Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы Ныхас у цӕрдуд

Уӕвынады чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ — 2 хай

Уӕвынады чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ — 2 хай

УӔВЫНАДЫ чиныгмӕ гӕсгӕ фыццаг адӕймаг Адамы рафӕлдисынӕй Иаковы фырт Иосифы мӕлӕты онг рацыд 2 369 азы. Фыццаг 10 сӕры ӕмӕ ма 11 сӕрӕй та 9 стихы ӕвзӕрст цыдысты январы журналы; уым дзырдӕуыд дуне рафӕлдисынӕй Вавилоны мӕсыг амайыны онг *. Ныр та равзардзыстӕм ахсджиаг хъуыдытӕ Уӕвынады чиныджы фӕстаг хайӕ: Хуыцау куыд ӕххуыс кодта Авраам, Исахъ, Иаков ӕмӕ Иосифӕн.

АВРААМ ССИ ХУЫЦАУЫ ХӔЛАР

(Уӕвынад 11:10—23:20)

Доны хъаймӕтӕй иу-350 азы фӕстӕ Нойы фырт Симы мыггаджы райгуырд, Хуыцауы зӕрдӕйӕн адджын чи хъуамӕ суыдаид, ахӕм адӕймаг. Йӕ ном у Аврам, фӕстӕдӕр ӕй схондзысты Авраам. Хуыцауы амындмӕ гӕсгӕ Аврам халдейаг сахар Ур ныууагъта ӕмӕ йын Иегъовӕ йӕхицӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уым цатырты ӕрцард. Авраам йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ коммӕгӕсдзинады тыххӕй «хуынд ӕрцыд Хуыцауы хӕлар» (Иаковы 2:23).

Иегъовӕ Содом ӕмӕ йӕ сыхаг сахарты быныхӕлд цӕрджыты фесӕфта, Лот ӕмӕ йӕ чызджыты та фервӕзын кодта. Хуыцауы ныхас сӕххӕст, Авраамӕн Исахъ куы райгуырд, уӕд. Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Иегъовӕ Авраамы уырнындзинад фӕлвары: йӕ хъӕбулы йын нывондӕн хӕссын кӕны. Авраам мӕнӕ, зӕгъгӕ, йӕ фырты нывондӕн ӕрхӕсса, афтӕ йӕ зӕд баурӕдта. Уымӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рабӕрӕг Авраам, стыр уырнындзинады хицау кӕй уыд, ӕмӕ йын Иегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, ӕппӕт адӕмтӕ дӕр йӕ мыггаджы руаджы арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты. Авраам йӕ ахсджиаг, йӕ цардӕмбал Сарӕйы мӕлӕтыл тынг фӕмаст кодта.

Фарстытӕн дзуапп:

12:1—3—Иегъовӕйы бадзырд Авраамимӕ йӕ тыхы кӕд бацыд ӕмӕ цас ахаста? Куыд зыны, афтӕмӕй Иегъовӕйы бадзырд Аврамимӕ, зӕгъгӕ, «зӕххыл алы бинонтӕ дӕр арфӕгонд уыдзысты дӕу [Аврамы] руаджы», йӕ тыхы бацыд, Аврам Ханаанмӕ цӕугӕйӕ Евфратыл куы ахызт, уӕд. Уыцы хабар, ӕвӕццӕгӕн, ӕрцыд, н. э. агъоммӕ 1943 азы 14 нисаны, уымӕй 430 азы размӕ Израил Египетӕй ссӕрибар (Рацыд 12:2, 6, 7, 40, 41). Бадзырд Авраамимӕ у «бадзырд ӕнустӕм». Ӕмӕ йӕ тыхы уыдзӕн, цалынмӕ зӕххыл ӕппӕт мыггӕгтӕ дӕр арфӕгонд не ’рцӕуой ӕмӕ Хуыцауы знӕгтӕ иууылдӕр нӕ фесӕфой, уӕдмӕ (Уӕвынад 17:7; 1 Коринфӕгтӕм 15:23—26).

15:13—Кӕд сӕххӕст сты Хуыцауы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Аврамы байзӕддӕгтӕ 400 азы ӕфхӕрд уыдзысты? Уыцы зынвадат рӕстӕг райдыдта н. э. агъоммӕ 1913 азы, Авраамы фырт Исахъы 5-аздзыдӕй дзидзийӕ куы баиртӕстой ӕмӕ дзы йӕ 19-аздзыд ӕфсымӕр Измаил (фыдӕй иу, мадӕй хицӕн) куы «хынджылӕг кодта», уӕд (Уӕвынад 21:8—14; Галатӕгтӕм 4:29). Уыдон фесты н. э. агъоммӕ 1513 азы, Иегъовӕ израилӕгты Египеты цагъарадӕй куы ссӕрибар кодта, уӕд.

