Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнут ӕмӕ уе ’фсарм ма фесафат

Уӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнут ӕмӕ уе ’фсарм ма фесафат

Уӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнут ӕмӕ уе ’фсарм ма фесафат

«Ӕппӕтӕй хъахъхъӕнинагдӕр цы у, уымӕй тынгдӕр хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ; уымӕн ӕмӕ царды суадӕттӕ уырдыгӕй гуырынц» (ӔМБИСӔНДТӔ 4:23, «Мах дуг» № 12, 1999).

1—3. а) Адӕм се ’фсармӕн кӕй нӕ аргъ кӕнынц, уый арӕх куыд рабӕрӕг вӕййы? Ӕрхӕсс цӕвиттон. ӕ) Ӕфсарм хӕзнайау зынаргъ кӕй у, уый равзарын цӕмӕн хъӕуы?

ӔВӔЦЦӔГӔН хъуыды кодта, зӕгъгӕ, ахӕм ныв къулыл ничиуал ауындзы. Стӕй, чи зоны, иу уаты дӕр нӕ фидыдта. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр йӕ хицаумӕ ныв ӕнӕхъӕугӕ каст. Фӕстагмӕ ныв бахауд зӕронд дзаумӕтты дуканимӕ. Уым ыл ныффыстой аргъ — 29 доллӕры. Фӕлӕ цалдӕр азы фӕстӕ рабӕрӕг, нывӕн йӕ аргъ кӕй уыд милуан доллӕрмӕ ’ввахс! Разынд аивады хӕзна, стӕм ныв. Ахъуыды ма кӕн, уыцы хӕзнайы раздӕры хицау куыд тынг фӕфӕсмон кодтаид!

2 Арӕх ахӕм хабар ӕрцӕуы адӕймаджы ӕфсармыл, ӕгъдау ӕмӕ кадыл. Абон тынг бирӕтӕ се ’фсармӕн ӕппындӕр аргъ нӕ кӕнынц. Иуӕй-иутӕ та йӕ нымайынц, ныры царды чи нал ахады, ахӕм миниуӕгыл. Уыцы адӕммӕ ӕфсарм кӕсы ӕнӕхъӕугӕ зӕронд дзаумайау. Иуӕй-иу адӕймӕгтӕ се ’фсарм фесафынц, цӕмӕй цалдӕр уысммӕ сӕ буары монцты рохтӕ суадзой. Иннӕтӕ та — кӕрӕдзимӕ кӕсгӕйӕ кӕнӕ мӕнӕй лӕгдӕр нӕй, зӕгъгӕ, уый охыл (Ӕмбисӕндтӕ 13:20).

3 Бирӕтӕ ӕгӕр ӕрӕгмӕ бамбарынц, сӕ хӕзна, ома се ’фсарм, тынг зынаргъ кӕй уыд. Адӕймаг йе ’фсарм кӕй фесафы, уый фыдӕй бирӕ мӕстытӕ бавзары. Библи дӕр уымӕн дзуры, зӕгъгӕ, ӕнӕуаг миты фӕстиуджытӕ вӕййынц марджы хуызӕн, «скъӕлдзойау маст» (Ӕмбисӕндтӕ 5:3, 4). Ацы быныхӕлд дунейы куыд ис ӕфсармӕн хӕзнайау аргъ кӕнын ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнын? Уый тыххӕй равзардзыстӕм ӕртӕ ӕнгомбаст хъуыддаджы.

Дӕ зӕрдӕ хъахъхъӕн

4. Цы у «зӕрдӕ» ӕмӕ цӕмӕн у хъахъхъӕнинаг?

4 Цӕмӕй не ’фсарм ма фӕсафӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнӕм. Библийы дзырдӕуы: «Ӕппӕтӕй хъахъхъӕнинагдӕр цы у, уымӕй тынгдӕр хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ; уымӕн ӕмӕ царды суадӕттӕ уырдыгӕй гуырынц» (Ӕмбисӕндтӕ 4:23, «Мах дуг» № 12, 1999). Ацы стих цавӕр «зӕрдӕйы» кой кӕны? Нӕ миддунейы кой — нӕ хъуыдытӕ, не ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ нӕ бӕллицтӕ. Библийы фыст ис: «Дӕ Хуыцау Иегъовӕйы хъуамӕ уарзай ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй» (Дыккаг закъон 6:5). Йесо загъта, зӕгъгӕ, ацы фӕдзӕхст у ӕппӕты сӕйрагдӕр (Маркы 12:29, 30). Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй нӕ зӕрдӕ у зынаргъ хӕзна ӕмӕ йӕ хъӕуы хъахъхъӕнын.

5. Зӕрдӕ уыцы иу рӕстӕг зынаргъ дӕр ӕмӕ тӕссаг дӕр куыд вӕййы?

5 Фӕлӕ ма Библийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ хӕлддӕр ницы ис» (Иереми 17:9). Цы хуызы у зӕрдӕ мӕнгард ӕмӕ нын тӕссаг цӕмӕй у? Цӕвиттон, машинӕ у хъӕугӕ дзаума, суанг ма дзы исты фыдбылызы рӕстӕджы адӕймаджы дӕр фервӕзын кӕнынц. Фӕлӕ шофыр машинӕ хорз куы нӕ тӕра, йӕ размӕ куы нӕ кӕса, ӕдзух йӕ къухтӕ рулыл куы нӕ уой, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ фыдбылызы бахауа. Афтӕ у зӕрдӕйы хабар дӕр: куы нӕ йӕ хъахъхъӕнай, уӕд дӕ дӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ ӕмӕ дӕ монцтӕ сӕ фӕдыл акӕндзысты ӕмӕ исты фыдбылызы бахаудзынӕ. Хуыцауы Ныхас дӕр нӕ уымӕн фӕдзӕхсы: «Йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уый ӕнӕзонд у, зонды фӕндагыл чи цӕуы, уый та фыдбылызӕй хызт уыдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 28:26). Адӕймаг дард балцы цӕугӕйӕ картӕмӕ куыд ӕркӕсы, афтӕ ды дӕр, Хуыцауы Ныхас дӕ царды фӕндагамонӕг куы скӕнай, уӕд фӕраздзынӕ зонды фӕндагыл цӕуын ӕмӕ фыдбылызӕй хызт уыдзынӕ (Псалом 118:105).

6, 7. а) Цы у сыгъдӕгдзинад ӕмӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм цӕмӕн хъуамӕ уа? ӕ) Кӕцӕй зонӕм, ӕнӕххӕст адӕмы бон кӕй у Иегъовӕйы сыгъдӕгдзинад фӕзмын?

6 Хъуамӕ нӕ зӕрдӕйы рохтыл хӕцын сахуыр уӕм. Науӕд йӕхӕдӕг ӕфсармыл нӕ сахуыр уыдзӕн. Уымӕн йӕ хос у, ӕфсарм хӕзнайау зынаргъ кӕй у, ууыл арф хъуыды кӕнын. Ацы миниуӕг ӕнгом баст у сыгъдӕгдзинадимӕ, ома ӕнаипдзинадимӕ ӕмӕ тӕригъӕдхъӕстӕ цыдӕриддӕр у, уымӕй дард лӕууы. Сыгъдӕгдзинад у арфӕйаг миниуӕг ӕмӕ ис Иегъовӕ Хуыцауы удыхъӕды. Библийы сӕдӕгай стихтӕ сыгъдӕгдзинад бӕттынц Иегъовӕимӕ. Библийы ма дзырдӕуы: «Сыгъдӕгдзинад Иегъовӕмӕ ис» (Рацыд 28:36). Фӕлӕ ацы ӕрдхӕрӕны миниуӕг ӕнӕххӕст адӕммӕ цы бар дары?

