Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Алчидӕр хъусын кӕнӕд Иегъовӕйы кад

Алчидӕр хъусын кӕнӕд Иегъовӕйы кад

Алчидӕр хъусын кӕнӕд Иегъовӕйы кад

«Раттут Хицауӕн [«Иегъовӕйӕн», НД] кад ӕмӕ намыс. Раттут Хицауӕн [«Иегъовӕйӕн», НД] кад Йӕ номӕн» (ПСАЛОМ 95:7, 8).

1, 2. Иегъовӕйы кадӕн ӕвдисӕн чи лӕууы ӕмӕ ма уыцы хъуыддагмӕ ноджыдӕр кӕмӕ сидтӕуы?

ИЕССЕЙЫ фырт Давид йӕ сабибонтӕ арвыста Вифлеемы алфамбылӕйтты фыййауӕй. Уыцы сӕрвӕтты иунӕгӕй йӕ фыды дзугтӕ хизгӕйӕ цал ӕмӕ цал хатты кастаид мӕйрухс ӕхсӕвты стъалыджын арвы фӕтӕнмӕ! Ӕмӕ ӕнӕмӕнг уыцы алӕмӕты нывтӕ лӕууыдысты йӕ цӕстыты раз, Хуыцауы сыгъдӕг уды разӕнгардӕй, 18-ӕм псаломы рӕсугъд ныхӕстӕ куы фыста ӕмӕ куы зарыд, уӕд дӕр: «Ӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад, ӕмӕ Йӕ къухты хъуыддӕгты тыххӕй дзуры арв. Ӕппӕт зӕххыл цӕуы сӕ зӕл, ӕмӕ дунейы кӕрӕтты онг сӕ ныхӕстӕ» (Псалом 18:2, 5).

2 Иегъовӕйы кад ӕнӕ дзургӕйӕ, ӕнӕ иу ныхасӕй, ӕгомыгӕй хъусын кӕнынц йе сконд ӕгӕрон ӕрвтӕ — ӕмӕ афтӕ иу бонӕй иннӕ бонмӕ, иу ӕхсӕвӕй иннӕмӕ. Хуыцауы сконд дуне нӕ фӕллайы йӕ кад хъусын кӕнынӕй, ӕмӕ ӕгомыг ӕрдз «ӕппӕт зӕххыл» алы цӕрӕг удӕн дӕр ӕвдисӕн куыд лӕууы, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ адӕймаг бамбары, куыд ӕнӕбон у, уый. Фӕлӕ ӕгомыг ӕрдзы ӕвдисӕнад фаг нӕу. Хуыцауыл ӕууӕндӕг иузӕрдион адӕммӕ дӕр уымӕ сидтӕуы, ӕмӕ хъусӕй ма лӕууой — ӕвдисӕн лӕууой. Ӕнӕном псаломзарӕггӕнӕг афтӕ зӕгъы Хуыцауӕн кувӕг иузӕрдион адӕмӕн: «Раттут Хицауӕн [«Иегъовӕйӕн», НД] кад ӕмӕ намыс. Раттут Хицауӕн [«Иегъовӕйӕн», НД] кад Йӕ номӕн» (Псалом 95:7, 8). Иегъовӕмӕ хӕстӕг чи у, уыдонӕн ацы сидт цырен кодта сӕ зӕрдӕты зынг. Фӕлӕ куыд ис Хуыцауы кадджын кӕнӕн?

3. Адӕм Хуыцауы цӕмӕн кадджын кӕнынц?

