымгӕйон ахуырады фӕдыл цӕуджытӕ, адӕймӕгты хиндзинадмӕ гӕсгӕ, хинӕй сайыны дӕсниадӕй» (Ефесӕгтӕм 4:13, 14). Куыд уынӕм, афтӕмӕй, цӕмӕй нӕ уырнындзинад цардхъом уа, уый тыххӕй хъуамӕ хиуыл хӕцын сахуыр уӕм.

Хиуыл хӕцыныл ахуыр кӕнын

16. Иегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны?

16 Цӕмӕй хиуыл хӕцын сахуыр уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Хуыцауы ӕххуыс,— ӕмӕ нын ӕй дӕтты. Хуыцауы Ныхасы растдӕр айдӕнау фенӕн ис, нӕ удыхъӕды нӕ аивын цы хъӕуы, уый. Стӕй хи аивӕн куыд ис, уымӕн дӕр нын дӕтты уынаффӕтӕ (Иаковы 1:22—25). Нӕ уарзӕгой ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ дӕр нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууынц. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр нын зӕрдиаг ӕххуыс бакӕнынц. Уӕдӕ нын Иегъовӕ дӕр йӕ сыгъдӕг уд дӕтты рӕдауӕй, куы дзы фӕкурӕм, уӕд (Лукайы 11:13; Ромӕгтӕм 8:26). Цӕй ӕмӕ уыцы ӕххуыс зӕрдиагӕй исӕм. Хорз уынаффӕтӕ ис ацы фарсыл фӕлгӕты.

17. Ӕмбисӕндтӕ 24:16 нӕ цавӕр ныфс уадзы?

17 Иегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕныныл удуӕлдайӕ кӕй архайӕм, уымӕн уый стыр аргъ кӕны. Ӕмӕ нын куыд ӕхсызгон у уыцы хъуыддаг! Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр фӕнда хиуыл хӕцыныл кусын. Кӕд-иу нын арӕх нӕ рауайа хиуыл фӕхӕцын, уӕддӕр-иу нӕ къухтӕ ма ӕруадзӕм. «Рӕстаг лӕг авд хатты куы ахауа, уӕддӕр сыстдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 24:16). Нӕ лӕмӕгъдзинӕдтыл-иу куы фӕуӕлахиз уӕм, уӕд-иу хъуамӕ цин кӕнӕм. Ӕмӕ йӕ хъуамӕ зонӕм, Иегъовӕйы зӕрдӕ дӕр нӕ кӕй рухс кӕны. Иу Ӕвдисӕн афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, дам, Иегъовӕйӕн снывонд кӕныны размӕ тамако ныууадзыныл куы архайдтон ӕмӕ-иу тамако иу къуыри куы нӕ бадымдтон, уӕд-иу мӕм хиуыл хӕцыны фӕрцы цы ӕхца баззад, уыдонӕй-иу мӕхицӕн лӕварӕн исты балхӕдтон.

18. а) Йӕхиуыл хӕцын чи зоны, уый ма ноджыдӕр кӕм фӕразы йӕхи уромын? ӕ) Иегъовӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

18 Сӕйраджыдӕр та нӕ хъуамӕ ма рох кӕна: йӕхиуыл хӕцын чи зоны, уый хъуамӕ зона йӕ мидхъуыдытӕ ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы бӕллицтӕ уромын дӕр. Уый афтӕ кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн сты Йесойы ныхӕстӕ: «Алкӕцы, чи кӕсы сылгоймагмӕ мондагӕй, уый фӕхатт йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг» (Матфейы 5:28; Иаковы 1:14, 15). Йӕ мидхъуыдытӕ, йӕ зӕрдӕйы бӕллицтӕ ӕмӕ мондӕгты рохтыл хӕцын чи базыдта, уымӕн ӕнцондӕр уыдзӕн ӕгас буар дӕр уромын. Уымӕ гӕсгӕ, ӕппӕт тыхтӕй дӕр архайӕм, цӕмӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй нӕхи ӕрмӕст хизгӕ нӕ, фӕлӕ ма сыл хъуыды дӕр ма кӕнӕм. Нӕ сӕры-иу исты ӕнаккаг хъуыды куы фӕзына, уӕд-иу ӕй уайтагъддӕр фӕсурӕм. Йесо иудадзыг нӕ зӕрдӕйы куы уа ӕмӕ Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд нӕ бон бауыдзӕн, цы нӕ цыбӕл кӕны, уымӕй дард лидзын (1 Тимофеймӕ 6:11; 2 Тимофеймӕ 2:22; Дзуттытӕм 4:15, 16). Нӕ хъарутӕ нӕ цас амонынц, уыйбӕрц куы аразӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн, Псаломы 54:23 цы амынд ис, ууыл цӕуын. Уым та фыст ис: «Сӕвӕр Хицауыл дӕ мӕт, ӕмӕ Уый хӕццӕн дӕуыл. Никуы бауадздзӕн фӕцудын рӕстгӕнӕджы».

Хъуыды ма кӕныс?

• Цавӕр дыууӕ хъуыддаджы хъуамӕ уӕм хиуылхӕст?

• «Алцӕмӕй дӕр уӕхиуыл хӕцут», зӕгъгӕ, цы нысан кӕны?

• Хиуыл хӕцыныл ахуыр кӕнӕн куыд ис, уый фӕдыл ацы статьяйӕ уӕлдай тынгдӕр цавӕр ахадгӕ уынаффӕтӕ бахъуыды кодтай?

• Хиуылхӕцындзинад цӕмӕй райдайы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Нывтӕ 17 фарсыл]

Хиуыл хӕцӕн куыд ис

• Гыццыл хъуыддӕгты дӕр хиуылхӕцгӕ у.

• Арф хъуыды кӕн, ацы миниуӕг дӕм куы уа, уӕд дын уый ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр хорз цӕмӕй уыдзӕн, ууыл.

• Хуыцауы зӕрдӕмӕ цынӕ цӕуы, уый бӕсты араз, йӕ зӕрдӕ цӕмӕй рухс кӕны, уый.

• Ӕнӕуаг хъуыдытӕ дӕ сӕрӕй уайтагъддӕр сур.

• Уырнындзинадӕн ахъаз цы у, ууыл хъуыды кӕн.

• Фӕлтӕрд чырыстӕттӕй ӕххуыс ис.

• Цы дӕ цыбӕл кӕны, уымӕй дӕхи хиз.

• Исты-иу дӕ куы цыбӕл кӕна, уӕд-иу Хуыцаумӕ скув.

[Нывтӕ 15 фарсыл]

Нӕхиуыл хӕцын кӕй зонӕм, уый фӕрцы аразӕм хорз хъуыддӕгтӕ.