Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ивы ацы дунейы фӕлгонц»

«Ивы ацы дунейы фӕлгонц»

«Ивы ацы дунейы фӕлгонц»

«Зӕгъын уын, ӕфсымӕртӕ: ӕрцыбыр ис ӕмгъуыд!» (1 КОРИНФӔГТӔМ 7:29, НФ).

1, 2. Дӕхи зонынхъом куы фӕдӕ, уӕдӕй ардӕм дунейы цавӕр ивддзинӕдтӕ ӕрцыд?

ДӔХИ зонынхъом куы фӕдӕ, уӕдӕй ардӕм дунейы цы ивддзинӕдтӕ ӕрцыд, уыдонӕй иу-цалдӕр дӕ бон у зӕгъын? Зӕгъӕм, медицинӕйы ӕнтыстдзинӕдтӕ. Ацы къабазы ахуыргӕндтӕн сӕ къухы цы бафтыд, уый фӕрцы иуӕй-иу бӕстӕты адӕм фылдӕр цӕрын райдыдтой: XX ӕнусы райдианты адӕймаг цард 50 азы бӕрц, ныр та цӕры 70 азӕй фылдӕр. Радио, телеуынынад, дзыппыхӕсгӕ телефонтӕ ӕмӕ факсты фӕзынд дӕр тынг фӕахъаз сты. Уӕдӕ ахуырад, транспорт ӕмӕ адӕймаджы барты хъахъхъӕнынад кӕй фӕхуыздӕр сты, уый руаджы дӕр мин-минтӕн сӕ цард фӕхуыздӕр.

2 О, бирӕ цыдӕртӕ фӕивта, фӕлӕ алцы хуыздӕрырдӕм нӕ. Лӕг куыннӕ хъуамӕ зӕгъа, фыдракӕндтӕ ӕмӕ наркомантӕ кӕй фылдӕр кӕнынц, ӕгъдау ӕмӕ ӕфсарм кӕй цудынц, бинонты цард кӕй хӕлы, ӕхцайы бӕркад кӕй нал ис ӕмӕ терроризм йӕ мылазон базыртӕ дунейыл кӕй ивазы, уыдӕттӕй цард кӕй къуындӕг кӕны, уый тыххӕй. Уӕдӕ апостол Павел кӕддӕр цы загъта, уыимӕ куыннӕ сразы уыдзынӕ: «Фӕцӕуы [«ивы», НД] ацы дунейы фӕлгонц» (1 Коринфӕгтӕм 7:31).

3. Павелы цы зӕгъын фӕндыд, афтӕ куы ныффыста, зӕгъгӕ, «ивы ацы дунейы фӕлгонц»?

3 Ацы ныхӕстӕ рагон грекъаг ӕвзагыл куы кӕсай, уӕд ис фенӕн, Павел, дунейы цы цӕуы, уый кӕй абарста театры сценӕйы архайдимӕ. Архайджытӕ — политикӕйы, дины ӕмӕ аивады нымад адӕм — сценӕмӕ рахизынц, сӕ ролтӕ ахъазынц, ацӕуынц ӕмӕ сӕ фӕстӕ ӕндӕртӕ рахизынц. Афтӕ у ӕнусты дӕргъы. Раздӕр-иу иу паддзахы мыггаг хицауиуӕг кодта дӕсгай азты, иуӕй-иутӕ та — цалдӕр сӕдӕ азы, ӕмӕ-иу кӕд исты ивта, уӕддӕр сындӕггай. Абон та афтӕ нӕу: исты стыр хицауы куы амарынц, уӕд царды цалх ӕвиппайды цӕхгӕр фӕзилы. Раст куы зӕгъӕм, уӕд ацы фӕдисон рӕстӕджы, райсом цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны.

