Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕххӕст кӕн хорз хабар хъусынгӕнӕджы хъуыддаг»

«Ӕххӕст кӕн хорз хабар хъусынгӕнӕджы хъуыддаг»

«Ӕххӕст кӕн хорз хабар хъусынгӕнӕджы хъуыддаг»

«Цырддзаст у алцӕмӕй дӕр... ӕххӕст кӕн хорз уацхъуыд хӕссӕджы [«хорз хабар хъусынгӕнӕджы», НД] хъуыддаг» (2 ТИМОФЕЙМӔ 4:5).

1. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы бафӕдзӕхста?

ИЕГЪОВӔЙЫ ном ӕмӕ фӕндтӕ хъуыстгонд цӕуынц ӕгас зӕххыл дӕр. Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ Хуыцауӕн йӕхи чи снывонд кодта, уыцы адӕм арф сӕ зӕрдӕмӕ айстой, Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы бафӕдзӕхста, уый: «Ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты, аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй, ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн» (Матфейы 28:19, 20).

2. Хистӕр нӕлгоймаг Тимофей цавӕр амынд райста ӕмӕ чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ куыст ӕххӕст кӕнынӕн иу мадзал цы у?

2 Фыццаг ӕнусы Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ ацы фӕдзӕхстмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кастысты. Цӕвиттон, апостол Павел йе ’мчырыстон хистӕр нӕлгоймаг Тимофейӕн дзырдта: «Ӕххӕст кӕн хорз уацхъуыд хӕссӕджы [«хорз хабар хъусынгӕнӕджы», НД] хъуыддаг, дӕ куыст [«бӕстон», НД] ӕххӕст кӕн» (2 Тимофеймӕ 4:5). Абон хистӕр нӕлгоймагӕн йӕ куыст ӕххӕст кӕнынӕн иу мадзал у Паддзахады зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг уын ӕмӕ иудадзыг уацамынды цӕуын. Зӕгъӕм, ӕмбырды чиныгахуыры цӕстдарӕджы кадджын хӕс у хъусын кӕныны хъуыддаджы химӕ разамынд исын ӕмӕ иннӕты уыцы хъуыддагыл ахуыр кӕнын. Павел йӕхӕдӕг дӕр уыцы хӕс ӕххӕст кодта ӕмӕ иннӕты дӕр ууыл ахуыр кодта (Куыстытӕ 20:20; 1 Коринфӕгтӕм 9:16, 17).

Зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ ивгъуыд заманты

3, 4. Хорз хабар хъусынгӕнӕг уӕвгӕйӕ Филиппы къухы цавӕр ӕнтыстытӕ бафтыд?

3 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ зындгонд уыдысты, хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодтой, уымӕй. Ӕркӕсӕм ма хъусынгӕнӕг Филиппы цардмӕ. Уый уыди, Иерусалимы грекъаг ӕвзагыл ӕмӕ дзуттаг ӕвзагыл дзурӕг чырыстон идӕдз сылгоймӕгтӕн ӕрвылбон дӕр хӕринаг раст уарынӕн кӕй сӕвӕрдтой, уыцы «авд цардфӕлтӕрд лӕгӕй, зондӕй ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй дзаг чи уыд», уыдонӕй иу (Куыстытӕ 6:1—6НФ). Ацы ахсджиаг хӕслӕвӕрд куы сӕххӕст кодта ӕмӕ, фӕдылзылды аххосӕй, апостолтӕй фӕстӕмӕ, чырыстӕттӕ иууылдӕр куы ныххӕлиу сты, уӕд Филипп ацыд Самаримӕ. Уым хорз хабар хъусын кодта ӕмӕ йын сыгъдӕг уд цы тых лӕвӕрдта, уый фӕрцы сырдта хӕйрӕджыты ӕмӕ дзӕбӕх кодта къуылыхты ӕмӕ уонгмард адӕймӕгты. Самариӕгтӕй бирӕтӕ Паддзахады хабармӕ байхъуыстой ӕмӕ донаргъуыд райстой. Уыцы хабӕрттӕ фехъусгӕйӕ, Иерусалимы уӕвӕг апостолтӕ Самаримӕ рарвыстой апостолты Петр ӕмӕ Иоанны, цӕмӕй ногаргъуыд уырнджытӕ сыгъдӕг уд райстаиккой (Куыстытӕ 8:4—17).

