Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕууӕнкджын цагъар» фӕлвӕрд ӕрцыд!

«Ӕууӕнкджын цагъар» фӕлвӕрд ӕрцыд!

«Ӕууӕнкджын цагъар» фӕлвӕрд ӕрцыд!

«Афон у тӕрхонӕн Хуыцауы хӕдзарӕй райдайын» (1 ПЕТРЫ 4:17).

1. Йесо «цагъары» хъуыддӕгтӕм куы ӕркаст, уӕд цы бафиппайдта?

НӔ ЭРӔЙЫ 33 азы Фӕндзайӕм бон Йесо «цагъары» сӕвӕрдта йӕ «хӕдзаронтӕн» афоныл хӕринаг дӕттынӕн. 1914 азы Йесо сси Паддзах ӕмӕ фӕстӕдӕр ралӕууыд уыцы «цагъары» хъуыддӕгтӕм ӕркӕсыны рӕстӕг. Уый бафиппайдта, «цагъар» ӕмткӕй райсгӕйӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын» кӕй уыд. Ӕмӕ ӕй сӕвӕрдта «йӕ ӕппӕт мулкы сӕргъыл» (Матфейы 24:45—47). Фӕлӕ ма уыд фыдзӕрдӕ цагъар дӕр, ӕууӕнкджын дӕр чи нӕ уыд ӕмӕ зондджын дӕр, ахӕм.

«Уыцы фыдзӕрдӕ цагъар»

2, 3. «Уыцы фыдзӕрдӕ цагъар» кӕцӕй равзӕрд ӕмӕ куыд рӕзти?

2 Йесо «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» кой куы ракодта, уӕд йӕ хӕдфӕстӕ радзырдта фыдзӕрдӕ цагъары тыххӕй дӕр. Уый загъта: «Уыцы цагъар, фыдзӕрдӕ уӕвгӕйӕ куы зӕгъа йӕ зӕрдӕйы: „тагъд не ’рцӕудзӕн мӕ ӕлдар [«хицау», НФ]“, ӕмӕ куы райдайа нӕмын йе ’мбӕлтты, хӕрын ӕмӕ нуазын расыггӕнджытимӕ, — уӕд ӕрцӕудзӕн уыцы цагъары ӕлдар [«хицау», НФ], ӕнхъӕлмӕ кӕд нӕ кӕсы, уыцы бон ӕмӕ ӕнхъӕл кӕд нӕу, уыцы сахат, ӕмӕ йӕ афаддзӕн [«карзӕй бафхӕрдзӕн», НД] ӕмӕ йӕ цӕстмӕхъусты хъысмӕтӕй ӕмхай скӕндзӕн: уым уыдзӕн кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс» (Матфейы 24:48—51). Дзырдбаст «уыцы фыдзӕрдӕ цагъар» нын не ’ргом здахы, Йесо раздӕр ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары тыххӕй цы загъта, уымӕ. Уӕдӕ «фыдзӕрдӕ цагъар» систы, раздӕр ӕууӕнкджын цагъары уӕнгтӕй чи уыд, уыдон *. Куыд?

3 1914 азы размӕ ӕууӕнкджын цагъары къордӕй бирӕты ныфс уыд, уыцы аз Усгуримӕ уӕлӕрвты кӕй сӕмбӕлдзысты, фӕлӕ уыцы хабар не ’рцыд. Уый фӕстиуӕгӕн ӕмӕ ӕндӕр хабӕртты тыххӕй бирӕтӕ фӕфыдӕнхъӕл сты ӕмӕ ма сӕ чидӕртӕ маст хӕссын дӕр райдыдтой. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ аздӕхтысты сӕ раздӕры ӕфсымӕрты ныхасӕй «нӕмынмӕ» ӕмӕ сӕмдзӕхтон сты «расыггӕнджытимӕ» — чырыстон дунейы динон къордтимӕ (Исай 28:1—3; 32:6).

4. Цы бакодта Йесо «фыдзӕрдӕ цагъарӕн» ӕмӕ ма, ахӕм зӕрдӕйы уаг кӕмӕн уыд, уыдонӕн?