4. а) Чырыстӕттӕ дунейы хабӕрттӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? ӕ) Цавӕр дыууӕ хъуыддагмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

4 Кӕд дуне сценӕ у, йӕ разамонджытӕ — спектаклы архайджытӕ, уӕд чырыстӕттӕ та сты театрдзаутӕ *. Чырыстӕттӕ «дунейӕ [кӕй] не сты», уымӕ гӕсгӕ сӕ нӕдӕр спектакль ӕндавы, нӕдӕр йӕ архайджытӕ (Иоанны 17:16). Тынгдӕр сӕ хъус дарынц, пьесӕ тагъд кӕй фӕуыдзӕн — йӕ трагикон кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ кӕны, уый бӕрӕггӕнӕнтӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ зонынц, рагӕй-ӕрӕгмӕ цы рӕстаг ног дунемӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уый Иегъовӕ цалынмӕ нӕ ӕрӕвӕрдта, уӕдмӕ хъуамӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуа *. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, кӕроны рӕстӕджы кӕй цӕрӕм ӕмӕ ног дуне къӕсӕрыл кӕй ис, уый цы дыууӕ хъуыддаджы бӕлвырд кӕнынц: 1) Библийы азнымад ӕмӕ 2) дунейы уавӕр бонвыддӕр кӕй кӕны (Матфейы 24:21; 2 Петры 3:13).

Сусӕггад раргом!

5. «Адӕмтӕн нысангонд рӕстӕджытӕ» цы сты ӕмӕ нӕ уый базонын цӕмӕн фӕнды?

5 Азнымад бӕрӕг кӕны, рӕстӕг ӕмӕ цаутӕ кӕрӕдзиуыл куыд баст сты, уый. Йесо дзырдта, зӕгъгӕ, уыдзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ дунейы хицӕуттӕ алы хъуыддаг дӕр сӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕндзысты, Хуыцауы Паддзахад сӕм ницы бар дардзӕн, афтӕмӕй. Йесо уыцы рӕстӕг схуыдта «адӕмтӕн нысангонд рӕстӕджытӕ» (Лукайы 21:24НД). «Нысангонд рӕстӕджыты» кӕрон Хуыцауы уӕларвон Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райсдзӕн ӕмӕ йе ’цӕг Хицау суыдзӕн Йесо. Фыццаг уал Йесо «хицауиуӕг кӕндзӕн Йӕ знӕгты ’хсӕн» (Псалом 109:2). Уый фӕстӕ, Данелы 2:44 стихмӕ гӕсгӕ уӕларвон Паддзахад ӕппӕт зӕххон хицауӕдты «ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт фӕкӕндзӕн» ӕмӕ йӕхӕдӕг ӕнусмӕ ныллӕудзӕн.

6. «Адӕмтӕн нысангонд рӕстӕджытӕ» кӕд райдыдтой, цас ахастой ӕмӕ кӕд фесты?

6 «Адӕмтӕн нысангонд рӕстӕджытӕ» кӕд фӕуыдзысты ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райсдзӕн? Ацы фарсты дзуапп уыд «мыхуыры бын рӕстӕджыты фӕуынмӕ» ӕмӕ йӕ базонӕн ис Библийы азнымадӕй (Данелы 12:9). Уыцы «рӕстӕджыты фӕуд» куыд ӕввахсдӕр кодта, афтӕ Иегъовӕ йӕ дзуапп ӕргом кодта сӕрныллӕг библииртасджыты чысыл къордӕн. Уыдон Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы бамбӕрстой, «адӕмтӕн нысангонд рӕстӕджытӕ» кӕй райдыдтой н. э. агъоммӕ 607 азы, Иерусалимы ныппырхӕй, ӕмӕ кӕй ахастой 2 520 азы. Уымӕй сбӕрӕг кодтой, 1914 азы «адӕмтӕн нысангонд рӕстӕджыты» кӕрон кӕй ӕрцыд. Бамбӕрстой ма, уыцы аз кӕй райдыдта ацы цардӕвӕрды кӕрон дӕр. Кӕд ды дӕр Библи иртасыс, уӕд 1914 аз Фыстадӕй дӕ бон у банымайын? *

7. Цавӕр стихтӕй ис базонӕн, Данелы чиныджы цы авд рӕстӕджы кой ис, уыдон кӕд райдыдтой, цас ахастой ӕмӕ кӕд фесты?