7 Йӕ Ныхасы нын Иегъовӕ дзуры: «Сыгъдӕг ут, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн сыгъдӕг» (1 Петры 1:16). Дзырд дӕр ыл нӕй, алкӕй бон дӕр нӕ у Иегъовӕйы сыгъдӕгдзинадыл хи барын, фӕлӕ уый тыххӕй хъуамӕ не ’фсарм хъахъхъӕнӕм. Ӕгадгӕнӕг ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕй нӕхи куы фӕхизӕм, уӕд нӕ бон свӕййы иу стыр ӕмӕ диссаджы хъуыддаг саразын — Стыр Хуыцауы арфӕйаг миниуӕг бафӕзмын! (Ефесӕгтӕм 5:1). Фӕлӕ нӕ афтӕ мачи хъуыды кӕнӕд, ӕмӕ нын уыцы хъуыддаг никуы рауайдзӕн. Иегъовӕ хъуыдыджын ӕмӕ стыр зонды хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ нӕ домы (Псалом 102:13, 14; Иаковы 3:17). Ӕмӕ цӕмӕй нӕ удварн ӕмӕ не ’фсарм Хуыцауы раз сыгъдӕг уой, уый тыххӕй хъӕуы хъарутӕ. Фӕлӕ апостол Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ Чырысти у сыгъдӕгзӕрдӕ ӕмӕ ӕфсармы аккаг (2 Коринфӕгтӕм 11:3НД). Уӕдӕ уыцы хъуыддаджы Чырысти ӕмӕ йӕ Фыды раз хӕсджын кӕй стӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй ма архайӕм, цӕмӕй не ’фсарм ма фесафӕм? Ӕмӕ куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр сын мах се стыр уарзт никуы ницӕмӕй бафиддзыстӕм (Иоанны 3:16; 15:13). Уымӕ гӕсгӕ мах хъуамӕ сыгъдӕг цард кӕнӕм ӕмӕ нӕ сӕры кад дӕлӕмӕ ма ӕруадзӕм. Уӕвгӕ, не ’фсарммӕ ахӕм цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд ын хӕзнайау аргъ кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕндзыстӕм.

8. а) Куыд ис зӕрдӕ ӕфсадӕн? ӕ) Нӕ ныхӕстӕ нын нӕхи тыххӕй цы ӕргом кӕнынц?

8 Цы хӕрӕм, уымӕй дӕр бирӕ кӕнгӕ у, нӕ зӕрдӕ цы уавӕры уыдзӕн, уый. Хъуамӕ иудадзыгдӕр нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дзаг кӕнӕм монон хӕринагӕй ӕмӕ нӕ уд раттӕм Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнынмӕ (Колоссӕгтӕм 3:2). Нӕ ныхас дӕр хъуамӕ уа ууыл. Кӕд нӕ иннӕтӕ зонынц, буарон, ӕнӕгъдау митыл чи фӕдзуры, ахӕм адӕймагӕй, уӕд уымӕй бӕрӕг у, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый (Лукайы 6:45). Бацархайӕм, цӕмӕй нӕ иннӕтӕ зоной, йӕ ныхӕстӕй уырнындзинад чи фидар кӕны ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ зӕрдӕйӕн сойау кӕмӕн сты, ахӕм адӕймагӕй (Ефесӕгтӕм 5:3). Цӕмӕй нӕ зӕрдӕ бахъахъхъӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм тӕссаг хъуыддӕгтӕй. Ӕркӕсӕм дзы дыууӕмӕ.

Хӕтындзинадӕй лидз

9—11. а) 1 Коринфӕгтӕм 6:18 стих чи ницӕмӕ дары, уыдонӕн уӕлдай тӕссаг цӕмӕн у ӕнӕфсарм мийӕ? Ӕрхӕсс цӕвиттон. ӕ) Хӕтындзинадӕй куы лидзӕм, уӕд хызт цӕмӕй уыдзыстӕм? б) Иузӕрдион лӕг Иов нын фӕзминаг цӕмӕй у?

9 Апостол Павел Иегъовӕйы фӕндӕй цы фӕдзӕхстытӕ ныффыста, уыдон бирӕтӕн бахъахъхъӕдтой ӕмӕ хъахъхъӕнынц сӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ се ’фсарм. Павел фыста: «Лидзут хӕтындзинадӕй» (1 Коринфӕгтӕм 6:18). Дӕ хъус ма ӕрдар, уый ӕрмӕст «хӕтгӕ ма кӕн» нӕ загъта. Чырыстӕттӕй фылдӕр домдӕуы. Уыдон хъуамӕ ацы ӕнӕгъдаудзинадӕй лидзой мӕнӕ, адӕймаг исты бӕллӕхӕй куыд фӕлидзы, афтӕ. Ацы уынаффӕ куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд тӕссаг у исты ӕнӕфсарм ми бакӕнынӕй ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕхудты бацӕуынӕй.