4 Уый фӕстӕ Хуыцауы сыгъдӕг уд Филиппы арвыста Газӕмӕ кӕнӕг фӕндагмӕ ефиопаг евнухы размӕ. Филипп ын Исайы пехуымпарад лӕмбынӕг куы райхӕлдта, уӕд ацы лӕг, «Ефиоппы ус-паддзахы Кондахъхъы стыр сӕрдар», баууӕндыд Йесо Чырыстийыл ӕмӕ донаргъуыд райста (Куыстытӕ 8:26—38НФ). Уый фӕстӕ Филипп ацыд Азотмӕ, стӕй та Кесаримӕ ӕмӕ фӕндагыл, «ӕппӕт сахартыл цӕугӕйӕ, хъусын кодта хорз уацхъуыд» (Куыстытӕ 8:39, 40). Ӕцӕгдӕр, цӕй диссаджы цӕвиттон у!

5. Филиппы цыппар чызджы сӕйраджыдӕр цӕмӕй уыдысты зындгонд?

5 Филипп ма иу-20 азы фӕстӕ дӕр Кесарийы уыцы ӕнӕзивӕгӕй хъусын кодта. Павел ӕмӕ Лука йӕ хӕдзары куы ӕрфысым кодтой, уӕд ын «уыдис, пехуымпарад чи кодта, ахӕм цыппар ӕнӕцыд чызджы» (Куыстытӕ 21:8—10НФ). Куыд зыны, афтӕмӕй уыдоны сӕ ныййарджытӕ Хуыцауы фӕндагыл фидар сӕвӕрдтой, зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой, стӕй ма сӕм пехуымпариуӕг кӕныны кад дӕр ӕрхаудта. Абон дӕр ныййарджытӕ зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ куы уой, уӕд уый, гӕнӕн ис, хорзырдӕм фӕзына сӕ сывӕллӕттыл — уыдон дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ суой зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ ӕмӕ уыцы хъуыддаг сӕ цардвӕндаг скӕной.

Зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ абон

6. Фыццаг ӕнусы хъусынгӕнджыты къухы цавӕр ӕнтыстытӕ бафтыд?

6 Йесо Чырысти йӕ зындгонд пехуымпарады, нӕ бонтӕм ӕмӕ кӕроны рӕстӕгмӕ чи хауы, уым загъта: «Ӕппӕт адӕмтӕн раздӕр хъуамӕ хъуыстгонд уа Евангелийы уацхъуыд» (Маркы 13:10). Кӕрон ӕрцӕудзӕн, «ӕгас дунейы» дӕр хорз хабар куы фехъусой, уӕд (Матфейы 24:14НФ). Фыццаг ӕнусы Павел ӕмӕ иннӕ хъусынгӕнджытӕ хорз хабар кӕй хӕлиу кодтой, уый фӕрцы бирӕтӕ систы уырнджытӕ ӕмӕ ӕгас Ромы империйы дӕр бирӕ рӕтты ӕмбырдтӕ фӕзынд. Уыцы ӕмбырдты-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕй снысан кодтой, уыдон-иу се ’фсымӕртӕ ӕмӕ сӕ хотимӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы архайдтой ӕмӕ хорз хабар кӕм нӕ уыд хъуыстгонд, уым ӕй парахат кодтой. Уыцы бонты Иегъовӕйы ныхас куыд рӕзыд ӕмӕ куыд фидар кодта, афтӕ абон дӕр рӕзы ӕмӕ фидар кӕны, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй милуантӕ ӕххӕст кӕнынц хорз хабар хъусынгӕнӕджы хъуыддаг (Куыстытӕ 19:20). Иегъовӕйы зӕрдӕрухсӕй чи кадджын кӕны, уыдоны ’хсӕн дӕ?

7. Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнджытӕ абон цавӕр куыстыл хӕст сты?

