Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Дӕ куыст бӕстон ӕххӕст кӕн»

«Дӕ куыст бӕстон ӕххӕст кӕн»

«Дӕ куыст бӕстон ӕххӕст кӕн»

«Дӕ куыст [«бӕстон», НД] ӕххӕст кӕн» (2 ТИМОФЕЙМӔ 4:5).

1, 2. Кӕд алы чырыстон дӕр хорз хабар хъусынгӕнӕг у, уӕддӕр ма, Фыстадмӕ гӕсгӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕй цы домдӕуы?

ХУЫЦАУЫ Паддзахады хъусынгӕнӕг дӕ? Кӕд о, уӕд Иегъовӕ Хуыцауӕй уыцы диссаджы кады тыххӕй бузныг у. Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймаг дӕ? Уӕд та дыл ноджы стырдӕр бӕрн ис. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ макуы рох кӕна, лӕггад кӕныны аккаг ӕмӕ ӕмбырдыл цӕст дарыны аккаг нӕдӕр нӕ ахуырады руаджы стӕм, нӕдӕр нӕ дзырдарӕхстдзинады. Уыцы лӕггадмӕ нӕ Иегъовӕ саккаг кӕны, ӕмӕ ӕмбырды нӕлгоймӕгтӕй дӕр чидӕртӕ цӕстдарджытӕй лӕггад кӕнынц ӕрмӕстдӕр, Фыстады бӕрӕг-бӕлвырд домӕнтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ (2 Коринфӕгтӕм 3:5, 6; 1 Тимофеймӕ 3:1—7).

2 Алы нывонддзырдрадтӕг чырыстон дӕр хорз хабар хъусынгӕнӕджы куыст кӕны, фӕлӕ сӕйраджыдӕр хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уой фӕзминаг уацамынды. «Дзырды куысты чи ис, ӕмӕ иннӕты чи ахуыр кӕны», уыцы хистӕр нӕлгоймӕгты зӕрдӕбын архайд уынынц Хуыцау ӕмӕ Чырысти, афтӕ ма се ’мчырыстӕттӕ дӕр (1 Тимофеймӕ 5:17НФ; Ефесӕгтӕм 5:23; Дзуттытӕм 6:10—12). Цыфӕнды уавӕрты дӕр хистӕр нӕлгоймаг иннӕты хъуамӕ раст ахуыр кӕна ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фидар кӕна, уымӕн ӕмӕ апостол Павел хистӕр нӕлгоймаг Тимофейӕн дзырдта: «Уыдзӕн ахӕм рӕстӕг, кӕд раст ахуырад нӕ исдзысты, фӕлӕ сӕхи фӕндӕттӕм гӕсгӕ ӕвзардзысты сӕхицӕн ахуыргӕнджытӕ, кӕцытӕ кӕндзысты зӕрдӕлхӕнӕн хъусындзинадӕн; ӕмӕ ӕцӕгадӕй аздахдзысты хъусындзинад ӕмӕ раздӕхдзысты таурӕгътӕм. Фӕлӕ ды цырддзаст у алцӕмӕй дӕр, зындзинӕдтӕ хӕсс, ӕххӕст кӕн хорз уацхъуыд хӕссӕджы [«хорз хабар хъусынгӕнӕджы», НД] хъуыддаг, дӕ куыст [«бӕстон», НД] ӕххӕст кӕн» (2 Тимофеймӕ 4:3—5).

3. Цӕмӕй мӕнг ахуырӕдтӕ ӕмбырды монон ӕнӕниздзинадӕн ма разиан кӕной, уый тыххӕй цы хъӕуы аразын?

