Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Ныхас раст амон

Хуыцауы Ныхас раст амон

Хуыцауы Ныхас раст амон

«Бадар дӕхи Хуыцауы раз равдисынмӕ аккаг ӕмӕ ӕназым кусӕгӕй, ӕцӕгады дзырды раст чи амоны, ахӕмӕй» (2 ТИМОФЕЙМӔ 2:15, НФ).

1, 2. а) Кусӕджы кусӕнгӕрзтӕ цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Чырыстӕттӕ цавӕр куыст кӕнынц ӕмӕ сӕйраджыдӕр Хуыцауы Паддзахад куыд агурынц?

КУСӔГМӔ кусгӕйӕ хъуамӕ уа кусӕнгӕрзтӕ. Фӕлӕ кусӕг цыфӕнды кусӕнгарзӕй дӕр йӕ куыст нӕ бакӕндзӕн — хъуамӕ йӕм уа хъӕугӕ кусӕнгӕрзтӕ ӕмӕ сӕ архайын дӕр хъуамӕ зона. Зӕгъӕм, мӕнгагъуыст аразгӕйӕ дӕ дыууӕ фӕйнӕджы кӕрӕдзиуыл бафидар кӕнын куы хъӕуа, уӕд дӕ дзӕбуг ӕмӕ зӕгӕлтӕй уӕлдай хъӕуы арӕхстдзинад — зӕгӕл раст къуырын. Дзӕбугӕй архайын куы нӕ зонай, ӕмӕ афтӕмӕй куы къуырай зӕгӕлтӕ, уӕд дын дзы ницы рауайдзӕн, мӕсты дӕр ма суыдзынӕ. Фӕлӕ кусӕнгӕрзтӕй архайын куы зонай, уӕд дӕ куыст фӕрӕстмӕ уыдзӕн.

2 Махӕн, чырыстӕттӕн, ис тынг стыр куыст ӕмӕ нын ӕй ӕнӕкӕнгӕ нӕй. Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты разӕнгард кодта, цӕмӕй «фыццаджыдӕр агуырдтаиккой Хуыцауы Паддзахад» (Матфейы 6:33, НФ). Ацы ныхӕстӕ куыд ис ӕххӕст кӕнӕн? Фыццаджыдӕр, зынгзӕрдӕйӕ Паддзахады хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм. Дыккаг, уацамынды цыдӕриддӕр кӕнӕм, уый хъуамӕ кӕнӕм Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ. Ӕртыккаг та — хъуамӕ нӕм уа ӕгъдау (Матфейы 24:14; 28:19, 20, НД; Куыстытӕ 8:25; 1 Петры 2:12). Чырысти нын кӕй бахӕс кодта, уыцы куыст цӕмӕй размӕ цӕуа ӕмӕ дзы нӕ зӕрдӕ райа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы хъӕугӕ кусӕнгӕрзтӕ ӕмӕ сӕ архайын дӕр хъуамӕ зонӕм. Уыцы хӕс ӕххӕстгӕнгӕйӕ Павел йӕхи равдыста куыстуарзаг чырыстонӕй, ӕмӕ йе ’муырнджыты дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй йӕ фӕзмыдтаиккой (1 Коринфӕгтӕм 11:1; 15:10). Уӕдӕ не ’мкусӕг Павелы цӕмӕй ис бафӕзмӕн?

Павел — зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг

3. Апостол Павелы зынгзӕрдӕ кусӕг цӕмӕн ис схонӕн?

