Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Хицау! сахуыр кӕн мах кувын»

«Хицау! сахуыр кӕн мах кувын»

«Хицау! сахуыр кӕн мах кувын»

«Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу загъта Уымӕн: Хицау! сахуыр кӕн мах кувын» (ЛУКАЙЫ 11:1).

1. Йесомӕ йӕ ахуыргӕнинаг цӕмӕн бахатыд, кувын нӕ сахуыр кӕн, зӕгъгӕ?

УЫЙ уыд н. э. 32 азы. Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу кувгӕ федта. Йесо йӕ Фыдӕн цы дзырдта, уый нӕ фехъуыста, уымӕн ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕхинымӕр куывта. Фӕлӕ куывд куы фӕци, уӕд ӕм бахатыд: «Хицау! сахуыр кӕн мах кувын» (Лукайы 11:1). Цымӕ йын афтӕ цӕмӕн загъта? Дзуттӕгтӕ дингӕнӕг адӕм уыдысты, стӕй сӕ дины дӕр фыст уыд Хуыцаумӕ кувын. Псалтиры ӕмӕ Дзуттаг Фыстыты иннӕ чингуыты ис бирӕ куывдтытӕ. Уымӕ гӕсгӕ Йесомӕ йӕ ахуыргӕнинаг ног исты бацамонын кӕнӕ йӕ ног истӕуыл сахуыр кӕныны тыххӕй нӕ бахатыд. Уыцы ахуыргӕнинаг, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фехъуыстаид иудейты разамонджыты ӕфсоны куывдтытӕ. Ӕмӕ Йесойы кувгӕ куы федта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фӕхатыд, куыд куывта, уый раввинты цӕстмӕ куывдӕй тынг кӕй хицӕн кодта (Матфейы 6:5—8).

2. а) Цӕмӕй бӕрӕг у, Йесойы кӕй нӕ фӕндыд, дӕнцон куывд ӕнӕуи фӕлхат цыдаид? ӕ) Цӕмӕн нӕ фӕнды раст кувын базонын?

2 Афӕдз ӕмӕ ӕрдӕджы размӕ, Йесо хохыл куы амыдта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн радзырдта, кувӕн цӕй тыххӕй ис, уыдӕттӕ (Матфейы 6:9—13). Фӕлӕ уыцы ахуыргӕнинаг, ӕвӕццӕгӕн, уӕд уым нӕ уыд, ӕмӕ Йесо нӕ фӕзивӕг кодта уыцы дӕнцон куывды сӕйраг хъуыдытӕ ногӕй радзурынмӕ. Ам зӕгъын хъӕуы, Йесо йын уыцы куывды ныхӕстӕ, раздӕр куыддӕридӕр загъта, афтӕ кӕй нал сфӕлхат кодта. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, адӕм уыцы куывд, чиныг кӕсӕгау, ӕнӕахъуыдыгӕнгӕйӕ фӕлхат кӕной (Лукайы 11:1—4). Мах дӕр уыцы ахуыргӕнинагау фӕнды раст кувын базонын, цӕмӕй Иегъовӕмӕ баввахсдӕр уӕм. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм Матфейы Евангелимӕ, уым дӕнцон куывд ӕнӕхъӕнӕй фыст у. Уыцы куывды ис авд курдиаты: ӕртӕ дзы сты Иегъовӕйы фӕндты тыххӕй, цыппар та — адӕймаджы уды ӕмӕ уырнындзинадӕн ӕхсызгонӕй цы хъӕуы, уый тыххӕй. Ацы статьяйы равзардзыстӕм фыццаг ӕртӕ курдиаты.

Нӕ уарзӕгой Фыд

3, 4. Иегъовӕйы «мах Фыд» кӕй хонӕм, уымӕй цы ӕвдисӕм?

