Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Иегъовӕ уӕд дӕ цин»

«Иегъовӕ уӕд дӕ цин»

«Иегъовӕ уӕд дӕ цин»

«Рӕвдыд у Хицауӕй [«Иегъовӕ уӕд дӕ цин», НД] ӕмӕ Уый сӕххӕст кӕндзӕн дӕ зӕрдӕйы фӕндон» (ПСАЛОМ 36:4).

1, 2. Ӕцӕг амонды Суадон чи у ӕмӕ паддзах Давид уымӕ ӕргом куыд здахы?

«АМОНДДЖЫН сты, ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон... амондджын сты, тӕригъӕдгӕнаг чи сты, уыдон... амондджын сты, фарн чи хӕссы, уыдон» (НД). Амондджын чи у, уыдон тыххӕй ацы, ӕмӕ иннӕ ӕхсӕз хъуыдыйы сты Йесойы зынгӕ Уӕлхох уацамынды диссаджы райдиан, фыст та ӕрцыд Матфейы Евангелийы (Матфейы 5:3—11). Йесойы ныхӕстӕ нын зӕрдӕ ӕвӕрынц, зӕгъгӕ, нӕ бон у, ӕмӕ амондджын уӕм.

2 Рагон Израилы паддзах Давиды псалом нын не ’ргом здахы ӕцӕг амонды Суадонмӕ, Иегъовӕмӕ. «Рӕвдыд у Хицауӕй [«Иегъовӕ уӕд дӕ цин», НД],— загъта Давид,— ӕмӕ Уый сӕххӕст кӕндзӕн дӕ зӕрдӕйы фӕндон» (Псалом 36:4). Фӕлӕ Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ диссаджы миниуджытӕ куы зонӕм, уӕд нын уый «цин» куыд хӕсдзӕн? Йӕ фӕндон сӕххӕст кӕныны оххыл ныронг цы сарӕзта ӕмӕ ма ноджыдӕр цы сараздзӕн, уымӕ куы ӕркӕсай, уӕд дын уый, «дӕ зӕрдӕйы фӕндон» сӕххӕст кӕнынӕн ныфс куыд ратдзӕн? 36-ӕм Псалом, 1—11 стихтӕ, лӕмбынӕг куы равзарӕм, уӕд ссардзыстӕм дзуапп.

«Хӕлӕг ма кӕн»

3, 4. Псалом 36:1 стихмӕ гӕсгӕ Давид цавӕр уынаффӕ радта ӕмӕ уыцы уынаффӕ абон дӕр йӕ тыхы цӕмӕн у?

3 Мах цӕрӕм «ӕнахуыр уӕззау рӕстӕджыты» (НД), фыддзинад у тынг арӕх. Уынӕм, куыд ӕххӕст кӕнынц апостол Павелы ныхӕстӕ: «Фыдзӕрдӕ адӕм та ӕмӕ сайджытӕ ӕнтыстджын уыдзысты фыддзинады, рӕдийындзинадмӕ кӕнгӕйӕ ӕмӕ рӕдийгӕйӕ» (2 Тимофеймӕ 3:1, 13). Фыдадӕмы цард хъал ӕмӕ ӕнӕмӕт хуыз кӕй у, уымӕ кӕсгӕйӕ куыд ӕнцон у сагъӕсты ныххауын! Уыдӕттӕ нӕ, гӕнӕн ис, къуылымпы кӕной, нӕ монон цӕстырухс нын мынӕг кӕной. Ӕркӕсӕм ма, 36-ӕм Псалмы фыццаг ныхӕстӕ нын уыцы тӕссаг уавӕрмӕ куыд амонынц: «Иузӕрдион ма у фыдгӕнджытыл [«фыдгӕнджытӕм кӕсгӕйӕ мӕсты ма кӕн», НД], хӕлӕг ма кӕн ӕнӕзакъондзинад кӕнджытӕм».

