Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Абон уӕлдай тынгдӕр хъуамӕ уӕм цырддзаст

Абон уӕлдай тынгдӕр хъуамӕ уӕм цырддзаст

Абон уӕлдай тынгдӕр хъуамӕ уӕм цырддзаст

«Уӕдӕ хъӕлдзӕг ут [«ма бафынӕй ут», НД], уымӕн ӕмӕ нӕ зонут, кӕцы сахат ӕрцӕудзӕн уӕ Хицау» (МАТФЕЙЫ 24:42).

1, 2. Ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕроны кӕй цӕрӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

«ССӔДЗӔМ ӕнусы адӕм уӕлдай тынгдӕр хӕстытӕй фӕрыстысты»,— зӕгъы фыссӕг Билл Эммотт. Уый кӕд разы у, адӕм зӕххыл кӕдӕй сты, уӕдӕй ардӕм сӕ хӕстытӕ ӕмӕ тыхми уӕгъд кӕй нӕ уадзынц, уӕддӕр ӕргом зӕгъы: «Иннӕ ӕнусты дӕр хӕцыдысты адӕм, фӕлӕ XX ӕнусы цы хӕстытӕ уыд, уыдон раздӕры хӕстытӕй иуимӕ дӕр абарӕн нӕй. Фыццаг хатт уыцы ӕнусы ныггуыпп кодта, ӕгас дуне дӕр чи банкъуысын кодта, ахӕм хӕст. [...] Ӕмӕ иу дӕр нӕ, фӕлӕ дыууӕ».

2 «Адӕм адӕмимӕ ӕмӕ паддзахад паддзахадимӕ» кӕй хӕцдзысты, уый тыххӕй Йесо Чырысти дзырдта. Фӕлӕ уыцы хабӕрттӕ, Чырысти «адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцыд», уый нысанӕн ӕрмӕстдӕр йӕ иу хай сты. Йесо ма дзырдта ӕххормаг рӕстӕджытӕ, низтӕ ӕмӕ зӕххӕнкъуыстыты тыххӕй дӕр (Матфейы 24:3, 7, 8, НД; Лукайы 21:6, 7, 10, 11). Уыцы фыдбӕллӕхтӕ абон ноджы фӕфылдӕр сты, сӕ быны ноджы фылдӕр адӕмы ссӕндынц. Ӕнаккаг адӕм сарӕх сты, ӕмӕ уый бӕрӕг у, Хуыцаумӕ ӕмӕ сын кӕрӕдзимӕ цы ахаст ис, уымӕй. Аллайаг ӕмӕ цъаммар митӕй, фыдракӕндтӕ ӕмӕ тыхмийӕ дуне байдзаг. Адӕмы ӕхца йедтӕмӕ Хуыцау дӕр нал хъӕуы, сӕ рӕстӕг сӕ уды дзӕбӕхӕн кӕм арвитой, ууыл систы. Адӕттӕ та ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ мах цӕрӕм «уӕззау рӕстӕджыты» (2 Тимофеймӕ 3:1—5).

3. «Рӕстӕджыты нысӕнттӕ» ныл куыд хъуамӕ фӕзыной?

3 Адӕмы уавӕр бонвыддӕр кӕй кӕны, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс? Бирӕтӕм нымады дӕр не сты, нӕ алыварс цы ’взӕр ӕмӕ ӕбуалгъ хабӕрттӕ цӕуы, уыдон. Ацы дунейы дзырддзӕугӕ адӕм ӕмӕ зондылӕгтӕ не ’мбарынц «рӕстӕджыты нысӕнтты» мидис; дины разамонджытӕ дӕр уыцы хъуыддаджы фӕдыл бӕрӕг-бӕлвырд ницы дзурынц (Матфейы 16:1—3). Фӕлӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты фӕдзӕхста: «Хъӕлдзӕг ут [«ма бафынӕй ут», НД], уымӕн ӕмӕ нӕ зонут, кӕцы сахат ӕрцӕудзӕн уӕ Хицау» (Матфейы 24:42). Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ мах хъуамӕ канд цырддзаст ма уӕм, фӕлӕ «ма бафынӕй уӕм». Уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи цӕттӕйӕ дарӕм. Афтӕ кӕнынӕн фаг нӕу ӕрмӕст зонын, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм ӕмӕ тызмӕг рӕстӕг кӕй скодта, уый. Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, кӕй «ӕрхӕстӕг кӕрон ӕппӕтӕн дӕр» (1 Петры 4:7НФ). Ӕрмӕстдӕр уӕд ӕмбардзыстӕм, абон уӕлдай тынгдӕр кӕй хъуамӕ уӕм цырддзаст. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ мӕнӕ ацы фарстыл ахъуыды кӕнӕм: «Ацы дунейы кӕрон ӕввахс кӕй у, уый нӕ цӕмӕй фидарӕй уырна, уый тыххӕй цы хъӕуы?»

