Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дин адӕмыл хорзырдӕм зыны ӕви ӕвзӕрырдӕм?

Дин адӕмыл хорзырдӕм зыны ӕви ӕвзӕрырдӕм?

Дин адӕмыл хорзырдӕм зыны ӕви ӕвзӕрырдӕм?

«ӔЗ МӔХИ хӕсджыныл нымайын чырыстон дины раз ӕмӕ дзы мӕнмӕ гӕсгӕ, фӕстаг дыууӕ мин азы дӕргъы уый кӕуыл ӕндавы, уыцы дуне дӕр хӕсджын у»,— дзырдӕуы иу чиныджы разныхасы («Two Thousand Years—​The First Millennium: The Birth of Christianity to the Crusades»).

«Чырыстон дины» тыххӕй ацы арфӕйы ныхӕстӕ загъта англисаг фыссӕг ӕмӕ диктор Мелвин Брэгг. Афтӕ ма хъуыды кӕнынц зӕххы цӕрджытӕй милуантӕ дӕр, цавӕрдӕр диныл иузӕрдион чи у ӕмӕ йӕ разы йӕхи стыр хӕсджыныл чи нымайы, уыдон. Уыцы адӕмы фидарӕй уырны, дин сын сӕ цардыл хорзырдӕм кӕй зыны. Зӕгъӕм, иу фыссӕг загъта, зӕгъгӕ, пысылмон дин «радта цард стыр цивилизацийӕн... ӕмӕ уымӕй ӕгас дуне дӕр рафидыдта».

Дины ахадындзинад — хорзырдӕм у ӕви ӕвзӕрырдӕм?

Фӕлӕ Брэггы дарддӕры ныхӕстӕ ӕвзӕрын кӕнынц ахсджиаг фарст: ӕмткӕй райсгӕйӕ дин хорздзинад тауы? Уый дзуры: «Чырыстон дин та мӕнӕй у хӕсджын: хъуамӕ мын бамбарын кӕна иу цыдӕр». Цымӕ цы? Уый фӕрсы: «Йӕ „историйы“ фылдӕр хай цӕмӕн у баст фанатизм, фыддзинад, ӕгъатырдзинад ӕмӕ ӕнӕсрастгӕнгӕ талынгдзинадимӕ?»

Бирӕтӕн у сӕ бон зӕгъын, рагӕй фӕстӕмӕ дунейы динтӕн сӕ фылдӕры кӕй ис фанатизм, фыддзинад, ӕгъатырдзинад ӕмӕ ӕнӕсрастгӕнгӕ талынгдзинад. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ дин йӕхи ӕвдисы адӕмы хӕрзгӕнӕгӕй — йӕхи ӕддӕмӕ хӕрзӕгъдау ӕмӕ сыгъдӕгӕй ӕвдисы, афтӕмӕй та дзаг у цӕстмӕхъус митӕ ӕмӕ мӕнгдзинадӕй (Матфейы 23:27, 28). «Нӕ литературӕйы уымӕй арӕхдӕр ӕндӕр ницӕуыл фӕцӕуы ныхас, зӕгъгӕ, дин ӕхсӕнады райрӕзты, йӕ монон ӕмӕ удварны хӕзнатӕ схъӕздыг кӕныны ныууагъта зынгӕ фӕд»,— дзырдӕуы иу энциклопедийы («A Rationalist Encyclopædia»). «Ӕмӕ уыимӕ, ацы ныхӕстӕ мӕнг кӕй сты, уымӕн царды цас бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыйбӕрц бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕппындӕр ницӕмӕн ис»,— дзырдӕуы уым дарддӕр.

Абон цыфӕнды газет дӕр куы рафӕлдахай, уӕд дзы фендзынӕ бирӕ цӕвиттонтӕ, дины разамонджытӕ уарзондзинад, сабырдзинад, тӕригъӕд кӕныны тыххӕй куыд дзурынц, фӕлӕ сӕхӕдӕг та ӕнӕуынондзинады арт куыд цырен кӕнынц ӕмӕ Хуыцауы номӕй сӕ тугкалӕн хӕстытӕ куыд райдайынц, уымӕн. Уӕдӕ диссаг нӕу, бирӕтӕ афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, дин арӕхдӕр цард халӕг тых разыны!

Ӕнӕ динӕй хуыздӕр уаид?

Иуӕй-иутӕ та, англисаг философ Бертран Расселлау, суанг ахӕм хатдзӕгмӕ дӕр ӕрцыдысты, зӕгъгӕ, хорз уаид, ӕппынфӕстаг «динтӕ иууылдӕр куы фесӕфиккой». Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ адӕм ӕнӕмастӕй ӕрмӕстдӕр уӕд цӕрдзысты, дин куы нал уа. Фӕлӕ сӕ, чи зоны, фӕнды ферох кӕнын, диныл йӕ къух чи систа, уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй у, диныл иузӕрдион чи у, уыдонау ӕнӕуынондзинад ӕмӕ фыдӕхдзинад байтауын. Дины тыххӕй чи фӕфыссы, уыцы фыссӕг Карен Армстронг нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны: «Ӕрмӕст Холокостӕй дӕр рабӕрӕг, адӕм Хуыцауыл куы нӕ ӕууӕндой, уӕд сӕ цӕстӕнгӕстӕ, гӕнӕн ис уой, дины тыххӕй цы хӕстытӕ ныггуыпп кӕны, уыдонау мӕлӕтхӕссӕг» («The Battle for God—​Fundamentalism in Judaism, Christianity and Islam»).

Уӕдӕ дин ӕцӕгдӕр хорзырдӕм зыны адӕмы цардыл ӕви сӕ зындзинӕдты уый у аххосджын? Цӕмӕй адӕм ӕнӕмастӕй цӕрой, уый тыххӕй динтӕ иууылдӕр хъӕуы фесафын? Ӕркӕсӕм, иннӕ статьяйы уый тыххӕй Библи цы дзуры, уымӕ. Цы базонай, уый дӕ, гӕнӕн ис, дисы бафтауа.