Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕмӕн ӕххуыс кӕн Паддзахады хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсынӕн

Адӕмӕн ӕххуыс кӕн Паддзахады хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсынӕн

Адӕмӕн ӕххуыс кӕн Паддзахады хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсынӕн

«Агриппӕ загъта Павлӕн: „Басастай мӕ, бирӕ нал хъӕуы, цӕмӕй ӕз дӕр счырыстон уон!“» (КУЫСТЫТӔ 26:28, НФ).

1, 2. Апостол Павел хицау Фесты ӕмӕ паддзах Ирод Агриппӕ II раз цӕй тыххӕй ӕрлӕууыд?

НӔ ЭРӔЙЫ 58 азы паддзах Ирод Агриппӕ II ӕмӕ йӕ хо Вереникӕ фысым кодтой Кесарийы ромаг хицау Порций Фестмӕ. Иерусалимӕй ӕрцыдысты Фесты курдиатмӕ гӕсгӕ. Дыккаг бон «иттӕг аив арӕстӕй... бацыдысты тӕрхондоны гӕнахмӕ минысӕрдартимӕ ӕмӕ иууылномдзыддӕр сахайрӕгтимӕ». Фест бардзырд радта, цӕмӕй сын сӕ размӕ ӕрбакодтаиккой апостол Павелы. Фӕлӕ цымӕ цӕмӕн ӕрлӕууын кодтой Йесо Чырыстийы фӕдылдзӕуӕджы Фесты раз? (Куыстытӕ 25:13—23, НФ).

2 Уый базонӕн ис, Фест йӕ уазджытӕн цы загъта, уымӕй: «О, Паддзах Агриппӕ, ӕмӕ, немӕ чи ис, уыцы лӕгтӕ иууылдӕр! Ныр ӕй уынут, Иудеӕгтӕ кӕй тыххӕй чыртӕ кодтой Иерусалимы ӕмӕ ам дӕр мӕныл-иу ныццӕндысты, хъӕргӕнгӕйӕ — ай хъуамӕ мауал цӕра! Фӕлӕ ӕз ссардтон, ай кӕй ницы ракодта мӕлӕты аккагӕй, уый; фӕлӕ йӕхӕдӕг паддзахӕн йӕхи тӕрхон кӕм бацагуырдта, уым ахицӕн кодтон, уымӕ йӕ арвитын. Фӕлӕ бӕлвырдӕй мӕм ницы ис, ай тыххӕй стыр Хицаумӕ цы ныффыссон, ахӕм; ай тыххӕй йӕ ракодтон уӕ размӕ, уӕлдайдӕр та дӕ размӕ, о паддзах Агриппӕ, цӕмӕй, хъуыддаг равзаргӕйӕ, цы дзы афыссон, уый мӕм уа. Цӕвиттон афтӕ мӕм кӕсы, ӕмӕ уый зондджын ми нӕ уыдзӕн, ахӕсты арвитын, ӕнӕ равдисгӕйӕ ууыл хъӕстытӕ» (Куыстытӕ 25:24—27, НФ).

3. Дины разамонджытӕ Павелыл тугтӕ цӕмӕн ӕрымысыдысты?

3 Фесты ныхӕстӕй куыд зыны, афтӕмӕй Павелы азымджын кодтой, зӕгъгӕ, адӕмы змӕнты — ахӕм фыдракӕндӕн та хастой мӕлӕты тӕрхон (Куыстытӕ 25:11). Фӕлӕ Павел аххосджын нӕ уыд. Уыцы тугтӕ йыл ӕрымысыдысты Иерусалимы цӕрӕг дины разамонджытӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ цӕстысындз уыдис. Уыдон Павелы нӕ уагътой Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын ӕмӕ, адӕмы Йесо Чырыстийы фӕндагыл кӕй арӕзта, уымӕ сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цыд. Павелы Иерусалимӕй тынг бирӕ хъахъхъӕнджытимӕ ӕркодтой наулӕууӕн сахар Кесаримӕ, цӕмӕй Кесӕрмӕ йӕ хъаст бахастаид. Уырдыгӕй та йӕ хъуамӕ ахастаиккой Роммӕ.

