Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕппӕт зӕххыл ацыд сӕ хъӕлӕс»

«Ӕппӕт зӕххыл ацыд сӕ хъӕлӕс»

«Ӕппӕт зӕххыл ацыд сӕ хъӕлӕс»

«Сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты [«цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй», НД], аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй» (МАТФЕЙЫ 28:19).

1, 2. а) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы куыст бахӕс кодта? ӕ) Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ ахӕм стыр куыстыл куыд аххӕссыдысты?

УӔЛӔРВТӔМ йӕ ацыды хӕдразмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бахӕс кодта иу хъуыддаг. Уый сын загъта: «Сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты [«цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй», НД], аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй» (Матфейы 28:19). Кӕуылты хӕслӕвӕрд уыди уый!

2 Ахъуыды ма кӕн! Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон иу-120 ахуыргӕнинагыл ӕрцыд сыгъдӕг уд ӕмӕ ӕрӕвнӕлдтой уыцы хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнынмӕ — уыдон адӕмӕн дзырдтой, зӕгъгӕ, Йесо у, рагӕй кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы зӕрдӕвӕрд Мессиа, сӕ Ирвӕзынгӕнӕг (Куыстытӕ 2:1—36). Куыд хъуамӕ аххӕссыдаид уыцы гыццыл къорд «ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттыл»? Адӕмӕн уый нӕ уыд сӕ бон, фӕлӕ «Хуыцауӕн та ӕппӕтдӕр у Йӕ бон» (Матфейы 19:26). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн ахъазгӕнӕг уыд Иегъовӕйы сыгъдӕг уд, стӕй ӕмбӕрстой, ӕвӕстиатӕй кӕй хъӕуы архайын (Захари 4:6; 2 Тимофеймӕ 4:2). Ӕмӕ цалдӕр дӕсазы фӕстӕ апостол Павелӕн йӕ бон зӕгъын уыд, зӕгъгӕ, хорз хабар хъуыстгонд ӕрцыд «арвы бын ӕппӕт скӕндтытӕн» дӕр (Колоссӕгтӕм 1:23).

3. «Мӕнӕутӕ», кӕнӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ, цӕй бынӕй нал зындысты?

3 Фыццаг ӕнусӕн йӕ фылдӕр хайы ӕцӕг Хуыцауы дин размӕ цыд ӕмӕ ӕнхъӕвзта алырдӕм. Фӕлӕ Йесо дзырдта, зӕгъгӕ, ахӕм рӕстӕг ралӕудзӕн, ӕмӕ Сайтан хуымы «мӕгъӕлдатӕ» байтаудзӕн, ӕмӕ уыцы мӕгъӕлдаты бынӕй ӕнусты дӕргъы, суанг хуымгӕрдӕн афонмӕ, мӕнӕутӕ, ома ӕцӕг чырыстӕттӕ, нал зындзысты. Ӕмӕ апостолты мӕлӕты фӕстӕ уыцы ныхӕстӕ ӕрцыдысты (Матфейы 13:24—39).

Тагъд рӕзт нӕ рӕстӕджы

4, 5. 1919 азӕй сӕрст чырыстӕттӕ цавӕр куыстмӕ ӕрӕвнӕлдтой ӕмӕ уыцы хъуыддаг ӕнцонӕххӕстгӕнӕн цӕуылнӕ уыди?

4 1919 азы ралӕууыд «мӕнӕутӕн» — ӕцӕг чырыстӕттӕн — мӕгъӕлдатӕй ахицӕн кӕныны афон. Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмбӕрстой, Йесо сын цы ахсджиаг хъуыддаг бахӕс кодта, уый конд кӕй нӕма фӕци. Уыдоны фидарӕй уырныдта, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрынц, уый, ӕмӕ зыдтой Йесойы пехуымпарад: «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (2 Тимофеймӕ 3:1; Матфейы 24:14). О, стыр куыст бакӕнын сӕ кӕй хъӕуы, уый зыдтой.

