Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы бонмӕ цӕттӕ ут

Иегъовӕйы бонмӕ цӕттӕ ут

Иегъовӕйы бонмӕ цӕттӕ ут

«Цӕттӕ ут, уымӕн ӕмӕ кӕцы сахат ӕнхъӕл не стут, ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (МАТФЕЙЫ 24:44).

1. Иегъовӕйы бон нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?

УЫЙ уыдзӕн тох ӕмӕ азары, фыдох ӕмӕ додойы, сау мылазон ӕмӕ гӕныстоны бон. Иегъовӕйы «стыр ӕмӕ ӕвирхъау бон» ацы фыддунейы цардӕвӕрд фесӕфдзӕн, Нойы заман цы фыддуне уыд, уый Доны хъаймӕты куыд фесӕфт, афтӕ. Уыцы бонӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй. Фӕлӕ, «Иегъовӕмӕ йӕ номӕй чи кувы, уый фервӕздзӕн» (Иоил 2:30—32; Амос 5:18—20). Хуыцау йе знӕгтӕй мыггаг дӕр нал ныууадздзӕн, йӕ адӕмы та фервӕзын кӕндзӕн. Пехуымпар Софони цы вазыгджын рӕстӕг цард, уый хорз кӕй ӕмбӕрста, уымӕ гӕсгӕ ныффыста: «Иегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у. Хӕстӕг у ӕмӕ тынг тагъд кӕны» (Софони 1:14). Цымӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн Хуыцау йӕ тӕрхон?

2, 3. Иегъовӕйы бонмӕ нӕ нӕхи цӕттӕ кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

2 «Уыцы бон ӕмӕ сахаты тыххӕй та ничи зоны, нӕдӕр уӕларвон Зӕдтӕ, фӕлӕ ӕрмӕст иунӕг Мӕ Фыд»,— загъта Йесо (Матфейы 24:36). Иегъовӕйы бон кӕд ӕрцӕудзӕн уый кӕй нӕ зонӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ нӕ зӕрдӕмӕ айсын хъӕуы 2004 азы стих: «Ма бафынӕй ут... Цӕттӕ ут» (Матфейы 24:42, НД, 44).

3 Цӕттӕ чи у, уыдон куыд тагъд ӕрцӕудзысты ӕмбырд фервӕзынӕн, иннӕтӕ та куыд баззайдзысты, уый равдисынӕн Йесо загъта: «Уӕд уыдзысты дыууӕйӕ быдыры: иу ист уыдзӕн, иннӕ та баззайдзӕн; дыууӕ ӕрмгуырой ссӕгӕй: иу ист уыдзӕн, иннӕ та баззайдзӕн» (Матфейы 24:40, 41). Мах та куыдӕй ӕрӕййафдзӕн уыцы стыр бон? Цӕттӕ разындзыстӕм ӕви нын ӕнӕнхъӕлӕджы уыдзӕн? Уый аразгӕ у, ныртӕккӕ нӕхи куыд цӕттӕ кӕнӕм, уымӕй. Цӕмӕй Иегъовӕйы бонмӕ цӕттӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ, абон адӕм цы зондыл хӕст сты, уымӕй нӕхи хизӕм, нӕ уырнындзинад хъахъхъӕнӕм ӕмӕ бирӕтӕ цы цард кӕнынц, ахӕм цард ма кӕнӕм.

Нӕхи хизӕм ӕнӕмӕт ахастӕй

4. Нойы рӕстӕджы адӕм цавӕр зондыл хӕст уыдысты?

4 Ӕркӕсӕм ма Нойы заманмӕ. «Уырнындзинадӕй Ной, райсгӕйӕ ӕргомдзинад, нырма уынгӕ цы нӕ уыд, уый тыххӕй, ӕмӕ нымд кӕнгӕйӕ сарӕзта ковчег, йӕ хӕдзар фервӕзын кӕнынӕн»,— дзырдӕуы Библийы (Дзуттытӕм 11:7). Ковчег, ӕвӕццӕгӕн, уыд ӕнахуыр ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр уыдтой. Уымӕй уӕлдай ма Ной уыд «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» дӕр (2 Петры 2:5). Фӕлӕ адӕм ницӕмӕ ӕрдардтой нӕдӕр ковчегы арӕзтад, нӕдӕр Нойы ныхӕстӕ. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ «хордтой, нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ моймӕ цыдысты». Ной кӕмӕн хъусын кодта, уыцы адӕм царды зилдухӕнты кӕй бахаудысты ӕмӕ сӕ сагъӕс хиирхӕфсӕнтӕ, рӕстӕгӕрвитӕнтӕ кӕй систы, уый тыххӕй ницӕуыл хъуыды кодтой, «хъаймӕт цалынмӕ ӕрцыд ӕмӕ фесӕфта ӕппӕты» (Матфейы 24:38, 39).

5. Лоты рӕстӕджы Содомы цӕрджытӕн сӕ мӕт цы уыд?

5 Раст афтӕ уыди Лоты рӕстӕджы дӕр. Сыгъдӕг Фыстады уый фӕдыл афтӕ фыст ис: «Хордтой, нуӕзтой, ӕлхӕдтой, уӕй кодтой, сагътой, арӕзтой; фӕлӕ Лот цы бон рацыд Содомӕй, ӕркалд арвӕй цӕхӕр ӕмӕ сондоны арт ӕмӕ сеппӕты дӕр ныццагъта» (Лукайы 17:28, 29). Зӕдтӕ Лотӕн куы загътой, зӕгъгӕ, адӕм стыр бӕллӕхы хаудзысты, уӕд йӕ сиӕхсты бафӕдзӕхста. Фӕлӕ уыдон афтӕ банхъӕлдтой, ӕмӕ «хынджылӕг кӕны» (Уӕвынад 19:14).

6. Цавӕр зондахастӕй хъуамӕ хизӕм нӕхи?

6 Ной ӕмӕ Лоты рӕстӕджы куыд уыд, афтӕ уыдзӕн «адӕймаджы Фырт адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы уа, уӕд дӕр»,— загъта Йесо (Матфейы 24:39, НД; Лукайы 17:30). Ӕцӕгдӕр, абон бирӕтӕ сты ӕнӕмӕт. Фӕлӕ мах хъуамӕ уыдоны хуызӕн ма суӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хӕрзад хӕринӕгтӕ ӕмӕ гӕзӕмӕ нозт ӕвзӕр не сты. Уӕдӕ чындзы цӕуын ӕмӕ ус курын дӕр Иегъовӕйы фӕндӕй у. Фӕлӕ нӕ царды ацы хъуыддӕгтӕ йедтӕмӕ куы ницыуал ӕндава, Хуыцауы хъуыддаг та рохуаты куы аззайа, уӕд ма зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ Иегъовӕйы ӕвирхъау бонмӕ цӕттӕ стӕм?

7. Исты хъуыддаг райдайыны размӕ нӕ цавӕр ахсджиаг фарстыл хъӕуы ахъуыды кӕнын ӕмӕ цӕмӕн?

7 «Рӕстӕг ныр цыбыр у,— фыста апостол Павел,— уымӕ гӕсгӕ устытӕ кӕмӕн ис, уыдон хъуамӕ уой куыд ӕнӕ устытӕ» (1 Коринфӕгтӕм 7:29—31). Хуыцау нын цы куыст бахӕс кодта — Паддзахады хабар хъусын кӕнын, уый фӕуынӕн бирӕ рӕстӕг нал баззад (Матфейы 24:14). Павел, ӕмкъайады чи ис, суанг уыдоны дӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй кӕрӕдзийыл афтӕ ма суой, ӕмӕ сӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддагмӕ мауал ӕвдӕла. Уӕдӕ бӕрӕг у, Павел цы зондахасты кой кодта, уый ӕнӕмӕт ахаст кӕй нӕу. Йесо дӕр уый фӕдыл афтӕ загъта: «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад» (Матфейы 6:33НФ). Куы-иу дӕ фӕнда исты аскъуыддзаг кӕнын кӕнӕ исты хъуыддаг райдайын, уӕд-иу ӕнӕмӕнг мӕнӕ ацы фарстыл ахъуыды кӕн: нӕ мӕ бахъыгдардзӕн фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурын?