4. Паддзах Агриппӕ ӕргом цӕуыл басаст?

4 Нӕ цӕстытыл ма ауайын кӕнӕм ахӕм ныв: Павел лӕууы адӕмы раз хицауады галуаны. Се ’хсӕн ис Ромы паддзахады стырдӕр облӕсты хицау. Паддзах Агриппӕ разылд Павелмӕ ӕмӕ йын дзуры: «Дзурыны бар дын ис». Павел дзырд нӕма фӕци, афтӕ ӕрцыд иу диссаг — йӕ ныхӕстӕ паддзах Агриппӕйы зӕрдӕмӕ хъарын райдыдтой ӕмӕ нал фӕлӕууыд: «Басастай мӕ, бирӕ нал хъӕуы, цӕмӕй ӕз дӕр счырыстон уон!» (НФ) (Куыстытӕ 26:1—28).

5. Павелы ныхӕстӕ Агриппӕйы зӕрдӕмӕ цӕмӕн бахъардтой?

5 Диссаг! Павел йӕхи сӕрыл арӕхстджынӕй кӕй дзырдта, уый фӕрцы Хуыцауы Ныхас паддзахы зӕрдӕмӕ бахъардта (Дзуттытӕм 4:12). Йӕ ныхӕстӕ Агриппӕйы зӕрдӕмӕ цӕмӕн бахъардтой? Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн Павелы ныхӕстӕй зондӕн райсӕн цы ис? Йӕхи тыххӕй цы дзырдта, уымӕй рахицӕн кӕнӕн ис дыууӕ хъуыддаджы: 1) Павелӕн йӕ ныхасы уыд уӕз; 2) Хуыцауы Ныхасӕй цы базыдта, уымӕй пайда кодта, растдӕр ӕрмгуыстгӕнӕг кусӕнгарзӕй куыд арӕхстджынӕй фӕархайы, афтӕ.

Дӕ ныхасы уӕз уӕд

6, 7. а) Библимӕ гӕсгӕ «басӕттын» цы нысан кӕны? ӕ) Цӕмӕй адӕймаг Библийы ахуырад йӕ зӕрдӕмӕ айса, уый тыххӕй дӕ ныхасы уӕз цӕмӕн хъуамӕ уа?

6 Куыстыты чиныджы «басӕттын» цы рагон грекъаг дзырдтӕй раивдӕуыд, уыдон арӕх баст вӕййынц Павелы архайдимӕ. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны куыстмӕ та куыд хауы уый?

7 Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ цы ’взагыл фыст ӕрцыдысты, уыцы ’взагыл «басӕттын» Вайны дзырдуатмӕ гӕсгӕ нысан кӕны «хиуыл баууӕндын кӕнын» кӕнӕ «бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕсгӕйӕ ӕмӕ зонд амонгӕйӕ адӕймаджы хъуыды фӕивын» («Expository Dictionary of New Testament Words»). Ацы дзырд куы равзарӕм, уӕд ын йӕ мидис ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм. Уый амоны ӕууӕндын кӕнын. Уӕдӕ кӕд дӕ ныхӕстӕй адӕймаг Библийӕ искӕцы ахуырад йӕ зӕрдӕмӕ айста, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дыл баууӕндыди ӕмӕ йӕ уырны, уыцы ахуырад раст кӕй у. Цӕмӕй адӕймаг Библийыл баууӕнда ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕра, уый тыххӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фаг нӕу ӕрмӕст дзурын, зӕгъгӕ, Библийы афтӕ фыст ис. Кӕимӕ ныхас кӕныс,— уӕлдай нӕу, сывӕллон уа, дӕ сыхаг, дӕ хӕстӕг, де ’мкусӕг ӕви скъолайы кӕимӕ ахуыр кӕныс,— хъуамӕ йӕ фидарӕй уырна, дӕ ныхӕстӕ раст кӕй сты (2 Тимофеймӕ 3:14, 15).

