Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацы дунейы зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм

Ацы дунейы зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм

Ацы дунейы зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм

«Мах нӕ райстам ацы дунейы Уды [«зондахаст», НД], фӕлӕ Уды Хуыцауӕй» (1 КОРИНФӔГТӔМ 2:12).

1. Евӕйыл сайд куыд ӕрцыд?

«КАЛМ мӕ афӕлывта» (Уӕвынад 3:13). Ацы ныхӕстӕй фыццаг сылгоймаг Евӕйы фӕндыд бамбарын кӕнын, Иегъовӕ Хуыцауы ныхмӕ цӕмӕн рацыд, уый. Кӕд раст загъта, уӕддӕр йӕ ми ныббаринаг нӕ уыд. Апостол Павел фӕстӕдӕр Хуыцауы фӕндӕй ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «[Евӕ] бынысайд фӕци» (1 Тимофеймӕ 2:14НД). Евӕйыл сайд ӕрцыд, зӕгъгӕ, дам, Хуыцаумӕ куы нӕ байхъусай ӕмӕ нӕфӕтчиаг дыргъӕй куы бахӕрай, уӕд дын хайыр уыдзӕн — Хуыцауы хуызӕн суыдзынӕ. Стӕй ма йыл сайд ӕрцыд йӕ афӕливӕджы кӕй нӕ базыдта, уымӕй дӕр. Ӕмбаргӕ дӕр ӕй нӕ бакодта, йемӕ калм нӕ, фӕлӕ Сайтан Хӕйрӕг кӕй дзырдта, калм йӕ къухы, артисты къухы кукла куыд уа, афтӕ кӕй уыд (Уӕвынад 3:1—6).

2. а) Абон Сайтан адӕмы куыд фӕливы? ӕ) «Ацы дунейы зондахаст» цы у ӕмӕ цавӕр фарстытӕ равзардзыстӕм?

2 Сайтан Адам ӕмӕ Евӕйы куы асайдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ фӕлитой митӕ нӕ уадзы. Уый «ӕгас дунейы... фӕливы» (Раргомад 12:9НФ). Адӕмы раздӕр цӕмӕйты сайдта, ныр дӕр сӕ уыдӕттӕй сайы. Ӕмӕ ныр кӕд сайӕнгарзау калмӕй нал архайы, уӕддӕр йӕхи раздӕрау нӕ хъӕр кӕны. Удирхӕфсӕнтӕ, дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзтӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр цӕмӕйдӕртӕй Сайтан адӕмы мӕнг хъуыдыйыл ӕфтауы, зӕгъгӕ, уарзӕгой Хуыцауы амындтӕ ницӕмӕн хъӕуынц, ницы пайда сты. Хӕйрӕджы хин митӕй адӕм систы Библийы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдты ныхмӕ. Уый Библи хоны «ацы дунейы зондахаст» (1 Коринфӕгтӕм 2:12НД). Ацы зондахаст тынг фӕзынд, Хуыцауы чи нӕ зоны, уыдоны хъуыдытыл, сӕ миддуне ӕмӕ се ’гъдауыл. Цымӕ уый цӕмӕй рабӕрӕг вӕййы ӕмӕ дзы цӕмӕй мах ма фӕхъӕстӕ уӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы? Базонӕм ӕй.

Ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдау нал и

3. «Ацы дунейы зондахаст» уӕлдай тынгдӕр ныры дуджы цӕмӕн у бӕрӕг?

