Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ зонындзинады равдисут хиуылхӕцындзинад!

Уӕ зонындзинады равдисут хиуылхӕцындзинад!

Уӕ зонындзинады равдисут хиуылхӕцындзинад!

«Равдисут уӕ... ӕрхъуыдыдзинады хиуылхӕцын... [«зонындзинады хиуылхӕцындзинад», НД]» (2 ПЕТРЫ 1:5—8, НФ).

1. Адӕм зынтӕ цӕмӕн ӕвзарынц?

ИУ АФОН Иугонд Штатты наркотикты ныхмӕ стыр тох куы расидтысты, уӕд фӕсивӕдӕн дзырдтой: «Ӕрмӕст „нӕ” зӕгъ». Бӕргӕ, иууылдӕр ӕрмӕст наркотиктӕн нӕ, фӕлӕ ма нозт, ӕнӕзонд ӕмӕ ӕнӕфсарм митӕн, базарады хъуыддӕгты фӕлывд митӕ ӕмӕ «буары цыбӕлтӕн» дӕр «нӕ» куы зӕгъиккой, уӕд цард куыд хорз уаид! (Ромӕгтӕм 13:14, НФ). Фӕлӕ чи зӕгъдзӕн, ӕмӕ «нӕ» дзурын алы хатт ӕнцон у?

2. а) Раздӕр дӕр адӕмӕн «нӕ» зӕгъын алкӕд ӕнцон кӕй нӕ уыд, уымӕн Библийы цавӕр цӕвиттонтӕ ис? ӕ) Ацы цӕвиттонтӕ нын цавӕр фӕнд хъуамӕ фидар кӕной?

2 Ӕнӕххӕст адӕймагӕн хиуыл хӕцын зын у, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй хъуамӕ фӕнда базонын, нӕ хъӕндзинӕдтыл куыд ис уӕлахиз кӕнӕн, уый. Библийы дзырдӕуы, рагзаманты Хуыцауӕн удуӕлдайӕ чи лӕггад кодта, фӕлӕ-иу хатт «нӕ» зӕгъын зын кӕмӕн уыд, ахӕм адӕймӕгты тыххӕй. Хъуыды кӕндзынӕ, Давид ӕмӕ Вирсави лӕг ӕмӕ ус куы нӕма уыдысты, уӕд ӕмуд кӕй ӕрцыдысты, уый фыдӕй дыууӕ ӕнаххос адӕймаджы кӕй амард: сӕ сывӕллон ӕмӕ Вирсавийы лӕг (2 Паддзахӕдты 11:1—27; 12:15—18). Кӕнӕ ма ахъуыды кӕнӕм апостол Павелы ӕргом ныхӕстыл: «Цӕмӕ бӕллын, уыцы хорздзинад нӕ бакӕнын, фӕлӕ цӕмӕ нӕ бӕллын, уыцы фыдми-иу скӕнын» (Ромӕгтӕм 7:19, НФ). Дӕуӕн дӕр хатт дӕ ныфс афтӕ асӕтты? Павел ма загъта: «Мидӕггаг адӕймагмӕ гӕсгӕ ӕхсызгондзинад арын Хуыцауы закъоны; фӕлӕ мӕ уӕнгты уынын ӕндӕр закъон, тох кӕнӕг мӕ зонды закъонимӕ, ӕмӕ кӕнӕг мӕн мӕ уӕнгты тӕригъӕды закъонӕн уацайраг. Мӕгуыр адӕймаг дӕн ӕз! чи фервӕзын кӕндзӕн мӕн ацы мӕлӕтон буарӕй?» (Ромӕгтӕм 7:22—24). Библийы цы цӕвиттонтӕ ис, уыдон нын хъуамӕ фидар кӕной нӕ фӕнд — цыфӕндыйӕ дӕр хиуыл хӕцыныл ахуыр кӕнын.

Хиуыл хӕцыныл ахуыр кӕнын хъӕуы

3. Бамбарын кӕн, хиуылхӕцындзинад удыхъӕды ӕнцонтӕй цӕуылнӕ бацӕуы.