8. Сыгъдӕг Фыстады цы фыст ис, уый раст кӕй у, ууыл куыд ис адӕймаджы баууӕндын кӕнӕн?

8 Хуыцауы Ныхасӕй цы дзурыс, уый раст кӕй у, ууыл адӕймаджы баууӕндӕн кӕнӕн куыд ис? Павел кӕимӕ ныхас кодта, уыдоны зонд ивыныл йӕ уд кӕй хъардта, уый тыххӕй сын фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста, семӕ зӕрдӕбын ныхас кодта ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕрӕдзийыл хорз баста *. Уӕдӕ, цавӕрдӕр ахуырад раст у, зӕгъгӕ, дзурыны бӕсты хуыздӕр уаид, дӕ ныхӕстӕн-иу бындур куы уаид. Уымӕн гӕнӕн куыд ис? Дӕхи хъуыдытӕ хъуамӕ ма дзурай, фӕлӕ Хуыцауы Ныхасӕй ист хъуыдытӕ. Афтӕ ма, Сыгъдӕг Фыстадӕй цы дзурыс, уымӕн дын хъуамӕ уа бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 16:23). Зӕгъӕм, коммӕгӕс адӕм зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты, ууыл куы дзурай, уӕд дӕ бон у Фыстадӕй бындурӕн ӕрхӕссын Лукайы 23:43 кӕнӕ Исай 65:21—25. Ацы стихтыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уымӕн ма бӕлвырдгӕнӕн цы ис ӕрхӕссӕн? Кӕимӕ ныхас кӕнай, уымӕн ӕрхӕссӕн ис, зонгӕ йын чи у, ахӕм цӕвиттонтӕ. Йӕ зӕрдыл ын ӕрлӕууӕн кӕнӕн ис, алкӕй бон дӕр нӕ кӕй у диссаджы хурныгуылдмӕ лӕвар кӕсын. Кӕнӕ дидинджыты ӕхсызгон тӕфмӕ басмудынӕн, дыргъы адджын ад банкъарынӕн ӕмӕ, мӕргътӕ сӕ цъиутӕн куыд хӕрын кӕнынц, уымӕ кӕсынӕн дӕр нӕ ӕхца фидын кӕй нӕ хъӕуы. Бамбарын ын кӕн, зӕгъгӕ, Сфӕлдисӕг ахӕм диссӕгтӕ уымӕн скодта, цӕмӕй адӕймаджы зӕрдӕ цардӕй райа (Екклесиаст 3:11, 12).

9. Хъусынгӕнгӕйӕ ӕмбаргӕ ныхас куыд ис кӕнӕн?

9 Кӕд дӕ фӕнды, ӕмӕ адӕймаг Библийы ахуырад йӕ зӕрдӕмӕ айса, уӕд хъуамӕ тыхдзырд ма кӕнай, цӕмӕй дӕ ма схъыг уа. Чиныг «Хъусынгӕнджыты скъола» фӕдзӕхсы: «Адӕймаг рагӕй цӕуыл ӕууӕнды ӕмӕ йын зынаргъ цы у, уый тыххӕй йын цӕхгӕр куы зӕгъай, раст нӕу, зӕгъгӕ, суанг ын Библийӕ бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр куы ’рхӕссай, уӕддӕр дын дӕ ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ айсдзӕн. Зӕгъӕм, куы йын зӕгъай, ахӕм ӕмӕ ахӕм бӕрӕгбон кӕнын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ уидӕгтӕ муртаттаг динмӕ кӕнынц, уӕд уымӕй уыцы бӕрӕгбонмӕ ӕндӕр цӕстӕй нӕ кӕсдзӕн. Иууыл хуыздӕр уыдзӕн, ӕмбаргӕ ныхас куы кӕнӕм». Цӕмӕн хъӕуы ӕмбаргӕ ныхас кӕнын? Уый тыххӕй чиныджы фыст ис: «Адӕмимӕ ӕмбаргӕ ныхас куы кӕнӕм, уӕд сӕ сӕ хъуыдытӕ дзурынмӕ разӕнгард кӕндзыстӕм, хъуыдытыл сӕ ӕфтаудзыстӕм, ӕмӕ нын иннӕ хатт дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн семӕ аныхас кӕнын. Уӕд нӕ ныхасы уыдзӕн уӕз» (Колоссӕгтӕм 4:6).