7 Абон Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ архайынц хорз хабар фылдӕр хъусын кӕныныл. Мингай чырыстӕттӕ систы миссионертӕ, сӕдӕгай минтӕ та ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынц пионертӕй ӕмӕ ӕххуысгӕнӕг пионертӕй. Уӕдӕ нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ, Паддзахады зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ уӕвгӕйӕ, цы диссаджы хъуыддаг ӕххӕст кӕнынц, уый та! Ӕцӕг, Иегъовӕ йӕ адӕмы иууылдӕр — уӕхски-уӕхск хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдоны — стыр арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕны (Софони 3:9).

8. Абон адӕмы ныхтыл цавӕр «нысан» ӕвӕрд цӕуы ӕмӕ уыцы куыст чи кӕны?

8 Хуыцау Йесойы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн бахӕс кодта хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕнын. Ацы хъуыддаджы сын ӕххуыс кӕнынц Чырыстийы «ӕндӕр фыстӕ», бонӕй-бонмӕ кӕуыл ӕфты, уыдон (Иоанны 10:16). Пехуымпарадон ӕвзагыл дзургӕйӕ, ацы цардирвӕзынгӕнӕг хъуыддаг абарӕн ис, абон цы цъаммар хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдонӕй чи хъӕрзы ӕмӕ чи дзыназы, уыцы адӕмы ныхтыл «нысан ӕвӕрынимӕ». Тагъд рӕстӕджы фыдгӕнджытӕ куынӕггонд ӕрцӕудзысты. Уӕдмӕ та уал цӕй адӕммӕ хӕссӕм цардирвӕзынгӕнӕг хабар! (Иезекил 9:4—6, 11).

9. Ӕмбырды ног хъусынгӕнджытӕн куыд ис хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕххуыс кӕнӕн?

9 Кӕд цасдӕр рӕстӕг хъусын кӕныны хъуыддаг ӕххӕст кӕнӕм, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, нӕ бон у ӕмбырды ног хъусынгӕнджытӕн искуыд баххуыс кӕнын. Хаттӕй-хатт сӕ нӕ бон у немӕ уацамынды дӕр акӕнын. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕн уынаффӕ лӕвӕрд цӕуы, цӕмӕй сӕ бон цы у, уымӕй се ’муырнджыты уырнындзинад фидар кӕной. Цӕстдарджытӕ сӕрныллӕгӕй куы архайой, уӕд, бӕгуыдӕр, иннӕ чырыстӕттӕ дӕр зынгзӕрдӕйӕ хорз хабар хъусын кӕндзысты ӕмӕ сӕ къухы ӕфтдзӕн стыр ӕнтыстытӕ (2 Петры 1:5—8).

Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын

10. Чырысти ӕмӕ йӕ фыццаг фӕдылдзӕуджытӕ цавӕр цӕвиттон ныууагътой?

10 Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн хорз дӕнцӕг ныууагъта, хорз хабары хъусынгӕнӕг цыхуызӕн хъуамӕ уа, уымӕн. Чырысти ӕмӕ йӕ апостолты лӕггады тыххӕй Хуыцауы Ныхас дзуры: «Уый зылди сахартыл ӕмӕ хъӕутыл, амыдта ӕмӕ хорз уацхъуыд дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, ӕмӕ дыууадӕс дӕр Йемӕ уыдысты» (Лукайы 8:1НФ). Апостолтӕн та сӕхи тыххӕй цы ис зӕгъӕн? Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны сыгъдӕг уд куы ’рцыд, уый фӕстӕ «алыбон кувӕндоны ӕмӕ хӕдзӕртты ӕнӕнцойӕ ахуыр кодтой ӕмӕ хорз уацхъуыд хъусын кодтой Йесо Чырыстийы тыххӕй» (Куыстытӕ 5:42).

11. Куыстыты 20:20, 21 гӕсгӕ апостол Павел куыд хъусын кодта?