3 Уымӕн ӕрмӕст ныхӕстӕ фаг не сты. Исайы рӕстӕджы израилӕгтӕ дзыхӕй кадджын кодтой Хуыцауы, фӕлӕ сӕ фылдӕр уый сыгъдӕгзӕрдӕйӕ нӕ кодтой. Ӕмӕ сын Иегъовӕ Исайы уылты загъта: «Ацы адӕм мӕм ӕввахс кӕнынц дзыхӕй ӕмӕ мӕ кадджын кӕнынц ӕрмӕстдӕр ӕвзагӕй, сӕ зӕрдӕтӕ та дард аластой мӕнӕй» (Исай 29:13). Ахӕм адӕм ӕй куыдфӕнды ма кадджын кодтаиккой, уӕддӕр уый уыдис хӕрздзӕгъӕлы. Адӕймаг Хуыцауы кӕй кадджын кӕны, уый дзӕгъӕлы уӕд нӕ уыдзӕн, ӕмӕ Иегъовӕйы уарзтӕй йӕ зӕрдӕ йемыдзаг куы уа, Хуыцауы кадӕн ӕмбал кӕй нӕй, уый ӕцӕгӕй куы ’мбара. Иунӕг Иегъовӕ у Сфӕлдисӕг. Уый у Ӕппӕтхъомысджын, ӕппӕты Рӕстаг; цы у, уымӕй ӕгасӕй дӕр у уарзондзинад. Уый у нӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ Ӕппӕтбардарӕг — арвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр алчидӕр йӕхи уый бар хъуамӕ бакӕна (Раргомад 4:11; 19:1). Цӕй ӕмӕ нӕ кӕд ӕппӕт адӕттӕ фидарӕй уырнынц, уӕд Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кадджын кӕнӕм.

4. Хуыцауы куыд кадджын кӕнӕм, уый тыххӕй Йесо цы загъта ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ куыд у нӕ бон ӕххӕст кӕнын?

4 Хуыцауы кадджын кӕнын куыд хъӕуы, уый нын бацамыдта Йесо Чырысти. Мӕнӕ цы загъта: «Уымӕй скадджын уыдзӕн Мӕ Фыд, сымах куы ӕрхӕссат бирӕ дыргъ, ӕмӕ куы уат Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ» (Иоанны 15:8). Куыд хӕссӕм бирӕ дыргъ? Фыццаджыдӕр, «Паддзахады Евангели» хъусын кӕныны хъуыддаджы нӕхи хъарӕм ӕмӕ афтӕмӕй ӕппӕт скӕндтытимӕ иумӕ «дзурӕм» Хуыцауы ӕнӕуынгӕ миниуджыты тыххӕй (Матфейы 24:14; Ромӕгтӕм 1:20). Стӕй афтӕмӕй не ’ппӕт дӕр — кӕм нӕхӕдӕг, кӕм та иннӕтӕн ӕххуысгӕнгӕйӕ — цӕттӕ кӕнӕм ног ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕмӕ уыдон дӕр немӕ иумӕ кадджын кӕнынц Иегъовӕ Хуыцауы. Дыккаг та уый, ӕмӕ нӕ удыхъӕды хъомыл кӕнӕм сыгъдӕг уды дыргъ ӕмӕ Иегъовӕ Хуыцауы ӕвӕджиауы миниуджытыл ахуыр кӕнӕм (Галатӕгтӕм 5:22, 23; Ефесӕгтӕм 5:1; Колоссӕгтӕм 3:10). Афтӕмӕй нӕ уаг, не ’гъдауӕй кадджын кӕнӕм Хуыцауы.

«Ӕппӕт зӕххыл»

5. Бамбарын кӕн, Павел нын нӕ хъус куыд ӕрдардта, чырыстӕттӕ хӕсджын кӕй сты сӕ уырнындзинады тыххӕй иннӕтӕн дзурын ӕмӕ уымӕй Хуыцауы кадджын кӕнын.

5 Апостол Павел йӕ фыстӕджы ромӕгтӕм ӕмбарын кӕны, алы чырыстоныл дӕр уыцы хӕс кӕй ис, ӕмӕ Хуыцауы кадджын кӕныны сӕраппонд йӕ уырнындзинады тыххӕй иннӕтӕн дзура. Ромӕгтӕм фыстӕджы сӕйраг хъуыды у ахӕм: Йесо Чырысти кӕй уырны, уыцы уырнындзинад хъуыддагӕй чи ӕвдиса, ӕрмӕстдӕр уыдон фервӕздзысты. 10-ӕм сӕры Павел дзуры, йӕ рӕстӕджы цӕрӕг израилӕгтӕ афтӕ кӕй хъуыды кодтой, ома Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд Хуыцауы раз раст уыдзыстӕм, афтӕмӕй та «закъоны кӕрон [уыд] Чырысти». Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, «кӕд дӕ дзыхӕй ӕргом кӕнай Йесо Хицау кӕй у, ӕмӕ дӕ зӕрдӕйӕ ӕууӕндай, Хуыцау Уый кӕй райгас кодта мӕрдтӕй, уӕд фервӕздзынӕ». Уӕдӕй фӕстӕмӕ нал ис «хицӕндзинад Иудей ӕмӕ Еллины ’хсӕн, уымӕн ӕмӕ иу Хицау ӕппӕтӕн, хъӕздыг ӕппӕт Уымӕ ӕрситджытӕн. Уымӕн ӕмӕ „алкӕцы, чи ӕрсида Хицауы номмӕ, фервӕздзӕн [«Иегъовӕмӕ йӕ номӕй чи кувы, уый фервӕздзӕн», НД]“» (Ромӕгтӕм 10:4, 9—13).