4 Дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзтӕ нӕ алы бон дӕр ӕнӕраст хъуыддӕгты фӕдыл хабӕртты бын фӕкӕнынц. Амалхъом адӕмӕй йӕ къухтӕ сыгъдӕг кӕмӕн не сты, уыдон донӕй сурӕй рахизынц. Фыдгӕнджытӕ ӕнӕфӕхӕцӕг адӕмы фӕллойӕ сӕ цард аразынц. Лӕгмарты не ссарынц, йе та ӕнӕ ӕфхӕрдӕй баззайынц. Ӕппӕт адӕттыл, рӕстдзинад куыд сзыгъуыммӕ, ууыл, чи зоны мӕсты кӕнӕм ӕмӕ нын удӕнцой ма дӕтта. Афтӕ нӕм кӕй кӕсы, ӕмӕ фыдгӕнджытӕ цардӕй къӕртт ӕппарынц, уымӕ гӕсгӕ сӕм, гӕнӕн и, хӕлӕг кӕнын дӕр райдайӕм. Фӕлӕ уыдӕттыл нӕ нуӕрттӕ куы халӕм, уӕд цымӕ уавӕр фӕхуыздӕр уыдзӕн? Фыдгӕнджыты «дзӕнӕты цардмӕ» куы хӕлӕг кӕнӕм, уӕд уымӕй, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый фӕивдзӕн? Нӕ! Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, хъуамӕ «мӕсты ма кӕнӕм». Цӕуылнӕ?

5. Фыдгӕнджытӕ кӕрдӕгимӕ барст цӕмӕн цӕуынц?

5 Псаломзарӕггӕнӕг дзуапп дӕтты: «Уымӕн ӕмӕ уыдон, куыд кӕрдӕг, тагъд карст уыдзысты ӕмӕ куыд цъӕхдаргӕ халсар, бахус уыдзысты» (Псалом 36:2). Цъӕх, ног ссӕугӕ кӕрдӕг рӕсугъд вӕййы, фӕлӕ тагъд баруайы ӕмӕ амӕлы. Афтӕ у фыдгӕнджыты хабар дӕр. Сӕ цард фурдау фӕйлауы, фӕлӕ афтӕ ӕнустӕм нӕ уыдзӕн. Сӕ рӕбынтӕ кӕйдӕр удвӕллойӕ кӕй байдзаг кодтой, уый сын, куы мӕлой, уӕд нӕ баххуыс кӕндзӕн. Фӕстагмӕ, чи цы аккаг у, уый райсдзӕн. «Тӕригъӕды фиддон — мӕлӕт»,— ныффыста Павел (Ромӕгтӕм 6:23). Фыдгӕнджытӕ ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр фӕстагмӕ райсдзысты сӕ «фиддон», уымӕй фылдӕр нӕ. Куыд ӕнӕхъуаджы у ахӕм цард! (Псалом 36:35, 36; 48:17, 18).

6. Псаломы 36:1, 2 стихтӕй зондӕн нӕ бон цы у райсын?

6 Уӕдӕ фыдгӕнджыты рӕстӕгмӕйы хъал царды тыххӕй хъуамӕ мӕсты кӕнӕм? 36 псаломы фыццаг дыууӕ стихӕй зондӕн мӕнӕ цы ис райсӕн: сӕ бухъ цардӕн уый бар ма ратт, цӕмӕй Иегъовӕйӕн лӕггад кӕныны фӕндагӕй фӕиппӕрд уай. Уый нӕ, фӕлӕ алкӕддӕр фыццаг бынаты ӕвӕр монон арфӕдзинӕдтӕ ӕмӕ нысӕнттӕ (Ӕмбисӕндтӕ 23:17).

«Хуыцауӕй ныфсджын у ӕмӕ хорз кӕн»

7. Иегъовӕйыл нӕ ныфс цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?