10 Ӕркӕсӕм ахӕм цӕвиттонмӕ. Бинонтӕ кӕдӕмдӕр цӕуынвӕнд скодтой. Мад йӕ гыццыл лӕппуйы ныхсадта ӕмӕ йын йӕ уӕлӕ аив дарӕс скодта. Уый фӕстӕ лӕппу мадмӕ дзуры, цӕмӕй уал ӕй хъазынмӕ ауадза. Мад ӕй ауагъта, фӕлӕ йӕ бафӕдзӕхста: «Уӕртӕ уыцы цъыфдзастмӕ хӕстӕг ма бацу. Куыддӕр дӕхи счъизи кӕнай, афтӕ ма-иу дӕхимӕ кӕс». Цалдӕр минуты дӕр нӕ рацыд, афтӕ мад уыны, йӕ лӕппу тӕккӕ дӕр цъыфдзасты цур лӕууы ӕмӕ йӕхи цӕмӕдӕр ивазы. Сывӕллон йӕхи нӕма счъизи кодта — нырма сыгъдӕг у. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ мады ныхасмӕ нӕ хъусы, донмӕ хӕстӕг ма бацу, зӕгъгӕ, ӕмӕ дзы ныртӕккӕ хаудзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 22:15). Гъе ахӕм рӕдыд ӕрцӕуы канд ӕрыгӕттыл нӕ, фӕлӕ йӕ бон йӕ митыл хъуыды кӕнын кӕмӕн у, уыцы хистӕртыл дӕр. Фӕлӕ куыд?

11 Нӕ дуджы бирӕтӕ сӕ «худинаджы монцты» фӕдыл куы цӕуынц, уӕд уыцы монцтӕ цырен кӕнынӕн дӕр афтӕ бирӕ цыдӕртӕ фӕзынд, ӕмӕ диссаг (Ромӕгтӕм 1:26, 27). Журналтӕ, чингуытӕ, кинотӕ ӕмӕ Интернет хӕлд нывтӕ ӕмӕ ӕндӕр диссӕгтӕй байдзаг сты. Ахӕм нывтӕм чи кӕсы, уыдонӕй зын зӕгъӕн у, ӕмӕ хӕтындзинадӕй лидзынц. Уый сӕм тӕссаг нӕ кӕсы, стӕй Библийы фӕдзӕхст дӕр ницӕмӕ дарынц ӕмӕ растдӕр уыцы гыццыл лӕппуйау цъыфдзастмӕ ’ввахс лӕууынц. Сӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнгӕ нӕ кӕнынц, фӕлӕ, бирӕ азты дӕргъы сӕрызонды чи баззайы, ахӕм нывтӕй сӕ хъӕстӕ кӕнынц (Ӕмбисӕндтӕ 6:27). Цӕй уӕдӕ мах дӕр бакӕнӕм иузӕрдион Иовау, йӕ цӕстытимӕ бадзырд чи скодта, цӕмӕй йӕ мацы цыбӕл кодтаид, уый тыххӕй (Иов 31:1). Йе ацы лӕджы хъуамӕ фӕзмӕм!

12. Чырыстӕттӕ ӕмбӕлын куы райдайынц, уӕд «хӕтындзинадӕй лидзын» сӕ бон куыд у?

12 Лӕппу ӕмӕ чызг ӕмбӕлын куы райдайынц, уӕлдайдӕр уӕд фӕхъӕуы «лидзын хӕтындзинадӕй». Дыууӕ уды царды уый вӕййы цины рӕстӕг, фӕцӕрынц алыхуызон ӕхсызгон ӕмӕ рӕсугъд бӕллицтӕй, фӕлӕ йӕ иуӕй-иутӕ сӕхицӕн фенад кӕнынц — худинаг сӕ айрох вӕййы. Уый аххосӕй нӕ бауадзынц се ’мкъайадӕн фидар бындур сӕвӕрын,— йӕ рахӕцӕнтӕ сыгъдӕг уарзт, хиуылхӕцындзинад ӕмӕ Иегъовӕ Хуыцаумӕ хъусын кӕмӕн сты, ахӕм. Иу чырыстон ус ӕмӕ лӕг ма уарзӕттӕ куы уыдысты, уӕд сыл рӕдыд ӕрцыд. Фӕлӕ сӕ цард куы баиу кодтой, уӕд ус загъта, йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл кӕй фӕхудт ӕмӕ йын суанг йӕ чындзӕхсӕвы бон дӕр кӕй фенад. Уый загъта: «Иегъовӕйӕ хатыр бирӕ хӕттыты куырдтон, фӕлӕ кӕд уыцы хъуыддагыл авд азы рацыд, уӕддӕр мӕхи фӕсмонӕй хӕрын». Ахӕм тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдоны ӕнӕмӕнгдӕр хъӕуы чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракурын (Иаковы 5:14, 15). Фӕлӕ бирӕ чырыстӕттӕ зондӕй кӕй архайынц, уымӕ гӕсгӕ куы фембӕлынц, уӕд сыл ахӕм рӕдыд не ’рцӕуы (Ӕмбисӕндтӕ 22:3). Кӕрӕдзимӕ уӕлдай ӕвнӕлдтытӕ нӕ фӕкӕнынц. Стӕй куы фембӕлынц, уӕд семӕ искӕй ракӕнынц ӕмӕ хибар рӕтты иунӕгӕй нӕ баззайынц.