11 Апостол Павел хорз хабар хъусынгӕнӕджы хъуыддаг зынгзӕрдӕйӕ кӕй кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд Ефесы чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъын: «Ӕз... ницы ауагътон пайдайагӕй, цӕй тыххӕй уын нӕ хъусын кодтаин ӕмӕ цӕуыл нӕ ахуыр кодтаин сымах ӕппӕт адӕмы ӕхсӕн ӕмӕ хӕдзӕртты». Павел хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы ахуыр кодта, уӕд цымӕ йе ’муырнджытӕм, Иегъовӕйӕн кувӕг адӕммӕ хӕдзӕрттӕм цыд ӕмӕ сӕ куыд хистӕр нӕлгоймаг, афтӕ бӕрӕг кодта? Нӕ, уымӕн ӕмӕ дарддӕр йӕхӕдӕг ӕмбарын кӕны: «Ӕз ӕргом фехъусын кодтон Иудеӕгтӕн ӕмӕ Грекъӕн, Хуыцауы раз сӕ тӕригъӕддыл куыд ӕрфӕсмон кӕной, ӕмӕ сӕ нӕ Хицау Йесо Чырысти куыд бауырна» (НФ) (Куыстытӕ 20:20, 21). Иуныхасӕй, Иегъовӕйӕн йӕхи чи снывонд кодта, уыдоны нал хъуыд ахуыр кӕнын «Хуыцауы раз сӕ тӕригъӕдтыл фӕсмон кӕнын, ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийыл ӕууӕндын». Павел Ефесы чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгты ахуыр кодта хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын, ӕнӕуырнӕгтӕн фӕсмондзинад ӕмӕ уырнындзинады тыххӕй дзургӕйӕ. Ацы хъуыддагӕй Павел фӕзмыдта Йесойы.

12, 13. Филиппӕгтӕм 1:7 гӕсгӕ Иегъовӕйы адӕм хъусын кӕныны бар сфидар кӕнынӕн цы арӕзтой?

12 Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын гӕнӕн ис ӕнцон ма уа. Цӕвиттон, иуӕй-иутӕ смӕсты вӕййынц, Библийы хабаримӕ сӕм хӕдзармӕ куы бацӕуӕм, уӕд. Мах нӕ фӕнды адӕмы мӕсты кӕнын. Фӕлӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын у Библийы амынд, ӕмӕ Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ сын ахӕм хуызы хъусын кӕнӕм (Маркы 12:28—31). Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕныны бар нын кӕй ис, уый бахъахъхъӕнынӕн ӕмӕ йӕ закъонмӕ гӕсгӕ сфидар кӕнынӕн мах иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бахъуыд тӕрхондӕттӕм бацӕуын, уыимӕ Иугонд Штатты Сӕйраг тӕрхондонмӕ дӕр (Филиппӕгтӕм 1:7). Ацы тӕрхондоны-иу цы уынаффӕтӕ рахастой, уыдон-иу фылдӕр хатт уыдысты нӕ пайдайӕн. Дӕлдӕр ис уыцы тӕрхондоны хаст уынаффӕ, ӕмӕ иннӕтӕ дӕр ӕмткӕй райсгӕйӕ сты уый хуызӕн:

13 «Динон литературӕ парахат кӕнынӕй миссионертӕ ӕнусты дӕргъы пайда кӕнынц. Чингуытӕ мыхуыр кӕныны хъуыддаг куыд рагон у, уый дӕр афтӕ рагон у. Алыхуызон динон къордтӕ бирӕ азты дӕргъы сӕйраджыдӕр уыцы куыст кодтой. Абон хорз хабар афтӕ хъусын кӕнынц алыхуызон конфесситӕ — сӕ минӕвӕрттӕ Евангели мингай хӕдзӕрттӕм хӕссынц ӕмӕ цӕрджытимӕ ныхасгӕнгӕйӕ сӕ динмӕ ног адӕмы здахынц. [...] [АИШ-ы Конституцийы] фыццаг барастгондмӕ гӕсгӕ ахӕм динон архайдӕн дӕр ис, аргъуаны кувынӕн ӕмӕ кафедрӕйӕ уацамындтӕ кӕсынӕн цы стыр бартӕ ис, ахӕм бартӕ» (хъуыддаг «Мердок штат Пенсильванийы ныхмӕ», 1943 аз).

Цӕмӕн хъӕуы хъусын кӕнын?

14. Уацамынды цы мыггаг тауӕм, уый сабыргай куыд рӕздзӕн?