7 Фыццаджыдӕр нын баххуыс кӕндзӕн Данелы чиныг. Н. э. агъоммӕ 607 азы, «нысангонд рӕстӕджыты» райдианы, Иегъовӕ паддзах Навуходоносоры къухӕй кӕй ныппырх кодта Иерусалим, уымӕ гӕсгӕ, паддзахӕдтӕ сӕхӕдӕг ӕнӕ Хуыцауӕй кӕй хицауиуӕг кӕндзысты «авд рӕстӕджы»(НД), уый дӕр паддзахы уылты раргом кодта (Иезекил 21:26, 27; Данелы 4:13, 20—22). Уыцы авд рӕстӕджы цас ахастой? Раргомады 11:2, 3 ӕмӕ 12:6, 14 стихтӕм гӕсгӕ ӕртӕ ӕмӕ ӕрдӕг рӕстӕджы сты 1 260 боны. Уымӕ гӕсгӕ авд рӕстӕджы сты ӕртӕ ӕмӕ ӕрдӕг рӕстӕджы дывӕрӕй, ома 2 520 боны. Хъуыддаг ууыл ахицӕн? Нӕ, уымӕн ӕмӕ бонты нымад бамбарынӕн Иегъовӕ Данелы ӕмдугон пехуымпар Иезекилӕн радта ахӕм фӕткой: «Бон азӕн, бон азӕн дын сӕмгъуыд кодтон» (Иезекил 4:6). Уымӕ гӕсгӕ авд рӕстӕджы сты 2 520 азы. Н. э. агъомӕ 607 азӕй 2 520 азы куы анымайӕм, уӕд ӕрцӕудзыстӕм 1914 азмӕ. Уыцы аз хъуамӕ фӕуыдаиккой нысангонд рӕстӕджытӕ.

«Рӕстӕджыты фӕуд» сбӕлвырд

8. 1914 азӕй фӕстӕмӕ дуне бонвыддӕр кӕй кӕны, уый цы бӕлвырд кӕны?

8 1914 азӕй фӕстӕмӕ дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон бӕлвырд кӕнынц, Библимӕ гӕсгӕ уӕлдӕр цы хыгъд скодтам, уый раст кӕй у. Йесо дзырдта, зӕгъгӕ, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон» базонӕн уыдзӕн хӕстытӕ, ӕххормаг рӕстӕджытӕ ӕмӕ низтӕй (Матфейы 24:3—8НД; Раргомад 6:2—8). Ӕмӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй 1914 азӕй зӕххыл цӕуы ахӕм хабӕрттӕ. Апостол Павел ма фӕбӕлвырд кодта, уыцы заман адӕм кӕрӕдзимӕ раздӕры зӕрдӕ кӕй нал дардзысты. Ӕмӕ рӕстытӕ дзырдта, абон уыцы ивддзинӕдтӕ нӕхи цӕстӕй уынӕм (2 Тимофеймӕ 3:1—5).

9. 1914 азӕй фӕстӕмӕ дунейы цы цӕуы, уый фӕдыл иртасджытӕ цы дзурынц?

9 «Ацы дунейы фӕлгонц» 1914 азӕй фӕстӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ тынг фӕивта? Профессор Роберт Вол йӕ чиныг «1914 азы фӕлтӕр»-ы фыссы: «Хӕст чи федта, уыдон фидарӕй хӕцынц ахӕм хъуыдыйыл: 1914 азы августы аивгъуыдта иу дуг ӕмӕ ралӕууыд ӕндӕр дуг» («The Generation of 1914»). Афтӕ кӕй у, уый бӕрӕг у Ӕнӕниздзинады дунеон организацийы кусӕг ӕмӕ психикон низты хайады хистӕр дохтыр Жорж Альберто Коста-и-Сильвайы ныхӕстӕй: «Ацы дунейы ӕппӕт дӕр цӕстыфӕныкъуылдмӕ кӕй фӕивы, уый фыдӕй уыйас адӕм фыртыхстӕй хъуырдухӕн кӕнынц ӕмӕ уыйас адӕмы нервытӕ сӕнкъуыстысты, ӕмӕ афтӕ никуыма уыд». Афтӕ кӕй у, уый дӕхӕдӕг дӕр уыныс?

