Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстытӕ

Кӕсджыты фарстытӕ

Кӕсджыты фарстытӕ

Уӕвынады 38:15, 16 стихтӕм гӕсгӕ Иудӕ, хъахбайыл цы сылгоймаджы банымадта, уыимӕ ӕмуат куыд ӕрцыд?

Иудӕ ӕмуат цы сылгоймагимӕ ӕрцыд, уый кӕд хъахбайыл банымадта, уӕддӕр ахӕм нӕ уыд. Ӕркӕсӕм ма Уӕвынады чиныджы 38 сӕрмӕ ӕмӕ базонӕм, хабар куыд рауад, уый.

Иудӕйы хистӕр фыртӕн йӕ ус Фамарӕй бындар нӕ баззад, уымӕн ӕмӕ «Иегъовӕйы цӕсты ницӕййаг разынд» ӕмӕ мард ӕрцыд (Уӕвынад 38:7). Уӕды заманты уыди левираты ӕгъдау. Нӕлгоймаг-иу ӕвӕдӕй куы амард, уӕд-иу ацы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ тиу йӕ чындзы йӕхицӕн хъуамӕ саккаг кодтаид, цӕмӕй-иу бындар ныййардтаид. Фӕлӕ Иудӕйы дыккаг фырт Онан йӕ хӕс нӕ сӕххӕст кодта. Уый тыххӕй йыл Хуыцау йӕ азар ныккалдта. Уӕд Иудӕ йӕ чындз Фамары йӕ цӕгатмӕ арвыста, цалынмӕ йе ’ртыккаг фырт Шелӕйӕн ус курыны афон ӕрцыдаид, уӕдмӕ. Азтӕ цыдысты ӕмӕ Шелӕ ралӕг, фӕлӕ йын Иудӕ Фамары уӕддӕр не ’ркодта. Иудӕйы бинойнаг куы фӕзиан, уӕд Фамары зӕрды ӕрӕфтыд иу хъуыды: йӕ хицау Иудӕйӕ, израилаг лӕгӕй, бындар ныййарын. Фамар йӕхи кувӕндоны хъахбай сылгоймагау сарӕзта ӕмӕ Иудӕйы размӕ фӕндаггӕрон ӕрбадт.

Иудӕ Фамары нӕ базыдта ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд. Лӕгӕн йӕ зӕрдӕ кӕй бахъӕлдзӕг кодта, уымӕ гӕсгӕ фӕцарӕхст ӕмӕ дзы цъынды райста. Фамар, фӕстӕдӕр уыцы дзаумӕттӕ равдисгӕйӕ, алкӕмӕндӕр бамбарын кодта, уымӕй кӕй басывӕрджын. Иудӕ хабар куы базыдта, уӕд ӕй нӕ бафхӕрдта, фӕлӕ йын сӕрныллӕгӕй загъта: «Уый мӕнӕй растдӕр у, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕ фырт Шелӕйӕн нӕ саккаг кодтон». Ӕмӕ уый фӕстӕ Иудӕ «йемӕ ӕмуат никуыуал ӕрцыд» (Уӕвынад 38:26).

Иудӕ йӕ дзырд кӕй нӕ сӕххӕст кодта, ома Фамары йӕ фырт Шелӕйӕн кӕй не саккаг кодта, уымӕй раст нӕ бакодта. Стӕй ма, кувӕндоны хъахбайыл кӕй банымадта, уыцы сылгоймагимӕ ӕмуат ӕрцыд. Уый та уыд Хуыцауы ӕваст ми,— уымӕн ӕмӕ уыцы хъуыддаг, ӕмкъайады чи ис, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн ӕмбӕлы (Уӕвынад 2:24). Раст зӕгъгӕйӕ, Иудӕ хъахбай сылгоймагимӕ ӕмуат не ’рцыд. Иудӕ йӕхӕдӕг дӕр нӕ бамбӕрста, йӕ фырт Шелӕйы бӕсты левираты ӕгъдау кӕй сӕххӕст кодта, ӕмӕ йын йӕ чындзӕй бындар райгуырд.

Фамар афтӕ кӕй бакодта, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ хӕтаг сылгоймаг уыд. Уӕдӕ йӕ фаззон лӕппутӕ дӕр дзӕгъӕлзад нӕ уыдысты. Вифлеемаг Вооз моавитаг идӕдз ус Руфы йӕхицӕн куы саккаг кодта, уӕд Вифлеемы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, Фамары фырт Фаресӕй раппӕлгӕйӕ, Воозӕн загътой: «Дунедарӕг дын ацы ӕрыгон сылгоймагӕй цы байзӕддаг ратдзӕн, уымӕй дӕ хӕдзар сфидауӕд, Фамар Иудӕйӕн кӕй ныййардта, уыцы Фаресы хӕдзар куыд сфидыдта, афтӕ» (Руф 4:12, «Мах дуг» № 4, 2000 аз). Фаресы кой ма ис Йесо Чырыстийы фыдӕлты номхыгъды дӕр (Матфейы 1:1—3; Лукайы 3:23—33).