Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы Ныхас у цӕрдуд

Уӕвынады чиныджы ахсджиаг хъуыдытӕ — 1 хай

Уӕвынады чиныджы ахсджиаг хъуыдытӕ — 1 хай

УӔВЫНАДЫ дзырдӕуы, Дун-дуне куыд фӕзынд, Зӕхх цӕрынӕн арӕзт куыд цыд ӕмӕ йыл адӕймаг куыд ӕрцард, ууыл. Моисей ацы чиныг фыста Синайы ӕдзӕрӕг быдыры; фыст ӕй, ӕвӕццӕгӕн, фӕци н. э. агъоммӕ 1513 азы.

Ацы чиныджы ма ныхас цӕуы, Доны хъаймӕты размӕ цы дуне уыд, Хъаймӕты фӕстӕ ног дуг куы ралӕууыд, уӕд цытӕ ӕрцыд ӕмӕ Иегъовӕ Авраам, Исахъ, Иаков ӕмӕ Иосифыл куыд аудыдта, ууыл. Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц Уӕвынады 1:1—11:9 ахсджиаг хъуыдытӕ. Ацы скъуыддзагмӕ хауынц цаутӕ, дунейы сӕвзӕрдӕй, Иегъовӕ дзуттӕгты рагфыдӕл Аврааммӕ йе ’ргом куы раздӕхта, уӕдмӕ.

ДУНЕ ДОНЫ ХЪАЙМӔТЫ РАЗМӔ

(Уӕвынад 1:1—7:24)

Уӕвынады чиныг райдайы дзырд «райдианы»-йӕ, ӕмӕ уыцы райдиан уыд бирӕ миллиард азты размӕ. Ӕхсӕз сфӕлдыстадон «боны» дӕргъы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, кӕнӕ дунейы алы диссӕгтӕ цы рӕстӕджы ӕмгъуыдты ӕвзӕрдысты, уыдон афтӕ фыст ӕрцыдысты, раст сӕ цыма зӕххон адӕймаг йӕхи цӕстӕй уыдта. Хуыцау ӕхсӕзӕм боны кӕрон сфӕлдыста адӕймаджы. Ӕмӕ кӕд адӕймаг йӕ ӕгоммӕгӕсдзинады тыххӕй Дзӕнӕтӕй ӕнӕхай фӕци, уӕддӕр нӕ Иегъовӕ ӕнӕ ныфсӕй нӕ уадзы. Библийы ӕппӕты фыццаг пехуымпарады ныхас цӕуы, тӕригъӕдӕй фӕд дӕр чи нал ныууадздзӕн ӕмӕ Сайтаны сӕр чи ныцъцъӕл кӕндзӕн, уыцы «мыггаджы» тыххӕй.

Сайтан 1 600 азмӕ, иузӕрдион лӕгтӕ Авел, Енох ӕмӕ Нойӕ фӕстӕмӕ, адӕмы иууылдӕр Хуыцауӕй аздӕхта. Дзырдӕн, Каин амардта йӕ рӕстаг ӕфсымӕр Авелы. «Райдыдтой Иегъовӕмӕ йӕ номӕй сидын», ӕвӕццӕгӕн, Хуыцауы номӕй хынджылӕг кодтой. Ламехы дуджы адӕм фыддзинадмӕ ӕмхиц кӕй уыдысты, уый зыны йе ’мдзӕвгӕйӕ. Уый фыссы, иу ӕрыгон лӕппу йӕ марынмӕ кӕй хъавыд, уый тыххӕй йӕ кӕй амардта. Хуыцауы хивӕнд уӕларвон фырттӕн зӕххон сылгоймӕгтӕй цы нефилим-зӕнӕг рацыд, уыдон зӕхх тыхмийӕ байдзаг кодтой. Фӕлӕ Хуыцауыл иузӕрдион лӕг Ной уӕддӕр аразы ковчег, ныфсджынӕй адӕмы фӕдзӕхсы Доны хъаймӕтӕй ӕмӕ йӕ бинонтимӕ фыдбылызӕй ирвӕзы.