3 «Ацы дунейы зондахаст» ныры хуызӕн бӕрӕг никуы уыд (2 Тимофеймӕ 3:1—5). Ӕвӕццӕгӕн ӕй фӕхатыдтӕ, ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдау кӕй нал и. Цӕмӕн, уый Фыстад ӕмбарын кӕны. 1914 азы Хуыцауы Паддзахад куы ӕрфидар, уӕд уӕлӕрвты хӕст бацайдагъ. Сайтан йӕ фыдбылызы зӕдтимӕ саст ӕрцыд ӕмӕ сӕ зӕххы арӕнтӕм раппӕрстӕуыд. Ууыл мӕстӕй судзгӕйӕ Сайтан цъил фестад — ӕгас дунейы дӕр адӕмы фӕливыныл нӕ ауӕрды (Раргомад 12:1—9, 12, 17). Алы амалӕй дӕр архайы, «цӕмӕй фӕсайа, гӕнӕн куы уа, уӕд ӕвзӕрстыты дӕр» (Матфейы 24:24). Йӕ хъавд тынгдӕр у махмӕ, Хуыцауы адӕммӕ. Сайтан нын нӕ уырнындзинад ӕд уидӕгтӕ сыскъуыныныл архайы, цӕмӕй Иегъовӕйы хорзӕхӕй ӕмӕ ӕнусон цардӕй ӕнӕхай фӕуӕм.

4. Цы цӕстӕй кӕсынц Библимӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ йӕм цы цӕстӕй кӕсы ацы дуне та?

4 Сайтан адӕмы ӕууӕнк цудын кӕны, нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕджы тыххӕй нын чи дзуры, уыцы чингуыты Чиныгыл, Библийыл. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ бирӕ уарзынц Библи, стыр хӕзнайыл ӕй нымайынц. Зонӕм, уый адӕймаджы ныхас кӕй нӕу, фӕлӕ Хуыцауы Ныхас (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13; 2 Тимофеймӕ 3:16). Сайтаны дуне та нӕ ӕндӕр хъуыдыйыл ӕфтауы. Дзырдӕн, Библийы ныхмӕ чи цӕуы, иу ахӕм чиныджы разныхасы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Библи нӕдӕр „дины сыгъдӕг чиныг у“, нӕдӕр „Хуыцауы ныхас“. Уый Хуыцауы фӕндӕй сыгъдӕджытӕ нӕ ныффыстой, фӕлӕ стыр бартӕм бӕллӕг дины кусджытӕ». Ахӕм ныхӕстыл чи ӕууӕнды, уыдоны ӕнцонтӕй ис фӕсайӕн ӕмӕ баууӕндын кӕнӕн, зӕгъгӕ, дӕ бон у, дӕхи куыд фӕнды, Хуыцауӕн афтӕ табу кӕнай, йе та йын ӕппындӕр ма кувай (Ӕмбисӕндтӕ 14:12).

5. а) Йӕ дины чиныг Библи кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй иу публицист цы фыссы? ӕ) Ныры дунейы зондахаст абарут Библиимӕ. (Кӕс, 21-ӕм фарсыл фӕлгӕты цы хъуыдытӕ ис, уыдон дӕр.)

5 Адӕм комкоммӕ кӕнӕ фӕсвӕдӕй Библи кӕй фауынц, стӕй ма, афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, мах дӕр Библийыл ӕууӕндӕм, уыцы уырнджыты цӕстмӕмиты тыххӕй бирӕтӕ сфыдӕх сты динтӕм. Суанг, йӕ дины чиныг Библи кӕмӕн у, уыдонмӕ дӕр сфыдӕх сты. Динты ныхмӕ дзурынц дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзтӕ ӕмӕ ахуыры лӕгтӕ. Иу публицист фыссы: «Адӕм, ӕмткӕй райсгӕйӕ, дзуттаг ӕмӕ чырыстон динмӕ хорз цӕстӕй нӕ кӕсынц. Иутӕ сӕ хонынц рагон ӕнахуыр диссӕгтӕ. Фӕлӕ фыддӕр та уый у, иннӕтӕ кӕй дзурынц, зӕгъгӕ, уыдон сты фыдӕлтыккон цӕстӕнгӕстӕ ӕмӕ адӕймаджы зондыл хъадамантӕ ӕвӕрынц, зонад та размӕ цӕуын нӕ уадзынц. Кӕд раздӕр адӕм динтӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастысты, уӕд сыл ныр та худгӕ кӕнынц ӕмӕ сӕ ныхмӕ ӕргом цӕуынц». Динты ныхмӕ фылдӕр хатт фӕцӕуынц, Хуыцауыл чи не ’ууӕнды ӕмӕ чи «сцоппай... сӕ рахъуыды-бахъуыдыты», уыдон (Ромӕгтӕм 1:20—22НФ).