16:2—Сарӕ йӕ мой Аврамӕн йӕ лӕггадгӕнӕджы кӕй радта, уымӕй раст бакодта? Сарӕ архайдта уӕды заманы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ. Ӕнӕзӕнӕг ус-иу йӕ лӕгӕн ссардта номылус бындар ныййарынӕн. Сӕрысуангӕй Каины байзӕддӕгтӕ райдыдтой бирӕ устытӕ курын. Ӕвӕццӕгӕн уый сси ӕгъдау ӕмӕ куыд зыны, афтӕмӕй йӕ Иегъовӕйӕн кувӕг адӕмӕй дӕр чидӕртӕ райстой (Уӕвынад 4:17—19; 16:1—3; 29:21—28). Фӕлӕ Иегъовӕ йӕ уагӕвӕрд, зӕгъгӕ, лӕгӕн хъуамӕ уа иу ус, никуы аивта (Уӕвынад 2:21, 22). Хуыцау Ной ӕмӕ йӕ фырттӕн ногӕй куы загъта «сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут», зӕгъгӕ, уӕд сӕ алкӕмӕндӕр уыд иу ус (Уӕвынад 7:7; 9:1; 2 Петры 2:5). Йесо Чырысти дӕр дзырдта, лӕгӕн иу ус кӕй хъуамӕ уа (Матфейы 19:4—8; 1 Тимофеймӕ 3:2, 12).

19:8—Лот йӕ чызджыты содомӕгтӕн кӕй лӕвӕрдта, уымӕй раст бакодта? Скӕсӕйнаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ-иу фысым йӕ уазджыты хъуамӕ хъахъхъӕдтаид, суанг ын мӕлӕтӕй тас куы уыдаид, уӕддӕр. Лот дӕр йӕ уд раттыныл разы уыд. Уый нӕ фӕтарст, ӕддӕмӕ адӕммӕ иунӕгӕй рахызт ӕмӕ дуар йӕ фӕстӕ бахгӕдта. Лот цалынмӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, мӕнӕ уын мӕ чызджытӕ, уӕдмӕ, гӕнӕн ис, бамбӕрста, йӕ уазджытӕ Хуыцауы минӕвӕрттӕ кӕй уыдысты ӕмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, ныфс уыд, Хуыцау Египеты йӕ фыды ’фсымӕры ус Сарӕйы куыд бахъахъхъӕдта, афтӕ йын йӕ чызджыты дӕр кӕй бахъахъхъӕндзӕн (Уӕвынад 12:17—20). Ӕмӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй Лот ӕмӕ йӕ чызджытӕ ӕнӕфыдбылызӕй баззадысты.

19:30—38—Лот ӕгӕр кӕй банызта ӕмӕ йын йӕ чызджытӕй лӕппутӕ кӕй райгуырд, уыдӕттӕ Иегъовӕйӕ ферох сты? Иегъовӕ у туг хӕццӕ кӕныны ӕмӕ фыднозты ныхмӕ (Левит 18:6, 7, 29; 1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10). Лот, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Содомы цӕрджыты «ӕнӕфӕтчиаг хъуыддӕгтӕй» сфӕлмӕцыд (2 Петры 2:6—8НФ). Лоты йӕ чызджытӕ тынг кӕй фӕрасыг кодтой, уымӕй дӕр бӕрӕг у, уыдон кӕй зыдтой, сӕ фыд ӕрвонгӕй семӕ ӕмуат кӕй не ’рцыдаид, уый. Ӕцӕгӕлон бӕстӕйы кӕй цардысты, уымӕ гӕсгӕ ӕнхъӕл уыдысты, ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй кӕй уыд сӕ бон сӕ фыды мыггаг бахъахъхъӕнын. Уыцы хабӕрттӕ Библийы фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй адӕм баззыдтаиккой, моавитӕгтӕ (рацыдысты Моавӕй) ӕмӕ аммонитӕгтӕ (рацыдысты Бен-Аммийӕ) Авраамы байзӕддӕгтӕм, израилӕгтӕм, цы зӕрдӕ дардтой, уый.