6. Павел Псаломы 18:5-ӕм стихӕй куыд спайда кодта?

6 Дарддӕр Павел дӕтты тынг рӕстдзӕвин фарст: «Куыд фӕсидой Уымӕ, Кӕцыйыл нӕ баууӕндыдысты? Куыд ӕууӕндгӕ у Ууыл, Кӕцыйы тыххӕй нӕ фехъуыстой? Куыд фехъусгӕ у ӕнӕ хъусынгӕнӕгӕй?» (Ромӕгтӕм 10:14). Израилы тыххӕй та зӕгъы: «Сеппӕт нӕ байхъуыстой хорз уацхъуыдмӕ». Цӕуылнӕ байхъуыста Израил? Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ сын фадат нӕ уыд, фӕлӕ сӕ уырнындзинад мард уыди, ӕмӕ уый уыди йӕ ӕфсон. Ацы хъуыды райхалынӕн Павел ӕрхаста Псаломы 18:5 ӕмӕ дзы спайда кодта ӕгомыг ӕрдзы ӕвдисӕнадмӕ нӕ, фӕлӕ чырыстӕттӕ куыд хъусын кодтой, уымӕ. Уый дзуры: «Бӕлвырд, „ӕппӕт зӕххыл ацыд сӕ хъӕлӕс, ӕмӕ дунейы кӕрӕттӕм сӕ ныхӕстӕ“» (Ромӕгтӕм 10:16, 18). О, ӕнӕуд ӕрдз куыд кадджын кӕны Иегъовӕйы, раст афтӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ алкуы хъусын кодтой ирвӕзындзинады хорз хабар ӕмӕ уымӕй «ӕппӕт зӕххыл» кадджын кодтой Хуыцауы. Колоссӕгтӕм йӕ фыстӕджы Павел ӕвдисы, хорз хабар куыд дард анхъӕвзта, уый дӕр. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ хорз хабар хъуыстгонд ӕрцыд «арвы бын ӕппӕт скӕндтытӕн» (Колоссӕгтӕм 1:23).

Зынгзӕрдӕ Ӕвдисӕнтӕ

7. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ чырыстӕттыл цавӕр хӕс ис?

7 Куыд зыны, афтӕмӕй колоссӕгтӕм Павел ныффыста Йесо Чырыстийы мӕлӕтӕй иу-27 азы фӕстӕ. Уый гӕнӕн куыд уыди, ӕмӕ уацамынды хъуыддаг цыбыр рӕстӕгмӕ афтӕ анхъӕвзтаид — суанг Колоссмӕ дӕр? Йӕ рахӕцӕн уый мидӕг уыд, ӕмӕ фыццаг ӕнусты чырыстӕттӕ уыдысты тынг зынгзӕрдӕ, ӕмӕ сӕ удӕй арт кӕм цагътой, уым сын Иегъовӕ ахъазгӕнӕг уыди. Йесо загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ хъусын кӕнынмӕ тынг цырд кӕй уыдзысты: «Ӕппӕт адӕмтӕн раздӕр хъуамӕ хъуыстгонд уа Евангелийы уацхъуыд» (Маркы 13:10). Ацы пехуымпарадмӕ ма Йесо бафтыдта Матфейы Евангелийы фӕстаг стихты фыст хӕслӕвӕрд: «Уӕдӕ, ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты [«цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй», НД], аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй, ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн» (Матфейы 28:19, 20). Уӕларвмӕ Йесойы ацыды хӕдфӕстӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ӕрӕвнӕлдтой ацы ныхӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ.

