Адӕмы зындзинӕдты дин у аххосджын?
Адӕмы зындзинӕдты дин у аххосджын?
«ДИН тохмӕ куы нӕ амидин кӕна, уӕд наркотикӕй уӕлдай нӕу: адӕймаджы хъӕбӕрзӕрдӕ кӕны ӕмӕ йӕ сӕнттыл ӕфтауы. [...] Уый адӕмы тауы мӕнгӕнхъӕлцытӕ, мӕнгуырнындзинӕдтӕ, ӕнӕуынондзинад ӕмӕ тас,— ныффыста Методистон аргъуаны раздӕры миссионер ӕмӕ ма бафтыдта,— ацы ныхӕстӕ иууылдӕр раст сты. Ӕвзӕр дин дӕр ис ӕмӕ хорз дин дӕр» («Start Your Own Religion»).
Чи зоны исчи зӕгъа, зӕгъгӕ, раст нӕу афтӕ дзурын. Фӕлӕ царды бӕлвырдгӕнӕнты ныхмӕ кӕй бон у исты зӕгъын? Динӕн кӕд йӕ хӕс у «Хуыцауӕн, кӕнӕ та ӕндӕр уӕлӕрдзон тыхӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ кувын», уӕддӕр ын йӕ хъуыддӕгты тыххӕй хъусгӕйӕ адӕймаджы хъуын арц сбады. Уый нын хъуамӕ хӕсса рухс ӕмӕ нӕ удлӕууӕн уа. Фӕлӕ фылдӕр хатт уый адӕмы ’хсӕн байтауы фыдӕх, ӕнӕууӕнк ӕмӕ ӕнӕуынондзинад. Афтӕ цӕмӕн у?
«Рухсы Зӕд» — фӕливӕг
Библийы йын ис тынг хуымӕтӕг дзуапп. Сайтан Хӕйрӕг йӕхи «рухсы Зӕдӕй» кӕй ӕвдисы, уымӕ гӕсгӕ милуангай адӕймӕгты 2 Коринфӕгтӕм 11:14). Апостол Иоанн бамбарын кодта, Сайтаны ӕндӕвдад тыхджын кӕй у, уымӕ гӕсгӕ «ӕппӕт дуне... ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоанны 5:19, НД). Иоанн зыдта, Сайтан «ӕгас дунейы [дӕр кӕй] фӕливы» (Раргомад 12:9, НФ).
фӕливы ӕмӕ сӕ Хуыцауы нӕ, фӕлӕ йӕхи ахуырӕдтыл ӕфтауы (Цӕмӕ ӕркодта уый? Сайтаны хъӕппӕрисӕй сӕвзӕрд ахӕм динтӕ, ӕмӕ сӕхи ӕвдисынц уаз, сыгъдӕг, «Хуыцауы ӕфсармыл» чи ахуыр кӕны, фӕлӕ сӕ ӕцӕг цӕсгом та бӕрӕг кӕны се ’взӕр дыргътӕй (2 Тимофеймӕ 3:5, НФ; Матфейы 7:15—20). Адӕмӕн сӕ цард фӕрогдӕр кӕныны бӕсты йӕ дин ноджы уӕззаудӕр кӕны.
Ма тагъд кӕн дзурын, зӕгъгӕ, ацы хъуыды рӕгъмӕ хӕссинаг нӕу. Дӕ зӕрдыл дар: сайын у, кӕй сайынц, уый йӕ хатгӕ дӕр кӕй нӕ фӕкӕны, сайгӕ йӕ кӕй кӕнынц, уый. Апостол Павел уымӕн фыста: «Муртаттӕ цы нывӕндтӕ [«кусӕрттӕгтӕ», НФ] ӕрхӕссынц, уыдон Хуыцауӕн нӕ ӕрхӕссынц, фӕлӕ хӕйрӕджытӕн» (1 Коринфӕгтӕм 10:20). Уыцы адӕм куы базыдтаиккой, хӕйрӕджытӕн кӕй кувынц, уый, уӕд арвы цӕфау фӕуыдаиккой. Уыдон ӕнхъӕлдтой, хорз хуыцауӕн, йе та хуыцӕуттӕн кӕй табу кодтой. Фӕлӕ сӕ ӕцӕгӕй та «ӕрвты бын знӕтон зинтӕ [«сау тыхтӕ», НД]»,— Сайтанӕн адӕмы фӕливынӕн чи ӕххуыс кӕны, уыдон асайдтой (Ефесӕгтӕм 6:12, НФ).