Зондзонӕн махӕн:

13:8, 9. Цӕй диссаджы цӕвиттон ныууагъта Авраам, дзырддаг хъуыддӕгтӕ куыд лыг кӕнын хъӕуы, уымӕн! Ӕфтиаджы тыххӕй, нӕ зӕрдӕйы бӕллицтӕ сӕххӕст кӕныны кӕнӕ нӕ сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй, не ’хсӕн цы фарн ис, уый хъуамӕ халын ма бауадзӕм.

15:5, 6. Авраам ӕнӕ фыртӕй куы зӕронд кодта, уӕд йӕ зӕрдӕйы сагъӕс Хуыцауӕн ракодта. Ӕмӕ йын Иегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта. Уый цӕмӕ ӕркодта? Авраам «баууӕндыд Иегъовӕйыл». Мах дӕр нӕ зӕрдӕйы дуӕрттӕ Иегъовӕйӕн куы гом кӕнӕм, Библийы цы удлӕууӕн ныхӕстӕ ис, уыдоныл куы ӕууӕндӕм ӕмӕ йӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн.

15:16. Иегъовӕ цыппар фӕлтӕры дӕргъы аморейӕгтӕм, кӕнӕ ханаайнӕгтӕм каст — нӕ сӕ сӕфта. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ у фӕразон Хуыцау. Кӕй сраст уыдзысты, уымӕй йӕ цалынмӕ ныфс уыд, уӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ каст. Иегъовӕйау мах дӕр хъуамӕ уӕм фӕразон.

18:23—33. Иегъовӕ адӕмы ӕмхуызонӕй нӕ сафы. Уый рӕстгӕнджыты бахъахъхъӕны.

19:16. Лот «фӕстӕ-фӕстӕ [кӕй] кодта», уымӕ гӕсгӕ йӕ зӕдтӕ йӕ бинонтимӕ тыхӕй Содомӕй ракодтой. Ацы дунейы кӕронмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ мах дӕр хъуамӕ ма рох кӕнӕм, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый.

19:26. Цӕй ӕдылы ми у, ацы дунейы цы ныууагътам, ууыл мӕт кӕнын ӕмӕ ивгъуыдыл сагъӕс кӕнын!

ИАКОВӔН РАЙГУЫРД 12 ФЫРТЫ

(Уӕвынад 24:1—36:43)

Авраам йӕ фырт Исахъӕн ӕрхаста Иегъовӕйӕн кувӕг чызджы — Ревеккӕйы. Уымӕн райгуырд фазӕттӕ: Исав ӕмӕ Иаков. Исав ницӕмӕ ӕрдардта йӕ хистӕры бар ӕмӕ йӕ Иаковӕн ауӕй кодта. Фӕстӕдӕр Иаковӕн йӕ фыд раарфӕ кодта. Иаков йӕ сӕр айста Паддан-Араммӕ, уым ракуырдта Лиа ӕмӕ Рахилы ӕмӕ 20 азы йӕ каисы фосмӕ зылди, цалынмӕ дзы йӕ бинонтимӕ нӕ рацыд. Иаковӕн Лиа, Рахил ӕмӕ сӕ дыууӕ фӕсдзӕуинӕй райгуырд 12 фырты ӕмӕ цалдӕр чызджы. Иаков зӕдимӕ хъӕбысӕй хӕцыд, арфӕ райста ӕмӕ йӕ ном Израилӕй ивд ӕрцыд.

Фарстытӕн дзуапп:

28:12, 13—Иаков фыны цы «асин» федта, уый цӕмӕ амыдта? Уыцы «асин», ӕвӕццӕгӕн, уыд арвмӕ ӕвӕрд дуркъӕпхӕнтӕй, ӕмӕ нысан кодта зӕхх ӕмӕ уӕлӕрвты ’хсӕн цы бастдзинад ис, уый. Зӕдтӕ йыл дӕлӕмӕ-уӕлӕмӕ кӕй хызтысты, уый та ӕвдыста, уыдон кӕй уыдысты Иегъовӕ ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дыууӕрдӕм минӕвӕрттӕ (Иоанны 1:51).

30:14, 15—Рахил цалдӕр мандрагорӕйыл йӕ лӕджы цӕмӕн баивта? Рагзаманты мандрагорӕйы дыргътӕй пайда кодтой наркотикау ӕмӕ дзы нуарӕлхынцъытӕ дзӕбӕх кодтой. Адӕм ма хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, мандрагорӕйы дыргътӕ ӕххуыс кӕнынц монцтӕ цырын кӕнынӕн, зӕнӕг уадзынӕн ӕмӕ басывӕрджын уӕвынӕн (Соломоны зарӕг 7:13). Рахил афтӕ цӕмӕн бакодта, уый тыххӕй кӕд Библийы ницы фыст ис, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йын мандрагорӕтӕ кӕй фӕахъаз уыдзысты, цӕмӕй басывӕрджын уа ӕмӕ йыл мачиуал худа. Фӕлӕ йын Иегъовӕ цалдӕр азы фӕстӕ «йӕ зӕнӕгдон байгом кодта» (Уӕвынад 30:22—24).