10. 1914 азӕй дунейы уавӕр бонвыддӕр кӕй аххосӕй кӕны, уый нын Библи куыд ӕргом кӕны?

10 Дунейы уавӕр бонвыддӕр кӕй аххосӕй кӕны? Раргомады 12:7—9 стихтӕ нын ӕй ӕргом кӕнынц: «Ӕрцыд хӕст арвыл: Михаил [Йесо Чырысти] ӕмӕ йӕ Зӕдтӕ хӕцыдысты кӕфхъуындары [Сайтан Хӕйрӕджы] ныхмӕ, кӕфхъуындар дӕр йӕ зӕдтимӕ хӕцыд уыдоны ныхмӕ, фӕлӕ нӕ бафӕрӕзтой, ӕмӕ нал разынд бынат уыдонӕн арвыл. Ӕмӕ ӕппӕрст ӕрцыд стыр кӕфхъуындар... ӕппӕт дунейы сайӕг». Уӕдӕ змӕнтӕг Сайтан Хӕйрӕг у, ӕмӕ 1914 азы уӕлӕрвтӕй тард кӕй ӕрцыд, уый ӕркодта ахӕм уавӕрмӕ: «Додой, зӕххыл ӕмӕ денджызыл чи цӕры, уыдонӕн. Цӕмӕйдӕриддӕр сымахмӕ ӕрхызт дӕлимон, знӕтӕй судзгӕйӕ; зоны, ӕвӕдза, бирӕ бонтӕ йын кӕй нал баззад, уый» (Раргомад 12:10, 12НФ).

Цымӕ спектаклы фӕстаг ныв цӕуыл фӕуыдзӕн?

11. а) Сайтан «ӕппӕт дуне» дӕр куыд фӕливы? ӕ) Апостол Павел куыд фыссы, афтӕмӕй Сайтан йӕ тыхтӕ цӕмӕ сарӕзта?

11 Сайтан йӕ бон кӕй зоны, уый фыдӕй 1914 азӕй фӕстӕмӕ йӕ тыхтӕ иууылдӕр сарӕзта «ӕппӕт дуне» фӕливынмӕ. Ацы хин ӕмӕ кӕлӕнӕйдзаг архайы сусӕгӕй, сценӕмӕ та рауадзы дунейы хицӕутты ӕмӕ ног хъуыдытӕ пропагандӕгӕнджыты (2 Тимофеймӕ 3:13; 1 Иоанны 5:19). Йӕ фӕндтӕй иу у ахӕм: сабыр цард ӕрмӕстдӕр йӕ хицауад кӕй скӕндзӕн, ууыл дзыллӕты баууӕндын кӕнын. Ӕмӕ ӕргом куы зӕгъӕм, уӕд йӕ фӕнд йӕ къухы бафтыд: кӕд адӕм уынынц, дунейы уавӕр бонвыддӕр кӕй кӕны, уӕддӕр ма хорз цӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц. Апостол Павел дӕр дзырдта, ацы дунейы сӕфты хӕдразмӕ кӕй стынг уыдзӕн Сайтаны пропагандӕ. Уый фыста: «Куы дзурой: „сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад“, уӕд ӕвиппайды уыдоныл ӕрцӕудзӕн сӕфтдзинад, гуыбыны кӕмӕ вӕййы, уый аргӕйӕ куыд тухӕнтӕ кӕны [«сывӕрджыны аргӕ-арыны хъизӕмарау», НФ],... афтӕ» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:3; Раргомад 16:13).

12. Абон хицӕуттӕ сабыр цард саразыныл куыд архайынц?

12 Фӕстаг рӕстӕг политиктӕ алыхуызон пълӕнттӕ ӕмӕ фӕндтӕ кӕнгӕйӕ тынг арӕх фӕдзурынц «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинадыл». Уыдон ма суанг 1986 аз рахуыдтой Ӕппӕтдунеон сабырдзинады аз, кӕд уыцы азӕн уыцы номимӕ иумӕйагӕй ницы уыд, уӕддӕр. Дунейы хицӕуттӕ ахӕм цыдӕртӕ кӕй аразынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ 1 Фессалоникӕгтӕм 5:3 стих сӕххӕст, ӕви Павел, ӕгас дунейы дӕр чи нырризын кӕндзӕн, ахӕм цауыл дзырдта?