3 Цавӕр кусӕг уыд Павел? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зынгзӕрдӕ кусӕг. Павел, Зӕххастӕу денджызы алыварс цы бӕстӕтӕ ӕмӕ сахартӕ уыд, уым ӕвӕллайгӕйӕ парахат кодта хорз хабар. Паддзахады хабар хъусын кӕнынмӕ йӕ йӕ зӕрдӕ цӕмӕн разӕнгард кодта, уый фӕдыл ацы ӕнувыд апостол загъта: «Кӕд ӕз хорз уацхъуыд хъусын кӕнын, уӕд мӕм ницы ис раппӕлинаг, уымӕн ӕмӕ уый у ӕнӕмӕнг хӕс мӕнӕн, ӕмӕ мӕгуыр мӕ бон куы нӕ хъусын кӕнон хорз уацхъуыд!» (1 Коринфӕгтӕм 9:16). Павел ӕрмӕст йӕхи фервӕзыныл мӕт кодта? Нӕ. Уый хиуарзон адӕймаг нӕ уыд. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй хорз хабар ӕрхастаид бирӕ хорздзинӕдтӕ иннӕтӕн дӕр. Павел ныффыста: «Ӕппӕтдӕр кӕнын Евангелийы сӕрвӕлтау, цӕмӕй ӕз дӕр дзы хайджын фӕуон уымӕй» (1 Коринфӕгтӕм 9:23, НФ).

4. Чырыстӕттӕ ӕппӕты хуыздӕр кусӕнгарзыл цы нымайынц?

4 Апостол Павел куыд кусӕг, афтӕ уыд бонзонгӕ, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, ӕрмӕст ын йӕхи хъарутӕй бирӕ кӕй нӕ бантысдзӕн. Хъӕдгуыстгӕнӕджы дзӕбуг куыд хъӕуы, афтӕ Павелы дӕр, цӕмӕй ӕцӕгад адӕмы зӕрдӕты ныффидар кодтаид, уый тыххӕй хъуыд кусӕнгарз. Фӕлӕ йӕм цымӕ цавӕр кусӕнгарз уыд? Хуыцауы Ныхас, Сыгъдӕг Фыстад. Махмӕ та ис Библи ӕнӕхъӕнӕй ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн уымӕй хуыздӕр кусӕнгарз нӕй.

5. Цӕмӕй ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй ма Хуыцауы Ныхасӕй скъуыддзӕгтӕ хӕссынӕй уӕлдай цы хъӕуы?

5 Павел зыдта, Хуыцауы Ныхас раст амонынӕн фаг кӕй нӕу Фыстадӕй исты скъуыддзӕгтӕ хӕссын. Уый-иу ныхас кӕнгӕйӕ хаста «ӕвдисӕйнӕгтӕ» кӕнӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ (Куыстытӕ 28:23, НФ). Цавӕртӕ? Павел Хуыцауы Ныхасӕй арӕхстджынӕй кӕй пайда кодта, уый руаджы бирӕ адӕм ӕцӕгад сӕ зӕрдӕмӕ айстой. Семӕ бӕстон ныхас кодта. Ефесы дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕны Павел ӕртӕ мӕйы «ныхас кодта ӕмӕ бӕлвырд кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй». «Иуӕй-иутӕ... стызмӕг сты [«сӕхи ныддур кодтой», НФ] ӕмӕ не ’ууӕндыдысты», иннӕтӕ та йӕм хорз хъуыстой. Афтӕмӕй Ефесы Павелы уацамынды фӕрцы «Хицауы дзырд рӕзыд ӕмӕ фидар кодта» (Куыстытӕ 19:8, 9, 20).

6, 7. Павел йӕ куыст куыд кадджын кодта ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон куыд у афтӕ кӕнын?

6 Павел зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг кӕй уыд, уымӕй «кадджын кодта йӕ куыст» (Ромӕгтӕм 11:13). Куыд? Йӕ ном дӕрдтыл айхъуыстаид, йӕ уд ууыл нӕ хъардта ӕмӕ йӕ адӕм Хуыцауы ӕмкусӕгӕй кӕй зыдтой, уымӕй та ӕфсӕрмы нӕ кодта. Цы куыст кодта, уымӕй стырдӕр кадыл йӕхицӕн ницы нымадта. Павел Хуыцауы Ныхас амыдта арӕхстджынӕй ӕмӕ йӕ ныхас адӕмы зӕрдӕты хызт. Йе ’нтыстджын куыстӕй-иу иннӕтӕн сӕ зӕрдӕты зынг ссыгъта, ӕмӕ-иу сӕ Хуыцауӕн ноджы хуыздӕр лӕггад кӕнын фӕндыд. Уымӕй дӕр кадджын кодта йӕ куыст.