5 Фӕлӕ н. э. 33 азы ахуыргӕнинӕгтау уыцы сӕрст чырыстӕттӕн дӕр сӕ хӕслӕвӕрд ӕнцонӕххӕстгӕнӕн нӕ уыд. Цы уыдысты — цалдӕр мины, нымадӕй цалдӕр бӕстӕйы. Куыд хъуамӕ ахӕлиу кодтаиккой хорз хабар «ӕппӕт дунейыл»? Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Ромы паддзӕхты дуджы зӕххыл цӕрӕг адӕмы нымӕц уыди, куыд зӕгъынц, афтӕмӕй 300 милуаны бӕрц ӕмӕ фыццаг дунеон хӕсты кӕронмӕ сси 2 миллиардмӕ ’ввахс. Уӕдӕ XX ӕнусы дӕр адӕмы нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр хъуамӕ кодтаид.

6. XX ӕнусы 30-ӕм азтӕм хорз хабар ахӕлиу кӕныны хъуыддаджы цас бантысти?

6 Ӕмӕ уӕддӕр, фыццаг ӕнусы чи цард, сӕ уыцы ӕфсымӕртау Иегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнджытӕ дӕр сӕ разы ӕвӕрд хӕс ӕххӕст кӕнынмӕ ӕрӕвнӕлдтой Иегъовӕйы ныфсӕй, ӕмӕ сын йӕ сыгъдӕг удӕй ахъаз кодта. XX ӕнусы 30-ӕм азты ӕмбисмӕ Библийы ӕцӕгад дзырдтой 56 000 хъусынгӕнӕджы бӕрц 115 бӕстӕйы. Бирӕ сын бантыст саразын, фӕлӕ ма бакӕнинаг дӕр нырма бирӕ уыд.

7. а) Сӕрст чырыстӕттӕн цавӕр ног куыст фӕзынд? ӕ) «Ӕндӕр фысты» ӕххуысӕй адӕмы ӕмбырд кӕныны хъуыддаджы цас бантыст саразын?

7 Уӕдмӕ хуыздӕр бамбӕрстой, чи сты Раргомады 7:9-ӕм стихӕй «тынг бирӕ адӕм», ӕмӕ уый уыцы фӕлладнӕзонӕг чырыстӕттӕн иуӕй сӕ разы ног хӕс сӕвӕрдта, иннӕмӕй та сын ӕххуысӕй зӕрдӕ ӕвӕрдта. «Ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ фӕлтӕртӕй [«знӕмтӕй», НД], ӕмӕ адӕмтӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» ӕрӕмбырд кӕнын хъуыд, нымӕц кӕмӕн нӕй, уыцы «ӕндӕр фысты» — зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы уырнджыты (Иоанны 10:16). Уыдон «ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕндзысты Иегъовӕйӕн» (Раргомад 7:15НД). Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты хъусын кӕныны ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕныны хъуыддаджы (Исай 61:5). Сӕрст чырыстӕттӕн сӕ зӕрдӕтӕм хур куыннӕ ныккаст, хъусынгӕнджыты нымӕц дӕсгай минтӕй, стӕй уӕд милуантӕй дӕр куыд ахызт, уый уынгӕйӕ. 2003 азы хъусынгӕнджыты нымӕц ноджы фӕфылдӕр — 6 429 351 адӕймаджы; цалдӕр минӕй фӕстӕмӕ иннӕтӕ иууылдӕр сты «тынг бирӕ адӕмӕй» *. Сӕрст чырыстӕттӕ бузныг сты уыцы ӕххуысӕй, ӕндӕр фыстӕ та сӕхицӕн стыр кадыл нымайынц сӕрст ӕфсымӕрты ’нцой балӕууын (Матфейы 25:34—40).

8. Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы ӕвирхъау фыдӕвзарӕнты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхи цыхуызӕнӕй равдыстой?