Фарстытӕн дзуапп:

1:16— Кӕд Хуыцау рухсгӕнӕн къоритӕ цыппӕрӕм бон скодта, уӕд фыццаг бон рухс кӕцӕй фӕзынд? Уӕвынады 1 сӕры 16 стихы дзырд «скӕнын» ӕмӕ 1:1, 21, 27 стихты та — «сфӕлдисын»-ӕй ивд ӕрцыдысты алыхуызон дзуттаг дзырдтӕ. «Ӕрвтӕ»,— хауынц сӕм рухсгӕнӕн къоритӕ дӕр,— «фыццаг бон» куы райдыдта, уымӕй дӕр бирӕ раздӕр фӕзындысты. Фӕлӕ сӕ рухс зӕхмӕ нӕма хӕццӕ кодта. Фыццаг бон «фӕзынд рухс», уымӕн ӕмӕ дыдзы рухс мигъты ’хсӕнӕй зӕхмӕ хӕццӕ кӕнын райдыдта. Зӕхх йӕ сӕмӕны алыварс кӕй зылд, уый тыххӕй бон ӕмӕ ӕхсӕв кӕрӕдзи ивын райдыдтой (Уӕвынад 1:1—3, 5). Уыцы рухс цы рухсгӕнӕн къоритӕй цыд, уыдон та зӕхмӕ нӕма зындысты. Фӕлӕ цыппӕрӕм сфӕлдыстадон рӕстӕджы ӕмгъуыдмӕ стыр ивддзинӕдтӕ ӕрцыд — Хур, Мӕй ӕмӕ стъалытӕ «зӕххӕн рухс кӕнын райдыдтой» (Уӕвынад 1:17). Уӕдӕ сӕ «Хуыцау аразын райдыдта», зӕгъгӕ, уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ зӕхмӕ разындысты.

3:8— Цымӕ Хуыцау Адамимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кодта? Библи куыд ӕвдисы, афтӕмӕй-иу Хуыцау арӕх адӕмимӕ ныхас кодта зӕдты дзыхӕй (Уӕвынад 16:7—11; 18:1—3, 22—26; 19:1; Тӕрхонгӕнджытӕ 2:1—4; 6:11—16, 22; 13:15—22). Хуыцауы сӕйраг минӕвар, йӕ ныхас кӕмӕн ӕрвыста, уый уыд йӕ иунӕггуырд Фырт, «Дзырд», зӕгъгӕ (Иоанны 1:1). Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ-иу Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕимӕ ныхас кодта «Дзырды» уылты (Уӕвынад 1:26—28; 2:16; 3:8—13).

3:17— Куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ, Хуыцау зӕхх ралгъыста, ӕмӕ уыцы ӕлгъысты фыдӕх цас ахаста? Уыцы ӕлгъыст ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ зӕхх сси зын кусӕн. Ӕлгъыст, сындзджын ӕмӕ ичъиджын зӕххыл кусгӕйӕ Адамы байзӕддӕгтӕ афтӕ хъизӕмар кодтой, ӕмӕ Нойы фыд Ламех афтӕ бакодта: «Иегъовӕйӕ ӕлгъыст зӕхх кусынӕй нӕ къухтӕ риссынц» (Уӕвынад 5:29). Доны хъаймӕты фӕстӕ Иегъовӕ Ной ӕмӕ йӕ фырттӕн раарфӕ кодта ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй зӕхх адӕмӕй байдзаг кӕной (Уӕвынад 9:1). Уымӕй Хуыцау, ӕвӕццӕгӕн, зӕххӕй йе ’лгъыст систа (Уӕвынад 13:10).

4:15— Иегъовӕ Каинӕн «нысан» куыд радта? Хуыцау Каиныл нысан кӕнӕ гакк кӕй сӕвӕрдта, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Уыцы нысан, ӕвӕццӕгӕн, уыди, иннӕтӕ кӕй зыдтой ӕмӕ кӕй ӕххӕст кодтой, ахӕм бардзырд, цӕмӕй Каины мачи амара Авелы туг райсыны тыххӕй.

4:17— Кӕцӕй ӕрхаста Каин йӕхицӕн ус? Адамӕн «райгуырд лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ» (Уӕвынад 5:4). Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ Каинӕн йӕ ус уыди кӕнӕ йӕ хо, кӕнӕ йӕ хӕрӕфырт. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Хуыцау израилӕгтӕн цы Закъон радта, уым фыст уыд, зӕгъгӕ, мадызӕнӕджы курын кӕнӕ мадызӕнӕгӕй мой кӕнын не ’мбӕлы (Левит 18:9).