7 Мах дӕр иудадзыг Хуыцауы Ныхасӕй ӕнтыстджынӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд Павелау кадджын кӕндзыстӕм нӕ чырыстон куыст. Кӕмфӕнды ӕмӕ куыдфӕнды ма хъусын кӕнӕм, нӕ нысан хъуамӕ уа — алы адӕймагӕн дӕр, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, Библийӕ исты бакӕсын. Фӕлӕ уыцы хъуыддаг кӕнгӕйӕ, цы хъӕуы, цӕмӕй, цы сын бакӕсӕм, ууыл баууӕндой? Уымӕн ис ӕртӕ ахсджиаг фӕрӕзы: 1) адӕймаджы ’ргом Хуыцауы Ныхасмӕ афтӕ здах, цӕмӕй йын стырдӕр аргъ кӕнын райдайа; 2) Библийӕ цы бакӕсыс, уый уӕзданӕй ӕмбарын кӕн, стӕй уӕ ныхасмӕ куыд хауы, уый дӕр-иу зӕгъ; 3) дӕ ныхас Фыстадыл афтӕ араз, ӕмӕ адӕймаджы куыд бауырна.

8. Паддзахады хабар хъусын кӕнынӕн нӕм цавӕр кусӕнгӕрзтӕ ис ӕмӕ сӕ куыд пайда кӕныс?

8 Абон Хуыцауы Паддзахады хабар чи хъусын кӕны, уыдонмӕ цы кусӕнгӕрзтӕ ис, ахӕмтӕ Павелмӕ нӕ уыд. Уыдон сты: чингуытӕ, журналтӕ, брошюрӕтӕ, хуынды гӕххӕттытӕ, трактаттӕ, аудио- ӕмӕ видеокассетӕтӕ. Ивгъуыд ӕнусы ма уыдис гӕххӕттытӕ хорз хабаримӕ, патефонтӕ, машинӕйыл фидаргонд хъӕрӕйдзурӕнтӕ ӕмӕ радиоралӕвӕрдтӕ. Фӕлӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ хуыздӕр кусӕнгарз у Библи ӕмӕ хъуамӕ ацы ӕгъуыстаджы кусӕнгарзӕй раст ӕмӕ хорз пайда кӕнӕм.

Уацамынды цыдӕриддӕр кӕнӕм, уый хъуамӕ кӕнӕм Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ

9, 10. Хуыцауы Ныхасӕй пайда кӕнын куыд хъӕуы, уый тыххӕй цы ис базонӕн, Павел Тимофейӕн цы фӕдзӕхст радта, уымӕй?

9 Уыцы диссаджы кусӕнгарзӕй, ома Хуыцауы Ныхасӕй, куыд ис пайда кӕнӕн? Афтӕ, ӕмӕ нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм Павел йе ’мкусӕг Тимофейӕн цы загъта, уыцы ныхӕстӕ: «Бадар дӕхи Хуыцауы раз равдисынмӕ аккаг ӕмӕ ӕназым кусӕгӕй, ӕцӕгады дзырды раст чи амоны, ахӕмӕй» (2 Тимофеймӕ 2:15, НФ). Фӕлӕ «ӕцӕгады дзырд раст амонын», зӕгъгӕ, куыд ӕмбарын хъӕуы?

10 «Раст амонынӕй» цы грекъаг дзырд раивдӕуыд, уый комкоммӕ амоны «ӕмраст алыг кӕнын». Чырыстон Грекъаг Фыстыты ацы дзырдбаст ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр, Павел Тимофейӕн цы фӕдзӕхст радта, уым. Уыцы дзырдӕй ма ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, гутонӕй хуымыл ӕмраст хахх акӕнын. Рагӕй чи хуым кӕны, ахӕм зӕхкусӕгӕн йӕ хахх зылын куы рауайа, уӕд ӕм уый худинаг дӕр кӕсдзӕн. Уӕдӕ цӕмӕй Тимофей «ӕназым кусӕг» уыдаид ӕмӕ къӕмдзӕстыг ма кодтаид, уый тыххӕй йын загъд уыд, зӕгъгӕ, Хуыцауы Ныхасы цы раст ахуырӕдтӕ ис, уыдонӕй мадӕр галиуырдӕм аздӕх, мадӕр рахизырдӕм. Тимофей уыцы ахуырӕдтӕ, йӕхимӕ растдӕр куыд каст, афтӕ сӕ хъуамӕ ма амыдтаид. Цы хъусын кодта ӕмӕ цы амыдта, уыдон иууылдӕр хъуамӕ уыдаиккой Сыгъдӕг Фыстадӕй (2 Тимофеймӕ 4:2—4). Афтӕмӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм сахуыр уыдаиккой алцӕмӕдӕр Иегъовӕйы цӕстӕй кӕсын, адӕмы философийӕ та хи хизын (Колоссӕгтӕм 2:4, 8). Абон дӕр афтӕ у.

Хъуамӕ нӕм уа ӕгъдау

11, 12. Хуыцауы Ныхас раст амонын кӕй хъӕуы, уый не ’гъдауыл куыд у баст?

11 Ӕцӕгад хъусын кӕнгӕйӕ, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый раст амонынӕй уӕлдай ма нӕм хъуамӕ уа ӕгъдау дӕр. «Мах стӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ» ӕмӕ ныл фӕлитой митӕ нӕ фидауы (1 Коринфӕгтӕм 3:9, НД). Хуыцауы Ныхасы фыстӕуы: «Уӕдӕ ма ды, иннӕты ахуыргӕнгӕйӕ, дӕхи куыд нӕ-иу ацахуыр кӕныс? Ӕргом амоныс ма-иу давут! Дӕхӕдӕг та давыс? Дзурыс: хӕтаг ма ут,— дӕхӕдӕг та хӕтыс? Ӕлгъаг дын сты гуымирытӕ, афтӕмӕй кувӕндӕттӕ фӕкъахтай?» (Ромӕгтӕм 2:21, 22, НФ). Мах Хуыцауы ӕмкусджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ Хуыцауы Ныхас раст амонынӕн, фыццаджыдӕр, нӕ зӕрдӕмӕ айсын хъӕуы мӕнӕ ацы ныхӕстӕ: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Иегъовӕйыл ӕмӕ дӕ зондӕй ныфсджын ма у. Алы хъуыддаджы дӕр ын агур йӕ разамынд, ӕмӕ дын уый раст кӕндзӕн дӕ фӕндӕгтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6).

12 Хуыцауы Ныхас раст куы амонӕм, уӕд нӕ къухы цы бафтдзӕн? Ӕркӕсӕм, Хуыцауы Ныхас рӕстзӕрдӕ адӕмы цард куыд аивы, уымӕ.

Хуыцауы Ныхас ивы адӕмы цард

13. Адӕймаг Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрын куы райдайы, уӕд ыл уый куыд фӕзыны?