8 Мӕнӕутӕ ногӕй сӕ сӕр куы сдардтой, уӕд Сайтан семӕ карз тохы бацыд (Раргомад 12:17). «Тынг бирӕ адӕм» куы фӕзындысты, уӕд та куыдтӕ кодта? Йӕ масты пырхӕнтӕй ницӕуыл уал бацауӕрста! Цымӕ исты дызӕрдыггаг у, дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы уый кӕй скодта ӕгас дуне дӕр раст дины ныхмӕ? Хӕсты архайджытӕ иуырдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр чырыстӕтты сулӕфын нӕ уагътой. Нӕ зынаргъ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй бирӕтӕ бахаудысты ӕвирхъау фыдӕвзарӕнты, иу ӕмӕ дзы дыууӕ нӕ уыд, йӕ уырнындзинады сӕраппонд чи амард, ахӕмтӕ дӕр. Ӕмӕ уӕддӕр сӕ ахаст уыди псаломзарӕггӕнӕджы зӕрдӕйы ахастау: «Хицауы мидӕг раппӕлдзынӕн ӕз Йӕ дзырд; Хуыцауыл ӕнхъӕлцау дӕн [«ныфсджын дӕн Хуыцауӕй», МГТ], нӕ тӕрсын; цы бакӕндзӕн мӕнӕн буар?» (Псалом 55:5; Матфейы 10:28). Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр фыстӕн Иегъовӕ лӕвӕрдта йӕ тых ӕмӕ иумӕ фидар лӕууыдысты (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Афтӕмӕй «Хуыцауы дзырд рӕзыд» (Куыстытӕ 6:7). 1939 азы, хӕст куы ныггуыпп кодта, уӕд уацамынды хыгъд радтой 72 475 иузӕрдион чырыстоны. Фӕлӕ 1945 азы, хӕст куы фӕци, уыцы азы хыгъдӕй (уый дӕр ӕххӕст хыгъд нӕ уыд) рабӕрӕг, хорз хабар зӕрдиагӕй кӕй хъусын кодтой 156 299 Ӕвдисӕны. Сайтан фыдӕнхъӕл куыннӕ фӕци!

9. Дыккаг Дунеон хӕсты рӕстӕджы цавӕр дыууӕ ног скъолайы байгомчындӕуыд?

9 Бӕрӕг у, дыккаг дунеон хӕсты бӕстӕ ӕгасӕй дӕр куы сӕмтъеры, уӕд дӕр Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ нӕ дызӕрдыг кодтой, хъусын кӕныны хъуыддаг йӕ кӕронмӕ кӕй ахӕццӕ уыдзӕн, ууыл. Уый нӕ, фӕлӕ ма 1943 азы, хӕст йӕ тӕккӕ тынгыл куы уыди, уӕд дыууӕ ног скъолайы дӕр байгомчындӕуыд. Сӕ иу — абон хуыйны Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола, хъуамӕ уагъд цыдаид ӕппӕт ӕмбырдты дӕр, цӕмӕй алы Ӕвдисӕн дӕр ахуыр кодтаид хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Иннӕ та — Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнады библион скъола Галаад; уый та цӕттӕ кодта миссионертӕ, хъусын кӕныны хъуыддаг фӕсарӕнты чи хъуамӕ апарахат кодтаид, ахӕмты. О, хӕсты цӕхӕр бынтондӕр куы ныммынӕг, уӕд ӕцӕг чырыстӕттӕ рӕвдз уыдысты сӕ хъуыддагмӕ ног тыхтимӕ ӕрӕвналынмӕ.

