Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы стырад у ӕнӕраиртасгӕ

Иегъовӕйы стырад у ӕнӕраиртасгӕ

Иегъовӕйы стырад у ӕнӕраиртасгӕ

«Стыр у Хицау [«Иегъовӕ», НД] ӕмӕ ӕппӕлыны аккаг, ӕмӕ Йӕ стырад у ӕнӕраиртасгӕ» (ПСАЛОМ 144:3).

1, 2. Цавӕр адӕймаг уыд Давид ӕмӕ йын Хуыцауы раз цы бынат уыд, уый тыххӕй цы хъуыды кодта?

ПСАЛОМ 144 ныффыста зындгонд адӕймаг. Гыццыл лӕппу ма куы уыд, уӕд гӕрзифтонг уӕйыджы хуызӕн лӕджы ныхмӕ рацыд ӕмӕ йӕ амардта. Паддзах ӕмӕ ӕфсӕддон уӕвгӕйӕ, ацы псаломзарӕггӕнӕг фӕуӕлахиз бирӕ знӕгтыл. Йӕ ном хуынди Давид, рагон Израилы дыккаг паддзах. Давиды йӕ мӕлӕты фӕстӕ дӕр нӕ ферох кодтой, ӕмӕ ма суанг абон дӕр милуангай адӕймӕгтӕ уый тыххӕй зонынц.

2 Давиды къухы кӕд бирӕ ӕнтыстытӕ бафтыд, уӕддӕр уыд сӕрныллӕг адӕймаг. Иегъовӕйы кадӕн уый зарыд: «Куы кӕсын ӕз Дӕ ӕрвтӕм,— Дӕ ӕнгуылдзты хъуыддагмӕ, мӕй ӕмӕ стъалытӕм, кӕцыты Ды сӕвӕрдтай, уӕд цы у адӕймаг, Ды йӕ кӕй мысыс, ӕмӕ адӕймаджы фырт, Ды йӕ кӕй бӕрӕг кӕныс?» (Псалом 8:4, 5). Давид йе знӕгтыл кӕй фӕуӕлахиз, уымӕй йӕхицӕй нӕ уыд сӕрыстыр, фӕлӕ уыцы кад радта Иегъовӕйӕн ӕмӕ загъта: «Ды мын ратдзынӕ дӕ ирвӕзындзинады уарт ӕмӕ мӕ дӕ сӕрныллӕгдзинад кӕны стыр» (2 Паддзахӕдты 22:1, 2, 36). Иегъовӕ сӕрныллӕгдзинад равдисы, тӕригъӕдджынтӕн куы ныххатыр кӕны, уӕд, ӕмӕ Давид бузныг уыд Хуыцауы стыр хорзӕхӕй.

«Бӕрзонд кӕндзынӕн» Хуыцау-Паддзахы

3. а) Давид Израилы паддзахыл кӕй нымадта? ӕ) Давиды цас фӕндыд Иегъовӕйӕн арфӕ кӕнын?

3 Кӕд Давиды Хуыцау снысан кодта паддзахӕй, уӕддӕр Израилы ӕцӕг Паддзахыл уый Иегъовӕйы нымадта. Давид загъта: «Дӕу у, Иегъовӕ, паддзахад, Ды дӕ Иунӕг, дӕуӕн цӕуы алцӕуыл дӕ бар» (1 Паралипоменон 29:11). Ӕмӕ Давид ӕцӕгдӕр аргъ кодта Хуыцауӕн, куыд Хицауӕн. «Бӕрзонд кӕндзынӕн Дӕу, мӕ Хуыцау, мӕ Паддзах,— зарыд уый,— ӕмӕ арфӕ кӕндзынӕн Дӕ номӕн ӕнустӕй-ӕнустӕм. Алыбон [«ӕнӕхъӕн бон», НД] арфӕ кӕндзынӕн Дӕу номӕн ӕмӕ ӕппӕлдзынӕн Дӕ номӕй ӕнусты ӕмӕ ӕнусты» (Псалом 144:1, 2). Давиды фӕндыд Иегъовӕ Хуыцауӕн арфӕ кӕнын ӕнӕхъӕн бон дӕр ӕмӕ ӕнусты дӕр.

4. 144 псалом цавӕр мӕнг ныхӕстӕ ӕргом кӕны?