Зондзонӕн махӕн:

25:23. Иегъовӕ зоны, чи нӕма райгуырд, уыцы сывӕллоны туджы цы ис, цавӕр миниуджытӕ йӕм уыдзӕн, уыдӕттӕ. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у рагагъоммӕ йӕхицӕн искӕй равзарын, йӕ фӕндтӕ ӕххӕст кӕнынӕн. Фӕлӕ Хуыцау йӕ ныхыл никӕмӕн ныффыссы йӕ амонд (Оси 12:3; Ромӕгтӕм 9:10—12).

25:32; 32:24—29. Иаковы хистӕры бар райсын тынг кӕй фӕндыд, стӕй арфӕ райсыны тыххӕй ӕнӕхъӕн ӕхсӕв зӕдимӕ хъӕбысӕй кӕй фӕхӕцыд, уымӕй бӕрӕг уыд, Иаков, табуйаг цы уыд, уымӕн кӕй аргъ кодта. Иегъовӕ махыл дӕр баууӕндыд бирӕ табуйаг хъуыддӕгтӕ: Хуыцау ӕмӕ йӕ организациимӕ ӕнгом ахастытӕ, ахӕстаргъ, Библи ӕмӕ Паддзахады ныфс. Цӕй уӕдӕ мах дӕр Иаковау, табуйаг цы у, уымӕн аргъ кӕнӕм.

34:1, 30. Иаков «лидзӕггаг фӕци», Динӕ, Иегъовӕйы чи нӕ уарзта, ахӕм адӕмимӕ кӕй схӕлар, уый тыххӕй. Мах дӕр хъуамӕ зонӕм, нӕхицӕн хӕларӕн кӕй ӕвзарӕм, уый.

ИЕГЪОВӔ АХЪАЗ КОДТА ИОСИФӔН ЕГИПЕТЫ

(Уӕвынад 37:1—50:26)

Иаковы фырттӕ се ’фсымӕр Иосифмӕ кӕй хӕлӕг кодтой, уый тыххӕй йӕ цагъарӕй ауӕй кодтой. Египеты Иосиф Хуыцауы фӕдзӕхст ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй зӕрдӕбынӕй ӕмӕ ныфсджынӕй кӕй ӕххӕст кодта, уый тыххӕй йӕ ахӕстоны бакодтой. Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Иосифы ахӕстонӕй ӕрбакодтой фараонмӕ йӕ фынтӕ райхалынмӕ, зӕгъгӕ, дам, авд тыллӕгджын азы фӕстӕ ралӕудзӕн авд ӕххормаг азы. Уыцы хабары фӕстӕ Иосифы сӕвӕрдтой Египеты хӕлцады хицауӕй. Йе ’фсымӕртӕ хойраг агур ӕрцыдысты Египетмӕ, уымӕн ӕмӕ бӕстыл ӕххормаг рӕстӕг скодта. Бинонтӕ баиу сты ӕмӕ ӕрцардысты Гесемы хъӕздыг зӕххытыл. Иаков куы мард, уӕд йӕ фырттӕн арфӕ ракодта ӕмӕ сын фидар ныфс бавӕрдта, зӕгъгӕ, дард фидӕны стыр хорздзинӕдтӕй уыдзыстут хайджын. Иаковы мард Ханаанмӕ раластой ӕмӕ йӕ уым бавӕрдтой. Иосиф йӕ цардӕй ахицӕн 110-аздзыдӕй, йӕ буар ын ӕмбийынӕй хизӕг хостӕй байсӕрстой ӕмӕ йын йӕ мард фӕстӕдӕр Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ аластой (Рацыд 13:19).