13 Сыгъдӕг Фыстадыл зӕрдиагӕй чи баууӕнды, уыцы адӕймаджы ахӕм ныфс бацӕуы, ӕмӕ йӕ цард кӕрӕй-кӕронмӕ аивы. Павел йӕхи цӕстӕй уыдта, Хуыцауы ныхас адӕмы куыд ивта ӕмӕ рагон Фессалоникӕйы чырыстӕттӕ чи систы, уыдоныл хорзырдӕм куыд фӕзынд, уый. Ӕмӕ сын загъта: «Мах дӕр ӕнӕрынцойӕ Хуыцауӕн арфӕ кӕнӕм, махӕй хъуыстгонд Хуыцауы дзырд райсгӕйӕ, сымах кӕй райстат уый куыд адӕймаджы дзырд нӕ, фӕлӕ куыд Хуыцауы дзырд,— цавӕр у уый ӕцӕгдзинадӕй,— кӕцы архайы сымах, уырнджыты мидӕг» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13). Куыд уыцы чырыстӕттӕ, афтӕ Чырыстийы иннӕ ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ дӕр, Хуыцауы стыр зонды раз адӕймаджы хӕрзчысыл зонд ницӕуыл нымайынц (Исай 55:9). Фессалоникӕгтӕ «Сыгъдӕг Уды цингӕнгӕйӕ, [кӕй] ӕрбайстой Дзырды бирӕ утӕхсӕнты астӕу», уымӕй иннӕ уырнджытӕн фӕзминаг систы (1 Фессалоникӕгтӕм 1:5—7, НФ).

14, 15. Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕн цас тых ис ӕмӕ дзы кӕцӕй ис уыцы тых?

14 Хуыцауы Ныхасы ис стыр тых, уымӕн ӕмӕ йӕ радта хъомысджын Хуыцау Иегъовӕ. Уый у, «ӕрвтӕ [кӕй] дзырдӕй сконд сты», уыцы «ӕгас Хуыцауы» Ныхас, ӕмӕ йӕ дзырд алкӕддӕр «сӕххӕст кӕны, цӕй тыххӕй у ӕрвыст, уый» (Дзуттытӕм 3:12; Псалом 32:6; Исай 55:11). Иу библииртасӕг афтӕ загъта: «Хуыцау йӕ Ныхасыл йӕ былтӕ никуы акъуыры. Афтӕ дзы никуы загъта, зӕгъгӕ мӕн нӕу. [...] Уымӕ гӕсгӕ йӕ Ныхасыл цы ’рцӕуы, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Уый иу у цардӕгас Хуыцауимӕ».

15 Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕн цас тых ис? Ӕмбисонды тых. Павел дӕр уымӕн фыста афтӕ: «Хуыцауы дзырд цӕрдуд ӕмӕ хъаруджын у, ӕмӕ алы дыкомон ӕхсаргардӕй цыргъдӕр у: уый бахъары радихмӕ зӕрдӕйы удӕй, буары уӕнгты магъзӕй, ӕмӕ тӕрхон кӕны зӕрдӕйы фӕндтӕн ӕмӕ хъуыдытӕн» (Дзуттытӕм 4:12, НФ).

16. Хуыцауы Ныхас адӕймаджы куыд фӕивы?

16 Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый «алы дыкомон ӕхсаргардӕй цыргъдӕр у». Ахӕм ӕмбисонды тых дзы ис, ӕмӕ адӕймаджы къухӕй конд кусӕнгӕрзтӕ йӕ разы ницы сты. Хуыцауы ныхас афтӕ арф ахъары адӕймаджы зӕрдӕйы, ӕмӕ йын фӕивы йӕ миддуне, йӕ зонд, цы уарзы ӕмӕ цы нӕ уарзы, уыдӕттӕ, ӕмӕ дзы рауайы Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ кусӕг. Цӕй диссаджы кусӕнгарз у Хуыцауы Ныхас!

17. Хуыцауы Ныхас адӕймаджы куыд ивы, уый бамбарын кӕн.