Уӕз цы ныхасы ис, уый зӕрдӕмӕ тынгдӕр хъары

10. Павел Агриппӕйы раз йӕхи тыххӕй дзурын куыд райдыдта?

10 Ныр ноджы лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм, Павел йӕхи тыххӕй Куыстыты чиныджы 26 сӕры цы дзуры, уымӕ. Кӕс ма, йӕ ныхас куыд райдыдта. Павел раппӕлыд паддзах Агриппӕйӕ, кӕд уый йӕ хо Вереникӕимӕ хӕтыд, уӕддӕр, ӕмӕ загъта: «О, паддзах Агриппӕ! Амондджын хонын мӕхи, абон дӕ разы мӕ бон кӕй у, Иудеӕгтӕ мӕн азимаг цӕй тыххӕй кӕнынц, уыцы хъуыддагӕн дзуапп раттын, уӕлдайдӕр та уымӕн, ӕмӕ ды зоныс Иудеӕгтӕн сӕ алы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ дзырддӕгтӕ. Ай тыххӕй курын дӕуӕй, дӕ хъус мӕм бадар зӕрдӕхӕларӕй» (Куыстытӕ 26:2, 3, НФ).

11. Павел Агриппӕйӕн куыд скад кодта ӕмӕ уый цӕмӕ ’ркодта?

11 Агриппӕ стыр бынат кӕй ахсы, уымӕ гӕсгӕ йӕм Павел паддзахы номӕй кӕй бадзырдта, уый бафиппайдтай? Уымӕй бӕрӕг уыд, Павел паддзах Агриппӕйӕн кӕй кад кӕны ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕны (1 Петры 2:17). Апостол Павел зыдта, Агриппӕ хорз кӕй зоны йӕ дӕлбар уӕвӕг дзуттыты ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ закъӕттӕ. Ӕмӕ йын зӕгъгӕ дӕр уымӕн кодта, зӕгъгӕ, амондджын дӕн, дӕ хуызӕн ахуыргонд паддзахы раз мӕ бон кӕй у, зылын мӕ цӕй тыххӕй кӕнынц, уымӕн дзуапп раттын. Агриппӕ чырыстон диныл хӕст кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй йӕм Павел уӕлейӕ бынмӕ нӕ каст (Филиппӕгтӕм 2:3). Уый бӕсты дзы Павел куырдта, цӕмӕй йӕм зӕрдӕхӕларӕй байхъуыстаид. Уымӕ гӕсгӕ Павелы ныхас афтӕ рауад, ӕмӕ цы зӕгъинаг уыд, уымӕ канд Агриппӕ нӕ, фӕлӕ ма уым чи уыди, уыдон дӕр цӕттӕ уыдысты байхъусынмӕ. Павел йӕ ныхас райдыдта, иннӕтӕн дӕр зонгӕ цы уыд, уымӕй, ӕмӕ йын афтӕмӕй ӕнцондӕр уыд бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссын.

12. Паддзахады хабар хъусын кӕнгӕйӕ нӕ бон куыд у адӕмы зӕрдӕмӕ фӕндаг арын?