6. Хуыцау стыр тӕригъӕдыл цы хъуыддӕгтӕ нымайы, уыдонмӕ ацы дунейы адӕм куыд кӕсынц?

6 Уӕдӕ адӕм дӕр Хуыцауы ӕвӕрд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ уый тыххӕй нал цӕрынц. Зӕгъӕм, нӕлгоймаг нӕлгоймагимӕ, сылгоймаг та сылгоймагимӕ лӕг ӕмӕ усы цард кӕй фӕкӕнынц, уый Библи хоны «худинаджы хъуыддаг» (Ромӕгтӕм 1:26, 27). Библи ма дзуры, зӕгъгӕ, хӕтӕгтӕ ӕмӕ хъахбайтӕн Хуыцауы Паддзахады хай нӕй (1 Коринфӕгтӕм 6:9). Бирӕ бӕстӕты та ацы ӕнӕфсарм хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрыл нымад не сты, уый цы, фӕлӕ ма сӕ чингуытӕ, журналтӕ, зарджытӕ, кинотӕ ӕмӕ телералӕвӕрдты стаугӕ дӕр кӕнынц. Ахӕм миты ныхмӕ чи дзуры, уыдоны хонынц ницыфенӕг, фауаг ӕмӕ фӕстӕзад адӕймӕгтӕ. Ӕппындӕр нӕ хъуыды кӕнынц, Хуыцауӕн йӕ уагӕвӕрдтӕ нӕ пайдайӕн кӕй сты, фӕлӕ дзурынц, зӕгъгӕ, уыдон адӕймаджы цагъар кӕнынц, сӕрибарӕй йӕ йӕ базыртӕ айтынг кӕнын нӕ уадзынц (Ӕмбисӕндтӕ 17:15; Иудӕйы 4).

7. Цавӕр фарстытыл нӕ хъӕуы хъуыды кӕнын?

7 Адӕм тынгӕй-тынгдӕр Хуыцауы ныхмӕ цӕуын кӕй райдыдтой, уый тыххӕй мах ахъуыды кӕнын хъӕуы, нӕ мидхъӕлӕс нын цы дзуры ӕмӕ нӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уыдӕттыл. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу хъуамӕ скувӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм, цӕмӕй базонӕм, мыййаг, Хуыцауы зонд ӕмӕ уагӕвӕрдтӕй сабыргай-сабыргай нӕ дард кӕнӕм. Хорз уаид, мӕнӕ-иу ахӕм фарстытыл куы ахъуыды кӕниккам: «Къорд азы размӕ мӕм худинаг цы кастис, ууыл ныр, мыййаг, ӕхсызгонӕй нӕ фӕдзурын? Хуыцауӕн ӕнад цы митӕ сты, уыдон мын раздӕрау ӕнӕуынон сты? Хуыцауы хъуыддӕгтӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсын нӕ райдыдтон? Фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй агурын, уый мӕ цардӕй бӕрӕг у?» (Матфейы 6:33). Ахӕм фарстытыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ацы дунейы зондахастӕй нӕ фӕхъӕстӕ уыдзыстӕм.

«Ма фӕдзӕгъӕл уӕм»

8. Адӕймаг Иегъовӕйы фӕндагӕй куыд адзӕгъӕл вӕййы?