Цӕвиттонӕн ӕркӕсӕм, Сайтан, йӕхи чырыстон чи хуыдта, апостол Иоанны фӕдзӕхст, зӕгъгӕ, уӕхи хъахъхъӕнут Хӕйрӕгӕй, чи ницӕмӕ ӕрдардта, уыдонӕй бирӕты куыд асайдта ӕмӕ куыд афӕлывта (1 Коринфӕгтӕм 10:12).
Йесойы ахуырӕдтӕ уыдысты Хуыцауӕй
«Мӕ ахуырад,— загъта Йесо Чырысти,— Мӕн нӕу, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕджы» (Иоанны 7:16). О, Йесо цӕуыл ахуыр кодта, уый уыд Дунескӕнӕг Хуыцауӕй. Уымӕ гӕсгӕ йӕ ахуырӕдтӕ, чи йӕм хъуыста, уыдоныл хорзырдӕм зындысты. Уыдон нӕ кодтой «адӕймаджы хъӕбӕрзӕрдӕ... ӕмӕ йӕ сӕнттыл» не ’фтыдтой. Стӕй Йесойы ахуырӕдтӕ адӕмы сӕрибар кодтой мӕнг уырнындзинӕдтӕй ӕмӕ Хӕйрӕг кӕй сайы, уыцы «зондӕй баталынгуӕвӕг» дунейы сӕвзӕргӕ философитӕй (Ефесӕгтӕм 4:18; Матфейы 15:14; Иоанны 8:31, 32).
Ӕцӕг чырыстӕттӕ бӕрӕг дардтой, хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй ӕрмӕст дзургӕ кӕй кодтой, уымӕй нӕ, фӕлӕ ма сӕ Хуыцауы сыгъдӕг уд цы хорз миниуджытӕ ӕвзӕрын кодта, уыдон кӕй ӕвдыстой, уымӕй дӕр (Галатӕгтӕм 5:22, 23; Иаковы 1:22; 2:26). Ацы миниуджытӕй иууыл ахадгӕдӕр у уарзондзинад — ӕцӕг чырыстӕттӕ бӕрӕг цӕмӕй дарынц, уыцы ӕрдхӕрӕны миниуӕг (Иоанны 13:34, 35).
Фӕлӕ банысан кӕнын хъӕуы: Йесо дӕр ӕмӕ йӕ апостолтӕ дӕр уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты, ӕмӕ чырыстон ӕмбырд сӕ рӕстӕджы цы хуызӕн уыд, ахӕмӕй кӕй баззайдзӕн. Уыдон зыдтой, чидӕртӕ Хуыцауы кӕй ныууадздзысты ӕмӕ раст дин рӕстӕгмӕ кӕй нал зындзӕн.
Раст дин рӕстӕгмӕ нал зыны
Мӕнӕу ӕмӕ мӕгъӕлдаты тыххӕй Йесо цӕстуынгӕ цӕвиттон куы ’рхаста, уӕд бацамыдта, раст дин рӕстӕгмӕ зын базонӕн кӕй уыдзӕн. Бакӕс ма Матфейы 13:24—30, 36—43 стихтӕ. Йесо хуымы байтыдта мӕнӕу, ома «хорз мыггаг» — фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырдмӕ чи цыд, уыцы иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕ. Уый загъта, «знаг», Сайтан Хӕйрӕг, мӕнӕуы хуымы фӕстӕдӕр кӕй байтаудзӕн «мӕгъӕлдатӕ» — афтӕ чи дзуры, Йесо Чырыстийы фӕдыл цӕуӕм, фӕлӕ йын йӕ ахуырӕдтӕ чи ницӕмӕ дары, уыцы адӕм.
Йесойы апостолты мӕлӕтӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ фӕзынд «мӕгъӕлдаты» Иереми 8:8, 9; Куыстытӕ 20:29, 30). Афтӕмӕй дунейы фӕзынд мӕнг чырыстон дин. Библийы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй дзы сӕйраг бынат ахсы «ӕнӕгъдаугӕнӕг» (НФ) — ӕнӕрӕмон дины кусджытӕ, ӕнӕхъӕнӕй дӕр «алыхуызон ӕнӕраст сайындзинады» чи аныгъуылд, уыдон (2 Фессалоникӕгтӕм 2:6—10). Йесо загъта, уыцы уавӕр кӕй фӕивдзӕн «ацы цардӕвӕрды кӕрон». Мӕнӕуы хуызӕн чырыстӕттӕ ӕмбырд ӕрцӕудзысты ӕмӕ ӕмвӕнд-ӕмзонд уыдзысты, «мӕгъӕлдатӕ» та скуынӕг уыдзысты.