12 Павел Агриппӕйы раз куыд дзырдта, афтӕ мах дӕр Паддзахады хабар хъусынгӕнгӕйӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ ныхас райдианӕй кӕронмӕ хъара адӕмы зӕрдӕмӕ. Уый тыххӕй, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонӕн хъуамӕ кад кӕнӕм, зӕрдӕбынӕй сыл тыхсӕм ӕмӕ сын сӕ хъуыдыйӕн аргъ кӕнӕм (1 Коринфӕгтӕм 9:20—23).

Хуыцауы Ныхасӕй арӕхстджынӕй пайда кӕн

13. Павелау дӕ бон куыд у, кӕмӕн хъусын кӕныс, уыдоны разӕнгард кӕнын?

13 Павел кӕмӕн хъусын кодта, уыдоны разӕнгард кодта хорз хабармӕ гӕсгӕ архайын (1 Фессалоникӕгтӕм 1:5—7). Уый тыххӕй сын агайдта сӕ зӕрдӕ — се ’нкъарӕнты ратӕдзӕн. Хъуыды ма кӕнӕм, Павел Агриппӕйы раз йӕхи тыххӕй куы дзырдта, уӕд, Моисей ӕмӕ пехуымпарты ныхӕстӕ кӕй хаста, уый руаджы «ӕцӕгады дзырд раст кӕй амыдта» (2 Тимофеймӕ 2:15, НФ).

14. Бамбарын кӕн, Павел Агриппӕйы раз куы дзырдта, уӕд йӕ ныхасы уӕз куыд уыд.

14 Павел зыдта, Агриппӕ йӕхи иудейты диныл хӕст лӕгыл кӕй нымадта. Агриппӕ иудаизмы тыххӕй цы зыдта, уый хынцгӕйӕ йын Павел Миссиайы мӕлӕт ӕмӕ райгасы тыххӕй загъта: «Раздӕр пехуымпартӕ ӕмӕ Моисей цы дзырдтой, ӕз дӕр уымӕй уӕлдай куы ницы загъын,— ома адӕттӕн ӕнӕрцӕугӕ кӕй нӕ уыдис» (Куыстытӕ 26:22, 23, НФ). Павел Агриппӕйы комкоммӕ бафарста: «Ӕууӕндыс, мыййаг, паддзах Агриппӕ, пехуымпартыл?» Агриппӕ цы загътаид, уый нӕ зыдта. Куы зӕгъа, зӕгъгӕ, пехуымпартыл не ’ууӕндын, уӕд иудейты цӕсты йӕ кад ӕрхаудзӕн. «О» куы зӕгъа, уӕд уый та дзурӕг уыдзӕн, апостол Павелы ныхӕстыл разы кӕй у, ӕмӕ йӕ уӕд адӕм чырыстон рахондзысты. Павел йӕхи фарстӕн раст дзуапп радта: «Зонын, кӕй ӕууӕндыс». Уымӕн ын Агриппӕ цы загъта? «Басастай мӕ, бирӕ нал хъӕуы, цӕмӕй ӕз дӕр счырыстон уон!» (НФ) (Куыстытӕ 26:27, 28). Агриппӕ кӕд чырыстон не сси, уӕддӕр куыд зыны, афтӕмӕй Павелы ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕйы ахызтысты (Дзуттытӕм 4:12).

15. Павелы фӕрцы Фессалоникӕйы ӕмбырд куыд фӕзынд?

