Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уыцы сылгоймӕгтӕ рухс кодтой Иегъовӕйы зӕрдӕ

Уыцы сылгоймӕгтӕ рухс кодтой Иегъовӕйы зӕрдӕ

Уыцы сылгоймӕгтӕ рухс кодтой Иегъовӕйы зӕрдӕ

«Уый тыххӕй дӕ Дунедарӕджы хорзӕх уӕд, ... Хуыцауӕй дын ӕххӕст хӕрзиуӕг уӕд!» (РУФ 2:12, «Мах дуг» №4, 2000).

1, 2. Иегъовӕйы зӕрдӕ чи рухс кодта, уыцы сылгоймӕгтыл хъуыды кӕнын хорз цӕмӕн у?

ДЫУУӔ сылгоймаджы Хуыцауӕй тарстысты ӕмӕ фараоны бардзырд нӕ сӕххӕст кодтой. Хъахбай сылгоймаджы зӕрдӕйы уыд уырнындзинад ӕмӕ дыууӕ израилаг сгарӕджы бахъахъхъӕныны охыл йӕхи мӕлӕты дзыхы ӕппӕрста. Иу сылгоймаг тӕссаг уавӕры зондджын ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй разынд, уый фӕрцы бирӕты мӕлӕтӕй аирвӕзын кодта, Иегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕджы та туг ныккалынӕй бахызта. Идӕдз, сидзӕргӕс ус Иегъовӕ Хуыцауыл ӕууӕндыд, уыимӕ ма уазӕгуарзон дӕр уыд ӕмӕ йӕ фӕстаг къӕбӕр Хуыцауы пехуымпарӕн нӕ бахӕлӕг кодта. Иегъовӕйы зӕрдӕ чи рухс кодта ӕмӕ Библийы кӕй кой цӕуы, уыцы бирӕ сылгоймӕгты цӕвиттонтӕй адон сты ӕрмӕст цалдӕр.

2 Иегъовӕ ахӕм сылгоймӕгтӕм цы зӕрдӕ дардта ӕмӕ сыл цы арфӕдзинӕдтӕ ӕруагъта, уымӕй бӕрӕг у, ӕппӕты тынгдӕр ын йӕ зӕрдӕ монон миниуджытӕ кӕй рухс кӕнынц ӕмӕ йын уӕлдай кӕй нӕу, уыцы миниуджыты хицау нӕлгоймаг у ӕви сылгоймаг, уый. Абоны дунейы адӕм фылдӕр мӕт кӕнынц ӕддаг бакаст ӕмӕ хъӕздыгдзинадыл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕнцон нӕу чырыстон хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты ӕвӕрын. Фӕлӕ уымӕн уӕддӕр гӕнӕн ис. Уый зыны, Хуыцауы тас кӕмӕ ис ӕмӕ абон Хуыцауы адӕмы стыр хай чи у, уыцы милуангай сылгоймӕгты дӕнцӕгтӕй. Ахӕм чырыстон сылгоймӕгтӕ фӕзмынц, Библи кӕй кой кӕны ӕмӕ Хуыцауы тас кӕмӕ уыд, уыцы сылгоймӕгты уырнындзинад, зонд, уазӕгуарзондзинад ӕмӕ ӕндӕр хорз миниуджытӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстон нӕлгоймӕгтӕн дӕр хорз уаид уыцы, незаманты цӕрӕг фӕзминаг сылгоймӕгты миниуджытыл кусын. Хуыздӕр сӕ куыд у нӕ бон фӕзмын, уый базонынӕн лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм, уӕлдӕр кӕй кой цыд, уыцы сылгоймӕгты тыххӕй Библийы цы фыст ис, уымӕ (Ромӕгтӕм 15:4; Иаковы 4:8).