3 Йесо иууыл фыццаг цы загъта, уымӕй дӕр зыны, нӕ куывдтытӕй кӕй хъуамӕ уа бӕрӕг, Иегъовӕ нын зынаргъ кӕй у ӕмӕ дзы ӕфсӕрмы кӕй кӕнӕм, уый. Хохыл, йӕ разы цы ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрӕмбырд ис, сӕйраджыдӕр уыдонӕн загъта, зӕгъгӕ, Иегъовӕмӕ кувын хъӕуы афтӕ: «Мах Фыд, ӕрвтыл уӕвӕг» (Матфейы 6:9). Иу ахуыргонды ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕды рӕстӕджы дзуттаг ӕвзаджы ныхасыздӕхтытӕй фылдӕр кӕуыл дзырдтой, Йесо ууыл дзырдтаид ӕви арамейагау,— уӕддӕр дыууӕ ӕвзагыл дӕр дзырд «Фыд» у, сабитӕ-иу сӕ фыдӕлтӕм цы номӕй бадзырдтой, уыдоны ӕмных. Уӕдӕ Иегъовӕйы нӕ Фыд хонгӕйӕ мах ӕвдисӕм, кӕй йыл ӕууӕндӕм, нӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ кӕй у.

4 Иегъовӕйы ма «мах Фыд» кӕй хонӕм, уымӕй ӕргом дзурӕм, Иегъовӕйы Царддӕттӕгыл чи нымайы, уыцы стыр бинонтӕй кӕй стӕм (Исай 64:8; Куыстытӕ 17:24, 28). Сыгъдӕг удӕй гуырд чырыстӕттӕй Хуыцау йӕхицӕн загъта «фырттӕ» ӕмӕ йӕм уый тыххӕй фӕдзурынц: «Аввӕ, Фыд!» (Ромӕгтӕм 8:14, 15). «Хуыцауы фырттӕн» ис бирӕ ӕнувыд ӕмбӕлттӕ. Уыдон иууылдӕр сӕ цард Иегъовӕйӕн снывонд кодтой ӕмӕ уый номыл донаргъуыд райстой. «Ӕндӕр фыстӕн» дӕр сӕ бон у Иегъовӕмӕ Йесойы уылты кувын ӕмӕ йӕ «мах Фыд» хонын (Иоанны 10:16; 14:6). Уӕдӕ, кӕй ныл тыхсы, уый зонгӕйӕ, махӕн дӕр нӕ бон у ӕрвылбон кувгӕйӕ нӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕнын, йӕ хорздзинӕдты тыххӕй йын арфӕ кӕнын ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ баууӕндын (Филиппӕгтӕм 4:6, 7; 1 Петры 5:6, 7).

Иегъовӕйы ном уарзӕм

5. Дӕнцон куывды фыццаг курдиат цавӕр у ӕмӕ афтӕ кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

5 Куыддӕр фыццаг курдиат бакӕсӕм, ома «сыгъдӕг уӕд Дӕ ном», зӕгъгӕ, афтӕ адӕймаг бамбары сӕйрагдӕр хъуыддаг (Матфейы 6:9). Иегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ йын йӕ номыл цъыфкалӕн кӕй кӕнынц, уый нын зын кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ уд хъарӕм йӕ рухс ном сыгъдӕг кӕныныл. Сайтан Иегъовӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыд ӕмӕ йын Адам ӕмӕ Евӕйы дӕр йӕ ныхмӕ кӕй скодта, уымӕй йын йӕ номыл цъыф бакалдта, зӕгъгӕ, дам, Дун-дунейыл рӕстӕй нӕ хицауиуӕг кӕны (Уӕвынад 3:1—6). Уымӕй уӕлдай ма Иегъовӕйы ном тынг фӕхудинаг кодтой, сӕхи йӕ кувӕг адӕм чи хоны, уыдоны цъаммар митӕ ӕмӕ мӕнг ахуырӕдтӕ.

6. Кӕд Иегъовӕмӕ кувӕм, зӕгъгӕ, дӕ ном сыгъдӕг уӕд, уӕд нӕ зӕрдӕ цы нӕ комдзӕн?

6 Иегъовӕйы номы тыххӕй кувгӕйӕ февдисӕм, Дун-дунейы хицау чи у, уый фӕдыл дзырддаг фарсты кӕй фарс стӕм — Дун-дунейы ӕххӕстбарджын ӕмӕ рӕстаг Хицау Иегъовӕйы фарс. Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй Дун-дунейы цӕрой, зӕрдӕйӕ йыл чи у ӕмӕ йӕ ном цы амоны, уый йӕ удӕн зынаргъ кӕмӕн у ӕмӕ уый охыл йӕхи ӕхсызгонӕй йӕ бӕрны чи кӕны, уыцы зӕдтӕ ӕмӕ адӕм (1 Паралипоменон 29:10—13; Псалом 8:2; 148:13). Иегъовӕйы ном куы уарзӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ нӕ комдзӕн, йӕ рухс ном ӕгадгӕнӕг митӕ кӕнын (Иезекил 36:20, 21; Ромӕгтӕм 2:21—24). Дун-дунейы ӕмӕ йӕ цӕрджыты ’хсӕн фарн ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн, Иегъовӕйы ном куы ссыгъдӕг уа ӕмӕ алчидӕр зӕрдиагӕй йӕ коммӕ куы кӕса. Уӕдӕ куы фӕкувӕм, зӕгъгӕ, «сыгъдӕг уӕд Дӕ ном», уӕд уый дзурӕг вӕййы, кӕй нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Иегъовӕ йӕ фӕнд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ афтӕмӕй кӕй скадджын уыдзӕн (Иезекил 38:23).

Кувӕм Паддзахады ӕрцыды тыххӕй

7, 8. а) Йесо нӕ цавӕр Паддзахады ӕрцыды тыххӕй ахуыр кодта кувын? ӕ) Цы базыдтам уыцы Паддзахады тыххӕй Данел ӕмӕ Раргомады чингуытӕй?

7 Дӕнцон куывды дыккаг курдиат у: «Ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад» (Матфейы 6:10). Ацы курдиат ӕнгом баст у фыццаг курдиатимӕ. Иегъовӕ йӕ рухс ном ссыгъдӕг кӕндзӕн Мессиайы Паддзахады руаджы — йӕ уӕларвон хицауады руаджы. Хуыцау уыцы Паддзахады Паддзахӕй сӕвӕрдта йӕ Фырт Йесо Чырыстийы (Псалом 2:1—9). Данелы пехуымпарады Мессиайы Паддзахад ӕвдыст у «хохӕй» раскъуыйӕг «дуры» хуызы (Данелы 2:34, 35, 44, 45). Ацы ран хох у Дунедарӕг Стыр Хуыцау Иегъовӕйы хицаудзинад, дур та (ома Паддзахад) — Иегъовӕ Дун-дунейы ногӕй куыд хицауиуӕг кӕндзӕн, уый. Пехуымпарадмӕ гӕсгӕ уыцы дур «стыр хох фестад ӕмӕ ӕгас зӕххондон бацахста». Ай та афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ Мессиайы Паддзахад зӕххыл бартӕ йӕ къухмӕ куы райса, уӕд зӕххыл уыдзӕн Хуыцауы хицаудзинад.

8 Уыцы Паддзахады Чырыстиимӕ паддзахиуӕг кӕндзысты адӕмӕй «ӕлхӕд» 144 000 мин паддзахы ӕмӕ сауджыны (Раргомад 5:9, 10; 14:1—4; 20:6). Данел сӕ схуыдта «Уӕларвоны сыгъдӕджытӕ», уыдонӕн сӕ Хицау Чырыстиимӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн «паддзахад... ӕмӕ тых, ӕмӕ паддзахӕдты стырад ӕгас арвы бын... ӕнусон паддзахад, ӕмӕ тыхтӕ иууылдӕр Уымӕн [«уыдонӕн», НД] кусдзысты ӕмӕ Йӕ [«сӕ», НД] коммӕ кӕсдзысты!» (Данелы 7:13, 14, 18, 27). Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты ацы уӕларвон хицауады ӕрцыды тыххӕй ахуыр кодта кувын.