8 Апостол Павел йе ’муырнджытӕм фыста: «Мах хъуамӕ уӕлдай лӕмбынӕг уӕм, цы хъусӕм уымӕ, цӕмӕй ма ахауӕм [«ма фӕдзӕгъӕл уӕм», НФ]» (Дзуттытӕм 2:1). Нау йӕ фӕндагӕй куы адзӕгъӕл уа, уӕд йӕ бынатмӕ нал бафтдзӕн. Капитан дымгӕ ӕмӕ фурды фӕйлауӕнтӕм йӕ хъус лӕмбынӕг куы нӕ дара, уӕд йӕ нау ӕнцонтӕй адзӕгъӕл уыдзӕн наулӕууӕнӕй ӕмӕ искуы тӕнӕджы йӕхи дуртыл схӕсдзӕн. Афтӕ мах дӕр, Хуыцауы Ныхасы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ нӕ хъус лӕмбынӕг куы нӕ дарӕм, уӕд Иегъовӕйы фӕндагӕй адзӕгъӕл уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад наусӕфт баййафдзӕн. Кӕд искӕуыл ахӕм ӕнамонды хабар ӕрцыд, уӕд уый алы хатт ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ ӕцӕгадыл йӕ къух систа. Куыд зонӕм, афтӕмӕй стӕмтӕй фӕстӕмӕ, Иегъовӕйы ӕвиппайды ӕмӕ барӕй ничи ныууадзы. Фылдӕр хатт цавӕрдӕр хъуыддӕгтыл ныххӕцынц, ӕмӕ Хуыцауы Ныхас цы дзуры, уымӕ сӕ хъус лӕмбынӕг нал фӕдарынц. Уыйадыл, сӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ бамбарынц, афтӕмӕй сабыргай-сабыргай тӕригъӕды аныгъуылынц. Фынӕй капитанау, ахӕм адӕймӕгтӕ ницы фӕхатынц, цалынмӕ сыл исты фыдбылыз не ’рцӕуы, уӕдмӕ.

9. Цавӕр хорздзинӕдтӕ радта Иегъовӕ Соломонӕн?

9 Ӕркӕсӕм ма Соломоны цардмӕ. Иегъовӕ йӕ сӕвӕрдта Израилы паддзахӕй. Бар ын радта кувӕндон саразынӕн, стӕй йын бахӕс кодта Библийӕ цалдӕр хайы ныффыссын дӕр. Иегъовӕ ма йемӕ дыууӕ хатты ныхас дӕр кодта. Стӕй йын радта бӕркад, хъӕздыгдзинад, кад ӕмӕ фарн йӕ бӕстӕйы. Бынтон диссаг та уый у, ӕмӕ йӕ Иегъовӕ ӕмбисонды зондӕй схайджын кодта. Библийы уый тыххӕй дзырдӕуы: «Хуыцау Соломонӕн лӕвӕрдта зонд, арф ӕмбарындзинад ӕмӕ денджызыбыл змисау дардылӕххӕссӕг зӕрдӕ. Соломоны зондӕн ӕмбал нӕ уыд нӕдӕр ӕгас скӕсӕйнаг адӕмы ’хсӕн, нӕдӕр ӕгас Египеты» (3 Паддзахӕдты 4:21, 29, 30; 11:9). Хӕрзаг зӕгъыс, зӕгъгӕ, кӕд Хуыцауыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй исчи хъуамӕ баззадаид, уӕд Соломон. Фӕлӕ Соломон адзӕгъӕл — Иегъовӕйы ныууагъта. Афтӕ куыд рауад?

10. Цавӕр амынды сӕрты ахызт Соломон ӕмӕ йӕ уый цӕмӕ ’ркодта?