5:24— Куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ, Хуыцау Енохы «айста»? Енохы, ӕвӕццӕгӕн, йе ’знӕгтӕ марынмӕ хъавыдысты, фӕлӕ сӕ Хуыцау нӕ бауагъта. «Енох ист уыд афтӕ, ӕмӕ мӕлӕт нӕ федта»,— ныффыста апостол Павел (Дзуттытӕм 11:5). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕхимӕ уӕларвмӕ акодта ӕмӕ уым дарддӕр цард. Уӕларвмӕ фыццаг Йесо ссыд (Иоанны 3:13; Дзуттытӕм 6:19, 20). Енох «ист уыд афтӕ, ӕмӕ мӕлӕт нӕ федта», зӕгъгӕ ма афтӕ бамбарӕн дӕр ис, ӕмӕ йын Хуыцау равдыста пехуымпарадон цӕстылуайӕн ӕмӕ йӕ цалынмӕ уыдта, уӕдмӕ йын йӕ цард ӕрлӕууын кодта. Афтӕмӕй Енох хъизӕмайраг мард нӕ акодта, ома йе знӕгты къухӕй «мӕлӕт нӕ федта».

6:6— Куыд ӕмбаргӕ у, Иегъовӕ «фӕфӕсмон кодта», адӕймаджы кӕй сфӕлдыста? «Фӕфӕсмон кӕнын»-ӕй цы рагон дзуттаг дзырд раивдӕуыд, уый нысан кӕны: хъуыды кӕнӕ фӕнд аивын. Хуыцау алцӕмӕй ӕххӕст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕймаджы куы фӕлдыста, уӕд нӕ фӕрӕдыд. Фӕлӕ Доны хъаймӕты размӕ цы цъаммар адӕм цард, уыдонмӕ Иегъовӕ ӕндӕр зӕрдӕ дарын райдыдта. Кӕд сӕм раздӕр Сфӕлдисӕджы цӕстӕй каст, уӕд сӕ ныр се ’нӕуаг миты тыххӕй фесафыны фӕнд скодта. Ӕмӕ цалдӕр адӕймаджы кӕй фервӕзын кодта, уый ӕвдисы, Хуыцау ӕрмӕстдӕр фыдзӕрдӕ адӕмы тыххӕй кӕй фӕсмон кодта (2 Петры 2:5, 9).

7:2— Цӕмӕ гӕсгӕ хицӕн кодтой цӕрӕгойты сыгъдӕг ӕмӕ чъизитыл? Цӕрӕгойтӕ сыгъдӕг ӕмӕ чъизитыл хицӕн кодтой, хӕрӕн сӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ нывондӕн бӕззыдысты ӕви нӕ, уый хынцгӕйӕ. Доны хъаймӕты размӕ адӕм дзидза нӕ хордтой. Цӕрӕгойты «сыгъдӕг» ӕмӕ «чъизитыл» хицӕн кӕнын райдыдтой, Хуыцау Моисейӕн закъон куы радта, уӕд. Фӕлӕ Закъон ист куы ’рцыд, уӕд уыцы фӕтк дӕр фехӕлд (Куыстытӕ 10:9—16; Ефесӕгтӕм 2:15). Ной, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбӕрста, Иегъовӕйӕн нывондӕн цы уыд ӕрхӕссӕн, уый. Ковчегӕй куы рахызт, уӕд «Иегъовӕйы номыл нывондхӕссӕн сарӕзта ӕмӕ алкӕцы сыгъдӕг цӕрӕгойӕ ӕмӕ алкӕцы сыгъдӕг тӕхаг маргъӕй дӕр цалдӕр аргӕвста ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл ӕнӕхъӕнӕй басыгъта» (Уӕвынад 8:20).

7:11— Доны хъаймӕты уыйӕппӕт дон кӕцӕй рацыд? Хуыцау «дыккаг бон», кӕнӕ сфӕлдыстадон рӕстӕджы ӕмгъуыд, зӕххы «тыгъдад» куы скодта, уӕд «тыгъдады бын» дӕр ӕмӕ «тыгъдады сӕрмӕ» дӕр уыд дӕттӕ (Уӕвынад 1:6, 7). «Тыгъдады бын» дон уыд, зӕххыл цы дон уыд, уый. «Тыгъдады сӕрмӕ» дон та — Зӕххы сӕрмӕ цы дон-мӕцъӕл уыдис, ома «стыр ӕнӕбын дӕтты гуырӕнтӕ», уый. Нойы бонты гъе уыцы дон ныууарыд.

Зондзонӕн махӕн:

1:26. Адӕм Хуыцауы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ конд кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ алкӕй бон дӕр у Хуыцауы миниуджытӕ фӕзмын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах хъуамӕ ахуыр кӕнӕм уарзын, тӕригъӕд кӕнын, хатыр кӕнын, хорздзинад аразын, зӕрдӕхӕлардзинад ӕмӕ фӕразондзинад ӕвдисын,— хъуамӕ уӕм не Сфӕлдисӕджы хуызӕн.