7 «Хицауӕй ныфсджын у ӕмӕ хорз кӕн»,— дзуры псаломзарӕггӕнӕг (Псалом 36:3а, МГТ). Истӕуыл тынг куы тыхсӕм йе та дызӕрдыг куы кӕнӕм, уӕд нӕ ныфс хъуамӕ фидарӕй дарӕм Иегъовӕйыл. Ӕрмӕстдӕр Уымӕн у йӕ бон, нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цӕмӕйдӕриддӕр у, ӕппӕт уыдӕттӕй нӕ бахизын. «Ӕппӕтбӕрзонды ӕмбӕхсӕн бынаты чи цӕры,— ныффыста Моисей,— уый ссардзӕн ӕнцой Ӕппӕтхъомысджыны аууоны» (Псалом 90:1, НД). Ацы цардӕвӕрды ӕнӕзакъондзинад бонӕй-бонмӕ кӕй фылдӕр кӕны, ууыл кӕд катай кӕнӕм, уӕд не ’ппӕты дӕр ноджы тынгдӕр хъӕуы Иегъовӕйыл нӕ ныфс дарын. Зӕгъӕм, нӕ къах фездыхст, уӕд нын куыд ӕхсызгон уыдзӕн, нӕ хӕлары цонгыл ӕрӕнцой кӕнын. Афтӕ, мах дӕр иузӕрдионӕй цӕуыныл куы архайӕм, уӕд нӕ хъӕуы Иегъовӕйы ӕххуыс (Исай 50:10).

8. Фыдадӕм сӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн кӕй цӕрынц, уый нӕ цӕмӕй мӕты ӕгӕр ма ’фтауа, уымӕн нын уацамынд куыд ӕххуыс кӕны?

8 Фыдадӕм сӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн кӕй цӕрынц, уый нӕ цӕмӕй мӕты ма ’фтауа, уымӕн ис иу хос — фысау сабыр адӕмы агурын ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын, Иегъовӕйы фӕндӕтты тыххӕй бӕлвырд зонындзинӕдтӕ исынӕн. Фыддзинад кӕй арӕхдӕр кӕны, уымӕ гӕсгӕ нӕ фылдӕр хъӕуы иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын. «Ма-иу рох кӕнут хорз ракӕнын ӕмӕ кӕрӕдзимӕ зӕрдиагӕй фӕкӕсын,— дзуры апостол Павел,— цӕвиттон ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхцон сты» (НФ). Иннӕтӕн иууыл стырдӕр «хорз» уӕд ракӕндзыстӕм, ӕмӕ сын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕхсызгон хорз хабар куы хъусын кӕнӕм. Адӕмӕн кӕй хъусын кӕнӕм, уый ӕцӕгдӕр у «ӕппӕлды нывонд» (Дзуттытӕм 13:15, 16; Галатӕгтӕм 6:10).

9. Бамбарын кӕн Давиды ныхӕстӕ, «цӕр зӕххыл», зӕгъгӕ.

9 «Цӕр зӕххыл,— дарддӕр кӕны йӕ ныхас Давид,— ӕмӕ хъахъхъӕн ӕцӕгад [«иузӕрдион у», НД]» (Псалом 36:3ӕ). «Зӕхх» Давиды бонты уыд, Иегъовӕ Израилӕн цы бӕстӕ радта, уый — Зӕрдӕвӕрд зӕхх. Соломоны хицаудзинады рӕстӕджы йӕ арӕнтӕ уыдысты цӕгаты — Данӕй ӕмӕ хуссары та — Вирсавимӕ. Уый уыди Израилы цӕрӕнбынат (3 Паддзахӕдты 4:25). Абон, зӕххыл кӕмфӕнды ма цӕрӕм, мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстаг ног дунейы ӕгас зӕххы къори дӕр дзӕнӕт куы суа, уыцы рӕстӕгмӕ. Уыимӕ нын абон ис, нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг кӕм ницӕмӕй у, ахӕм монон цӕрӕнбынат (Исай 65:13, 14).

10. «Иузӕрдион куы уӕм», уӕд нын уый цы ’рхӕсдзӕн?