3 2 Петры 1:5—7 стихтӕ (НФ) хиуылхӕцыны, кӕнӕ «нӕ» дзурыны хъомысӕй уӕлдай ма уырнындзинад, хорз уаг, зонындзинад, фӕразондзинад, Хуыцауы ӕфсарм, ӕфсымӕрты уарзын ӕмӕ ӕппӕт адӕмы уарзыны кой дӕр кӕнынц. Ацы арфӕйаг миниуджытӕ гуырцӕй рахӕсгӕ не сты, кусын сыл хъӕуы. Ӕмӕ цӕмӕй нӕ удыхъӕды бацӕуой, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм фӕндфидар, стӕй ӕппӕт хъарутӕй архайӕм. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд хиуыл хӕцыныл кусын дӕр ӕнцон кӕцӕй уыдзӕн?

4. Бирӕтӕ сӕхимӕ хиуылхӕцгӕ цӕмӕн кӕсынц ӕмӕ уый цӕуыл дзурӕг у?

4 Бирӕтӕ сӕхимӕ кӕсынц тынг хиуылхӕцгӕ. Уыдон цӕрынц сӕхи уды фӕндиаг: чи зонгӕ-зонын, чи та ӕнӕрхъуыдыйӕ цӕуы йе ’нӕххӕст буары ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ монцты фӕдыл, ӕмӕ уымӕй йӕхи кӕнӕ искӕй исты фыдбылызы кӕй баппардзӕн, уый йӕм нымады дӕр нӕу (Иудӕйы 10). Адӕм ӕвзӕрдзинадӕн «нӕ» дзурын кӕй нӕ фӕразынц, стӕй сӕ фӕндгӕ дӕр кӕй нӕ кӕны, уый абоны хуызӕн ӕргом никуы ма уыд. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Павел цы «фӕстаг бонты» кой кодта, уыдон кӕй ралӕууыдысты: «Ӕрцӕудзӕн уӕззау рӕстӕджытӕ. Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕвзист уарзаг, хъал, сӕрыстыр, маргӕвзаг..., ӕнӕхиуылхӕцгӕ» (2 Тимофеймӕ 3:1—3).

5. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хиуыл хӕцыны тыххӕй цӕмӕн фӕнды базонын ӕмӕ цавӕр уынаффӕйӕн ис тых абон дӕр?

5 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз зонынц, адӕймагӕн хиуыл хӕцын зын кӕй у. Павелау уыдон дӕр ӕмбарынц, сӕ мидзӕрдӕйы кӕй цӕуы тох: иуӕрдыгӕй — Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыны фӕндон, иннӕрдыгӕй — ӕнӕххӕст буар сӕ цы хъуыддӕгтӕм амидин кӕны, уыдон. Уый хынцгӕйӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты рагӕй фӕстӕмӕ фӕнды базонын, уыцы тохы куыд ис уӕлахиз кӕнӕн, уый. Ныр дӕ къухы цы журнал ис, уымӕн 1916 азы йӕ радон номыр куы рацыд, уӕд дзы фыст уыд, зӕгъгӕ, «мах хъӕуы нӕхиуыл, нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ не ’взаджы рохтыл хӕцын ӕмӕ не ‘фсарм хъахъхъӕнын». Дзырд дзы цыд Филиппӕгтӕм 4:8 зӕрдыл дарыны тыххӕй. Ацы стихы Хуыцау цы уынаффӕ дӕтты, уый кӕд иу-2 000 азы размӕ фыст ӕрцыд, уӕддӕр ын абон дӕр ис тых, ӕмӕ йыл ныр, ӕвӕццӕгӕн, уӕды заман ӕмӕ 1916 азимӕ абаргӕйӕ, зындӕр у цӕуын. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр чырыстӕттӕ удуӕлдайӕ архайынц ацы дунейы цыбӕлтӕн «нӕ» дзурыныл, ӕмӕ йӕ ӕмбарынц, уымӕй се Сфӕлдисӕгӕн «о» кӕй зӕгъынц.

6. Хиуыл хӕцыныл кусгӕйӕ къухтӕ уадзын цӕуылнӕ хъӕуы?

