Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Цагъар» — ӕууӕнкджын дӕр ӕмӕ зондджын дӕр

«Цагъар» — ӕууӕнкджын дӕр ӕмӕ зондджын дӕр

«Цагъар» — ӕууӕнкджын дӕр ӕмӕ зондджын дӕр

«Чи у ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар, кӕцыйы йӕ ӕлдар сӕвӕрдта йӕ ӕххуырстыты [«хӕдзаронты», НД] сӕргъыл?» (МАТФЕЙЫ 24:45).

1, 2. Абон нӕ иудадзыг монон хӕринаг цӕмӕн хъӕуы?

НӔ ЭРӔЙЫ 33 азы 11 нисаны дыццӕджы изӕрӕй ахуыргӕнинӕгтӕ Йесомӕ радтой, абон махӕн дӕр хъуыдыйаг чи у, ахӕм фарст. Уыдон ӕй бафарстой: «Адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй дӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцыд, уый цавӕр нысанӕй уыдзӕн базонӕн?» (НД). Йесо дзуапп дӕтгӕйӕ загъта диссаджы пехуымпарад. Уый рахабар кодта тыхст рӕстӕджы тыххӕй, кӕй уыдзӕн хӕстытӕ, ӕххормагдзинад, зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ низтӕ. Ӕмӕ «адон... уынгӕгдзинӕдтӕн ӕрмӕст сӕ райдайӕн сты» (НФ). Уавӕр бонӕй-бонмӕ фыддӕр кӕндзӕн. Цӕй ӕрхӕндӕг фидӕн у! (Матфейы 24:3, 7, 8, 15—22; Лукайы 21:10, 11).

2 1914 азӕй Йесойы пехуымпарады фылдӕр хай сӕххӕст. Адӕм «уынгӕгдзинӕдтӕй» бирӕ фӕтухи кодтой. Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕтты тӕрсын нӕ хъӕуы. Йесо сын зӕрдӕ бавӕрдта, ахъаз монон хӕринагӕй. Кӕд абон Йесо уӕлӕрвты ис, уӕд махӕн ам, зӕххыл, монон хӕринаг куыд дӕтты?

3. Йесо цы сарӕзта, цӕмӕй «афоныл хӕринаг» исӕм?

3 Ацы фарстӕн дзуапп ссарӕн ис Йесойы ныхӕсты. Йӕ зындгонд пехуымпарад куы дзырдта, уӕд бафарста: «Чи у ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар, кӕцыйы йӕ ӕлдар сӕвӕрдта йӕ ӕххуырстыты [«хӕдзаронты», НД] сӕргъыл, цӕмӕй уыдонӕн афоныл хӕринаг дӕтта?». Уый фӕстӕ загъта: «Тӕхудиаг у уыцы цагъар, кӕцыйы йӕ ӕлдар ӕрбацӕугӕйӕ, афтӕ кӕнгӕ ӕрбаййафа; ӕцӕг зӕгъын сымахӕн, йӕ ӕппӕт мулкы сӕргъыл ӕй сӕвӕрдзӕн» (Матфейы 24:45—47). Афтӕмӕй, монон хӕринаг дӕттынӕн хъуамӕ ӕвӕрд уа «цагъар» — ӕууӕнкджын дӕр ӕмӕ зондджын дӕр чи у, ахӕм «цагъар». Цымӕ ацы цагъар иу адӕймаг у, кӕрӕдзи чи ивы, ахӕм адӕймӕгтӕ ӕви ӕндӕр цыдӕр? Ӕууӕнкджын цагъар нын хъӕугӕ монон хӕринаг ӕнӕвгъауӕй кӕй дӕтты, уымӕ гӕсгӕ хорз уаид уыцы фарстӕн дзуапп базонын.

Иу адӕймаг ӕви къорд?

4. Кӕцӕй йӕ зонӕм, гӕнӕн кӕй нӕй, цӕмӕй «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» иу адӕймаг уа?

4 «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» иу адӕймаг нӕу. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ цагъар монон хӕринаг дӕттын райдыдта I ӕнусы ӕмӕ ма, Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъуамӕ уыцы куыст кодтаид, 1914 азы Хицау куы ӕрцыд, уӕд дӕр. Уый та ууыл дзурӕг уыдаид, ӕмӕ иу адӕймаг 1 900 азы дӕргъы ӕууӕнкджынӕй кӕй фӕлӕггад кодтаид. Уыйбӕрц суанг Мафусал дӕр нӕ фӕцард! (Уӕвынад 5:27).