Фараоны бардзырд нӕ сӕххӕст кодтой

3, 4. а) Фараон Шифрӕ ӕмӕ Фуӕйӕн бардзырд куы радта, цӕмӕй ноггуырд израилаг лӕппуты мардтаиккой, уӕд йӕ коммӕ цӕуылнӕ бакастысты? ӕ) Дыууӕ ӕвгъӕдгӕс сылгоймаджы хъӕбатырдзинад кӕй равдыстой ӕмӕ Хуыцауӕй кӕй тарстысты, уый тыххӕй сын Иегъовӕ куыд раарфӕ кодта?

3 Германы Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ Нюрнбергы цыд тӕрхон, цыран, дуне адӕмы чи фӕцагъта ӕмӕ уыцы хъуыддаджы кӕй фӕазымджын кодтой, уыдонӕй бирӕтӕ архайдтой сӕхи сраст кӕныныл, зӕгъгӕ, мах ӕрмӕстдӕр ӕххӕст кодтам, цы бардзырд нын радтой, уый. Уыцы лӕгмарты абарӕм дыууӕ израилаг ӕвгъӕдгӕс сылгоймагимӕ, Шифрӕ ӕмӕ Фуӕимӕ. Уыдон цардысты рагон Египеты, залым, йӕ ном бӕрӕг кӕмӕн нӕу, уыцы фараоны хицаудзинады рӕстӕджы. Дзуттӕгты нымӕц бонӕй-бонмӕ кӕй фылдӕр кодта, уымӕй тӕрсгӕйӕ, фараон дыууӕ ӕвгъӕдгӕс сылгоймагӕн бардзырд радта, цӕмӕй алы ноггуырд дзуттаг лӕппуйы дӕр мардтаиккой. Уыцы сылгоймӕгтӕ ахӕм ӕвирхъау бардзырд сӕххӕст кодтой? «Египеты паддзах сын куыд загъта, афтӕ нӕ кодтой, фӕлӕ-иу лӕппуты удӕгасӕй ныууагътой». Ацы сылгоймӕгтӕ адӕймагӕй цӕуылнӕ фӕтарстысты? Уымӕн ӕмӕ уыдон «тарстысты ӕцӕг Хуыцауӕй» (Рацыд 1:15, 17; Уӕвынад 9:6).

4 О, ӕвгъӕдгӕс сылгоймӕгтӕ сӕ ныфс дардтой Иегъовӕйыл, ӕмӕ сын уый дӕр сси сӕ «уарт» ӕмӕ сӕ фараоны фыдӕхӕй бахъахъхъӕдта (2 Паддзахӕдты 22:31; Рацыд 1:18—20). Фӕлӕ Иегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕ ууыл нӕ фесты. Хуыцауы хорзӕхӕй Шифрӕ ӕмӕ Фуӕ дӕр бинонты амондӕй хайджын фесты. Суанг ма сын ахӕм кад дӕр скодта, ӕмӕ сын сӕ нӕмттӕ ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ ныффыссын кодта йӕ Ныхасы, цӕмӕй сӕ фидӕны фӕлтӕртӕ кӕсой, фараоны ном та рӕстӕг ссӕрфта (Рацыд 1:21; 1 Паддзахӕдты 2:30ӕ; Ӕмбисӕндтӕ 10:7).

5. Абон бирӕ чырыстон сылгоймӕгтӕ Шифрӕ ӕмӕ Фуӕйы хуызӕн зӕрдӕйы уаг куыд ӕвдисынц ӕмӕ сӕ Иегъовӕ куыд схорзӕхджын кӕндзӕн?