14 Бирӕ аххосӕгтӕ ис хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, уымӕн. Хӕдзары хицаумӕ цал хатты бацӕуӕм, уал хатты архайӕм Библийы ӕцӕгады мыггаг байтауыныл. Ногӕй бацӕугӕйӕ та нӕ фӕнды уыцы мыггагыл дон ныккӕнын. Ӕмӕ уӕд мыггаг сабыргай рӕздзӕн. Уый фӕдыл Павел афтӕ ныффыста: «Ӕз ныссагътон, Аполлос дон кодта, фӕлӕ сырӕзын кодта Хуыцау» (1 Коринфӕгтӕм 3:6). Уӕдӕ дарддӕр дӕр «садзӕм» ӕмӕ «дон кӕнӕм», ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, Иегъовӕ йӕ кӕй «сырӕзын кӕндзӕн».

15, 16. Адӕммӕ хӕдзармӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй цӕмӕн цӕуӕм?

15 Мах хорз хабар уымӕн хъусын кӕнӕм, ӕмӕ адӕмы цард тӕссаг уавӕры ис. Хъусын кӕныны руаджы нӕ бон у нӕхи дӕр фервӕзын кӕнын ӕмӕ нӕм чи хъуса, уыдоны дӕр (1 Тимофеймӕ 4:16). Адӕймаджы цардӕн мӕлӕтӕй тас куы уа, уӕд ын баххуыс кӕнын ӕрмӕст иу хатт бафӕлвардзыстӕм, уымӕй дӕр ӕнӕбары? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Дзырд адӕмы ирвӕзындзинадыл кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ сӕм ногӕй ӕмӕ ногӕй цӕуӕм хӕдзармӕ. Уавӕртӕ бонӕй-бонмӕ ивынц. Адӕймаджы иу хатт куы нӕ ӕвдӕла, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ иннӕ хатт Библийы хабармӕ ӕнӕзивӕгӕй байхъуса. Чи зоны нӕм бинонтӕй ӕндӕр исчи ракӕса ӕмӕ нын бантыса йемӕ Фыстадӕй истӕуыл аныхас кӕнын.

16 Канд уавӕртӕ нӕ фӕивынц, фӕлӕ ма фӕивы адӕмы ахаст дӕр. Зӕгъӕм, адӕймагӕн йӕ зӕрдиаджы мӕлӕт цы рис бавзарын кӕны, уый йӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ сразӕнгард кӕна Паддзахады хабармӕ байхъусын. Ныфс нӕ ис, зӕрдӕрыст адӕймаджы кӕй бафидар кӕндзыстӕм, йӕ уды домӕнтӕм ын йӕ хъус кӕй ӕрдардзыстӕм, ӕмӕ йын кӕй равдисдзыстӕм, куыд ис удварн хъӕздыг кӕнӕн (Матфейы 5:3, 4).

17. Сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъусын кӕнӕм?

17 Хорз хабар хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕнӕ та ӕндӕр хуызы цӕмӕн хъусын кӕнӕм, уымӕн йӕ сӕйрагдӕр аххосаг у, Иегъовӕйы ном фехъусын кӕнын нӕ кӕй фӕнды, уый (Рацыд 9:16; Псалом 82:19). Цас цин банкъарӕм, нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕрцы, ӕцӕгад ӕмӕ рӕстдзинад чи уарзы, уыдон Иегъовӕйӕн кӕй райдайынц кад кӕнын! «Лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ, зӕрӕдтӕ ӕмӕ ӕвзонгтӕ,— зарыд псаломзарӕггӕнӕг,— уадз ӕппӕлӕнт Хицауы ном; уымӕн ӕмӕ иунӕг Уый ном у бӕрзондгонд, Йӕ кад — зӕххыл ӕмӕ ӕрвтыл» (Псалом 148:12, 13).

Хъусын кӕныны хъуыддаг пайда у нӕхицӕн дӕр

18. Хъусын кӕныны хъуыддаг нын цы пайда у?