4 Уыцы раздӕры чырыстӕттӕ систы «фыдзӕрдӕ цагъар» ӕмӕ сӕ Йесо «карзӕй бафхӕрдта». Куыд? Йӕхи сыл атигъ кодта, ӕмӕ сӕ уӕларвон ныфс фесӕфтой. Фӕлӕ сӕ уыцы тӕккӕ не скуынӕг кодта. Нырма уал уыдон чырыстон ӕмбырдӕй «ӕддӕмӕ талынгмӕ» ӕппӕрст ӕрцыдысты ӕмӕ сын райдыдта, куыд фӕдзурынц, кӕуыны ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс кӕныны рӕстӕг (Матфейы 8:12НФ). Уыцы рагон бонтӕй фӕстӕмӕ ма сӕрст чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты разынд ахӕм зӕрдӕйы уаг, сӕхи равдыстой «фыдзӕрдӕ цагъарӕй». «Ӕндӕр фыстӕй» дӕр чидӕртӕ уыдонау ӕнӕууӕнк разындысты (Иоанны 10:16). Чырыстийы ахӕм знӕгтӕй алчидӕр ӕппӕрст ӕрцӕуы «ӕддӕмӕ», монон «талынгмӕ».

5. Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар «фыдзӕрдӕ цагъарӕй» хъауджыдӕр йӕхи куыд дардта?

5 «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» куыд цыди фӕлвӕрд, афтӕ «фыдзӕрдӕ цагъар» дӕр. Ӕрмӕст уыдон не смӕсты сты, фӕлӕ сӕхи сраст кодтой (2 Коринфӕгтӕм 13:11НД). Иегъовӕ ӕмӕ се ’фсымӕрты тынгдӕр бауарзтой. Уый адыл уыдон ацы ӕнӕнцой «фӕстаг бонты» систы «ӕцӕгады рӕбинаг цӕджындз ӕмӕ бындур» (2 Тимофеймӕ 3:1; 1 Тимофеймӕ 3:15НФ).

Зондджын ӕмӕ ӕнӕзонд чызджытӕ

6. а) Йесо, йӕ «ӕууӕнкджын цагъар» зондджын кӕй у, уый куыд афыста? ӕ) 1914 азы размӕ сӕрст чырыстӕттӕ цавӕр хабар хъусын кодтой?

6 Йесо «фыдзӕрдӕ цагъары» кой куы ракодта, уӕд ӕрхаста дыууӕ ӕмбисонды, цӕмӕй равдыстаид сӕрст чырыстӕттӕй иутӕ цӕмӕн разындзысты ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын, иннӕ та цӕуылнӕ *. Зондджын уӕвын цы нысан кӕны, ууыл дзургӕйӕ загъта: «Уӕларвон Паддзахад уыдзӕн дӕс чызджы хуызӕн, кӕцытӕ, райсгӕйӕ сӕ рухсгӕнӕнтӕ, рацыдысты усгуры размӕ; уыдонӕй фондз уыдысты зондджынтӕ ӕмӕ фондз ӕнӕзӕндтӕ; ӕнӕзӕндтӕ, райсгӕйӕ сӕ рухсгӕнӕнтӕ, нӕ райстой семӕ зети; зондджынтӕ та, сӕ рухсгӕнӕнтимӕ райстой зети сӕ мигӕнӕнты» (Матфейы 25:1—4). Дӕс чызджы нын ӕвдисынц сӕрст чырыстӕтты 1914 азы размӕ. Уыдон базыдтой, усгур, Йесо Чырысти, абон-райсом кӕй ӕрцӕудзӕн. Уымӕ гӕсгӕ йӕ размӕ «рацыдысты» ныфсджынӕй хъусынгӕнгӕйӕ, зӕгъгӕ, «адӕмтӕн нысангонд рӕстӕджытӕ» фӕуыдзысты 1914 азы (Лукайы 21:24НД).

7. Сӕрст чырыстӕттӕ кӕд ӕмӕ цӕмӕн «бафынӕй сты»?

7 Уыдон уыдысты раст. «Адӕмтӕн нысангонд рӕстӕджытӕ» фесты 1914 азы, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад Чырыстийы разамындӕй архайын райдыдта. Фӕлӕ уый ӕрцыд уӕлӕрвты. Зӕххыл та адӕм райдыдтой хъизӕмар кӕнын раздӕр загъд «зындзинадӕй» (Раргомад 12:10, 12). Фӕлварӕнты рӕстӕг ӕрцыд. Сӕрст чырыстӕттӕ хъуыддӕгтӕ хорз кӕй не ’мбӕрстой, уымӕ гӕсгӕ афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, ӕмӕ «усгур фӕстиат кӕны». Уыдон нӕ зыдтой цы кӕнын сӕ хъуыд, стӕй ма сӕм дуне дӕр ӕвзӕр цӕстӕй каст, ӕмӕ уӕд иууылдӕр ӕрлӕмӕгъ сты ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг ныкъкъуылымпы. Ӕмбисонды цы чызджыты кой цӕуы, уыдонау сӕ «хуыссӕг ӕрцахста ӕмӕ бафынӕй сты», Йесойы апостолты мӕлӕты фӕстӕ йӕхи чырыстон чи хуыдта, уыдон куыд бафынӕй сты, раст афтӕ (Матфейы 25:5; Раргомад 11:7, 8; 12:17).