3 Цӕмӕй мӕнг ахуырӕдтӕ ӕмбырды монон ӕнӕниздзинадӕн ма разиан кӕной, уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ хъуса Павелы уынаффӕмӕ: «Ды цырддзаст у алцӕмӕй дӕр... дӕ куыст [«бӕстон», НД] ӕххӕст кӕн» (2 Тимофеймӕ 4:5). Уӕдӕ хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ «йӕ куыст бӕстон ӕххӕст кӕна». Уый йӕ хъуамӕ лӕмбынӕг, биноныг, бындуронӕй араза. Йӕ куыст бӕстон цы хистӕр нӕлгоймаг ӕххӕст кӕны, уый йӕ хъус лӕмбынӕг дары йе ’ппӕт хӕстӕм дӕр, куыдфӕндыйы цӕстӕй ницӕмӕ кӕсы, ӕрдӕгыл сӕ нӕ ныууадзы. Ахӕм нӕлгоймаг суанг гыццыл хъуыддаджы дӕр ӕууӕнкджын у (Лукайы 12:48; 16:10).

4. Цы нын баххуыс кӕндзӕн нӕ куыст бӕстон ӕххӕст кӕнынӕн?

4 Цӕмӕй нӕ куыст бӕстон ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй алыхатт фылдӕр рӕстӕг нӕ фӕхъӕуы, фӕлӕ фӕхъӕуы рӕстӕгӕй хорз пайда кӕнын. Алы чырыстон дӕр алцыдӕр йӕ афоныл куы араза ӕмӕ раст куы пълан кӕна, уӕд ын уацамынды бирӕ ӕнтысдзӕн. Цӕмӕй хистӕр нӕлгоймаг фылдӕр хъусын кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ хъуыддӕгтӕ хорз пълан кӕна, зона, иннӕтӕн цы ис бабар кӕнӕн ӕмӕ уый куыд ис саразӕн (Дзуттытӕм 13:17). Ӕмбырды кӕмӕн аргъ кӕнынц, ахӕм хистӕр нӕлгоймаг, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуыддӕгтӕй уымӕ цы хауы, уый араздзӕн. Афтӕ кодта Нееми дӕр, Иерусалимы систӕ цалцӕг кӕныны чи архайдта (Нееми 5:16). Ӕмӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ иудадзыг Паддзахады хорз хабар хъусын кӕной (1 Коринфӕгтӕм 9:16—18).

5. Нӕ лӕггадмӕ нын цавӕр ахаст хъуамӕ уа?

5 Цӕй стыр цин нын хӕссы нӕ хӕслӕвӕрд — уӕлӕрвты Паддзахад кӕй сфидар, уый тыххӕй хъусын кӕнын! Ӕцӕгдӕр, нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм, цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ ӕгас зӕххыл хорз хабар кӕй парахат кӕнӕм (Матфейы 24:14). Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ зӕрдӕтӕ фидар кӕнӕм Павелы ныхӕстӕй: «Ацы [лӕггады] хӕзна мах хӕссӕм ӕлыгӕй мигӕнӕнты, цӕмӕй уыцы стыр хъару махыл нымад ма уа, фӕлӕ Хуыцауыл» (2 Коринфӕгтӕм 4:7). О, нӕ бон у, Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ лӕггад кӕнын, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр Хуыцау цы хъару ӕмӕ цы зонд дӕтты, уый фӕрцы (1 Коринфӕгтӕм 1:26—31).

Хуыцауы кад тӕмӕн кӕнӕм

6. Цӕмӕй хицӕн кӕны зӕххон Израил монон Израилӕй?