5 Шифрӕ ӕмӕ Фуӕйы хуызӕн сылгоймӕгтӕ абон дӕр ис? Бӕгуыдӕр, ис! Алы аз дӕр мингай ахӕм сылгоймӕгтӕ Библийы цардирвӕзынгӕнӕн хабар уӕндонӕй хъусын кӕнынц, «паддзахы бардзырдмӕ» гӕсгӕ уыцы хъуыддагӕн бар кӕм нӕй, уым, ӕмӕ уымӕй сӕ сӕрибардзинад, йе та суанг сӕ цард дӕр тӕссаг уавӕры ӕппарынц (Дзуттытӕм 11:23; Куыстытӕ 5:28, 29). Ацы хъӕбатыр сылгоймӕгтӕ Хуыцау ӕмӕ адӕмы кӕй уарзынц, уымӕ гӕсгӕ уый бар никӕмӕн дӕттынц, цӕмӕй сӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынӕй исчи бакъуылымпы кӕна. Уый тыххӕй чырыстон сылгоймӕгтӕй бирӕтӕ сӕмбӕлынц ныхмӕлӕуд ӕмӕ фӕдылзылдыл (Маркы 12:30, 31; 13:9—13). Шифрӕ ӕмӕ Фуӕимӕ куыд уыд, афтӕ ахӕм хорз, хъӕбатыр сылгоймӕгты хъуыддӕгтӕ дӕр уыны Иегъовӕ, ӕмӕ сӕ кӕй уарзы, уый равдисдзӕн, кӕронмӕ иузӕрдионӕй куы баззайой, уӕд сын сӕ нӕмттӕ «царды чиныджы» кӕй ныффысдзӕн, уымӕй (Филиппӕгтӕм 4:3; Матфейы 24:13).

Раздӕры хъахбай сылгоймаг Иегъовӕйы зӕрдӕ барухс кодта

6, 7. а) Раав Иегъовӕ ӕмӕ йын йӕ адӕмы тыххӕй цы зыдта ӕмӕ йыл уый куыд бандӕвта? ӕ) Хуыцауы Ныхас Раавы цы кады аккаг скодта?

6 Н. э. агъоммӕ 1473 азы ханаайнаг сахар Иерихоны цард хъахбай сылгоймаг, йӕ ном уыд Раав. Куыд зыны, афтӕмӕй Раав бирӕ хабӕрттӕ зыдта. Дыууӕ израилаг сгарӕджы йӕ хӕдзармӕ ӕмбӕхсынмӕ куы ӕрбацыдысты, уӕд сын, израилӕгтӕ Египетӕй цы диссаджы хуызы рацыдысты, уымӕй бӕлвырд хъуыддӕгты кой ракодта, кӕд уыцы хабӕрттӕ 40 азы размӕ ӕрцыдысты, уӕддӕр! Уый ма зыдта, израилӕгты къухы ӕрӕджы цы стыр уӕлахизтӕ бафтыд, уый тыххӕй дӕр, зӕгъӕм, аморрейаг паддзӕхтӕ Сигон ӕмӕ Огыл кӕй фӕуӕлахиз сты, уый. Дӕ хъус ма ӕрдар, уыцы хабӕрттӕ йыл куыд бандӕвтой, уымӕ. Сгарджытӕн загъта: «Ӕз ӕй зонын, Иегъовӕ уын ӕнӕмӕнгдӕр кӕй ратдзӕн ацы зӕхх, ... уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ, уӕ Хуыцау, у Хуыцау уӕлейӕ уӕларвыл ӕмӕ бынӕй зӕххыл» (Йесо Навин 2:1, 9—11). О, Раав Иегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ, уый израилӕгты сӕраппонд цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй цы базыдта, уый йын йӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕ бацагайдта ӕмӕ Хуыцауыл баууӕндыд (Ромӕгтӕм 10:10).

7 Раавы йӕ уырнындзинад сразӕнгард кодта хъуыддӕгтӕм. Уый израилаг сгарджыты «фарнимӕ» райста ӕмӕ израилӕгтӕ Иерихонмӕ куы бабырстой, уӕд ын уыдон куыд загътой, афтӕ бакодта, ӕмӕ удӕгасӕй баззад (Дзуттытӕм 11:31; Йесо Навин 2:18—21). Дзырд дӕр ыл нӕй, Раав уырнындзинадӕй цы хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдон Иегъовӕйы зӕрдӕ кӕй барухс кодтой, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕйы фӕндӕй чырыстон ахуыргӕнинаг Иаков Раавы ном ныффыста Хуыцауы хӕлар Авраамы номы ӕмрӕнхъ; ӕмӕ чырыстӕттӕн у фӕзминаг. Иаков фыста: «Уыйау, не ’сраст миййаг хъуыддӕгты фӕрцы хӕтаг ус Раав дӕр, бӕстӕсгарджыты куы ӕрбауагъта, стӕй сӕ ӕндӕр фӕндагыл куы ауагъта, уӕд?» (Иаковы 2:25, НФ).