10. Иегъовӕйӕн кувӕг адӕм 2003 азы сӕ удӕй арт кӕй цагътой, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

10 Ӕмӕ цы куыст бакодтой, цы куыст! Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы чи ахуыр кодта — ӕрыгӕттӕ ӕмӕ хистӕр кары адӕм, ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ, суанг ма нӕфӕразгӕ чи уыд, уыдон дӕр,— се ’ппӕт дӕр ӕххӕст кодтой ӕмӕ дарддӕр дӕр кӕнынц, Йесо цы ахсджиаг хъуыддаг бахӕс кодта, уый (Псалом 148:12, 13; Иоил 2:28, 29). 2003 азы алы мӕй дӕр рӕстӕмбисӕй 825 185 адӕймаджы лӕггад кодтой пионертӕй (чи рӕстӕгмӕ, чи та ӕдзухдӕр) ӕмӕ уымӕй равдыстой, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый хорз кӕй ӕмбарынц. Уыцы аз Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 1 234 796 477 сахаты хъусын кодтой адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады хорз хабар. Иегъовӕйӕн йӕ адӕм афтӕ зынгзӕрдӕ кӕй сты, уымӕй йӕ зӕрдӕ куыннӕ райа!

Фӕсарӕйнаг хуымты

11, 12. Миссионертӕ егъау куыст кӕй бакодтой, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

11 Къорд азты дӕргъы Галаады скъола чи фӕци, фӕстаг азты та ма Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола дӕр, уыдон бакодтой, зӕгъӕн куыд нӕй, ахӕм стыр куыст. Цӕвиттон, 1945 азы Бразилимӕ фыццаг миссионертӕ куы ӕрцыдысты, уӕд дзы 400 хъусынгӕнӕджы дӕр нӕ уыди. Уыцы миссионертӕ, стӕй ма уый фӕстӕ чи ӕрцыд, уыдон дӕр сӕ зынгзӕрдӕ бразилиаг ӕфсымӕртимӕ уӕхски-уӕхск фыдӕбон кодтой, ӕмӕ сын сӕ куыстӕн Иегъовӕ рӕдауӕй раарфӕ кодта. Уыцы рӕстӕджытӕ кӕй зӕрдыл лӕууынц, уыдон абон куыннӕ цин кӕной: 2003 азы Бразилийы хъусынгӕнджыты нымӕц ноджы фӕфылдӕр — 607 362!

12 Ӕркӕсӕм, хъуыддӕгтӕ Японы куыд цӕуынц, уымӕ дӕр. Дыккаг дунеон хӕсты агъоммӕ ам Паддзахады хъусынгӕнджытӕ уыдысты сӕдӕйы бӕрц. Хӕсты заман судзгӕ фыдӕвзарӕнты сӕ рӕнхъытӕ цӕвӕгауадзӕгау фесты, ӕмӕ ма дзы хӕсты фӕудмӕ монон ӕгъдауӕй дӕр ӕмӕ буарӕй дӕр удӕгас баззад цалдӕр Ӕвдисӕны (Ӕмбисӕндтӕ 14:32). Цы амондджын уыдысты уыцы удвидар, ӕнӕфӕцудгӕ лӕггадгӕнджытӕ, 1949 азы сӕм фыццаг 13 миссионеры, Галаады рауагъдонтӕ, куы ’рцыдысты, уӕд. Уыцы миссионертӕ уайтагъд сӕ зӕрдӕмӕ айстой сӕ зынгзӕрдӕ, уазӕгуарзаг япойнаг ӕфсымӕрты. Уӕдӕй рацыд 50 азы ӕмӕ 2003 азы Японы хъусынгӕнджыты стырдӕр нымӕц уыди 217 508! Ацы бӕстӕйы Иегъовӕ йӕ адӕмӕн, бӕгуыдӕр, баххуыс кодта. Цауддӕр нӕу хъуыддаг иннӕ бӕстӕты дӕр. Ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕн чи хъусын кӕны, уыдон стыр ахъаз бакодтой хорз хабар ахӕлиу кӕныны хъуыддаджы — 2003 азы уыцы хабар хъуыстгонд цыди 235 бӕстӕйы, сакъадахы ӕмӕ территорийы. Ӕцӕгдӕр, «тынг бирӕ адӕм» ивылынц «ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй».