4 144 псалом фидар дзуапп дӕтты Сайтаны ныхӕстӕн, зӕгъгӕ, Хуыцау хиуарзон хицау у ӕмӕ йе сфӕлдисондтӕн сӕрибардзинад нӕ дӕтты (Уӕвынад 3:1—5). Ацы псалом ма ӕргом кӕны Сайтаны мӕнгдзинад, ома Хуыцауы коммӕ чи кӕсы, уыдон уый аразынц, Хуыцауы кӕй уарзынц уымӕн нӕ, фӕлӕ ӕнхъӕлцауӕй (Иов 1:9—11; 2:4, 5). Давидау ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр дзуапп дӕттынц Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕн. Уыдон стыр аргъ кӕнынц Паддзахады дӕлбар ӕнустӕм цӕрыны ныфсӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕнды Иегъовӕйы ӕнустӕм кадджын кӕнын. Ныридӕгӕн афтӕ кӕнынц милуантӕ: уыдон хъуыддагӕй ӕвдисынц, Йесойы ӕлхӕнӕг нывондыл кӕй ӕууӕндынц, уый ӕмӕ Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц ӕнувыдӕй, уарзтӕйдзаг зӕрдӕйӕ, нывонддзырд ын радтой ӕмӕ аргъуыд райстой, афтӕмӕй (Ромӕгтӕм 5:8; 1 Иоанны 5:3).

5, 6. Цавӕр гӕнӕнтӕ нын ис Иегъовӕйӕн арфӕ кӕнынӕн ӕмӕ уый кадджын кӕнынӕн?

5 Ахъуыды ма кӕн, махӕн, йӕ лӕггадгӕнджытӕн, цас гӕнӕнтӕ ис Иегъовӕйӕн арфӕ кӕнынӕн ӕмӕ йӕ кадджын кӕнынӕн. Уымӕн иу хорз мадзал у кувын, зӕгъӕм, йӕ Ныхас Библийы цы бакӕсӕм, уый нӕ зӕрдӕйыл арф куы сӕмбӕлы, уӕд. Хуыцауы ном бӕрзонд кӕнын ӕмӕ йын бузныг дзурын нӕ бон у, Хуыцау йӕ адӕммӕ цы ахаст дары, уый нын нӕ зӕрдӕтӕ куы бацагайы, кӕнӕ та нӕ йӕ алӕмӕты сконд дунейӕ исты дисы куы бафтауы, уӕд. Мах ма Иегъовӕ Хуыцауӕн арфӕ кӕнӕм, чырыстон фембӕлдты дӕр ӕмӕ ӕнӕуи дӕр не ’мчырыстӕттимӕ йӕ фӕндтыл куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд. Уӕдӕ Хуыцауы Паддзахады номыл цы «хорз хъуыддӕгтӕ» аразӕм, уыдон иууылдӕр кад хӕссынц Иегъовӕйӕн (Матфейы 5:16).

6 А-фӕстаг рӕстӕджы ахӕм хорз хъуыддӕгты цӕвиттонтӕ сты, Иегъовӕйы адӕм мӕгуыр бӕстӕты чырыстон фембӕлдтӕ уадзынӕн цы бирӕ агъуыстытӕ сарӕзтой, уыдон. Уыцы хъуыддагӕн йӕ фылдӕр хай арӕзт ӕрцыд, ӕндӕр бӕстӕты цӕрӕг ӕфсымӕртӕ ӕхцайӕ кӕй баххуыс кодтой, уый фӕрцы. Иуӕй-иу чырыстӕттӕ та барвӕндон кусджытӕй ацыдысты ахӕм рӕттӕм Паддзахады залтӕ аразынмӕ. Ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕй ӕппӕты ахсджиагдӕр та у Иегъовӕйы кадджын кӕнын, йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусынгӕнгӕйӕ (Матфейы 24:14). 144 псаломы дарддӕры стихтӕй бӕрӕг у, Давид Хуыцауӕн — Хицау ӕмӕ Паддзахӕн — кӕй аргъ кодта ӕмӕ йӕ кӕй бӕрзонд кодта (Псалом 144:11, 12). Ды дӕр афтӕ аргъ кӕныс, Хуыцау ахӕм уарзӕгой хицау кӕй у, уымӕн? Ӕппынӕдзух адӕмимӕ йӕ Паддзахады тыххӕй ныхас кӕныс?

Хуыцауы стырады дӕнцӕгтӕ

7. Зӕгъ, Иегъовӕйы сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ кадджын кӕнӕм.

7 Псаломы 144:3 нын амоны, Иегъовӕйы сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ кадджын кӕнӕм, уый. Давид зары: «Стыр у Хицау [«Иегъовӕ», НД] ӕмӕ ӕппӕлыны аккаг, ӕмӕ Йӕ стырад у ӕнӕраиртасгӕ». Иегъовӕйы стырад у ӕгӕрон. Адӕм уый кӕронмӕ никуы базондзысты, никуы йӕ бамбардзысты ӕмӕ йӕ никуы сбардзысты. Фӕлӕ махӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕахъаз уыдзӕн Иегъовӕйы ӕнӕраиртасгӕ стырады дӕнцӕгтӕм ӕркӕсын.

8. Дун-дуне куыд ӕргом кӕны Иегъовӕйы тых ӕмӕ стырад?

8 Дӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕн, горӕты цырӕгъты рухсытӕй куы адард дӕ ӕмӕ ирд ӕхсӕв арвмӕ куы кастӕ. Сӕнтсау арвыл цы дуне стъалытӕ ӕрттывта, уыдон дӕ дисы не ’фтыдтой? Нӕ дӕ бафӕндыд Иегъовӕйы скадджын кӕнын, ӕппӕт уыцы ӕрвон буӕрттӕ сфӕлдисгӕйӕ цы стырад равдыста, уый тыххӕй? Фӕлӕ ды цы стъалытӕ федтай, уыдон, Зӕхх цы галактикӕйы ис, уымӕн сты ӕрмӕстдӕр йӕ гыццылмур хай. Уымӕй уӕлдай ма, куыд банымадтой, уымӕ гӕсгӕ Дун-дунейы сӕдӕ миллиард галактикӕйӕ фылдӕр ис, ӕмӕ дзы ӕрмӕстдӕр ӕртӕ у нӕ бон фенын ӕнӕ телескопӕй. Ӕцӕгдӕр, нӕ ӕгӕрон Дун-дунейы цы ӕнӕнымӕц стъалытӕ ӕмӕ галактикӕтӕ ис, уыдон ӕвдисӕн сты Иегъовӕйы аразӕг тых ӕмӕ ӕнӕраиртасгӕ стырадӕн (Исай 40:26).

9, 10. а) Йесо Чырыстиимӕ баст хъуыддӕгты Иегъовӕйы стырады фӕзилӕнтӕй цавӕртӕ рабӕрӕг сты? ӕ) Куыд хъуамӕ фӕзына Йесойы райгасы хабар нӕ уырнындзинадыл?

9 Ӕркӕсӕм Иегъовӕйы стырадмӕ Йесо Чырыстиимӕ баст хъуыддӕгты дӕр. Хуыцауы стырад рабӕрӕг, йӕ Фырты кӕй сфӕлдыста ӕмӕ миллиардгай азты дӕргъы йемӕ «дӕсны кусӕг» кӕй уыд, уымӕй (Ӕмбисӕндтӕ 8:22—31). Иегъовӕ йе стыр уарзт равдыста, йӕ иунӕггуырд Фырты адӕмы сӕрвӕлтау нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй (Матфейы 20:28; Иоанны 3:16; 1 Иоанны 2:1, 2). Адӕймагӕн уӕлдай зын бамбарӕн та уый у, ӕмӕ Иегъовӕ Йесойы куы райгас кодта, уӕд ын кадджын ӕнӕмӕлгӕ монон буар кӕй радта (1 Петры 3:18).

10 Иегъовӕ Йесойы кӕй райгас кодта, уый дзурӕг у Иегъовӕйы ӕнӕраиртасгӕ стырады диссаджы фӕзилӕнтыл. Дзырд дӕр ыл нӕй, Хуыцау Йесойӕн фӕстӕмӕ йӕ зӕрдыл кӕй ӕрлӕууын кодта, уынгӕ ӕмӕ ӕнӕуынгӕ цы у, уыдон сфӕлдисынӕн ын куыд ӕххуыс кодта, уыцы хабӕрттӕ (Колоссӕгтӕм 1:15, 16). Уыдонмӕ хауынц иннӕ уӕларвон удгоймӕгтӕ, Дун-дуне, нӕ хъӕздыг Зӕхх ӕмӕ йыл цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон. Уыимӕ ма, Фырт цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ уӕлӕрвты ӕмӕ зӕххы тыххӕй цыдӕриддӕр базыдта, уый, стӕй ма Иегъовӕ Йесойы зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ӕххӕст адӕймаг уӕвгӕйӕ цы бавзӕрста, уыцы мысинӕгтӕ дӕр. О, Иегъовӕйы ӕнӕраиртасгӕ стырад, бӕгуыдӕр, зыны Йесойы райгасы хабары. Уымӕй уӕлдай, ацы ӕрдхӕрӕны хъуыддаг ууыл дзурӕг у, ӕмӕ иннӕтӕ дӕр кӕй райгас уыдзысты. Уый нын хъуамӕ не ’ууӕнк бафидар кӕна, Хуыцауӕн йӕ ӕххӕст хъуыдыйы цы милуангай адӕм ис, уыдоны цардмӕ раздахын йӕ бон кӕй у, ууыл (Иоанны 5:28, 29; Куыстытӕ 17:31).

Диссаг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ стыр тых

11. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон Иегъовӕ цавӕр стыр хъуыддаг райдыдта аразын?

11 Йесойы райгасы фӕстӕ ма Иегъовӕ бирӕ ӕндӕр стыр ӕмӕ диссаг хъуыддӕгтӕ сарӕзта (Псалом 39:6). Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон Иегъовӕ равзӕрын кодта ног адӕм — «Хуыцауы Израил», уыдон уыдысты Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ, сыгъдӕг удӕй сӕрст чи ӕрцыд, уыдон (Галатӕгтӕм 6:16). Ацы ног хъомысджын монон адӕм хӕлиу кодтой, уӕд зындгонд цы дуне уыд, уым. Йесойы апостолты мӕлӕты фӕстӕ кӕд бирӕтӕ раст дин ныууагътой ӕмӕ чырыстон дуне сӕвзӕрд, уӕддӕр Иегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй диссаг хъуыддӕгтӕ арӕзта.

12. Библи дунейы сӕйраг ӕвзӕгтыл кӕй ис, уый цӕуыл дзурӕг у?

12 Зӕгъӕм, Библийӕ иу чиныг дӕр нӕ фесӕфт ӕмӕ йӕ куыдфӕстагмӕ ратӕлмац кодтой зӕххыл ӕппӕт сӕйраг ӕвзӕгтӕм дӕр. Арӕх-иу Библи тӕлмац кодтой тынг зын уавӕрты ӕмӕ-иу тӕлмацгӕнджытӕн тӕссаг уыд Сайтаны хъузӕтты къухӕй мӕлӕтӕй дӕр. Дзырд дӕр ыл нӕй, Иегъовӕ Хуыцауы, ӕнӕраиртасгӕ стырады хицауы фӕндон куы нӕ уыдаид, уӕд Библи дыууӕ мин ӕвзагӕй фылдӕрмӕ тӕлмац не ’рцыдаид.

13. 1914 азӕй Иегъовӕйы стырад куыд зыны, йӕ Паддзахады руаджы кӕй ӕххӕст кӕны, уыцы фӕндты?

13 Иегъовӕйы стырад ма зыны, йӕ Паддзахады руаджы кӕй ӕххӕст кӕны, уыцы фӕндты дӕр. Зӕгъӕм, 1914 азы уый йӕ Фырты, Йесо Чырыстийы, сӕвӕрдта уӕларвон Паддзахӕй. Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Йесо схӕцыд Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытимӕ. Уыдон уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст ӕрцыдысты зӕххы арӕнтӕм ӕмӕ ныр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, ӕнӕбын арфы конд кӕд ӕрцӕудзысты, уымӕ (Раргомад 12:9—12; 20:1—3). Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесойы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ ӕмбӕлынц карздӕр фӕдылзылдыл. Фӕлӕ сын Иегъовӕ ӕххуыс кӕны, Чырысти адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы ис, уыцы рӕстӕджы (Матфейы 24:3; Раргомад 12:17).

14. 1919 азы Иегъовӕ цавӕр диссаджы хъуыддаг сарӕзта ӕмӕ уый руаджы цы ’рцыд?

14 1919 азы Иегъовӕ скодта, йе стырад кӕм зынд, ӕндӕр ахӕм диссаджы хъуыддаг. Йесойы сӕрст фӕдылдзӕуджыты, монон хъуыддӕгты чи нал архайдта, уыдоны ногӕй царды уд бауагъта (Раргомад 11:3—11). Уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕрстытӕ зынгзӕрдӕйӕ райдыдтой хъусын кӕнын, уӕлӕрвты Паддзахад ӕвӕрд кӕй ӕрцыд, уыцы хорз хабар. Ӕмбырдгонд ма ӕрцыдысты иннӕ сӕрст чырыстӕттӕ дӕр, цӕмӕй сӕ нымӕц суыдаид ӕххӕст — 144 000 (Раргомад 14:1—3). Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджыты руаджы Иегъовӕ ӕрӕвӕрдта бындур «ног зӕххӕн», рӕстаг адӕмы ӕхсӕнадӕн (Раргомад 21:1). Фӕлӕ «ног зӕххыл» цы ’рцӕудзӕн, иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ уӕлӕрвтӕм куы ацӕуой, уӕд?

15. Цавӕр хъуыддаджы исынц сӕхимӕ разамынд сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ сын цы бантыст?

15 1935 азы ацы журналы 1 ӕмӕ 15 августы номырты (англ.) мыхуыр ӕрцыдысты сӕйраг статьятӕ Раргомады 7-ӕм сӕры «тынг бирӕ адӕмы» фӕдыл. Сӕрст чырыстӕттӕ зынгзӕрдӕйӕ райдыдтой агурын ӕмӕ сӕхимӕ ӕмбырд кӕнын се ’муырнджыты алы адӕмыхӕттытӕй, фӕлтӕртӕй, адӕмтӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй. Ацы «тынг бирӕ адӕм» фервӕздзысты ӕрхӕстӕггӕнӕг «стыр бӕллӕхы» (НД) ӕмӕ ӕнустӕм цӕрдзысты Дзӕнӕты, уыдзысты «ног зӕххы» цӕрджытӕ (Раргомад 7:9—14). Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны куысты руаджы (сӕрст чырыстӕтты разамындӕй) ныр зӕххыл 6 милуан адӕймагӕй фылдӕрӕн ис ӕнӕкӕрон царды ныфс дзӕнӕтон зӕххыл. Кӕд Сайтан ӕмӕ йӕ хӕлд дуне ацы куысты ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр Хуыцауы адӕм кӕй фылдӕр кӕнынц, уый тыххӕй кад кӕмӕ ӕмбӕлы? (1 Иоанны 5:19). Ӕппӕт уыдӕттӕ йӕ бон саразын уыд ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйӕн йӕ сыгъдӕг удӕй (Исай 60:22; Захари 4:6).

Иегъовӕйы бӕрзонд стырад ӕмӕ кад

16. Адӕмӕн сӕ бон цӕуылнӕ у сӕхи цӕстӕй фенын Иегъовӕйы «бӕрзонд кады стырад»?

16 Иегъовӕйы «диссаг хъуыддӕгтӕ» ӕмӕ йе «стыр тыхы» бӕлвырдгӕнӕнтӕй иу дӕр рох никуы ӕрцӕудзӕн. Давид фыста: «Фӕлтӕр фӕлтӕрӕн ӕппӕлдзӕн Дӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ хъусын кӕндзӕн Дӕ стыр тыхы тыххӕй. Ӕз та хъуыды кӕндзынӕн Дӕ бӕрзонд кады стырады тыххӕй ӕмӕ Дӕ диссаг хъуыддӕгты тыххӕй. Дзурдзысты Дӕ стыр тыхы тӕссаг хъуыддӕгты тыххӕй, ӕз дӕр хъусын кӕндзынӕн Дӕ стырады тыххӕй» (Псалом 144:4—6). Фӕлӕ Давид цас зыдтаид Иегъовӕйы бӕрзонд стырады тыххӕй, кӕд ӕмӕ «Хуыцау Уд у» ӕмӕ йӕ адӕймагӕн йӕ бон фенын нӕу? (Иоанны 1:18; 4:24НФ).

17, 18. Давид Иегъовӕйы бӕрзонд кады стырадӕй аргъуыц цӕй фӕрцы ӕнкъардта?

17 Кӕд Давидӕн йӕ бон нӕ уыд Хуыцауы фенын, уӕддӕр йӕ бон уыд аргъуыц кӕнын Иегъовӕйы кадӕй. Цӕвиттонӕн йӕ бон уыд Фыстыты кӕсын Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй, зӕгъӕм, ӕппӕтдунеон доны хъаймӕты фыддуне куыд фесӕфта, уый тыххӕй. Ӕвӕццӕгӕн Давид зыдта, Хуыцау израилӕгты египетӕгты цагъарадӕй ирвӕзынгӕнгӕйӕ, египетӕгты хуыцӕутты куыд ныххудинаг кодта, уый. Ахӕм цаутӕ бӕлвырд кӕнынц Иегъовӕйы кад ӕмӕ стырад.

18 Дзырд дӕр ыл нӕй, Давид Хуыцауы кадӕй аргъуыц кӕй кодта, канд Фыстытӕ кӕсгӕйӕ нӕ, фӕлӕ ма сыл хъуыдыгӕнгӕйӕ дӕр. Зӕгъӕм, йӕ бон уыд хъуыды кӕнын, Хуыцау израилӕгтӕн Закъон куы лӕвӕрдта, уӕд цы цаутӕ ӕрцыд, уыдӕттыл. Арв нӕрыди, ӕрттывта, сау мигъ ныббадт ӕмӕ сыкъайы тыхджын уасын дардыл хъуысти. Синайы хох ӕнкъуысыд ӕмӕ дзы фӕздӕг цыд. Хохы рӕбын ӕрӕмбырдуӕвӕг израилӕгтӕ ма арт ӕмӕ мигъӕй суанг хъусгӕ дӕр фӕкодтой, Иегъовӕ зӕды дзыхӕй цы «дӕс ныхасы» загъта, уыдон (Дыккаг закъон 4:32—36; 5:22—24; 10:4; Рацыд 19:16—20; Куыстытӕ 7:38, 53). Цӕй диссаджы хуызы равдыста Иегъовӕ йе стырад! Хуыцауы Ныхас чи уарзы ӕмӕ ацы цаутыл чи хъуыды кӕны, уыдонӕн Иегъовӕйы бӕрзонд кады стырад сӕ зӕрдӕтӕ ӕнӕмӕнгдӕр бацагайдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, абон махмӕ ис ӕнӕхъӕн Библи ӕмӕ дзы ис, Иегъовӕйы стырад бамбарынӕн нын чи ӕххуыс кӕны, бирӕ ахӕм кады цӕстылуайӕнтӕ (Иезекил 1:26—2:1; Данелы 7:9, 10; Раргомад, 4-ӕм сӕр).

19. Иегъовӕйы кадӕй аргъуыц тынгдӕр цӕй фӕрцы ӕнкъардзыстӕм?

19 Давид ма Хуыцауы кадӕй аргъуыц кодта, Хуыцау израилӕгтӕн цы закъӕттӕ радта, уыдон иртасгӕйӕ дӕр (Дыккаг закъон 17:18—20; Псалом 18:8—12). Израилы адӕм Иегъовӕйы закъӕттӕ кӕй ӕххӕст кодтой, уый фӕрцы сӕ уаг ӕмӕ се ’гъдауӕй бӕрӕг дардтой ӕмӕ иннӕ адӕмтимӕ нӕ хӕццӕ кодтой (Дыккаг закъон 4:6—8). Уӕдӕ Фыстытӕ иудадзыг куы кӕсӕм, арф сыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ сӕ лӕмбынӕг куы ахуыр кӕнӕм, уӕд Давидау мах дӕр Иегъовӕйы кадӕй тынгдӕр аргъуыц кӕндзыстӕм.

Куыд ӕвӕджиау сты Хуыцауы миниуджытӕ!

20, 21. а) Псаломы 144:7—9 стихты Иегъовӕйы стырад цавӕр миниуджытӕ бӕрзонд кӕнынц? ӕ) Хуыцауы чи уарзы, уыдон цы хъуыды кӕнынц, уӕлдӕр цы миниуджыты кой ракодтам, уыдоны тыххӕй?

20 Уӕлдӕр куыд банысан кодтам, афтӕмӕй 144 псаломы фыццаг ӕхсӕз стихы ис бӕлвырдгӕнӕнтӕ Иегъовӕйы ӕнӕраиртасгӕ стырадимӕ баст кады аккаг хъуыддӕгтӕн. 7—9 стихтӕ бӕрзонд кӕнынц Хуыцауы стырад, йӕ удыхъӕды миниуджытӕ йын кӕй ӕргом кӕнынц, уый руаджы. Давид зарыд: «Хъусын кӕндзысты Дӕ стыр хорздзинады мысындзинад ӕмӕ зардзысты Дӕу рӕстад. Рӕдау ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у Хицау, бирӕфӕразон ӕмӕ бирӕхорзӕхджын [«мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, стыр у йӕ ӕнувыд уарзтӕй», НД]. Хорз у Хицау ӕппӕтмӕ, ӕмӕ Йӕ рӕдаудзинӕдтӕ Йӕ ӕппӕт хъуыддӕгтыл».