6 Сӕрст чырыстӕтты тыххӕй Павел загъта, зӕгъгӕ сӕ Хуыцау «бацӕттӕ кодта, цӕмӕй уой ног бадзырды лӕггадгӕнджытӕ» (НД). Апостол Павел, Йесо Чырыстийы уылты монон Израилимӕ арӕзт чи ӕрцыд, уыцы ног бадзырд бары зӕронд бадзырдимӕ — Моисейы уылты израилаг адӕмимӕ арӕзт Закъоны бадзырдимӕ. Павел ма зӕгъы, зӕгъгӕ, Моисей Синайы хохӕй къӕйдуртыл фыст Дӕс фӕдзӕхсты куы ӕрхаста, уӕд йӕ цӕсгом афтӕ тынг ӕрттывта, ӕмӕ йӕм израилӕгтӕн сӕ бон кӕсын нӕ уыд. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕрцыд ӕвзӕр хабар — «сӕ зонд бакуырм ис» ӕмӕ сӕ зӕрдӕтыл «ӕмбӕрзӕн» ӕрхауд. Иегъовӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, аргъуыц ӕнкъаргӕйӕ фӕстӕмӕ куы раздӕхынц, уӕд та уыцы ӕмбӕрзӕн ист ӕрцӕуы. Дарддӕр Павел, ног бадзырды чи ис, уыдоны куысты тыххӕй дзуры: «Мах та иууылдӕр ӕнӕмбӕрзт цӕсгӕмттӕй Иегъовӕйы кад айдӕнтау тӕмӕн кӕнӕм» (НД) (2 Коринфӕгтӕм 3:6—8, 14—18; Рацыд 34:29—35). Абон Йесойы «ӕндӕр фысты» дӕр саккагчындӕуыд Иегъовӕйы кад тӕмӕн кӕнынӕн (Иоанны 10:16).

7. Адӕмӕн сӕ бон куыд у Хуыцауы кад тӕмӕн кӕнын?

7 Тӕригъӕдджын адӕмӕн та сӕ бон куыд у Хуыцауы кад тӕмӕн кӕнын, кӕд ӕмӕ йын адӕймаг йӕ цӕсгом куы фена, уӕд удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн? (Рацыд 33:20). Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ ма Иегъовӕйы кадӕй уӕлдай ис йӕ кадджын фӕнд — Дун-дунейы иунӕг Хицау кӕй у, уый йӕ Паддзахады уылты сбӕлвырд кӕнын. Паддзахадимӕ баст ӕцӕгад у «Хуыцауы стыр хъуыддӕгты» хай — уыцы хъуыддӕгтӕ та райдыдтой хъусын кӕнын, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон сыгъдӕг уд кӕуыл ӕрцыд, уыдон (Куыстытӕ 2:11). Сыгъдӕг уды разамындӕй сӕ бон уыди бӕстон ӕххӕст кӕнын, сӕ бӕрны цы хъуыддаг уыд, уый (Куыстытӕ 1:8).

8. Хуыцауӕн лӕггад кӕныны фӕдыл Павел фидарӕй цы кӕнын фӕнд скодта?

8 Павел ницӕмӕн лӕвӕрдта бар, цӕмӕй йӕ йӕ куыст бӕстон ӕххӕст кӕнын бахъыгдардтаид. Уый ныффыста: «Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы хорзӕхы фӕрцы, ахӕм куысты уӕвгӕйӕ, мах ӕнкъард нӕ кӕнӕм: фӕлӕ ӕмбӕхст худинаг хъуыддӕгтӕ ӕппаргӕйӕ, ӕнӕ хинӕй ӕмӕ Хуыцауы дзырд зыгъуыммӕ нӕ кӕнгӕйӕ, фӕлӕ ӕцӕгад ӕргом кӕнгӕйӕ, нӕхи равдисӕм алы адӕймаджы намысӕн дӕр Хуыцауы раз» (2 Коринфӕгтӕм 4:1, 2). Павел «ахӕм куыст» цы схуыдта, уый руаджы ӕргом кӕны ӕцӕгад ӕмӕ алырдӕмты кӕлы монон рухс.

9, 10. Куыд ис Иегъовӕйы кад тӕмӕн кӕнӕн?