«Ӕппӕт... знӕмтӕй, ӕмӕ адӕмтӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕй»

13, 14. Хорз хабар «алы... ӕвзӕгтыл» хъусын кӕнын хуыздӕр кӕй у, уый Иегъовӕ куыд равдыста?

13 Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон ахуыргӕнинӕгтӕ сыгъдӕг удӕй сӕрст куы ’рцыдысты, уый фӕстӕ фыццаг цавӕр диссаг ӕрцыд? Иерусалимы цы дзыллӕтӕ ӕрӕмбырд сты, уыдонимӕ алы ӕвзӕгтыл райдыдтой дзурын. Сӕ ныхасмӕхъусӕг адӕм ӕнӕмӕнг дзырдтаиккой уӕды заман ӕппӕт адӕмты иумӕйаг ӕвзагыл,— ӕвӕццӕгӕн, уый уыди грекъаг. Ӕмӕ «дингӕнӕг» адӕм кӕм уыдысты, уым, ӕвӕццӕгӕн, кувӕндоны дзуттаг ӕвзагыл цы дзырдтой, уый дӕр ӕмбӕрстаиккой. Фӕлӕ сӕ хорз хабар алчи йӕ мадӕлон ӕвзагыл куы хъуыста, уӕд сын сӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕ куыннӕ бацагайдта (Куыстытӕ 2:5, 7—12).

14 Хорз хабар абон дӕр хъуысы бирӕ ӕвзӕгтыл. Библийы ныхӕстӕм гӕсгӕ тынг бирӕ адӕм ӕрмӕст стыр адӕмыхӕттытӕй хъуамӕ ма рацӕуой, фӕлӕ ма гыццыл «фӕлтӕртӕй [«знӕмтӕй», НД], ӕмӕ адӕмтӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» дӕр. Уымӕ амоны, Иегъовӕ бирӕ раздӕр Захарийы дзыхӕй цы загъта, уый дӕр: «Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс адӕймаджы ныххӕцдзысты, о, ныххӕцдзысты иудейаджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“» (Захари 8:23). Кӕд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн алы ӕвзӕгтыл дзурын уӕлейӕ лӕвӕрд нал у, уӕддӕр хорз ӕмбарынц, адӕмы сӕхи ӕвзагыл ахуыр кӕнын цас хуыздӕр у, уый.

15, 16. Миссионертӕ ӕмӕ иннӕтӕ сӕхимӕ куыд райстой бынӕттон ӕвзӕгтыл хъусын кӕныны хӕс?

15 Абон дӕр дунейы ис стыр ӕвзӕгтӕ, зӕгъӕм, англисаг, французаг ӕмӕ испайнаг. Фӕлӕ йӕхиуӕтты цурӕй ӕндӕр бӕстӕтӕм чи ацӕуы хъусын кӕнынмӕ, уыдон фӕахуыр кӕнынц уымы бынӕттон ӕвзӕгтӕ дӕр, цӕмӕй, «ӕнусон цардмӕ раст ахаст кӕмӕн ис, уыдонӕн» хорз хабар сӕ зӕрдӕтӕм тынгдӕр хъара (Куыстытӕ 13:48НД). Уый алыхатт ӕнцон кӕм вӕййы. Сабыр океаны хуссар хайы сакъадах Тувалуйы хъуыди литературӕ бынӕттон ӕвзагыл ӕмӕ уыцы хӕс йӕхимӕ райста миссионертӕй сӕ иу. Фӕлӕ тувалуйы ӕвзагыл иу дзырдуат дӕр нӕ уыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕхӕдӕг райдыдта дзырдтӕ ӕмбырд кӕнын. Уыйадыл тувалуйы ӕвзагыл рацыд чиныг «Дӕ бон у ӕнустӕм дзӕнӕты зӕххыл цӕрын» *. Миссионертӕ Кюрасаомӕ куы ’рцыдысты, уӕд уымы ӕвзагыл, папьяменто, зӕгъгӕ, нӕдӕр библион литературӕ уыди, нӕдӕр дзырдуӕттӕ. Стӕй уыцы ӕвзаджы фыссынады фӕдыл дӕр алкӕмӕн иу хъуыды нӕ уыди. Ӕмӕ уӕддӕр фыццаг миссионерты ӕрцыдӕй дыууӕ азы фӕстӕ уыцы ӕвзагыл рацыд, Библийы бындурыл фыццаг чырыстон трактат. Абон папьяменто у, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» англисагимӕ уыцы иу рӕстӕг цы 133 ӕвзагыл цӕуы, уыцы ӕвзӕгтӕй иу.