5. Бамбарын кӕн, дзырдбаст «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» алы чырыстонмӕ дӕр сӕрмагондӕй кӕй нӕ хауы.

5 Цымӕ дзырдбаст «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» алы чырыстонмӕ дӕр хицӕнӕй ис ахӕссӕн? Раст у, алы чырыстон дӕр хъуамӕ уа ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын, фӕлӕ Йесо «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» кой куы кодта, уӕд йӕ хъуыдыйы ӕцӕгдӕр ӕндӕр цыдӕр уыд. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Уый загъта, зӕгъгӕ, «хицау ӕрцӕугӕйӕ», цагъары сӕвӕрдзӕн «йӕ ӕппӕт мулкы сӕргъыл». Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ алы чырыстон дӕр Хицауы «ӕппӕт» мулкы сӕргъыл ӕвӕрд ӕрцӕуа? Никуыд!

6. Израилы адӕм куыд хъуамӕ архайдтаиккой Хуыцауы «лӕггадгӕнӕгау» кӕнӕ «цагъарау»?

6 Уӕдӕ амӕй скӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр иу хатдзӕг: Йесо «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» кой кӕнгӕйӕ дзырдта чырыстӕтты къордыл. Афтӕ гӕнӕн дӕр ис? О. Чырыстийы заманӕй авд сӕдӕ азы раздӕр Иегъовӕ ӕгас Израилы адӕмы схуыдта «мӕ ӕвдисӕнтӕ» ӕмӕ «ме ’взӕрст лӕггадгӕнӕг» (Исай 43:10). Алы израилаг дӕр н. э. агъоммӕ 1513 азӕй, Моисейы Закъон лӕвӕрд куы ӕрцыд, суанг н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны онг хаудта уыцы лӕггадгӕнӕг къордмӕ. Израилӕгтӕй сӕ фылдӕр паддзахады хъуыддӕгтӕ нӕ лыг кодтой кӕнӕ монон хӕринаг нӕ лӕвӕрдтой. Иегъовӕ уыцы хъуыддӕгтӕ бабар кодта паддзӕхтӕн, тӕрхонгӕнджытӕн, пехуымпартӕн, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн. Ӕмӕ кӕд хабар афтӕ уыд, уӕд хъуамӕ Израилы адӕм иууылдӕр Иегъовӕйы хицаудзинады фарс хӕцыдаиккой ӕмӕ ӕндӕр адӕмты ’хсӕн дзырдтаиккой йӕ кады тыххӕй. Алы израилаг дӕр хъуамӕ уыдаид Иегъовӕйы ӕвдисӕн (Дыккаг закъон 26:19; Исай 43:21; Малахи 2:7; Ромӕгтӕм 3:1, 2).

«Лӕггадгӕнӕг» ивд ӕрцыд

7. Рагон Израил Хуыцауы «лӕггадгӕнӕг» цӕуылнӕуал уыд?

7 Кӕд ӕнусты дӕргъы Израил Хуыцауы «лӕггадгӕнӕг» уыд, уӕд ма Йесо цы цагъары кой кодта, уый дӕр уыди? Нӕ, хъыгагӕн, рагон Израил нӕдӕр ӕууӕнкджын разынд ӕмӕ нӕдӕр зондджын. Павел уыцы уавӕр афыста, Иегъовӕ адӕмӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон сфӕлхатгӕнгӕйӕ: «Сымах тыххӕй... Хуыцауы ном фауд цӕуы муртаттӕм [«дзыллӕтӕм», НФ]» (Ромӕгтӕм 2:24). Израил ӕнусты дӕргъы уыд ӕгоммӕгӕс ӕмӕ иууыл ӕвирхъаудӕр ми та бакодта, Йесойыл йӕхи куы атигъ кодта, уӕд, ӕмӕ йыл уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕ дӕр йӕхи атигъ кодта (Матфейы 21:42, 43).

8. Израилы бӕсты ӕндӕр «лӕггадгӕнӕг» кӕд ӕрцыд ӕвӕрд ӕмӕ цавӕр уавӕрты?

8 Израил, «лӕггадгӕнӕг», ӕнӕууӕнк кӕй разынд, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ ӕууӕнкджын лӕггадгӕнджытӕ монон хӕринаг никуыуал райсдзысты. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны, Йесойы мӕлӕтӕй 50 боны куы рацыд, уӕд Иерусалимы иу хӕдзары уӕллаг уаты 120 ахуыргӕнинагыл Хуыцауы сыгъдӕг уд ӕрцыд. Растдӕр уӕд райгуырд ног адӕм. Уымӕ гӕсгӕ йӕ райгуырды тыххӕй фехъусынчындӕуыд, йӕ минӕвӕрттӕ Иерусалимы цӕрджытӕн «Хуыцауы стыр хъуыддӕгтыл» ныфсджынӕй куы дзырдтой, уӕд (Куыстытӕ 2:11). Уӕдӕ ацы ног адӕм, монон адӕм, «лӕггадгӕнӕг» систы, ӕмӕ хъуамӕ Иегъовӕйы кады тыххӕй дзыллӕтӕн хъусын кодтаиккой ӕмӕ афоныл монон хӕринаг лӕвӕрдтаиккой (1 Петры 2:9). Уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕстӕдӕр схуындӕуыд «Хуыцауы Израил» (Галатӕгтӕм 6:16).

9. а) Чи хауы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъармӕ»? ӕ) Чи сты «хӕдзаронтӕ»?

9 «Хуыцауы Израилы» уӕнгтӕй алчидӕр нывонддзырд радта, аргъуыд райста, сыгъдӕг удӕй сӕрст ӕрцыд ӕмӕ йын уӕларвон ныфс ис. Уӕдӕ дзырдбаст «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» ӕмткӕй райсгӕйӕ ацы сӕрст монон адӕмӕй алкӕмӕдӕр хауы, н. э. 33 азӕй фӕстӕмӕ чи цард ӕмӕ чи цӕры, уыдонӕй алкӕмӕдӕр, н. э. агъоммӕ 1513 азӕй н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны онг израилӕгтӕй чи цард, уыдон иууылдӕр Чырыстийы агъоммӕ «лӕггадгӕнӕджы» къордмӕ куыд хаудысты, афтӕ. Фӕлӕ цагъарӕй монон хӕринаг чи исы, уыцы «хӕдзаронтӕ» та чи сты? Н. э. I ӕнусы уыдон уыдысты уӕларвон ныфс кӕмӕн уыд, уыцы чырыстӕттӕ иууылдӕр. Уӕдӕ хӕдзаронтӕ дӕр уыдысты уыцы сӕрст чырыстӕттӕ, фӕлӕ куыд къорд, афтӕ нӕ, фӕлӕ хицӕнтӕй. Алкӕйдӕр, уыимӕ ма ӕмбырды бӕрнон ӕфсымӕрты дӕр, хъуыди цагъары лӕвӕрд монон хӕринаг (2 Петры 3:15, 16; 1 Коринфӕгтӕм 12:12, 19—27; Дзуттытӕм 5:11—13).

«Алкӕмӕн дӕр бӕлвырд [«йӕхи», НД] хъуыддаг»

10, 11. Кӕцӕй йӕ зонӕм, цагъары къорды уӕнгтӕн ӕмхуызон хӕстӕ кӕй нӕй?

10 «Хуыцауы Израил», зондджын ӕмӕ ӕууӕнкджын цагъары къорд, бӕлвырд хъуыддаг ӕххӕст кӕны, ӕмӕ йӕ уӕнгтӕй алчидӕр уымӕн ӕххуыс кӕны. Уый зыны Йесойы ныхӕстӕй, фыст сты Маркы 13:34 стихы: «Адӕймаг куы цӕуид балцы ӕмӕ йӕ хӕдзар куы бакӕнид йе ’ххуырстыты ӕвджид, алкӕмӕн дӕр дзы куы бахӕс кӕнид бӕлвырд [«йӕхи», НД] хъуыддаг ӕмӕ дуаргӕсӕн куы бафӕдзӕхсид къӕрцхъусӕй хъахъхъӕнын» (МСЕ). Цагъары къордӕй алчидӕр райста хӕслӕвӕрд — фылдӕр кӕнын Чырыстийы зӕххон мулк. Ӕмӕ сӕ алчидӕр ацы хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕны йӕ гӕнӕнтӕ ӕмӕ йӕ уавӕртӕм гӕсгӕ (Матфейы 25:14, 15).

11 Апостол Петр йӕ рӕстӕджы цӕрӕг сӕрст чырыстӕттӕн дзырдта: «Лӕггад кӕнут кӕрӕдзийӕн, алчидӕр цы лӕвар райста уымӕй, куыд Хуыцауы бирӕ алыхуызон хорз лӕвары хорз хӕдзараразджытӕ» (1 Петры 4:10). Уӕдӕ уыцы сӕрст адӕймӕгтӕн сӕ хӕс уыди кӕрӕдзийӕн лӕггад кӕнын, Хуыцау сын цы лӕвӕрттӕ радта, уымӕй. Петры ныхӕстӕ ма ӕвдисынц чырыстӕттӕй алкӕмӕндӕр кӕй нӕй ӕмхуызон гӕнӕнтӕ, бӕрн ӕмӕ хӕстӕ. Фӕлӕ цагъары къордӕй алкӕмӕндӕр йӕ бон куыд уыд, афтӕ монон адӕмы рӕзтӕн ахъаз кодта. Куыд?

12. Цагъары къорды алы минӕвар дӕр — нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй — монон адӕмы рӕзтӕн куыд ахъаз кодта?

12 Фыццаджыдӕр сӕ алкӕмӕндӕр йӕ хӕс уыд, цӕмӕй Иегъовӕйы ӕвдисӕн уа ӕмӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕна (Исай 43:10—12; Матфейы 24:14). Йесо цалынмӕ уӕларвмӕ не ссыд, уӕдмӕ йӕ ӕууӕнкджын ахуыргӕнинӕгтӕн — нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕн дӕр — бахӕс кодта иннӕты ахуыр кӕнын. Уый загъта: «Ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты, аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй, ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн; ӕмӕ мӕнӕ, Ӕз сымахимӕ ӕппӕт бонты, дунейы фӕуынмӕ [«цардӕвӕрды кӕронмӕ», НД]» (Матфейы 28:19, 20).

13. Цавӕр хӕслӕвӕрд ӕххӕст кодтой ӕппӕт сӕрст чырыстӕттӕ дӕр?

13 Ног ахуыргӕнинӕгтӕ-иу куы ссардтой, уӕд-иу сын лӕмбынӕг бацамыдтой, Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уый. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ-иу ӕцӕгад йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдонӕн-иу сӕ бон сси иннӕты ахуыр кӕнын. Ахъаз монон хӕринаг лӕвӕрд цыд, бирӕ адӕмтӕй цагъары къорды уӕнг чи хъуамӕ суыдаид, уыдонӕн. Сӕрст чырыстӕттӕ иууылдӕр — нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр — ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кодтой (Куыстытӕ 2:17, 18; 18:24—26). Ацы куыст райдыдта I ӕнусы, цагъар фыццаг хатт йӕ куыстмӕ куы ӕрӕвнӕлдта, уӕд, ӕмӕ цӕудзӕн суанг ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ.

14. Ӕмбырды ахуыр кӕныны бар кӕмӕн ис ӕмӕ уый тыххӕй ӕууӕнкджын сӕрст хотӕ цы хъуыды кӕнынц?

14 Аргъуыд райсыны фӕстӕ-иу сӕрстытӕ систы цагъары уӕнгтӕ, ӕмӕ сӕ фыццаг чи ахуыр кодта, уымӕ нӕкӕсгӕйӕ, дарддӕр дӕр амындтӕ истой ӕмбырды уӕнгтӕй, Фыстадмӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймаджы бӕрн хӕссыны аккаг чи уыд, уыдонӕй (1 Тимофеймӕ 3:1—7; Титмӕ 1:6—9). Уӕдӕ ацы бӕрнон нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон уыд монон адӕмы рӕзтӕн стыр ӕххуыс бакӕнын. Ӕууӕнкджын сӕрст чырыстон сылгоймӕгтӕ хъуыр-хъуыр нӕ кодтой, ӕмбырды ахуыр кӕныны бар ӕрмӕст чырыстон нӕлгоймӕгтӕн кӕй уыд, ууыл (1 Коринфӕгтӕм 14:34, 35). Уыйхыгъд уыдон аргъ кодтой ӕмбырды нӕлгоймӕгты зӕрдӕбын куыстӕн ӕмӕ сӕхицӕн стыр кадыл нымадтой, цины хабар хъусын кӕныны фадат сын кӕй уыд, уымӕн. Абон дӕр зынгзӕрдӕ сӕрст хотӕ афтӕ аргъ кӕнынц бӕрнон нӕлгоймӕгтӕн, сӕрст сты ӕви нӕ, уӕддӕр.

15. I ӕнусы монон хӕринаг сӕйраджыдӕр кӕцӕй цыд ӕмӕ йӕ чи лӕвӕрдта?

15 Фыццаг ӕнусы сӕйраг монон хӕринаг уыд, апостолты ӕмӕ, йӕхимӕ разамынд чи иста, уыцы ахуыргӕнинӕгты сисы бынӕй цы фыстӕджытӕ цыди, уыдон. Уыцы фыстӕджытӕ — уӕлдайдӕр та Хуыцауы фӕндӕй фыст 27 чиныджы, Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ — цыдысты иу ӕмбырдӕй иннӕмӕ ӕмӕ, ӕнӕдызӕрдыгӕй, бынӕттон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уыдонӕй иннӕты ахуыр кодтой. Афтӕмӕй цагъары минӕвӕрттӕ иузӕрдионӕй лӕвӕрдтой ахъаз монон хӕринаг ӕцӕг чырыстӕттӕн. I ӕнусы цагъары къорд ӕууӕнкджынӕй ӕххӕст кодта йӕ хъуыддаг.

«Цагъар» 19 ӕнусы фӕстӕ

16, 17. 1914 азы размӕ цагъары къорд, йӕ хъуыддаг ӕххӕстгӕнгӕйӕ, ӕууӕнкджын куыд разынд?

16 Цы зӕгъӕн ис мах рӕстӕджы тыххӕй та? 1914 азы Йесо адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы паддзахиуӕг кӕнын куы райдыдта, уӕд сӕрст чырыстӕтты къорды ӕрӕййӕфта монон хӕринаг афоныл ӕууӕнкджынӕй уаргӕ? О, ӕрӕййӕфта. Уыцы къорд ӕнцон базонӕн уыд йӕ хорз дыргътӕй (Матфейы 7:20). Цард дӕр ӕй равдыста.

17 Йесо куы ’рцыд, уӕд Библийы ӕцӕгад зӕрдӕргъӕвдӕй парахат кодтой иу-5 000 «хӕдзароны». Кусджытӕ гыццыл йеддӕмӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ цагъар хорз хабар парахат кӕнынӕн пайда кодта раззагондӕр мадзӕлттӕй (Матфейы 9:38). Зӕгъӕм, 2 000 газетӕй фылдӕры мыхуыр цыдысты библион лекцитӕ. Афтӕмӕй Хуыцауы Ныхасы ӕцӕгад иу рӕстӕджы сӕ бон уыд базонын дӕсгай мин адӕймӕгтӕн. Уыимӕ ма бацӕттӕ кодтой астсахатон программӕ хуызджын слайдтӕ ӕмӕ кинокадртӕй. Ацы ног фӕрӕзы руаджы Библийы хабар — Сфӕлдыстадӕй Чырыстийы Миназон хицауиуӕгады кӕроны онг — равдыстой ӕртӕ континентыл 9 милуан адӕймагӕй фылдӕрӕн. Пайда ма кодтой мыхуырӕй дӕр. Цӕвиттонӕн, 1914 азы ацы журнал джиппы уагътой 50 мин экземплярӕй.

18. Йесо цагъары йӕ мулкы сӕргъыл кӕд сӕвӕрдта ӕмӕ цӕмӕн?

18 О, Хицау куы ’рцыд, уӕд ӕууӕнкджын цагъар хӕдзаронтӕн ӕнӕзӕрдӕхудтӕй хӕринаг уӕрста ӕмӕ хорз хабар хъусын кодта. Ныр уыцы цагъарӕн хъуамӕ йӕ бӕрны фылдӕр хъуыддӕгтӕ бакодтаиккой. Йесо загъта: «Ӕцӕг зӕгъын сымахӕн, йӕ ӕппӕт мулкы сӕргъыл ӕй сӕвӕрдзӕн» (Матфейы 24:47). Йесо уый сарӕзта 1919 азы, цагъары хъуыддӕгтӕм куы ’ркаст ӕмӕ фӕлвӕрд куы ӕрцыд, уый фӕстӕ. Фӕлӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» йӕ бӕрны фылдӕр хъуыддӕгтӕ цӕмӕн бакодтой? Уымӕн ӕмӕ Хицауы мулк фӕфылдӕр. 1914 азы Йесо сси паддзах.

19. Бамбарын кӕн, «тынг бирӕ адӕмы» уырнындзинад куыд фидар кодтой.

19 Паддзахбадӕныл чи ӕрбадт, уыцы Хицау йӕ ӕууӕнкджын цагъары цавӕр мулкы сӕргъыл сӕвӕрдта? Зӕххыл ын монон исбонӕй цыдӕриддӕр ис, ууыл. Цӕвиттонӕн, Чырысти паддзахбадӕныл куы ӕрбадт, уымӕй дыууиссӕдз азы фӕстӕ рабӕрӕг «ӕндӕр фыстӕ», «тынг бирӕ адӕм», чи сты, уый (Иоанны 10:16; Раргомад 7:9). Уыдон «Хуыцауы Израилы» сӕрст минӕвӕрттӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ сыгъдӕгзӕрдӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ зӕххон ныфсимӕ, Иегъовӕйы чи уарзта ӕмӕ сӕрст чырыстӕттау Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уыдон. Зӕххон ныфс кӕмӕн уыд, уыдон «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» загътой: «Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис» (Захари 8:23). Ацы ног аргъуыд чырыстӕттӕ дӕр сӕрст хӕдзаронтимӕ истой ӕмхуызон ахъаз монон хӕринаг ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ дыууӕ къорд дӕр Хуыцауы фынгыл минас кӕнынц. Цӕй стыр хорзӕх разынд уый «тынг бирӕ адӕмы» минӕвӕрттӕн!

20. «Тынг бирӕ адӕм» Хицауы мулк фылдӕр кӕнынӕн куыд баххуыс кодтой?

20 «Тынг бирӕ адӕм» цингӕнгӕйӕ ӕрбаиу сты сӕрст цагъары къордмӕ хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы. Куыд хъусын кодтой, афтӕ Хицауы зӕххон мулкыл ӕфтыд ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» бӕрны фылдӕр хъуыддӕгтӕ кодтой. Ӕцӕгад чи агуырдта, уыцы адӕмы нымӕц кӕй рӕзти, уымӕ гӕсгӕ бахъуыд фылдӕр типографитӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ уадзынӕн. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бирӕ бӕстӕты райдыдтой фӕд-фӕдыл филиалтӕ аразын. Миссионертӕ ӕрвыст ӕрцыдысты «суанг зӕххы кӕронмӕ» дӕр (Куыстытӕ 1:8). 1914 азы сӕрст чырыстӕттӕ уыдысты иу-5 000, абон та Хуыцауы чи кадджын кӕны, уыдон сты 6 милуанӕй фылдӕр — сӕ фылдӕр «тынг бирӕ адӕмӕй». О, ӕцӕгдӕр, Паддзах 1914 азы паддзахбадӕныл куы ӕрбадт, уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ мулк сбирӕ: хъӕды хих ӕмӕ кӕрдӕджы ’лгъдзӕг цӕйбӕрц сты, уыйбӕрц!

21. Иннӕ хатт цавӕр дыууӕ ӕмбисонды равзардзыстӕм?

21 Ӕппӕт ацы хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у цагъар кӕй разынд «ӕууӕнкджын» ӕмӕ «зондджын». Йесо «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» тыххӕй йӕ ныхас куы фӕци, уӕд ын йӕ дыууӕ зындгонд миниуӕг равдисынӕн ӕрхаста дыууӕ ӕмбисонды: зондджын ӕмӕ ӕнӕзонд чызджыты тыххӕй ӕмӕ талантты тыххӕй (Матфейы 25:1—30). Уый цымыдисаг у! Цымӕ ацы ӕмбисӕндтӕ абон махӕн цӕуыл дзурӕг сты? Ацы фарст равзардзыстӕм иннӕ статьяйы.

Куыд хъуыды кӕныс?

• Чи хауы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъармӕ»?

• Чи сты «хӕдзаронтӕ»?

• Ӕууӕнкджын цагъар Хицауы «ӕппӕт мулкы» сӕргъыл ӕвӕрд кӕд ӕрцыд ӕмӕ уыцы рӕстӕджы цӕмӕн?

• Хицауы мулк фылдӕр кӕнынӕн фӕстаг дӕсазты дӕргъы чи ӕххуыс кодта ӕмӕ куыд?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]