Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Удварн ӕмӕ дӕ цардамонд

Удварн ӕмӕ дӕ цардамонд

Удварн ӕмӕ дӕ цардамонд

ӔВӔЦЦӔГӔН гыццыл рӕстӕг нӕ хардз кӕныс де ’нӕниздзинадыл. Алы бон дӕр, гӕнӕн ис, аст сахаты бӕрц фынӕй кӕныс, цалдӕр сахаты дын ацӕуы хӕринаг аразыныл ӕмӕ хӕрдыл, аст сахаты, кӕнӕ та фылдӕр вӕййыс куысты, цӕмӕй дӕ хӕдзары фиддонтӕ фидай ӕмӕ хӕринаг амал кӕнай. Куы фӕрынчын вӕййыс, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дӕ рӕстӕг ӕмӕ де ’хца нӕ бавгъау кӕныс дохтыртӕм бацӕуынӕн, кӕнӕ та адӕмон хостӕй хос кӕнынӕн. Дӕ хӕдзар сыгъдӕг дарыс, дӕхи найыс, гӕнӕн ис, алы бон фӕлтӕрӕнтӕ дӕр аразыс — уыдон иууылдӕр кӕныс, цӕмӕй ӕнӕниз уай.

Фӕлӕ хорз ӕнӕниздзинад ӕрмӕст химӕ зилынӕй кӕнгӕ нӕу. Ис ма, дӕ цардамондыл дын стыр фӕд чи уадзы, ахӕм цыдӕр. Медицинон иртасӕнтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй адӕймаджы ӕнӕниздзинад ӕнгом баст у йӕ монон ӕнӕниздзинадыл, ома йӕ удварныл.

Ӕнгом бастдзинад

«Ацы фарста кӕм цӕуы ӕвзӕрст, уыцы иртасӕн куыстытӕн сӕ фылдӕры банысанчындӕуыд, зӕгъгӕ, адӕймаджы удварн цас хъӕздыгдӕр уа, уыйас йе ’нӕниздзинад хуыздӕр у»,— дзуры Хедли Пич, Мельбурны университеты профессор (Австрали). «Австралийы медицинон журнал»-ы ацы иртасӕн куыстыты фӕдыл дзырдӕуыд: «Дингӕнӕг адӕмӕн ма... къаддӕр у сӕ туджы ӕлхъывдад, сӕ холестерин... суанг ма ставд тъанджы рак фӕзыныны тас дӕр».

Афтӕ 2002 азы Иугонд Штатты Калифорнийы университет (Берклийы) 6 545 адӕймаджы цард куы иртӕста, уӕд сбӕлвырд кодта, зӕгъгӕ, «аргъуаны кӕнӕ уырнджыты ӕмбырды къуыри иу хатт чи вӕййы, уыдонӕн мӕлӕтӕй афтӕ тӕссаг нӕ уыд, уырдӕм стӕм хатт кӕнӕ та бынтондӕр чи нӕ цӕуы, уыдонимӕ абаргӕйӕ». Даг Оман, ацы иртасӕны разамонӕг ӕмӕ Калифорнийы университеты (Берклийы) ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны факультеты ахуыргӕнӕг, загъта: «Ацы хицӕндзинад ма баззайы, суанг ахӕм хъуыддӕгтӕм ӕркӕсгӕйӕ дӕр: адӕймаг ӕхсӕнады цавӕр бынат ахсы, ӕмӕ ӕнӕниздзинадыл чи зыны, уыцы ахуыртӕ, уыимӕ тамако дымын ӕмӕ спорт».

Дунемӕ монон цӕстӕй чи кӕсы, уыдоны царды ма хорзӕй цы ис, уый фӕдыл «Австралийы медицинон журнал»-ы дзырдӕуы: «Австралийы иртасӕн куыстыты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ дингӕнӕг адӕмы бинонтӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыддӕр вӕййынц, се ’хсӕн фыднозт ӕмӕ наркотиктӕ чи кӕны, уыдон сты къаддӕр, хи амарыны цаутӕ сӕм къаддӕр вӕййы ӕмӕ сӕм уыцы хъуыддаг раст дӕр нӕ кӕсы, къаддӕр вӕййынц мӕстджын ӕмӕ депрессийӕ рынчын, фылдӕр фӕхъуыды кӕнынц иннӕтыл». Уыимӕ ма «Бритайнаг медицинон журнал»-ы фыст ис: «Йӕ уырнындзинад фидардӕр кӕмӕн у, уыдон куыд зыны, афтӕмӕй зӕрдиаг адӕймаджы мӕлӕт цы рис бавзарын кӕны, уый ӕнӕуырнджытӕй уӕлдай, тагъддӕр ӕмӕ ӕнцондӕрӕй сфӕразынц».

Удварн цы у, уый тыххӕй бирӕ хъуыдытӕ ис. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр адӕймаджы уырнындзинад цас фидар у, уый зыны йе ’нӕниздзинад ӕмӕ йӕ зондахастыл. Афтӕ загъта Йесо Чырысти дӕр дыууӕ мин азы размӕ: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон» (Матфейы 5:3НД). Уӕдӕ адӕймаджы ӕнӕниздзинад ӕмӕ йӕ амонд кӕд йӕ уырнындзинадыл баст сты, уӕд ис бафӕрсӕн: «Кӕм ис ссарӕн ӕууӕнчы аккаг монон разамынд? Ӕмӕ цӕмӕй адӕймагӕн йӕ удварн хъӕздыг уа, уый тыххӕй цы хъӕуы?».

[Нывтӕ барлӕвӕрдӕй 2 фарсыл]

Photo Credits: Page 32: Mao Tse-tung and Golda Meir: Hulton/Archive by Getty Images; Francis Ferdinand: From the book The War of the Nations; Hirohito, Lindbergh, & Einstein: U.S. National Archives photo; Stalin: U.S. Army photo; Roosevelt: Franklin D. Roosevelt Library; Churchill: The Trustees of the Imperial War Museum (MH 26392)