4, 5. а) Ацы дунейы кӕрон ӕввахс кӕй у, ууыл цӕмӕй ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Нойы дуг ӕмӕ, адӕймаджы Фырт адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы ис, уыцы дуг цы иу кӕны?

4 Ӕркӕсӕм, Нойы заман цы стыр бӕллӕх ӕрцыд, ома Доны хъаймӕт, уый размӕ цы рӕстӕг скодта, уымӕ. Адӕм бынысӕфт кӕй фӕкодтой, ууыл Иегъовӕйы «зӕрдӕ фӕрыст», ӕмӕ загъта: «Ме сконд адӕмы зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн» (Уӕвынад 6:6, 7). Ӕмӕ йӕ ныхас сӕххӕст кодта. Йесо, уыцы рӕстӕг нӕ дугимӕ абаргӕйӕ, загъта: «Нойы бонты куыд уыди, афтӕ уыдзӕн, адӕймаджы Фырт адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы уа, уӕд дӕр» (Матфейы 24:37НД).

5 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Доны хъаймӕты размӕ адӕм Иегъовӕйы зӕрдӕ куыд риссын кодтой, абон дӕр афтӕ. Иегъовӕ Нойы заман ӕнӕхуыцау дуне куыд фесӕфта, афтӕ фесафдзӕн ацы фыддуне дӕр. Уӕды рӕстӕг ӕмӕ нӕ дуг цы иу кӕны, уый хорз куы ӕмбарӕм, уӕд ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, ацы дунейы кӕрон ӕввахс кӕй у, ууыл. Фӕлӕ сӕ цы иу кӕны? Ӕппынкъаддӕр фондз хъуыддаджы. Фыццаг, адӕм ӕргом фӕдзӕхст цӕуынц, ацы дуне сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй.

«Нырма уынгӕ цы нӕ уыд, уый тыххӕй» фӕдзӕхст ӕрцыд

6. Нойы заман Иегъовӕ цы сфӕнд кодта?

6 Нойы заман Иегъовӕ загъта: «Мӕ уд адӕймагӕн ӕнустӕм нӕ фӕраздзӕн, уымӕн ӕмӕ уый дӕр буар у. Йӕ цӕрӕнбонтӕ уӕнт сӕдӕ дыууын азы» (Уӕвынад 6:3). Ацы тӕрхон Иегъовӕ рахаста н. э. агъоммӕ 2490 азы, ӕмӕ уӕд райдыдтой уыцы ӕнӕхуыцау дунейӕн йӕ фӕстаг бонтӕ. Ахъуыды ма кӕн, уыцы адӕммӕ цы ӕнхъӕлмӕ каст, ууыл! 120 азы ма, ӕмӕ Иегъовӕ «зӕххыл рауадздзӕн доны хъаймӕт ӕмӕ арвы бын царды тых цы буары ис, уый фесафдзӕн» (Уӕвынад 6:17).

7. а) Ной Доны хъаймӕты тыххӕй куы базыдта, уӕд йӕ уд цӕуыл хъардта? ӕ) Ацы дунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый зонгӕйӕ нӕ цы аразын хъӕуы?

7 Ной бирӕ азтӕ раздӕр базыдта, зӕххыл стыр бӕллӕх кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы нӕ сӕфта, йӕ уд хъардта, цӕмӕй удӕгасӕй баззадаид. «Райсгӕйӕ ӕргомдзинад, нырма уынгӕ цы нӕ уыд, уый тыххӕй,— фыссы апостол Павел,— [Ной] нымд кӕнгӕйӕ сарӕзта ковчег, йӕ хӕдзар фервӕзын кӕнынӕн» (Дзуттытӕм 11:7). Мах та? 1914 азӕй, ацы дунейы фӕстаг бонтӕ куы райдыдтой, уӕдӕй рацыд 90 азы бӕрц. Уӕдӕ бӕлвырд у, «кӕроны рӕстӕджы» кӕй цӕрӕм, уый (Данелы 12:4НД). Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ нӕ цы аразын хъӕуы? «Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг баззайы ӕнусмӕ»,— фыст ис Библийы (1 Иоанны 2:17НФ). Уӕдӕ нӕ ныр хъӕуы Иегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый ӕппынӕдзух нӕ зӕрдыл дарын.