8. Иегъовӕ Раавӕн куыд раарфӕ кодта йӕ уырнындзинады ӕмӕ, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕм кӕй байхъуыста, уый тыххӕй?

8 Иегъовӕ Раавы бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта. Фыццаг уал уый, ӕмӕ йын диссаджы хуызы бахъахъхъӕдта йӕхи ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ ӕмбӕхсынмӕ чидӕриддӕр ӕрбацыд, уыдоны — сӕрмагондӕй та «йӕ фыды хӕдзарвӕндаг ӕмӕ йын хӕстӕг чи уыд, уыдоны иууылдӕр». Стӕй сын «Израилы ’хсӕн» цӕрыны бар радта, ӕмӕ уым уыдысты сӕхиуӕттыл нымад (Йесо Навин 2:13; 6:22—25; Левит 19:33, 34). Фӕлӕ арфӕдзинӕдтӕ ууыл нӕ ахицӕн сты. Иегъовӕ ма Раавӕн ахӕм кад дӕр скодта, ӕмӕ Йесо Чырыстийы фыдӕл сси. Цӕй диссаджы хуызы равдыста Хуыцау йӕ ӕнувыд уарзт кӕддӕр гуымирытӕн кувӕг ханаайнаг сылгоймагмӕ! * (Псалом 129:3, 4).

9. Иегъовӕ Раавмӕ ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстон сылгоймӕгтӕй кӕмӕдӕртӕм цы ахаст дардта, уый абоны сылгоймӕгтӕй иуӕй-иуты куыд фидар кӕны?

9 Фыццаг ӕнусӕй абоны онг чырыстон сылгоймӕгтӕй иуӕй-иутӕ Раавау ныууагътой сӕ ӕнӕгъдау цард, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕной (1 Коринфӕгтӕм 6:9—11). Чидӕртӕ сӕ схъомыл сты, рагон Ханааны цы ӕнӕгъдау ӕхсӕнад уыд, ахӕм ӕхсӕнады, уым та хӕлд митӕ афтӕ арӕх уыдысты, ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл нымад дӕр нӕ цыдысты. Фӕлӕ Фыстадӕй бӕлвырд зонындзинӕдтӕ кӕй райстой ӕмӕ уыдоны фӕрцы сӕ зӕрдӕты уырнындзинад кӕй сырӕзт, уый сӕ сразӕнгард кодта сӕ цард аивынмӕ (Ромӕгтӕм 10:17). Уӕдӕ ахӕм сылгоймӕгтӕй дӕр ис зӕгъӕн: «Хуыцау ... не ’фсӕрмы кӕны, Йӕхи уыдоны Хуыцау хонынӕй» (Дзуттытӕм 11:16). Цӕй стыр кад у уый!

Зондджын кӕй уыд, уый тыххӕй арфӕгонд ӕрцыд

10, 11. Цавӕр хабар, Навал ӕмӕ Давидимӕ баст, сразӕнгард кодта Авигейӕйы архайынмӕ?

10 Рагзаманты бирӕ иузӕрдион сылгоймӕгтӕ уӕззау зондыл хӕст кӕй уыдысты, уый, зӕгъӕн куыд нӕй, афтӕ ӕвдыстой, ӕмӕ сын уый тыххӕй Иегъовӕйы адӕм стыр аргъ кодтой. Ахӕм сылгоймӕгтӕй иу уыд Авигейӕ, стыр зӕххыты хицау, хъӕздыг израилаг лӕг Навалы бинойнаг. Авигейӕ зондӕй куы нӕ архайдтаид, уӕд бирӕ адӕм фӕмард уыдаид ӕмӕ Давид та, Израилы фидӕны паддзах, туг ныккалдтаид. Авигейӕйы тыххӕй нӕ бон у бакӕсын 1 Паддзахӕдты 25 сӕры.