10 Соломон Хуыцауы Закъон иттӕг хорз зыдта ӕмӕ ӕмбӕрста. Уӕдӕ, Хуыцау Израилы паддзӕхтӕн цы амындтӕ радта, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, уӕлдай тынгдӕр уарзтаид кӕсын. Уыцы амындтӕй иу уыд ахӕм: «[Паддзах] бирӕ устытӕ хъуамӕ ма скӕна, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ ма адзӕгъӕл уа» (Дыккаг закъон 17:14, 17). Ацы амынд кӕд бӕлвырд уыд, уӕддӕр скодта авдсӕдӕ усы ӕмӕ ӕртӕсӕдӕ номылусы. Уыцы устытӕй бирӕтӕ табу кодтой ӕндӕр хуыцӕуттӕн. Афтӕ бирӕ устытӕ цӕмӕн скодта, стӕй, йӕхи цӕмӕй раст кодта, уый дӕр нӕ зонӕм. Фӕлӕ иу хъуыддаг дызӕрдыггаг нӕу — Соломон ахызт Хуыцауы бӕлвырд амынды сӕрты. Ӕмӕ йӕ Иегъовӕ цӕмӕй фӕдзӕхста, уый йӕ баййӕфта. Библийы кӕсӕм: «Йӕ устытӕ йын цадӕггай-цадӕггай йӕ зӕрдӕ... ӕндӕр хуыцӕутты ’рдӕм аздӕхтой» (3 Паддзахӕдты 11:3, 4). Хуыцау ын цы зонд радта, уый «цадӕггай-цадӕггай» дидинӕгау баруад. Соломон Хуыцауы фӕндагӕй адзӕгъӕл. Йӕ фӕстаг уымӕ ӕрцыд, ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕйӕн ӕхцон цы уыд, уый нал арӕзта, фӕлӕ йӕ устыты зӕрдӕмӕ цы цыд, уый. Цытӕ бакодта Соломон, йӕхӕдӕг афтӕ куы ныффыста: «Зондджын у, мӕ фырт, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мын фидистӕ чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттон»! (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

Ацы дунейы зондахаст тыхджын у

11. Нӕ зонды ӕвӕрӕнтӕ цӕмӕй дзаг кӕнӕм, уый нӕ зондахастыл куыд фӕзыны?

11 Соломоны хабар куыд ӕвдисы, афтӕмӕй тынг тӕссаг у ахӕм хъуыдыйыл лӕууын: ӕцӕгады кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ мын ацы дунейы зондахаст тӕссаг нӕу. Адӕймаджы буарӕн хӕринаг куыд у, цӕмӕ хъусӕм, цӕмӕ кӕсӕм, уый та нӕ зондӕн афтӕ у. Уӕдӕ нӕ зонды ӕвӕрӕнтӕ цӕмӕй дзаг кӕнӕм, уымӕй сырӕзынц нӕ зондахаст ӕмӕ не ’нкъарӕнтӕ. Алыхуызон фирмӕтӕ уый хорз ӕмбарынц, ӕмӕ ӕрвылаз дӕр миллиардгай доллӕртӕ хардз кӕнынц сӕ продукци рекламӕ кӕнынӕн. Рекламӕйӕн ахӕм ныхӕстӕ ӕрымысынц ӕмӕ ахӕм рӕсугъд нывтӕ скӕнынц, цӕмӕй фӕлхасгӕнджыты сцыбӕл кӕной. Фирмӕтӕ зонынц, адӕймагӕн рекламӕмӕ иу кӕнӕ дыууӕ хатты бакӕсын фаг нӕу, цӕмӕй сын сӕ дзаума балхӕна. Фӕлӕ рӕстӕг рацӕуы, рекламӕ рекламӕйы фӕдыл, ӕмӕ фӕлхасгӕнӕджы зӕрдӕ уыцы дзаумамӕ бабӕллы. Уыцы рекламӕтӕ куы ницы пайда уаиккой, уӕд сыл уыйбӕрц ӕхца дӕр нӕ каликкой. Рекламӕ тынг фӕзыны адӕймаджы зонд ӕмӕ ӕнкъарӕнтыл.

