Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Куыд ис удварн хъӕздыг кӕнӕн?

Куыд ис удварн хъӕздыг кӕнӕн?

Куыд ис удварн хъӕздыг кӕнӕн?

«ФӔСТАГ дӕс азы чингуыты дуканиты тӕрхӕджытыл ссарӕн ис, куысты адӕймаджы удварн цы бӕрӕг кӕны, уый фӕдыл 300 чиныгӕй фылдӕр — райдай „Йесо куыд гендиректор“ ӕмӕ фӕу „Дао раздзог“-ӕй»,— дзырдӕуы иу журналы («U.S.News & World Report»). Хъуыддаг афтӕ кӕй у, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ бирӕ хъӕздыг бӕстӕты адӕмы тынгдӕр хъӕуы сӕ цардӕн монон разамынд. Ацы фарсты фӕдыл хъуыддагылхӕст адӕмӕн уагъд журналы дзырдӕуыд: «Нӕ цардыл ӕгасӕй дӕр технологи куы разамынд кӕны, уыцы рӕстӕджы цӕргӕйӕ мах фӕнды хуыздӕр бамбарын, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ райа» («Training & Development»).

Фӕлӕ кӕм ис зӕрдӕзӕгъгӕ монон разамынд ссарӕн? Ивгъуыд заманты адӕм, цӕмӕй «хуыздӕр бамбӕрстаиккой цӕмӕн цӕрынц», уый тыххӕй се ’ргом здӕхтой динмӕ. Абон та адӕм диныл сӕ къух систой. Журналы фыст ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ, 90 стыр хицау ӕмӕ разамонӕджы куы бафарстой, уӕд рабӕрӕг «адӕм дин ӕмӕ удварны иумӕйагӕй кӕй ницы уынынц». Ӕрфарсты архайджытӕ дин нымайынц, «иннӕты хъуыдыйӕн чи нӕ аргъ кӕны ӕмӕ адӕмы чи дихтӕ кӕны», ахӕм цӕуылдӕрыл ӕмӕ удварн та «алы адӕймагмӕ дӕр чи ис ӕмӕ адӕмы чи иу кӕны», ууыл («Training & Development»).

Динмӕ уазал цӕстӕй кӕм кӕсынц, ахӕм бӕстӕты дӕр — Австралийы, Ног Зеландийы, Стыр Британийы ӕмӕ Европӕйы — ӕрыгӕттӕ дин ӕмӕ удварн иу цӕуылдӕрыл нӕ нымайынц. Профессор Рут Уэббер йӕ куысты дзуры: «Фӕсивӕдӕн сӕ фылдӕр ӕууӕндынц Хуыцауыл, кӕнӕ та цавӕрдӕр уӕлӕрдзон тыхыл, фӕлӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ аргъуанмӕ хъӕуы цӕуын сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисынӕн» («Youth Studies Australia»).

Ӕцӕг дин ахъаз кӕны удварн хъӕздыг кӕнынӕн

Диныл ӕнӕууӕнк кӕй кӕнынц, уый бамбарӕн ис. Бирӕ динтӕ сӕхи политикӕйы тъыссынц ӕмӕ змӕнтынц, ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй дзургӕ иу кӕнынц, аразгӕ та ӕндӕр. Стӕй ма дины бындурыл цы хӕстытӕ райдайы, уым цас ӕнаххос адӕмы туг ныккӕлы, уый та! Фӕлӕ цӕстмӕхъус ӕмӕ фӕлитой динтӕ иуварсгӕнгӕйӕ, иуӕй-иутӕ фӕрӕдийынц, Библи дӕр куы фӕиуварс кӕнынц, уӕд, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ уый ахӕм хъуыддӕгтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсы.