2:22—24. Ӕмкъайадӕн бындур Хуыцау скодта. Ӕмкъайадӕн халӕн нӕй. Бинонты хистӕр у лӕг.

3:1—5, 16—23. Амондджын уӕд уыдзыстӕм, ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау Иегъовӕйы бӕрны нӕхи куы бакӕнӕм.

3:18, 19; 5:5; 6:7; 7:23. Иегъовӕ йӕ ныхас никуы фӕсайы.

4:3—7. Авел рӕстаг лӕг ӕмӕ фидар уырнындзинады хицау кӕй уыд, уый тыххӕй йын Иегъовӕ йӕ нывонд барстӕн айста (Дзуттытӕм 11:4). Каины хъуыддӕгтӕй та рабӕрӕг йӕ лӕмӕгъ уырнындзинад. Йӕ митӕ уыдысты хӕрам: уыд ӕдзӕстуарзон, маргзӕрдӕ ӕмӕ лӕгмар (1 Иоанны 3:12). Ӕвӕццӕгӕн, Каин, нывондӕн цы хаста, уый йын уӕлдай нӕ уыд ӕмӕ йӕ ӕфсоны хаст ӕркодта. Уӕдӕ Иегъовӕйӕн нӕ «табуйы нывӕндтӕ» зӕрдӕйӕ хъуамӕ ма цӕуой? Нӕ зондахаст ӕмӕ йын нӕ уагахаст зӕрдӕмӕдзӕугӕ хъуамӕ ма уой?

6:22. Кӕд Нойӕн ковчег аразыныл бирӕ рӕстӕг ацыд, уӕддӕр ын Хуыцау цы загъта, уый бакодта. Уый руаджы йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ Доны хъаймӕты удӕгасӕй баззадысты. Иегъовӕ нӕм дзуры йӕ фыст Ныхасы уылты ӕмӕ нын йӕ организацийы уылты амындтӕ дӕтты. Уӕдӕ Хуыцаумӕ куы хъусӕм ӕмӕ йӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд нӕ фӕфӕсмон кӕндзыстӕм.

7:21—24. Иегъовӕ рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ нӕ сафы.

РАЛӔУУЫД НОГ ДУГ

(Уӕвынад 8:1—11:9)

Доны хъаймӕты размӕ цы дуне уыд, уый фесӕфт ӕмӕ ралӕууыд ног дуг. Иегъовӕ адӕмы бауагъта дзидза хӕрын, фӕлӕ туг уыд тобӕгонд. Хуыцау ма сфидар кодта мӕлӕты тӕрхоны закъон дӕр, ӕмӕ зӕххыл донӕй хъаймӕт кӕй нал рауадздзӕн, уый тыххӕй арвӕрдынӕй бардзырд скодта. Нойы ӕртӕ фыртӕй равзӕрдысты зӕххыл цӕрӕг адӕм, фӕлӕ йӕ фырты фырты фырт Нимрод сси «тыхджын цуанон Иегъовӕйы ныхмӕ». Адӕм дунейыл нӕ апырх сты, цӕмӕй зӕхх байдзаг уыдаид, фӕлӕ сфӕнд кодтой сӕхицӕн ном скӕнынӕн сахар (Вавилон) ӕмӕ мӕсыг саразын. Фӕлӕ сын Иегъовӕ се ’взаг кӕй сӕмхӕццӕ кодта ӕмӕ сӕ зӕххыл кӕй ныххӕлиу кодта, уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕндтӕй ницы рауад.

Фарстытӕн дзуапп:

8:11​— Кӕд бӕлӕстӕ Хъаймӕты доны бын фесты, уӕд ма бӕлон оливӕйы сыф кӕцӕй ӕрбахаста? Ацы фарстӕн раттӕн ис дыууӕ дзуаппы. Оливӕ бӕлӕстӕ фӕразон кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сын, ӕвӕццӕгӕн, Хъаймӕты рӕстӕджы цалдӕр мӕймӕ доны бын ницы уыд. Дӕттӕ къаддӕрӕй-къаддӕр куы кодтой, уӕд, доны бын цы оливӕбӕлӕстӕ уыд, уыдон, гӕнӕн ис, ӕмӕ сзындаиккой ӕмӕ сыфтӕр рауагътаиккой. Кӕнӕ та Нойӕн уыцы сыф бӕлон ӕрбахастаид, дон куы ацыд, уӕд цы талатӕ сзад, уыдоны сыфтӕрӕй.