6 Галатӕгтӕм 5:22, 23 гӕсгӕ хиуылхӕцындзинад хауы сыгъдӕг «уды дыргъмӕ». Ацы миниуӕг нӕм куы уа, стӕй ма «уарзондзинад, циндзинад, фидыддзинад, бирӕ фӕразондзинад, хорздзинад, фӕлмӕн зӕрдӕ, уырнындзинад, [ӕмӕ] фӕлмасдзинад», уӕд нын стыр ахъаз фӕуыдзысты. Афтӕмӕй, Петры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ «ӕнӕ фесгуыхгӕ ӕмӕ ӕнӕ дыргъӕй нӕ баззайдзыстӕм» (2 Петры 1:8, НФ). Фӕлӕ нӕ куыд фӕнды, афтӕ тагъд куы нӕ фидар кӕной нӕ удыхъӕды уыцы чырыстон миниуджытӕ, уӕд нӕ нӕ къухтӕ ӕруадзын ӕмӕ нӕхи ӕфхӕрын нӕ хъӕуы. Ахуырдзаутӕ дӕр ма скъолайы уыцы иу урок иухуызон тагъд куы нӕ бамбарынц. Кӕнӕ куыстуаты дӕр иу адӕймаг иннӕйӕ тагъддӕр базоны ног куыст. Чырыстӕттӕ дӕр афтӕ: уыцы миниуджытӕ иутӕн иннӕтӕй тагъддӕр бацӕуынц сӕ удыхъӕды. Ацы хъуыддаджы сӕрысӕйрагдӕр у ӕдзух, нӕ хъарутӕ нӕ цас амонынц, уыйбӕрц кусын Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ миниуджытыл. Уымӕн та нын стыр ӕххуыс бакӕндзӕн, Иегъовӕ нын йӕ Ныхасы ӕмӕ ӕмбырды фӕрцы цы амындтӕ дӕтты, уыдонмӕ гӕсгӕ куы аразӕм нӕ цард, уӕд уый. Сӕйрагдӕр у, нӕ фӕнд нӕ къухы куыд тагъд ӕфты, уый нӕ, фӕлӕ ӕппӕт хъарутӕй кӕй архайӕм, уый.

7. Хиуылхӕцындзинад ахсджиаг миниуӕг кӕй у, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

7 Сыгъдӕг уд цы миниуджытӕ ӕвзӕрын кӕны, уыдоны хыгъды кӕд хиуылхӕцындзинад ӕппӕты фӕсте лӕууы, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ахсджиаг нӕу. Ӕгӕр ахсджиаг дӕр ма у. Алы хъуыддаджы дӕр хиуыл хӕцын куы зониккам, уӕд нӕ бон уаид «буары митӕй» се ’ппӕтӕй дӕр хи уромын, ӕмӕ нӕ уый хъуамӕ рох ма уа. Фӕлӕ ӕнӕххӕст адӕм ӕмхиц сты «буары митӕм... хӕтындзинад, хъахбайдзинад, ӕнӕуаг ми, ӕнӕфсарм ми, гуымирытӕн кувын, кӕлӕнтӕ кӕнын, знагдзинад, зӕгъдтытӕ, хӕлӕг, маст, быцӕутӕ, хивӕндон, сайӕгой митӕ, дины фӕдихмӕ» (Галатӕгтӕм 5:19, 20, НФ). Уый тыххӕй хъуамӕ иудадзыг тох кӕнӕм — нӕ зӕрдӕйӕ чъизи фӕндтӕ ӕд уидаг тонӕм ӕмӕ нӕ сӕрӕй ӕнӕуаг хъуыдытӕ сурӕм.

Иуӕй-иутӕн тох кӕнын зындӕр у

8. Иуӕй-иутӕн хиуыл хӕцын зындӕр цӕмӕн у?

8 Иуӕй-иу чырыстӕттӕн хиуыл хӕцын зындӕр у. Цӕмӕн? Кӕм хъомылады, кӕм та ивгъуыд царды тыххӕй. Кӕд нын хиуыл хӕцын зын нӕу, уӕд уый ӕхсызгон хъуыддаг куыннӕ у. Фӕлӕ хиуыл хӕцын зын кӕмӕн у, уыдоны хъуамӕ ӕмбарӕм, кӕд нын сӕ митӕ ӕхсызгон нӕ вӕййынц, уӕддӕр. Ӕмӕ кӕд иууылдӕр ӕнӕххӕст стӕм, уӕд чи зӕгъдзӕн, ӕмӕ ӕз ӕнӕфау дӕн, зӕгъгӕ? (Ромӕгтӕм 3:23; Ефесӕгтӕм 4:2).

9. Иуӕй-иутӕм цавӕр лӕмӕгъдзинӕдтӕ ис ӕмӕ уыдонӕй бынтондӕр кӕд фервӕздзыстӕм?