Ӕцӕгӕй та Библи цӕстмӕхъус ӕмӕ ӕнӕзакъон хъуыддӕгтӕн сӕ ныхмӕ у. Йесо йӕ рӕстӕджы цӕрӕг дины разамонджытӕн загъта: «Мӕгуыр уӕ бон, чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, цӕстмӕхъустӕ, ахуырст зӕппӕдзты хуызӕн кӕй стут, кӕцытӕ ӕддейы бакӕсгӕйӕ зынынц рӕсугъдӕй, мидӕгӕй та дзаг сты мӕрдты стджытӕй ӕмӕ алы ӕнӕсыгъдӕгдзинадӕй; афтӕ сымах дӕр ӕддейы бакастӕй адӕммӕ кӕсут рӕстгӕнджытӕ, мидӕгӕй та дзаг стут цӕстмӕхъусдзинад ӕмӕ ӕнӕзакъондзинадӕй» (Матфейы 23:27, 28).

Уымӕй уӕлдай ма Библи чырыстӕтты ахӕм зондыл аразы, цӕмӕй ӕппӕт политикон хъуыддӕгтӕй дӕр сӕхи хизой. Уый уырнӕг адӕмӕн сӕ кӕрӕдзи нӕ марын кӕны, фӕлӕ сӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй сӕ кӕрӕдзийы сӕрвӕлтау сӕ цард радтынмӕ дӕр цӕттӕ уой (Иоанны 15:12, 13; 18:36; 1 Иоанны 3:10—12). Уыйхыгъд Библийыл ӕнцайӕг ӕцӕг дин «иннӕты хъуыдыйӕн чи нӕ аргъ кӕны ӕмӕ адӕмы чи дихтӕ кӕны», ахӕм нӕу, фӕлӕ сӕ «чи иу кӕны», ахӕм. Апостол Петр загъта: «Хуыцау... нӕ кӕсы цӕсгоммӕ, фӕлӕ алы адӕмы ӕхсӕн, Уымӕй чи тӕрсы ӕмӕ рӕстдзинад чи кӕны, ӕхсызгон у Уымӕн» (Куыстытӕ 10:34, 35).

Библи ӕххуыс кӕны монон ӕнӕниздзинадӕн

Библи нын дзуры, зӕгъгӕ, адӕм конд сты Хуыцауы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ (Уӕвынад 1:26, 27). Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ се ’ддаг бакастӕй сты Хуыцауы хуызӕн, фӕлӕ сӕ бон кӕй у Хуыцауы миниуджытӕ ӕвдисын, ӕмӕ ма монон хъуыддӕгтыл дӕр хъуыды кӕнын.

Кӕд афтӕ у, уӕд Хуыцау куыннӕ скодтаид ахӕм мадзӕлттӕ, цӕмӕй нӕ удварн хъӕздыг кӕнӕм ӕмӕ ма нын раст разамынд дӕр куыннӕ лӕвӕрдтаид, цӕмӕй нӕ уырнындзинадӕн пайда цы у ӕмӕ йын зиан цы ӕрхӕсдзӕн, уый ӕвзарӕм. Хуыцау нын радта диссаджы иммунон системӕ, цӕмӕй нӕ буар низтимӕ тох кӕна ӕмӕ нын не ’нӕниздзинад хъахъхъӕна. Раст ма нӕ афтӕ схайджын кодта намысӕй, кӕнӕ мидхъӕлӕсӕй, зондджын уынаффӕтӕ хӕссынӕн нын чи ӕххуыс кӕны, стӕй нын не ’нӕниздзинадыл ӕмӕ нӕ ахастытыл Хуыцауимӕ ӕвзӕрырдӕм чи фӕзына, ахӕм хъуыддӕгтӕй нӕ чи хъахъхъӕны, уымӕй (Ромӕгтӕм 2:14, 15). Мах зонӕм, цӕмӕй нӕ иммунон системӕ фидар уа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы хорз хӕрын. Раст афтӕ, цӕмӕй нын нӕ намыс хорз ӕмӕ ӕвзӕр хицӕн кӕнынӕн ӕххуыс кӕна, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ монон хӕринагӕй цух ма уадзӕм.