8, 9. Иегъовӕ абон адӕмы цӕмӕй фӕдзӕхсы ӕмӕ уыцы фӕдзӕхстытӕ хъуыстгонд куыд цӕуынц?

8 Нӕ рӕстӕджы Библи зӕрдиагӕй чи иртасы, уыцы адӕм базыдтой, ацы дуне йӕ сӕфты къахыл кӕй лӕууы, уый. Мах дӕр ууыл ӕууӕндӕм? Дӕ хъус ма ӕрдар, Йесо Чырысти уый фӕдыл цы загъта, уымӕ: «Уӕд уыдзӕн стыр зындзинад [«стыр бӕллӕх», НД], цавӕр нӕ уыд дунейы райдайӕнӕй нырмӕ, ӕмӕ нӕ уыдзӕн» (Матфейы 24:21). Йесо ма йӕхи тыххӕй дзырдта, кӕй ӕрцӕудзӕн Хуыцауы ӕвӕрд Тӕрхонгӕнӕгӕй ӕмӕ, фыййау фысты сӕгътӕй куыд ахицӕн кӕны, афтӕ кӕй ахицӕн кӕндзӕн адӕмы. Аккаг чи нӕ разына, уыдон «ацӕудзысты мыггагмӕйы зындонмӕ [«ӕнустӕм иуварсгонд ӕрцӕудзысты», НД], рӕстгӕнджытӕ та мыггагмӕйы цардмӕ» (Матфейы 25:31—33, 46).

9 Цӕмӕй ацы фӕдзӕхстытӕ йӕ адӕмӕй рох ма кӕной, уый тыххӕй сын сӕ Иегъовӕ афоныл сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» цы монон хӕринаг дӕтты, уый уылты (Матфейы 24:45—47). Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау сиды «алы адӕммӕ ӕмӕ мыггагмӕ, ӕмӕ ӕвзагмӕ ӕмӕ дзыллӕмӕ», цӕмӕй дзы «тӕрсой! Ӕмӕ Йӕ цытджын кӕной! Цӕмӕйдӕриддӕр ӕрцыд Йӕ тӕрхоны сахат» (Раргомад 14:6, 7НФ). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас зӕххы къорийыл Паддзахады хабар хъусын кӕнгӕйӕ адӕмы фӕдзӕхсынц, тагъд Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдты кӕй ныддӕрӕн кӕндзӕн (Данелы 2:44). Ацы фӕдзӕхстмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау йӕ ныхас никуыма фӕсайдта (Исай 55:10, 11). Иегъовӕ Нойы рӕстӕг йӕ ныхас куыд сӕххӕст кодта, афтӕ йӕ сӕххӕст кӕндзӕн абон дӕр (2 Петры 3:3—7).

Адӕм быныхӕлд фесты

10. Нойы дуджы адӕм куыд фехӕлдысты?

10 Нӕ рӕстӕг ма Нойы дуджы хуызӕн у ноджыдӕр иу хъуыддагӕй. Иегъовӕ фыццаг лӕг ӕмӕ усы куы сфӕлдыста, уӕд сын загъта, зӕгъгӕ, «зӕхх байдзаг кӕнут» уӕхи хуызӕн адӕмӕй,— уый тыххӕй сын се уӕнджы зӕнӕг уадзыны хъомыс бавӕрдта, ӕмӕ уымӕн та гӕнӕн уыди ӕрмӕст ӕмкъайады (Уӕвынад 1:28). Нойы дуджы хивӕнд зӕдтӕ адӕмы ӕнӕуаг, нӕфӕтчиаг митыл бафтыдтой. Уыдон зӕхмӕ ӕрцыдысты, адӕймаджы хуыз райстой ӕмӕ рӕсугъд сылгоймӕгтимӕ бацардысты. Цы зӕнӕг сын рацыд, уыдон та уыдысты нефилимтӕ — адӕймаг-хӕйрӕджытӕ (Уӕвынад 6:2, 4). Уыцы сӕфт зӕдтӕ цы тӕригъӕд ракодтой, уый лӕууы Содом ӕмӕ Гоморрӕйы цӕрджыты аллайаг миты ӕмрӕнхъ (Иудӕйы 6, 7). Уыйадыл, уыцы заман ӕппӕт адӕм дӕр быныхӕлд фесты.