12. а) Сайтан адӕмы зондахаст куыд зыгъуыммӕ кӕны? ӕ) Чырыстӕтты дӕр фӕсайӕн кӕй ис, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

12 Сайтан дӕр, рекламӕгӕнджытау, йӕ хъуыдытӕ саив кӕны ӕмӕ сӕ адӕмӕн хъары, уымӕн ӕмӕ зоны, цасдӕры фӕстӕ йын кӕй бантысдзӕн адӕмы йӕ зондыл акӕнын. Удирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр цӕмӕйдӕртӕй Сайтан адӕмы мӕнг хъуыдыйыл ӕфтауы, зӕгъгӕ, хорз у ӕвзӕр, ӕвзӕр та — хорз (Исай 5:20). Суанг ӕцӕг чырыстӕттӕй дӕр чидӕртӕ баууӕнды, Сайтанӕй иудадзыгдӕр цы гӕды ныхӕстӕ цӕуы, уыдоныл. Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Уд та ӕргом зӕгъы, фӕстаг афонты иутӕ кӕй аздӕхдзысты уырнындзинадӕй, сайӕг удтӕм ӕмӕ хӕйрӕджыты ахуырадтӕм хъусгӕйӕ, мӕнг дзурджыты цӕстмӕмийы сӕрты, кӕцытӕ сӕ намысы басыгъдысты» (1 Тимофеймӕ 4:1, 2; Иереми 6:15).

13. Цы сты ӕвзӕр ӕмбаладтӕ ӕмӕ кӕимӕ иу кӕнӕм, уыдон ныл куыд ӕндавынц?

13 Мачи зӕгъӕд, зӕгъгӕ мыл ацы дунейы зондахаст нӕ фӕзындзӕн. Сайтаны дунейы «дымгӕтӕ» ӕмӕ «уылӕнтӕ» тыхджын сты. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ Библи фӕдзӕхсы: «Уӕхи ма сайут [«уӕхи ма фӕсайын кӕнут!», НФ]: ӕвзӕр ӕмбаладтӕ халынц хорз ӕгъдӕуттӕ» (1 Коринфӕгтӕм 15:33). Ӕвзӕр ӕмбаладтӕм хауынц, ацы дунейы зондахаст цы ирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ адӕмӕй цӕуы, уыдон. Суанг чырыстон ӕмбырды дӕр вӕййы ӕвзӕр ӕмбаладтӕ. Кӕд афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ ӕвзӕр ӕмбаладтӕ адӕймаджы нӕ сафынц, уӕд афтӕ нӕ уайы, ӕмӕ хорз ӕмбаладтӕ та ницы ӕххуыс сты? Уымӕй адӕймаг йӕхи куыд тынг фӕсаид! Уый тыххӕй Библи ӕргом дзуры: «Зондджынтимӕ чи цӕуа, уый уыдзӕн зондджын, ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕна, уый та фӕсмойнаг фӕуыдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 13:20).

14. Цӕмӕй ацы дунейы зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?

14 Цӕмӕй ацы дунейы зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ иу кӕнӕм зондджынтимӕ — Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытимӕ. Нӕ зонды ӕвӕрӕнтӕ хъуамӕ дзаг кӕнӕм, уырнындзинадӕн ахъаз цы у, уымӕй. Апостол Павел фыста: «Цы у ӕрмӕст ӕцӕг, цы у намысджын, цы у рӕстдзинад, цы у сыгъдӕг, цы у ӕгъдауджын, цы у кады аккаг, цы у ӕрмӕст хорз миниуӕг ӕмӕ ӕппӕлинаг, ууыл хъуыды кӕнут» (Филиппӕгтӕм 4:8). Сӕрибар хъуыдыгӕнӕг адӕймӕгтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕхи бар у, цӕуыл хъуыды кӕндзыстӕм, уый ӕвзарын. Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр хъуыды кӕнӕм, Иегъовӕимӕ нӕ ӕнгомдӕр цы кӕны, ууыл.

Хуыцауы сыгъдӕг уд тыхджындӕр у

15. Рагон Коринфы чырыстӕттӕ сахары иннӕ цӕрджытӕй цӕмӕй хицӕн кодтой?