9 Ӕркӕсӕм цӕвиттонтӕм. Гӕнӕн ис, ӕмӕ зонӕм, не ’мчырыстӕттӕй раздӕр тамако чи дымдта кӕнӕ наркотиктӕ чи кодта, уыдоны хатгай ацы монцтӕ сӕ быны кӕй фӕцӕйкӕнынц. Чидӕр та хӕрд ӕмӕ нозтмӕ нӕ лӕууы. Кӕмӕндӕр зын у йе ’взаг уромын, ӕмӕ уый тыххӕй ныхасы арӕх фӕрӕдийы. Уыдӕттӕй хи бахизынӕн хъуамӕ удуӕлдайӕ архайой хиуылхӕцындзинад удыхъӕды фидар кӕныныл. Цӕмӕн? Иаковы 3:2 (НФ) уый фӕдыл ӕргом дзырдӕуы: «Не ’ппӕт дӕр, ӕвӕдза, тыхджын куы рӕдийӕм. Йӕ ныхасы чи нӕ рӕдийа, уый у ӕххӕст адӕймаг, йӕ буар ӕгасӕй дӕр уромынхъом чи у, ахӕм». Ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ ӕхцайыл ахъазын кӕй фӕфӕнды. Кӕмӕндӕр та зын вӕййы йӕ маст уромын. Ацы кӕнӕ ӕндӕр ахӕм лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнынӕн, чи зоны, бахъӕуа рӕстӕг. Ӕмӕ нын кӕд ныридӕгӕн дӕр бирӕ ӕнтысы, уӕддӕр зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтӕй бынтондӕр ӕрмӕст, ӕххӕст адӕймӕгтӕ куы суӕм, уӕд фервӕздзыстӕм. Ныр та уал нӕ хъӕуы архайын хиуыл хӕцын, цӕмӕй фӕстӕмӕ тӕригъӕды фӕндагмӕ ма аздӕхӕм. Тох дарддӕр цӕуы, ӕмӕ цӕй, кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнӕм фидар лӕууынӕн (Куыстытӕ 14:21, 22).

10. а) Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы кӕрӕдзимӕ цы уӕздан ӕнкъарӕн кӕнӕ монц фелвасы, ууыл хӕцын иуӕй-иутӕн уӕлдай зын цӕмӕн вӕййы? ӕ) Иу ӕфсымӕр цавӕр стыр хъуыддаг сарӕзта? (Кӕс фӕлгӕты 10 фарсыл.)

10 Кӕмӕндӕр ма зын вӕййы, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы кӕрӕдзимӕ цы уӕздан ӕнкъарӕн фелвасы, ууыл хӕцын. Уыцы монц нын нӕ уӕнджы Иегъовӕ Хуыцау бавӕрдта. Фӕлӕ иуӕй-иутӕн уыцы ӕнкъарӕн кӕнӕ монц уӕлдай зындӕр уромӕн вӕййы, Хуыцауы уагӕвӕрдты сӕрты нӕ хизгӕйӕ. Уӕлдай зын ма уымӕн у, ӕмӕ сын уыцы ӕнкъарӕн вӕййы тынг тыхджын. Ацы хӕлд ӕмӕ сӕфт дуне алы амӕлттӕй архайы уыцы уӕздан ӕнкъарӕн ноджы тынгдӕр сцырен кӕныныл. Уымӕ гӕсгӕ уый зын кӕны, Хуыцауӕн йӕ зӕрдӕйы фӕндиаг лӕггад кӕныны тыххӕй ус курын кӕнӕ чындзы цӕуыны фӕнд ӕппындӕр кӕнӕ нырма кӕмӕ нӕй, уыцы чырыстӕттӕн (1 Коринфӕгтӕм 7:32, 33, 37, 38). Фӕлӕ кӕд Библийы амындмӕ гӕсгӕ, зӕгъгӕ, «хуыздӕр... у ус ӕрхӕссын-мой скӕнын, цӕйнӕфӕлтау хи-иу сцырын кӕнын» (НФ), хо мой кӕныны, ӕфсымӕр та ус курыны фӕнд куы скӕна, уӕд уый дзурӕг уыдзӕн уаг ӕмӕ ӕгъдауыл. Стӕй сӕ уыцы хъуыддаг бакӕнын фӕнды Сыгъдӕг Фыстады фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ — бинонтӕ «Хицауы мидӕг» скӕнын (1 Коринфӕгтӕм 7:9, 39). Иегъовӕйӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг ӕхсызгон у, ахӕм хотӕ ӕмӕ йын ӕфсымӕртӕ йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтыл фидар кӕй хӕцынц, уый. Уӕдӕ се ’муырнджытӕн дӕр ӕхсызгон куыннӕ у, Хуыцауӕн ахӕм хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕнаипп лӕппутӕ ӕмӕ чызджытимӕ иумӕ лӕггад кӕнын.