11. Нӕ дуг Нойы рӕстӕджы хуызӕн цӕмӕй у?

11 Абон та уавӕр куыд у? Ацы фӕстаг бонты адӕмӕй сӕ фылдӕрӕн сӕ хъуыдытӕ сты ӕрмӕстдӕр ӕнӕуаг митыл. Павел ахӕмты тыххӕй афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, «сӕ цӕсгом суагътой»; бирӕтӕ сӕ «аздӕхтысты ӕнӕгъдау митырдӕм, ӕмӕ ӕнӕбафсисӕй кӕнынц алы чъизидзинад» (Ефесӕгтӕм 4:19НФ). Хӕлд чингуытӕ ӕмӕ кинотӕм кӕсын, искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуын, чъизи монцты охыл сывӕллӕттимӕ ӕнӕуаг митӕ кӕнын ӕмӕ гомосексуализм худинаг нал сты. Бирӕтӕ уый фыдӕй «сӕхӕдӕг сӕхимидӕг аккаджы фиддон» райстой: ӕхсины низтӕ, зындзинӕдтӕ ӕмӕ бирӕ мӕстыты хай баисты, кӕмӕндӕрты та ма сӕ бинонты цард дӕр фехӕлд (Ромӕгтӕм 1:26, 27).

12. Ӕвзӕрдзинадыл ӕлгъгӕнаг зӕрдӕ нӕ цӕмӕн хъӕуы нӕ мидӕг схъомыл кӕнын?

12 Нойы дуджы Иегъовӕ Доны хъаймӕт рауагъта ӕмӕ уыцы быныхӕлд дуне фесӕфта. Нӕ дуг Нойы заманы хуызӕн кӕй у, уый нӕ хъуамӕ ма рох кӕна. Тагъд «стыр бӕллӕхы» хӕтӕгтӕ, хъахбайтӕ, хӕрзгултӕ ӕмӕ лӕгдзуантӕй иу дӕр нал баззайдзӕн (Матфейы 24:21, НД; 1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10; Раргомад 21:8). Куыд ахсджиаг у, ӕвӕдза, ӕвзӕрдзинадыл ӕлгъгӕнаг зӕрдӕ нӕ мидӕг схъомыл кӕнын ӕмӕ, ӕнӕуаг митӕм чи ӕркӕна, ахӕм уавӕртӕй хи хизын! (Псалом 96:10; 1 Коринфӕгтӕм 6:18).

«Зӕхх байдзаг тыхмийӕ»

13. Нойы дуджы зӕхх цӕмӕн «байдзаг тыхмийӕ»?

13 Абоны рӕстӕг ма Нойы дуджы хуызӕн цӕмӕй у, уый тыххӕй Библийы афтӕ фыст ис: «Ӕцӕг Хуыцауы цӕсты зӕхх фесӕфт, байдзаг тыхмийӕ» (Уӕвынад 6:11). Фӕлӕ тыхми уый размӕ дӕр уыди. Зӕгъӕм, Адамы фырт Каин йӕ рӕстзӕрдӕ ӕфсымӕры амардта (Уӕвынад 4:8). Ламехы ӕмдзӕвгӕйӕ дӕр зыны, адӕм фыддзинадмӕ ӕмхиц кӕй уыдысты. Уым йӕхицӕй ӕппӕлы, зӕгъгӕ, иу ӕрыгон лӕппуйы амардтон, уымӕн ӕмӕ мӕ марынмӕ хъавыд (Уӕвынад 4:23, 24). Фӕлӕ Нойы рӕстӕг зӕхх тыхмийӕ куыд байдзаг, афтӕ никуыма уыд. Хуыцауы хивӕнд уӕларвон фырттӕн зӕххон сылгоймӕгтӕй цы нефилим-зӕнӕг рацыд, уыдон ахӕм фыдмитӕ кодтой, ӕмӕ зӕгъӕн дӕр нӕй. «Сыгъдӕг Фыстады ног дунейы тӕлмац» куыд ӕвдисы, афтӕмӕй уыцы тыхгӕнӕг уӕйгуытӕм цы дзырд амоны, уый рагон дзуттаг ӕвзаджы нысан кӕны «афӕлдахын», «иннӕты фӕкӕлын кӕнын» (Уӕвынад 6:4). Уыцы тыхгӕнджытӕ зӕхх байдзаг кодтой тыхмийӕ (Уӕвынад 6:13). Куыд зын уыдаид, ӕвӕдза, Нойӕн ахӕм адӕмы ’хсӕн йӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнын! Фӕлӕ уӕддӕр Ной Иегъовӕйы раз «уыцы фӕлтӕрӕй разынд рӕстгӕнӕг» (Уӕвынад 7:1).