Нӕ монон ӕнӕниздзинадӕн ахъаз чи уыдзӕн, уыцы хӕринаджы тыххӕй Йесо загъта: «Ӕрмӕст дзулӕй нӕ цӕрдзӕн адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы дзыхӕй цӕуӕг алы дзырдӕй» (Матфейы 4:4). Иегъовӕйы дзырдтӕ фыст сты йӕ Ныхасы, Библийы, ӕмӕ пайда сты «сахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, сраст уӕвынӕн» (2 Тимофеймӕ 3:16). Махӕн та нӕ хӕс у, цӕмӕй ацы монон хӕринагӕй нӕхи цух ма уадзӕм. Цас хуыздӕр зонӕм Библи ӕмӕ цас тынгдӕр ахадой йӕ уагӕвӕрдтӕ нӕ царды, уыйас ӕввахсдӕр уыдзыстӕм Хуыцаумӕ ӕмӕ не ’нӕниздзинад та фидардӕр уыдзӕн (Исай 48:17, 18).

Нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕу?

Цӕмӕй Библи ахуыргӕнгӕйӕ нӕ монон ӕнӕниздзинад бафидар кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ бахъӕудзӕн рӕстӕг, ӕмӕ уый та абон тынг кадавар у. Фӕлӕ нӕ фыдӕбӕттӕ уый аргъ сты! Дӕ хъус ма ӕрдар, хъуыддаджылӕуд адӕймӕгтӕ цы дзурынц, уымӕ — афтӕ ахсджиаг сын цӕмӕн у, сӕ монон ӕнӕниздзинадмӕ зилынӕн рӕстӕг кӕй арынц, уый.

Маринӕ, дохтыр, дзуры: «Мӕ удварныл рӕстмӕ хъуыды дӕр никуы кодтон, цалынмӕ рынчындоны кусын нӕ райдыдтон ӕмӕ мӕм адӕмы рис хъарын нӕ байдыдта. Уӕд бамбӕрстон: цӕмӕй мӕ зӕрдӕйы фарн ӕмӕ ӕнцойад уа, уый тыххӕй хъуамӕ мӕ удварн хъӕздыг кӕнон. Уымӕн ӕмӕ дохтырӕй чи кусы, уымӕн ацы царды дугъ ӕмӕ иудадзыг иннӕтыл мӕт кӕнын, гӕнӕн ис, йе уӕнг асӕттой.

Ныртӕккӕ ахуыр кӕнын Библи Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ. Ацы ахуыры фӕрцы мӕ бон у мӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ сгарын, ахуыр кӕнын алкӕмӕйдӕр ӕмӕ алцӕуылдӕр хорз хъуыды кӕнын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цардӕй нӕ тыхсын. Мӕ куыстӕй мӕ зӕрдӕ тынг рухс кӕны. Фӕлӕ удӕнцой ссардтон Библи ахуыр кӕныны руаджы: сахуыр дӕн ӕвзӕр хъуыдыты рохтыл хӕцын, зындзинӕдтӕн быхсын, адӕмимӕ сдӕн фӕразондӕр ӕмӕ тӕригъӕдгӕнагдӕр. Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрын, уый ма хуыздӕрырдӕм зыны мӕ бинонты цардыл дӕр. Иууыл ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ базыдтон Иегъовӕйы ӕмӕ иудадзыг хатын, йӕ сыгъдӕг уд мын куыд ӕххуыс кӕны, ӕмӕ уый фӕрцы та мӕ цард сси мидисджындӕр».

Николас, архитектор, зӕгъы: «Цалынмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын нӕ райдыдтон, уӕдмӕ Хуыцауыл никуы хъуыды кодтон. Цы куыст равзӕрстон, уым мӕ къухы стыр ӕнтыстытӕ бафтыдаид, уый йеддӕмӕ мӕ царды ӕндӕр ницы ӕндӕвта. Библи ахуыргӕнгӕйӕ та бамбӕрстон, цардӕн йӕ нысан канд уый мидӕг кӕй нӕй, ӕмӕ Иегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕй адӕймаг цӕрӕнбонтӕм, ӕцӕг амондджын кӕй уыдзӕн.