13. Чырыстон, Иегъовӕйы лӕггадгӕнӕг чи нӕу, ахӕм адӕймагимӕ цӕуылнӕ хъуамӕ цӕуа?

13 Иегъовӕйы лӕггадгӕнӕг чи нӕу, ахӕм адӕймагимӕ чырыстӕттӕй исчи цӕуын куы райдайы, уӕд йӕхи бирӕ мӕстыты хай бакӕны. Дзырдӕн, Иегъовӕ Хуыцауы чи нӕ уарзы, уыимӕ дӕ цард куыд иу кӕныс? Чырыстон хъуамӕ иу ӕфсондзы йӕхи ивтындза, Иегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ ӕфсарммӕ уый цӕстӕй чи кӕсы, ахӕм адӕймагимӕ. Хуыцауы Ныхас нӕ фӕдзӕхсы: «Ма ӕркъул кӕнут уӕ сӕртӕ искӕйы ӕфсондзы бын ӕнӕрӕстытимӕ [«ӕнӕуырнӕгтимӕ», НФ]. Уымӕн ӕмӕ цы ис иумӕйагӕй рӕстдзинадӕн ӕнӕзакъондзинадимӕ? Цы ис иумӕйагӕй рухсӕн талынгимӕ?» (2 Коринфӕгтӕм 6:14).

14, 15. а) «Хӕтындзинад» цы у, уый иуӕй-иутӕ рӕстмӕ куыд не ’мбарынц? ӕ) «Хӕтындзинадмӕ» цы хауы ӕмӕ чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у «лидзын хӕтындзинадӕй»?

14 Адӕймаг ма хъуамӕ хъуыддаг бӕлвырд дӕр зона. Хӕтындзинад ӕцӕгдӕр цы у, уый куы нӕ зонӕм, уӕд дзы куыд ӕмбӕлы, афтӕ лидзын нӕ бафӕраздзыстӕм. Абон иуӕй-иутӕ рӕстмӕ не ’мбарынц, «хӕтындзинад» цы у, уый. Афтӕ ӕнхъӕл сты, сӕ бон у сӕ буары монцты фӕдыл цӕуын ӕмуат ӕнӕрцӕугӕйӕ. Суанг ма хорз клиникӕты дохтыртӕ дӕр ӕнахъом чызджытӕн амонынц алыхуызон ӕнӕгъдау митӕ кӕнын, цӕмӕй ма сывӕрджын кӕной, уый тыххӕй. Фӕлӕ уыдон сты ӕлгъаг. Сывӕрджын кӕнынӕй хи хизын ӕмӕ ӕфсарм хъахъхъӕнын иу не сты ӕмӕ «хӕтындзинадӕй» лидзын канд уый нӕу.