16 Намибийы фыццаг миссионертӕ нӕ ардтой, бынӕттон ӕфсымӕртӕй сын тӕлмацы хъуыддаджы чи баххуыс кодтаид, ахӕм. Стӕй уымы ӕвзӕгтӕй иуыл, нама, зӕгъгӕ, нӕ уыди дзырдтӕ хуымӕтӕг ӕмбарынӕдтӕн дӕр, зӕгъӕм «ӕххӕстдзинад»-ӕн. Иу миссионер дзуры: «Тӕлмац мын фылдӕр кодтой скъолайы ахуыргӕнджытӕ, Библи чи ахуыр кодта, ахӕмтӕ. Фӕлӕ ӕцӕгад рӕстмӕ кӕй нӕма зыдтой, уымӕ гӕсгӕ-иу сӕ фарсмӕ бадтӕн, цӕмӕй алы хъуыдыйад дӕр раст тӕлмац ӕрцыдаид». Куыдфӕнды ма уыдаид, трактат «Цард ног дунейы» ивд ӕрцыд, Анголӕйы цы ӕвзӕгтыл дзурынц, уыдонӕй цалдӕрмӕ. Ныртӕккӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» англисагимӕ уыцы иу рӕстӕг цӕуы бынӕттон ӕвзӕгтӕй иуыл, умбунду, зӕгъгӕ.

17, 18. Цавӕр зындзинӕдты сӕрты хизынц хъусынгӕнджытӕ Мексикӕйы ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты?

17 Мексикӕйы сӕйраг ӕвзаг у испайнаг. Фӕлӕ испайнӕгты ӕрцыдмӕ ам дзырдтой бирӕ ӕвзӕгтыл ӕмӕ ма дзы цалдӕрыл ныр дӕр дзурынц. Уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ныртӕккӕ сӕ литературӕ уадзынц, Мексикӕйы цы ӕвзӕгтыл дзурынц, уыдонӕй авдыл, афтӕ ма мексикӕйаг къухӕй амонгӕ ӕвзагыл дӕр. Майӕйы ӕвзагыл «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг» уыд, америкӕйаг индейӕгты ӕвзагыл ӕрвылмӕй дӕр чи цӕуы, фыццаг ахӕм фӕрӕз. Мексикӕйы 572 530 хъусынгӕнӕгӕй цалдӕр мины сты майӕйы знӕмӕй, ацтектӕй ӕмӕ ӕндӕр знӕмтӕй.

18 Фӕстаг азты фыдцардыуавӕртӕ кӕнӕ исты бӕллӕхты азарӕй милуантӕ сӕ фыдыуӕзӕгӕй ӕндӕр бӕстӕтӕм фӕлыгъдысты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бирӕ бӕстӕты фӕзынд, нырмӕ куыд никуы уыди, афтӕ бирӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕм. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрӕвнӕлдтой уыцы хъуыддагмӕ. Зӕгъӕм, Италийы ӕмбырдтӕ ӕмӕ къордтӕ ис италиаг ӕвзагӕй фӕстӕмӕ ноджы 22 ӕвзагыл. Ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмӕн хъусын кӕныны сӕраппонд ӕрӕджы байгом кодтой курсытӕ 16 ӕвзагыл, уыимӕ италиаг къухӕй амонгӕ ӕвзагыл дӕр. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иннӕ рӕтты дӕр афтӕ нӕ ауӕрдынц сӕхиуыл ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕрлидзӕг адӕмӕн баххуыс кӕнынӕй. О, Иегъовӕйы ӕххуысӕй «тынг бирӕ адӕм» ивылынц бирӕ ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмыхӕттытӕй.