8, 9. Йесойы лӕвӕрд хӕслӕвӕрдтӕм чырыстӕттӕ цы цӕстӕй кастысты, уый тыххӕй нын Куыстыты чиныг цы дзуры?

8 Йесойы иузӕрдион фӕдылдзӕуджытыл н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны сыгъдӕг уд куы ’рцыд, уӕд фыццаджыдӕр цы сарӕзтой? Цыдысты ӕмӕ хъусын кодтой, Иерусалимы утӕппӕт адӕмимӕ дзырдтой «Хуыцауы стыр хъуыддӕгтыл». Сӕ хъуыддаг афтӕ ӕнтыстджынӕй цыди, ӕмӕ «ӕртӕ мин адӕймаджы бӕрц» райста донаргъуыд. Ахуыргӕнинӕгтӕ дарддӕр дӕр сӕ удӕй арт цагътой, ӕргом кадджын кодтой Хуыцауы, ӕмӕ уый ӕрхаста хорз тыллӕг (Куыстытӕ 2:4, 11, 41, 46, 47).

9 Уыцы чырыстӕтты хъуыддӕгтӕ ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фесты дины разамонджытӕн. Петр ӕмӕ Иоанны уӕндондзинад сын сӕ уӕны мигъ уагъта, ӕмӕ дыууӕ апостолы бафӕдзӕхстой, куыд нал хъусын кӕнат, афтӕ, зӕгъгӕ. Апостолты дзуапп уыд ахӕм: «Махӕн нӕ бон нӕу цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уыдон нӕ дзурын». Куы сӕм бартхъирӕн кодтой ӕмӕ сӕ куы ауагътой, уӕд Петр ӕмӕ Иоанн аздӕхтысты се ’фсымӕртӕм ӕмӕ се ’ппӕт дӕр иумӕ скуывтой Иегъовӕмӕ. Зӕрдӕфидарӕй куырдтой Иегъовӕйӕ: «Ратт Дӕ цагъартӕн уӕндонӕй дзурын Дӕ ныхас» (Куыстытӕ 4:13, 20, 29).

10. Ӕцӕг чырыстӕттӕ цавӕр фыдӕвзарӕнты бахаудтой, фӕлӕ уыцы уавӕры сӕхи цыхуызӕнӕй равдыстой?

10 Сӕ куывд Иегъовӕйӕн фӕндон кӕй уыд, уый гыццыл фӕстӕдӕр рабӕрӕг. Апостолты ӕрцахстой, фӕлӕ сӕ зӕд алӕмӕты хуызы ссӕрибар кодта. Зӕд сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ кувӕндоны слӕугӕйӕ, дзурут адӕмӕн ацы царды дзырдтӕ иуылдӕр» (Куыстытӕ 5:18—20). Апостолтӕ афтӕ кӕм бакодтой, уым сын Иегъовӕ дарддӕр дӕр ахъазгӕнӕг уыди. Уыдон «алыбон кувӕндоны ӕмӕ хӕдзӕртты ӕнӕнцойӕ ахуыр кодтой ӕмӕ хорз уацхъуыд хъусын кодтой Йесо Чырыстийы тыххӕй» (Куыстытӕ 5:42). Уӕдӕ уынӕм, амӕй-ай ӕгъатырдӕр фыдӕвзарӕнтӕ дӕр нӕ баурӕдтой Йесойы фӕдылдзӕуджыты — цыфӕндыйӕ дӕр Хуыцауы ӕргом кадджын кодтой.

11. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ хъусын кӕныны хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кастысты?

11 Уӕдмӕ ӕрцахстой Стефаны ӕмӕ йӕ дуртӕй амардтой. Уый фӕстӕ сӕ Иерусалимы ноджы тынгдӕр райдыдтой ӕфхӕрын, ӕмӕ апостолтӕй фӕстӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр алы рӕтты ныппырх сты. Фӕлӕ сӕ кӕй сырдтой, уымӕй сӕ ныфс асаст? Нӕ, ницы хуызы. Мӕнӕ цы дзуры Библи: «Чи ахӕлиу, уыдон цыдысты ӕмӕ хъусын кодтой хорз уацхъуыд» (Куыстытӕ 8:1, 4). Хуыцауы кад хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕ удӕй арт кӕй цагътой, уый уынӕм ногӕй ӕмӕ ногӕй. Куыстыты чиныджы 9-ӕм сӕры кӕсӕм, Тарсаг Савл, фарисей, Дамаскмӕ куы араст Йесойы ахуыргӕнинӕгты ӕфхӕрынмӕ, уӕд фӕндагыл цӕстылуайӕны федта Йесойы ӕмӕ саугуырм баци. Дамаскы йын Анани диссаджы ӕгъдауӕй йӕ цӕстырухс раздӕхта. Зоныс, уӕд Савл — фӕстӕдӕр сси апостол Павел — сӕрысӕрӕй цавӕр хъуыддагмӕ ӕрӕвнӕлдта? Библи нын дзуры: «Уыцы сахат райдыдта хъусын кӕнын ӕмбырдгӕнӕнты Йесойы тыххӕй, Уый кӕй у Хуыцауы Фырт» (Куыстытӕ 9:20).

Хъусын кодта алчидӕр

12, 13. а) Историкты ныхӕстӕй, фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырд бӕрӕг цӕмӕй дардта? ӕ) Куыстыты чиныджы фыст цаутӕ ӕмӕ Павелы ныхӕстӕ куыд бӕлвырд кӕнынц историкты хъуыдытӕ?

12 Бирӕтӕн дызӕрдыггаг нӕу, фыццаг ӕнусы хъусын кӕныны хъуыддаджы чырыстон ӕмбырдӕй фӕстӕ кӕй ничи лӕууыд, уый. Уӕды чырыстӕтты тыххӕй Филип Шафф фыссы: «Алы ӕмбырдӕн дӕр йӕ нысан уыди хъусын кӕнын ӕмӕ алы чырыстон дӕр уыд хъусынгӕнӕг» («History of the Christian Church»). У. С. Уильямс та дзуры: «Ӕппӕт бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр амонынц иу цӕмӕдӕр — рагон аргъуаны чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр, уӕлдайдӕр та, диссӕгтӕ аразыны тых [сыгъдӕг уды лӕвӕрттӕ] кӕмӕ уыди, уыдон, уыдысты евангели хъусынгӕнджытӕ» («The Glorious Ministry of the Laity»). Уильямс ма загъта: «Йесо Чырысти афтӕ никуы загъта, ӕмӕ хъусын кӕнын дины ӕвзӕрст кусджыты бар у». Стӕй уый нӕ, фӕлӕ ма уӕды заманы чырыстон дины фыдызнаг Цельс дӕр фыста: «Фӕсмыны куыстгӕнджытӕ, дзабырхуыйджытӕ, нымӕтуӕрдджытӕ, ӕппын ницыфенӕг сау адӕм, уыдысты евангелийы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ».

13 Ацы ныхӕстӕ афтид ныхӕстӕ кӕй не сты, уый бӕрӕг у Куыстыты чиныджы фыст ӕцӕг хабӕрттӕй. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон, ахуыргӕнинӕгтыл сыгъдӕг уд куы ’рцыд, уӕд се ’ппӕт дӕр — лӕгӕй-усӕй — адӕмӕн хъусын кодтой Хуыцауы стыр хъуыддӕгтӕ. Стефаны амарды фӕстӕ чырыстӕтты фӕдыл зилын куы байдыдтой ӕмӕ куы ныппырх сты, уӕд дӕр алырӕтты хӕлиу кодтой хорз хабар. Иу-28 азы фӕстӕ Павел фыста, дины кусджыты гыццыл къордмӕ нӕ, фӕлӕ дзуттаг адӕмӕй рацӕуӕг чырыстӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр: «Уый сӕрты ӕнӕрынцойӕ хӕсдзыстӕм Хуыцауӕн ӕппӕлды нывонд, ома Уый ном кадджынгӕнджыты дзыхы дыргъ» (Дзуттытӕм 13:15). Павел уацамынды хъуыддагмӕ йӕхӕдӕг цы цӕстӕй каст, уый фӕдыл та афтӕ загъта: «Кӕд ӕз хорз уацхъуыд хъусын кӕнын, уӕд мӕм ницы ис раппӕлинаг, уымӕн ӕмӕ уый у ӕнӕмӕнг хӕс мӕнӕн, ӕмӕ мӕгуыр мӕ бон куы нӕ хъусын кӕнон хорз уацхъуыд!» (1 Коринфӕгтӕм 9:16). Уӕвгӕ та фыццаг ӕнусы иузӕрдион чырыстӕттӕй алкӕмӕ дӕр афтӕ дзырдта йӕ зӕрдӕ.

14. Уырнындзинад ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг кӕрӕдзиуыл куыд баст сты?

14 Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕг чырыстон хъусынгӕнӕг ма уа — уымӕй бӕрӕг кӕны йӕ уырнындзинад. «Зӕрдӕйӕ ӕууӕндынц рӕстдзинадмӕ, дзыхӕй та ӕргом кӕнынц ирвӕзындзинадмӕ»,— загъта Павел (Ромӕгтӕм 10:10). Цымӕ ӕмбырды ӕрмӕст цыдӕр гыццыл къорд (мӕнӕ дины кусджытӕ куыд сты, афтӕ) ӕвдисы йӕ уырнындзинад ӕмӕ ӕрмӕст уыдоны хӕс у хъусын кӕнын? Нӕ! Алы ӕцӕг чырыстон дӕр йӕ удыхъӕды хъомыл кӕны цардӕгас фидар уырнындзинад Хицау Йесо Чырыстийыл ӕмӕ йӕхицӕн хӕсыл нымайы йӕ уырнындзинады тыххӕй иннӕтӕн ӕргом дзурын. Зӕгъгӕ афтӕ нӕу, уӕд та уырнындзинад у мард (Иаковы 2:26). Нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр ахӕм хуызы ӕвдыстой сӕ уырнындзинад, ӕмӕ Иегъовӕйы номы кад нӕрыд дардыл.

15, 16. Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ, цыфӕнды бӕллӕхты дӕр хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ кӕй цыд, уымӕн.

15 Фыццаг ӕнусы Иегъовӕ ахъазгӕнӕг уыди йӕ адӕмӕн — кӕд ӕмбырд алырдыгӕй дӕр ӕфхӕрд ӕййӕфта, стӕй йӕхимидӕг дӕр зындзинӕдтӕ уыд, уӕддӕр сӕ нымӕцыл ӕфтыд ӕмӕ ӕфтыд. Цӕвиттон, Куыстыты чиныджы 6-ӕм сӕры кӕсӕм, дзуттаг ӕвзагыл дзурӕг ӕмӕ грекъаг ӕвзагыл дзурӕг ног уырнджытӕ иу хъуыддаджы кӕй фӕбыцӕу сты. Хъуыддаг апостолтӕ алыг кодтой, ӕмӕ дарддӕр цы ’рцыд, уый тыххӕй кӕсӕм: «Хуыцауы дзырд рӕзыд, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгты нымӕц тынг бирӕ кодта Иерусалимы; ӕмӕ сауджынтӕй тынг бирӕтӕ басастысты уырнындзинадӕн» (Куыстытӕ 6:7).

16 Фӕстӕдӕр, Иудейы паддзах Ирод Агриппӕ ӕмӕ Тир ӕмӕ Сидоны цӕрджытӕ цӕуылдӕр нӕ бафидыдтой. Уыцы сахарты адӕм Иродӕн зӕрдӕлхӕнӕн митӕ кӕнын райдыдтой, ӕмӕ уӕд паддзах сӕ разы ныхасы рацыд. Утӕппӕт адӕм хъӕр кӕнын байдыдтой: «Уый у Хуыцауы хъӕлӕс, адӕймаджы хъӕлӕс нӕу». Раст уыцы тӕккӕ Иегъовӕйы зӕд ӕрцавта Ирод Агриппӕйы, ӕмӕ фӕмард, «Хуыцауӕн кад кӕй не скодта, уый тыххӕй» (Куыстытӕ 12:20—23). Йӕ ныфс зӕххон хицӕуттыл чи ӕвӕрдта, уыдон арвыцӕфау куыннӕ фесты! (Псалом 145:3, 4). Чырыстӕттӕ та дарддӕр дӕр кадджын кодтой Иегъовӕйы. Ӕмӕ кӕд политикон уавӕр сӕ хӕрзтӕй нӕ уыди, уӕддӕр «Хуыцауы дзырд... рӕзыд ӕмӕ хӕлиу кодта» (Куыстытӕ 12:24).