17 Адӕймаг йӕхимӕ цыфӕнды ма кӕса ӕмӕ йӕхи иннӕты раз цавӕрфӕнды адӕймагӕй ма ’вдиса, уӕддӕр ӕй Хуыцауы Ныхас хурӕргом кӕны (1 Паддзахӕдты 16:7). Зӕгъӕм, ӕнӕхуыцау адӕймаг йӕхи афтӕ равдисы, ӕмӕ зӕгъдзынӕ, цӕй хӕларзӕрдӕ у, куыд тынг ӕууӕнды Хуыцауыл. Фӕлӕ уый афтӕ уымӕн кӕны, цӕмӕй йӕ фыдвӕндтӕ йӕ къухы бафтой. Сӕрбӕрзонд та иннӕты цӕстмӕ йӕхи сӕрныллӕгӕй фӕдары, ӕнӕуи та бӕллы, цӕмӕй йын кад кӕной. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхас адӕймаджы миддуне хурӕргом кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ уый сӕрныллӕг адӕймаджы зӕрдӕйы сӕвзӕрын кӕны «фыццагон адӕймаджы» (НФ) митӕ ныууадзыны фӕнд ӕмӕ «сфӕлынды ног адӕймаджы, Хуыцаумӕ гӕсгӕ сконды, рӕстдзинады ӕмӕ ӕцӕг сыгъдӕгдзинады» (Ефесӕгтӕм 4:22—24). Хуыцауы Ныхасы цы ахуырӕдтӕ ис, уыдон ма ӕфсӕрмыгӕнагӕй дӕр скӕнынц Иегъовӕйы ныфсхаст Ӕвдисӕн ӕмӕ зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг (Иереми 1:6—9).

18, 19. Ацы абзацты цы цау ис, уымӕй кӕнӕ дӕхи цаутӕй бамбарын кӕн, Библийы ӕцӕгад адӕймаджы цӕстӕнгас куыд фӕивы, уый.

18 Хуыцауы Ныхасы цы стыр тых ис, уый цыфӕнды адӕймагыл дӕр кӕмфӕнды дӕр фӕзыны хорзырдӕм. Дзырдӕн, Пномпенӕй (Камбоджӕйы) Ӕвдисӕнтӕ мӕй дыууӕ хатты хъусын кодтой Кампонгтямы провинцийы. Иу сылгоймаг-сауджын куы фехъуыста, иннӕ сауджынтӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фыдкой кӕнынц, уӕд сфӕнд кодта иннӕ хатт семӕ аныхас кӕнын. Куы сыл фембӕлд, уӕд сӕ бӕрӕгбӕтты тыххӕй фарстыты бын фӕкодта ӕмӕ йын Библийӕ дзуаппытӕ куы лӕвӕрдтой, уӕд сӕм лӕмбынӕг хъуыста. Уый фӕстӕ дын афтӕ куы бакӕнид: «Ныр ӕй ӕмбарын, иннӕ сауджынтӕ уӕ цытӕ фӕдзырдтой, уыдон мӕнг кӕй сты! Уыдон ныццӕхгӕр сты, зӕгъгӕ, дам, Библи ӕппындӕр уӕ къухмӕ нӕ исут. Фӕлӕ йӕ нӕ уынын, абон дӕргъы ӕрмӕст Библийӕ кӕй кӕсут!»

19 Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы сылгоймагмӕ Ӕвдисӕнтӕ цӕуын райдыдтой, ӕмӕ йӕм кӕд аргъуаны ӕртхъирӕн кодтой, зӕгъгӕ дӕ дӕ куыстӕй сисдзыстӕм, уӕддӕр нӕ фӕтарст. Цӕуыл-иу ныхас кодтой, уыдӕттӕ-иу йе ’мбалӕн радзырдта, ӕмӕ уый дӕр Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Ацы ӕмбал-иу цы базыдта, уыдон ын йӕ зӕрдӕ афтӕ тынг агайдтой, ӕмӕ иу хатт аргъуаны аргъуыды рӕстӕджы афтӕ куы бакӕнид: «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайут!» Гыццыл фӕстӕдӕр уыцы сылгоймаг-сауджын йӕ аргъуан ныууагъта, ӕмӕ йӕхӕдӕг ӕмӕ ма чидӕртӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ райдыдтой Библи ахуыр кӕнын.

20. Хуыцауы Ныхасы стыр тых кӕй ис, уый иу ганӕйаг сылгоймаджы цард куыд ӕвдисы?