«Ӕппӕт зӕххыл»

19, 20. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Павелы ныхӕстӕ ныры хуызӕн никуы ӕххӕст кодтой?

19 Фыццаг ӕнусы апостол Павел фыста: «Ӕцӕг уыдон нӕ фехъуыстой? Бӕлвырд, „ӕппӕт зӕххыл ацыд сӕ хъӕлӕс, ӕмӕ дунейы кӕрӕттӕм сӕ ныхӕстӕ“» (Ромӕгтӕм 10:18). Кӕд уый афтӕ уыди фыццаг ӕнусы, уӕд абон та ноджы барджындӕрӕй ис афтӕ зӕгъӕн! Ныры хуызӕн бирӕ адӕм — милуантӕ — никуы ма дзырдтой ацы ныхӕстӕ: «Арфӕ кӕндзынӕн Хицауӕн алы афон; ӕппӕлындзинад Уымӕн ӕнӕрынцойӕ мӕ дзыхы» (Псалом 33:2).

20 Стӕй нӕ куыст дӕр размӕ цӕуы. Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты нымӕцыл ӕфты ӕмӕ ӕфты. Фылдӕр кӕны, уацамынды цы рӕстӕг вӕййынц, уый дӕр. Дыккаг-ӕртыккаг бацыдты нымӕц милуантӕй ахызт, Библийы ахуыртӕ дӕр уагъд цӕуы сӕдӕгай минтӕ. Ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ ӕндӕр адӕмы фӕнды Хуыцауы базонын. Фарон Чырыстийы мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 16 097 622 адӕймаджы — раздӕры азтӕй фылдӕр. Бӕрӕг у, куыст нырма бирӕ кӕй ис. Гъемӕ уӕдӕ дарддӕр дӕр не ’фсымӕрты бафӕзмӕм, уыдон куыд бабыхстой цыфыддӕр фыдӕвзарӕнтӕн, афтӕ мах дӕр фидар фӕлӕууӕм. Ӕмӕ 1919 азӕй Иегъовӕйы хъуыддаджы йӕ уд чи хъардта, ӕппӕт уыцы ӕфсымӕртау нӕ зӕрдӕты зынг ӕрмынӕг кӕнын ма бауадзӕм. Амӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕ алчидӕр псаломзарӕггӕнӕгау дзурӕд: «Царды улӕфт кӕй мидӕг ис,— уадз иууылдӕр кадджын кӕнӕнт Иагъы. Кадджын кӕнут Иагъы!» (Псалом 150:6НД).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 7 абз. Кӕс ӕрвылазон хыгъд ацы номыры 24—27 фӕрстыл.

^ 15 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Ӕфсымӕртӕ 1919 азы цавӕр хӕслӕвӕрдмӕ ӕрӕвнӕлдтой ӕмӕ уыцы хъуыддаг ӕнцон цӕуылнӕ уыди?

• Хъусын кӕныны хъуыддаджы баххуыс кӕнынӕн чи цыд ӕмбырдгонд?

• Цы куыст бакодтой ӕндӕр бӕстӕты лӕггадгӕнӕг миссионертӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ?

• Иегъовӕ йӕ адӕмы куыстӕн кӕй ахъаз кӕны, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ у дӕ бон ӕрхӕссын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Таблицӕ 24–27 фарсыл]

ИЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТЫ ӔППӔТДУНЕОН ХЫГЪД 2003 ЛӔГГАДЫ АЗӔН

(Кӕс публикацимӕ)

[Нывтӕ 22, 23 фарсыл]

Тынг бирӕ адӕм хъуамӕ ӕрцӕуой алы знӕмтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕй.