Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ стыр у йӕ ӕнувыд уарзтӕй

Иегъовӕ стыр у йӕ ӕнувыд уарзтӕй

Иегъовӕ стыр у йӕ ӕнувыд уарзтӕй

«Иегъовӕ... стыр у йӕ ӕнувыд уарзтӕй» (ПСАЛОМ 144:8, НД).

1. Хуыцауы уарзондзинад кӕуылты ӕххӕссы?

«ХУЫЦАУ у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ ӕвдисынц, Иегъовӕйы хицаудзинад кӕй ӕнцайы уарзондзинадыл. Ахъуыды ма кӕн, уый уарзӕгой кӕй у, уымӕ гӕсгӕ суанг йӕ коммӕ чи нӕ кӕсы, уыцы адӕмыл дӕр хур кӕсын кӕны ӕмӕ сын къӕвдатӕ ӕрвиты! (Матфейы 5:44, 45). Хуыцау адӕмы кӕй уарзы, уый фӕрцы йе знӕгтӕн дӕр сӕ бон у ӕрфӕсмон кӕнын, уымӕ раздӕхын ӕмӕ ӕнустӕм цӕрын (Иоанны 3:16). Фӕлӕ рӕхджы Иегъовӕ скуынӕг кӕндзӕн ӕнӕсӕттон фыдгӕнджыты, цӕмӕй йӕ чи уарзы, уыдон рӕстаг ног дунейы ӕнусон цардӕй сӕ мондӕгтӕ суадзой (Псалом 36:9—11, 29; 2 Петры 3:13).

2. Иегъовӕ, йӕхи йын чи снывонд кодта, уыдоны цавӕр уарзтӕй уарзы?

2 Иегъовӕйӕн йӕ ӕцӕг кувджытӕ тынг зынаргъ сты, уарзы сӕ ӕгӕрон уарзтӕй. Ахӕм уарзондзинад радӕттӕн ис дзуттаг дзырдӕй, тӕлмац цӕуы «ӕнувыд уарзтӕй». Рагон Израилы паддзах Давид ӕппӕт зӕрдӕйӕ аргъ кодта Хуыцауы ӕнувыд уарзтӕн. Давид йӕхи цардӕй цы базыдта, стӕй Хуыцау иннӕ адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта, ууыл кӕй хъуыды кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд ныфсджынӕй зарын: «Иегъовӕ... стыр у йӕ ӕнувыд уарзтӕй» (Псалом 144:8НД).

Куыд ис базонӕн Хуыцауы иузӕрдион адӕмы

3, 4. а) 144 псалом нын куыд ӕххуыс кӕны Иегъовӕйы иузӕрдион адӕмы базонынӕн? ӕ) Хуыцауӕн йӕ иузӕрдион адӕм куыд «арфӕ кӕнынц»?

3 Иегъовӕ Хуыцауы тыххӕй пехуымпар Самуилы мад Аннӕ загъта: «Уый хъахъхъӕны йӕ иузӕрдион адӕмы къӕхтӕ» (1 Паддзахӕдты 2:9). Чи сты уыцы «иузӕрдион адӕм»? Дзуапп нын дӕтты паддзах Давид. Иегъовӕйы ӕвӕджиауы миниуджытӕ сбӕрзондгӕнгӕйӕ, уый загъта: «Арфӕ кӕнӕнт Дӕуӕн Дӕ сыгъдӕджытӕ [«иузӕрдион адӕм», НД]» (Псалом 144:10). Фӕлӕ адӕмӕн сӕ бон куыд у Хуыцауӕн арфӕ кӕнын? Сӕйраджыдӕр уый кадджынгӕнгӕйӕ ӕмӕ диссаджы Хуыцау кӕй у, уый тыххӕй дзургӕйӕ.

4 Уӕдӕ Иегъовӕйы иузӕрдион адӕмы растдӕр уымӕй ис базонӕн. Сӕ хӕлӕрттимӕ кӕнӕ та чырыстон фембӕлдты сӕйраджыдӕр цӕуыл фӕныхас кӕнынц? Ӕнӕмӕнгдӕр, Иегъовӕйы Паддзахадыл! Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр разы сты Давидимӕ, уый зарыд: «Уадз хъусын кӕнӕнт Дӕ [Иегъовӕйы] паддзахады кад, ӕмӕ уац хӕссӕнт Дӕ стыр хъомысы тыххӕй» (Псалом 144:11).

5. Иегъовӕйӕн йӕ иузӕрдион адӕм йӕ хорзы кой куы фӕкӕнынц, уымӕ йӕ хъус кӕй дары, уый кӕцӕй зонӕм?

5 Цымӕ Иегъовӕйы йӕ иузӕрдион адӕм куы фӕкадджын кӕнынц, уӕд сӕм йӕ хъус фӕдары? О, уый хъусы, цы дзурынц, уымӕ. Нӕ рӕстӕджы раст динмӕ цы пехуымпарад хауы, уым Малахи фыста: «Уыцы рӕстӕг, Иегъовӕйы тас кӕмӕ уыд, уыдон ныхас кодтой, алчидӕр йе ’мбалимӕ, Иегъовӕ та йӕ хъус дардта ӕмӕ хъуыста. Ӕмӕ Иегъовӕйӕ чи тӕрсы ӕмӕ йын йӕ номыл чи хъуыды кӕны, уыдоны тыххӕй райдыдтой йӕ разы зӕрдылдарӕн чиныг фыссын» (Малахи 3:16). Иегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, йӕ иузӕрдион адӕм ын йӕ хорзы кой куы фӕкӕнынц, ӕмӕ сӕ йӕ зӕрдыл бадары.

6. Цавӕр хъуыддагӕй ис базонӕн Хуыцауы иузӕрдион адӕмы?

6 Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ма базонӕн ис, ӕцӕг Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонимӕ ныфсджынӕй ныхас кӕнын кӕй райдайынц, уымӕй дӕр. Ӕцӕгдӕр, уыдон «базонын кӕнынц адӕймӕгты фырттӕн [Хуыцауы] стыр хъомысы тыххӕй ӕмӕ [йӕ] паддзахады кадджын стырады тыххӕй» (Псалом 144:12). Гӕнӕн куы вӕййы, уӕд ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ Иегъовӕйы паддзахдзинады тыххӕй фӕныхас кӕныс? Тагъд чи фесӕфдзӕн, уыцы адӕмы хицӕуттӕй хъауджыдӕр йӕ паддзахдзинадӕн кӕрон никуы уыдзӕн (1 Тимофеймӕ 1:17). Адӕмы ӕвӕстиатӕй хъӕуы Иегъовӕйы ӕнусон паддзахдзинады тыххӕй базонын ӕмӕ йӕ фарс ӕрлӕууын. «Дӕ паддзахад — ӕппӕт ӕнусты паддзахад,— зарыд Давид,— ӕмӕ Дӕ ӕлдариуӕгдзинад ӕппӕт фӕлтӕрты» (Псалом 144:13).

7, 8. 1914 азы цы ’рцыд ӕмӕ цавӕр бӕлвырдгӕнӕн ис, абон Хуыцау йӕ Фырты Паддзахады фӕрцы кӕй хицауиуӕг кӕны, уымӕн?

7 1914 азы фӕзынд ног фадат Иегъовӕйы паддзахдзинады тыххӕй дзурынӕн. Уыцы аз Хуыцау уӕлӕрвты сфидар кодта Мессиайы Паддзахад, ӕмӕ йын йӕ сӕргъы паддзахӕй сӕвӕрдта Чырыстийы, Давиды Фырты. Иегъовӕ уымӕй сӕххӕст кодта йӕ зӕрдӕвӕрд, зӕгъгӕ, Давиды паддзахдзинад ӕнустӕм сфидар кӕндзынӕн (2 Паддзахӕдты 7:12, 13; Лукайы 1:32, 33).