13. Павел «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинады» расидты тыххӕй куы дзырдта, уӕд цӕимӕ абарста сӕфты бон ӕмӕ нын уый цӕуыл дзурӕг у?

13 Библийы пехуымпарӕдты нысаниуӕг фылдӕр хатт адӕймаг бамбары сӕ сӕххӕсты фӕстӕ кӕнӕ куы феххӕст кӕнынц, уӕд, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ банхъӕлмӕ кӕсын хъӕуы. Фӕлӕ ацы ран цымыдисаг у, «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад» куы расидой, уӕд дуне ӕвиппайды кӕй фесӕфдзӕн, уый Павел ӕвгъӕддон сылгоймаджы рыстытимӕ кӕй абарста. Фараст мӕйы дӕргъы ӕнхъӕлцау сылгоймаг бонӕй-бонмӕ тынгдӕр фӕхаты, сывӕллон йӕ гуыбыны куыд рӕзы. Фӕхъусы йын йӕ зӕрдӕйы гуыпп-гуыпп, фембары йын йе змӕлд. Стӕй йӕ хатт къахӕй дӕр фӕцӕвы. Афтӕмӕй сывӕллон гуыбыны кӕй рӕзы, уый тынгӕй-тынгдӕр фембары мад, фӕлӕ иу бон рӕхойгӕ рыстытӕ райдайынц, ӕмӕ уӕд бӕрӕг вӕййы, арыны афон кӕй ӕрцыд. Афтӕ у «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинады» хабар дӕр: куыдфӕнды ма сӕххӕст уа, уӕддӕр йӕ фӕстӕ ӕвиппайды ӕрцӕудзӕн, риссаг, фӕлӕ удӕн ӕхсызгон чи уыдзӕн, ахӕм хабар — фыддзинадӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн ӕмӕ ног дуне ралӕудзӕн.

14. Фидӕны хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл куыд цӕудзысты ӕмӕ цӕуыл фӕуыдзысты?

14 Сӕфты бон иузӕрдион чырыстӕттӕ фендзысты диссаджы хабӕрттӕ. Фыццаг уал зӕххон паддзӕхтӕ (политиктӕ — Сайтаны организацийы иу хай) сӕхи ныццӕвдзысты Стыр Вавилоны хъузӕттыл (диныл — Сайтаны организацийы иннӕ хайыл) ӕмӕ сӕ бынысӕфт фӕкӕндзысты (Раргомад 17:1, 15—18). Афтӕмӕй спектаклы ныв цӕхгӕр фӕивдзӕн: Сайтаны паддзахад йӕхимидӕг фӕдих уыдзӕн, ӕддӕг-мидӕг ауайдзӕн, ӕмӕ йӕ бауромын Сайтаны бон нӕ бауыдзӕн (Матфейы 12:25, 26). Иегъовӕ зӕххон паддзӕхты зӕрдӕты бавӕрдзӕн «Йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын» — зӕхх йӕ ныхмӕлӕууӕг дингӕнджытӕй ссыгъдӕг кӕнын. Мӕнг дин куы фесӕфа, уӕд Йесо Чырысти йӕ уӕларвон ӕфсӕдтимӕ рацӕудзӕн, Сайтаны организацийӕ ма цы баззайа, уый ныддӕрӕн кӕнынмӕ, ома базаргӕнджытӕ ӕмӕ политикты цӕгъдынмӕ. Фӕстагмӕ Сайтан йӕхӕдӕг дӕр ахст ӕрцӕудзӕн. Ууыл сценӕйы ӕмбӕрзӕн бахгӕндзӕн, ӕмӕ рагӕй цы пьесӕ цыд, уый фӕуыдзӕн (Раргомад 16:14—16; 19:11—21; 20:1—3).

15, 16. «Ӕмгъуыд [кӕй] ӕрцыбыр», уымӕ гӕсгӕ нӕ цы кӕнын хъӕуы?