9 Ӕнӕуи ӕмӕ монон рухсы Суадоны тыххӕй Павел фыссы: «Талынгӕй рухсы чи сӕрттивын кодта, уыцы Хуыцау ӕрбарухс кодта нӕ зӕрдӕтӕ дӕр, цӕмӕй Йесо Чырыстийы сӕраппонды мах дӕр Хуыцауы стырады базонынӕй рухсгонд ӕрцыдаиккам» (2 Коринфӕгтӕм 4:6НФ; Уӕвынад 1:2—5). Хуыцауы лӕггадгӕнӕг уай, уымӕй цытджындӕр хъуыддаг кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ нӕхи сыгъдӕг дарӕм, цӕмӕй Иегъовӕйы кад айдӕнтау тӕмӕн кӕнӕм.

10 Монон талынджы чи ис, уыдонӕн сӕ бон нӕу нӕдӕр Иегъовӕйы кад уынын ӕмӕ нӕдӕр, уыцы кад Йесо Чырыстийы, Стырдӕр Моисейы, куыд зыны, уый дӕр. Фӕлӕ мах, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, исӕм кадджын рухс Фыстадӕй ӕмӕ йӕ иннӕтыл тауӕм. Монон талынджы цӕрӕг адӕм цӕмӕй куынӕггонд ма ӕрцӕуой, уый тыххӕй сӕ хъӕуы рухс Хуыцауӕй. Ӕмӕ мах дӕр Иегъовӕйы кадӕн ӕнӕкӕрон цинимӕ ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕнӕм Хуыцауы фӕдзӕхст «талынгӕй рухс ӕрттивын кӕнын».

Дӕ рухс ӕрттивӕд адӕмимӕ хӕдзары Библи ахуыргӕнгӕйӕ

11. Рухсы тыххӕй Йесо цы загъта ӕмӕ уый нӕ бон куыд у уацамынды аразын?

11 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Сымах дунейы рухс стут. Бӕрзондыл лӕууӕг сахар ӕнӕзынгӕ нӕ уыдзӕн. Ӕмӕ судзгӕ цырагъ мигӕнӕны быны нӕ ӕвӕрынц, фӕлӕ цырагъдарӕныл, ӕмӕ хӕдзары ӕппӕтӕн дӕр рухс кӕны. Афтӕ ӕрттивӕд уӕ рухс адӕмы раз, цӕмӕй уыдон уыной уӕ хорз хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ кадджын кӕной уӕ Уӕларвон Фыды» (Матфейы 5:14—16НФ). Нӕ хорз уагахаст уынгӕйӕ, иннӕты дӕр гӕнӕн ис бафӕнда Хуыцауы кадджын кӕнын (1 Петры 2:12). Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы алыхуызон фадгуыты фӕрцы нын бирӕ гӕнӕнтӕ ис нӕ рухс ӕрттивынӕн. Нӕ сӕйраг нысӕнттӕй иу у Хуыцауы Ныхасы монон рухс тауын, адӕмимӕ хӕдзары Библи ӕнтыстджынӕй ахуыргӕнгӕйӕ. Уый тынг ахсджиаг у нӕ куыст бӕстон ӕххӕст кӕнынӕн. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕцӕгад агурӕг адӕмимӕ Библи афтӕ ахуыр кӕнӕм, ӕмӕ сын нӕ бон уа сӕ зӕрдӕтӕ агайын?

12. Куыд баст у куывд искӕимӕ Библи ахуыр кӕнынимӕ?

12 Зӕрдӕбынӕй нӕ куы фӕнда искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын, уӕд уый тыххӕй Иегъовӕмӕ кувдзыстӕм. Ахӕм куывдтытӕй ма бӕрӕг уыдзӕн, мах кӕй ӕмбарӕм, куыд ахсджиаг у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын Хуыцауы тыххӕй бӕлвырд зонындзинӕдтӕ райсынӕн (Иезекил 33:7—9). Иегъовӕ нын ӕнӕмӕнгдӕр дзуапп ратдзӕн нӕ куывдтытӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕбын лӕггады тыххӕй арфӕгонд ӕрцӕудзыстӕм (1 Иоанны 5:14, 15). Фӕлӕ мах канд ууыл нӕ кувӕм, ӕмӕ искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕм. Искӕимӕ ахуыр кӕнын куы райдайӕм, уӕд уыцы адӕймаджы сӕрмагондӕй цы хъӕуы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ куы кувӕм, уӕд нӕ ахуыр алы хатт дӕр хорз цӕудзӕн (Ромӕгтӕм 12:12).