Мӕ куыст мын зӕрдӕрухсы хос куыннӕ у, фӕлӕ мӕ ӕрмӕстдӕр Библи сахуыр кодта, хуымӕтӕг цард кӕнын ӕмӕ сӕйраджыдӕр монон хъуыддӕгтӕн рӕстӕг хицӕн кӕнын куыд ахсджиаг у, ууыл. Мӕ бинойнагимӕ афтӕ кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕхи бахызтам, цардмӕ мулчы цӕстӕй чи кӕсы, уыдон цы зӕрдӕрис ӕвзарынц, уымӕй. Махау цардмӕ монон цӕстӕй чи кӕсы, уыдоны ’хсӕн ссардтам бирӕ хорз, ӕцӕг хӕлӕрттӕ».

Винсент, адвокат, дзуры: «Адӕймагӕн хорз куыст уа, уый гыццыл ныфс нӕу. Фӕлӕ ӕз бамбӕрстон, цӕмӕй адӕймаг амондджын уа ӕмӕ цардӕй разы уа, уый тыххӕй уый фаг нӕу. Хъуыды ма йӕ кӕнын, Библи амонды фӕдыл цы дзуры, уый цалынмӕ нӕ базыдтон, уӕдмӕ иу бон арвы цӕфау фӕдӕн, адӕймаджы цард куыд ницы у, уымӕй: адӕймаг райгуыры, схъомыл вӕййы, бинонтӕ скӕны, фӕкусы, цӕмӕй йӕ сывӕллӕтты дара, схъомыл сӕ кӕны, цӕмӕй та уыдон дӕр царды сӕ ныййарӕджы фӕндагыл ацӕуой, ӕмӕ ӕппынфӕстаг базӕронд вӕййы ӕмӕ амӕлы.

Адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый фӕдыл мӕм цы фарстытӕ ӕвзӕрд, уыдонӕн зӕрдӕзӕгъгӕ дзуаппытӕ ссардтон ӕрмӕстдӕр, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд. Уыцы ахуыры руаджы базыдтон, Иегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у ӕмӕ йӕ зӕрдӕйӕ бауарзтон. Уый фӕрцы цардмӕ кӕсын монон цӕстӕй, ӕмӕ архайын Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрын. Цӕмӕн цӕрӕм, уый иттӕг хорз кӕй ӕмбарӕм, уымӕ гӕсгӕ мӕ усимӕ амондджын стӕм».

Библи ахуыргӕнгӕйӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон суыдзӕн царды нысан бамбарын. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты. Маринӕ, Николас ӕмӕ Винсентау ды дӕр амондджын уыдзынӕ, Иегъовӕйы тыххӕй, стӕй ӕппӕт адӕмы сӕраппонд ӕмӕ сӕрмагондӕй дӕу сӕраппонд дӕр цы сфӕнд кодта, уыдӕтты тыххӕй фылдӕр куы базонай, уӕд. Дӕ удварн кӕй хъӕздыг кӕны, уый дын дӕ зӕрдӕ канд ныртӕккӕ нӕ рухс кӕндзӕн, фӕлӕ ма дын уыдзӕн зӕххыл ӕнустӕм ӕмӕ амондджынӕй, ӕнӕнизӕй цӕрыны ныфс, — «ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары» ӕрмӕстдӕр уыдонӕн чи ис, уыцы ныфс (Матфейы 5:3).

Нӕ удварн хъӕздыг кӕныны мадзӕлттӕй иу у куывд. Йесо Чырысти ссардта рӕстӕг, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгты сахуыр кодтаид кувын. Уый сын бацамыдта куывд, абон ӕй зонынц куыд «Нӕ Фыд» кӕнӕ та дӕнцон куывд. Ацы куывд абон дӕуӕн цӕуыл дзурӕг у? Цӕмӕй дын баххуыс кӕндзӕн? Ацы фарстытӕн дзуапп ссарӕн ис иннӕ дыууӕ статьяйы.

[Нывтӕ 6 фарсыл]

Маринӕ

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Николас

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Винсент