8 Иегъовӕ абон йӕ Фырты, Йесо Чырыстийы, Паддзахады фӕрцы кӕй хицауиуӕг кӕны, уый бӕрӕг у, Йесо адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис, уый нысан кӕй ӕххӕст кӕны, уымӕй. Уыцы нысаны зынгӕдӕр хай у, Йесойы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ Хуыцауы иузӕрдион адӕм иууылдӕр цы куыст кӕндзысты, уый: «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:3—14). Хуыцауы иузӕрдион адӕм ацы пехуымпарад зынгзӕрдӕйӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый руаджы абон ӕхсӕз милуан адӕймагӕй фылдӕр — нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ — архайынц ацы стыр куысты, чи никуыуал уыдзӕн, уыцы куысты. Иегъовӕйы Паддзахады ныхмӕ чидӕриддӕр цӕуы, уыдон иууылдӕр рӕхджы куынӕггонд ӕрцӕудзысты (Раргомад 11:15, 18).

Иегъовӕйы хицаудзинад цы хорздзинӕдтӕ хӕссы

9, 10. Иегъовӕ зӕххон хицӕуттӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

9 Йӕхи Дунедарӕг Стыр Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уыдоны уый йӕ хорзӕхтӕй цух нӕ уадзы (Псалом 70:5; 115:3). Зӕгъӕм, Хуыцауы тас нӕм кӕй ис ӕмӕ рӕстдзинад кӕй кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ хайджын стӕм йӕ хорзӕхӕй ӕмӕ йӕм стӕм ӕввахс (Куыстытӕ 10:34, 35; Иаковы 4:8). Уыйхыгъд хицӕутты та арӕх фенӕн вӕййы зындгонд адӕмимӕ, зӕгъӕм, ӕфсӕддон хицӕуттимӕ, амалхъом адӕмимӕ, кӕнӕ спорт ӕмӕ эстрадӕйы «стъалытимӕ». Африкаг газет «Соуэтан»-мӕ гӕсгӕ иу зындгонд паддзахадон кусӕг йӕ бӕстӕйы мӕгуыр бынӕтты тыххӕй афтӕ загъта: «Ӕз ӕмбарын, махӕй бирӕтӕ ахӕм рӕттӕм цӕуын цӕуылнӕ уарзынц. Мах фӕнды ферох кӕнын, ахӕм уавӕр нӕм кӕй ис, уый. Худинаг нӕм фӕкӕсы ӕмӕ фӕкъӕмдзӕстыг вӕййӕм, зынаргъ [машинӕтыл] кӕй цӕуӕм, уымӕй».

10 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иуӕй-иу хицӕуттӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ архайынц, цӕмӕй сӕ бӕстӕйы адӕм хорз цӕрой. Фӕлӕ сӕ иууыл хуыздӕртӕ дӕр уыцы адӕмӕй алкӕй сӕрмагондӕй нӕ зонынц. Уӕд нӕм гӕнӕн ис фӕзына фарст: цымӕ дунейы ахӕм хицау ис, йӕ адӕмӕй алкӕуылдӕр афтӕ тынг чи тыхсы, ӕмӕ сӕ алкӕмӕдӕр зын сахат ӕвӕстиатӕй ӕххуысмӕ фӕзына? О, ис. Давид фыста: «Хицау [«Иегъовӕ», НД] ӕххуыс кӕны хауджытӕн сеппӕтӕн, ӕмӕ слӕууын кӕны дӕлӕмӕ ӕппӕрстыты иуылдӕр» (Псалом 144:14).

11. Хуыцауы иузӕрдион адӕм цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ӕмӕ цавӕр ӕххуыс райсынц?

11 Иегъовӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕнӕххӕст кӕй сты, стӕй Сайтаны, «Фыдбылызы», къухы цы дуне ис, уым кӕй цӕрынц, уымӕ гӕсгӕ арӕх фыдӕвзарӕнтӕ ӕмӕ бӕллӕхты бахауынц (1 Иоанны 5:19НД; Псалом 33:20). Чырыстӕтты ӕфхӕрынц, сӕ фӕдыл зилынц. Чидӕр хъизӕмар кӕны уӕззау низӕй, кӕнӕ та йӕ ахсджиаг адӕймаг кӕй амард, уый тыххӕй. Хатт та Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ сӕхимӕ ныхъхъусынц сӕхи рӕдыдтыты аххосӕй. Фӕлӕ цыфӕнды зындзинадыл ма сӕмбӕлой, уӕддӕр Иегъовӕ кӕддӕриддӕр уыдонӕй алкӕй ӕнцой дӕр балӕууы ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтауы. Паддзах Йесо Чырысти дӕр афтӕ зӕрдӕбынӕй тыхсы йӕ зӕрдӕ йыл чи нӕ ивы, уыцы адӕмыл (Псалом 71:12—14).

Дӕтты хӕринаг афоныл

12, 13. Иегъовӕ «ӕппӕт цӕрджытыл» куыд тыхсы?

12 Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ сӕ ницы цух уадзы. Уыимӕ ма сын дӕтты хӕрзхъӕд хӕринаг дӕр. Паддзах Давид фыста: «Ӕппӕты цӕстытӕ Дӕуӕй ныфсджын, ӕмӕ Ды дӕттыс уыдонӕн сӕ хӕринаг йӕхи афоныл. Гом кӕныс Дӕ къух ӕмӕ ӕфсадыс ӕппӕт цӕрджыты фӕндонмӕ гӕсгӕ [«ӕппӕт цӕрджытӕн дӕр ӕххӕст кӕныс сӕ фӕндтӕ», НД]» (Псалом 144:15, 16). Суанг ма уӕззау рӕстӕджыты дӕр Иегъовӕ афтӕ саразы, цӕмӕй йӕ иузӕрдион адӕмӕн уа «дзул... алыбонӕн дӕр» (Лукайы 11:3; 12:29, 30).

13 Давид загъта, зӕгъгӕ, Иегъовӕ «ӕппӕт цӕрджыты» дӕр ӕфсады. Уый хауы цӕрӕгойтӕм дӕр. Денджызы ӕмӕ сур зӕххыл утӕппӕт зайӕгойтӕ куы нӕ уыдаид, уӕд нӕдӕр денджызы цӕрджытӕн, нӕдӕр мӕргътӕн ӕмӕ нӕдӕр зӕххон цӕрӕгойтӕн уыдаид туаггуыр улӕфынӕн ӕмӕ хӕринаг хӕрынӕн (Псалом 103:14). Фӕлӕ Иегъовӕ йӕ хъус дары, цӕмӕй уыдонӕй иу дӕр мацы цух уа.

14, 15. Абон монон хӕринаг лӕвӕрд куыд цӕуы?

14 Цӕрӕгойтӕй уӕлдай адӕм афтӕ конд сты, ӕмӕ сӕ фӕнды Хуыцауы агурын (Матфейы 5:3НД). Цӕй диссаджы монон хӕринаг дӕтты Иегъовӕ йӕ адӕмӕн! Йесо йӕ мӕлӕты размӕ зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» йӕ фӕдылдзӕуджытӕн «афоныл [монон] хӕринаг дӕтдзӕн» (Матфейы 24:45). Абон уыцы цагъары къордмӕ хауынц, 144 000 сӕрст чырыстонӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдон. Сӕрстыты уылты Иегъовӕ ӕцӕгдӕр кӕлгӕуӕлдайӕ дӕтты монон хӕринаг.

15 Зӕгъӕм, абон Иегъовӕйы адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ бон у пайда кӕнын Библийы ног ӕмӕ раст тӕлмацӕй сӕхи ӕвзагыл. Цӕй стыр арфӕдзинад у, бирӕ ӕвзӕгтыл чи ис, уыцы «Сыгъдӕг Фыстады Ног дунейы тӕлмац»! Уымӕй уӕлдай ма 300 ӕвзагӕй фылдӕрыл мыхуыр цӕуынц милуангай ӕххуысчингуытӕ Библи ахуыр кӕнынӕн. Ӕппӕт ацы монон хӕринаг Хуыцауы ӕцӕг кувджытӕн ӕгас зӕххыл дӕр у стыр арфӕдзинад. Кӕмӕ ӕмбӕлы уый тыххӕй кад? Иегъовӕ Хуыцаумӕ. Йӕ стыр, йӕ ӕнувыд уарзтӕй уый цагъары къордӕн ахъаз кӕны «афоныл хӕринаг» дӕттынӕн. Афтӕмӕй уый абоны монон дзӕнӕты «ӕппӕт цӕрджытӕн дӕр ӕххӕст кӕны сӕ фӕндтӕ». Ӕмӕ куыд цин кӕнынц Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, зӕхх дзӕнӕт куыд суыдзӕн, уый тагъд рӕстӕджы кӕй фендзысты, ууыл! (Лукайы 23:42, 43).

16, 17. а) Цавӕр цӕвиттонтӕй у бӕрӕг, монон хӕринаг афоныл кӕй цӕуы? ӕ) Сайтан цы дзырддаг фарста ӕрӕвӕрдта, уымӕн Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цы дзуапп дӕттынц, уый 144 псаломы куыд зыны?

16 Монон хӕринаг афоныл кӕй цӕуы, уый тынг хорз ӕвдисы иу цӕвиттон. 1939 азы Европӕйы райдыдта Дыккаг дунеон хӕст. Уыцы аз 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» мыхуыр уыд статья «Нейтралитет». Уым цы бӕрӕг-бӕлвырд ӕрмӕг уыд, уый руаджы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас дунейы дӕр бамбӕрстой, сӕхи кӕй хъуамӕ хизой кӕрӕдзийы ныхмӕ хӕцӕг адӕмты хъуыддӕгтӕй. Уый тыххӕй сыл ацы ӕхсӕзазон хӕсты сӕ маст ныккалдтой дыууӕрдыгӕй дӕр. Фӕлӕ сын кӕд сӕ архайдӕн бар нӕ лӕвӕрдтой ӕмӕ сӕ ахстой, уӕддӕр Хуыцауы иузӕрдион адӕм дарддӕр дӕр Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодтой. 1939 азӕй 1949 азмӕ сӕ нымӕц цас фӕфылдӕр, уый уыд диссаг — 157 проценты. Уымӕй уӕлдай ма, уыцы хӕсты рӕстӕджы уыдон ӕнаиппӕй, иузӕрдионӕй кӕй баззадысты, уый абон дӕр адӕмӕн ӕххуыс кӕны раст дин базонынӕн (Исай 2:2—4).

17 Иегъовӕ цы монон хӕринаг дӕтты, уый канд афоныл нӕ вӕййы, фӕлӕ ма адӕймаджы цыдӕриддӕр тыхсын кӕны, уымӕн дзы дзуаппытӕ дӕр ссары. Адӕмтӕ Дыккаг дунеон хӕстӕн йӕ тӕккӕ цӕхӕры куы уыдысты, уӕд Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн сӕ хъус ӕрдарын кодта, сӕхи ирвӕзындзинадӕй бирӕ ахсджиагдӕр цы хъуыддаг уыд, уымӕ. Бамбарын сын кодта, Дун-дунейы алкӕмӕдӕр чи хауы, уыцы сӕйраг дзырддаг фарста, Иегъовӕ ӕххӕстбарджын Хицау кӕй у, уый мидӕг кӕй ис. Куыд ӕхсызгон у зонын, алы Иегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕр йӕ иузӕрдиондзинадӕй, йӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй Иегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй рахӕцыд ӕмӕ кӕй сбӕлвырд кодта, Хӕйрӕг мӕнгард ӕмӕ фӕлитой кӕй у! (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Иегъовӕйыл, ӕмӕ куыд хицауиуӕг кӕны, ууыл хахуыртӕ чи кӕны, уыцы Сайтанӕй хъауджыдӕр, Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ адӕмты ’хсӕн хъусын кӕнынц: «Раст у Хицау [«Иегъовӕ», НД] Йӕ ӕппӕт фӕндӕгтыл» (Псалом 144:17).

18. Иегъовӕ йӕ афоныл монон хӕринагӕй кӕй ӕфсады, уый хӕрзӕрӕджы цӕмӕй рабӕрӕг?

18 Иегъовӕ нын афоныл монон хӕринаг кӕй дӕтты, уымӕн ма ноджы иу цӕвиттон у чиныг «Баввахс у Иегъовӕмӕ». Йӕ рауагъды тыххӕй фехъусын кодтой, 2002 ӕмӕ 2003 азты ӕгас дунейы дӕр цы сӕдӕгай облӕстон конгресстӕ ацыд, уым. Конгресс хуынди «Хуыцауы Паддзахады зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ». Ацы чиныджы — бацӕттӕ йӕ кодта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» ӕмӕ йӕ мыхуыры рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ — дзырд цӕуы Хуыцауы ӕвӕджиауы миниуджытыл, уыимӕ, 144 псаломы цы миниуджытыл цӕуы дзырд, уыдоныл дӕр. Дзырд дӕр ыл нӕй, ацы диссаджы чиныг стыр ӕххуыс кӕй фӕуыдзӕн, цӕмӕй Хуыцаумӕ йӕ иузӕрдион адӕм ноджы тынгдӕр баввахс уой.

Растдӕр ныртӕккӕ хъӕуы Иегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын

19. Цавӕр лӕгӕвзарӕн рӕстӕг ӕрхӕццӕ кӕны ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд уыдзӕн сфӕразын?

19 Иегъовӕйы хицаудзинады фарста аскъуыддзаг кӕныны ӕмгъуыд ӕрхӕццӕ кӕны. Иезекилы 38-ӕм сӕры пехуымпарадмӕ гӕсгӕ Сайтан тагъд рацӕудзӕн, куыд «Магогы зӕххӕй Гог». Йӕхи ныццӕвдзӕн ӕнӕхъӕн дунейы цӕрӕг Иегъовӕйы адӕмыл. Сайтан йӕ бицъынӕг скъуындзӕн, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион чи у, уыдон ыл сӕ зӕрдӕ сивой. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты уӕды хуызӕн никуы хъӕудзӕн уымӕ зӕрдиагӕй кувын, ӕмӕ ма дзы суанг цӕссыгкалгӕ ӕмӕ дзыназгӕйӕ ӕххуыс курын дӕр. Хуыцауӕй кӕй аргъуыц кӕнынц ӕмӕ йӕ кӕй уарзынц, уый ӕнӕхъуаджы уыдзӕн? Ницӕй тыххӕй, уымӕн ӕмӕ 144 псаломы дзырдӕуы: «Хӕстӕг у Хицау Уымӕ дзурджытӕм се ’ппӕтмӕ, Уымӕ ӕцӕгадӕй дзурджытӕм се ’ппӕтмӕ. Уымӕй тӕрсджыты фӕндон Уый ӕххӕст кӕны, сӕ ӕрдиаг хъусы, ӕмӕ ирвӕзын кӕны уыдоны. Хъахъхъӕны Хицау ӕппӕт Уый уарзджыты, ӕппӕт ӕнӕрӕстыты та ныццӕгъддзӕн» (Псалом 144:18—20).

20. Псаломы 144:18—20 ныхӕстӕ тагъд рӕстӕджы куыд сӕххӕст уыдзысты?

20 Цы диссаг уыдзӕн, фыдгӕнджытӕ Иегъовӕйы къухӕй куынӕггонд куы цӕуой, уӕд мах та ирвӕзын куы кӕна, ӕмӕ нӕм куыд ӕввахс у, уый нӕхи цӕстӕй куы уынӕм, уый! Абон афтӕ хӕстӕг чи у, уыцы лӕгӕвзарӕн рӕстӕг Иегъовӕ фехъусдзӕн, «ӕцӕгадӕй [йӕм чи] дзура», ӕрмӕстдӕр уыдоны. Уый дыдзӕсгӕмтты хъусгӕ дӕр нӕ фӕкӕндзӕн. Хуыцауы Ныхас комкоммӕ дзуры, зӕгъгӕ, фыдгӕнджытӕ фӕстаг минутты Хуыцаумӕ йӕ номӕй куы сидой, уӕд уый бынтон дзӕгъӕлы уыдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 1:28, 29; Михей 3:4; Лукайы 13:24, 25).

21. Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ куыд ӕвдисынц, Хуыцауы ном дзурын сын ӕхсызгон кӕй у, уый?

21 Иегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдоны абоны хуызӕн никуы хъуыд уымӕ «ӕцӕгадӕй дзурын». Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ йын ӕхсызгонӕй дзурынц йӕ ном сӕ куывдтыты ӕмӕ фембӕлдты дзуапдӕтгӕйӕ. Уыдон Хуыцауы номӕй пайда кӕнынц кӕрӕдзиимӕ ныхасгӕнгӕйӕ дӕр. Ӕмӕ уыдон Иегъовӕйы ном ныфсджынӕй хъусын кӕнынц адӕмӕн (Ромӕгтӕм 10:10, 13—15).

22. Мах цӕмӕн хъӕуы дунейы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ цыбӕлты ныхмӕ лӕууын?

22 Цӕмӕй дарддӕр дӕр Иегъовӕ Хуыцауимӕ хӕларӕй цӕрӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм уырнындзинадӕн тӕссаг хъуыддӕгтӕй, зӕгъӕм, мулк ӕмбырд кӕнынӕй, ӕвзӕр хиирхӕфсӕнтӕй, маст хӕссынӕй ӕмӕ ӕххуысхъуаг чи у, уыдонмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынӕй (1 Иоанны 2:15—17; 3:15—17). Ахӕм хъуыддӕгтыл нӕ бар куы нӕ цӕуа ӕмӕ сӕ куы нӕ раст кӕнӕм, уӕд нӕ стыр тӕригъӕды фӕндагыл бафтаудзысты ӕмӕ Иегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнустӕм ӕнӕхай фӕуыдзыстӕм (1 Иоанны 2:1, 2; 3:6). Зондджын уӕд уыдзыстӕм, ӕмӕ нӕ зӕрдыл куы дарӕм, Иегъовӕ нӕ ӕнувыд уарзтӕй ӕрмӕстдӕр уӕд уарздзӕн, нӕхӕдӕг дӕр ыл иузӕрдион куы уӕм (2 Паддзахӕдты 22:26).

23. Хуыцауы иузӕрдион адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр цавӕр амондджын фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

23 Уӕдӕ нӕ хъуыдытӕ ӕгасӕй дӕр скӕнӕм, Иегъовӕйы иузӕрдион адӕммӕ цы амондджын фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл. Афтӕмӕй нын диссаджы фадат уыдзӕн «ӕнӕхъӕн бон» (НД) дӕр ӕмӕ «ӕнустӕй-ӕнустӕм» дӕр иннӕтимӕ иумӕ Иегъовӕйы бӕрзонд кӕнынӕн, уымӕн арфӕ кӕнынӕн ӕмӕ йӕ кадджын кӕнынӕн (Псалом 144:1, 2). Цӕй ӕмӕ нӕхи «хъахъхъӕнӕм Хуыцауы уарзондзинады... мыггагмӕйы цардӕн» (Иудӕйы 20, 21). Нӕ уӕларвон Фыды ӕвӕджиауы миниуджытӕ нын — уыимӕ йӕ чи уарзы, уыдоны цы ӕнувыд уарзтӕй уарзы, уый дӕр — нӕ цард кӕй рӕсугъд кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ цӕй ӕмӕ мах дӕр кӕддӕриддӕр дзурӕм Давидау. Уый 144 псаломы кӕрон загъта: «Мӕ дзых зӕгъдзӕн Хицауы ӕппӕлындзинад, ӕмӕ уадз арфӕ кӕнӕд алкӕцы буар Йӕ сыгъдӕг номӕн ӕнустӕй-ӕнустӕм».

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

144 псалом куыд ӕххуыс кӕны Хуыцауы иузӕрдион адӕмы базонынӕн?

• Иегъовӕ «ӕппӕт цӕрджытӕн дӕр... сӕ фӕндтӕ» куыд ӕххӕст кӕны?

• Цӕмӕн хъуамӕ ӕввахс кӕнӕм Иегъовӕмӕ?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 15 фарсыл]

Хуыцауыл иузӕрдион адӕм ӕхсызгонӕй дзурынц йе стыр хъомысы тыххӕй.

[Нывтӕ 16 фарсыл]

Иегъовӕ дӕтты хӕринаг «ӕппӕт цӕрджытӕн» дӕр.

[Барлӕвӕрдӕй]

Animals: Parque de la Naturaleza de Cabárceno