Цӕмӕ ма хъӕуы кувын Паддзахады ӕрцыды тыххӕй?

9. Хуыцауы Паддзахады ӕрцыды тыххӕй нӕ цӕмӕн хъӕуы кувын?

9 Дӕнцон куывды Чырысти ахуыр кодта Хуыцауы Паддзахады ӕрцыды тыххӕй кувын. Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй Мессиайы Паддзахад уӕлӕрвты ӕрфидар 1914 азы *. Ӕмӕ кӕд хъуыддаг афтӕ у, уӕд ма ацы Паддзахады «ӕрцыды» тыххӕй кувын хъӕуы? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, о. Уымӕн ӕмӕ Данелы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ Мессиайы Паддзахад (дур) стох кӕндзӕн зӕххон хицауӕдтимӕ (егъау гуымирыимӕ). Уыцы дур гуымирыйыл нӕма сӕмбӕлд ӕмӕ йӕ лыстӕг пырх нӕма ныккодта. Пехуымпар Данел афтӕ зӕгъы: «Йӕ паддзахдзинад ӕндӕр адӕммӕ лӕвӕрд нӕ фӕуыдзӕн; уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт фӕкӕндзӕн паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та ныллӕудзӕн ӕнусмӕ» (Данелы 2:44).

10. Хуыцауы Паддзахады ӕрцыдмӕ ӕнӕрхъӕцӕй цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?

10 Мах ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцауы Паддзахад Сайтаны фыддунейы ныхмӕ куы раста ӕмӕ Иегъовӕйы рухс ном куы ссыгъдӕг кӕна, стӕй Дунедарӕг Стыр Хуыцауы знӕгты куы ныццӕгъда, уыцы бонмӕ. Зӕрдиагӕй кувӕм: «Ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад». Ӕмӕ апостол Иоаннау дзурӕм: «Оммен: — Ӕрцу, Хицау Йесо!» (Раргомад 22:20НФ). Цӕй уӕдӕ ӕрцӕуӕд Йесо ӕмӕ ссыгъдӕг кӕнӕд Иегъовӕйы ном, сбӕлвырд кӕнӕд, Дун-дунейы хицау уый кӕй у ӕмӕ сӕххӕст уӕнт псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ: «Ӕмӕ зонӕнт, Ды, кӕмӕн Иегъовӕ Йӕ ном, иунӕг бӕрзонд кӕй дӕ ӕгас зӕххыл» (Псалом 82:19, МГТ ).

«Уӕд Дӕ фӕндон»

11, 12. а) Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, зӕгъгӕ, «уӕд Дӕ фӕндон зӕххыл дӕр, куыд арвыл», уӕд дзы цы фӕкурӕм? ӕ) Иегъовӕмӕ йӕ фӕндон сӕххӕсты тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд ма цы ӕвдисӕм?

11 Йесо ма йӕ ахуыргӕнинӕгты ахуыр кодта кувын: «Уӕд Дӕ фӕндон зӕххыл дӕр, куыд арвыл» (Матфейы 6:10). Дун-дуне фӕзынд Иегъовӕйы фӕндӕй. Ӕмӕ йӕ йӕ хъомысджын уӕларвон зӕдтӕ кадджын кӕнынц: «Аккаг дӕ Ды, Хицау, райсын кад ӕмӕ намыс ӕмӕ тых, уымӕн ӕмӕ Ды сфӕлдыстай ӕппӕтдӕр, ӕмӕ ӕппӕтдӕр дӕу фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕры ӕмӕ сфӕлдыст у» (Раргомад 4:11). Иегъовӕмӕ «уӕларвонтӕ ӕмӕ зӕххонты» тыххӕй ис бӕлвырд фӕнд (Ефесӕгтӕм 1:8—10). Уӕдӕ Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, «уӕд Дӕ фӕндон», зӕгъгӕ, уӕд дзы фӕкурӕм, цӕмӕй йӕ фӕндон сӕххӕст кӕна. Уый ма бӕрӕг у, ӕнӕрхъӕцӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕгас Дун-дунейы дӕр Иегъовӕйы фӕндон куы сӕххӕст уа, уымӕ.