Фарстытӕн дзуапп:

43:32—Египетӕгтӕ дзуттӕгтимӕ иу фынгыл бадын сӕ сӕрмӕ цӕуылнӕ хастой? Сӕйраджыдӕр, ӕвӕццӕгӕн, сӕ дин хуыздӕрыл кӕй нымадтой кӕнӕ сӕхи хуыздӕр адӕм кӕй хуыдтой, уый тыххӕй. Египетӕгтӕн ма фыййӕутӕ дӕр ӕнӕуынон уыдысты (Уӕвынад 46:34). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ фыййӕуттӕ нымад уыдысты сау адӕмыл. Кӕнӕ та, ӕвӕццӕгӕн, Египеты кусынӕн бӕзгӕ зӕххытӕ бирӕ кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ сын ӕнӕуынон уыдысты, йӕ фосӕн хизӕнуӕттӕ чи агуырдта, уыцы адӕм.

44:5—Иосиф нуазӕнӕй ӕцӕгдӕр дӕсны фарста? Уыцы ӕвзист нуазӕн ӕмӕ дзы цы загъдӕуыд, уый уыд хин ми. Иосиф Иегъовӕйыл иузӕрдион уыд. Уыцы нуазӕн Вениамин куыд нӕ радавта, афтӕ дзы уый дӕр дӕсны нӕ фарста.

49:10—«Паддзахы лӕдзӕг» ӕмӕ «хицауы лӕдзӕг» цы сты? «Паддзахы лӕдзӕг» у, паддзахы къухы цы лӕдзӕг вӕййы, уый, ӕмӕ дзурӕг у, бартӕ уымӕ кӕй сты. «Хицауы лӕдзӕг» та у даргъ хъил, ӕмӕ ӕвдисы, паддзах кӕй у разамонӕг. Иаков уыцы лӕдзгуыты кой уымӕн скодта, ӕмӕ цалынмӕ Шило не ’рцӕуа, уӕдмӕ фылдӕр бартӕ Иудӕйы мыггагмӕ уыдзысты ӕмӕ разамынд дӕр уыдон кӕндзысты. Уыцы Шило у Иудӕйы байзӕддӕгтӕй — Йесо Чырысти, Иегъовӕ уӕларвон хицауады сӕргъы кӕй сӕвӕрдта, уый. Паддзахы бартӕ сты Чырстийы къухы, стӕй разамонӕг дӕр уый у (Псалом 2:8, 9; Исай 55:4; Данелы 7:13, 14).

Зондзонӕн махӕн:

38:26. Иудӕ йӕ идӕдз чындз Фамары раз раст нӕ уыд. Фӕлӕ куы рабӕрӕг, йӕ чындз дзы басывӕрджын, уӕд сӕрныллӕгӕй йӕ рӕдыдыл басаст. Мах дӕр хъуамӕ нӕхи ма расай-басай кӕнӕм, фӕлӕ нӕ рӕдыдтытыл сӕттӕм.

39:9. Иосиф Потифары усӕн цы загъта, уымӕй рабӕрӕг, Иосиф ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдаумӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕй каст ӕмӕ йӕ цард уыдонмӕ гӕсгӕ кӕй арӕзта, уый. Ӕцӕгад бонӕй-бонмӕ хуыздӕр куыд ӕмбарӕм, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр нӕ цард афтӕ хъуамӕ ма аразӕм?

41:14—16, 39, 40. Иегъовӕйы бон у, чи дзы тӕрсы, уыдоны уавӕртӕ фӕивын. Исты фыдбылыз ныл куы ’рцӕуы, уӕд хъуамӕ Иегъовӕйыл нӕ ныфс дарӕм ӕмӕ йыл иузӕрдион уӕм.

Уыдонӕн уыдис фидар уырнындзинад

Авраам, Исахъ, Иаков ӕмӕ Иосиф тарстысты Хуыцауӕй, стӕй цардысты уырнындзинадӕй. Уӕвынады чиныджы сӕ царды хабӕрттӕ кӕсгӕйӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕны ӕмӕ нӕ бирӕ цӕуылдӕртыл ахуыр кӕнынц.

Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы ӕрвылкъуыри дӕр Библи кӕсынӕн цы пълан ис, уымӕ гӕсгӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд ацы статьяйӕ бирӕ цыдӕртӕ базондзынӕ. Ацы ӕрмӕг дын баххуыс кӕндзӕн уыцы цаутӕ сфӕлгондзынӕн.

[Фиппаинаг]

[Ныв 28 фарсыл]

Иегъовӕ Иосифӕн ахъаз кодта.

[Ныв 28 фарсыл]

Авраам уыди стыр уырнындзинады хицау.

[Ныв 28 фарсыл]

Рӕстаг Лот ӕмӕ йӕ чызджытӕ удӕгасӕй баззадысты.

[Ныв 31 фарсыл]

Иаков, табуйаг цы у, уымӕн аргъ кодта. Ды та?