10 «Иузӕрдион куы уӕм» уӕд цы уыдзӕн? Хуыцауы фӕндӕй фыст ӕмбисонд нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны: «Иузӕрдион адӕймаг бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 28:20). Кӕмфӕнды ма цӕрӕм, дарддӕр дӕр хорз хабар, нӕ бон кӕмӕндӕриддӕр у, уыдонӕн куы хъусын кӕнӕм, уӕд нӕ Иегъовӕ схорзӕхджын кӕндзӕн. Цӕвиттон, Франк ӕмӕ йӕ бинойнаг Розы 40 азы размӕ пионертӕй снысан кодтой Шотландийы цӕгаты иу горӕтмӕ. Цалынмӕ уыцы горӕтмӕ не ’рцыдысты, уӕдмӕ дзы цы цалдӕр цымыдисгӕнаг адӕймаджы уыд, уыдон ӕцӕгад ныууагътой. Фӕлӕ ацы пионер-бинонты уый нӕ баурӕдта, райдыдтой хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Абон уыцы горӕты ис фидар ӕмбырд. Ацы иузӕрдион пионертӕ ӕцӕгдӕр ссардтой Иегъовӕйы арфӕдзинад. «Ӕппӕты стырдӕр арфӕдзинад у,— сӕрныллӕгӕй дзуры Франк,— абоны онг ӕцӕгады кӕй стӕм ӕмӕ Иегъовӕйӕн бӕззон кӕй стӕм, уый». О, «иузӕрдион куы уӕм», уӕд бирӕ хъуыддӕгты уыдзыстӕм арфӕгонд.

«Иегъовӕ уӕд дӕ цин»

11, 12. а) Куыд ис гӕнӕн, ӕмӕ «Иегъовӕ уа нӕ цин»? ӕ) Библи ахуыргӕнгӕйӕ цавӕр нысан у дӕ бон сӕвӕрын дӕ разы ӕмӕ дын уый цы ’рхӕсдзӕн?

11 Цӕмӕй Иегъовӕимӕ ӕнгомдӕр уӕм ӕмӕ йыл нӕ ныфс тынгдӕр дарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «Иегъовӕ уа нӕ цин» (Псалом 36:4ӕ, НД). Куыд ис уымӕн гӕнӕн? Нӕ уавӕр цыфӕнды уӕззау ма уа, уӕддӕр нӕхимӕ куы нӕ ныхъхъусӕм, фӕлӕ Иегъовӕйыл куы хъуыды кӕнӕм. Уый нӕ бон у аразын, зӕгъӕм, йӕ Ныхас кӕсынӕн рӕстӕг куы арӕм, уӕд (Псалом 1:1, 2). Библи кӕсын дын цины хъуыддаг у? Иегъовӕйы хуыздӕр базоныны тыххӕй йӕ куы кӕсай, уӕд дын уыдзӕн. Иу гыццыл скъуыддзаг бакӕсгӕйӕ цӕуылнӕ ис фӕлӕууӕн ӕмӕ ахъуыды кӕнӕн: «Ацы стихтӕ мын Иегъовӕйы тыххӕй цы дзурынц?». Хорз уыдзӕн, Библи кӕсгӕйӕ дӕ разы блокнот кӕнӕ гӕххӕтты сыф куы уа, уый дӕр. Кӕсгӕ-кӕсын-иу хъуыды кӕнынмӕ цал хатты ӕрлӕууай, уал хатты-иу афысс, Хуыцауы зӕрдӕмӕдзӕугӕ миниуджытӕй дын дӕ зӕрдыл искӕцы чи ӕрлӕууын кӕндзӕн, цалдӕр ахӕм ныхасы. Ӕндӕр псалмы та Давид зарыд: «Уадз мӕ хъӕлӕсы ныхӕстӕ ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ уой фӕндон Дӕу разы, Хицау, мӕ фидарад ӕмӕ мӕ иргъӕвӕг» (Псалом 18:15). Нӕ хъуыдытӕ Хуыцауы Ныхасмӕ куы фӕаразӕм, уӕд уый Иегъовӕйӕн вӕййы «фӕндон», махӕн та — цин.