18 Хъусын кӕныны хъуыддаг нӕхицӕн дӕр бирӕ цӕмӕйдӕрты у пайда. Хорз хабаримӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы фӕцӕуӕм, уӕд ахуыр кӕнӕм сӕрныллӕгдзинадыл, уӕлдайдӕр та нӕм хорз цӕстӕй куы нӕ ракӕсынц, уӕд. Цӕмӕй хорз хъусынгӕнджытӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Павелы фӕзмӕм — уый «ӕппӕтӕн дӕр... сси ӕппӕтдӕр, цӕмӕй ӕппын фӕстаг иуӕй-иуты фервӕзын кӕна» (1 Коринфӕгтӕм 9:19—23). Уацамынды ма ахуыр кӕнӕм уӕздандзинадыл дӕр. Иегъовӕйыл нӕ ныфс куы дарӕм ӕмӕ кӕм цы зӕгъын хъӕуы, уый куы зонӕм, уӕд Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайдзыстӕм: «Фӕуӕд уӕ ныхас кӕддӕриддӕр фӕрнӕйдзаг, цӕххӕй хъӕстӕ, цӕмӕй-иу зонат, кӕмӕн цавӕр дзуапп раттын хъӕуы, уый» (Колоссӕгтӕм 4:6НФ).

19. Хорз хабар хъусынгӕнджытӕн сыгъдӕг уд куыд ӕххуыс кӕны?

19 Хъусын кӕныны хъуыддаг ма нӕ разӕнгард кӕны Хуыцауы сыгъдӕг удыл нӕ ныфс дарынмӕ дӕр (Захари 4:6). Афтӕмӕй нӕ лӕггады бӕрӕг вӕййы йӕ дыргъ — «уарзондзинад, циндзинад, фидыддзинад, бирӕ фӕразондзинад, хорздзинад, фӕлмӕн зӕрдӕ, уырнындзинад, фӕлмасдзинад, хиуыл хӕцын» (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Уый зыны нӕ ахастӕй адӕммӕ, уымӕн ӕмӕ нын сыгъдӕг уд нӕ зӕрдӕйыл куы ӕндава, уӕд нын уацамынды ӕнцондӕр уыдзӕн адӕмы уарзын, цин кӕнын ӕмӕ фарн тауын, бирӕ фӕразын ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уын, хорз хъуыддӕгтӕ кӕнын ӕмӕ уырнындзинад ӕвдисын, фӕлмас зондӕй ӕмӕ хиуылхӕцгӕйӕ архайын.

20, 21. Хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕнӕвдӕлон куы уӕм, уӕд нын уый цы пайда уыдзӕн?

20 Ноджы ма иу арфӕдзинад — хорз хабар хъусын кӕныны руаджы ахуыр кӕнӕм иннӕты рис хуыздӕр ӕмбарын. Адӕм нын куы фӕдзурынц сӕ зындзинӕдты тыххӕй — низ сӕ кӕй хъыгдары, ӕгуыст кӕй сты, хӕдзары цы мӕстытӕ ӕййафынц, уыдӕтты тыххӕй — уӕд сын уынаффӕгӕнджытӕй нӕ ныллӕууӕм, фӕлӕ сын Библийӕ ахӕм стихтӕ бакӕсӕм, сӕ зӕрдӕтӕ кӕмӕй бафидар уой ӕмӕ сӕ ныфс кӕмӕй бацӕуа. Мах тыхсӕм, монон ӕгъдауӕй куырм, фӕлӕ, куыд зыны, афтӕмӕй, рӕстдзинад чи уарзы, ахӕм адӕмыл (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Ӕмӕ цӕй стыр амонд у, «ӕнусон цардмӕ раст ахаст кӕмӕн ис, уыдонӕн» монон ӕгъдауӕй баххуыс кӕнын та! (Куыстытӕ 13:48НД).