15 Адӕмӕй бирӕты ацы дуне кӕны йӕ мӕнг зондыл, ӕцӕг чырыстӕттӕн та Хуыцауы сыгъдӕг уд у сӕ фӕндагамонӕг. Коринфы ӕмбырдмӕ Павел ныффыста: «Мах нӕ райстам ацы дунейы Уды [«зондахаст», НД], фӕлӕ Уды Хуыцауӕй, цӕмӕй зонӕм, лӕваргонд цы у махӕн Хуыцауӕй» (1 Коринфӕгтӕм 2:12). Рагон Коринфыл ӕгасӕй дӕр ацы дунейы зондахаст мигъау ныббадт. Уыцы сахары цӕрджытӕн сӕ фылдӕр ахӕм сӕфт ӕмӕ хӕлд уыдысты, ӕмӕ-иу исчи афтӕ куы загъта, «коринфӕгтау цӕрынц», зӕгъгӕ, уӕд-иу ӕй уымӕй зӕгъын фӕндыд «ӕнӕгъдау митӕ кӕнынц». Сайтан сын сӕ зонд бакуырм кодта. Уымӕ гӕсгӕ ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй бирӕ нӕ зыдтой, чидӕртӕ та дзы ӕппындӕр ницы зыдтой (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Фӕлӕ Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй коринфӕгтӕй кӕмӕндӕрты сӕ цӕстытӕ байгом кодта, ӕмӕ ӕцӕгад базыдтой. Сыгъдӕг уд сын сӕ зӕрдӕтӕ кӕй агайдта ӕмӕ сын фӕндагамонӕг кӕй уыд, уый руаджы сӕ цард цӕхгӕр фӕивтой ӕмӕ сӕ бон сси Хуыцауӕн йӕ хорзӕх ссарын ӕмӕ дзы бирӕ хорздзинӕдтӕ райсын (1 Коринфӕгтӕм 6:9—11). Кӕд дунейы зондахаст тыхджын уыд, уӕддӕр Иегъовӕйы сыгъдӕг удӕй тыхджындӕр нӕ уыд.

16. Куыд ис Хуыцауы сыгъдӕг уд райсӕн ӕмӕ нӕм цӕмӕй алы хатт дӕр уа, уый тыххӕй цы хъӕуы?

16 Абон дӕр афтӕ у. Иегъовӕйы сыгъдӕг уд у Дун-дунейы иууыл хъомысджындӕр тых, ӕмӕ йӕ уырнӕгзӕрдӕйӕ чи куры, уымӕн ӕй рӕдауӕй дӕтты (Лукайы 11:13). Фӕлӕ нын цӕмӕй Хуыцау йӕ сыгъдӕг удӕй хай кӕна, уый тыххӕй ӕрмӕст ацы дунейы зондахастӕй хи хизын ӕгъгъӕд нӕу. Хъуамӕ ма иудадзыг Хуыцауы Ныхас дӕр ахуыр кӕнӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм, ӕмӕ уӕд нӕ зондахаст Хуыцауы зондахастимӕ ӕмуд уыдзӕн. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын Иегъовӕ хъарутӕ дӕтдзӕн ӕмӕ Сайтанӕн нӕ уырнындзинад фӕцудын кӕнын ницы хуызы бантысдзӕн.

17. Лоты хабар нын ныфсы хос цы хуызы у?