8. Цавӕр цаутӕ ӕркодтой ахӕм ныхӕстӕм, зӕгъгӕ, «Мӕнӕ, усгур ӕрбацӕуы», ӕмӕ сӕрст чырыстӕтӕ цы хъуамӕ райдыдтаиккой аразын?

8 Фӕстӕдӕр 1919 азы ӕрцыд, ӕнхъӕл цы нӕ уыдысты, уый. Мах кӕсӕм: «Ӕмбисӕхсӕв райхъуыст хъӕр: „Мӕнӕ, усгур ӕрбацӕуы, рацӕут йӕ размӕ“. Уӕд сыстадысты уыцы чызджытӕ иуылдӕр ӕмӕ сӕ рухсгӕнӕнтӕ барӕвдз кодтой» (Матфейы 25:6, 7). Хъуыддӕгтӕ иууыл ӕвзӕр куы зындысты, уӕд сӕм фӕдзырдӕуыд, цӕмӕй сӕхиуыл схӕцой ӕмӕ архайын райдайой! 1918 азы Йесо, «бадзырды минӕвар», бацыд Иегъовӕ Хуыцауы монон кувӕндонмӕ ӕмбырды хъуыддӕгтӕм ӕркӕсынмӕ ӕмӕ сӕ ссыгъдӕг кӕнынмӕ (Малахи 3:1). Сӕрст чырыстӕтты хъуыди рацӕуын ӕмӕ йыл сӕмбӕлын уыцы кувӕндоны зӕххон кӕртыты. Ӕрцыдис сын «рухс кӕныны» рӕстӕг (Исай 60:1; Филиппӕгтӕм 2:14, 15).

9, 10. 1919 азы чырыстӕттӕй иутӕ цӕмӕн разындысты «зондджын», иннӕтӕ та «ӕнӕзӕндтӕ»?

9 Фӕлӕу ма, фӕлӕу! Ӕмбисондмӕ гӕсгӕ чызджытӕй чидӕртӕ цӕуылдӕр фӕтыхстысты. Йесо йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Ӕнӕзӕндтӕ та загътой зондджынтӕн: „раттут нын уӕ зетийӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ рухсгӕнӕнтӕ мынӕг кӕнынц“» (Матфейы 25:8). Ӕнӕ зетийӕ рухсгӕнӕн рухс нӕ кӕндзӕн. Рухсгӕнӕнты зети нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Хуыцауы Ныхасы ӕцӕгад ӕмӕ йӕ сыгъдӕг уд, Хуыцауӕн кувӕг адӕм рухс тауджытӕ цӕй фӕрцы сты, уый (Псалом 118:130; Данелы 5:14). 1919 азы размӕ зондджын сӕрст чырыстӕттӕ кӕд рӕстӕгмӕ ӕрлӕмӕгъ сты, уӕддӕр зӕрдиагӕй архайдтой, Хуыцауы фӕндон уыдон тыххӕй цы у, уый бамбарыныл. Ӕмӕ сӕм куы фӕсидтысты, рухс кӕнут, зӕгъгӕ, уӕд цӕттӕ уыдысты (2 Тимофеймӕ 4:2; Дзуттытӕм 10:24, 25).

10 Фӕлӕ сӕрстытӕй чидӕртӕ, кӕд сӕ тынг фӕндыд, цӕмӕй Усгуримӕ уыдаиккой, уӕддӕр цӕттӕ нӕ уыдысты сӕхи истӕмӕйты фӕцух кӕнынмӕ ӕмӕ уӕхскуӕзӕй архайынмӕ. Уымӕ гӕсгӕ хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕныны рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд цӕттӕ нӕ уыдысты (Матфейы 24:14). Уыдон ма суанг сӕ зынгзӕрдӕ ӕмбӕлтты ӕрлӕмӕгъ кӕныныл дӕр архайдтой, сӕ зетийӕ сын куы куырдтой, уӕд. Йесойы ӕмбисонды зондджын чызджытӕ цавӕр дзуапп радтой? Уыдон загътой: «Цӕмӕй мах дӕр ӕмӕ сымах дӕр ма схъуаг уӕм, хуыздӕр у, ацӕут уӕйгӕнджытӕм ӕмӕ балхӕнут уӕхицӕн» (Матфейы 25:9). Раст афтӕ 1919 азы иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ныууагътой, рухс кӕнынӕн сӕ цыдӕриддӕр бахъыгдардтаид, уый. Уӕдӕ уыдон ӕууӕнкджын разындысты.

11. Цы ’рцыд ӕнӕзонд чызджытыл?

11 Фӕстагмӕ Йесо загъта: «[Ӕнӕзонд чызджытӕ] ӕлхӕнынмӕ куы ацыдысты, уӕд ӕрцыди сиахс, ӕмӕ цӕттӕ чи уыдысты, уыдон бацыдысты уыимӕ чындзӕхсӕвмӕ, ӕмӕ дуӕрттӕ сӕхгӕдтой. Стӕй ӕрцыдысты иннӕ чызджытӕ дӕр, ӕмӕ дзырдтой: „Хицау! Хицау! дуар нын бакӕн“. Фӕлӕ сын уый загъта дзуапп: „ӕцӕг уын зӕгъын: нӕ уӕ зонын“» (Матфейы 25:10—12). О, чидӕртӕ сӕ цӕттӕ нӕ уыдысты Усгуры ӕрцыдмӕ. Афтӕмӕй ӕууӕнкджын нӕ разындысты ӕмӕ сын уӕларвон чындзӕхсӕвы фынгмӕ бахауыны фадат нал уыд. Цӕй ӕвзӕр хабар у!

Ӕмбисонд талантты тыххӕй

12. а) Йесо, ӕууӕнкджын уӕвын цы у, уый бамбарын кӕныны тыххӕй цавӕр ӕмбисонд ӕрхаста? ӕ) Чи уыд «кӕйдӕр бӕстӕм» ацӕуӕг адӕймаг?

12 Йесо, зондджын уӕвын цы нысан кӕны, уый куы бамбарын кодта, уӕд ма бамбарын кодта, ӕууӕнкджын уӕвын цы у, уый дӕр. Уый загъта, зӕгъгӕ, цавӕрдӕр адӕймаг, «кӕцы кӕйдӕр бӕстӕм цӕугӕйӕ, фӕдзырдта йӕ цагъартӕм ӕмӕ йӕ мулк уыдоныл бафӕдзӕхста: ӕмӕ иуӕн ратта фондз таланты, иннӕмӕн дыууӕ, иннӕмӕн иу, алкӕмӕн дӕр йӕ хъарумӕ гӕсгӕ; ӕмӕ уыцы сахат араст» (Матфейы 25:14, 15). Ацы ӕмбисонды «адӕймаг» у Йесо йӕхӕдӕг; уый «кӕйдӕр бӕстӕм» ацыд, н. э. 33 азы уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уӕд. Фӕлӕ цалынмӕ уӕлӕрвтӕм нӕ ацыд, уӕдмӕ «йӕ мулк» бафӕдзӕхста йӕ ӕууӕнкджын ахуыргӕнинӕгтӕн. Куыд?

13. Йесо уӕрӕх быдыр куыд ӕрцӕттӕ кодта ӕмӕ йӕ «цагъарӕн» йӕ хъуыддаг ӕххӕст кӕнын йӕ бӕрны куыд бакодта?

13 Йесо зӕххыл лӕггадгӕнгӕйӕ райдыдта цӕттӕ кӕнын уӕрӕх быдыр, Паддзахады тыххӕй хорз хабар Израилы бӕстӕйыл кӕй хъусын кодта, уый фӕрцы (Матфейы 9:35—38). «Кӕйдӕр бӕстӕм» ацӕуыны размӕ уыцы быдыр бакодта йӕ ӕууӕнкджын ахуыргӕнинӕгты бӕрны ӕмӕ сын загъта: «Уӕдӕ, ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты [«цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй», НД], аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй, ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн» (Матфейы 28:18—20). Ацы ныхӕстӕй Йесо «цагъары» бӕрны бакодта йӕ хъуыддаг ӕххӕст кӕнын, цалынмӕ не ’рцӕуа, уӕдмӕ, «алкӕмӕн дӕр йӕ хъарумӕ гӕсгӕ».

14. Алкӕмӕй дӕр цӕуылнӕ домдӕуыд Хицауы хъуыддаг ӕмхуызон ӕххӕст кӕнын?

14 «Алкӕмӕн дӕр йӕ хъарумӕ гӕсгӕ» кӕй загъта, уымӕй бӕрӕг у фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕй алкӕмӕн ӕмхуызон уавӕртӕ ӕмӕ гӕнӕнтӕ кӕй нӕ уыд. Иутӕн, зӕгъӕм, Павел ӕмӕ Тимофейӕн, сӕ бон уыд хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы тынг бирӕ аразын. Иннӕтӕн та сӕ уавӕртӕ уыдысты тынг къуындӕг. Цӕвиттонӕн, чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ уыдысты цагъартӕ, иннӕтӕ рынчынтӕ, ацӕргӕтӕ, кӕнӕ та сӕ хъуыди сӕ бинонты дарын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбырды иуӕй-иу хъуыддӕгтӕ алы ахуыргӕнинаджы бӕрны нӕ уыд бакӕнӕн. Сӕрст сылгоймӕгтӕн ӕмӕ иуӕй-иу сӕрст нӕлгоймӕгтӕн дӕр сӕ бон нӕ уыд ӕмбырды иннӕты ахуыр кӕнын (1 Коринфӕгтӕм 14:34; 1 Тимофеймӕ 3:1; Иаковы 3:1). Фӕлӕ Чырыстийы сӕрст ахуыргӕнинӕгтӕн — нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕн дӕр — сӕ уавӕртӕ цыфӕндыхуызон ма уыдаиккой, уӕддӕр хъуамӕ Хицауы хъуыддаг размӕ кодтаиккой; сӕ уавӕртӕ ӕмӕ сӕ сӕ гӕнӕнтӕ цас амыдтой, уыйас архайдтой чырыстон хъуыддаджы. Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ абон дӕр афтӕ кӕнынц.

Хъуыддӕгтӕм ӕркӕсыны рӕстӕг райдыдта!

15, 16. а) Кӕд ӕрцыд хыгъдтӕ бацагурыны рӕстӕг? ӕ) Хицауы хъуыддаг ӕххӕст кӕнынӕн ӕууӕнкджын чырыстӕттӕ цавӕр ног гӕнӕнтӕ скодтой?

15 Ӕмбисонды дарддӕр дзырдӕуы: «Бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ, ӕрбацыд уыцы цагъайрӕгты ӕлдар [«хицау», НФ] ӕмӕ бацагуырдта уыдонӕй хыгъд» (Матфейы 25:19). 1914 азы — н. э. 33 азӕй ӕцӕгдӕр дӕргъвӕтин рӕстӕджы фӕстӕ — Йесо Чырысти сси Паддзах ӕмӕ адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы уыд. Ӕртӕ аз ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ, 1918 азы, уый бацыд Хуыцауы монон кувӕндонмӕ ӕмӕ сӕххӕст кодта Петры ныхӕстӕ: «Афон у тӕрхонӕн Хуыцауы хӕдзарӕй райдайын» (1 Петры 4:17; Малахи 3:1). Ӕрцыд хыгъдтӕ бацагурыны рӕстӕг.

16 Цагъартӕ, Йесойы сӕрст ӕфсымӕртӕ, Паддзахы «таланттӕн» цы бакодтой? Н. э. 33 азӕй суанг 1914 азы онг бирӕтӕ зӕрдиагӕй архайдтой Йесойы «хъуыддаджы» (Матфейы 25:16). Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕджы дӕр уыдон фидарӕй аскъуыддзаг кодтой Хицауӕн лӕггад кӕнын. Ныр ӕмбӕлди ӕууӕнкджын чырыстӕттӕн ног фадаттӕ скӕнын Хицауы хъуыддаг ӕххӕст кӕнынӕн. Ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕроны рӕстӕг ӕрцыд. Ӕгас дунейыл дӕр хъуыди хорз хабар хъусын кӕнын. «Зӕххыл кӕрдинаг» сцӕттӕ ӕмӕ йӕ хъуыди бафснайын (Раргомад 14:6, 7, 14—16). Хъуыди ма сбӕрӕг кӕнын мӕнӕуы къордӕй фӕстаг уӕнгты ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕнын ӕндӕр фысты, «тынг бирӕ адӕмы» (Раргомад 7:9; Матфейы 13:24—30).

17. Ӕууӕнкджын сӕрст чырыстӕттӕ «сӕ хицауы циндзинадмӕ» куыд бацыдысты?

17 Хуымгӕрдӕны афон у цины рӕстӕг (Псалом 125:6). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ раст у, Йесо 1919 азы йӕ ӕууӕнкджын сӕрст ӕфсымӕртӕн сӕ бӕрны фылдӕр хъуыддӕгтӕ куы бакодта ӕмӕ куы загъта: «Гыццылы уыдтӕ ӕнӕсайд [«ӕууӕнкджын», НФ], бирӕты сӕргъыл дӕ сӕвӕрдзынӕн; бацу дӕ ӕлдары [«хицауы», НФ] циндзинадмӕ» (Матфейы 25:21, 23). Уымӕй уӕлдай, Хицау Хуыцауы Паддзахады ног Паддзах куы сси, уӕд куыд цин кодта, уый нӕ бон сфӕлгондзын дӕр нӕу (Псалом 44:2, 3, 7, 8). Ӕууӕнкджын цагъар дӕр афтӕ цин кӕны Паддзахы номӕй дзургӕйӕ ӕмӕ зӕххыл йӕ мулк фылдӕр кӕнгӕйӕ (2 Коринфӕгтӕм 5:20). Сӕ циндзинады тыххӕй бакӕсӕн ис Исайы 61:10 стихы пехуымпарадон ныхӕсты: «Иегъовӕйы цинӕй райдзӕн мӕ зӕрдӕ. Мӕ уд цин кӕндзӕн мӕ Хуыцауыл. Уымӕн ӕмӕ мыл уый скодта ирвӕзындзинады дарӕс».

18. Хъуыддӕгтӕм куы ӕркастысты, уӕд иуӕй-иутӕн сӕ хъуыддӕгтӕ хорз цӕуылнӕ разындысты ӕмӕ сыл цы ’рцыд?

18 Хъыгагӕн, хъуыддӕгтӕм куы ӕркастысты, уӕд алкӕмӕн йӕ хъуыддӕгтӕ хорз нӕ разындысты. Мах кӕсӕм: «Бацыд иу талант райсӕг дӕр ӕмӕ загъта: „Ӕлдар! [«Хицау!», НФ] ӕз зыдтон дӕу, кӕй дӕ ӕнӕхатыр адӕймаг, кӕрдыс, кӕм нӕ байтыдтай, ӕмӕ ӕмбырд кӕныс, кӕм нӕ акалдтай; ӕмӕ, фӕтӕрсгӕйӕ ацыдтӕн ӕмӕ бамбӕхстон дӕ талант зӕххы; мӕнӕ дӕуӕн дӕхион“» (Матфейы 25:24, 25). Раст афтӕ сӕрстытӕй дӕр чидӕртӕ нӕ Хицауы «хъуыддаг» не ’ххӕст кодтой. 1914 азы размӕ уыдон сӕ ныфсы тыххӕй зӕрдиагӕй нӕ хъусын кодтой ӕмӕ сӕ уый 1919 азы дӕр нӕ фӕндыд райдайын. Куыдфӕндыйы ахаст сын кӕй уыд, уый тыххӕй сын Йесо цы сарӕзта? Сӕ кадджын бартӕ сын байста. Уыдон ӕппӕрст ӕрцыдысты ӕддӕмӕ талынгмӕ ӕмӕ уым куыдтой ӕмӕ сӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс цыд (Матфейы 25:28, 30).

Хъуыддӕгтӕм дарддӕр кӕсы

19. Хъуыддӕгтӕм дарддӕр дӕр куыд кӕсынц ӕмӕ алы сӕрст чырыстон дӕр цы аскъуыддзаг кодта?

19 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рӕстӕджы фӕуды Чырыстийы сӕрст цагъартӕ чи хъуамӕ суыдаид, уыдон, Йесо 1918 азы хъуыддӕгтӕм кӕсын куы райдыдта, уӕд Иегъовӕйӕн нӕма лӕггад кодтой. Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ фӕлвӕрд нӕ цыдысты? Нӕ. Хъуыддӕгтӕм кӕсын райдыдтой ӕрмӕстдӕр 1918—1919 азты, ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар, куыд къорд, афтӕ фӕлвӕрд куы ӕрцыд, уӕд. Сӕрст чырыстӕттӕн хицӕнтӕй сӕ хъуыддӕгтӕм кӕсынц, цалынмӕ кӕронмӕ бӕрӕггонд не ’рцӕуынц, уӕдмӕ (Раргомад 7:1—3). Уый ӕмбаргӕйӕ Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕ фидарӕй аскъуыддзаг кодтой, зӕгъгӕ, Хицауы «хъуыддаг» ӕууӕнкджынӕй ӕххӕст кӕндзыстӕм. Уыдон сӕхицӕн загътой, зондджын кӕй уыдзысты ӕмӕ сӕхи зетийӕ кӕй нӕ фӕцух кӕндзысты, цӕмӕй сӕ рухс дард кӕла. Уыдон зонынц, исчи сӕ йӕ мӕлӕты онг иузӕрдионӕй куы баззайы, уӕд ӕй Йесо уӕларвон цӕрӕнбынатмӕ кӕй акӕны (Матфейы 24:13; Иоанны 14:2—4; 1 Коринфӕгтӕм 15:50, 51).