15 Кӕд ӕрцӕудзысты ацы хабӕрттӕ? Мах нӕдӕр бон зонӕм, нӕдӕр сахат (Матфейы 24:36). Фӕлӕ иу хъуыддаг бӕлвырд у — «ӕрцыбыр ис ӕмгъуыд» (1 Коринфӕгтӕм 7:29НФ). Уымӕ гӕсгӕ нын цы рӕстӕг баззад, уый хъуамӕ дзӕгъӕлы ма сафӕм. Ома? Апостол Павел куыд дзырдта, афтӕмӕй хъуамӕ гыццыл хъуыддӕгты хардзӕй «ӕмбӕлон рӕстӕг ӕлхӕнӕм» (НД) ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕн ӕмӕ алы бонӕн дӕр аргъ кӕнӕм. Цӕмӕн? «Уымӕн ӕмӕ бонтӕ хинӕйдзаг сты». Ӕмӕ-иу, «Хуыцауы фӕндон» куы базонӕм, уӕд нын цы цыбыр рӕстӕг баззад, нӕ зынаргъ рӕстӕг, уый дзӕгъӕлы ма хардз кӕнӕм (Ефесӕгтӕм 5:15—17; 1 Петры 4:1—4).

16 Ацы дуне кӕй сӕфдзӕн, уый зонгӕйӕ мах та цы кӕнын хъӕуы? Апостол Петр нын ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Кӕд адон ӕппӕт афтӕ фехӕлдзысты, уӕд цавӕр сыгъдӕг царды ӕмӕ хорз намысы [«Хуыцауы ӕфсармы», НФ] ӕмбӕлы уӕвын сымахӕн» (2 Петры 3:11). Гъе ахӕм адӕймӕгтӕ хъуамӕ уӕм! Петры зондджын уынаффӕмӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй 1) сыгъдӕг цард кӕнӕм ӕмӕ 2) Иегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй.

17. Сайтаны къӕппӕджытӕй кӕцытӕй хъуамӕ хъахъхъӕной сӕхи иузӕрдион чырыстӕттӕ?

17 Хуыцауы куы уарзӕм, уӕд нын дунейы цыбӕлтӕ нӕ зӕрдӕ сӕхимӕ не скъӕфдзысты. Ацы дунейы сомбон хынцгӕйӕ хъуамӕ кӕсӕм, цӕмӕй нӕ нӕ зӕрдӕ ацы монцуарзаг дунейы удӕхцондзинӕдтӕ ӕмӕ ӕхсызгондзинӕдты ’рдӕм ласын ма байдайа. Стӕй кӕд дунейы цӕрӕм ӕмӕ кусӕм, уӕддӕр нӕ алы хатт дӕр нӕ зӕрдыл дарын хъӕуы иу зондджын уынаффӕ: «Ацы дунейӕ пайдагӕнджытӕ, куыд нӕ пайдагӕнджытӕ [ут]» (1 Коринфӕгтӕм 7:31). Хъуамӕ нӕхи адӕмы пропагандӕйӕ тынг хъахъхъӕнӕм, ма фӕсайды уӕм. Ацы дунейы адӕм цард нӕ фӕхуыздӕр кӕндзысты, стӕй ацы дуне ӕнусон нӕу. Афтӕ ныфсджынӕй цӕмӕн дзурӕм? Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы дзырдӕуы: «Дуне дӕр фӕивгъуыйы, ӕмӕ йӕ фӕндон дӕр, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг уыдзӕн мыггагмӕ» (1 Иоанны 2:17).

Алӕмӕты цард разӕй ис!

18, 19. Ног дунейы цавӕр ивддзинӕдтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсыс ӕмӕ дӕ каст дзӕгъӕлы цӕуылнӕ уыдзӕн?