11 Радзырды райдианы кӕсӕм, Давид ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕ Навалы дзугты цур кӕй ӕрбынат кодтой, ӕмӕ сӕ хӕларзӕрдӕйӕ сӕ израилаг ӕфсымӕр Навалы дзугтӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй кӕй хъахъхъӕдтой. Давидмӕ, цы бахордтаиккой, уый куы нал уыд, уӕд дӕс лӕппуйы арвыста Навалмӕ хӕринаггур. Ныр Навалӕн фӕзынд фадат, цӕмӕй Давидӕн бузныг загътаид ӕмӕ йын, куыд Иегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕгӕн, афтӕ скад кодтаид. Фӕлӕ Навал алцыдӕр иннӕрдӕм сарӕзта. Уый тынг сызнӕт, Давидӕй алы ныхӕстӕ фӕкодта ӕмӕ йын йӕ лӕппуты афтид къухӕй рарвыста. Давид уыдӕттӕ куы фехъуыста, уӕд рамбырд кодта 400 гӕрзифтонг ӕфсӕддоны ӕмӕ араст йӕ маст исынмӕ. Авигейӕ базыдта йӕ лӕджы гуырымыхъхъ дзуаппы тыххӕй ӕмӕ ӕвӕстиатӕй архайын байдыдта: Давиды ӕрсабыр кӕныны тыххӕй фӕстӕмӕ ницӕуыл фӕхӕцыд, арвыста йын бирӕ хӕлц. Уый фӕстӕ йӕхӕдӕг дӕр йӕ размӕ атындзыдта (2—20 стихтӕ).

12, 13. а) Авигейӕ уӕззау зонды хицау кӕй уыд, уый куыд рабӕрӕг ӕмӕ Иегъовӕ ӕмӕ йӕ сӕрст лӕггадгӕнӕгыл иузӕрдион куыд разынд? ӕ) Хӕдзармӕ ӕрбаздӕхгӕйӕ Авигейӕ цы сарӕзта ӕмӕ хъуыддӕгтӕ куыд рауадысты?

12 Авигейӕ Давидимӕ куы сӕмбӕлд, уӕд дзы сӕрныллӕгӕй хатыр кӕй куырдта, уымӕй бӕрӕг уыд, Иегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕгӕн стыр аргъ кӕй кодта, уый. «Иегъовӕ ӕнӕмӕнгдӕр мӕ хицауӕн скӕндзӕн фидар хӕдзар, уымӕн ӕмӕ мӕ хицау цы хӕстыты хӕцы, уыдон Иегъовӕйы хӕстытӕ сты»,— загъта уый, ӕмӕ ма бафтыдта, зӕгъгӕ, Иегъовӕ Давиды снысан кӕндзӕн Израилы разамонӕгӕй (28—30 стихтӕ). Уыимӕ ма Авигейӕ равдыста стыр хъӕбатырдзинад, Давидӕн афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, дӕ масты фӕдыл куы ацӕуай, уӕд ӕнаххос туг ныккалдзынӕ (26, 31 стихтӕ). Авигейӕ сӕрныллӕг ӕмӕ зондджын кӕй уыд, Давидӕн стыр аргъ кӕй кодта, уый йӕ йӕхимӕ ӕрцӕуын кодта. Уый йын загъта: «Табу Израилы Хуыцау Иегъовӕйӕн, абон дӕ мӕ размӕ чи рарвыста! Домбай уӕд дӕ зонд; арфӕйаг у, мӕн абон туг ныккалын чи нӕ бауагъта» (32, 33 стихтӕ).