хуызӕн адӕм ӕмӕ «Иегъовӕйы ныхас» баивтой адӕймаджы мӕнг ахуырӕдтӕй (Мӕнг чырыстон дин у аххосджын, «сӕдӕгай азты дӕргъы ӕгъатырдзинад дидин кӕй калдта» ӕмӕ чырыстон дин ӕнусты дӕргъы ӕнӕ Хуыцауӕй талынджы кӕй уыд, уым. Ацы хъуыддаг, стӕй ма дины номӕй цы ӕнӕгъдау ӕмӕ ӕбуалгъ хъуыддӕгтӕ цӕудзӕн, уый дӕр апостол Петр кӕй зыдта, уымӕ гӕсгӕ раст фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «ахӕмты [мӕнг чырыстӕтты] руаджы [аххосӕй] ӕцӕгады фӕндаг хынджылӕггагмӕ ӕрцӕудзӕн» (2 Петры 2:1, 2, НФ).
«Ӕгъатырдзинад ӕмӕ ӕнӕуынондзинадыл ахуыр кӕны»
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, динӕн ахӕм ӕвзӕр ном кӕй ис, уым канд чырыстон дин нӕу аххосджын. Ахъуыды кӕнӕм фундаменталистты «хӕстмондаг хӕрзӕгъдаудзинадыл». Раздӕры ус-моладзан Карен Армстронгы ныхӕстӕм гӕсгӕ ууыл ахуыр кодтой «дунейы стырдӕр динтӕй алкӕцыйы дӕр». Армстронгы хъуыдымӕ гӕсгӕ, дин раст уӕд ис схонӕн, ӕмӕ куы разӕнгард кӕна «искӕмӕн тӕригъӕд кӕнынмӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдисынмӕ». Ацы хъуыддаджы фундаменталистон конфесситӕн цы бантыст? «Фундаменталистты уырнындзинад,— фыссы уый,— дзуттаг дин уа, чырыстон кӕнӕ пысылмон дин, уыцы домӕн не ’ххӕст кӕны, кӕд ӕгъатырдзинад ӕмӕ ӕнӕуынондзинадыл ахуыр кӕны, уӕд» («The Battle for God—Fundamentalism in Judaism, Christianity and Islam»). Фӕлӕ цымӕ ӕрмӕст фундаменталистон къордтӕ не ’ххӕст кӕнынц ацы домӕн ӕмӕ ӕрмӕст уыдон ахуыр кӕнынц «ӕгъатырдзинад ӕмӕ ӕнӕуынондзинадыл»? Цард куыд ӕвдисы, афтӕмӕй нӕ.
Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Сайтан сарӕзта мӕнг дины дунеон импери ӕмӕ йӕ базонӕн ис йӕ мӕстӕлгъӕдӕй, йӕ ӕнӕуынондзинад ӕмӕ, сӕ кӕрон кӕмӕн нӕ зыны, уыцы туджы зӕйтӕй. Библи уыцы импери хоны «стыр Вавилон... зӕххон ӕвзӕрдзинӕдты мад» ӕмӕ ӕвдыст у хӕтаг сылгоймагӕй, сырды хуызӕн политикон цардӕвӕрдыл чи бады, уымӕй. Банысан кӕнын хъӕуы уый, ӕмӕ «зӕххыл кӕй амардтой, ӕппӕт уыдоны туг» уымӕй кӕй цӕуы ист (Раргомад 17:4—6; 18:24).
Алкӕй нӕ афӕлывтой
Фӕлӕ истори куыд бӕлвырд кӕны, афтӕмӕй алкӕй нӕ афӕлывтой. Мелвин Брэггы ныхӕстӕм гӕсгӕ суанг иууыл талынг заманты дӕр уыди, «хорздзинад чи кодта, бирӕ ахӕм хорз адӕм, кӕд сӕ алыварс адӕмӕн сӕ фылдӕр фыдгӕнджытӕ уыдысты, уӕддӕр». Ӕцӕг чырыстӕттӕ дарддӕр дӕр «куывтой Фыдӕн удӕй ӕмӕ ӕцӕгадӕй» (Иоанны 4:21—24). Уыдон дард лӕууыдысты ацы дунейы динтӕй, «ӕфсӕддон тыхты фарс кӕй хӕцыд» ӕмӕ афтӕмӕй чи хӕтыд, уымӕй. Чырыстӕттӕ нӕ разы кодтой, аргъуан ӕмӕ паддзахады ’хсӕн цы цӕдис ис, уырдӕм бацӕуыныл, уымӕн ӕмӕ историйы бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ уыцы «цӕдис назаретаг Йесо нӕ сарӕзта, фӕлӕ Сайтан» («Two Thousand Years—The Second Millennium: From Medieval Christendom to Global Christianity»).