11. Не ’мчырыстӕттӕй цардӕмбал ссарын кӕй фӕнды, фӕлӕ кӕмӕн нӕ уайы, уыдоны зӕрдӕтӕ куыд ис фидар кӕнӕн?

11 Фӕлӕ зӕгъӕм, чидӕр нӕма ссардта цардӕмбал. Ахъуыды ма кӕн, фӕнды йӕ цардӕмбал ссарын, фӕлӕ йын нӕ уайы — куыннӕ мӕт кӕндзӕн уӕд! Чи зоны, йе ’мбӕлттӕ бинонты хъуыддаг бакодтой ӕмӕ уыны, куыд амондджын сты, уый. Уый тыххӕй-иу иуӕй-иутӕ ныххӕцыдысты иу ӕвзӕр ӕгъдауыл — мастурбацийыл, ӕмӕ дзы сӕ бон фервӕзын нӕ уыд. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр чырыстӕттӕй никӕй фӕнды, цӕмӕй, йе ’фсарм дӕлӕмӕ чи нӕ уадзы, уыдонӕн ныхасӕй сӕ зӕрдӕ марой. Не ’муырнджытӕй искӕй ӕнӕрхъуыдыйӕ дӕр афтӕ куы афӕрсӕм, зӕгъгӕ, ус нӕма курыс кӕнӕ мой нӕма кӕныс, уӕд сӕ, гӕнӕн ис, фӕхъыг кӕнӕм. Ӕмӕ кӕд афтӕ адӕймаджы смӕстджын кӕныны тыххӕй нӕ загътам, уӕддӕр куыд хорз уаид, ӕмӕ не ’взаг куы уромиккам! (Псалом 38:2). Нӕ ӕнӕцыд чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕнӕус ӕфсымӕртӕ сӕ сӕры кад дӕлӕмӕ кӕй нӕ уадзынц, уый тыххӕй сты раппӕлинаг. Нӕ ныхасӕй сын сӕ зӕрдӕ халыны бӕсты хъуамӕ исты саразӕм, цӕмӕй бафидар уой. Дзырдӕн зӕгъӕм, уырнындзинады фӕлтӕрд чырыстӕттӕ цалдӕрӕй бадт куы аразой кӕнӕ пайда чи у, ахӕм хабӕрттыл аныхас кӕнынмӕ куы ӕмбырд кӕной, уӕд уырдӕм фӕхонӕн ис ӕнӕцыд хотӕ ӕмӕ ӕнӕус ӕфсымӕрты дӕр.

Лӕг ӕмӕ ус дӕр хъуамӕ зоной хиуыл хӕцын

12. Ӕмкъайады чи ис, уыдон дӕр сӕхиуыл цӕмӕн хъуамӕ хӕцой?

12 Адӕймаг ӕмкъайады куы уа, уӕддӕр нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы сусӕг ахастдзинӕдты хъӕуы хиуыл хӕцын. Ацы ӕнкъарӕн кӕнӕ монц лӕг ӕмӕ усӕн иухуызон нӕ вӕййы. Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ ӕнӕниздзинады тыххӕй ус кӕнӕ лӕгӕн хаттӕй-хатт зын вӕййы кӕнӕ ӕппындӕр нӕ вӕййы сӕ бон, кӕрӕдзийы раз сыл цы хӕс ис, уый ӕххӕст кӕнын. Кӕд, мыййаг, ӕмкъӕйттӕй иуӕн йӕ ивгъуыд царды тыххӕй зын у ӕххӕст кӕнын амынд, «лӕг уадз ӕххӕст кӕнӕд ӕмкъайон хӕс, афтӕ ус дӕр йӕ лӕгӕн», уӕд иннӕ хъуамӕ хӕца йӕхиуыл. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр хорз уаид, сӕ дыууӕ дӕр сӕ зӕрдӕмӕ куы айсиккой, Павел усджын ӕфсымӕртӕ ӕмӕ моймӕдзыд хотӕн цы уынаффӕ радта, уый: «Кӕрӕдзийӕ уӕхи иуварс ма кӕнут, ӕрмӕст ӕмвӕндӕй, рӕстӕгмӕ, комдарыны ӕмӕ кувыны фӕлтӕрыны рӕстӕг, уый фӕстӕ та ут иумӕ, цӕмӕй уӕ ма фӕлвара хӕйрӕг уӕхи нӕ уромынӕй» (1 Коринфӕгтӕм 7:3, 5).