12 Цы ис саразӕн, цӕмӕй нын ахуыр кӕнын ӕмӕ арф хъуыды кӕнын цины хъуыддаг уа? Нӕ бон у нӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын — гӕнӕн уӕвгӕйӕ фылдӕр базонын Иегъовӕ ӕмӕ йӕ фӕндӕгты тыххӕй. Чингуыты «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг» ӕмӕ «Баввахс у Иегъовӕмӕ»-йы * (уыр.) уыйбӕрц ӕрмӕг ис, ӕмӕ йыл нӕ бон у хъуыды кӕнын ӕмӕ бузныг дзурын Хуыцауӕн. Иегъовӕ та дын, Давид рӕстгӕнджытӕн зӕрдӕ куыд ӕвӕры, афтӕмӕй, «сӕххӕст кӕндзӕн дӕ зӕрдӕйы фӕндон» (Псалом 36:4ӕ). Апостол Иоанны дӕр, ӕвӕццӕгӕн, ахӕм ныфс уыд, ацы ныхӕстӕ куы фыста, уӕд: «Мӕнӕ [нӕм] цавӕр уӕндондзинад ис Уымӕ, исты куы курӕм Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ, уӕд нӕм Уый хъусы; ӕмӕ мах куы зонӕм, Уый кӕй хъусы махмӕ, цыфӕнды куы курӕм,— зонӕм уый дӕр, цы курӕм, уый кӕй райсӕм Уымӕй» (1 Иоанны 5:14, 15).

13. Фӕстаг рӕстӕджыты Паддзахады хабар хъусын кӕныны хъуыддаг бирӕ бӕстӕты тынг куыд апарахат?

13 Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ кӕй нӕ ивӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ иууыл стырдӕр цин у фенын, Иегъовӕ Дун-дунейы иунӕг хицау кӕй у, уый куыд сбӕлвырд кӕндзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Раздӕр ӕгъатыр хицӕуттӕ кӕм хицауиуӕг кодтой, уыцы бӕстӕты ныр не ’фсымӕртӕ цы стыр уацамындон куыст уадзынц, уый тыххӕй базонгӕйӕ нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй нӕ байдзаг вӕййынц? Мах ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ацы цардӕвӕрды кӕроны ӕрцыдмӕ ма хорз хабар кӕдӕм анхъӕвздзӕн, уый фенынмӕ. Ныгуылӕн бӕстӕты Иегъовӕйӕн цы лӕггадгӕнджытӕ цӕры, уыдон зӕрдиагӕй хъусын кӕнынц студенттӕ, лигъдӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмӕн, уыцы бӕстӕты рӕстӕгмӕ чи цӕры ӕмӕ йӕ бон Библи сӕрибарӕй ахуыр кӕнын кӕмӕн у, уыдонӕн. Мах зӕрдӕбынӕй фӕнды, цӕмӕй ахӕм адӕймӕгтӕ, сӕ райгуырӕн бӕстӕм куы аздӕхой, уӕд дарддӕр дӕр ӕцӕгады рухсӕн рухс кӕныны фадат дӕттой, сӕ алыварс цыфӕнды «талынг» ма уа, уӕд дӕр (Матфейы 5:14—16).

«Ратт дӕ фӕндаг Хицаумӕ»

14. Иегъовӕйыл нӕ бон нӕ зӕрдӕ дарын кӕй у, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕн ис?