18 Иегъовӕ тагъд Сайтан ӕмӕ йӕ хъузӕтты фесафдзӕн. Уый фӕстӕ, ацы дунейы кӕрон удӕгасӕй чи баззайа, уыдон сценӕйы «фӕлындтӕ», кӕнӕ «декорацитӕ», Хуыцауы ӕххуысӕй ивын райдайдзысты,— уыцы ивддзинӕдтӕ та уыдзысты мыггагмӕ. Зӕххыл хӕст никуыуал уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау «банцайын кӕндзӕн хӕст дунейӕн йӕ [иу] кӕронӕй йӕ [иннӕ] кӕронмӕ» (Псалом 45:10МГТ). Уыдзӕн «хъӕздыг хорӕрзад зӕххыл», ӕххормаг ничиуал ӕййафдзӕн (Псалом 71:16). Ахӕстӕттӕ, милицӕ, пъӕлицӕ, ӕхсины низтӕ, наркободзтӕ, ӕмкъайад хицӕнгӕнӕг тӕрхондӕттӕ ӕмӕ террористтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн, стӕй афтӕ нӕ уыдзӕн, ӕмӕ исчи уынджы къӕйыл афтид армӕй аззайа (Псалом 36:29; Исай 33:24; Раргомад 21:3—5).

19 Зӕрдылдарӕн зӕппӕдзты ничиуал уыдзӕн ӕмӕ сценӕйыл фӕзындзӕн миллиардгай ног архайджытӕ — чи райгас уа, уыдон. Иу фӕлтӕр иннӕ фӕлтӕримӕ куы фембӕла, стӕй йӕ ахсджиӕгты райгасмӕ рагӕй чи ӕнхъӕлмӕ каст, уыдон кӕрӕдзийӕн куы хъӕбыстӕ кӕной, уӕд бӕстӕ цинӕй байдзаг уыдзӕн. Ӕппынфӕстаг алы адӕймаг дӕр кувдзӕн Иегъовӕйӕн (Раргомад 5:13). Ивддзинӕдтӕ куы фӕуой, уӕд та театры ӕмбӕрзӕн байгом уыдзӕн ӕмӕ разындзӕн зӕххыл дзӕнӕт. Уыцы нывмӕ куы кӕсай, уӕд дӕм дӕ зӕрдӕ цы сдзурдзӕн? Дзырд дӕр ыл нӕй, фырцинӕй зӕгъдзынӕ: «Цас ӕнхъӕлмӕ кастӕн ацы бонмӕ! Ӕмӕ мӕ каст дзӕгъӕлы нӕ уыд!»

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 4 абз. Иннӕ ран та Павел сӕрст чырыстӕтты тыххӕй дзуры, зӕгъгӕ, дам, нӕм «дуне дӕр, зӕдтӕ дӕр ӕмӕ адӕм дӕр кӕсынц циркмӕ кӕсӕгау» (1 Коринфӕгтӕм 4:9НД).

^ 4 абз. Цӕвиттонӕн, Данелы 11:40, 44, 45 стихтӕ цы «цӕгатаг паддзахы» кой кӕнынц, уый тыххӕй бӕлвырд хабӕрттӕ базонӕн ис чиныг «Хъусут Данелы пехуымпарадмӕ»-йӕ, 280, 281 фӕрстӕ (уыр.).

^ 6 абз. Библи йӕхӕдӕг ӕвдисы, н. э. агъоммӕ 537 азы дзуттӕгтӕ уацарӕй куы раздӕхтысты, уымӕй 70 азы размӕ кӕй ныппырх кодтой Иерусалим (Иереми 25:11, 12; Данелы 9:1—3). «Адӕмтӕн нысангонд рӕстӕджыты» тыххӕй бӕлвырддӕр базондзынӕ чиныгӕй, «Бӕлвырдгӕнӕнтӕ Фыстадӕй», зӕгъгӕ, 95—97 фф. (англ.); мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Апостол Павелы ныхӕстӕ «ивы ацы дунейы фӕлгонц» куыд ӕххӕст кӕнынц?

• Библийы азнымадмӕ гӕсгӕ «адӕмтӕн нысангонд рӕстӕджыты» кӕрон куыд бӕлвырд кӕны?

• Дунейы цы ивддзинӕдтӕ цӕуы, уыдон куыд ӕвдисынц, 1914 азӕй «рӕстӕджыты фӕуд» кӕй райдыдта, уый?

• «Ӕмгъуыд [кӕй] ӕрцыбыр», уымӕ гӕсгӕ нӕ цы кӕнын хъӕуы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 30 фарсыл]

Сусӕггад раргом!