9:20—25​— Ной Ханааны цӕмӕн ралгъыста? Куыд зыны, афтӕмӕй Ханаан йе стыр фыдӕн цыдӕр худинаджы ми бакодта. Ӕмӕ йӕ кӕд йӕ фыд Хам федта, уӕддӕр ын йӕ ных нӕ бакъуырдта, фӕлӕ ма йӕ иннӕтыл дӕр ныхъхъӕр кодта. Фӕлӕ Нойы иннӕ дыууӕ фырты, Сим ӕмӕ Иафет, сӕ фыды бӕгънӕгӕй хуысгӕ куы федтой, уӕд ӕй ӕрӕмбӕрзтой. Уый тыххӕй Сим ӕмӕ Иафет арфӕгонд ӕрцыдысты. Ханаан та — ӕлгъыст. Йӕ фырт фидиссаг кӕй фӕци, уый тыххӕй Хамыл дӕр худинаджы гакк сбадт.

10:25— Фалекы рӕстӕджы зӕхх куыд «ныддихтӕ»? Фалек цард н. э. агъоммӕ 2269 азӕй 2030 азмӕ. Иегъовӕ Фалекы «рӕстӕджы» ныддихтӕ кодта адӕмы: сӕмхӕццӕ кодта Вавилоны аразджыты ӕвзаг ӕмӕ сӕ зӕххыл ныххӕлиу кодта (Уӕвынад 11:9). Афтӕмӕй Фалекы рӕстӕджы «зӕхх [ома зӕххыл цӕрӕг адӕм] ныддихтӕ».

Зондзонӕн махӕн:

9:1; 11:9. Иу адӕймаджы бон дӕр нӕу Иегъовӕйы фӕндтӕ ныссуйтӕ кӕнын.

10:1—​32. Уӕвынады 5 ӕмӕ 10 сӕрты цы хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдтӕ ис,— Доны хъаймӕты размӕйы номхыгъд ӕмӕ уый фӕстӕйы номхыгъд,— уыдон ӕвдисынц, адӕм иууылдӕр Адамӕй (йӕ байзӕддаг Нойы ӕртӕ фыртӕй) кӕй равзӕрдысты. Ассириӕгтӕ, халдейтӕ, дзуттытӕ, сириӕгтӕ ӕмӕ арабаг знӕмтӕй иутӕ рацыдысты Симӕй. Ефиопӕгтӕ, египетӕгтӕ, ханаайнӕгтӕ ӕмӕ кӕцыдӕр африкаг ӕмӕ арабаг знӕмтӕ рацыдысты Хамӕй. Индоевропӕйӕгтӕ та сты Иафеты цот. Адӕм иууылдӕр иу артӕй байуаргӕ кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы раз ӕмбар-ӕмсӕр сты (Куыстытӕ 17:26). Уый тыххӕй нын ацы хъуыддаг хъуамӕ уа хъуыдыйаг, ома иннӕтӕм цы цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ сӕм цы зӕрдӕ дарӕм.

Хуыцауы Ныхас хъаруджын у

Зӕххыл цыдӕриддӕр чингуытӕ ис, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр Уӕвынады чиныджы фыццаг хайы фыстӕуы бӕлвырдӕй адӕмы царды райдианы тыххӕй. Ацы чиныгӕй ис базонӕн, Хуыцау адӕмы зӕххыл цӕмӕн ӕрцӕрын кодта, уый. Ӕмӕ зӕрдӕйӕн куыд ӕхсызгон у, иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон кӕй нӕу, Нимроды куыд фӕндыд, афтӕ Иегъовӕйы фӕнд ныссуйтӕ кӕнын!

Алы къуыри дӕр Библийӕ цы скъуыддзаг февзарӕм Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы, уый рагацау кӕсгӕйӕ нын стыр ахъаз уыдзӕн дӕлсӕргонд «Фарстытӕн дзуапп». Ацы дӕлсӕргонд халы, Библийы цы зынӕмбарӕн бынӕттӕ ис, уыдон. Сӕргонд «Зондзонӕн махӕн»-ы бынмӕ та цы ӕмбарынгӕнӕн хъуыдытӕ ис, уыдоны фӕрцы базондзыстӕм, ӕрвылкъуыри дӕр Библийы цы бакӕсӕм, уымӕй зондӕн райсӕн цы ис, уый. Ацы хъуыдытӕй спайда кӕнӕн ис хъусын кӕныны фембӕлды ӕркӕсинаг фарстатӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр. Ӕцӕгдӕр, Иегъовӕйы Ныхас у цӕрдуд ӕмӕ хъаруджын (Дзуттытӕм 4:12НФ).