13. Цы нын баххуыс кӕндзӕн искӕимӕ Библи хорз ахуыр кӕнынӕн?

13 Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕн цӕмӕй ӕрмӕг хорз бамбарын кӕнӕм, уый тыххӕй алы хатт дӕр хъуамӕ дзӕбӕх цӕттӕ кӕнӕм. Ахуыры рӕстӕджы нӕхи ныфсджын куы нӕ хатӕм, уӕд хорз уаид хъус дарын, ӕмбырды чиныгахуыры цӕстдарджытӕ алы къуыри дӕр фембӕлд куыд фӕуадзынц, уымӕ. Чи зоны-иу нын рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ рауайа хъусын кӕнын, адӕмимӕ Библи хорз чи ахуыр кӕны, Паддзахады ахӕм хъусынгӕнӕгимӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕйраджыдӕр ӕркӕсын ӕмбӕлы, Йесо Чырысти цы миниуджытӕ ӕвдыста ӕмӕ куыд ахуыр кодта, уымӕ.

14. Нӕ бон куыд у, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарын?

14 Йесойӕн зӕрдӕрухсы хос уыди йӕ уӕларвон Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ иннӕтимӕ Хуыцауы тыххӕй дзурын (Псалом 39:9). Уый уыд фӕлмас ӕмӕ йӕ хъусджыты зӕрдӕтӕм фӕндаг ардта (Матфейы 11:28—30). Цӕй уӕдӕ мах дӕр Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдоны зӕрдӕтӕм фӕндаг арӕм. Уый тыххӕй нӕ алы ахуырмӕ дӕр хъӕуы цӕттӕ кӕнын, адӕймаджы уавӕртыл хъуыдыгӕнгӕйӕ. Зӕгъӕм, цы адӕмы ’хсӕн схъомыл, уыдон Библийӕн стыр аргъ нӕ кӕнынц, ӕмӕ нӕ уӕд, чи зоны, бахъӕуа уый баууӕндын кӕнын, Библийы ӕцӕг хабӕрттӕ кӕй ис, ууыл. Уый тыххӕй нӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъӕудзӕн фылдӕр стихтӕ кӕсын ӕмӕ сӕ ӕмбарын кӕнын.

Ахуыргӕнинӕгтӕн ӕххуыс кӕн цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ӕмбарынӕн

15, 16. а) Куыд у нӕ бон ахуыргӕнинагӕн баххуыс кӕнын, Библийӕ искӕцы цӕвиттон куы нӕ ӕмбара? ӕ) Цы ис саразӕн, нӕ ӕххуысчингуытӕй искӕцыйы ахӕм цӕвиттон куы уа, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинаг зынтӕй куы ӕмбара?

15 Библи чи ахуыр кӕны, уымӕн, чи зоны, Фыстады цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй искӕцы зонгӕ ма уа. Уый гӕнӕн ис ма бамбара, Йесойы хъуыдыйы цы уыд, цырагъ цырагъдарӕныл сӕвӕрыны тыххӕй куы дзырдта, уӕд (Маркы 4:21, 22). Йесо дзырдта уӕды заманы цырагъыл, зетийӕ чи сыгъд ӕмӕ фител кӕмӕн уыд. Ахӕм цырагъ-иу сӕвӕрдтой сӕрмагонд ӕвӕрӕныл ӕмӕ-иу хӕдзары иу хайы рухс уыди. Йесойы цӕстуынгӕ цӕвиттон бамбарын кӕнынӕн нӕ чи зоны бахъӕуа нӕ Ӕхсӕнады уагъд литературӕйы фылдӕр ӕрмӕг бацагурын. Фӕлӕ куыд ӕхсызгон у ахуыргӕнинагмӕ ӕрбацӕуын ӕмӕ йын алцыдӕр афтӕ райхалын, цӕмӕй сӕ бамбара ӕмӕ сын саргъ кӕна!