20 Хуыцауы Ныхасы ӕцӕгдӕр стыр тых кӕй ис, уый бӕрӕг у ганӕйаг сылгоймаг Паулинӕйы хабарӕй. Ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕг хо Паулинӕимӕ ахуыр кодта Библи чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад»-ӕй *. Паулинӕйы лӕгӕн ма уыд ӕндӕр устытӕ дӕр. Паулинӕ бамбӕрста, йӕ цард ӕй аивын кӕй хъӕуы, уымӕн ӕмӕ йын дарддӕр афтӕ цӕрӕн нӕ уыд, фӕлӕ йӕ лӕг ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕ иууылдӕр йӕ ныхмӕ систы. Йӕ мадыфыд — сӕйраг тӕрхондоны тӕрхонгӕнӕг ӕмӕ аргъуаны пресвитер — архайдта Матфейы 19:4—6 стихтӕ сзыгъуыммӕ кӕнгӕйӕ Паулинӕйы фӕнд фӕивыныл. Тӕрхоны лӕг кӕд барджынӕй дзырдта, уӕддӕр Паулинӕ уайтагъд фембӕрста, уый дӕр, Сайтан, Йесо Чырыстийы фӕлваргӕйӕ, Фыстад куыд зыгъуыммӕ кодта, афтӕ кӕй кӕны (Матфейы 4:5—7). Йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Йесойы ӕргом ныхӕстӕ ӕмкъайады тыххӕй: Хуыцау сфӕлдыста нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймӕгты нӕ, фӕлӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы, стӕй ӕртӕ нӕ, фӕлӕ дыууӕ хъуамӕ суыдаиккой иу буар. Цы нӕ йын фӕкодтой, уӕддӕр ӕй нӕ басастой ӕмӕ бынӕттон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ ахицӕн сты. Цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ Паулинӕ аргъуыд райста ӕмӕ сси Паддзахады хабар амондджын хъусынгӕнӕг.

Хуыцауы Ныхас дарддӕр дӕр раст амон

21, 22 а) Паддзахады хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй цы хъуамӕ аразӕм? ӕ) Иннӕ статьяйы ныхас цӕуыл цӕудзӕн?

21 Ӕцӕгдӕр, нӕ къухы ис диссаджы кусӕнгарз — Хуыцауы Ныхас — ӕмӕ уымӕй ӕххуыс кӕнӕм адӕмӕн сӕ цард ивынӕн ӕмӕ Иегъовӕмӕ ӕввахс кӕнынӕн (Иаковы 4:8, НФ). Алы дӕсны кусӕгӕн дӕр йӕ куыст кусӕнгӕрзты руаджы хорз кӕй рауайы, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр, Хуыцау нын цы куыст бахӕс кодта, уый кӕнгӕйӕ — ома Паддзахады тыххӕй хъусынгӕнгӕйӕ — Хуыцауы Ныхасӕй, Библийӕ, зӕрдиагӕй ӕмӕ арӕхстджынӕй пайда кӕнӕм.

22 Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ та Фыстадӕй ноджы хуыздӕр пайда кӕнӕн куыд ис? Иу уый, ӕмӕ ахӕм ахуыргӕнджытӕ суӕм, Паддзахады хабар зӕрдиагӕй ӕмӕ фидарӕй куыд амонӕм. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм иннӕ статьямӕ, цӕмӕй базонӕм, иннӕты ахуыр кӕнын куыд хъӕуы ӕмӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй адӕймаг Паддзахады хабар йӕ зӕрдӕмӕ айса.

[Фиппаинаг]

^ 20 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Бахъуыды кодтай?

• Паддзахады хабар хъусынгӕнджытӕм цавӕр кусӕнгӕрзтӕ ис?

• Павел, чырыстон кусӕг уӕвгӕйӕ, фӕзминаг цӕмӕй уыд?

• Хуыцауы Ныхас раст амонын, зӕгъгӕ, куыд ӕмбарын хъӕуы?

• Хуыцауы Ныхасы цас тых ис?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 8 фарсыл]

Паддзахады хабар хъусынгӕнгӕйӕ чырыстӕттӕ цы кусӕнгӕрзтӕй пайда кӕнынц, уыдонӕй иуӕй-иутӕ.