20. а) «Ӕндӕр фыстӕ» абон цы аскъуыддзаг кодтой? ӕ) Сӕрст чырыстӕттӕ цы ’мбарынц?

20 «Ӕндӕр фыстӕй» «тынг бирӕ адӕм» дӕр сӕ сӕрст ӕфсымӕрты фӕзмынц. Уыдон ӕмбарынц, Хуыцауы фӕндӕтты тыххӕй кӕй зонынц, уый сыл стыр бӕрн кӕй ӕвӕры (Иезекил 3:17—21). Уӕдӕ Иегъовӕйы Ныхасы ӕмӕ йӕ сыгъдӕг уды ӕххуысӕй уыдон дӕр сӕ монон зетийы ӕвӕрӕнтӕ дзаг кӕнынц Библи ахуыргӕнгӕйӕ ӕмӕ чырыстон фембӕлдтӕм цӕугӕйӕ. Ӕмӕ уыдонӕн сӕ рухс дард кӕлы, кӕй хъусын кӕнынц, стӕй ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кӕнынц ӕмӕ афтӕмӕй сӕ сӕрст ӕфсымӕртимӕ Хицауы «хъуыддаг» кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый руаджы. Фӕлӕ сӕрст чырыстӕттӕ бӕлвырдӕй зонынц, таланттӕ сӕ къухмӕ лӕвӕрд кӕй ӕрцыдысты. Уыдон хъуамӕ раттой дзуапп, Хицауы зӕххон мулкимӕ баст хъуыддӕгтӕ куыд цӕуынц, уымӕн. Кӕд сӕрстытӕ нымӕцӕй гыццыл сты, уӕддӕр сӕ бон нӕу, цы хӕс сыл ис, уый «тынг бирӕ адӕмы» бӕрны бакӕнын. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» уый кӕй нӕ рох кӕны, уымӕ гӕсгӕ дарддӕр йӕхимӕ разамынд исы Паддзахы хъуыддаг ӕххӕст кӕныны, ӕмӕ бузныг у тынг бирӕ адӕмы къорды иузӕрдион минӕвӕртты ӕххуысӕй. Уыдон дӕр ӕмбарынц сӕ сӕрст ӕфсымӕртыл цы стыр бӕрн ис, уый, ӕмӕ сӕхицӕн кадыл нымайынц сӕ разамындӕй кусын.

21. 1919 азӕй суанг абоны онг алы чырыстонмӕ дӕр цавӕр амынд хауы?

21 Уӕдӕ ацы дыууӕ ӕмбисонды кӕд бӕлвырддӕр ӕмбарын кӕнынц, 1919 азы ӕмӕ уымӕ ӕввахс рӕстӕджыты цы цаутӕ цыд, уыдон, уӕддӕр сӕ ахӕссӕн ис фӕстаг бонты цӕрӕг ӕцӕг чырыстӕттӕй алкӕмӕдӕр. Афтӕмӕй Йесо, дӕс чызджы тыххӕй ӕмбисонды кӕрон цы амынд радта, уый кӕд фыццаджыдӕр хауы 1919 азы размӕ цӕрӕг сӕрст чырыстӕттӕм, уӕддӕр ӕй ахӕссӕн ис алы чырыстонмӕ дӕр. Цӕй уӕдӕ нӕ алчидӕр йӕ зӕрдӕмӕ айсӕд Йесойы ныхӕстӕ: «Уӕдӕ хъӕлдзӕг ут [«ма бафынӕй ут», НД], уымӕн ӕмӕ нӕ зонут нӕдӕр бон, нӕдӕр сахат» (Матфейы 25:13).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Раст афтӕ апостолты мӕлӕты фӕстӕ сӕрст чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгты ’хсӕнӕй равзӕрд «тугдзых бирӕгътӕ» (Куыстытӕ 20:29, 30НФ).