12 Афтӕ кӕй фӕкувӕм, уымӕй ма ӕвдисӕм нӕ зӕрдӕйы бӕллиц — нӕ цард Иегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ аразын. Йесо дзырдта: «Мӕ хӕринаг у Мӕн Рарвитӕджы фӕндон ӕмӕ Уый хъуыддаг сӕххӕст кӕнын» (Иоанны 4:34). Махӕн дӕр, иузӕрдион чырыстӕттӕн, Йесойау, нӕ зӕрдӕ тынг райы Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнгӕйӕ. Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырты кӕй уарзӕм, уый тыххӕй нӕ цард аразӕм «адӕймаджы фӕндӕттӕм гӕсгӕ [нӕ], фӕлӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ» (1 Петры 4:1, 2; 2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15). Стӕй Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ нӕ кӕнӕм (1 Фессалоникӕгтӕм 4:3—5). Библи кӕсын ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг кӕй ӕлхӕнӕм, уый фӕрцы «Хуыцауы фӕндон цы у, уый базонӕм». Йӕ фӕндонмӕ та хауы — «ацы Паддзахады Евангели» хъусын кӕнынмӕ ӕппӕт хъарутӕ раттын (Ефесӕгтӕм 5:15—17НФ; Матфейы 24:14).

Иегъовӕйы фӕндон уӕлӕрвты

13. Хуыцауы фӕндон уӕлӕрвты Сайтаны растады онг куыд ӕххӕст кодта?

13 Иегъовӕйы фӕндон уӕлӕрвты алкӕддӕр ӕххӕст кодта, цалынмӕ йӕ уӕларвон фырттӕй иу йӕ ныхмӕ нӕ рацыд ӕмӕ Сайтан не сси, уӕдмӕ. Ӕмбисӕндты чиныг Хуыцауы фыццаггуырд Фырты ӕвдисы зонды хуызы. Уым фыстӕуы, Иегъовӕйы иунӕггуырд Фырт мин-мин азты «ӕдзухдӕр [кӕй] цин кодта Йӕ разы» ӕмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ кӕй ӕххӕст кодта йӕ Фыды фӕндон. «Уӕларвыл цы ис ӕмӕ зӕххыл цы ис, уынгӕ цы у ӕмӕ ӕнӕуынгӕ цы у», уыдон аразынӕн ӕххуысгӕнгӕйӕ йӕ Фырт сси «дӕсны кусӕг» (Ӕмбисӕндтӕ 8:22—31; Колоссӕгтӕм 1:15—17). Йесо ма уыд йӕ Дзырд дӕр, ома йӕ Минӕвар (Иоанны 1:1—3).

14. Иегъовӕйы фӕндон уӕлӕрвты зӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый тыххӕй 102 псаломӕй цы ис базонӕн?

14 Псаломзарӕггӕнӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй Иегъовӕ у Дунедарӕг Стыр Хуыцау ӕмӕ йын ӕнӕнымӕц зӕдтӕ йӕ алы ныхасмӕ дӕр ӕмӕ амындмӕ дӕр хъусынц. Уый фыста: «Хицау ӕрвтыл сӕвӕрдта Йӕ паддзахы бадӕн, ӕмӕ Йӕ паддзахад ӕппӕтыл хицауиуӕг кӕны. Арфӕ кӕнут Хицауӕн, Йӕ ӕппӕт Зӕдтӕ, хъаруйӕ фидӕрттӕ, Йӕ дзырд ӕххӕстгӕнджытӕ, Йӕ хъӕлӕсы дзырды коммӕ кӕсгӕйӕ. Арфӕ кӕнут Хицауӕн, Йӕ хӕстонтӕ иуылдӕр, Йӕ кусджытӕ, Йӕ фӕндон ӕххӕстгӕнджытӕ. Арфӕ кӕнут Хицауӕн, Йӕ ӕппӕт хъуыддӕгтӕн, Уый хицауиуӕгдзинады ӕппӕт рӕтты» (Псалом 102:19—22).