16 Иуӕй-иутӕн хатт зын вӕййы, Библи ахуыргӕнӕн ӕрмӕджы цы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ вӕййы, уыдон бамбарын. Лӕмбынӕг ӕй райхал кӕнӕ та ӕрхӕсс, уыцы хъуыды чи ӕмбарын кӕны, ӕндӕр ахӕм цӕвиттон. Чи зоны, ӕххуысчиныджы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, хорз ӕмкъайадӕн хъӕуы хорз ӕмбал ӕмӕ ӕмвӕнд-ӕмзонд архайд. Уый бамбарын кӕнынӕн цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕн ис акробатты, сӕ иу йӕхи рауадзы дыууӕ бӕндӕныл фидаргонд амадхъӕдӕй ӕмӕ йӕ иннӕ ахсы. Уый баивӕн ис ӕндӕр цӕвиттонӕй, хорз ӕмбал дӕр ӕмӕ ӕмвӕнд-ӕмзонд архайд дӕр ӕнӕмӕнг кӕм хъӕуынц, ахӕмӕй. Зӕгъӕм, науӕй асыччытӕ чи ӕвдӕлон кӕны ӕмӕ сӕ кӕрӕдзимӕ чи дӕтты, уыцы кусджыты цӕвиттонӕй.

17. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм, Йесо цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй куыд пайда кодта, уымӕй?

17 Ӕндӕр цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕрхӕссынӕн, чи зоны, бахъӕуа рагацау цӕттӕ кӕнын. Фӕлӕ уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, ууыл кӕй тыхсӕм. Йесо зын фарстатӕ райхалынӕн пайда кодта хуымӕтӕг цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй. Уый фенӕн ис йӕ Уӕлхох уацамынды, ӕмӕ, Библимӕ гӕсгӕ, Йесо куыд ахуыр кодта, уый адӕмыл хорзырдӕм зынди (Матфейы 5:1—7:29). Алцыдӕр сын фӕразонӕй ӕмбарын кодта, уымӕн ӕмӕ адӕмыл тыхст (Матфейы 16:5—12).

18. Нӕ ӕххуысчингуыты амынд стихты тыххӕй цавӕр хорз уынаффӕ ис?

18 Адӕмыл кӕй тыхсӕм, уымӕ гӕсгӕ семӕ ныхас кӕндзыстӕм Фыстадӕй (Куыстытӕ 17:2, 3). Уый тыххӕй та мах хъуамӕ Иегъовӕмӕ скувгӕйӕ ӕмӕ дзы ӕххуыс ракургӕйӕ ахуыр кӕнӕм Библи ӕмӕ «ӕууӕнкджын... хӕдзармӕгӕсӕг» цы литературӕ дӕтты, уымӕй зондджынӕй пайда кӕнӕм (Лукайы 12:42—44). Зӕгъӕм, чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад»-ы ис бирӕ стихтӕ Библийӕ *. Чиныг афтӕ стыр кӕй нӕу, цӕмӕй дзы алы стих дӕр хаст уа, уымӕ гӕсгӕ дзы бирӕтӕ сты ӕрмӕстдӕр къӕлӕтты амынд. Адӕймагимӕ Библи ахуыргӕнгӕйӕ, ахсджиаг у уыцы амынд стихтӕй цалдӕр бакӕсын ӕмӕ сӕ райхалын, уымӕн ӕмӕ нӕ ахуыр бындуриуӕг кӕны Хуыцауы Ныхасыл, ӕмӕ уый та у хъаруджын (Дзуттытӕм 4:12НФ). Алы ахуыры рӕстӕджы дӕр гом кӕн Библи ӕмӕ абзацы амынд стихтӕй, кӕцы дӕ фӕнды, уый сӕрибарӕй ӕмбарын кӕн. Ахуыргӕнинагӕн фенын кӕн, цавӕрдӕр фарстайы кӕнӕ хъуыддаджы фӕдыл Библи цы дзуры. Бамбарын ын кӕн, Хуыцауы коммӕ кӕсын ын куыд фӕахъаз уыдзӕн (Исай 48:17, 18).