21 Ам Давид фыццаг дзуры Иегъовӕйы хорздзинад ӕмӕ рӕстадыл, ома рӕстдзинадыл — Сайтан Хӕйрӕг дызӕрдыггаг цы миниуджытӕ скодта, уыдоныл. Цы хъуыды кӕнынц ацы миниуджыты тыххӕй, Хуыцауы чи уарзы ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕсы, ӕппӕт уыцы адӕм? Иегъовӕйы хорздзинад ӕмӕ йӕ рӕстаг хицаудзинад йӕ лӕггадгӕнджытӕн уыйбӕрц циндзинад хӕссынц, ӕмӕ йӕ ма кадджын кӕной, уый сӕ бон нӕу. Уымӕй уӕлдай ма Иегъовӕйы хорздзинад ӕххӕссы се ’ппӕтыл дӕр. Ныфс нӕ ис, уый ма бирӕтӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн ӕрфӕсмон кӕнынӕн ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын райдайынӕн, цалынмӕ ӕгӕр нӕ байрӕджы, уӕдмӕ (Куыстытӕ 14:15—17).

22. Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм цавӕр зӕрдӕ дары?

22 Давид ма аргъ кодта, Хуыцау йӕхӕдӕг цы миниуджыты тыххӕй загъта, уыдонӕн — «[Моисейы] рӕзты ацыд ӕмӕ загъта: „Иегъовӕ, Иегъовӕ у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йӕ ӕнувыд уарзт ӕмӕ йӕ рӕстдзинад“» (Рацыд 34:6). Уымӕ гӕсгӕ Давидӕн дӕр йӕ бон уыд зӕгъын: «Рӕдау ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у Хицау, бирӕфӕразон ӕмӕ бирӕхорзӕхджын [«мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, стыр у йӕ ӕнувыд уарзтӕй», НД]». Кӕд Иегъовӕйӕн йе стырад ӕнӕраиртасгӕ у, уӕддӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕн кад кӕны, фӕлмӕнзӕрдӕ сӕм кӕй у, уымӕй. Уый тынг тӕригъӕдгӕнаг у, ӕмӕ цӕттӕ у, сӕ рӕдыдтытыл цы тӕригъӕдджынтӕ ӕрфӕсмон кӕнынц, уыдонӕн ныххатыр кӕнынмӕ Йесойы ӕлхӕнӕг нывонды бындурыл. Иегъовӕ ма ноджы мӕсты кӕнынмӕ дӕр нӕ тагъд кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн дӕтты фадат, цӕмӕй сӕ рӕстаг ног дунемӕ бацӕуынӕн чи бахъыгдардтаид, уыцы лӕмӕгъдзинӕдтыл фӕуӕлахиз уой (2 Петры 3:9, 13, 14).

23. Иннӕ статьяйы цавӕр диссаджы миниуӕгыл ӕрдзурдзыстӕм?

23 Давид бӕрзонд кӕны Хуыцауы ӕнувыд уарзт. 144 псаломӕй ма цы хай баззад, уым дзырд цӕуы, Иегъовӕ ацы миниуӕг куыд ӕвдисы ӕмӕ йын йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ йӕ ӕнувыд уарзтӕн куыд аргъ кӕнынц, ууыл. Уыдӕттыл ӕрдзурдзыстӕм иннӕ статьяйы.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цавӕр гӕнӕнтӕ нын ис Иегъовӕйы «ӕнӕхъӕн бон» кадджын кӕнынӕн?

• Цавӕр цӕвиттонтӕй бӕлвырд кӕны, Иегъовӕйы стырад ӕнӕраиртасгӕ кӕй у, уый?

• Иегъовӕйы бӕрзонд кады стырадӕй нӕ бон куыд у тынгдӕр аргъуыц кӕнын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 8 фарсыл]

Нӕ Дун-дунейы галактикӕтӕ ӕвдисӕн сты Иегъовӕйы стырадӕн.

[Барлӕвӕрдӕй]

Courtesy of Anglo-Australian Observatory, photograph by David Malin

[Ныв 10 фарсыл]

Куыд зыны Иегъовӕйы стырад Йесо Чырыстиимӕ баст хъуыддӕгты?