14 Цард ныл йӕ уӕз куы ӕруадза, уӕд куыд хорз у зонын, удӕнцой кӕй ис ссарӕн! Куыд? «Ратт дӕ фӕндаг Хицаумӕ ӕмӕ Уымӕй ныфсджын у,— дзуры Давид ӕмӕ ма дарддӕр зӕгъы,— ӕмӕ Уый сӕххӕст кӕндзӕн» (Псалом 36:5). Не ’мбырдты нын бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, Иегъовӕ ӕцӕгдӕр кӕй ӕххуыс кӕны, уымӕн (Псалом 54:23). Чидӕриддӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕны — пионертӕ уой ӕви цӕуӕг цӕстдарджытӕ, миссионертӕ ӕви Вефилы барвӕндон кусджытӕ — се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон зӕгъын у, Иегъовӕ сыл ӕцӕгдӕр кӕй ауды. Хорз нӕ уаид, кӕй сӕ зоныс, уыдонӕй искӕимӕ аныхас кӕнын ӕмӕ сӕ бафӕрсын, Иегъовӕ сын куыд ӕххуыс кӕны, уымӕй? Дзырд дӕр ыл нӕй, бирӕ хабӕрттӕ кӕй фехъусдзынӕ, суанг уӕззау рӕстӕджыты дӕр Иегъовӕйы ӕххуысы къух цыбыр кӕй никуы вӕййы, уый тыххӕй. Адӕймаджы йӕхи фӕдарынӕн ӕнӕмӕнгдӕр цы хъӕуы, уымӕй йӕ Хуыцау цух никуы ныууадзы (Псалом 36:25; Матфейы 6:25—34).

15. Хуыцауы адӕмы рӕстдзинад цӕй фӕрцы рухс кӕны?

15 Иегъовӕйыл нӕ ныфс куы дарӕм ӕмӕ йыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы ӕууӕндӕм, уӕд бамбардзыстӕм псаломзарӕггӕнӕджы дарддӕры ныхӕстӕ: «Ӕмӕ ракӕндзӕн, куыд рухс, дӕ рӕстдзинад, ӕмӕ дӕ рӕстад, куыд ӕмбисбон» (Псалом 36:6). Махӕй, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй, арӕх мӕнг ныхӕстӕ фӕдзурынц. Фӕлӕ Иегъовӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы цӕстытӕ бакӕны ӕмӕ бамбарынц, мах уый тыххӕй кӕй хъусын кӕнӕм, Иегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм. Ӕмӕ нӕ хорз уагахаст дӕр, кӕд ныл бирӕтӕ цъыфкалӕн фӕкӕнынц, уӕддӕр бӕрӕг-бӕлвырд у. Иегъовӕ нын цыфӕнды ныхмӕлӕуд ӕмӕ фӕдылзылды рӕстӕджы дӕр ӕххуыс кӕны. Ӕмӕ уый фӕрцы, ӕмбисбон хур арвы цъӕхы куыд ферттивы, афтӕ Хуыцауы адӕмы рӕстдзинад дӕр рухс кӕны (1 Петры 2:12).

«Мацы дзур... ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕс»

16, 17. Псалом 36:7 гӕсгӕ йеныр цӕй рӕстӕг у ӕмӕ цӕмӕн?

16 Псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ дарддӕр сты: «Мацы дзур Иегъовӕйы раз ӕмӕ йӕм ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕс. Йӕ фӕндагыл ӕнтыстджынӕй чи цӕуы, ӕмӕ йӕхи фӕндтӕ чи ӕххӕст кӕны, уыцы адӕймагмӕ мӕсты ма кӕн» (Псалом 36:7, НД). Ам Давид бахахх кодта, фӕразонӕй нӕ кӕй хъӕуы ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Иегъовӕ архайын куы райдайа, уыцы рӕстӕгмӕ. Кӕд ацы цардӕвӕрды кӕрон нӕма ӕрцыд, уӕддӕр нын хъуыр-хъуыр кӕнын не ’мбӕлы. Нӕ йӕ уынӕм, Иегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ фӕразондзинад, фыццаг куыд хъуыды кодтам, уымӕй бирӕ фылдӕр кӕй у? Уӕдӕ цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисӕм, мах дӕр фӕразонӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм (Маркы 13:10). Ныр ахӕм рӕстӕг у, ӕмӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм, нӕ цин ӕмӕ нын нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цы ӕнӕрхъуыды хъуыддӕгтӕ уыдзысты, уыдонӕй. Абон нӕ ноджы тынгдӕр хъӕуы Сайтаны дунейы хӕлд ӕндӕвдады ныхмӕ лӕууын. Ӕмӕ ныр хъуамӕ кӕнӕм хӕрзӕгъдау цард ӕмӕ нын Иегъовӕйы раз цы хорз ном ис, ууыл къӕм абадынӕй нӕхи хизӕм. Цӕй ӕмӕ дарддӕр дӕр нӕ сӕрӕй ӕнӕгъдау хъуыдытӕ сурӕм ӕмӕ нӕхи хизӕм нӕлгоймӕгтимӕ йе та сылгоймӕгтимӕ ӕнӕмбӕлон хъуыддӕгтӕй (Колоссӕгтӕм 3:5).