15 Павел хорз хабар амонгӕйӕ ӕрмӕст хъусын кӕй нӕ кодта, фӕлӕ ма йӕ ныхасы уӕз дӕр кӕй уыд, уый бафиппайдтай? Павел Хуыцауы ныхас раст кӕй амыдта, уый фӕрцы, чи йӕм хъуыста, уыдонӕй иуӕй-иутӕ чырыстӕттӕ систы. Афтӕ уыд Фессалоникӕйы. Уыцы сахары Павел хъусын кодта дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕны иудейтӕн ӕмӕ, Хуыцауы тас кӕмӕ уыдис, уыцы муртаттӕн. Куыстыты 17:2—4 уый фӕдыл ис фыст: «Павел йӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ бацыд уыдонмӕ, ӕмӕ ӕртӕ сабаты ныхас кодта семӕ Фыстытӕй, ӕргомгӕнгӕйӕ ӕмӕ ӕвдисгӕйӕ уыдонӕн Чырыстийы кӕй хъуыд ахӕссын тухӕнтӕ ӕмӕ мӕрдтӕй райгас уӕвын. [...] Ӕмӕ иуӕй-иутӕ уыдонӕй баууӕндыдысты». Павелы ныхасы уыд уӕз, кодта зӕрдӕбын ныхас, цы дзырдта, уый ӕмбарын кодта ӕмӕ Йесо зӕрдӕвӕрд Миссиа кӕй уыд, уымӕн Фыстадӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста. Ӕмӕ цы? Фессалоникӕйы фӕзынд чырыстон ӕмбырд.

16. Цӕмӕй дӕ зӕрдӕ хорз хабар хъусын кӕнынӕй тынгдӕр райа, уый тыххӕй цы хъӕуы?

16 Хуыцауы Ныхас ӕмбарынгӕнгӕйӕ дӕ бон у, ӕмӕ дӕ ныхасы стырдӕр уӕз уа? Кӕд о, уӕд уацамындӕй ӕмӕ адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады хабӕрттӕ амонынӕй дӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр райдзӕн. Ацы хъуыддаг афтӕ кӕй у, уый хорз зонынц, уацамынды Библийӕ арӕхдӕр пайда кӕнын чи райдыдта, уыцы хъусынгӕнджытӕ.

17. Уацамынды Библийӕ стихтӕ кӕсын хорз цӕмӕй у, уый дӕхӕдӕг куыд бафиппайдтай кӕнӕ радзур, абзацы цы цӕвиттон ис, уый.

17 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтыл чи ауды, иу ахӕм цӕуӕг цӕстдарӕг ныффыста: «Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ ныр бирӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ райдыдтой сӕ къухы Библи дарын. Афтӕмӕй сын рауайы, кӕуыл фембӕлынц, уыдонӕй бирӕтӕн Фыстадӕй исты бакӕсын. Уый фӕрцы адӕм ӕмӕ хъусынгӕнджытӕ ӕмбарынц, нӕ сӕйраг куыст, журналтӕ ӕмӕ чингуытӕ уарын кӕй нӕу, фӕлӕ адӕмӕн Библи амонын». Библи нӕ къухы дарӕм ӕви нӕ, уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бирӕ цӕмӕйдӕрты кӕнгӕ у, зӕгъӕм, бынӕттон ӕгъдӕуттӕй. Куыд фӕнды ма уа, уӕддӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ иууылдӕр зоной, иннӕтӕн Паддзахады хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсынӕн, иудадзыг Хуыцауы Ныхасӕй чи пайда кӕны, ахӕм адӕмӕй.

Уацамындмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕс

18, 19. а) Хуыцау нын нӕ уацамындмӕ куыд кӕсы ӕмӕ цӕмӕн хъуамӕ ахуыр кӕнӕм Хуыцауы цӕстӕй кӕсыныл? ӕ) Дыккаг бацыдӕй адӕймаджы зӕрдӕ ссарынӕн цы хъӕуы? (Кӕс дӕлдӕр фӕлгӕты «Дыккаг бацыдӕй адӕймаджы зӕрдӕ ссарӕн куыд ис».)