13 Авигейӕ хӕдзармӕ сыздӕхгӕйӕ ныфсджынӕй бацагуырдта йӕ лӕджы, цӕмӕй йын, Давидӕн цы лӕвар ракодта, уый тыххӕй загътаид. Фӕлӕ йӕ куы ссардта, уӕд «ахӕм расыг уыд, ӕмӕ йӕхи дӕр не ’мбӕрста». Банхъӕлмӕ каст, цалынмӕ не ’рӕрвонг ис, уӕдмӕ, ӕмӕ йын стӕй хабӕрттӕ радзырдта. Ӕмӕ Навал цы загъта? Уый сагъдау аззад — гӕнӕн ис, ӕмӕ уый уыд параличы цавӕрдӕр хуыз. Дӕс боны фӕстӕ йӕ Хуыцау ӕрцавта ӕмӕ амард. Навалы мӕлӕты хабар фехъусгӕйӕ, Давид Авигейӕмӕ минӕвӕрттӕ арвыста — цы удыхъӕды хицау разынд, уый, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ йын стыр аргъ скодта. Авигейӕ Давидӕн сразы ис (34—42 стихтӕ).

Дӕ бон у, ӕмӕ Авигейӕйы хуызӕн уай?

14. Авигейӕйы миниуджытӕй нӕ кӕцытыл фӕндид фылдӕр кусын?

14 Авигейӕйы ахӕм миниуджытӕ уыныс, ӕмӕ сыл дӕу — сылгоймаг дӕ ӕви нӕлгоймаг — фӕнды фылдӕр бакусын? Чи зоны дӕ фӕнды уӕззау уавӕрты зондджындӕрӕй архайын. Йе та дӕ чи зоны фӕнды сабыр ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ дзурын, дӕ алыварс чи ис, уыдон сӕхиуыл хӕцын куы нӕ фӕразой, уӕд. Кӕд афтӕ у, уӕд хорз нӕ уаид уый тыххӕй Иегъовӕмӕ кувын? Уый загъта, зӕгъгӕ дзы зонд, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ ӕрхъуыдыдзинад чидӕриддӕр «уырнгӕйӕ кура», уыдонӕн сӕ ратдзӕн (Иаковы 1:5, 6; Ӕмбисӕндтӕ 2:1—6, 10, 11).

15. Авигейӕмӕ цы миниуджытӕ уыд, ахӕм миниуджытӕ чырыстон сылгоймаджы уӕлдай тынгдӕр цавӕр уавӕрты бахъӕуынц?

15 Ахӕм хорз миниуджытӕ уӕлдай тынгдӕр хъӕуынц, йӕ сӕрыхицау уырнӕг кӕмӕн нӕу ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕн тынг чи нӕ аргъ кӕны, йе та сӕ чи ницӕмӕ дары, уыцы сылгоймаджы. Чи зоны, нуазгӕ дӕр кӕны. Ныфс нӕ ис, ӕмӕ ахӕм нӕлгоймӕгтӕ сӕ фӕндаг сраст кӕндзысты. Бирӕтӕ бакодтой афтӕ, ӕмӕ уый та арӕх ӕрцӕуы, сӕ устытӕ сӕм фӕлмас ахаст кӕй дарынц, зӕрдӕбынӕй сын кӕй кад кӕнынц ӕмӕ ӕгъдауджын кӕй вӕййынц, уый фӕрцы (1 Петры 3:1, 2, 4).

16. Чырыстон хойӕн хӕдзары йӕ уавӕртӕ цавӕрфӕнды ма уой, уӕддӕр куыд хъуамӕ ӕвдиса, ӕппӕты зынаргъдӕр ын Иегъовӕимӕ йӕ хӕлардзинад кӕй у?

16 Хӕдзары дын цыфӕнды зындзинӕдтӕ ма уа, уӕддӕр дӕ зӕрдыл дар, Иегъовӕ дӕ цуры кӕй ис, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна (1 Петры 3:12). Дӕ уырнындзинад фидар кӕн. Кув зонд ӕмӕ сабыр зӕрдӕйы тыххӕй. Иегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕн иудадзыг Библи ахуыр кӕнгӕйӕ, кувгӕйӕ, арф хъуыды кӕнгӕйӕ ӕмӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ӕмбӕлгӕйӕ. Авигейӕ Хуыцауы кӕй уарзта ӕмӕ йын йӕ сӕрст лӕггадгӕнӕгмӕ цы ахаст дардта, ууыл йӕ лӕджы ӕвзӕр зондахаст нӕ бандӕвта. Уый архайдта рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Йӕ мой Хуыцауӕн ӕнувыдӕй кӕмӕн лӕггад кӕны, ахӕм чырыстон ус дӕр хорз ӕмбары, дарддӕр дӕр йӕхи кӕй хъӕуы йӕ уырнындзинадыл кусын ӕмӕ йӕ фидар кӕнын. Раст у, Библимӕ гӕсгӕ йӕ лӕгӕн йӕ хӕс у, цӕмӕй йын йӕ уырнындзинад фидар кӕна ӕмӕ йӕ дара, фӕлӕ фыццаджыдӕр йӕхӕдӕг хъуамӕ куса йӕ ирвӕзындзинадыл «тасимӕ ӕмӕ ризгӕйӕ» (Филиппӕгтӕм 2:12; 1 Тимофеймӕ 5:8).

Уый райста «пехуымпары лӕвар»

17, 18. а) Сарептӕйаг идӕдз усӕн йӕ уырнындзинад цавӕр ӕнахуыр хуызы цыд фӕлвӕрд? ӕ) Идӕдз ус Илиайы курдиат фехъусгӕйӕ цы сарӕзта ӕмӕ йын уый тыххӕй Иегъовӕ куыд раарфӕ кодта?

17 Пехуымпар Илиайы рӕстӕджыты Иегъовӕ мӕгуыр идӕдз усыл куыд батыхст, уымӕй бӕрӕг у, раст динӕн йӕхи ӕмӕ йӕ мулк чи не ’вгъау кӕны, уыдонӕн куыд тынг аргъ кӕны, уый. Илиайы бонты хус рӕстӕг бирӕ кӕй ахаста, уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн тас уыд сыдӕй мӕлынӕй, уыимӕ Сарептӕйы цӕрӕг идӕдз ус ӕмӕ йӕ чысыл лӕппуйӕн дӕр. Раст ма сӕм иу аходӕны фаг хӕринаг куы баззад, уӕд сӕм бацыд уазӕг — пехуымпар Илиа. Ӕнахуыр курдиатимӕ сӕм баздӕхт. Кӕд сылгоймаджы уавӕр зыдта, уӕддӕр ын загъта, цӕмӕй йын «гыццыл донгонд гуыл» скодтаид, цы ссады тӕпп ӕмӕ ма йӕм цы зети баззад, уыдонӕй. Фӕлӕ ма уыимӕ загъта: «Афтӕ дзуры Израилы Хуыцау Иегъовӕ: ссады стыр дурын нӕ сафтид уыдзӕн ӕмӕ зетийы гыццыл дурын нӕ равдӕлон уыдзӕн, цалынмӕ Иегъовӕ тӕрккъӕвда нӕ рауадза зӕххы цъарыл, уӕдмӕ» (3 Паддзахӕдты 17:8—14).

18 Ахӕм ӕнахуыр курдиатӕн ды цавӕр дзуапп радтаис? Сарептӕйаг идӕдз ус, ӕвӕццӕгӕн, базыдта, Илиа Иегъовӕйы пехуымпар кӕй уыд, уый, ӕмӕ йын «Илиа цы загъта, уый бакодта». Уазӕгуарзон кӕй разынд, уый тыххӕй йын Иегъовӕ куыд раарфӕ кодта? Цалынмӕ хус рӕстӕг уыд, уӕдмӕ уый диссаджы хуызы лӕвӕрдта хӕринаг уыцы сылгоймагӕн, йӕ фырт ӕмӕ Илиайӕн (3 Паддзахӕдты 17:15, 16). Афтӕмӕй Иегъовӕ сарептӕйаг идӕдз усӕн радта «пехуымпары лӕвар», кӕд уыцы сылгоймаг израилаг нӕ уыд, уӕддӕр (Матфейы 10:41). Хуыцауы Фырт дӕр ацы идӕдз усӕн саргъ кодта, йӕ райгуырӕн сахар Назареты мӕнгард адӕмимӕ ныхасгӕнгӕйӕ йӕ цӕвиттонӕн кӕй ӕрхаста (Лукайы 4:24—26).

19. Сарептӕйаг идӕдз усы зӕрдӕйы уаджы хуызӕн зӕрдӕйы уаг абон бирӕ чырыстон сылгоймӕгтӕ куыд ӕвдисынц ӕмӕ сӕм Иегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?

19 Абон бирӕ чырыстон сылгоймӕгтӕ ӕвдисынц сарептӕйаг идӕдз усы хуызӕн зӕрдӕйы уаг. Зӕгъӕм, алы къуыри дӕр сыгъдӕгзӕрдӕ чырыстон хотӕ — бирӕтӕ сӕ сты мӕгуыр ӕмӕ сӕ хъӕуы сӕхи бинонты дарын дӕр — суазӕг кӕнынц цӕугӕ цӕстдарджыты ӕмӕ сӕ устыты. Иннӕтӕ та уазӕгуаты фӕхонынц бынӕттон ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты, ӕххуыс кӕнынц ӕххуысхъуаг чырыстӕттӕн, йе та ӕндӕр хъуыддӕгтӕй дӕр ӕвдисынц, Паддзахады хъуыддагӕн сӕ хъарутӕ ӕмӕ сӕ исбон кӕй не ’вгъау кӕнынц (Лукайы 21:4). Цымӕ Иегъовӕ ахӕм нывӕндтӕн аргъ кӕны? Дзырд дӕр ыл нӕй! «Хуыцау ӕнӕраст нӕу, цӕмӕй ферох кӕна уӕ хъуыддаг ӕмӕ уарзондзинады куыст, кӕцы сымах кодтат Уый номыл, бакусгӕйӕ ӕмӕ кусгӕйӕ сыгъдӕджытӕн» (Дзуттытӕм 6:10).

20. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

20 Фыццаг ӕнусы, Хуыцауы тас кӕмӕ уыд, уыцы сылгоймӕгтӕй кӕмӕдӕрты ӕрхаудта стыр кад: лӕггад кодтой Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕн. Иннӕ статьяйы ӕрдзурдзыстӕм, уыцы сылгоймӕгтӕ Иегъовӕйы зӕрдӕ куыд рухс кодтой, ууыл ӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм, абон Иегъовӕйӕн, суанг зын уавӕрты дӕр, ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, уыцы сылгоймӕгты цӕвиттонтӕм.

[Фиппаинаг]

^ 8 абз. Йесойы хӕдзарвӕндаджы номхыгъды, Матфей кӕй ныффыста, уым фыст ис цыппар сылгоймаджы нӕмттӕ — Фамар, Раав, Руф ӕмӕ Мариайы. Сӕ цыппарӕн дӕр Хуыцауы Ныхасы ис стыр кад (Матфейы 1:3, 5, 16).

Фӕлхат кӕнынӕн

• Ацы сылгоймӕгтӕ Иегъовӕйы зӕрдӕ куыд рухс кодтой?

• Шифрӕ ӕмӕ Фуӕ

• Раав

• Авигейӕ

• сарептӕйаг идӕдз ус

• Ацы сылгоймӕгтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд уый махӕй алкӕмӕндӕр куыд баххуыс кӕндзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 19 фарсыл]

Иузӕрдион сылгоймӕгтӕй бирӕтӕ Хуыцауӕн лӕггад кодтой «паддзахы бардзырдмӕ» нӕкӕсгӕйӕ.

[Ныв 20 фарсыл]

Цӕмӕн у Раав, уырнындзинад кӕмӕ ис, ахӕм адӕймаджы хорз цӕвиттон?

[Ныв 20 фарсыл]

Авигейӕмӕ цы миниуджытӕ уыд, уыдонӕй дӕ кӕцытыл фӕнды кусын?

[Ныв 22 фарсыл]

Сарептӕйаг идӕдз ус цы зӕрдӕйы уаг равдыста, ахӕм зӕрдӕйы уаг абон чырыстон сылгоймӕгтӕй бирӕтӕ ӕвдисынц.