17 «Банцай мӕсты кӕнын, ӕмӕ ныууадз карздзинад,— уынаффӕ дӕтты Давид,— уый онг иузӕрдион ма у [«ма мӕсты кӕн», НД], цӕмӕй кӕнай фыддзинад. Уымӕн ӕмӕ фыддзинад кӕнджытӕ цагъд уыдзысты, Хицауыл ӕнхъӕлцаутӕ та зӕхх сӕхи бакӕндзысты» (Псалом 36:8, 9). О, нӕ бон у фидар ныфсимӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, ныр къӕсӕрыл чи ис, уыцы рӕстӕгмӕ, Иегъовӕ зӕххӕй фыддзинад бындзарӕй куы стона ӕмӕ уый кӕмӕй цӕуы, уыдоны куы скуынӕг кӕна.

«Иу чысыл ма»

18, 19. Псалом 36:10 дӕ куыд фидар кӕны?

18 «Иу чысыл ма ӕмӕ нал уыдзӕн ӕнӕраст; бакӕсдзынӕ йӕ бынатмӕ, ӕмӕ уый нӕй» (Псалом 36:10). Цӕй стыр ныфсы хос сты уыцы ныхӕстӕ: ӕвдисынц нын, ацы цардӕвӕрдӕн, Иегъовӕйӕ хӕдбар, сӕфтмӕгӕнӕг цардӕн кӕрон тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн! Адӕм цы хицауӕдтӕ бафӕлвӕрдтой, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ. Фӕлӕ бирӕ нал хъӕуы, ӕмӕ та фӕстӕмӕ уыдзӕн Хуыцауы хицаудзинад — хицауиуӕг кӕдзӕн Иегъовӕйы Паддзахад Йесо Чырыстийы разамындӕй. Уыцы хицауад дунейы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр йӕ къухмӕ райсдзӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады знӕгты се ’ппӕты дӕр скуынӕг кӕндзӕн (Данелы 2:44).

19 Хуыцауы Паддзахад цы ног дунейыл хицауиуӕг кӕндзӕн, уым, тынг куы агурай, уӕддӕр иу «ӕнӕраст» адӕймаджы дӕр нал ссардзынӕ. Уӕд Иегъовӕйы ныхмӕ чидӕриддӕр раста, уый цӕстыфӕныкъуылдмӕ куынӕг ӕрцӕудзӕн. Уым нал уыдзӕн, Иегъовӕ дун-дунейы хицау кӕй у, уый чи сдызӕрдыггаг кӕна йе та йӕ коммӕ чи нӕ кӕса, ахӕмтӕ. Дӕ алыварс чи цӕра, уыдоны иууылдӕр ӕмвӕндӕй фӕнддзӕн Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Ӕмӕ куыд сабыр уыдзӕн уый фӕрцы — нал дӕр гуыдыртӕ ӕмӕ нал дӕр гӕрӕнтӕ, адӕмы кӕрӕдзийыл ӕууӕндын ӕмӕ амондджынӕй цӕрын цы хъыгдара, ахӕмӕй дзы ӕппындӕр ницыуал уыдзӕн! (Исай 65:20; Михей 4:4; 2 Петры 3:13).