13. Хиуыл хӕцыныл чи ахуыр кӕны, уыдоны тыххӕй нӕ бон цы у кӕнын?

13 Уыцы ӕппӕты сусӕгдӕр ахастдзинӕдты лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр хиуыл хӕцын куы сахуыр уой, уӕд сты амондджын. Фӕлӕ не ’муырнджытӕй уыцы хъуыддаджы хиуыл хӕцын нырма хорз кӕмӕн нӕ уайы, уыдоны хъӕуы ӕмбарын. Хъуамӕ нӕ ма рох кӕна иу хъуыддаг: Иегъовӕйӕ не ’мчырыстон ӕфсымӕртӕн курӕм ӕмбаргӕдзинад, ныфс ӕмӕ хъарутӕ, цӕмӕй дарддӕр дӕр ахуыр кӕной хиуыл хӕцын ӕмӕ ӕвзӕр фӕндтыл уӕлахиз кӕнын (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

Дарддӕр дӕр кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнут

14. Не ’мчырыстӕтты ӕмбарын ӕмӕ сын тӕригъӕд кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

14 Хатгай, чи зоны, нӕ бамбарӕм не ’мчырыстӕтты, уымӕн ӕмӕ махӕн цы хъуыддӕгты уайы хиуыл хӕцын, уыдон ахӕмты хиуыл хӕцын нӕ фӕзонынц. Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы, ӕмӕ адӕм иухызон не сты: чидӕр ӕвиппайды рафыцы, чидӕр та — нӕ, кӕмӕндӕр йӕхи ӕнцондӕр у уромын, кӕмӕндӕр та — зындӕр. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ ма рох кӕна — хиуыл хӕцыныл ахуыр чи кӕны, уый фыдадӕймаг схонӕн нӕй. Не ’мчырыстӕтты ӕмбарын хъӕуы, стӕй сын тӕригъӕд кӕнын дӕр хъӕуы. Матфейы 5:7 Йесо цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, хиуыл хӕцыныл удуӕлдайӕ чи тох кӕны, уыдонӕн куы хатыр кӕнӕм, фӕлмӕнзӕрдӕ куы уӕм, уӕд нӕхӕдӕг дӕр уыдзыстӕм амондджындӕр.

15. Хиуыл хӕцыныл чи ахуыр кӕны, уымӕн Псалом 129:3 ныфсы хос цӕмӕн у?

15 Кӕд не ’муырнджытӕй искӕмӕ разыны, чырыстон адӕймагыл чи нӕ фидауы, ахӕм митӕ, уӕддӕр ӕм знаджы цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Куыд ӕхсызгон у, ӕвӕдза, цы иу цыдӕр нын нӕ рауайы, ӕрмӕст уый кӕй нӕ уыны Иегъовӕ, фӕлӕ ма нын хорз цы бирӕ цыдӕртӕ уайы, уыдӕттӕ дӕр,— кӕд сӕ не ’муырнджытӕ нӕ уынынц, уӕддӕр. Стыр ныфсы хос нын уыдзӕн Псалом 129:3: «Хицау, Ды куы фиппайай ӕнӕзакъондзинӕдтӕ,— Хицау! чи бафӕраздзӕн?»

16, 17. а) Галатӕгтӕм 6:2, 5 стихтӕ куыд ис хиуыл хӕцынмӕ ахӕссӕн? ӕ) Хиуыл хӕцыны тыххӕй ма цы базондзыстӕм?