14. Зӕхх та ногӕй куыд «байдзаг тыхмийӕ»?

14 Тыхми ӕппӕт ӕнусты дӕр ӕмдзу кӕны адӕмимӕ, фӕлӕ Нойы рӕстӕг куыд уыд, афтӕ абон дӕр зӕхх ӕнӕхъӕнӕй тыхмийы бын фӕци. Тынг арӕх фехъусӕм террористты фыдракӕндты тыххӕй, бинонтӕ кӕрӕдзийыл кӕй нӕ ауӕрдынц, иу адӕм иннӕ адӕмы кӕй цӕгъдынц ӕмӕ лӕгмартӕ дуне адӕм ӕппын ницӕй тыххӕй кӕй амарынц. Уӕдӕ хӕстыты цас туг ныккӕлы, уый та! Зӕхх та ногӕй тыхмийӕ байдзаг. Цӕмӕн? Кӕй тыххӕй? Ацы фарстытӕн дзуапп куы ссарӕм, уӕд базондзыстӕм, абоны дугӕн ма Нойы рӕстӕгимӕ ӕмхуызонӕй цы ис, уый.

15. а) Фӕстаг бонты афтӕ бирӕ тыхми цӕмӕн ис? ӕ) Дызӕрдыггаг цы нӕу?

15 1914 азы уӕлӕрвты Хуыцауы Мессианон Паддзахад куы сфидар, уӕд ног Паддзах, Йесо Чырысти, сарӕзта стыр хъуыддаг. Сайтан Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ фыдгӕнӕг зӕдты арвӕй зӕххы арӕнтӕм ӕрӕппӕрста (Раргомад 12:9—12). Уыцы хивӕнд зӕдтӕ Доны хъаймӕты размӕ уӕлӕрвтӕ кӕд сӕхӕдӕг ныууагътой, уӕд сӕ ныр та тӕргӕ ракодтой. Ӕмӕ ныр, раздӕрау, сӕ чъизи монцты фӕдыл цӕуынӕн сӕ бон нал у адӕймаджы хуыз райсын. Ууыл мӕстӕй судзгӕйӕ ӕмӕ сӕм фыдтӕрхон кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тасӕй адӕмы ӕмӕ алыхуызон организациты амидин кӕнынц, Нойы дуджы адӕм цытӕ кодтой, уыдонӕй ноджы ӕвирхъаудӕр ӕмӕ ӕбуалгъдӕр митӕм. Ӕгоммӕгӕс зӕдтӕ ӕмӕ сӕ зӕнӕг Доны хъаймӕты размӕ зӕхх ӕвзӕрдзинадӕй куы байдзаг кодтой, уӕд сӕ Иегъовӕ быныскъуыд скодта. Абон дӕр афтӕ кӕй бакӕндзӕн, уый дызӕрдыггаг нӕу! (Псалом 36:10). Фынӕй чи нӕ кӕны, цырддзаст чи у, уыдон зонынц, тагъд ацы дунейӕ кӕй сулӕфдзысты.

Хабар хъуыстгонд цӕуы

16, 17. Нойы рӕстӕг нӕ дугимӕ цавӕр цыппӕрӕм хъуыддаг иу кӕны?