20, 21. а) Псаломы 36:11 «сабыртӕ» чи сты ӕмӕ «бирӕ фарн» кӕм арынц? ӕ) Стырдӕр Давиды куы фӕзмӕм, уӕд ныл цавӕр хорзӕхтӕ ӕрцӕудзӕн?

20 Уӕд «сабыртӕ зӕхх сӕхи бакӕндзысты» (Псалом 36:11а). Цымӕ чи сты ацы «сабыртӕ»? «Сабыр»-ӕй тӕлмац дзырд арӕзт у мивдисӕгӕй ахӕм нысаниуӕгимӕ, «ӕфхӕрын, ныллӕг кӕнын, ӕгад кӕнын», зӕгъгӕ. О, «сабыртӕ» сты, ӕнӕрастдзинадӕн чи быхсы ӕмӕ ӕппӕт дӕр Иегъовӕ йӕ бынӕтты кӕд сывӕрдзӕн, уымӕ сӕрныллӕгӕй чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон. Уыцы адӕм «сӕ мондӕгтӕ суадздзысты бирӕ фарнӕй» (Псалом 36:11ӕ). Абон дӕр стыр фарнӕй хайджын стӕм монон дзӕнӕты — ӕцӕг чырыстон ӕмбырды.

21 Кӕд нырма бӕллӕхтӕй хызт не стӕм, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ, йӕ зӕрдӕмӕ чи ныхъхъуыста, уыдоны ныфс уадзӕм. Уый руаджы Иегъовӕйы адӕмӕн сӕ зӕрдӕты ис ӕцӕг удӕнцой. Фыййӕуттӕй нысангонд ӕфсымӕртӕ аудынц нӕ монон ӕнӕниздзинадыл — истӕуыл куы фӕтыхсӕм, уӕд та нын арӕх лӕгдыхӕй дӕр баххуыс кӕнынц — ӕмӕ нӕ фидар кӕнынц, цӕмӕй, рӕстдзинады тыххӕй цы ӕфхӕрд ӕййафӕм, уый фӕразынхъом уӕм. (1 Фессалоникӕгтӕм 2:7, 11; 1 Петры 5:2, 3). Куыд зынаргъ у уыцы фарн! Махӕн ма ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс, чи ӕрхӕстӕг, уыцы фӕрнӕйдзаг Дзӕнӕты дӕр. Уымӕ гӕсгӕ фӕзмдзыстӕм Стырдӕр Давиды, Йесо Чырыстийы — Иегъовӕйы тыххӕй йӕ удӕй арт чи цагъта, ӕмӕ уыцы ӕнувыддзинад кӕронмӕ иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынмӕ кӕй сразӕнгард кодта, уый (1 Петры 2:21). Афтӕмӕй уыдзыстӕм амондджын, нӕ цин чи у, уыцы Хуыцауы, Иегъовӕйы кадджын кӕнгӕйӕ.

[Фиппаинаг]

^ 12 абз. Мыхуыры сӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Дӕ бон у дзуапп раттын?

Псаломы 36:1, 2 стихтӕй дӕхицӕн зондӕн цы райстай?

• Куыд ис гӕнӕн, ӕмӕ «Иегъовӕ дӕ цин» уа?

• Иегъовӕйыл нӕ бон нӕ зӕрдӕ дарын кӕй у, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕн ис?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 22 фарсыл]

Чырыстӕттӕ «хӕлӕг нӕ кӕнынц ӕнӕзакъондзинад кӕнджытӕм».

[Ныв 24 фарсыл]

«Хуыцауӕй ныфсджын у ӕмӕ хорз кӕн».

[Ныв 25 фарсыл]

Иегъовӕ уӕд дӕ цин, гӕнӕн уӕвгӕйӕ уый тыххӕй фылдӕр зонындзинӕдтӕ исгӕйӕ.

[Ныв 26 фарсыл]

«Сабыртӕ... зӕхх сӕхи бакӕндзысты».