16 Цӕмӕй нӕ Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕна, уый тыххӕй нӕ хъуамӕ алчидӕр хиуыл хӕцыныл ахуыр кӕна. Фӕлӕ нӕ не ’мчырыстӕттӕ дӕр нӕ ныууадздзысты. Кӕд алкӕмӕндӕр йӕ уаргъ йӕхицӕн хӕсгӕ у, уӕддӕр нӕм Библи сиды, зӕгъгӕ, уӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнут уӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнын (Галатӕгтӕм 6:2, 5). Мах хъуамӕ аргъ кӕнӕм нӕ ныййарджытӕ, ӕмкъӕйттӕ ӕмӕ хӕлӕрттӕн, кӕдӕм нын не ’мбӕлы, уырдӕм нӕ кӕй нӕ уадзынц цӕуын, цӕмӕ нын не ’мбӕлы кӕсын, уымӕ нӕ кӕй нӕ уадзынц кӕсын, стӕй нын цы не ’мбӕлы аразын, уый аразын кӕй нӕ уадзынц, уый тыххӕй. Уыдон нын тынг ӕххуыс кӕнынц хиуыл хӕцын ахуыр кӕныныл, ӕвзӕрдзинадӕн «нӕ» дзурыныл.

17 Чырыстӕттӕй бирӕтӕ, ӕвӕццӕгӕн, разы сты, хиуыл хӕцыны тыххӕй ныронг цы дзырдтам, ууыл, фӕлӕ, чи зоны, хъуыды кӕнынц, сӕ удыхъӕды нырма бирӕ ивинӕгтӕ кӕй ис. Тынг сӕ фӕнды, ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон цас у, уыйбӕрц хиуыл хӕцыныл сахуыр кӕнын. Ды дӕр уымӕ бӕллыс? Кӕд о, уӕд дӕ бон куыд у ацы миниуӕг, Хуыцауы сыгъдӕг уды дыргъ, дӕ удыхъӕды фидар кӕнын? Ӕмӕ, чырыстон фӕндагыл цӕугӕйӕ цы нысӕнттӕм тырныс, уыдон уый руаджы дӕ къухы куыд бафтдзысты? Уымӕ ӕркӕсӕм иннӕ статьяйы.

Бахъуыды кодтай?

• Чырыстӕттӕ сӕ удыхъӕды хиуылхӕцындзинад цӕмӕн хъуамӕ фидар кӕной?

• Хиуыл хӕцын иуӕй-иутӕн зындӕр цӕмӕн у?

• Лӕг ӕмӕ ус хиуыл хӕуыныл цӕмӕн хъуамӕ ахуыр кӕной?

• Хиуыл хӕцын кӕрӕдзийӕн куыд хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Ныв 10 фарсыл]

Йӕ бон баци «нӕ» зӕгъын

Германы иу Ӕвдисӕн куыста телерадиокомпанийы. Дзуапп лӕвӕрдта иу-30 алыхуызон теле- ӕмӕ радиолӕвӕрдӕн: ралӕвӕрдтӕй-иу искӕцы куы фӕкъуыхцы, уӕд-иу ӕм хъуамӕ ӕркастаид. Уый афтӕ зӕгъы: «Ралӕвӕрдтӕ-иу фӕкъуыхцы сты раст уыцы афон, телевизорӕй-иу фыдмитӕ ӕмӕ хӕлд нывтӕ куы ӕвдыстой. Уыцы ӕбуалгъы нывтӕ-иу мӕ хатт, бон нӕ, фӕлӕ къуыригӕйттӕ дӕр нӕ ферох сты,— раст мын-иу сӕ цыма мӕ сӕры исчи ныффыста, уыйау». Уыцы ӕфсымӕр ӕргом зӕгъы, уый йӕ уырнындзинадыл ӕвзӕрырдӕм кӕй фӕзынд: «Ӕнӕуи дӕр тагъд рамӕсты вӕййын, ӕмӕ ма-иу фыдмитӕ куы федтон, уый фӕстӕ та-иу мын ноджы зындӕр уыд мӕхиуыл хӕцын. Хӕлд нывтӕ кӕй уыдтон, уый фыдӕй та-иу мӕ бинойнагимӕ ӕддӕг-мидӕг ауадыстӕм. Алы бон дӕр уыцы хъуыдытимӕ тох кодтон. Цӕмӕй мыл ма фӕуӕлахиз уыдаиккой, уый тыххӕй скарстон — цӕуын ӕндӕр куыстмӕ, кӕд дзы къаддӕр мызд уа, уӕддӕр. Хӕрзӕрӕджы ног куыст ссардтон. Мӕ фӕндтӕ мӕ къухы бафтыдысты».

[Нывтӕ 9 фарсыл]

Библийӕ цы базонӕм, уый руаджы нӕ бон у хиуыл хӕцын.