16 Нӕ дуг ӕмӕ Доны хъаймӕты размӕйы заман ма иу кӕны цыппӕрӕм хъуыддаг дӕр: Нойӕн цы куыст бахӕсчындӕуыд, уый. Уый сарӕзта тынг стыр нау, ковчег, ӕмӕ ма уыд «хъусынгӕнӕг» дӕр (2 Петры 2:5). Ӕмӕ цы хъусын кодта? Ной, ӕвӕццӕгӕн, адӕммӕ сидт фӕсмонмӕ ӕмӕ сӕ фӕдзӕхста хъаймӕты тыххӕй. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй Нойы ӕмдуггӕгтӕ «ӕнхъӕл нӕ уыдысты, цалынмӕ доны хъаймӕт ӕрцыди ӕмӕ се ’ппӕты фесӕфта» (Матфейы 24:38, 39НФ).

17 Афтӕ абон дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ хӕс — ӕппӕт дунейыл хъусын кӕнынц Хуыцауы Паддзахады хабар. Зӕххыл алы ран дӕр адӕм сӕ мадӕлон ӕвзагыл хъусынц ӕмӕ кӕсынц Паддзахады хабар. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыгӕн», адӕмӕн Иегъовӕйы Паддзахады хабар чи хъусын кӕны, уыцы журналӕн йӕ тираж ахызт 25 милуанӕй ӕмӕ цы ӕвзӕгтыл цӕуы, уыдон сты 140 фылдӕр. Ӕцӕгдӕр, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд цӕуы «ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн». Уыцы куыст, Хуыцауы куыд фӕнды, афтӕ арӕзт куы ’рцӕуа, уӕд ацы дунейӕн ӕрцӕудзӕн йӕ кӕрон (Матфейы 24:14).

18. Нӕ уацамындмӕ нын бирӕтӕ цы цӕстӕй ракӕсынц, уый ӕмӕ Нойы рӕстӕджы цӕрӕг адӕмы ахаст ӕмхуызон цӕмӕй сты?

18 Доны хъаймӕты размӕ адӕм Хуыцауы кӕй ферох кодтой ӕмӕ се ’фсарм кӕй фесӕфтой, уымӕ гӕсгӕ Ной ӕмӕ йӕ бинонтыл ӕнӕууӕнк адӕм куыд худтаиккой ӕмӕ сӕ фӕндырты куыд цагътаиккой, уый цӕстытыл ауайын кӕнын зын нӕу. Фӕлӕ уыцы дуне уӕддӕр фесӕфт. Ацы фӕстаг бонты дӕр зӕххыл ис тынг бирӕ «ӕдзӕсгом фауджытӕ». Фӕлӕ Библи куыд дзуры, афтӕмӕй «Хицауы [«Иегъовӕйы», НД] бон... ӕрцӕудзӕн хуыснӕгау» (2 Петры 3:3, 4, 10НФ). Уыцы бон ӕнӕмӕнгдӕр ӕрцӕудзӕн, нӕ бафӕстиат кӕндзӕн (Аввакум 2:3). Ахӕм рӕстӕг куыд хъуамӕ бафынӕй уӕм?!

Ӕрмӕстдӕр цалдӕрӕй фервӕзтысты

19, 20. Доны хъаймӕт цы хуызы ис абарӕн ацы цардӕвӕвӕрды сӕфтимӕ?

19 Нойы заманы адӕм кӕй фехӕлдысты ӕмӕ кӕй фесӕфтысты, нӕ дугимӕ йӕ ӕрмӕст уый нӕ иу кӕны, фӕлӕ ма ӕндӕр хъуыддаг дӕр. Доны хъаймӕты цалдӕр адӕймаджы куыд аирвӕзт, афтӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд дӕр уыдзӕн, чи фервӕздзӕн, ахӕмтӕ. Доны хъаймӕты удӕгасӕй чи баззад, уыдон уыдысты сабыр, иннӕты зондыл нӕ цыдысты. Сӕ зӕрдыл кӕддӕриддӕр дардтой Хуыцауы фӕдзӕхст ӕмӕ сӕхи дард ластой фыдзӕрдӕ адӕмӕй. Библийы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Ной «Иегъовӕйы хорзӕх ссардта». «[Ной] уыд йе ’мдуггӕгты ’хсӕн ӕнаипп» (Уӕвынад 6:8, 9). Ӕгас дзыллӕтӕй, ӕрмӕстдӕр иу хӕдзар, «ома аст удгоймаджы раирвӕзтысты донӕй» (1 Петры 3:20НФ). Уыдонӕн Иегъовӕ загъта, зӕгъгӕ, «зӕнӕг рауадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут» (Уӕвынад 9:1).

20 Хуыцауы Ныхас нын фидарӕй зӕгъы, зӕгъгӕ, «тынг бирӕ адӕм» «рацӕудзӕн стыр бӕллӕхӕй» (НД) (Раргомад 7:9, 14). Цас уыдзысты уыцы адӕм? Уый тыххӕй Йесо загъта: «Уынгӕг дуар ӕмӕ нарӕг фӕндаг кӕнынц цардмӕ, ӕмӕ уыдоны бирӕтӕ нӕ арынц» (Матфейы 7:13, 14). Ныридӕгӕн зӕххыл цӕры 6 миллиард адӕймагӕй фылдӕр ӕмӕ уыдонимӕ абаргӕйӕ, стыр бӕллӕхы чи аирвӕздзӕн, уыдон уыдзысты тынг гыццыл. Фӕлӕ сӕм ӕрхаудзӕн стыр кад, Доны хъаймӕты удӕгасӕй чи баззад, уыдонмӕ цы кад ӕрхауд, ахӕм. Уыдон, ӕвӕццӕгӕн, цасдӕр рӕстӕг уадздзысты зӕнӕг — зӕххыл ног ӕхсӕнады цӕрджытӕ (Исай 65:23).

«Ма бафынӕй ут»

21, 22. а) Доны хъаймӕты фӕдыл цӕуыл ӕрдзырдтам, уый дын цы ахъаз фӕци? ӕ) 2004 азы стих цавӕр у ӕмӕ дзы цы амынд ис, уымӕ гӕсгӕ цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

21 Кӕд Доны хъаймӕтӕй цалдӕр миназы рацыд, уӕддӕр нын зондзонӕн у, ӕмӕ йӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн нӕй (Ромӕгтӕм 15:4). Нойы рӕстӕг ӕмӕ нӕ дуг ӕмхуызон цӕмӕй сты, уыдон кӕрӕдзиимӕ баргӕйӕ, хъуамӕ ноджы хуыздӕр ӕмбарӕм, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый. Стӕй хъуамӕ цӕттӕ уӕм, Йесо ацы фыддуне фесафынмӕ хуыснӕгау куы фӕзына, уыцы бонмӕ.

22 Абон Йесо Чырысти разамынд дӕтты стыр арӕзтадон куыстӕн. Цӕмӕй Хуыцауӕн кувӕг адӕм ӕнӕфыдбылыз уой ӕмӕ удӕгасӕй баззайой, уый тыххӕй зӕххыл ис, ковчегимӕ кӕй ис абарӕн, ахӕм монон дзӕнӕт (2 Коринфӕгтӕм 12:3, 4). Уӕдӕ ныл цӕмӕй стыр бӕллӕхы бон мацы ’рцӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ уыцы дзӕнӕтӕй ӕддӕмӕ ма хизӕм. Нӕ монон дзӕнӕты алыварс ис Сайтаны дуне, ӕмӕ гӕппӕввонгӕй лӕууы, чи ’рфынӕй уа, уыдоны аныхъуырынмӕ. Уый тыххӕй хъуамӕ «ма бафынӕй уӕм» ӕмӕ Иегъовӕйы бонмӕ нӕхи цӕттӕйӕ дарӕм (Матфейы 24:42, НД, 44).

Бахъуыды кодтай?

• Йесо йе ’рцыды тыххӕй куыд фӕдзӕхста?

• Йесо, адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы уа, уыцы рӕстӕг цӕимӕ абарста?

• Нӕ дуг ӕмӕ Нойы рӕстӕг ӕмхуызон цӕмӕй сты?

• Нойы рӕстӕг ӕмӕ нӕ дуг ӕмхуызон цӕмӕй сты, ууыл хъуыды кӕнын нын куыд хъуамӕ баххуыс кӕна, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый ӕмбарынӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Хицӕнгонд текст 9 фарсыл]

2004 азы стих у: «Ма бафынӕй ут... Цӕттӕ ут» (Матфейы 24:42, НД, 44).

[Ныв 9 фарсыл]

Ной Хуыцауы фӕдзӕхст нӕ рох кодта. Мах дӕр ӕй нӕ зӕрдыл дарӕм?