15. Йесо Паддзахады бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый, Иегъовӕйы фӕндон уӕлӕрвты сӕххӕст кӕнынӕн куыд фӕахъаз?

15 Иовы чиныджы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Сайтан Хуыцауы ныхмӕ куы рацыд, уӕддӕр ма-иу ын уый фӕстӕ дӕр бацӕуӕн уыдис Иегъовӕйы уӕларвон кӕртмӕ (Иов 1:6—12; 2:1—7). Фӕлӕ, Раргомады фыст уыд, зӕгъгӕ, дам, ӕрцӕудзӕн рӕстӕг, ӕмӕ Сайтан йӕ хӕйрӕджытимӕ уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн. Куыд зыны, афтӕмӕй уыцы хабар ӕрцыд, 1914 азы Йесо Чырысти Паддзахады бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уый хӕдфӕстӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы нӕрӕмон зӕдтӕн уӕлӕрвты бынат нал ис. Зӕххы арӕнтӕй дарддӕр сын цӕуӕн нал ис (Раргомад 12:7—12). Уӕлӕрвты иу змӕнтӕг дӕр нал баззад, ӕмӕ дзы ныр ӕрмӕстдӕр хъуысы, «Уӕрыччы», Йесо Чырыстийы, чи стауы ӕмӕ Иегъовӕйы сӕрныллӕгӕй чи кадджын кӕны, уыдоны хъӕлӕстӕ (Раргомад 4:9—11). Иегъовӕйы фӕндон уӕлӕрвты ӕххӕст кӕны.

Иегъовӕйы фӕндон зӕххыл

16. Аргъуанты ахуырадмӕ гӕсгӕ, адӕммӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ мӕнг кӕй у, уый дӕнцон куывд куыд бӕлвырд кӕны?

16 Аргъуанты амындмӕ гӕсгӕ Хуыцауы фӕндты зӕххӕн бынат нӕй, уымӕн ӕмӕ, дам, хорз адӕм иууылдӕр уӕларвмӕ цӕуынц. Фӕлӕ нӕ Йесо кувын афтӕ ахуыр кодта: «Ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад; уӕд Дӕ фӕндон зӕххыл дӕр, куыд арвыл» (Матфейы 6:10). Уӕдӕ кӕй бон у зӕгъын, рӕстдзинад кӕм нӕй, стӕй тыхми, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт сӕ дзӕмбыты бын цы дуне ныккодтой, уым Иегъовӕйы фӕндон кӕронмӕ ӕххӕст цӕуы? Никӕй! Гъе уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй кувӕм, цӕмӕй йӕ фӕндон зӕххыл уа ӕмӕ сӕххӕст уой апостол Петры ныхӕстӕ: «Мах, Йӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ног арв [Чырысти Хицау кӕм у, уыцы Паддзахад] ӕмӕ ног зӕхмӕ [рӕстаг адӕммӕ], кӕцытыл цӕры рӕстдзинад» (2 Петры 3:13).

17. Иегъовӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?