Уӕд ӕмӕ абон

17. Фыццаг ӕнусы ӕмбырдмӕ цы адӕм ивылд, уыдоны цавӕр хъуыддаг иу кодта?

17 О, фыццаг ӕнусы, йӕ къабӕзтӕ ӕгас дунейыл чи айтыгъта, уыцы чырыстон ӕмбырд кадджын кодта Иегъовӕ Хуыцауы. Хорз хабар хӕлиу кӕныны хъуыддаджы иузӕрдион чырыстӕттӕ сӕхиуыл нӕ ауӕрстой, се ’ппӕт дӕр сӕ удӕй арт цагътой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕргомзӕрдӕ адӕймӕгтыл дӕр ӕмбӕлдысты ӕмӕ сӕ Йесойы ныхасмӕ гӕсгӕ ахуыр кодтой, цыдӕриддӕр сын бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын (Матфейы 28:19, 20). Афтӕмӕй ӕмбырд рӕзыд ӕмӕ, паддзах Давидау чи кадджын кодта Иегъовӕйы, уыдон фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. Се ’ппӕт дӕр ӕмдзыхӕй дзурӕгау кодтой Хуыцауы удӕй райгуыргӕ ныхӕстӕ: «Стаудзынӕн Дӕу, Хицау [«Иегъовӕ», НД], мӕ Хуыцау, ме ’ппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ кадджын дардзынӕн дӕ ном мыггагӕй-мыггагмӕ. Цӕмӕйдӕриддӕр дӕ хорзӕхдзинад стыр у мӕнмӕ» (Псалом 85:12, 13, МГТ).

18. а) Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырд ӕмӕ абоны чырыстон дунейы ’хсӕн иу ахуыргонд цавӕр хицӕндзинад бафиппайдта? ӕ) Иннӕ статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

18 Ацы хъуыддаджы нӕ сагъӕстыл ӕфтауынц динзонынады профессор Элисон Трайтсы ныхӕстӕ. Абоны чырыстон дуне ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстон дин кӕрӕдзиимӕ абаргӕйӕ, уый загъта: «Куы акӕсай, уӕд абон аргъуантыл ӕфты, уырнӕг бинонтӕн сӕ сывӕллон дӕр уыцы дин куы равзары кӕнӕ аргъуанмӕ цӕуӕг уырнӕг лӕг иу бынатӕй иннӕмӕ кӕй алидзы, уый фӕрцы. Куыстыты чиныг нын цы аргъуаны кой кӕны, уый та рӕзыд, йӕ раздӕры дин чи ныууагъта ӕмӕ ног дин чи райста, уыдоны фӕрцы, уымӕн ӕмӕ уый уыди йӕ архайды тӕккӕ райдиан». Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕцӕг чырыстон дин, Йесо куыд загъта, уыцы ӕгъдауӕй нал рӕзы? Ницы хуызы. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау абон дӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕ удӕй арт цӕгъдынц ӕмӕ адӕмы ’хсӕн кадджын кӕнынц Хуыцауы. Куыд, уый та фендзыстӕм иннӕ статьяйы.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Куыд кадджын кӕнӕм Хуыцауы?

• Павел Псаломы 18:5-ӕм стихӕй куыд спайда кодта?

• Уырнындзинад ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг кӕрӕдзиуыл куыд баст сты?

• Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырд бӕрӕг цӕмӕй дардта?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 16 фарсыл]

Хъусын кӕныны хъуыддаг ӕмӕ кувын кӕрӕдзиуыл баст сты.