Нӕ рӕстӕджы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зындгонд сты, хорздзинадмӕ кӕй тырнынц, уымӕй. Цӕмӕй мӕнг дины ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй иу гыццыл дӕр ма счъизи уой, уый тыххӕй сӕ уырнындзинӕдтӕ ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ ӕгасӕй дӕр бындуриуӕг кӕнынц Хуыцауы Ныхасыл, Библийыл (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттау уыдон хъусынц Йесойы фӕдзӕхстмӕ, ма ут дунейӕ, зӕгъгӕ (Иоанны 15:17—19; 17:14—16). Цӕвиттонӕн, нацистон Германы уыдон чырыстон уагӕвӕрдтӕ фехалыныл нӕ разы кодтой, ӕмӕ уый тыххӕй нацистты хъуыдымӕ гӕсгӕ сӕ цардӕвӕрдӕн нӕ бӕззыдысты. Гитлер сӕ йе сӕфт уыдта, афтӕ фидар кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Иу ахуыргӕнӕн чиныджы дзырдӕуы: «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ... архайдтой Библийы амындмӕ гӕсгӕ, зӕгъгӕ, уӕ къухмӕ хӕцӕнгарз макуы райсут. Уымӕ гӕсгӕ уыдон нӕ цыдысты ӕфсадмӕ, ӕмӕ нацисттӕн ӕппындӕр ницӕмӕй ӕххуыс кодтой. Маст райсыны охыл нацисттӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хӕдзарыдзагӕй ахӕстӕтты ӕппӕрстой. [Германы] Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕртыккаг хай концлагерты фыдмардӕй амардтой» («Germany—1918-45»).
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕндӕр динтыл хӕст адӕмӕй дӕр уыди, хъӕбатырдзинад чи ӕвдыста ӕмӕ йӕ дины сӕраппонд ӕфхӕрд дӕр чи баййӕфта, ахӕмтӕ. Фӕлӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕфхӕрд ӕрцыдысты ӕмткӕй райсгӕйӕ, куыд динон къорд. Ӕвдисӕнтӕн сӕ фылдӕр хай фидарӕй хӕцыдысты Библийы сӕйраг уагӕвӕрдыл, зӕгъгӕ, «адӕмӕй хъауджыдӕр, фылдӕр Хуыцауы коммӕ кӕсын» хъӕуы (Куыстытӕ 5:29, НФ; Маркы 12:17).
Зындзинӕдты аххосаг
Уӕдӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй адӕмы зындзинӕдты динтӕ иууылдӕр не сты аххосджын. Аххосджын у мӕнг дин. Ӕмӕ тынг тагъд Хуыцау мӕнг динтӕ иууылдӕр скуынӕг кӕндзӕн (Раргомад 17:16, 17; 18:21). Уый, рӕстдзинад ӕмӕ раст хъуыддӕгтӕ чи уарзы, уыдоны фӕдзӕхсы: «Рацу уымӕй [стыр Вавилонӕй, мӕнг дины дунеон империйӕ], Мӕ адӕм, цӕмӕй сымах йӕ тӕригъӕдтӕй хайджын ма уат ӕмӕ ма бахауат йӕ хъӕдгӕмтты; уымӕн ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ схӕццӕ сты арвмӕ, ӕмӕ Хуыцау ӕрхъуыды кодта йӕ ӕнӕрӕстдзинӕдтӕ» (Раргомад 18:4, 5). О, Хуыцауӕн йӕхицӕн дӕр стыр маст бавзарын кодта, тохмӕ чи амидин кӕны, адӕймаджы хъӕбӕрзӕрдӕ чи кӕны ӕмӕ йӕ сӕнттыл чи бафтауы, адӕмы ’хсӕн мӕнгӕнхъӕлцытӕ, мӕнгуырнындзинӕдтӕ, ӕнӕуынондзинад ӕмӕ тас чи тауы, уыцы дин!
Нӕ рӕстӕджы Хуыцау иу раст динмӕ ӕмбырд кӕны, ӕцӕгад чи уарзы, уыдоны. Уый у, уарзӕгой, раст ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Сфӕлдисӕджы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ахуырӕдтыл фидарӕй чи хӕцы, ахӕм дин (Михей 4:1, 2; Софони 3:8, 9; Матфейы 13:30). Дӕуӕн дӕр дӕ бон у ӕмӕ уыцы дин райсай. Раст дин куыд ис ссарӕн, уый тыххӕй дӕ фылдӕр базонын куы фӕнда, уӕд ма ӕфсӕрмы кӕн ӕмӕ ныффысс ацы журналы рауадзджытӕм кӕнӕ та зӕгъ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕмӕн.
[Ныв 7 фарсыл]
Алыхуызон адӕмы минӕвӕрттӕн раст дин сси сӕ цин.