17 Иегъовӕ зӕхх дзӕгъӕлы не сфӕлдыста. Уый пехуымпар Исайӕн ныффыссын кодта ахӕм ныхӕстӕ: «Афтӕ зӕгъы Иегъовӕ, ӕрвтӕ Скӕнӕг, ӕцӕг Хуыцау, зӕххы Скӕнӕг ӕмӕ йӕ Радтӕг, зӕхх фидар чи сӕвӕрдта, дзӕгъӕлы йӕ чи не сфӕлдыста, фӕлӕ йӕ цӕрынӕн чи сарӕзта: „Ӕз дӕн Иегъовӕ, иунӕг ӕз дӕн“» (Исай 45:18). Хуыцау фыццаг ус ӕмӕ лӕджы ӕрцӕрын кодта дзӕнӕты цӕхӕрадоны ӕмӕ сын бахӕс кодта: «Зӕнӕг рауадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йӕ уӕхи бакӕнут» (Уӕвынад 1:27, 28; 2:15). Уӕдӕ бӕрӕг у: Дунескӕнӕг Хуыцау Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй зӕххыл (Чырысти зӕрдӕ цы дзӕнӕтӕй бавӕрдта, уым) ӕнустӕм цӕрой алцӕмӕй ӕххӕст, рӕстаг ӕмӕ ӕхсызгонӕй йӕ бӕрны йӕхи чи бакӕна, уыцы адӕм (Псалом 36:11, 29; Лукайы 23:43).

18, 19. а) Цӕмӕй Хуыцауы фӕндон зӕххыл кӕронмӕ сӕххӕст уа, уый тыххӕй цы хъуамӕ ӕрцӕуа? ӕ) Йесойы дӕнцон куывдӕй ма цавӕр хъуыдытыл цӕудзӕн ныхас иннӕ статьяйы?

18 Цалынмӕ зӕххыл, Дунедарӕг Стыр Хуыцау Иегъовӕмӕ чи нӕ хъусы, ахӕм адӕм цӕра, уӕдмӕ йӕ фӕндон зӕххы тыххӕй кӕронмӕ нӕ сӕххӕст уыдзӕн. Иегъовӕ рарвитдзӕн хъомысджын уӕларвон зӕдты, сӕ сӕргъы Чырысти, афтӕмӕй ӕмӕ «фесафдзысты зӕхх сафджыты». Сайтаны фыддуне: мӕнг дин, гӕртамхор хицӕуттӕ, ӕнӕфсис, ӕдзӕсгом базаргӕнджытӕ ӕмӕ адзалхӕссӕг ӕфсӕдтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн (Раргомад 11:18; 18:21; 19:1, 2, 11—18). Иууылдӕр базондзысты Иегъовӕ Дунедарӕг Стыр Хуыцау кӕй у ӕмӕ йӕ ном ссыгъдӕг уыдзӕн. Гъе уыдӕттыл фӕкувӕм, куы фӕдзурӕм: «Мах Фыд, ӕрвтыл уӕвӕг; сыгъдӕг уӕд Дӕ ном; ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад; уӕд Дӕ фӕндон зӕххыл дӕр, куыд арвыл» (Матфейы 6:9, 10).

19 Йесо ма йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн кувын амонгӕйӕ дзырдта, нӕ бон кӕй у нӕхи тыххӕй дӕр кувын. Ууыл та ныхас цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинаг]

^ 9 абз. Кӕс чиныг «Хъусут Данелы пехуымпарадмӕ!»-йы 6 сӕр, (уыр.); мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Фарстытӕ фӕлхат кӕнынӕн

• Иегъовӕйы нӕ «Фыд» цӕмӕн хъуамӕ хонӕм?

• Цӕмӕй Иегъовӕйы ном ссыгъдӕг уа, уый тыххӕй нӕ уд цӕуыл хъуамӕ хъарӕм?

• Хуыцауы Паддзахады ӕрцыды тыххӕй цӕмӕн фӕкувӕм?

• Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, зӕгъгӕ, «уӕд Дӕ фӕндон зӕххыл дӕр, куыд арвыл», уӕд уый цы фӕамоны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 19 фарсыл]

Йесо куыд куывта, уый тынг хицӕн кодта фарисейты цӕстмӕ куывдӕй.

[Ныв 20 фарсыл]

Чырыстӕттӕ кувынц, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, ссыгъдӕг уа йӕ ном ӕмӕ йӕ фӕндон сӕххӕст уа.