Дӕтт хъуыды кӕнынмӕ разӕнгардгӕнӕг фарстытӕ

19, 20. а) Искӕимӕ хӕдзары Библи ахуыргӕнгӕйӕ, адӕймаг цы хъуыды кӕны, уый базонынӕн фарстытӕ дӕттын цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Цы ис саразӕн, искӕцы фарста бӕстондӕр ӕвзарын куы хъӕуа, уӕд?

19 Йесо рӕстдзӕвин фарстытӕ кӕй лӕвӕрдта, уымӕй адӕмӕн ӕххуыс кодта хъуыды кӕнынӕн (Матфейы 17:24—27). Ахуыргӕнинаг кӕмӕй нӕ фефсӕрмы уыдзӕн, ахӕм фарстытӕ йӕм куы дӕттӕм йӕ хъуыды базоныны тыххӕй, уӕд нын йӕ дзуаппытӕ равдисдзысты, бӕрӕг фарстайы фӕдыл цы хъуыды кӕны, уый. Гӕнӕн ис йӕ цӕстӕнгас Библийы цӕстӕнгасӕй хицӕн кӕна. Дзырдӕн ӕй уырны Ӕртӕиууон. Чиныг «Базонынад»-ы 3-аг сӕры дзырдӕуы, Библийы дзырд «Ӕртӕиууон» кӕй нӕй. Чиныджы амынд стихтӕ ӕвдисынц, Иегъовӕ ӕмӕ Йесо хицӕн удгоймӕгтӕ кӕй сты, сыгъдӕг уд та удгоймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцауы архайгӕ тых кӕй у. Чи зоны, Библийы ацы стихтӕ бакӕсын ӕмӕ сыл аныхас кӕнын дӕр фаг уа. Ӕмӕ куы нӕ уа, уӕд та? Гӕнӕн ис, иннӕ ахуыры фӕстӕ иуцасдӕр рӕстӕг ссарат ӕмӕ уыцы фарстайыл бӕстондӕр аныхас кӕнат, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд литературӕйы уый фӕдыл фылдӕр кӕм дзырдӕуы, ахӕм ӕххуысчиныджы руаджы, зӕгъӕм, брошюрӕ «Хуыцау Ӕртӕиууон у?» (уыр.). Уый фӕстӕ нӕ бон у нӕ ахуыр чиныг «Базонынад»-мӕ гӕсгӕ адарддӕр кӕнын.

20 Ахуыргӕнинаг цы хъуыды кӕны, уый куы дзура, уӕд нӕ, гӕнӕн ис, дисы бафтауа, йе та нӕ суанг фыдӕнхъӕл дӕр фӕкӕна. Дзырд тамако дымыныл кӕнӕ та ӕндӕр ӕфсӕрмаккаг хъуыддагыл куы цӕуа, уӕд нӕ бон у зӕгъын, нӕ ахуыр дарддӕр кӕй кӕндзыстӕм, уыцы хъуыддагмӕ та фӕстӕдӕр кӕй ӕркӕсдзыстӕм. Адӕймаг ма тамако кӕй дымы, уый куы зонӕм, уӕд нӕ бон у нӕ литературӕйы ахӕм ӕрмӕг бацагурын, уыцы фарста йын хуыздӕр бамбарынӕн ӕмӕ ӕцӕгады фӕндагыл размӕ цӕуынӕн чи баххуыс кӕна. Йӕ зӕрдӕ бацагайыныл архайгӕйӕ, кувдзыстӕм, цӕмӕй йын Иегъовӕ баххуыс кӕна монон ӕгъдауӕй рӕзынӕн.