^ 6 абз. Йесойы ӕмбисонд ма ӕвзӕрст цӕуы чиныг «„Фарны Кнъйаз“ ӕгас дунемӕ дӕр ӕрхӕсдзӕн сабырдзинад»-ы, 5 ӕмӕ 6 сӕрты; рауагътой йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ (англ.).

Куыд бамбарын кӕндзынӕ?

• Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты хъуыддӕгтӕм куы ’ркаст, уӕд цы бафиппайдта?

• Сӕрст чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ «уыцы фыдзӕрдӕ цагъары» хуызӕн цӕмӕн систы?

• Монон ӕгъдауӕй зондджын куыд уыдзыстӕм?

• Йесойы ӕууӕнкджын сӕрст ӕфсымӕртау, махӕн дӕр нӕ бон куыд у Хицауы «хъуыддаг» ӕххӕст кӕнын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 24 фарсыл]

ЙЕСО КӔД ӔРЦЫД?

Матфейы 24 ӕмӕ 25 сӕрты Йесо цы «ӕрцыды» кой кӕны, уымӕн ис алыхуызон нысаниуджытӕ. Йесо цӕмӕй «ӕрцӕуа», уый тыххӕй йӕ йӕ бынат ивын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ уый «ӕрцӕуы», зӕгъгӕ, ӕмбарын хъӕуы, адӕммӕ кӕнӕ та йӕ фӕдылдзӕуджытӕм йӕ хъус кӕй дары, арӕхдӕр тӕрхон рахӕссынӕн. Уӕдӕ 1914 азы уый «ӕрцыд», Паддзах куы сси ӕмӕ адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы райдыдта паддзахиуӕг кӕнын, уӕд (Матфейы 16:28; 17:1; Куыстытӕ 1:11). 1918 азы уый «ӕрцыд», куыд бадзырды минӕвар, ӕмӕ райдыдта тӕрхон кӕнын, Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, зӕгъгӕ, чи дзырдта, уыдоныл (Малахи 3:1—3; 1 Петры 4:17). Армагеддоны рӕстӕджы уый «ӕрцӕудзӕн» Иегъовӕйы знӕгтыл тӕрхон сӕххӕст кӕнынмӕ (Раргомад 19:11—16).

Матфейы 24:29—44 ӕмӕ Матфейы 25:31—46 стихты цалдӕр ран цы ӕрцыды кой ис, уый уыдзӕн «стыр бӕллӕхы» рӕстӕджы (Раргомад 7:14НД). Иннӕрдыгӕй та Матфейы 24:45—25:30 стихтӕй бирӕты дзырд «ӕрцыд» хауы йӕ тӕрхонмӕ, йӕхи йӕ ахуыргӕнинагыл чи нымайы, уыдоныл,— 1918 азы цы тӕрхон райдыдта, уымӕ. Цӕвиттонӕн, раст нӕ уаид зӕгъын, зӕгъгӕ, ӕууӕнкджын цагъары схорзӕхджын кӕныны, ӕнӕзонд чызджытыл ӕмӕ йӕ Хицауы талант чи бамбӕхста, уыцы зивӕггӕнаг цагъарыл стӕрхон кӕныны рӕстӕг кӕй ралӕудзӕн, Йесо стыр бӕллӕхы рӕстӕджы куы «ӕрцӕуа», уӕд. Уый ууыл дзурӕг уаид, ӕмӕ уыцы рӕстӕг сӕрст чырыстӕттӕй бирӕтӕ ӕнӕууӕнк кӕй разындзысты ӕмӕ сӕ кӕй бахъӕудзӕн ӕндӕртӕй ивын. Фӕлӕ Раргомады 7:3 куыд бӕлвырд кӕны, афтӕмӕй стыр бӕллӕхы райдайынмӕ Чырыстийы сӕрст цагъартӕн се ’ппӕтӕн дӕр «сӕ тӕрныхтыл» «мыхуыртӕ» ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн.

[Ныв 23 фарсыл]

Зондджын чызджытӕ цӕттӕ уыдысты, усгур куы ’рцыд, уӕд.

[Ныв 25 фарсыл]

Ӕууӕнкджын цагъартӕ Хицауы «хъуыддаг» ӕххӕст кодтой,

зивӕггӕнаг цагъар та нӕ.