17 Кӕд чырыстӕттӕ ацы дунейӕ не сты, уӕддӕр цӕргӕ ацы дунейы кӕнынц (Иоанны 17:11, 16). Хуыцауы чи нӕ уарзы кӕнӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ чи ницӕмӕ дары, ахӕм адӕмимӕ кӕй кусӕм ӕмӕ кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй ныл ацы дунейы зондахаст кӕмдӕрты ӕнӕ фӕзынгӕ нӕ фӕуыдзӕн. Лот Содомы цӕрджыты ӕнӕгъдау митӕй куыд «сфӕлмӕцыд», куыд удхар кодта, ацы дунейы хъуыддӕгтӕй мах дӕр афтӕ сфӕлмӕцыдыстӕм? (2 Петры 2:7, 8). Кӕд о, уӕд нӕхиуыл фӕхӕцӕм. Иегъовӕ Лоты куыд хъахъхъӕдта ӕмӕ йӕ куыд фервӕзын кодта, мах дӕр афтӕ хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕндзӕн. Нӕ уарзӕгой Фыд нын нӕ уавӕртӕ уыны, зоны сӕ, ӕмӕ куы хъӕуа, уӕд нын баххуыс кӕндзӕн, нӕ хъарутыл нын хъару бафтаудзӕн, нӕ уырнындзинад нын цудын нӕ бауадздзӕн (Псалом 32:18, 19). Кӕд Иегъовӕйыл ӕцӕгдӕр нӕ зӕрдӕ дарӕм, ныфсджын дзы стӕм, ӕмӕ йӕм ӕххуысмӕ сидӕм, уӕд нӕ цыфӕнды зын уавӕры дӕр ацы дунейы зондахастӕй бахиздзӕн (Исай 41:10).

18. Иегъовӕимӕ нӕ хӕлардзинад цӕстыгагуыйау цӕмӕн хъуамӕ хъахъхъӕнӕм?

18 Сайтан кӕй фӕливы, уыцы ӕнӕхуыцау дунейы мах, Иегъовӕйы адӕм, стыр хорзӕхӕй хайджын стӕм — зонӕм ӕцӕгад. Уымӕ гӕсгӕ ӕнӕуырнджытӕй хъауджыдӕр махӕн нӕ зӕрдӕтӕ дзаг сты цин ӕмӕ фарнӕй (Исай 57:20, 21; Галатӕгтӕм 5:22). Дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрыны ныфс нӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ нӕхи хонӕм амондджын, уымӕн ӕмӕ ныр сӕфты къахыл лӕуд чи у, уыцы дунейы зондахастӕн уым йӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Уӕдӕ цӕстыгагуыйау хъахъхъӕнӕм нӕ хӕлардзинад Иегъовӕимӕ ӕмӕ къӕрцхъус уӕм, раст фӕндагӕй-иу куы фӕцӕйдзӕгъӕл кӕнӕм, уӕд-иу фӕстӕмӕ раздӕхын куыд бафӕразӕм. Цӕй уӕдӕ Иегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уӕм ӕмӕ нӕ уый бахиздзӕн ацы дунейы зондахастӕй (Иаковы 4:7, 8).

Куыд бамбарын кӕнис?

• Сайтан адӕмы куыд сайы?

• Цӕмӕй Иегъовӕйы фӕндагӕй ма адзӕгъӕл уӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?

• Ацы дунейы зондахаст тыхджын кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

• Куыд ис Хуыцауӕй сыгъдӕг уд райсӕн ӕмӕ нӕм цӕмӕй алы хатт дӕр уа, уымӕн цы хъӕуы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 21 фарсыл]

ДУНЕЙЫ ЗОНД ӔМӔ ХУЫЦАУЫ ЗОНД

Алчидӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, ӕцӕгад цы у, уый; бынтон раст ницы ис.

«[Хуыцауы] ныхас ӕцӕгад у» (Иоанны 17:17НФ).

Раст зылынӕй иртасгӕйӕ, хъус, дӕ зӕрдӕ дын цы зӕгъы, уымӕ.

«Адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ хӕлддӕр ницы ис» (Иереми 17:9).

Дӕхи цы фӕнды, уый кӕн.

«Фӕндаггон лӕгӕн йӕхи къахдзӕфтӕ дӕр йӕ бар не сты» (Иереми 10:23).

Хъӕздыг куы уай, уӕд уыдзынӕ амондджын ӕмӕ райгонд.

«Ӕхцайы зыд фыдбылызтӕн се ’ппӕтӕн сӕ... уидаг у» (1 Тимофеймӕ 6:10НФ).