18 Адӕмы зӕрдӕтӕ ма ссарӕн ис, уацамындмӕ Хуыцауы цӕстӕй куы кӕсӕм ӕмӕ нӕм фӕразондзинад куы уа, уӕд. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр, «ӕцӕгад цы у, уый бӕлвырд базоной» (1 Тимофеймӕ 2:3, 4, НД). Мах дӕр уый нӕ фӕнды? Иегъовӕ фӕразон Хуыцау у, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕн фадат ис ӕрфӕсмон кӕнынӕн (2 Петры 3:9). Уӕдӕ Паддзахады хабармӕ зӕрдиагӕй чи байхъуса, уымӕ ма, ӕвӕццӕгӕн, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бахъӕудзӕн цӕуын, цӕмӕй дарддӕр дӕр цымыдис кӕна. Уымӕн та хъӕуы рӕстӕг ӕмӕ фӕразондзинад, кӕд нӕ фӕнды фенын, ӕцӕгад зӕрдӕйы таутӕ куыд суадздзӕн, уый (1 Коринфӕгтӕм 3:6). Адӕймаг цӕмӕй дарддӕр дӕр цымыдис кӕна, уый тыххӕй ацы фарсыл фӕлгӕты, «Дыккаг бацыдӕй адӕймаджы зӕрдӕ ссарӕн куыд ис?», зӕгъгӕ, ис хорз амындтӕ. Рох дӕ ма уӕд: адӕймаджы абон иу цыдӕр тыхсын кӕны, райсом та ӕндӕр цыдӕр, абон йӕ цард афтӕ у, райсом та ӕндӕрхуызон. Цӕмӕй адӕймаджы хӕдзары баййафӕм, уый тыххӕй йӕм хъӕуы арӕх цӕуын. Фӕлӕ уыдон уыцы фыдӕбоны аргъ сты! Мах фӕнды, цӕмӕй уыдон дӕр, Хуыцауӕй цы ирвӕзындзинады хабар цӕуы, уый фехъусой. Уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕ Хуыцауӕй зонд кур, цӕмӕй дӕ ныхасы уӕз уа ӕмӕ дӕ бон уа адӕмӕн ӕххуыс кӕнын Паддзахады хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсынӕн.

19 Паддзахады хабары тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмы куы ссарӕм, уӕд ма махӕн, чырыстон кусджытӕн, нӕ бон цы у саразын? Уый базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.

[Фиппаинаг]

^ 8 абз. Цӕмӕй дӕ ныхасы уӕз уа, уый тыххӕй фылдӕр фыст ис чиныг «Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн»-ы 48 ӕмӕ 49 урокты; мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Хъуыды ма кӕныс?

• Павел паддзах Агриппӕйы раз йӕхи тыххӕй куы дзырдта, уӕд йӕ ныхӕстӕ паддзахы зӕрдӕмӕ цӕмӕн бахъардтой?

• Цы хъусын кӕнӕм, уый цӕмӕй зӕрдӕмӕ хъара, уый тыххӕй цы хъӕуы?

• Адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарынӕн Библийӕ хуыздӕр куыд хъӕуы пайда кӕнын?

• Уацамындмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсӕн куыд ис?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Нывтӕ 16 фарсыл]

Дыккаг бацыдӕй адӕймаджы зӕрдӕ ссарӕн куыд ис?

• Адӕмыл зӕрдӕбынӕй тыхс.

• Библийӕ цӕуыл дзурдзынӕ, уый рагацау бацӕттӕ кӕн.

• Алы ног бацыдӕн дӕр-иу бындур ӕрӕвӕр, иннӕ хатт цӕуыл дзурдзыстут, уымӕн.

• Адӕймагӕй куы рацӕуай, уӕд-иу ыл хъуыды кӕн.

• Ногӕй йӕм бацу, цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр, зӕгъӕм, иннӕ бон кӕнӕ дыууӕ боны фӕстӕ, цӕмӕй йӕ цымыдисы зынг ма ахуысса.

• Ма дӕ рох кӕнӕд дӕ сӕйраг хӕс — Библи ахуыр кӕнын райдайын.

• Иегъовӕмӕ кув, цӕмӕй йын йӕ цымыдисы зынг цырен кӕна.

[Ныв 15 фарсыл]

Павелӕн йӕ ныхасы уыд уӕз, хицау Фест ӕмӕ паддзах Агриппӕйы раз куы дзырдта, уӕд.