8. Царды сагъӕстӕ нӕ сӕ быны куы скӕной, уӕд нын цы кӕнгӕ у?

8 Фӕлӕ нӕ, зӕгъӕм, царды сагъӕстӕ сӕ быны афтӕ скодтой, ӕмӕ нӕ Хуыцауы хъуыддаг айрох? Кӕнӕ нӕ цард, Библи чи нӕ зоны ӕмӕ Паддзахады хабар чи нӕ хъусын кӕны, уыцы сыхӕгты цардӕй тынг нӕ хицӕн кӕны? Кӕд афтӕ у, уӕд кувӕм Хуыцаумӕ. Ӕмӕ нӕ Иегъовӕ раст зондыл ӕвӕрдзӕн (Ромӕгтӕм 15:5; Филиппӕгтӕм 3:15). Иегъовӕ нын баххуыс кӕндзӕн фыццаджыдӕр йӕ Паддзахад агурынӕн, раст цы у, уый кӕнынӕн ӕмӕ ныл йӕ разы цы хӕс ис, уый ӕххӕст кӕнынӕн (Ромӕгтӕм 12:2; 2 Коринфӕгтӕм 13:7).

Ма бафынӕй уӕм

9. Раргомады 16:14—16 гӕсгӕ, цӕмӕй уырнындзинады ма бафынӕй уӕм, уый тыххӕй нӕ тых нӕ бонӕй цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

9 «Ӕппӕтылхӕцӕг, Хуыцауы уыцы стыр боны», Армагеддоны хӕсты тыххӕй цы пехуымпарады ис фыст, уым ма дзырдӕуы, зӕгъгӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ кӕуылдӕртыл хуыссӕг фӕтых уа. «Кӕс! фӕцӕуын хуыснӕгау.— дзуры Хицау Йесо Чырысти.— Тӕхудиаг у, фынӕй чи нӕ уа, ӕмӕ йӕ дарӕстӕ ифтонгӕй чи дара, цӕмӕй бӕгънӕгӕй ма рацӕуа, ӕмӕ йын йӕ худинаг ма феной» (НФ) (Раргомад 16:14—16). Ацы ран цы дарӕсты кой цӕуы, уыдон сты, адӕм Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты цы хъуыддӕгтӕй базонынц, уыдон. Уымӕ хауы нӕ Паддзахады хабар хъусын кӕныны куыст ӕмӕ нӕ чырыстон ӕгъдау. Ӕмӕ куы бафынӕй уӕм, уӕд ӕнӕ чырыстон дарӕсӕй аззайдзыстӕм. Уый та у худинаг ӕмӕ тӕссаг. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ тых нӕ бонӕй архайӕм, цӕмӕй уырнындзинады ма бафынӕй уӕм. Цавӕр амӕлттӕ ис уымӕн?

10. Библи алы бон дӕр куы кӕсӕм, уӕд цӕуылнӕ бафынӕй уыдзыстӕм?

10 Библийы иу ӕмӕ дыууӕ раны нӕй фыст: уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ цырд лӕуут. Дзырдӕн, Евангелитӕ фӕдзӕхсынц, зӕгъгӕ, «ма бафынӕй ут», «цӕттӕ дарут уӕхи» (Матфейы 24:42, НД; 25:13, НД; Маркы 13:35, 37, МСЕ); «цӕттӕ ут» (Матфейы 24:44; Лукайы 12:40); «цӕрдӕг ут» (Маркы 13:33). Апостол Павел куы загъта, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы бон ӕрцӕудзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы, уӕд йе ’муырнджытӕм сидт: «Уӕдӕ фынӕй нӕ кӕндзыстӕм, иннӕты хуызӕн, фӕлӕ уыдзыстӕм цӕрдӕг ӕмӕ ӕвронг» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:6). Библийы фӕстаг чиныджы дӕр Йесо Чырысти йӕ кадджын бынатӕй дзуры, ӕваст кӕй фӕзындзӕн: «Мӕнӕ, фӕцӕуын тагъд» (Раргомад 3:11; 22:7, 12, 20). Рагон дзуттаг пехуымпартӕй дӕр бирӕтӕ дзырдтой ӕмӕ фӕдзӕхстой Иегъовӕйы тӕрхоны боны тыххӕй (Исай 2:12, 17; Иереми 30:7; Иоил 2:11; Софони 3:8). Хуыцауы Ныхас, Библи, алы бон дӕр куы кӕсӕм ӕмӕ цы бакӕсӕм, ууыл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бафынӕй уыдзыстӕм.

11. Цӕмӕй ма бафынӕй уӕм, уый тыххӕй нӕ иудадзыг Библи ӕмӕ йе ’мбарынгӕнӕн ӕрмӕг иртасын цӕмӕн хъӕуы?

11 Ӕцӕгдӕр афтӕ у, Библи ӕмӕ, йе ’мбарын кӕнынӕн «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» цы литературӕ уадзы, уый лӕмбынӕг куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ бафынӕй уыдзыстӕм (Матфейы 24:45—47). Фӕлӕ уыцы хъуыддаг иудадзыг куы нӕ кӕнӕм ӕмӕ фӕлмӕн хӕринагӕй хъӕбӕрмӕ куы нӕ хизӕм, уӕд нӕ ахуырӕй ницы пайда уыдзӕн (Дзуттытӕм 5:14—6:3). Хъӕбӕр хӕринаг хъуамӕ ӕппынӕдзух хӕрӕм. Ӕмӕ, раст зӕгъгӕйӕ, абон уымӕн рӕстӕг ссарын тынг зын у (Ефесӕгтӕм 5:15, 16). Зӕгъын ма хъӕуы уый, ӕмӕ фаг нӕу Библи ӕмӕ йе ’мбарынгӕнӕн литературӕйӕ, рӕстӕг нын куы фӕуа, ӕрмӕстдӕр уӕд истытӕ акӕсын. Цӕмӕй «уырниады ӕгъдауӕй ӕнӕниз уӕм» ӕмӕ ма бафынӕй уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ иудадзыг Библи ӕмӕ йе ’мбарынгӕнӕн ӕрмӕг иртасӕм (Титмӕ 1:13НФ).

12. Чырыстон фембӕлдтӕ ӕмӕ нын конгресстӕ куыд ӕххуыс кӕнынц хуыссӕгимӕ тох кӕнынӕн?

12 Чырыстон фембӕлдтӕ ӕмӕ нын конгресстӕ дӕр ӕххуыс кӕнынц хуыссӕгимӕ тох кӕнынӕн. Куыд? Цы дзы фӕамонынц, уый фӕрцы. Ӕмӕ нын ӕцӕгдӕр, уыцы ӕмбырдты, Иегъовӕйы бон кӕй ӕрӕввахс, уый ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл нӕ лӕууын кӕнынц? Афтӕ ма фембӕлдты ӕрвылкъуыри дӕр кӕрӕдзи «уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм фӕразӕнгард кӕнӕм». Уый та адӕймаджы фынӕй кӕнын нӕ уадзы. Библи дӕр нӕ уый тыххӕй разӕнгард кӕны, «уыцы бон» ӕввахс кӕй у, уый уынгӕйӕ иудадзыг ӕмбырд кӕнынмӕ (Дзуттытӕм 10:24, 25).

13. Хуыссӕг ныл цӕмӕй ма фӕтых уа, уый тыххӕй нын хъусын кӕныны хъуыддаг куыд ӕххуыс кӕны?

13 Хъусын кӕнынмӕ дӕр ӕнӕзивӕгӕй куы цӕуӕм, уӕд уырнындзинады нӕ бафынӕй уыдзыстӕм. Уӕдӕ нӕ цӕмӕй рӕстӕджыты нысӕнттӕ ӕмӕ сӕ мидис ма рох кӕной, уый тыххӕй ӕппӕты хуыздӕр у, адӕмӕн сӕ куы дзурӕм. Стӕй Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнӕм, уымӕн йӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр куы фӕкӕны ӕмӕ цы базоны, уымӕ гӕсгӕ цӕрын куы райдайы, уӕд нӕм ноджы хуыздӕр бахъары, цы вазыгджын рӕстӕг цӕрӕм, уый. «Ӕрбалвасут уӕ зонды гуыр,— загъта апостол Павел,— цырд лӕуут» (1 Петры 1:13НФ). «Хицауы хъуыддаджы» ӕдзух архайын — уырнындзинадӕн уымӕй хуыздӕр цы хъуамӕ уа! (1 Коринфӕгтӕм 15:58).

Нӕхи хизӕм уырнындзинадмарӕг цардыуагӕй

14. Лукайы 21:34—36 Йесо цавӕр цардыуагӕй фӕдзӕхста?

14 Йесо, адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй уыдзӕн, уый нысан куы радта, уӕд бафӕдзӕхста: «Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ ма ӕруӕззау уой фырхӕрдӕй ӕмӕ расыг кӕнынӕй ӕмӕ царды мӕтӕй, ӕмӕ уӕ цӕмӕй уыцы бон ма ӕрӕййафа ӕвиппайды: уымӕн ӕмӕ уый, куыд хыз, ӕрцӕудзӕн зӕххы цӕсгомыл ӕппӕт цӕрджытыл; уӕдӕ, хъӕлдзӕг ут [«ма бафынӕй ут», НД] алы афон ӕмӕ кувут, цӕмӕй ӕппӕт ӕрцӕуинаг бӕллӕхтӕй аирвӕзат ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз балӕууыны аккаг уат» (Лукайы 21:34—36). Ацы пехуымпарады Йесо дзӕбӕх равдыста адӕмӕн ӕмткӕй сӕ цардыуаг: сӕ гуыбыны фӕдыл цӕуынц, нуазынц ӕмӕ сӕ царды маст ӕмӕ мӕт йедтӕмӕ ницы уынынц.

15. Фырхӕрд ӕмӕ нӕ фыднозт кӕнынӕй нӕхи хизын цӕмӕн хъӕуы?

15 Фырхӕрд ӕмӕ фыднозт Библимӕ гӕсгӕ ӕвзӕр сты ӕмӕ сӕ хъӕуы хи хизын. «Сӕнӕй йе ’фсис чи нӕ зоны, уыдоны ’хсӕн ма у, стӕй дзидза фырхӕрд чи кӕны, уыдоны ’хсӕн дӕр»,— фыст ис Библийы (Ӕмбисӕндтӕ 23:20). Фӕлӕ адӕймаг хӕрд ӕмӕ нозтӕй бӕрц куы зона, уӕддӕр тӕссаг у иу цӕмӕйдӕр. Ӕнӕуи куы бахӕра ӕмӕ куы бануаза, уӕд дӕр ӕй, гӕнӕн ис, хуыссӕг ӕрцахса ӕмӕ йыл зивӕг схӕца. «Зивӕггӕнаджы зӕрдӕ цыдӕртӕ агуры,— зӕгъы Библийӕ иу ӕмбисонд,— фӕлӕ йӕм ницы ис» (Ӕмбисӕндтӕ 13:4). Ахӕм адӕймаджы куы фӕнда Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын, уӕддӕр ын йӕ фырзивӕгӕй ницы рауайдзӕн.

16. Цӕмӕй нӕ бинонтӕ фӕдарыныл ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?

16 Йесо цавӕр царды мӕтӕй фӕдзӕхста? Цардамӕлттӕ кӕнын, бинонты дарын ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Куыд ӕвзӕр уаид, уыдӕттӕ нын къуылымпыйы хос куы суаиккой, уӕд! «Йӕ асыл мӕт кӕнгӕйӕ [уӕ] иу ӕрмӕрин бафтауын чи бафӕраздзӕн?»— бафарста Йесо. Кӕимӕ ныхас кодта, уыдонӕн афтӕ загъта: «Уӕдӕ мӕт ма кӕнут, ӕмӕ ма дзурут: цы хӕрӕм? кӕнӕ цы нуазӕм? кӕнӕ нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм? Уымӕн ӕмӕ адон ӕппӕт агурынц муртаттытӕ; цӕмӕйдӕриддӕр уӕ Уӕларвон Фыд зоны, уыдон ӕппӕт уӕ кӕй хъӕуынц, уый». Фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад куы агурӕм ӕмӕ нӕ Иегъовӕ цух кӕй нӕ ныууадздзӕн, ууыл дызӕрдыг куы нӕ кӕнӕм, уӕд сагъӕстыл нӕ фӕуыдзыстӕм ӕмӕ нӕ бафынӕй уыдзыстӕм (Матфейы 6:25—34НФ).

17. Адӕймаг мулк ӕмбырд кӕныныл куы фӕвӕййы, уӕд стыр мӕты цӕмӕн бахауы?

17 Адӕймаг ма мулк ӕмбырд кӕныныл куы фӕвӕййы, уӕд дӕр стыр мӕты бахауы. Иутӕ ӕнӕуи дӕр цӕрын нӕ фӕразынц, афтӕмӕй дзӕгъӕл хӕрдзтӕ фӕкӕнынц. Иннӕтӕ та цыбыр рӕстӕгмӕ стыр ӕхца бакусыныл сӕ удӕй арт фӕцӕгъдынц, йе та се ’хцатӕ цыдӕр зӕрдӕхсайгӕ хъуыддагыл акалынц. Аннӕтӕн та ахуыр сси къӕппӕг, уымӕн ӕмӕ сӕ афтӕмӕй фӕндыд ӕхцаджын куыстмӕ бахауын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймагмӕ ахуыр куы уа, уӕд ын ӕнцондӕр уыдзӕн куыст ссарын. Фӕлӕ цард та цард у: иуӕй-иутӕ иууылдӕр сӕ хъарутӕ уӕлдӕр ахуырмӕ кӕй радтой, уый фыдӕй сӕ уырнындзинад фӕцудыдта. Уыдӕттӕ куыд тӕссаг сты, куыд — кӕд ӕмӕ зонӕм, Иегъовӕйы бон ӕввахс кӕй у! Библи дӕр уӕдӕ уымӕн фӕдзӕхсы: «Схъӕздыг уӕвын кӕй фӕнды, [уыдон] бахауынц фӕлварӕнты ӕмӕ хызы, ӕмӕ бирӕ ӕнӕрхъуыды ӕмӕ зианхӕссӕг фӕндӕтты, кӕцытӕ ныгъуылын кӕнынц адӕмы фыдбылызы, ӕмӕ сӕфты» (1 Тимофеймӕ 6:9).

18. Цӕмӕй мулкуарзаг ма суӕм, уый тыххӕй цӕуыл хъуамӕ ахуыр кӕнӕм?

18 Цӕмӕй мулкуарзаг ма суӕм, уый тыххӕй исты хъуыддаг лыггӕнгӕйӕ хъуамӕ сахуыр уӕм хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнын. Уымӕн та хорз у, хъомылтӕ цы хъӕбӕр монон хӕринаг хӕрынц, уый. Стӕй ма нӕ хъӕуы нӕ «зӕрдӕ ахуыр кӕнын хорздзинад ӕмӕ ӕвзӕрдзинад иртасыныл» (Дзуттытӕм 5:13, 14НФ). Исты аразгӕйӕ, «ахсджиагдӕр цы хъуыддӕгтӕ сты», уый куы бӕлвырд кӕнӕм, уӕд ныл ницы рӕдыд ӕрцӕудзӕн (Филиппӕгтӕм 1:10НД).

19. Хуыцауы хъуыддӕгтӕм нӕ куы нал ӕвдӕла, уӕд цы хъуамӕ бакӕнӕм?

19 Кӕцӕй цы ратонон, зӕгъгӕ, ахӕм цардыуаг адӕймаджы куырм кӕны, Хуыцауы хъуыддагӕн та йын гыццыл рӕстӕг йедтӕмӕ нал баззайы, йе та йӕ уымӕ ӕппындӕр нал февдӕлы. Уӕдӕ нӕ зӕрдӕмӕ куыд ныккӕсӕм ӕмӕ ахӕм цардыуагӕй нӕхи куыд бахизӕм? Хъуамӕ лӕмбынӕг, Хуыцауӕй зонд кургӕйӕ, ахъуыды кӕнӕм, нӕ цард куыд ӕмӕ цас фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнӕн ис. Рагон Израилы паддзах Соломон афтӕ загъта: «Кусӕг лӕг адджын фынӕй кӕны, фӕнды йын бирӕ хӕринаг уа, фӕнды гыццыл; хъӕздыг лӕг та йӕ исбоны мӕтӕй хуыссӕг нӕ зоны» (Екклесиаст 5:12). Ӕхсызгонӕн нӕ цы дзаума нӕ хъӕуы, уымӕ зилыныл, мыййаг, бирӕ рӕстӕг нӕ ацӕуы ӕмӕ нын нӕ хъарутӕ нӕ байсы? Цас нӕм фылдӕр ис, уыйас сӕм фылдӕр хъӕуы кӕсын, зилын ӕмӕ хъахъхъӕнын. Ахӕм дзаумӕттӕй куы фервӕзӕм, уӕд нын нӕ фенцондӕр уыдзӕн?

Дӕхиуыл ма ауӕрд, дӕхи цӕттӕ дар

20, 21. а) Апостол Петр Иегъовӕйы боны фӕдыл цы дзуры? ӕ) Цӕмӕй Иегъовӕйы бонмӕ цӕттӕ уӕм, уый тыххӕй нӕ цавӕр хъуыддӕгтӕ хъӕуы кӕнын?

20 Нойы заман фыддуне куыд фесӕфт, афтӕ фесӕфдзӕн ацы дуне дӕр. Апостол Петр нын фидарӕй дзуры: «Хицауы бон ӕрцӕудзӕн, куыд хуыснӕг ӕхсӕв, ӕмӕ уӕд ӕрвтӕ уынӕримӕ аивгъуыйдзысты, ӕрдзы тыхтӕ та сырх зынг суӕвгӕйӕ, атайдзысты, зӕхх ӕмӕ йӕ уӕлӕ хъуыддӕгтӕ ӕппӕтдӕр басудздзысты». Нӕдӕр «ӕрвтӕ» (мӕнгард хицауӕдтӕ), нӕдӕр «зӕхх» (Хуыцауӕй иппӕрд адӕм) Хуыцауы масты цӕхӕрӕй нӕ фервӕздзысты. Уыцы бонмӕ нӕхи куыд хъуамӕ цӕттӕ кӕнӕм, уый тыххӕй Петр афтӕ загъта: «Кӕд адон ӕппӕт афтӕ фехӕлдзысты, уӕд цавӕр сыгъдӕг царды ӕмӕ хорз намысы [«Хуыцауы ӕфсармы», НФ] ӕмбӕлы уӕвын сымахӕн, ӕнхъӕлмӕ кӕсджытӕн ӕмӕ Хуыцауы боны ӕрцыд кӕй фӕнды, кӕцыйы артӕй ӕхсидгӕ ӕрвтӕ фехӕлдзысты ӕмӕ судзгӕ ӕрдзы тыхтӕ атайдзысты?» (2 Петры 3:10—12).

21 Сыгъдӕг цард кӕй кӕнӕм ӕмӕ нӕм Хуыцауы ӕфсарм кӕй ис, уый ма бӕрӕг у, нӕ чырыстон фембӕлдтӕ кӕй нӕ цух кӕнӕм ӕмӕ хорз хабар иудадзыг кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй дӕр. Цӕй уӕдӕ, Иегъовӕйы стыр бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, уыцы хъуыддӕгтӕ кӕнӕм, Хуыцауыл ӕнувыд уӕм, афтӕмӕй. Ӕмӕ нӕхи хъарӕм Хуыцауы раз «балӕууыныл фӕрнӕй, ӕнӕфӕчъизийӕ ӕмӕ ӕназымӕй» (2 Петры 3:14, НФ).

Бахъуыды кодтай?

• Иегъовӕйы бонмӕ цӕттӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

• Царды сагъӕстӕ нӕ сӕ быны куы скӕной, уӕд нын цы кӕнгӕ у?

• Цӕмӕй уырнындзинады ма бафынӕй уӕм, уый тыххӕй нын цы баххуыс кӕндзӕн?

• Цавӕр цардыуагӕй хъуамӕ хизӕм нӕхи ӕмӕ куыд?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]