21. Нӕ ахуыргӕнӕн мадзӕлттӕй ахуыргӕнинаджы уавӕртӕм гӕсгӕ куы пайда кӕнӕм, уӕд нын цы бантысдзӕн?

21 Хорз цӕттӕгӕнгӕйӕ ӕмӕ Иегъовӕйы ӕххуысы руаджы, ӕнӕдызӕрдыгӕй, мах нӕ ахуыргӕнӕн мадзӕлттӕй пайда кӕндзыстӕм, Библи чи ахуыр кӕны, уый уавӕртӕм гӕсгӕ. Рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ йын чи зоны, баххуыс кӕнӕм Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ бауарзын. Афтӕ ма йӕ нӕ бон у сахуыр кӕнын Иегъовӕйы организацийӕн аргъ кӕнын ӕмӕ дзы бузныг уын. Нӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ вӕййы, Библи чи фӕахуыр кӕны, уый куы бамбары, Хуыцау ӕцӕгдӕр немӕ кӕй ис! (1 Коринфӕгтӕм 14:24, 25). Цӕй уӕдӕ адӕмимӕ Библи арӕхстджынӕй ахуыр кӕнӕм ӕмӕ нӕ бон цыдӕриддӕр у, уымӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ суой.

Стыр аргъ кӕнын кӕмӕн хъӕуы, уыцы хӕзна

22, 23. Цӕмӕй нӕ куыст бӕстон ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы?

22 Цӕмӕй нӕ куыст бӕстон ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ ныфс дарӕм Хуыцауӕй ратгӕ тыхыл. Нӕ лӕггады фӕдыл Павел сӕрст чырыстӕттӕм ныффыста: «Ацы хӕзна мах хӕссӕм ӕлыгӕй мигӕнӕнты, цӕмӕй уыцы стыр хъару махыл нымад ма уа, фӕлӕ Хуыцауыл» (2 Коринфӕгтӕм 4:7).

23 Мах иууылдӕр — сӕрстытӕ дӕр ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» дӕр — стӕм сӕртӕг ӕлыг мигӕнӕнты хуызӕн (Иоанны 10:16). Фӕлӕ Иегъовӕйы бон у махӕн уыйбӕрц тых раттын, цӕмӕй цыфӕнды зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ дӕр, нӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнӕм (Иоанны 16:13; Филиппӕгтӕм 4:13). Уӕдӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ нӕ ныфс дарӕм Иегъовӕйыл, стыр аргъ кӕнӕм хорз хабар хъусын кӕныны хӕзнайӕн ӕмӕ нӕ куыст бӕстон ӕххӕст кӕнӕм.

[Фиппаинаг]

^ 18 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сӕ куыст бӕстон ӕххӕст кӕной?

• Цы саразӕн ис, цӕмӕй искӕимӕ хӕдзары Библи хуыздӕр ахуыр кӕнӕм?

• Цы саразӕн ис, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый цӕстуынгӕ цӕвиттон куы нӕ ӕмбара, кӕнӕ та йемӕ цавӕрдӕр фарста бӕстондӕр равзарын куы хъӕуа, уӕд?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 14 фарсыл]

Чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ амонынц ӕмбырды ӕмӕ се ’муырнджыты ахуыр кӕнынц хъусын кӕнын.

[Ныв 16 фарсыл]

Нӕ рухс ӕрттивынӕн иу мадзал у искӕимӕ хӕдзары Библи ӕнтыстджынӕй ахуыр кӕнын.