15 «Хӕтындзинад» цы грекъаг дзырдӕй раивдӕуыд, ома порниа, уымӕ бирӕ цыдӕртӕ хауы. Зӕгъӕм: ӕмкъайады кӕимӕ нӕ дӕ, ахӕм адӕймагимӕ ӕмуат ӕрцӕуын ӕмӕ ӕрдон уӕнгтӕй алыхуызон цъаммар митӕ кӕнын. Порниа-мӕ ма хауынц, хӕзгулдӕтты цы митӕ фӕкӕнынц, уыдон: оралон секс, аналон секс ӕмӕ искӕй ӕрдон уӕнгтӕм ӕвналын, лӕгъзытӕ сӕ кӕнын. Ацы митӕ «хӕтындзинадыл» чи нӕ нымайы, уыдон сӕхи сайынц ӕмӕ Сайтаны хызтӕй иуы бахаудтой (2 Тимофеймӕ 2:26). Уыйхыгъд ма, ӕфсарм хъахъхъӕнын ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ хӕтындзинадмӕ цы хъуыддӕгтӕ хауынц, уыдонӕй хи уромын. Цӕмӕй «хӕтындзинадӕй лидзӕм», уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм уӕззау тӕригъӕдмӕ, порниа-мӕ, чи ӕркӕны, ахӕм чъизи хъуыддӕгтӕй ӕмӕ ӕнӕуаг митӕй (Ефесӕгтӕм 4:19). Афтӕмӕй не ’фсарм бахъахъхъӕндзыстӕм.

Хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ ма кӕнут

16. Кӕрӕдзиуыл ӕргом цинтӕ кӕмӕн ӕмбӕлы ӕмӕ уый Библийӕ цавӕр цӕвиттон ӕвдисы?

16 Не ’фсармӕн ма тӕссаг сты хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ дӕр. Чидӕртӕ, чи зоны, ныццӕхгӕр вӕййынц, зӕгъгӕ, хъазӕнфӕлгъауӕнты ӕвзӕрӕй ницы ис, уый нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн хынджылӕгӕй дарддӕр ницы у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕрӕдзиуыл ӕргом цинтӕ кӕнын худинаг нӕу, фӕлӕ алцӕмӕндӕр йӕхи афон ис. Зӕгъӕм, Исахъ ӕмӕ Ревеккӕ кӕрӕдзиуыл куы «узӕлыдысты», уӕд иу фӕкастӕй дӕр бӕрӕг уыди, ӕфсымӕр ӕмӕ хо кӕй нӕ уыдысты (Уӕвынад 26:7—9). Фӕлӕ уыдон ус ӕмӕ лӕг уыдысты ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ бон уыд сӕ уарзондзинад ӕргом ӕвдисын. Хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ та бынтон ӕндӕр сты.

17. Хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ цы сты ӕмӕ сӕ куыд ис хи бахизӕн?

17 Хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ схонӕн ис, лӕппу науӕд чызгмӕ ӕмкъайад скӕныны фӕнд куы нӕ уа, афтӕмӕй искӕмӕн зӕрдӕсайӕн ныхӕстӕ кӕнӕ митӕ куы кӕна, уый. Адӕм вазыгджын арӕзт сты, ӕмӕ йыл дзырд дӕр нӕй, хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ алыхуызӕттӕ кӕй сты, ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕ зын рахатӕн вӕййынц (Ӕмбисӕндтӕ 30:18, 19). Уымӕ гӕсгӕ ацы хъуыддаджы карз уагӕвӕрдтӕ нӕ баххуыс кӕндзысты. Уымӕн фылдӕр цыдӕр хъӕуы — зӕрдӕмӕ ныккӕсын, басгарын ӕй ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕ цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕнын.

18. Иуӕй-иутӕ цӕмӕн райдайынц хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ ӕмӕ уый ӕвзӕр цӕмӕй у?

18 Ӕргом зӕгъгӕйӕ, искӕй зӕрдӕмӕ цӕуӕм, уый куы фембарӕм, уӕд нӕ бирӕтӕн ӕхсызгон вӕййы. Ӕмӕ уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ искӕй зӕрдӕмӕ фӕцӕуыны тыххӕй йемӕ хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ куы кӕнӕм, уӕд та? Чи зоны афтӕмӕй нӕхимӕ цыдӕр кӕсӕм кӕнӕ искӕй зӕрдӕйы уарзты цӕхӕр ссудзынмӕ хъавӕм. Кӕд афтӕ у, уӕд уыцы адӕймаджы зӕрдӕ куыд риссын кӕнӕм, ууыл хъуамӕ ма ахъуыды кӕнӕм? Цӕвиттонӕн, Ӕмбисӕндты 13:12 ахӕм ныхӕстӕ ис: «Бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй адӕймаг зӕрдӕниз исы». Кӕд искӕимӕ хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ кӕнӕм, уӕд, чи зоны, мах ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнӕм, уыцы адӕймаг йӕхи куыд хаты, уый. Чи зоны, лӕппу кӕнӕ чызг хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, уарзӕттӕ уыдзыстӕм ӕмӕ уый фӕстӕ нӕ цард баиу кӕндзыстӕм. Фӕлӕ адӕймаджы ныфсытӕ митын мӕсгуытау куы атайынц, уӕд зӕрдӕйы судзгӕ рыст баззайы (Ӕмбисӕндтӕ 18:14). Искӕй сыгъдӕг ӕнкъарӕнтӕй хъазын у ӕвирхъау ми.

19. Хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ чырыстон бинонты цардӕн тӕссаг цӕмӕй сты?

19 Уӕлдайдӕр та ӕмкъайады чи ис, уыдонимӕ нӕй хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ кӕнӕн. Усджын кӕнӕ моймӕдзыд сылгоймагмӕ уарзоны цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Афтӕ ӕмкъайады чи ис, уымӕн дӕр уыцы хъуыддаг не ’мбӕлы. Хъыгагӕн, иуӕй-иу чырыстӕттӕ ӕнхъӕл сты, зӕгъгӕ, се ’мкъай чи нӕу, ахӕм адӕймаджы куы уарзой, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Ахӕм «лымӕнӕн» иутӕ сӕ уды ӕлхынцъытӕ дӕр райхалынц, суанг сӕ цардӕмбалӕн цы нӕ фӕзӕгъынц, ахӕм цыдӕртӕ дӕр сын радзурынц. Уыйадыл уарзты цӕхӕр зӕрдӕйы ссудзы ӕмӕ уыцы адӕймаг удӕн саджджын вӕййы, уый аххосӕй ус ӕмӕ лӕг ӕддӕг-мидӕг ауайынц кӕнӕ сӕ цард фехӕлы. Чырыстон бинонтӕ хъуамӕ рох ма кӕной «хӕтындзинады» тыххӕй Йесойы фӕдзӕхст, зӕгъгӕ, уыцы фыдбылыз зӕрдӕйы райгуыры (Матфейы 5:28). Цӕй уӕдӕ, нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнӕм ӕмӕ ахӕм ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй нӕхи хизӕм.

20. Не ’фсарммӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

20 Дзырд дӕр ыл нӕй, ацы хӕлд дунейы цӕргӕйӕ ӕфсарм хъахъхъӕнын ӕнцон нӕу. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа: ӕфсарм йӕ раздӕры фӕлгӕты ногӕй бакӕнынӕй, йӕ бахъахъхъӕнын бирӕ ӕнцондӕр у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕ у «бирӕхатыргӕнаг» ӕмӕ йӕ бон у, йӕ митыл зӕрдӕбынӕй чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдоны сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕнын (Исай 55:7). Фӕлӕ ӕнӕуаг митӕ цы бӕллӕхтӕм ӕркӕнынц, уыдонӕй Иегъовӕ адӕймаджы нӕ хизы. Тӕригъӕд йӕ фӕстӕ цы ныууадзы, уый, чи зоны, цалдӕр азы дӕр, хатт та цард-цӕрӕнбонты дӕр адӕймагимӕ ӕмдзу кӕна (2 Паддзахӕдты 12:9—12). Куыд фӕнды ма уа, уӕддӕр де ’фсарм ӕмӕ дӕ зӕрдӕ хъахъхъӕн. Иегъовӕ Хуыцауы раз де ’фсарм кӕй хъахъхъӕныс, уый у стыр хӕзна — макуы йӕ фесаф!

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цы у ӕфсарм ӕмӕ йын аргъ кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

• Нӕ бон куыд у нӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнын?

• Хӕтындзинадӕй лидзын цы у?

• Хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ кӕнӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 9 фарсыл]

Машинӕ хорз куы нӕ тӕрай, уӕд фыдбылызы бахаудзынӕ.

[Нывтӕ 10 фарсыл]

Фӕдзӕхстытӕм куы нӕ хъусӕм, уӕд ныл цы ’рцӕудзӕн?

[Ныв 11 фарсыл]

Ӕфсармджын уарзӕттӕ сты хъӕлдзӕг ӕмӕ кадджын кӕнынц Хуыцауы.