21 Хъусын кӕныны хъуыддаджы иудадзыг куы архайӕм, уӕд нӕ хъуыдытӕ уыдзысты ӕрмӕстдӕр монон хъуыддӕгтыл (Лукайы 11:34). Уый ӕцӕгдӕр стыр арфӕдзинад у, уымӕн ӕмӕ афтӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд цардмӕ мулчы цӕстӕй кӕсын райдайдзыстӕм ацы дунейы адӕмау. Апостол Иоанн фӕдзӕхста чырыстӕтты: «Ма уарзут дунейы, нӕдӕр дунейы цы ис, уый: чи уарзы дунейы, уымӕ нӕй Фыды уарзондзинад; уымӕн ӕмӕ ӕппӕт, цы ис дунейы: буары фӕндон, цӕстыты фӕндон ӕмӕ царды хъалдзинад не сты Фыдӕй, фӕлӕ ацы дунейӕ. Ӕмӕ дуне дӕр фӕивгъуыйы, ӕмӕ йӕ фӕндон дӕр, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг уыдзӕн мыггагмӕ» (1 Иоанны 2:15—17). Хицауы куысты ӕнӕвдӕлон куы уӕм ӕмӕ бирӕ куы хъусын кӕнӕм, уӕд дуне нӕ уарздзыстӕм (1 Коринфӕгтӕм 15:58).

Ӕмбырд кӕн хӕзнатӕ уӕлӕрвты

22, 23. а) Чырыстон хъусынгӕнджытӕ цавӕр хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнынц? ӕ) Иннӕ статья нын куыд баххуыс кӕндзӕн?

22 Паддзахады хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусынгӕнгӕйӕ цы арфӕдзинӕдтӕ райсӕм, уыдон ӕнустӕм сты. Йесо уый бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Ма ӕмбырд кӕнут уӕхицӕн хӕзнатӕ зӕххыл, рӕмпӕг ӕмӕ сӕ згӕ кӕм сафынц, ӕмӕ сӕ къӕрныхтӕ [кӕм] къахынц, ӕмӕ давынц; фӕлӕ ӕмбырд кӕнут уӕхицӕн хӕзнатӕ уӕлӕрвты, кӕм сӕ нӕдӕр рӕмпӕг, нӕдӕр згӕ сафынц, ӕмӕ сӕ къӕрныхтӕ кӕм нӕ къахынц, ӕмӕ нӕ давынц. Цӕмӕйдӕриддӕр уӕ хӕзна кӕм уа, уӕ зӕрдӕ дӕр уым уыдзӕни» (Матфейы 6:19—21НФ).

23 Цӕй уӕдӕ хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнӕм уӕлӕрвты, ӕмӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, уымӕй стырдӕр кад кӕй нӕй, ӕмӕ Дунедарӕг Стыр Хуыцау Иегъовӕйы номӕй дзурӕм — йӕ Ӕвдисӕнтӕ уӕм (Исай 43:10—12). Мах, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, нӕ хӕслӕвӕрд, афтӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, 90-аздзыд чырыстон сылгоймаджы ныхӕстимӕ сразы уыдзыстӕм. Уый Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕны, ӕмӕ загъта: «Ӕз Иегъовӕйӕ бузныг дӕн, уыйбӕрц рӕстӕг мӕм фӕразондзинад кӕй ӕвдыста, ӕмӕ зӕрдӕбынӕй кувын, цӕмӕй ӕнустӕм дӕр мӕ уарзӕгой Фыд уа». Хуыцауимӕ нӕ хӕлардзинадӕн мах дӕр ахӕм стыр аргъ куы кӕнӕм, уӕд нӕ, ӕнӕмӕнгдӕр, фӕнддзӕн нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕнын. Иннӕ статья нын бамбарын кӕндзӕн, нӕ куыст нӕ бон бӕстон ӕххӕст кӕнын куыд у, уый.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Хорз хабар хъусынгӕнджытӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

• Цы зӕгъӕн ис хорз хабар хъусынгӕнджыты архайды тыххӕй ивгъуыд заманты ӕмӕ абон?

• Хорз хабар адӕммӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цӕмӕн хӕссӕм?

• Хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг дӕхицӕн дӕр цы пайда у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 8 фарсыл]

Филипп ӕмӕ йӕ чызджыты хуызӕн зӕрдӕрухс хъусынгӕнджытӕ абон дӕр ис.

[Ныв 12 фарсыл]

Адӕмӕн хорз хабар кӕй хъусын кӕныс, уый дӕхицӕн дӕр цы пайда у?